II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 11 глава




— Дæ уæлтæрхæг дыууæ марды куы æрбаййафай, уæд уымæн ферохгæнæн ис?!

Мæхъхъæлон йе ’рмттæ уæлæмæ сдардта:

— О Аллах, радт мын уыйбæрц тых æмæ хъомыс, цæмæй ацы джауыртæн сæ фыдмитæ дывæрæй бафидон!

Артдзæстмæ та ныдздзырдта Бæтæхъо:

— Хъыхъхъаг куыдз лæгæн йæхимæ куы нæ баххæссы, уæд ыл цы дур фехсы, уый акæны йæ дзыхы... Йæхимæ йын куы баххæссид, уæд ын йæ фыдтæ ныттонид, йæ туг ын баназид! Куыдз куыдз у...

— Ай-гъайдæр, куыдз куыдз у!

Хъарагъулты цырæгътырдæм адардта Раздзог йæ къух:

— Аухы дæр афтæ куы ссыгътаиккам иу къорд уацайраджы уæлхъус цырæгътæ, уæд, чи зоны!.. — ферхæцыд æмæ йын Алхаст баххæст кодта йæ хъуыды:

— Уæд, чи зоны, не ’рыййæфтаиккам нæ уæлтæрхæг мæрдтæ!

— Кæд сцух ис нæ уæлтæрхæг мардæй!.. Æдзух кæуинаг куы стæм!

Тепса базмæста арт.

— Урс паддзахы фыдæй алæбон кæуинаг стæм! — дзуры уый, фæлæ Раздзоджы хъуыды кæронмæ нæма бамбæрста.

— Раст зæгъы Раздзог. Куыдз уæддæр куыдз у, — йæхиимæ дзурæгау кæны цæцæйнаг.

— Æмæ цæмæй дурыл ма ныццæва йæхи, уый тыххæй йын йæ дзыхы æндæр исты атъыссын хъæуы! — аиста йын йæ дзырд Бæтæхъо.

Ныр фембæрста мæхъхъæлон Раздзоджы хъуыды. Фырмæстæй фалæмæ ату кодта æмæ æртхъирæнгæнæгау дзуры:

— Кæд сбæззиккой ацы куыйтæ сæ хицауæн комдзагæн, хъыхъхъаг куыдз фæсайæн комдзагæн!..

— Кæд балхæниккам уыдон аргъæй нæ къонатæн æцойад.

— Кæд нал ныййафиккам нæ уæлтæрхæг сабиты мæрдтæ!..

— Иу къухæй сæм бадардзыстæм комдзаг æмæ сын зæгъдзыстæм: айс! Иннæ къух сæм бадаргъ кæндзыстæм æмæ сæ æрдомдзыстæм: радт, Иунæг Аллахæй мын лæвæрдгонд чи у, уый!

Кæйдæр æхситт фæцыд, æмæ сæ хъустæ фæхъил кодтой уынаффæгæнджытæ.

«Ма бафынæй уæд хъарагъултæ!» — Размæ ралæууыд æмæ лæмбынæг ныккаст Раздзог талынджы.

Дыууæйæ йæ æрбахастой æмæ йæ арты фарсмæ æрæппæрстой, голлагау.

Æхсæвы тарау, сау нымæты уыдис тыхт, æддæмæ дзы ницы зынд. Джихæй йæм кастысты, чи йæ æрбахаста, уыдонæн се ’взæгтæ ныххаудтой.

Æрæджиау банкъуыст уæйлаг нымæт, адæймаджы сæр дзы разынд. Басылыхъхъæй тыхт уыдис æмæ йæ цæсгом нæ зынд.

Нал фæбыхста Раздзог æмæ афарста:

— Чи у, цы йæ хъæуы?

— Æмæ йын чи цы зоны, — сындæггай дзуры хъарагъултæй сæ иу.

— Ау, Чæлхи, къодахау æй де уæхскыл æрбахастай æмæ чи уыд, уымæй йæ нæ бафарстай?

— Æгомыг у, æнхъæл дæн!..

— Куыд загътай?

— Гоби у, дзурын нæ зоны!.. Кæйдæр къæбæда лæппу!..

— Лæппу, зæгъыс?..

— О!.. Æгæр рог уыд æмæ йæ уымæй базыдтон, уыййеддæмæ дзургæ ницы скодта!

Дыккаг рахæцыд йе ’мбалы сæрыл:

— Æртхъирæн дæр æм кодтам, фæлæ йæ дзыхыл цъутта сæвæрдта.

Малсæгты Тепса афарста цымыдисæй:

— Чердæм цыд ацы къæбæда?

— Комкоммæ махæрдæм!.. Цыма барæй баппæрста нæ къухты йæхи!..

— Аллах, ды нын баххуыс кæн... Уæ къухты барæй йæхи баппæрста æмæ йæ дзых ныххуыдта?

— Фистæг уыд? Хæцæнгарзæй йæм ницы уыд?

— Махмæ фистæгæй æрбацыд. Хæцæнгарз æм нæ уыд.

Уалынмæ «къуыбылой» йæхиуыл рахæцыд æмæ Бæтæхъойы ’рдæм цухмухгæнгæ рацыд. Фергъуыйау ис, фæлæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд.

— Цы ралли-балли кæныс æхсæвыгон, кæйдæр къæбæда?

Тепса Раздзог æмæ æнæзонгæйы æхсæнмæ йæхи байсынмæ хъавыд, фæлæ нымæтджын, калд бæласау, ацух-мух ласта æмæ Бæтæхъойы риуыл бахауд.

— Дада! — сирвæзт дзы иронау.

Æрвдзæфау фесты Тепса æмæ Алхаст. Раздзог та кæлдымау лæууыд æмæ, йæ цонгыл хæцъилау чи æрдыдагъ ис, ууыл узæлыд:

— Зарæ!.. Цы дæ схаста æхсæвыгон ардæм, мæ чызг!..

— О Аллах, дæ бон бирæ у, уыййеддæмæ ныртæккæ ардæм Фурки дæр не стахтаид! — йе тæрттæ уæлæмæ сдардта Алхаст.

Раздзоджы уæрджытыл æрæнцой кодта æмæ сæнттæ цагъта чызг:

— Дада! Дада!.. Æрбалæбурдтой Брутмæ!..

Бæтæхъойæн йæ туг йæ къæмисæнтæм адæргæй ныццавта.

— Чи æрбалæбурдта Брутмæ? — афарста.

Алхаст æмæ Тепса сагъдау лæууыдысты.

— Æрбалæбурдтой Брутмæ. Нæлгоймæгтæй дзы ничи уыд... Есенаты Гуыцыры йеддæмæ!.. Хъуыбады сын иунæгæй цы бакодтаид!..

Йæ басылыхъхъ ын райхæлдта æмæ та йæ афарста:

— Чи æрбалæбурдта?

— Æрбалæбурдтой!.. Акодтой сæ бастæй!..

— Кæй акодтой бастæй? — Ныдздзынæзта йæм.

— Хъуыбады ралæууыд иунæгæй сæ размæ!.. Ницы сын бафæрæзта! — тыххæй ма улæфыд.

— Кæй акодтой сæ разæй, кæй?

— Уалынмæ Болат æмæ Хæмæт æрбахæццæ сты, фæлæ!..

— Фæлæ цы?

— Æртæйæ æнæхъæн æфсады ныхмæ цы бакодтаиккой!.. — Йæ сæр иуырдæм ахаудта æмæ йыл мæрдгъуыз бафтыд.

— Ракæс-ма! Ракæс-ма!.. — Æнæхъуаджы ма йæм сидтис. Нал хъуыст чызгмæ зæронд лæджы уынæр.

Тепса æмæ Алхаст джихæй кастысты, нæлгоймаджы дарæсы сæм чи æрбафтыд, уымæ.

— Дон! — фæхъæр ласта Бæтæхъо.

Йæ цæсгомыл ын дон æркалдтой, йæ къæмисæнтæ йын сæууæрстой æмæ æрæджиау ракаст йæ цæстытæй.

— Акодтой сæ!.. Бастæй сæ сæ разæй атардтой! — ныхъхъæрзыдта уый æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты.

— Табу Хуыцауæн, ныр ын кæд ницы уаид... Уадз æмæ кæуа, мах та йæм æнхъæлмæ бакæсæм, — дзуры Алхаст.

— Сбастой Хæмæт æмæ Темырболаты... Цомианы æд сабитæ сæ разæй атардтой... — хæкъуырцц кодта чызг. — Тагъд Сауадагмæ лидз, зæгъгæ, дзырдта ма Темырболат Хæмæтæн, фæлæ йæ мæцъисæй фæцæф кодтой, æз Æрфæныл абадтæн æнæсаргъæй æмæ ралыгътæн.

— Æрфæны цы фæкодтай?

— Уæлбæхæй куы нæ раирвæзтаин, уымæй тарстæн æмæ йæ сыздæхæнæй фæстæмæ ауагътон... Афонмæ Брутмæ бахæццæ ис!..

Кæцæйдæр ололийы уасын æрбайхъуыст.

— О Хуыцау, ды ма ныббар тыхгæнæгæн йæ тыхмитæ! — уынæргъы Тепса.

— Бындурзылд нæ хъуамæ скæной хъазахъхъы!

Бæтæхъо дурдзавдау бадтис.

«Цымæ Гæба кæм ис!» — ферттывта йæ сæры. Чидæр артдзæсты цурмæ æрбалыгъд, цæцæйнаг æмæ мæхъхъæлон фестъæлфыдысты, фæлæ Раздзог нæ фезмæлыд уæддæр.

«Ноджы та фыдуац». — Хъуыды кæны артмæ кæсгæйæ.

— Фæдисон Урус-Мартанæй! — ныхъхъуыст дадамæ.

— Цы хабар æрхаста? — афарстой уайтагъд.

Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, Зарæйы дзыккутыл узæлыд зæронд дада.

—...Атардтой сабитæ æмæ сылгоймæгты хъазахъхъ сæ разæй!.. Баззад Дзæрæхохты артдзæст афтидæй!

Цыма йыл тæвд цæхæр ауагъдæуыд, уыйау базмæлыд Бæтæхъо.

Чызг æй афарста:

— Дада, цы кодтай?

Чызгмæ ницы сдзырдта, æрдæбон цы куыдзы комдзагæй дзырдтой, уый барста йæхимидæг. Ноджы та æрбадзырдтой:

— Назранæй фæдисон!

Йæхимидæг базмæлыд, цыма йын йæ фæсонты туас нытътъыстой.

— Дада, фæрыстæ? — афарста та йæ чызг.

Тепса æмæ Алхаст æгомыгæй бадтысты, Раздзоджы уынаффæмæ æнхъæлмæ кастысты. Йæ бон дзурын нал уыд уымæн, æгомыгæй уынаффæ кодта йæ хæлæрттимæ. Ныхасмæ сылгоймаджы тæфтыл нæ фæуадзынц, фæлæ ныр чызг-фæдисоны аиуварс кæнын никæй зæрдыл æрлæууыд.

Бадтысты, æгомыгæй уынаффæ кодтой æртæ сæргълæууæджы.

Малсæгты Тепса. «Æвзæр барæг, дам, йæ бæхыл йæ бон нæ цыд æмæ йæ саргъы надта».

Дзæрæхохты Алхаст, Тепсамæ фемдзаст уæвгæйæ: «Раст зæгъыс, Тепса! Нæхимæ нын не ’рбаххæстысты æмæ нын нæ бинонты сбастой бæндæнæй».

Æлдадты Бæтæхъо, артдзæстмæ кæсгæйæ: «Цыфыддæр бон ныл ныккодта! Райсом, чи зоны, æнæхъæнæй сбæттой Урус-Мартан, Назран, Бруты. Æгас Цæцæн-Мæхъхъæл — Иры сабиты уæнгтæ!»

Малсæгты Тепса, йæ цæстыты мигъ æмбæхсгæйæ: «Ды алыхатт дæр раст вæййыс, Бæтæхъо! Æрдæбон мæ коммæ куы бакастаис, уæд кусæрттæгтау хъуамæ сæргæвстаиккам, нæ къонатыл цы «куыдзы къæбæр» баивынмæ хъавыдыстæм, уыдоны!» Дзæрæхохты Алхаст: «Æмæ баззадаиккам афтидæй».

Раздзог, Тепса æмæ Алхасты цæстæнгасæй баргæйæ: «Мардæрцыд уый у, уыцы „комдзаг“ æгæр чысыл кæй у æмæ дзы æгас Цæцæн-Мæхъхъæл — Иры сæрибардзинад кæй нæ балхæндзыстæм!»

Æхсæвы цъиуы уасынмæ хъуыдытæ ныппирæнгæмттæ сты.

Дзæрæхохты Алхаст, йæ сæр æркъул кæнгæйæ: «Дæ уат куыд у, дæ къæхтæ, дам, афтæ адаргъ кæн, Бæтæхъо!»

Æлдадты Бæтæхъо, комкоммæ: «Кæцы къухæй баппæрстæуа куыдзы хъæлæсмæ къæбæр?.. Кæцы цонг рауæлдай чындæуа?» Тепса, йæ хъуынджын худ йæ ныхыл арф æрсадзгæйæ:

«Ацы цъаммар джауыртæ бынæттон адæмимæ дзурын сæ сæрмæ дæр куы нæ хæссынц, уæд цы бачындæуа?..»

Æлдадты Бæтæхъо: «Кæй арвыстæуа Дзæуджыхъæумæ?.. Чи баивдзæн куыдзсайæн къæбæр артдзæстытыл?»

Чызг-фæдисон Раздзоджы цæстытæм ныккомкоммæ ис. Хъахъхъæнджыты къухты æхсидæвтæ тыбар-тыбур кодтой. Мардыл кæуæгау, уынæргъыдта æхсæвы цъиу.

Алхаст растад æмæ йæ хъуыды æргом дзуры:

— Алхаст ацæудзæн Дзæуджыхъæумæ æмæ уый баппардзæн хъыхъхъаг куыдзы хъæлæсмæ комдзаг.

— Ды куы ацæуай, уæд æз дæр мæхи къахæй хъуамæ ацæуон, — дзуры Раздзог.

— Уый цæмæн зæгъыс? — афарста цæцæйнаг.

— Фæстæмæ нал сыздæхдзынæ æмæ уымæн.

Хуыцаумæ кувæгау, дзырдта Алхаст:

— О Аллах, фехъуысæд дæм мæ сидт!.. Кæд мæ зæронд сæры къуыдыры хыгъд артдзæстытæ ссудздзысты, æмæ сабиты ссæрибар кæндзысты, уæд иу лæджы цæрæнбонтæ цы сты!.. Дзæрæхохты мыггаджы бындар æз нæ дæн, хъомыл ма сæм кæны нæлгоймæгтæ!

Цæхгæр алыг кодта Раздзог:

— Доны къусау, фесæфдзæн дæ сæры къуыдыр!

Тепса узæлы Раздзоджы уæрагыл:

Дырыл, æз ныццæудзынæн æмæ здæхгæ дæр æрбакæндзынæн.

Йæ сæр та банкъуыста Раздзог:

— Цæугæ, ай-гъайдæр, ныккæндзынæ, фæлæ здæхгæ — нал!

— Уæдæ ма цы чындæуа?

— Дада, — се ’ртæ дæр фестъæлфыдысты чызг-фæдисоны сидтмæ. — Дада, — йæ хъæлæс рызтис. — Кæддæр нын иу аргъау ракодтай... Нæлгоймæгтыл рæхыстæ сæвæрдтой, дзырд чи бахастаид, уый нал уыд æмæ сылгоймаг ныккодта йæ сæрыл минæвары худ, аргъау кодтай... Хъуыды ма кæныс, дада?

Æвиппайды Раздзоджы зæрдæ цыдæр фелхыскъ ласта. Чызджы цонджыхъул дæрзæг армæй фелхъывта. Æвæццæгæн та æрдæбонау сæнттæ цæгъды, зæгъгæ, ахъуыды кодта æмæ йын ницы загъта.

— Æз фæхæццæ кæндзынæн Дзæуджыхъæуы хицæуттæм дæ фæдзæхст, дада, — уыцы иу æппæрст скодта чызг.

Цыма йæ судзгæ бакодта, уыйау ын феуæгъд ласта йæ цонг:

— Сау бон ныл нæма ныккодта! — тыххæй райхъуыст йæ гуым-гуым.

Тепса æмæ Алхаст фæлиуырдтой.

— Бындзагъд нæма систы цæцæны нæлгоймæгтæ!

— Мæхъхъæлы дæр нырма бирæ ис худдарджытæ!

Басылыхъхъ йæ сæрыл æрбатыхта, арт басхъаудта æндзарæнæй чызг:

— Худдарджытæн уыцырдæм ис фæндаг, фæстæмæ — нал!.. Сылгоймагыл та — ирон æмбисонд афтæ зæгъы, — куыдз дæр нæ рæйы...

Худдарæг чызг-фæдисонмæ фæкомкоммæ ис Раздзог.

Куыд тагъд рахъомыл ис Алæгаты Темырыхъойы чысыл чызг. Бирæ рауад, зад хуымы-иу æй йе уæхскыл куы рахæсс-бахæсс кодта, уæдæй нырмæ?.. Царды цъыкк-цъыккы рæстæг кæуылты ивгъуыйы, уый нæ фиппайы. Ныр ма йæм бакæс... басылыхъхъ йæ сæрыл стыхта, фæдисоны зынвæндаг йæ фæсчъылдым фæуагъта æмæ худджынтæн се уæнгтæ куы сбастой хъазахъхъ, уæд минæвары худ йæ сæрыл ныккæнынмæ хъавы.

Чызг-фæдисоны фæстаг ныхас сфæлхат кодта:

— Сылгоймагыл та куыдз дæр нæ рæйы.

Цæцæйнаг æмæ мæхъхъæлон сæ уæлхъус слæууыдысты.

Малсæгты Тепса дзуры:

— Æгæр схъыхъхъаг ис куыдз æмæ сылгоймагыл дæр нæ бацауарддзæн!

Алхаст ныллыг ласта хъуыддаг кæронмæ:

— Раст зæгъы Тепса! Куыдз æгæр схъыхъхъаг кодтам. Раст у, куыдз сылгоймагыл нæ хæцы, фæлæ Лорисы-фырт ныр, йе ссыртæй кæй срæмпъуза, уый агуры.

Чызджы ныхас та райхъуыст:

— Мамсыраты Темырболат, дам, сæхицæй у, фæлæ ууыл дæр нæ бацауæрстой æмæ йын йæ къухтæ ныббастой. Уый дын нæлгоймаг æмæ худджын.

Раздзог æгомыгæй бадтис, æхсидæвтæ къæрцц-къæрцц кодтой, чызг-фæдисон лæгъстæ кодта:

— Дæ фæдзæхст бахуын кæнынæн стыр хъару нæ хъæуы, дада!

Æхсæвы цъиуы уынæргъын та æрбайхъуыст, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма уый уыдис маргъы уынæр нæ, фæлæ, хъазахъхъ сæ разæй кæй атардтой, уыцы сабиты кæуын.

Куындыхаты Муссæ та æрбалæууыд йæ зæрдыл.

«Уадз æмæ йæ уæрагæй уæлдæр ма скæлæд туджы зæй!.. Уадз æмæ бахъуыды бон йæ сæрты рахиз-бахиз кæна!»

Цы йæм дзуры Алæгаты Темырыхъойы чысыл чызг?.. Цы йын уынаффæ кæнынц йæ хæстон æрдхæрдтæ — Алхаст æмæ Тепса?.. Ау, ахæм нарæджы сæ бакъуындæг кодтой джауыртæ æмæ сын фæстæмæ раздæхæн нал ис?

Бæхыл абада æмæ Скъуыдкъохмæ ныддыма йæхæдæг? Æмæ цы рауайдзæн стæй уымæй?

Зоны йæ: Скъуыдкъохы дуæрттæ йын йæ разы уæрæх байтындздзæн Тæгиан-æлдар, фæлæ фæстæмæ куы здæха, уæд ма йын сæ байгом кæндзæн?

Чи йын цы зоны!

Фæстаг уынаффæ Раздзогмæ хаудта, уый та æгомыгæй бадтис. Тепса æмæ Алхаст дзуапмæ æнхъæлмæ кастысты, фæдисонæн цы дзуапп ратдзæн, уымæ.

Æрæджиау сдзырдта:

— Ныртæккæ минæвары æвзаг нæ акæрддзæн махæй уыдоны æхсæн. — Зарæмæ фæкомкоммæ ис. — Уæлдайдæр та чызг-фæдисоны æвзаг... Уый ныр хъæдгомыл цæхх айзæрынæй хъауджыдæр нæ уаид.

Дзæрæхохон бафиппайдта:

— Райсом цы уыдзæн, уымæн Иунæг Аллах йæ дæсны!.. Мыййаг, фадат нæ къухæй куы аивгъуыйа!..

— Æмæ хъуыддагæн куы ницыуал ахъаз фæуой фондзыссæдз сæры къуыдыры дæр! — снывæста йæ хъуыды Тепса.

Чи ацæудзæн райсом Дзæуджыхъæумæ?.. Уосмæн кадджын Муссæйы сиахс у æмæ уымæ ницы тавиц бахæссиккой, фæлæ ам нæй.

Йæ хъуыдытæ чердæм аивылдысты, йæ уынаффæ дæр уыцырдæм».

— Æгæр ныддаргъ ис Уосмæн æмæ Темырыхъойæн сæ балц!

Чызг-фæдисон фембæрста уыцы ныхæсты мидис:

— Чи йæ зоны, кæд æрбаздæхдзæн Уосмæн Кæсæгæй!..

— Куы æрбаздæха, уæддæр цы ахъаз фæуаид!..

— Науæд цæугæ кæд акæнид йæ каистæм!.. Æнайæн та ныртæккæ йæ фырты фæдыл æнæцæугæ нæй, кæнæ Скъуыдкъохмæ, кæнæ та Дзæуджыхъæумæ!.. Æнайы кæлмæрзæн уый хуызæн арт нæ ныннымæг кæндзæн!..

— Æнаимæ æз дæр уаин... Мемæ та дæ фæдзæхст, дада!..

«Кæм ис Гæба, куы никуы зыны, уæд!.. Сабиты хабар ма фехъусæд æмæ Брутмæ ма ныддымæд!.. Уæд та сын ноджы иу комдзаг!»

Æхсæвы цъиу та ныссыллынк кодта сæ сæрты. Тепса æхсидавмæ фæлæбурдта æмæ йын æй йæ фæдыл фехста:

— Паддзахы мæрдтыл фæку, хæлæттаг!

Зыдта йæ Раздзог: фæдисы арт чи ссыгъта, уый сæры къуыдыр домдта ныртæккæ Лорисы-фырт, æмæ æндæр искæй ныццыдæй нæ ’рысыстаид йæ маст. Ай-гъай, Тепса æмæ Алхасты æрбахурх кæнынæй дæр аныхид йæ зæрдæ, фæлæ уый ныртæккæ Раздзоджы халас сæр домы, Æлдадты Бæтæхъойы уд.

Æбæрæг ранмæ каст, афтæмæй загъта тызмæг хъæлæсæй:

— Минæвар сæм кæй арвитæм, уымæн йæ къубал ралыг кæндзысты ацы джауыртæ! — йæ кард фелвæста. — Уый тыххæй сæм мах дæр минæвар кæндзыстæм мæнæ уый!.. Уый зæлланг нæ ныххурх кæндзысты, уымæн нæ акъуырдзысты йæ къубал!

Æртæ карды дзуарæвæрд аисты æмæ æндоны зæллангмæ йе уæнгтæ барызтысты чызг-фæдисонæн.

— Куыд кæндзысты сабитæ?..

«Куыд кæндзыты сабитæ?.. Куыд кæны Кавказ, йæ туг куы тæдзы, уæд?.. Хицау Раздзоджы сæр домы. Чи ацæудзæн райсом Дзæуджыхъæумæ?»

— Тох! — ныррыхыд уый.

— Тох! — сфæлхат кодтой йе ’мбæлттæ.

Чызг-фæдисон йæ нымæты мидæг нымпылд. Æхсæвы цъиу нал уасыд. Æрвгæрон фæбæлонгъуыз, арты рухс уыйбæрц нал æрттывта.

Нымæты счъилы кæмдæр сау дзыкку рацагуырдта, йæ уырзæй йæ аууæрста:

— Хуыздæр бон нæ никæуыл ис, мæ чызг!..

Кард ныссыдта, æндон та ныззарыд кæрддзæмы.

— Зонæд паддзахы фæсдзæуинтæ: мах сын лæгъстиаг не стæм æмæ сылгоймаджы кæлмæрзæнæй туджы æрхæмтæ мæрзæн нæ сараздзыстæм.

Скæсæн туджы сæвдылд, Раздзоджы хъæлæс нæры нарæг комы:

— Мæ халас сæр домы Лорисы-фырт?.. Ныххæсдзынæн æм æй!.. Æз ныццæудзынæн Дзæуджыхъæумæ!.. Æз ныххæсдзынæн уырдæм куыдзфæсайæн къæбæр!..

— Уый ма бакæн, Раздзог!

— Уый не ’рцæудзæн, Бæтæхъо!.. Дырыл, не ’рцæудзæн!

— Хæхты нæ ныппардзысты хъазахъхъ хъоргъы мидæг, — дзырдта Бæтæхъо. — Уыдоныл нæ сæвæрдзысты гуыдыр, сабитыл куыд сæвæрдтой, афтæ!.. Уадз æмæ мæ халас сæрыл асæтта кард, кæд æнустæм бамыр уаид Кавказы цыргъаджы зæлланг.

Цыртытау лæууыдысты мæхъхъæлон æмæ цæцæйнаг. Æхсидæвтыл æртхутæг сбадт. Чызг-фæдисоны сæр адаудта дада йæ хъæбæр уырзтæй:

— Кæд Уосмæны Бруты ныййафай, уæд ын зæгъ... — чысыл ферхæцыд, стæй загъта: — Уæд ын зæгъ, йæ каис тыхджын у... Тæгиан-æлдар фæрæзджын у æмæ, зæгъ, сабиты сæрыл ма асæттæд цыргъаг!..

Хъарагъулты хъæлæба æрбайхъуыст, æгомыг уынаффæ фæсыкк ис. Хъуыддаг æндæрырдæм фæзылд æмæ нал бахъуыд Раздзоджы Дзæуджыхъæумæ цæуын.

***

Æрчъицыдта Иван Орлов. Зынæй байгом сты йæ цæстытæ. Уыны: йæ сæрмæ арвы къусыл туджы æртæхтау спырх сты стъалытæ. Бæстæ цавæрдæр мæрдон сабыр ныцци. Æрмæст ма хъустæ гæзæмæ ахсынц, сылгоймаджы ивазгæ хъарæгау, доны сæр-сæр.

«Кæм дæн?» — уыцы æвирхъау хъуыды, хъæсдарæджы бын цæвæджы зæллангау, нырдиаг кодта сæры магъзы. Рабадыныл ацархайдта, фæлæ йыл, цыма уæлийæ хох ракалд, уыйау цыдæр уæззау ныффæлдæхт, фезмæлын æй нал уадзы. Ацархайдта. Рахиз къух сисын йæ бон нæ баци. Галиуæй æрысгæрста...

«Уый цы у? Сæр... Цæсгом... Лæджы гуыр...»

«Чи у?»

Æнæнхъæлæджы ныссæххæтт кодта Орловы зæрдæ.

Æрымысыд. Сауададжы нарæг фæзилæны фæныхæй-ныхмæ хохагимæ. Кæрæдзимæ кардæй лæбурынтæ систой. Иу иннæйы уд хъуамæ аскъуына. Фидар цонджы хицау уыд хохаг. Хуыцау æй зоны, цæуыл фæуыдаид сæ тохы сæр, хъазахъхъаджы нæмыг куы нæ суадаид хохагыл, уæд. Хохаджы къухæй кард ахауд. Орлов æй, æрцæвон куыд загъта, афтæ — диссаг! Хохаг саргъæй иу схъиуд фæкодта, цæргæсау йæхи ныццавта Орловыл æмæ йæ йæ разæй ахаста былæй.

Ныр бамбæрста Орлов, айнæг дурау ыл чи ныффæлдæхт æмæ йæ уæдæй нырмæ удхарæй чи мары, уый уыцы хохаг кæй у. Æмæ ныр сæ дыууæ дæр, дæларм-уæларм хæцгæйа хуыссынц, æхсæвы сау хъæццулы бын дыууæ знагау нæ, фæлæ дыууæ адджын æрдхордау, цыма сæ иу иннæйы райхъал кæнынæй тæрсы, уыйау.

Исдуг ацархайдта Орлов хохаджы иу фарс аппарыныл. Фæлæ цонджы тых асаст... Цæнгтæ, хур боны кæрдæджы халау, слæмæгъ сты... æмæ йæ бон фезмæлын нæу, цыма йын исчи дзæбугæй йæ астæуыстæг дурæй дурмæ цъæлтæ кæны, уыйау æнахъинон рыст кæны астæу. Гуыз-гуыз кæны сæр, йæ уд ын ласы рахиз цонг. Ныр бамбæрста Орлов, комы цыргъ дуртæм йæхи кæй æрхаста, æмæ уæдæй нырмæ мæлæт йæ уæлхъус кæй бады.

— Гъей, исчи! — ныхъхъæр кодта Орлов, фæлæ йæ хъæр йæхицæй дарддæр нæ айхъуыст.

Бамбæрста йæ царды фæстаг минуттæ кæй æрхæццæ сты. Знон ыл хур аныгуылд, фæлæ райсом кæй нæуал скæсдзæн.

Афтæ йæм фæкаст, цыма комы къæдзæхты фæрстыл йæ цæссыг калгæ, цы дон уайы, уый сæр-сæр нæ хъусы, фæлæ дард Тамбовы губернийы Весоловскы хъæуы кæройнаг мæгуыр хæдзары кæрты æрттæдæлармæй лæууы йæ ныййарæг мад æмæ, йæ цæссыгкалгæ, марой кæны йæ хъæбулы сæфтыл.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: