ЦАРДИ ДЫГУРЫ ХЪАНУХЪТЫ ЕСЕ




Æмзор арæх суайаг у Орджоникидземæ. Гъе уæддæр, дам, нæ республикæйы сæйраг горæтмæ цал хатты сæфтын, уал хатты мæ зæрдыл æрлæууы, цыппор фыццæгæм азы хæрз æрыгонæй æфсæддон скъоламæ куы цыдтæн, уæд куыд ныгъуылдхуыз уыдтæн, уый. Уый уартæ кæд уыди, уæдæй нырмæ ам бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ Æмзормæ алы хатт дæр афтæ фæкæсы, цыма горæтмæ фыццаг хатт ссыди.

Æз мæхæдæг ардæм фыццаг хатт æрбафтыдтæн æмæ мæ алывæрстæм цымыдисæй кастæн. Нырма чысыл раздæр схæццæ стæм, афтæмæй Æмзор сталф-тулф ис. Уыцы хъуыддагхуызæй йæ сахатмæ æркасти æмæ сдзырдта:

— Цæвиттон, афтæ... Автобус фæстæмæ Дигорамæ здæхдзæни изæры æхсæз сахатæй чысыл раздæр.

— Чысыл раздæр цы хоныс? — афарстон æй æз.

— Чысыл раздæр уый хонын, æмæ шофырæн бафæдзæхстон, зæгъын, чи зоны, сахаты æрдæг айрæджы кæнæм, йе сахаты æрдæг раздæр æрбацæуæм. Æмæ нæм банхъæлмæ кæсдзæн, — зæрдиагæй дзырдта Æмзор æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Мæхи лæппу нæу?

— Дæхи лæппу кæцæй у?

— Хи куыд вæййы, афтæ. Мæ хуыздæр хæлары фырт мæ хъæбул дæр у.

— Уæдæ уал уæд музейтыл азилæм, цыртдзæвæнтæ фенæм.

— Нагъ, уыциу цыдæй цæуæм мæ фыды хо Лауханмæ. Уый йæхæдæг æмбисонды музей куы у!

— Гъемæ хорз, — зæрдæбынæй ныуулæфгæйæ, сразы дæн æз, уымæн æмæ бамбæрстон: Æмзоры ныхасыл дыууæ зæгъæн нæй. Зæгъын, кæд мын музейтæ æмæ цыртдзæвæнтыл азилыны фадат дæр фæуаид. — Цом.

— Уæдæ афтæ, гъе. Цæвиттон, æз сæ хæрæфырт дæн, — сæрыстæрæй загъта Æмзор. — Мæ фыды хо Лаухан... — афтæ зæрдиагæй дзырдта, цыма йын ныхас кæныны фадат фыццаг хатт фæци. Æрымысыди кæйдæрты хабæрттæ, фæнымадта рагон цаутæ, æппынфæстаг, дис кæнгæйæ, йæ сæр батылдта: — Дæ цæстытыл-ма ауайын кæн. Фарон дæр ма йыл... Уæвгæ фарон цæмæн... Уартæ Тулдзджыны чи царди, уыцы Гогойы зианы бон ын сæ куы нымадтон, уæддæр ма йыл сæдæ дыууæ азы цыди, ныр ын сæдæ æвддæс баисты. Адæймаг бонæй-бонмæ нæ, фæлæ сахатæй-сахатмæ зæронд кæны.

Æмзоры фыды хоимæ парахат хæдзары цардысты йæ хистæр фырт, йæ чындз æмæ уыдоны хистæр фырт. Уымæн дæр — хъомыл цот.

— Уæртæ дын уый та мæ фыды хо! — Æмзор бахызти, йæ рудзынгæмбæрзæнтæ нырма æхгæд кæмæн уыдысты, уыцы мынæг рухсгонд уатмæ. Лаухан бадти къæлæтджыны, йæ фæстæ дæр, йæ фæйнæфæрсты дæр — хъулонцъар базтæ æвæрд. Йæ цæсгом нынцъылдтæ, йæ уæлæ урс æфцæгготджын тар къаба. Хуыцауы комытæф æм цымæ фæхæццæ, раст паддзахы усы хуызæн фидыдта. Бонхорз ын загътам, фæлæ нæ фиппайгæ дæр нæ бакодта. Цавæрдæр зæронд лæгæн алывыдтæ калдта æмæ махыл нæма уыди.

— Зæронд сæлхæр! Дæ митæ кæд ныууадздзынæ?

— Омæ...

— Ардæм-ма рацу.

— Нана...

Рацæй-рабон æмæ дын уыцы цыппарыссæдзаздзыд урссæр лæг Лауханы хистæр фырт куы разынид. Йæ мады раз сабийау ныфсæрмы.

— Ам-ма æрлæуу æмæ мæм æрбаулæф! — фæтъæлланг ыл кодта зæронд ус.

Удаист «саби» йæ мæстæй цæхæртæ калæг мадмæ куы баулæфыди, уæд ын уый йæ нывæфтыд лæдзæгæй йæ фæсонтæ ныххафт ласта.

— Гъе уый дын, дохтыры фæдзæхст кæй не ’ххæст кæныс, уый тыххæй. Нæй дын нуазæн!

Зæронд лæг Æмзормæ фæкомкоммæ æмæ фæкъæмдзæстыг, пъæмидорæй сырхдæр афæлдæхт йæ цæсгом, æмæ дуары æдде фæци. Æмзор мæм йæ цæст æрныкъуылдта:

— Иронæн йæ мад цыфæнды карджын куы уа, уæддæр ын зæды хуызæн у, æмбарыс?

Лаухан нæм йæ чысыл сау уынаг цæстытæй æдзынæг ныккасти.

— Ды чи дæ? — бафарста Æмзоры.

— Æмзор.

— Цавæр Æмзор? — ныхъхъуыды кодта зæронд ус.

— Гагейы фырт, — йæхи йын бацамыдта Æмзор.

— О хуыцау, Гаге та ма дзы кæцы у?

— Дæ рухсы бадæг æфсымæр! — хъæлæсыдзагæй загъта Æмзор.

— Гъа-а, Сандыр! Афтæ мын æй загътаис, æндæр! — фембæрста хабар Лаухан æмæ йæ хæрæфыртæн зæрдиаг хъæбыс ныккодта. Ахъæбыс кодта мæнæн дæр, ома, ай дæр, æвæццæгæн, нæхиуæттæй исчи у, зæгъгæ, фæлæ йæм бафæрсын аив нæ фæкасти. Ныхасæмбал ын кæй фæци, уый йæ æрцардта.

Царды сæраппонд тохы бацæугæйæ-иу уæлахиз дæр кæй фæци, састы бынаты дæр-иу кæй баззад, уыдæттæ йæ цæсгомыл фыстæй баззадысты. Йе ’нцъылдтæ цæсгомы гæлир йæ мидбылхудтæй дæр нæ сæфти. Дзурæгмæ лæмбынæг хъусын чи зоны, уыдонæй уыди. Фæлæ йæм дзырды бар æрхауди, уæд ын-иу бауромæн нал уыди. Æмзор ын йæ алы ныхасмæ дæр йæ сæр разыйы тылд кæй кодта, тынг лæмбынæг æм кæй хъуыста, уымæ гæсгæ диссæгтæ кæй дзуры, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Тынг арæх-иу асдæрдта йæ цъæмæл былтæ. Афтид къæцæлты хуызæн хус æнгуылдзтæй-иу йæ ибкæ йæ уæрджытæм алæгъзытæ кодта.

Уаты къуымтæм кæсыныл фæдæн. Цæсты зулæй ауыдтон фæлмæн сæракцъар диван, хæрзæфснайд сынтæгыл хæмпусцагъд хъæбысыдзаг базтæ æвæрд, ныллæг æртыкъахыг фынгыл уазал кодта халсартæй конд хъæрмхуыпп. Сынтæджы сæрмæ тæрхæгыл дунейы хосы къоппытæ æвæрд. Æппынфæстаг мæ цæст ацахста раззаг къулыл къухæй уæфт æвæджиауы гауыз. Гауызæй цæхæртæ калдтой нывæфтыдтæй фæлыст æвзист хъаматæ, бæгæнынуазæн егъау сыкъатæ æмæ рагон згæхæрд топп.

— Дæ зæрдæмæ цæуынц? — бафарста мæ Лаухан.

— О, — банкъуыстон мæ сæр.

— Нæ дын дзырдтон, Лаухан йæхæдæг æмбисонды музей у, зæгъгæ, — йæ ныхас æрбаппæрста Æмзор.

— Уыдон иууылдæр махонæй баззадысты, — сæрыстырæй дзырдта зæронд ус. — Цы лæг уыди, цы!

Хъуыдыты ацыди. Йæ мидбынаты базмæлыд, цыдæр ын æнцой нæ лæвæрдта. Стæй къæмдзæстыгхуызæй дзурын райдыдта:

— Нæ лæг æгас куы уаид, уæд дын, æнæмæнг, исты балæвар кæнид. Гъемæ дзы дæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди?

Ницы дзы, зæгъын, райсдзынæн, цы йæ, зæгъын, тыхсын кæнон. Фæлæ мæм куы ныххатыди, уæд уыцы згæхæрд топп бацагуырдтон, — зæгъын, цæсты гагуыйау кæй хъахъхъæны, йæ лæджы дзаумæттæй уымæй цауддæр нæй. Нагъ, зæгъгæ, йæ сæр куы батылдта, уæд хуымæтæджы нæ бадис кодтон.

— Цыдæриддæр дæ хъæуы, уый айс? Æрмæст уыцы топп нагъ, — загъта Лаухан. — Уыцы топпæй Хъанухъты Есе йæхæдæг æхста. Нæ лæг мæ хæрзаг йæхирдыгæй фæкæнид, — æбæрæг кæдæмдæр бацамыдта йе ’нгуылдзæй. — Уыцы топп йæхи къухæй кæм сауыгъта, уым куынæуал разынид, уæд мæ хохы дзуæртты фыдæх баййафид. Æз та, цы дын æй æмбæхсон, уырдæм нæма тагъд кæнын, — æмæ хинхудт йæ цæсгомыл ахъазыд.

— Кæддæр кæрæдзимæ топпы цæстæй чи касти, уыцы кæсгæтты æмæ дыгурæтты уæлæ уыцы хæцæнгарз бафидауын кодта. Нæ лæгмæ æнæнхъæлæджы æрбахаудта йæ фыдæй. Махоны фыдмæ дæр æрбафтыди йæ фыдæй. Афтæмæй фыдæй фыртмæ фæцыди. Гъе, æмæ нæ лæджы фыды фыды фыд... — Лаухан цъусдуг аджих. — Гъо-о, бынтондæр ныссуйтæ дæн. Цæвиттон, фæстагмæ кæй ранымадтон, уымæн йе стыр фыды фыд æмæ Есе æрдхæрдтæ уыдысты. Æмæ дын хуыцау хорз ракæна... Уæвгæ, тагъд ма кæнут, хабар куыддæриддæр уыд, афтæ уын æй йæ тæккæ сæрæй куы радзурон, уæд бамбардзыстут, уыцы ерæдзыпп мын афтæ зынаргъ цæмæн у, уый.

Лауханы карæн адæймаг ма алцы фиппайаг æмæ æнкъараг уа, уый æнхъæл нал уыдтæн. Хин худт бакодта æмæ дзурын райдыдта.

***

Иу адæймаг цы хъуыды кæны, уый — знонæй абонмæ. Адæм сегас цы зонынц, уый та æгæрон æмæ æнусон у. Дзыхæй-дзыхмæ дзургæйæ, абоны онг æрхæццæ ис, зæгъгæ, дам, Дыгуры чысыл хæххон хъæуы Доныфарсы раджы кæддæр царди æхсарджын æмæ номдзыд лæг. Йæ ном хуынди Есе æмæ уыди Хъанухъты мыггагæй.

Уæды рæстæг Дыгургомы цæхгæр æмæ зынвадат фæхстыл бирæ адæм нæма царди. Чи дзы уыди, уыдон та, иу стæмтæй фæстæмæ, гæвзыкк цард кодтой. Уыцы уавæры-иу комбæсты адæм тæккæ зонынджындæры æвзæрстой æхсæны лæгæй.

Дзæвгар фылдæр адæм царди, Кæсæджы хъæздыг дæлвæзты чи æрæнцад, уыцы хъæуты. Ахæм уæздæттæ дæр сæм фæзынди, бæрзонд уæлдзарм худтæ чи дардта, сæ бинойнæгты æмæ-иу сæ чызджыты сæ къахæй сæ къухмæ дарийæ чи сфæлыста æмæ сæхи æлдæрттæ чи хуыдта.

Кæсæг æмæ Дыгуры æхсæн арæн зæххыл сабыр замантæ никуы скодта. Ам-иу арæх фæныхæй-ныхмæ сты кæсгон æмæ дыгурон хæстонтæ, бафидауыны хъомыс сын-иу нал уыди.

Кæсæджы царди иу хъæздыг æлдар, йæ талас къухтæ чъырау — урс, йæ даст сæр — карчы айчы хуызæн, цæргæсау уыди сæрыстыр, цæхæрцæст. Афтæ хъæздыг уыди, æмæ йæхæдæг дæр нæ хъуыды кодта, сызгъæринтæ æмæ алы зынаргъ хæзнатæй йæ рæбыны цал цъупдзаг чырыны ис, уый. Нæ зыдта, йæ дари хъуымæцтæ, йæ зынаргъ цæрмттæ, йæ дзæнхъа авг тæбæгътæ æмæ нуазæнтæ цал æмæ цал чырыны æфснайд сты, уый дæр.

Фæлæ иу бæллæхæй фервæзын йæ бон нæ уыди цытджын æлдарæн. Цыфæнды хорз хæринаг ма бахордтаид, уæддæр-иу йæ фарсæй фæци. Йæ буар-иу дур фестад. Æнамонд æлдары дзæбæх кодтой сæ иуæй се ’ннæ номдзыддæр фелсыртæ æмæ дзырддзæугæ дæсныфæрсджытæ. Бон-изæрмæ-иу йæ цурæй нæ цыдысты. Дардтой йын алы кæрдæджытæй конд цай. Йæ уæлхъус-иу гуымгуымгæнаг хъæлæсæй дзырдтой цымыдисæфтауæг æнахъинон кæлæнгæнæг ныхæстæ. Фæлæ уæлдайхуызон нæ кодта. Куыд-иу фæрысти, цы хъизæмæрттæ-иу æвзæрста кæсгон æлдар, алкæй дæр чи бахъæуы, суанг паддзæхтæ дæр фистæгæй кæдæм цæуынц, уыцы ран. Фылдæр хатт дзы-иу фыццаг кæркуасæнтæй суанг хурыскастмæ паддзахы къæлæтджыныл бадæгау фæбадти. Уым ыл-иу кæд сбон, ахæм замантæ дæр-иу скодта. Гъемæ йæ уæхæдæг дæр бамбарут, æгас Кæсæджы дæр кæй зыдтой, уыцы æлдарæн йæ рæстæг доны къусы сæфт кæй кодта, уый.

Йæ хъæздыгæн æмбал кæй нæй, уый Дыгурмæ дæр байхъуысти. Амы адæмæй-иу чидæртæ ныттæхуды кодта: «Ехх, æвæдза, дзæбæх къордæй кæсгон æлдары ныхмæ рацу, йæ хæзнатæй йын иучысыл дæхицæн бакъаддæр кæн, йæ фосы дзугтæ æмæ йын йæ хъомрæгъæуттæ нæ мæгуыр Доныфарсы æрбамидæг кæн!»

Хъæубæстæ æнæхуыссæг цæмæн фесты, уый æнæмбаргæ нæ уыди зонынджын Есе, се ’хсæны лæг. Дзырдта сын:

— Уæ, хорз адæм, хæстмондаг стут, фæлæ уæхиуыл фæхæцут. Мин мины æмæ ма ноджыдæр иу уыйбæрц сты æлдары æфсæддонтæ æмæ уæгъды рауаид нæ тугкалд. Ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ нын йæхæдæг нæ фыццаг скæндзæн йæ бынтæ.

Раст дын уыцы рæстæг номдзыд æлдар куы сфæнд кæнид, Кæсæджы парахат уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты йын чи хызти, уыцы рæгъæуттыл æмæ дзугтыл йæ цæст ахæссын. Фæцин кодта йæ фысты æмæ сæгъты дзугтыл, разыйæ сæ баззади. Йæ зæрдæ ныррухс и йæ дзагфæздон хъомтæ æмæ йæ нæрæмон уырсытæй дæр. Фæлæ мæнæ галрæгъæуттыл куы зылди, уæд ныхъхъуынтъызæрфыг. Сæ астæу йæ цæст æрхæцыди, кæддæр сæ аив, хæрдмæ здыхст-таст сыкъатыл сызгъæрин цæгтæ кæмæн бакодта, уыцы дыууæ æмбисонды рæсугъд галыл. Ставдуæнг æмæ æххæстфыд кæй уыдысты, сæ хæрзмыггаг бакастæй дæр бæрæг кæмæн уыди, егъау дæндæгтæ сын кæй уыд æмæ лæгъзхъуын кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ снывонд кодта стыр хуыцауы бонмæ. Уартæ рагуалдзæгæй нырмæ сæрвæтты хызтысты æмæ хъуамæ ныннард уыдаиккой. Уыдон та сцола сты, уыгæрдæны хус хæлттæ æууылдтой.

— Адон цы сты? Уæллæгъи, адон афтæ хуымæтæджы нæ систы! Стыр кадджын хуыцауæн кæй снывонд кодтон, уыдон æнтъæрд рувæстау цæмæн сты?

Удаист рæгъаугæстæ сæргуыбырæй лæууыдысты, мæстджын æлдармæ цæсты зулæй бакæсын дæр нæ бауæндыдысты.

— Уæллæгъи, уегасæн дæр уæ сæртæ акъуырын кæндзынæн! — цæхæртæ калдта æлдар.

Кæрдæджы æхсæнæй цыма сгæпп ласта, уыйау æваст йæ цуры алæууыди рæгъаугæсты кæстæр. Асæй кæд иинæтæй къаннæгдæр уыди, уæддæр се ’ппæтæй ныфсджындæр разынд.

— Дæ галтæ афтæ кæй смæллæг сты, уый дæм диссаг ма кæсæд, о нæ цытджын æлдар! Дæ рæгъæуттæ цы сты, хуыцау дын сæ уымæй ноджы фылдæр скæнæд! Фæлæ сын нал фаг кæнынц дæ уыгæрдæнтæ æмæ дæ сæрвæттæ. Лæмбынæгдæр-ма сæм æркæс. Уæллæгъи-биллæгъи, кæрдæг бындзарæй фæрæдывтой. Дæ нывондаг галтæм дæр уæлдай кæрдæджы хал нал хауы!

Æдзынæг æм ныхъхъуыста æлдар, ныхъхъуыды кодта. Рæгъаугæс æй стыф скæнын дæр нæ бауагъта:

— Нæ хæхтæн се скæсæнæрдыгæй... — ацамыдта къухæй рæгъаугæс, — цæрынц дыгур. Хъæздыг не сты, фос дæр сæм чысыл ис, фæлæ зад æмæ сойджын у сæ сæрвæтты кæрдæг. Бар нын ратт æмæ дын дæ сызгъæринсы галты Дыгуры уыгæрдæнтæм атæрæм.

Æлдарæн дын ахæм зонд бацамындæуа — уымæн йæ дыккаг бон галты атардтой, кæстæр рæгъаугæс кæдæм амыдта, уыцырдæм.

Раздæрау уыцы иугæндзонæй ивылди доныфарсæгты цард. Есе æхсæны лæг кæй уыди, уымæ гæсгæ дæр, стæй йæ æрдзон ахуырмæ гæсгæ дæр йæ хъус дардта, Доныфарсмæ хъахъхъæнинагæй цы уыд, уыдонмæ. Æваст йæ уари цæстытæй ауыдта дыууæ галы. Сæ сыкъатæй цыма хуртæ æмæ мæйтæ касти, уыйау тæмæнтæ калдтой. Иу æмæ дыууæ æхсæвы нæ фесты сызгъæринсы галтæ сæ сойджын уыгæрдæнты, зæгъгæ йæм сдзырдта йæ зæрдæ.

Цы хæрзхаст сты! Хæрзмыггаг фос... Æвæдза, æвзæр нæ уаид, уыцы рæсугъд галты сойæ дæ тъæнгтæ сойæвдылд скæн, уæд! — ахъуыды кодта Есе.

Дыууæ мæйы дæр æххæст нæма рауади, афтæ Есе фæдзырдта йæ хъæуккæгтæм:

— Хорз адæм! Сымахмæ дзурын! Бавдæлут æмæ мын æртæрут уæлæ уыцы сызгъæринсы галты! Кæсгон æлдар иу хатт хæрзад дзидза куы нæ бахæра, уæд ын ницы уыдзæн. Уæддæр нæхи сæрвæтты снард сты. Исты мæнг зæгъын? Аргæвддзыстæм сæ æмæ æгас комбæстæн куывд скæндзыстæм.

Доныфарсы лæгтæн лæгъстæтæ кæнын нæ бахъуыди. Уыцы бон сæм куывдмæ æрцыдысты æгас комы адæм дæр.

Кæсæджы адæмæн æрбацæйхæццæ кодта стыр хуыцауы бон. Æлдар бацагуырдта йæ сызгъæринсы галты, фæлæ цыма зæххы скъуыды аирвæзтысты, уыйау сæ фæд дæр нал уыди. Мæстæй цæхæртæ калгæ, æлдар балæууыди рæгъаугæстæм.

— Цы фесты мæ галтæ? Куы нæ сæ ссарат, уæд уæ уæ къубæлттæй æрцауындздзынæн, стæй уын уæ мæрдтæ мæ куыйтæн ратдзынæн!

Рæгъаугæстæ фыр тæссæй змæлын дæр нал уæндыдысты. Сегасы кæстæр æмæ фыдцъылыздæр та фæныфсджын ис.

— Ивгъуыд къуыри фысты куы æлвыдтам, уæд дын дæ галты Хъанухъты Есе атардта. Дзурынц, зæгъгæ, дам, уымæй æбуалгъдæр æмæ тыхджындæр лæг мады гуыбынæй нæма рацыд. Адæм дзы æмризæджы ризынц.

Мæстæй рафыхти сæрыстыр æлдары туг. Йæ тъæнгтæ йын ацагъта, кæмдæр мæгуыр Дыгуры ахæм кадджын лæг кæй цæры, уый. Бардзырд радта, цæмæй йын йæ бæхыл саргъ сæвæрой, æмæ йе ’фсадимæ фæраст ис Есеимæ тох кæнынмæ. Зæдæлескы бынты бацыд æмæ уæрæх уыгæрдæны æрбынат кодта æлдары æфсад. Фæталынггæрæттæ. Хæстонтæ сæ уæйлаг нымæттæ сæ бынты байтыдтой, сæ сæргътæ сæ нывæрзæнты бакодтой æмæ сæхи æруагътой. Уайтагъд ком æдзæм сабыр ныцци. Æрмæст ма кæрдæгæй зæлыди цъырцъырæгты зæрдæагайаг зарын, стæм хатт-иу райхъуысти бирæгъы ниуын кæнæ уыджы уасын.

Фæлæ æлдармæ хуыссæг æмгæрон не ’рцыди. Ратул-батул кодта нымæтыл, йæ гуыбын æууæрста æмæ æууæрста. Къæдзæхау та ныхъхъæбæр ис йæ гуыбын, гуымсæджы тыгъд сæракау та ныддымсти. Цы йæ бон уыди, сыстади, пысылмон æгъдаумæ гæсгæ райста хъуывгъан æмæ араст, æввахсгомау сæм цы пыхсытæ уыд, уырдæм. Бады дзуццæджы æлдар, хъуывгъан йæ фарсмæ, афтæмæй бады. Йæхи афтæ ныллæмары, æмæ йæ фæлурс рустæ ныддымсынц. Уыцы æхсæв мæй касти йæ цалхыдзагæй, йе ’взист рухсмæ цæст алцыдæр дзæбæх иртæста.

Есейы хуыссæг дæр фæлыгъди, йæ хъус дардта, кæсгон æфсад кæм æрæнцад, уыцы фахсмæ. Лæмбынæг сæм куы æркасти, уæд зæрдаив нымадæй базыдта æфсады нымæц, стæй дын йæ цæст куы æрхæцид пыхсыты æхсæн дзуццæджы бадæг æлдарыл. Дардмæ йæм тæмæнтæ калдта уæларвыл ауыгъд мæйау. Есе хъуыстгонд уыди йæ хъазæн митæй æмæ уайтæккæ йæ фæнд ацæттæ: «Æлдар, уæдæ гъер дæхимæ кæс! Иучысыл дæ æрцахуыртæ кæнон æмæ Хъанухъты Есейы дæ зæрдыл бадарай». Фелвæста топп æмæ ныхъхъавыди хъуывгъанмæ, фехста. Хъуывгъан тæгæлтæ ахауди. Удаист æлдар фыр тæссæй...

Бæстæ сдзолгъо-молгъо. Гæрахмæ æлдары хæстонтæ фехъал сты, сæ дзаумæттæ кæнынмæ фесты, фæлæбурдтой сæ хæцæнгæрзтæм æмæ ацæттæ сты тохы бацæуынмæ. Фæлæ сын æлдар бардзырд радта:

— Уæ бæхтыл сбадут! Уыйбæрц дæрддзæфмæ адæймаджы адзæбæх кæнын йæ бон кæмæн у, уыимæ æз не схæцдзынæн!

Æмæ йæ тыхджын æфсады фæстæмæ Кæсæгмæ акодта. Йæ адæмæй фылдæр аргъ кæмæн кодта, уыдонæй иу къордимæ бацагуырдта Доныфарсы Есейы хæдзар.

Дыууæ номдзыд лæджы афтæ балымæн сты æмæ æрдхæрдтæ систы. Хъæздыг æлдар йе ’рдхордæн балæвар кодта йæ бынты рæстæмбис, уымæн æмæ, Есе йын йæ хъуывгъан тæгæлтæ куы ахауын кодта, уыцы æхсæвæй фæстæмæ йæ хъизæмæрттæй фервæзти.

Уæдæй фæстæмæ кæсæг æмæ дыгур цардысты фидыд æмæ хæларæй.

ÆМЗОР ЙÆ УАРЗОНДЗИНАД КУЫД БАНЫГÆДТА

Уынгты цъиуызмæлæг нæма ис, уый йеддæмæ, мæнæ тындзгæ чи æруайы, уыцы мæстджын лæг йæ пырх искæуыл акалид. Гъа, уый нæ, уæд та искæмæн радзурид йæ абоны маст... Булкъæй гæмæхдæр цъупгонд сæры тенкайыл æрттивынц хуры фыццаг тынтæ, хъусрæбынты ма цы урс гæзæмæ хилтæ аззад, уыдон уддзыдау базмæлынц рог дымгæмæ.

— Гъей! Уæртæ уый! Мæнæ дæ нымæтхуд! — кауы сæрты йæм цæхæрадонæй рахъæр ласта йæ ус. Уый, мæгуыр, йæ фæстæ фезгъордта сыхæгты каурæбынты æмæ, гъа ныр мæ фехъусдзæн, зæгъгæ, куы баввахс, уæд æм фæдзырдта. Лæг бындзсурæгау йæ къух ариуыгъта усы ’рдæм, кæсгæ дæр æм нæ фæкодта.

Ехх, æвæджиауы бон та уыдзæн! Ссыгъдысты хæхты урс-урсид цыргъытæ, хур тагъд-тагъд йæхи уæлæмæ исы. Афтæ æввахс у, æмæ йæм раст дæ цæнгтæ бадаргъ кæн æмæ йæ дæ хъæбысы æрбанорд!

Æмзор хæссы тæрхæттæ. Стыр хъуыддæгтæ лыг кæны йæ сæрымагъз. Æнкъары йæ йæхæдæг — цыфæндыйæ дæр ын историмæ æнæ бахаугæ нæй. Æмæ уæд цæуыл у йæ сагъæс?

Куыд цæуыл? Æндæрæбон зæронд Бола нæ амард? Амард, фæлæ цафон? Сæрдæн йæ тæккæ тынджы, тæккæ куыстафон. Уæвгæ мæлæт уыдæттæн цы зоны: зæрæдтæ мæлынц сæрд дæр, зымæг дæр — къуырийæн йæ кæцыфæнды бон дæр.

Лæг æрлæууыд уынджы астæу... Нæ, уæддæр — нæ!.. «Бола хорз лæг уыди, бæргæ, дзæнæты фæбадæд! Фæлæ-ма зæгъут: майрæмбонмæ цæуылнæ бахъавыд? Уæд рæстæг куыстæн бæзгæ нæ уыд. Уарыд. Æмæ майрæмбон куы равзæрстаид, уæд æй æнцад-æнцойæ, кад æмæ радæй бавæрдтаиккам сабаты кæнæ хуыцаубоны. Ныр та йæ хъуыддаг къуырисæрмæ цæуы. Тынг æнтæф уыдзæн, æмæ фæстиатгæнæн нæй. Раст нæ бакодта Бола. Æмæ æрмæст Бола нæу: ивгъуыд къуырийы — Тикъо, уый размæ — Бечыр... Бæллæх у, бæллæх... Кусгæ та ма чи кæндзæн?

Тыхсы Æмзор. Тынг тыхсы. Бригадир куы нæ уаид, уæд ма гъа. Фæлæ бонæн цухæй йæ колхозонтæ куы иуæрдæм амæрддзыгой вæййынц, куы иннæрдæм. «Нагъ» зæгъæн дæр нæй: мард мард у, æмæ йæ ныгæнын хъæуы.

Æмæ та Æмзор атындзыдта.

...Бола æндæр хъæумæ æрæджы аивта. Ницæмæн æй хъуыд уый дæр. Ныр æгас бон... Тобæ, «фесæфт» зæгъын тæригъæд у.

Колхозы сæрдар Хъазыбегæн йæ фыды æфсымæр уыдис Бола, æмæ адæм уæлдай тынг уымæ гæсгæ бацъил сты. Лæгæй, усæй — иууылдæр цæуынц!

Æвæдза, мах диссаг стæм — ирæттæ! Алцыдæр нæм — хорз, цардимæ æмдзу кæнæм, цауддæр никæмæй стæм. Æрмæст нæ марды æгъдау хæссæм, раст незаманты куыддæриддæр уыдис, афтæ. Мард æвæрыны хъуыддаг æгас дуне дæр ног уагыл райдыдта, мах та зæронд æгъдауыл хæцæм, род хъуджы фæдæгыл куыд ныззæгæл уа, уыйау. Уæртæ, дам, Амырычы афтæ у: Дæ, машинæйы марды чырыны рæзты æрцу, — æрмæст чысыл фæсындæг кæн — уый дзы хъæуы! — æмæ, табуафси, скъæр, кæдæмдæриддæр дæ фæнды, уырдæм.

Исты саразын хъæуы мах дæр. Æмзор нæ фæкæсдзæн Хъазыбегмæ дæр. Сæрдар нæ, фæлæ паддзах дæр фестæд! Нæ ауадздзæн адæмы. Нартхоры куыст та ма чи бакæндзæн? Æппынфæстаг, цы у ахсджиагдæр: хуымтæ барувын æви мардмæ ацæуын?

Бон æрбасырх, хур æргом æртавта, фæлæ æхсæвы уымæл нырма бадти дыргъцæхæрадæтты, æмæ йæ фындзы хъæлтæ дзæбæх æмбæрстой.

***

Колхозы правленийы агъуыстытæ уыдысты хъæугæрон, тъæпæн уæлвæзыл.

Ардæм раджы æрбацыд Хъазыбег. Тыргъты слæууыд дуармæ æввахс. Цалынмæ йæ уынæг нæ уыд, уæдмæ йæхи цæттæ кодта тæфæрфæсгæнджытыл сæмбæлынмæ. Хъуамæ йын уа æнкъард хуыз. Йæ дзыппæй чысыл тымбыл кæсæн дæр систа; кæсы йæ дымст сырх цæсгоммæ, куы йе уæхск анцъулы, куы йе ’фсæртæ æрæлхъивы, куы та йе ’рфгуытæ фæтаг кæны, фæлæ, — мара-зæгъай, — цæсгомы дымст фехалынæн кæд исты фæразы! «Æппы!..» — зæгъгæ, дзы цыдæр æнæбæрæджы мыхъхъ сыхъуыст, æмæ йæ кæсæн фæлурс плащы дзыппы ныппæрста. Йæ кирз цырыхъхъытæй нæууыл цы зиллакк ныннадта, уымæ фæкомкоммæ, цæмæдæр гæсгæ дзы иуварс ахызт, къухтæ сины сæрыл сæвæрдта æмæ хъæуыл афæлгæсыд. Нард рустæ цæстытыл кæд уæлæмæ æгæр схæцыдысты æмæ сæ сæлхъывтой, уæддæр сæ уынгæ хорз кодта. Хæдзæртты сырх æмбæрзæн дуртæй пихлæйттæ зырзыргæнгæ цæуынц хæрдмæ. Хъомвос рахызтысты кæройнаг уынгæй, тындзынц хъæдбынмæ. Зæронд Созо сæ нал æййафы, фæлæ Таймураз, йæ фырт, уæлбæхæй рæгъауы фæрсты куы размæ антъæры, куы фæстæмæ æрсиры — фæндагæй иуварс нæ уадзы стурты.

Сæрдары пака фындзыхуынчъыты фæмидæг ног фаджысы тæф. Уый — æввахс фермæйæ. О, уым ма иу къабаз æмбæхст ис, йæ лымæн фермæгæсимæ цы род бакъаддæр кодтой, уымæй. Абон... Абон ма кæцæй? Цæй, кæд ын пысырайы тыхтæй дыууæ бонмæ ницы уаид. Сæлæндон дæр ног ласт бæргæ у, фæлæ йæ токыл бафтауæг нæй... Хæрнæджы стуры фыд, та æгæр ныффыцдзысты, æвæццæгæн, ныммардзысты йын йæ витаминтæ. «Волгæ»-йы багажничы ма гæххæтты тыхтонæй аззад цымæ?.. Фысы фыд дæр æвзæр нæ цæуы...

Хъазыбег ацы сахат фенкъардта йæ дæндæгты æхсæнты фыды муртæ. Риуы мидæггаг дзыппæй систа æхцадон, паспорты хуымпъыры рæнхъ-рæнхъ тъыст капрон дæндагысхъауæнтæй иу сласта æмæ дзы йе ’фсæртæ æхсæдын райдыдта.

Ехх, æвæдза, цард æвзæр нæу. Æрмæст дзы мæлын куы нæ хъæуид. Бола хорз лæг уыд, бæргæ, фæлæ ноджы хуыздæр уыдаид, йæ бон нырмæ куы нæ æрхастаид, уæд... Фехæлдта бадт, замманай бадт комы сатæджы — арахъхъы карз æмæ физонæджы дзæбæхимæ...

«Ай та кæцæй фæци?»

Хъазыбегæн æхсныф аппарын йæ къухы нал бафтыд, йæ рахиз арм ныттымбыл кодта, галиу къухы æнгуылдзтæ та йе ’мбуар нырраст сты, афтæмæй сæмбæлд Æмзорыл.

— Рухсаг уæд дæ фыды æфсымæр. Хорз лæг уыд, цардаудæн дыл бакæнæд.

Сæрдар йæ сæр бынмæ æркъул кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын уыйас ницы бантыст — ставд хъуыр роцъойæ æфцæгготы æхсæн быцæу фæлæууыд, сæвджын къуыпп радардта æддæмæ.

— Æнæхъиамæт у, — ацы дзырдтæ зынæй сбырыдысты Хъазыбеджы æвдæрзт хъæлæсæй.

«Ды йыл мæнæй тынгдæр нæ риссыс, уæцъæф! Цы дæ уарзта цымæ дæ фыды æфсымæр?»

«Æмзорæн хист куы уа, уæд æртæ боны ахъаззаг фæбаддзынæн. Алæ-ма, цал уайынц кепийы бонтæ: фæстаг æхсæвæрыл — фыс, йæ боны — дыууæ стуры (цот ын хорз и), дыккаг изæр — сыхæгтимæ сæрыхæрд, уый фæстæ сæм хионы уад бакæндзынæн æмæ æрæджиауы тæфæрфæсгæнджытимæ — бадт, къуырийы фæстæ — Фыццаг сабатизæр. Æмæ ма дзы куынæг истытæ нæ уыдзæн йæ афæдзы бонмæ...»

«Æгас хъæу дæ фæдыл Мæздæгмæ кæдæм ласыс? Хуымтæ цы фæуыдзысты?.. Тобæ, Бола, ды мæм фæхъуыз. Бахатыр кæн...»

«Сæрдар ды куы уыдтæ, æз — дæ хæдивæг, уæд дæу дзырдыл цыдыстæм. Ныр мæ ма хъыгдар. Бригадир дæр дын æгæр у».

«Зонгæ дæ куы кодтон, уæд дæ куыд бауагътон сæрдарæй æвзарын? Бауром адæмы, кæннод атауыс кæндзынæн, Болайы марды хабар мæнг разынд, цæуын нал хъæуы... Æллæх, Бола, бахатыр кæн...»

«Хъисыг дæ æмæ, Æмзор, ды никуы амæлдзынæ...»

«Нæ йæ æмбарын: нæ колхозы стуртимæ иу зæххыл цæрыс, æмæ уыдон — цола, ды — нард...»

Нæ, нæма рауад хъæрæй ахæм ныхас. Сæрдары басæттынæй та Æмзорæн ницы рауад абон дæр... Нæ та бахауд историмæ. Фæлæ йæм бирæ нал и!

Бригадир нæ бафиппайдта, Хъазыбег йæ дæндагысхъауæн зæхмæ куыд арæцыгъта, уый.

— Мемæ сбаддзынæ, Æмзор, «Волгæ»-йы.

— Хорз...

Рог машинæ уайы асфальт фæндагыл. Æмзор автобусы иннæтимæ куы бадид, уæд, чи зоны, афтæ бынтон æнкъард нæ уаид. Уырны йæ, искуы уый дæр кæй амæлдзæн. Хъазыбег уымæй раст у. Фæлæ нырма зæрдæ кусы, æмæ Æмзор мысы, кæддæр йæ уарзондзинад йæхи къухтæй куыд баныгæдта...

Уый та афтæ уыди...

Иу сæумæ æрцæйздæхт æхсæвæддæ цуанæй. Хъæугæрон ыл амбæлд хъомгæс Созо (абон дæр ма фосы фæстæ чи цæуы, уыцы Созо, æрмæст уæд афтæ дæрдджын нæма уыди). Загъта йын Агуыбейы хабар: Агуыбе а дуне ныууадзынвæнд скодта, амард, чырыны хуыссы æмæ сом абалц кæндзæн уæларвбæстæм. Цуанон сах слæууыд Созойы цур, — цыма уый зианджын уыд! — ратæфæрфæс ын кодта æмæ хъæмæ фæраст. Хæдзары йе ’фсин йеддæмæ никæй баййæфта: Лизæ архайдта цæлгæнæны.

— Агуыбе нал ис, фехъуыстон.

— Амард, амард. Уæртæ дын дæ пинджачы дзыппы туман нывæрдтон.

Лæг сынтæгыл йæхи æруагъта, иу уысм æнцад абадт, стæй цыдæр катайхуыз тамако сдымдта. Ног та аджих. Зынг хъæццулыл куыд æрхауд, уый нæ федта. Йæ комы хуылыдзæй йæ ахуыссын кæнынмæ хъавыд, нæ йæ æрæргъæвта æмæ йæм уæд æфсин уымæл хæцъилимæ æрбауад. Лæджы æнахуыр катай йæ дисы æфтыдта. Æнæдзургæйæ йын æрбахаста арахъхъы агуывзæ. Уый дæр ницы фæахъаз Æмзорæн.

Лизæ цæмæй хæйрæг уыд, цы зыдта йæ мойы рагон хабæрттæн? Цыбыр ныхасæй, Æмзор хъæрмуд нæ уыдис Агуыбеимæ. «Хъæрмуд нæ уыдис» — нæ! — знаджы зæрдæ йæм дардта. Хæстæй гъæйтт лæгæй сыздæхт Æмзор. Æртæ æмæ ссæдзаздзыд лæппу, дуры аппы хуызæн, æххæст — хъаруйæ, зондæй. Уæдæ дзы риуыл дæр цалдæр æрттывта. Йæ тæккæ ус кургæйæ. Агуыбейæн та хо уыдис — Бати. Æстдæсаздзыд. Мæнæ-мæнæ рæсугъд æй не схуыдтаис, фæлæ уыцы сау хъуымбыл дзыкку-у!.. Чызджы фæсонтыл-иу куы базмæлыд, уæд уымæ кæсгæйæ Æмзорæн йæ зæрдæ æддæмæ бырста.

«Нæй йын ауадзæн!»

Чызгæн йæ хистæр æфсымæры фæндтæ та чи зыдта? Усгур, сусæг фидыд уал бакæнон, зæгъгæ, хъуыддагмæ æрæвнæлдта, барвыста йæ фыццаг сгарджыты. Раздæхтой сæ уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй. Агуыбе ныццæхгæр.

Æмзор фæтæрк. Бирæ йын нæ ахаста. Зилы та чызджы фæдыл. Иу райсомраджы йæ бахъуыды дардта фæрвбыны. Сæ родты къорд-иу уым хибарæй хызтой чызджы бинонтæ, ацæуын-иу бахъуыдис Батийы дæр — мæнæ абоны хуызæн.

Лæппу тынг раджы рацыд ардæм, къутæры рæбын бындзæфхадыл фынæй дæр аци. Батийы цъæхснаг хъæрмæ фехъал, æгæр тагъд рагæпп ласта, цонджы нарæгмæ фæлæбурдта йæ сонтæй:

— Цæуылнæ мын комыс? Æз дæу аккаг цæмæй нæ дæн?

Фыццаг тынг фæтарсти Бати. Йæ удаист бирæ нæ ахаста.

Чызджы мæсыг усгуры мæсыгæй фидардæр кæй у, уый хорз æнкъардта, æмæ уайтагъд йæ уд йæхимæ æрцыд.

— Агуыбейы нæ фæнды. Дыууадæс даринаджы йеддæмæ, дам, уæ къуымы ницы ис, — Бати бынтондæр куы басабыр, уæд ма бафтыдта: — Сылваз дæр ма дæ хонынц. Стæ-ма, суадз мын мæ цонг!

— Чи? Æз? Кæй? Мæн?

— Хæстæй чи сыздæхт, уыдон дзурынц.

Æмзор сагъдæй аззад. Чызг йæ цонг суæгъд кодта æмæ хъæумæ ныййарц.

Сылваз... Никуы фехъуыста ацы ныхас Æмзор. Кæд æй искуы фехъуыста, уæддæр æй нæ бадардта йæ зæрдыл. Ныр æй цыдæр карз æфхæрдмæ райста. Зæд ома нæ хоны йæхи. Амбæлдтытæ кодта, дур куы нæу, мыййаг! Фæлæ — сылваз? Уый æгад куы у. Уый æвзæр куы у.

— Ныр — гауарда! Ис ма дзы æндæр дзыккуджынтæ дæр. Кæддæр афтæ кæмæн загъта: «Чызгыл дзурын, æмæ мын уымæй куы ницы ратæдза, уæд — дæхи цæттæ дар!..» Лизæ!... Йæхицæй иу аз кæстæр. Ахуыргæнæг. Æрхаста йæ. Сывæллæттæ — фырыхъулы хуызæн, дыууæ чызджы æмæ цыппар лæппуйы.

Бати дæр ацыд, æртындæс даринаджы кæм уыдис, ахæм бинонтæм. Ницы дзы рамбылдта. Уый йын йе ’фсымæры куыст уыди: дæс æмæ йæ ссæдз азмæ сæ уæларт фæхъахъхъæдта æмæ ма дын усгурты уырзæй кæм æвзæрстаиккой?

...Мысинæгтæ зилдух кодтой Æмзоры сæры. Рахъавыд: «Ныууадзон, æнæ мæн дæр æй баныгæндзысты». Æмæ уæд куыд фидауы? Чидæртæ, зонынц хабар. Зæгъдзысты: «Нæ йын æй хатыр кæны йæ марды бон дæр...»

Раивта йæ дарæс. Араст зианджын хæдзармæ.

Кæрты бакодта, фæткмæ гæсгæ йыл цы змæлд, цы æгъдау æмбæлдис, уый, æмæ бахызт марды уатмæ. Бынтон хиуæттæ — а хæдзайраг устытæ æмæ иннæ сылгоймæгтæ — чырыны алыварс бандæттыл бадтысты, куыдтой сæ иуы цъæхснаг æмæ уынгæг хъарæгмæ. Дзæвгар дзы уыд лæууæг адæм дæр.

Сылгоймæгтæ сæхи цъус фæфæстæмæ кодтой. Æмзорæн фадат радтой æмæ уый дæр раздæр марды риуыл йæ дыууæ армы авæрдта, стæй цыдæр ахъуыды кодта — хъæбысгæнæгау йæхи æнгом æруагъта чырынмæ: «Рухсаг у, Агуыбе...»

Йæ цæсгом фæрсмæ зылд кæй уыдис, уымæ гæсгæ фемдзаст йæ галиу фарс иу усимæ. Бати!..

— Агуыбе дæ куыд бирæ уарзта, куыд бирæ уарзта!.. — Батийы ныхас дæр рауадис йæ фарсмæ хъарæггæнæг усы ныхасау (æртæ боны йæм хъусы æмæ, æвæццæгæн, йе уæнджы ацыд хъарæг).

— Мæн? — зæгъгæ, æгæр хъæрæй сирвæзт лæджы дзыхæй. Йæ сонт дзырд æмæ йæ февнæлд Батийы къухмæ — фæиу сты. Кæддæр фæрвбыны куыд уыдис, афтæ — йæ армæй æнкъары Батийы туджы цавд. Æрмæст ныр пульсы тæлфт æндæр у: сындæг, хъуыдыгæнгæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-10-09 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: