Мамиаты Хъарадзауы хабар




III

Бынæттон таурæгътæ бадзырдон уагыл ис æртæ хайыл адих кæнæн: 1) æгъдау, 2) мыггæгты равзæрд æмæ тох, 3) куырыхон лæгты таурæгътæ.

Æгъдауы таурæгътæ, чи зоны, нывыл термин нæу. Уый у уæрæх æмбарынад, иу кæны, адæмы философон-этикон зондахаст æмæ фæтк чи æвдисы, ахæм уацмыстæ. Уыдон та иу кæнæ иннæ хуызы баст сты æгъдауимæ — æхсæнадон кæнæ моралон æгъдауимæ. Уыцы таурæгъты сюжеттæ райрæзынц царды фæткон уавæртæй æмæ февдисынц æгъдау халын кæнæ йæ хъахъхъæныны фæстиуджытæ. Цæвиттон, «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» сюжет арæзт у, уазæджы чи куыд буц кæны, уый бындурыл. «Седанаты мæсыг» нын æвдисы, мад, уазæгуаты сæм цы туджджын æрбахауд, уый йæ фырттæй куыд хъахъхъæны, уыцы хабар, — уый дæр æгъдау уыд. Пируз гадзрахатæй рацыд йæ адæмыл, æмæ йыл хъоды бакодтой («Хуыцауы азар»). Базыргантæ амардтой иунæджы, сæ фыдракæнд рахъæр ис, æмæ сæ йæ ингæны уæлхъус адæм амардтой. Мзораты Мзор Терк-Турчы рæгъау сусæгæй нæ ратæры, йæхæдæг сæм фæхабар кæны, — уый дæр æгъдау уыд, рыцары намысы фæтк. Афтæмæй ацы уацмысты къорд, хуыздæр ном сын кæй нæма ис, уый тыххæй схонæн ис æгъдауы таурæгътæ.

Адæмы егъау сфæлдыстадон хъомысæн иууыл ирддæр æвдисæн сты ацы таурæгътæ. Парахат у сæ мидис, бирæфарсон — сæ тематикæ, бæрзонд æмæ зæрдæисгæ — сæ аив конд. Уыдонæй бирæтæ лæууынц «Декамерон» æмæ ренессансы новеллæты æмрæнхъ. Сæ нывæсты æрдзон уагыл баиу зæххон æцæгдзинад æмæ сфæлдыстадон фантази, хуызджынæй нын æвдисынц царды алыхуызон фæзындтæ. Уыдоны ныхæй-ныхмæ лæууынц хорз æмæ фыд, уарзт æмæ хæрам, раст æмæ зылын, сыгъдæг æмæ чъизи, зонд æмæ гуымиры тых. Фæуæлахиз вæййынц æдзухдæр рухс тыхтæ, рæстдзинад, намыс. Раргом вæййы æцæгдзинад. Æфхæрд æрцæуынц хæрамхæссæг тыхтæ. Афтæмæй нæ хæлы æрдз æмæ царды гармони. Уый у адæмон философийы бындур. Дзаг сты, ацы таурæгътæ куырыхон æмæ уæздан хъуыдытæй, уыдон нын æвдисынц адæмы зонды рухс, йæ зæрдæйы фидауц.

Нæ адæмы истори зонынæн ахъаззаг æрмæг дæттынц мыггæгты таурæгътæ. Уыдон баст сты мифтимæ, историон цаутимæ, бынæттон быцæутæ æмæ хабæрттимæ. Бæстон сæ зыны хицæн мыггæгты равзæрд, сæ цæрæнуæттæ куыд æмæ цæй тыххæй ивтой, уый аххосæгтæ. Сæ тох фылдæр хатт уыд зæхх æмæ æндæр исбоны фæдыл. Мыггæгты хæрамыл æфтыдта туг исыны æгъдау дæр. Адæм-иу сæ цæрæн бынæттæ ныууагътой æлдæрттæ æмæ æддагон тыхгæнджыты азарæй дæр. Знæгтæ æмæ туджджынты тæссæй ивтой сæ мыггæгтæ — иутæ-иу райстой ног, æрымысгæ мыггаг, иннæтæ-иу сæхи схуыдтой, йæ бæрны сæ чи бакодта, уыцы тыхджын мыггагæй, æндæртæ та — фыды номæй. Ахæм мыггæгты равзæрдæн ис реалон бындур. Фæлæ хицæн мыггæгты равзæрд баст у династион æмæ социалон идеологийыл. Уый та у иртасинаг хъуыддаг.

Алы мыггаг дæр архайы йæ равзæрд скадджын кæныныл. Таурæгътæм гæсгæ, ирон адæм равзæрдысты фондз мыггагæй: Цæразонтæй, Æгъуызатæй, Сидæмонтæй, Хъусæгонтæй, Цъæхилонтæй[45]. Уыдон та уыдысты ирон паддзæхты династийæ. Абайты Васо куыд сбæрæг кодта, афтæмæй Цæразон æмæ Æгъуызайы нæмттæ равзæрдысты Цезар (Цезарон) æмæ Августæй, ома сæхи хуыдтой Ромы императорты байзæддаг[46]. Уыдон уыдысты ирон (аланты) паддзæхты дыууæ династийы, алчидæр сæ хъавыд иунæгæй æлдариуæг кæнынмæ æмæ йæ фæндонæн агуырдта идеологон бындур — кадджын равзæрд. Мачъидон дуне байсынмæ куы хъавыд, уæд йæхи схуыдта Хуыцау Аммоны фырт, Чингисхан та — Хуры байзæддаг. Ирон «уæздæттæй» сæ таурæгътæм гæсгæ иу мыггаг дæр нæу хуымæтæг ирон адæмæй. Бадилатæ сæхи хуыдтой Мадзары уæздæттæй равзæргæ. (Адæм та сæ хуыдтой дзæгъæлзад гуырдзиаджы цот), Тæгиатæ — Сомихы паддзахы туг æмæ стæг, науæд цавæрдæр хан æмæ кæсгон æлдары чызджы цот. Куырттат сæхи Тæгиаты æмсæр кодтой, сæ фыдæлтæ Куыртта æмæ Тæгайы æфсымæртæ хуыдтой, фæлæ сæ Тæгиатæ афтæ нæ нымадтой, æмæ се ’хсæн цыд бирæ хъаугъатæ. Нары зылды тыхджын мыггаг Хетæгкатæ сæхи уæлдæр кодтой сæ сыхæгтæй, æмæ уыйадыл фæзынд, Хетæг кæсгон æлдары фырт кæй уыд, уыцы æмбисонд. Рагон таурæгъ «Хетæджы къох» у мифон, æвдисы кувæндоны фæзынд, уым Хетæг у бынæттон цæрæг, æмæ йæ кæд лæг хонынц, уæддæр æм ис дзуары æууæлтæ: зоны æппæт, уыимæ стъалыты æвзаг дæр, дæрæн кæны дæлимонты æмæ фарн хæссы адæмæн. Иу дзырдæй, Хетæг уыд ирон муртакк зæд. Кæсæгæй лидзыны хабар фæзынд æрæджиау, ир мæгуыр уавæрты куы бахаудтой, кæсгон æлдар кадджын куы сси, уæд фæзынд мыггагæн уæзданы бартæ райсыны сæраппонд. Афтæ кæй у, уымæн ма ис иу æвдисæн: Хетæджы цотæй алкæмæй дæр рацыд бæлвырд мыггаг (Нарон — Джиотæ, Мамиатæ, Дзанайтæ æмæ æндæртæ), Хетæгкатæ сæхæдæг сæ фыдæлæн йæ кæцы къалиуæй сты, уый бæрæг нæу[47]. Мыггаг гуырдзыйы паддзæхтæй уæзданы гæххæтт агуырдта, æмæ сæ æлдарæй равзæрды таурæгъ уæд бахъуыдаид. Мыггаг куы стыхджын æмæ скадджын, уæд бирæ мыггæгтæ сæхи хонын райдыдтой Хетæгкатæй. Хуымæтæджы не схуыдта йæхи уыцы мыггагæй Хъесаты Еба паддзахмæ минæвар цæугæйæ — хуымæтæг лæгимæ паддзах тæрхоны не ’рбадтаид. Афтæмæй зæгъæн ис, æмæ мыггæгты, таурæгътæ æвдисынц канд мыггагон ахастытæ нæ, фæлæ социалон тохы хицæн хуызтæ дæр.

Бæрцæй гыццыл, мидисæй ахадгæ сты куырыхон лæгты таурæгътæ. Æниу сæ нымæцæн ис фæфылдæр кæнæн, уымæн æмæ куырыхон, курдиатджын, дзырдарæхст лæгты хабæрттæ ис æндæр таурæгъты дæр. Адæм кæддæриддæр стыр аргъ кодтой зонд, æгъдау æмæ куырыхон ныхасæн. Таурæгътæ куыд фæзынынц, номдзыд лæджы цардимæ баст куыд æрцæуынц, уымæн æвдисæн — Къостайы таурæгътæ. Адæмы цæсты поэт афтæ кадджын у, æмæ уый йæ цыргъ зонды фæрцы лыг кæны стыр æхсæнадон æмæ паддзахадон хъуыддæгтæ. Санаты Сем хайджын у адæмы æнусон фæлтæрддзинадæй, зоны, цы уыд æмæ цы уыдзæн, уыдæттæ, — афтæ дзы таурæгътæ скодтой зæххон пехуымпар.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт таурæгъты нæй адæмы зондахаст. Таурæгъы идейон мидис вæййы, кæм, кæд æмæ цавæр социалон уавæрты сæвзæры, уымæ гæсгæ, стæй йæ чи дзуры, уый зондахастмæ гæсгæ дæр. Зондджын, дзырдарæхст, дæсны дипломатæй йæхи равдыста Томайты Мæхæмæт: иу уæздан æгъдау, иу цыргъ ныхасæй басаста мæсты адæмы фыдæх æмæ бафидауын кодта дыууæ комы («Мæхæмæты ныхас Нары»). Ахæм куырыхон нæ разынд Джергаты Датъи («Тибæмæ Нары быцæу»), кæд дзы таурæгъгæнæг хорз зæгъы, уæддæр: уый Нары адæмы фидауын нæ бакодта, фæлæ сæ æнæгъдау бафхæрдта. Ахæм тæрхонæн нæдæр растыл нымайæн уыд, нæдæр фидыдыл, — уый йæ фæдыл расайдтаид ног хæрам. Бæрæг у, ацы таурæгъ не срухс адæмы фарн æмæ зондæй.

Аивады алæмæт нын æвдисынц Хетæгкаты Гуыба æмæ Томайты Созырыхъойы хабæрттæ. Дзырд, æмбисонд æмæ таурæгъы цы тых ис, уый бæлвырдæй зыны Демыраты Кацойы таурæгъы.

***

Адæм арвы айдæн сты, — зæгъы таурæгъ. Арвы айдæн у таурæгъ йæхæдæг дæр, уым зыны дуне: йе сконд, йæ фæзындтæ, зынынц дзы адæм, сæ цардвæндаг, сæ хъуыддæгтæ, се ’гъдæуттæ, сæ зæрдæ. Таурæгъ у, дзыллæтæ цы сфæлдыстой, уыцы хæрзты хуыздæртæй. Уый фæлтæрæй фæлтæрмæ хастой мæлгъæвзаг, зæриндзых куырыхон лæгтæ, аив дзырдæй дзы нывæфтыд кодтой хъайтарты сгуыхтытæ, нæртон æгъдæуттæ, уæздан хъуыдытæ — адæмы фарн.

МИФОН ТАУРÆГЪТÆ

ÆРВОН ТАУРÆГЪТÆ

Хур æмæ Мæй

Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс кодтаид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къорийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын — уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы:

— Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уыдзæн боны рухсдæттæг, иннæ та — æхсæвы.

Дыууæ къоримæ Хуыцауы уынаффæ хорз фæкаст æмæ хуыссæнты сæхи æруагътой. Сæ иу схуыссыд фæлмæн пакъуы базтыл æмæ уайтагъд афынæй ис; иннæ йæ быны сындзытæ бакодта, цæмæй ма бафынæй уа æмæ райсомæй арвыл раздæр ферттива, уый тыххæй. Уыцы къори бирæ фæхæцыд æгъатыр хуыссæджы ныхмæ, фæлæ бонырдæм йæ хъару асаст, рæдзæ-мæдзæ байдыдта æмæ уый дæр бафынæй. Фыццаг къори хуыссæгæй бафсæст, рог æмæ тыхджынæй ссыди арвыл æмæ дунейыл тауын байдыдта хъарм æмæ цардхæссæг тынтæ...

Æрæджиау райхъал иннæ къори дæр. Скасти арвмæ æмæ федта йемæ ерысгæнæджы: уый бæрзондæй сæрыстырæй фæлгæсыди дунемæ æмæ уæлахизы цинæй уагъта цæхæр тынтæ. Уæд дыккаг къори фефсæрмы йæ хъысмæтæй, афæлурс, æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд арвмæ ссæуын, йæхи равдисын. Æрмæст фыццаг къори хæхты фæстæ куы фæаууон ис, уæд уый дæр ссыди арвыл æмæ акаст дунемæ ризгæ тæссонд тынтæй...

Уæдæй фæстæмæ арвыл кæрæдзи ивынц Хур æмæ Мæй.

Мæй

Иу мадæн уыд авд фырты. Иу хатт лæппутæ ацыдысты хос кæрдынмæ. Уыцы афон мадæн райгуырд ссырджын чызг. Авдæны йæ бабаста, йæхæдæг бавдæлд хосдзæуттæн хæринаг кæнынмæ. Сихор сцæттæ ис, æмæ мад йæхи рæвдз кæны уыгæрдæнмæ. Чызг уый куы базыдта, уæд дзуры йæ мадмæ, мæн дæр демæ акæн, зæгъгæ. Мад дисы бахауд æмæ йын афтæ зæгъы:

— Кæдæм мын цæуыс ды та, кæдæм фæхæццæ уыдзынæ?

— Ды кæдæм фæхæццæ уай, æз дæр уырдæм бафæраздзынæн цæуын, — дзуапп радта чызг.

Уæд хæринæгтæ хордзенты мидæг бæхыл бавæрдтой æмæ рараст сты.

Лæппутæ сихор куы бахордтой, уæд сæ хомæ дзурынц, ауай, бæхыл сахсæн авæр, зæгъгæ. Чызг ацыди, уæдæ цы. Рæстæг дæр цæуы, фæлæ чызг зынæг нæй, фæстæмæ нал здæхы. Æфсымæртæ тыхсынц, сæ зæрдæ йæм æхсайын байдыдта, ма фæдзæгъæл уæд, зæгъгæ.

Уæд æм кæстæр æфсымæр агурæг ацыди. Кæсы, æмæ чызг бæхы мард хæры, йе ’рдæг ын хæрд фæци.

Лæппу фæстæмæ æрбаздæхт æмæ дзуры йе ’фсымæртæм:

— Хорзæй баззайут, мæнæн уемæ цæрæн нал и.

Загъта æмæ ацыди. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ иу ран иу мæсыгмæ бафтыд. Мæсыджы бады сауцæст, саудзыкку чызг, йæ буар та миты хъæпæнау — урс. Чызг бацин кодта лæппуйыл, æмæ иумæ цæрынтæ байдыдтой.

Цыдысты афонтæ. Лæппу йе ’фсымæрты мысын байдыдта. Цы сты, куыд сты, уымæн ницы зоны æмæ æрæнкъард. Иу бон куы уыди, уæд сфæнд кодта уыдон бабæрæг кæнын. Чызг æй кæм уадзы, фæлæ куы базыдта, лæппу йæ фæнд нæ аивдзæн, уæд æй ауагъта. Радта йæм сигæц дур, сæрвасæн æмæ æвзалы, æмæ йын загъта:

— Зындзинады куы бахауай, уæд уыдонæй иу аппар, æмæ дын уый баххуыс кæндзæн.

Лæппу æрцыд йæ хъæумæ. Кæсы, æмæ хъæуы змæлæг нæй — ссырджын чызг сæ бахордта. Уый йе ’фсымæры куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад къæсæй, цинтæ йыл кæны æмæ дзуры:

— Кæм уыдтæ, мæ иунæг æфсымæр? Æз дæм æнхъæлмæ фæкастæн абоны онг. Ныр дæ æгайтма дзæбæхæй уынын, тагъддæр мидæмæ цом.

Лæппу бацыд хæдзармæ, бандоныл æрбадт. Уæд æм чызг фæндыр авæрдта æмæ зæгъы:

— Дæхи уал аирхæфс, æз мæ зилæнтæ акæнон. — Йæхæдæг къæбицмæ бауад æмæ йе ссыртæ цыргъ кæны. Куыддæр феддæдуар ис, афтæ къуымæй мыст рауади. Уый уыд мады уд æмæ дзуры адæймаджы хъæлæсæй:

— Лидзгæ кæн, мæ хъæбул, дæ хо дæм йе ссыртæ цыргъ кæны æмæ дæ хæрдзæни!

Лæппу фæстаг рудзынгыл агæпп ласта æмæ лидзынмæ фæци. Мыст фæндыры хъистыл гæппытæ кæны, æмæ чызг афтæ æнхъæлы, лæппу цæгъды фæндырæй. Йе ссыртæ хорз куы сдаудта, уæд хæдзары фæмидæг æмæ мысты куы ауыдта, уæд ыл фæхъæр ласта:

— Гъæ, джиауыр! Мæ комдзаг мын мæ дзыхæй фелвæстай! — Чызг мысты рацахста æмæ йæ аныхъуырдта, фæлæ мыст йæ фæстагæй агæпп ласта. Дыккаг хатт та йæ аныхъуырдта, æртыккаг хатт дæр, — уæддæр та афтæ. Уæдмæ рæстæг дæр цыд. Æрæджиау чызг сурын байдыдта æфсымæры. Баввахс æм æмæ йæм хъæр кæны:

— Мæгуыр мын дæ бон кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ?

Уæд лæппу аппæрста сæрвасæн, æмæ се ’хсæн февзæрд ахæм пыхс хъæд, æмæ дзы калм нæ абырыдаид. Чызг пыхс æхсынын байдыдта æмæ дзы йæхицæн фæндаг айгæрста. Баввахс та лæппумæ, фæлæ уый æвзалы аппæрста, æмæ се ’хсæн тар хъæд фестади. Чызг та хъæд æхсынгæ цæуы æмæ та феййафы йе ’фсымæры. Уæд уый аппæрста сигæц, æмæ се ’хсæн февзæрд бæрзонд хох. Чызг та хох дæр йе ссыртæй айгæрста, фæлæ уæдмæ лæппуйы йæ мæсыгмæ бирæ нал хъуыди. Йæ ус æм кæсы, æмæ лæппу мæсыгмæ куы ’рбахæццæ, уæд æм йæ къух æрдардта. Фæлæ уыцы сахат хо та æфсымæрæн йæ къахыл фæхæст. Афтæмæй йæ алчидæр йæхимæ ивазы арвæй зæххы астæу.

Быцæу кæнынц хо æмæ ус. Хо зæгъы:

— Уый ме ’фсымæр у æмæ мæн у!

Ус зæгъы:

— Уый дæу уыд, цалынмæ демæ уыд, уæдмæ. Ныр та мæн у!

Бирæ быцæу фæкодтой, стæй бафидыдтой афтæ: мæйы дæргъы лæппу дыууæ къуырийы уыдзæн хойы, иннæ дыууæ къуырийы та — усы.

Лæппу мæй фестад æмæ уæдæй фæстæмæ цæуы арвыл. Хойы къухы куы бахауы, уæд æй уый гыццылгай бахæры. Усмæ куы бафты, уæд та йæм уый базилы, æмæ йæ тыхы бацæуы.

Мæйхортæ

Раджы заман зæххыл цард фыдбылызы Самели. Уый адæммæ сфыдæх æмæ сын рахаста цæгъдыны тæрхон. Никæуыл ауæрста. Йæ фыдмитæ Хуыцауæн фæхъыг сты, арвмæ йæ систа æмæ йæ æфсæн рæхыстæй мæймæ бабаста. Мæйыл сау æндæргтæ уымæн ис.

Фæлæ Самелийæн баззад фырттæ æмæ уыдон къæбылаты хуызы ратæх-батæх кæнынц арвæй зæххы астæу. Бæрæг афон бахъавынц сæ фыды суæгъд кæнынмæ, сæхи ныццæвынц мæйыл æмæ йæ хæрынтæ сисынц. Мæй уымæн баталынг вæййы.

Ирон адæм дзурынц, Самели, дам, куы раирвæза, уæд адæмыл æрцæудзæн стыр фыдбылыз — хæрджытæ фестдзысты. Ахæм фыдбылызæй ирвæзт уыдзæн æрмæстдæр, Самели йæхæдæг кæмæй уыд, уыцы мыггаг. Иуæй-иу ирон мыггæгтæ сæхи хонынц Самелийы байзæддаг æмæ йын уыцы хорзæхы тыххæй æрвылаз кæнынц куывд. Æцæг уый ахæм куывд у, æмæ дзы нæ вæййы нæдæр чъиритæ, нæдæр æхсырфæмбал, нæдæр арахъ. Йæ кувинаг сты æрмæст луаситæ. Хæдзары хистæр ракувы, иннæ бинонтæ сæ хæйттæ хæрынц æнæдзургæйæ. Бинонтæй чи нæ у, уымæн дзы нæй хæрыны бар.

Авд хойы

Æмбырдтæ [1] цы стъалыты гуппар хонынц, уыдон кæддæр уыдысты авд хойы. Уыдонæй чи хуыздæр у, уый зæххыл ничи зыдта. Иу хатт куы уыди, уæд усгуртæ сфæнд кодтой чызджыты бафæлварын. Се ’ппæтæн дæр радтой æмхуызон куыст æмæ сын загътой:

— Йæ куыст уæ раздæр чи фæуа, уый уыдзæн уæ хуыздæр.

Чызджытæ бавнæлдтой, кæрдгæ-хуыйгæ кæнынц æмæ æхсæвæрафон уыцы иу сахат фесты сæ куыст.

Афтæмæй куынæ сбæрæг сæ хуыздæр, уæд сæ фæрсынц.

— Уæдæ цы хуызы ис, хуыздæр уæ чи у, уымæн равзарæн?

Уыдон загътой:

— Иунæг Хуыцау зоны, хуыздæр æмæ нæ æвзæрдæр чи у, уый. Фæлæ авдæй æмсæр кæй стæм, уый тыххæй нæ цæрæнуат уæд арвыл, нæ фæлгонц нын уынæд[48] адæм æмæ нæ рох ма кæнæд. Ноджы Хуыцауы уый бафæндæд, цæмæй немæ уой нæ сынтæджытæ.

Хуыцау сын сæ фæндон сæххæст кодта æмæ сын арвыл бынат радта.

Гуырдзыхан æмæ Бонвæрнон [1]

Раджыма-раджы, уыди, нæ уыди, уæддæр цардис ирæн сæ мад-паддзах, курдиатджын, хуыцауыуарзон, йæ ном хуынди Гуырдзыхан.

Уæды рæстæджы мит нæ уарыдис, æмæ хъулонæй, рæсугъдæй лæууыдис бæстæ. Фосы дзугтæн æмæ рæгъæуттæн уæд холлаг нæ хъуыдис, — иууылдæр уыдысты уæгъдыскъæрæны.

Бæстæтæ уыдысты нард æмæ æгæндæг: йæ хуыскъæл, йæ зæххы фæткъуы, йæ гæлгæт уыдысты къонайы дурты йæстæ æмæ мыды ад кодтой.

Гуырдзыхан цардис Хурбадæны хохыл [2]. Уым ын уыдис диссаджы хæдзар: йæ сæр — сæууон стъалыйæ, йæ бын — æргъæуастæрд, йæ фæрстæ — айдæнты æвгтæй.

Уырдæм-иу чи бацыдис, уый-иу суыргъуыйау ис, йæ сурæт-иу федта дзуарæвæрдау цыппар къулæй дæр. Уый йеддæмæ йæм цæлхвæндаг уыдис, æмæ йæм уæрдон тылди.

Уырдæм æм алыбон тахтысты зæдтæ æмæ дауджытæ, æмæ тæхгæ пакъуындзæтæ æмæ йемæ тæрхæттæ æмæ уынаффæтæ кодтой.

Бирæ фæцардис, цъус фæцардис, уый йæхæдæг зыдта. Иу къорд боны Гуырдзыхан фæфæнд кодта Стъамбулы сахармæ цæуын. Уым Бердзенты [3] паддзах Сау фурды мидæг æрцахста ахæм сыгъзæрин кæсаг, æмæ лæджы æвзагæй дзуры æмæ дæсны фæрсы. Йæ уæрдон сифтындзын кодта, йемæ йæ фæсдзæуинты зондджындæр æмæ рæсугъддæры — Харуйы — акодта, йæ лæгтæй та равзæрста æртæ базырганы [4] æмæ ацыдысты сæ фæндагыл.

Гуырдзыхан куы раст кодта, уæд фæдзырдта йæ къæбицы æфсинмæ æмæ йæм йæ хæдзары дæгъæлтæ иууылдæр радта. Уæлдай фæдзæхст ын бакодта аст дæгъæлы иу босыл бастæй. Уымæн уыдис аст æргъæу чырыны кæрæдзийы мидæг гуыдыртæй æхгæд. Æддаг чырын уыдис дынджыр чырын. Уымæн йæ хуылфы уыдис къаддæр чырын. Афтæ куыд мидæмæ — къаддæрæй-къаддæр. Се ’ппæты хуылфы чи уыди, уый уыдис лагъз, фæлæ йæ гуыдыр уыдис се ’ппæтæй фидардæр.

Загъта Гуырдзыхан:

— А, мæ иузæрдыг, мæ уарзон Къудза, æз дын мæ хæдзары дæгъæлтæ дæттын, æмæ ме ’рыздæхынмæ мæ бæсты ды уыдзынæ ам æфсин. Цы дæ хъæуа æмæ дæ цы фæнда, уыдон дæ бар. Æрмæст дæ кæд фæнды, æмæ мах дæр дзæбæхæй æрыздæхæм æмæ ды дæр ам æнæмастæй цæрай, уæд ацы чырынты дуæрттæ ма бакæн. Кæннод ды дæхæдæг раздæр фесæфдзынæ æмæ мах дæр фесафдзынæ, нал нæ фендзынæ.

Къудза баззадис йæ дæгъæлтимæ. Уайтагъд хæйрæг йæ быны бабырыдис æмæ йæ нал ныууагъта, смондаг æй кодта, уыцы чырынты цы æвæрæнтæ ис, уыдон фенынмæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы йæхи фæурæдта, стæй нал бафæрæзта æмæ уал æддаг чырыны дуар бакодта. Чырыны мидæг ницы разындис, йæхицæй къаддæр чырыны йеддæмæ. Иннæ дæр бакодта, æмæ уый дæр афтæ: йæхицæй къаддæр чырыны йеддæмæ дзы ницы разындис. Уыцы уагæй авд чырыны дæр бакодта, фæлæ сæ ницы разындис. Бахæццæ ис æстæм лагъзмæ, æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста: уый куы бакæна, уæд фыдбылыз уым ис, æмæ йæ куы ахæра æмæ йыл Гуырдзыханы дзырд куы ’рцæуа. Иннæмæй та йæ хæйрæг æрра кæны:

— Къудза, уыцы дуар куы бакæнай, уæд ды абаддзынæ Гуырдзыханы къæлæтджыныл паддзахæй. Гуырдзыхан куы ’рцæуа, уæд дæ бынаты уыдзæн, кæд дæ фæнда, уæд, кæннод æй фæсурдзынæ. — Бирæ фæчъис-хъус кодта, цъус фæчъис-хъус кодта, уæддæр æй хæйрæг басаста. Лагъзы дуар куыддæриддæр бакодта, афтæ Бонвæрнон фæпæррæст кодта æмæ арвыл абадтис, æмæ-иу цæстыфæныкъуылдмæ ставд пирæнгомæй мит уарын райдыдта.

Æдылы Къудза исдугмæ бандзыг ис, стæй куы ’рчъицыдта, уæд былæй рахаудис æмæ дæлæ дзæгъæл комы ныппырх ис.

Гуырдзыхан Кутаты [5] калакмæ æрхæццæ ис æртæ бонмæ йæ базыргантимæ. Уым сыл стыр пирæнгомтæй мит уарын куы байдыдта, уæд æй Гуырдзыхан базыдта, йæ бур Къудза йæ кæй фæсайдта æмæ миты бардуаджы — Бонвæрноны кæй ауагъта. Кутатæй фæстæмæ рафæдис кодтой. Мит сыл тыхджынæй-тыхджындæр уарыдис. Рацъмæ [6] куы ’рбахæццæ сты, уæд мит афтæ арф ныууарыдис, æмæ сæ бæхты рохтæм схæццæ ис. Уым сæм адæм æрхатыдысты:

— Мауал ацæут, мит уæ бæхты уæнтæм схæццæ ис, æмæ ам, махмæ, лæуут, цалынмæ схур уа, уалынмæ.

Уый нæ бакоммæ кастис æмæ ацыдис дарддæр. Загъта сын:

— Ацы хъæуæн абонæй фæстæмæ йæ ном уыдзæн «Он» [7], æмæ мит йæ бæхы уæнтæм схæццæ ис.

Уырдыгæй куы ацыдысты, уæд ноджы фыддæр æмæ фыддæр схъызыдис, æмæ ма Къуыдармæ схæццæ сты. Уым — бæхæй, лæгæй — ныссалдысты æмæ ныкъкъуыдыртæ сты. Уæдæй фæстæмæ уыцы бæсты ном байдыдтой хонын Къуыдар, ома Къуыдыр.

Хурбадæны хохæн йæ ном уæдæй нырмæ хонынц Бурсамдзели. Уый уый фæдыл, æмæ Гуырдзыхан йæ дæгъæлтæ куы лæвæрдта бур æмæ къутуйы ас нард усмæ, уæд ын Хару йæ хъусы бадзырдта: «Æз ыл не ’ууæндын, бурхил рувас дæ сайдзæн!»

Гъе уыдонæй цы ницы федтат, уæ рын, уæ сонæй дæр æндæр мацы фенут.

Бурсамдзели [1]

Тамар-паддзах уыди Бурсамдзелийы бинойнаг. Бурсамдзели лæг уыди æмæ царди хохы сæр. Йæ хæдзары хæлдæн йæ фæйнæджытæ сбутъро сты. Уыцы хох дæр хуыдтой Бурсамдзели. Йæ цъупп дынджыр фæз уыди. Фæз сырдты багайæ байдзаг. Уыцы рæстæджы мит нæ уарыд: Бонвæрнон ахст уыди Бурсамдзелийæн æмæ йæ чырыны нывæрдта. Йæ бæхты рæгъау Бурсамдзелийæн хызти Имереты [2].

Иу бон куы уыди, уæд Бурсамдзели сфæнд кодта йæ бæхты бабæрæг кæнын. Куы цыди, уæд йæ усмæ радта дæгъæлтæ æмæ йын ныффæдзæхста, цæмæй ма бакæна чырыны дуар, — кæннод мæ, зæгъы, фесафдзынæ.

Араст Бурсамдзели йæ бæхтæ уынынмæ.

Иу хæдзармæ æрфысым кодта, æмæ йын фысымты ус аходæн æрцæттæ кодта. Йæ сывæллон дуармæ бæгъæмзæнгæй рауади, фæстæмæ уайтагъд базгъордта æмæ дзуры:

— Нана, арвæй урс цыдæртæ хауы, æмæ дзы къæхтæ æмæ къухтæ сийынц.

Бурсамдзели бамбæрста: бæлвырд, ус стъалыйы ауагъта. Фестади, фынг иуварс авæрдта, йæ бæхыл абадт æмæ фæстæмæ раздæхт.

Иу ранмæ схæццæ, æмæ бæхæн мит йе сгуытæм схæццæ, æмæ уыцы бæстыл Сгуыми сæвæрдта. Иннæ хъæумæ куы схæццæ, уæд уым мит бæхæн йæ уæнтæм скалди, æмæ йыл сæвæрдта Оныкалак. Къуыдармæ куы ссыд, уæд уым йæ бæх амард, æмæ йыл Къуыдар сæвæрдта.

Уæд Хуыцауæн сбустæ кодта æмæ йæхи зæххы бын фестын кодта, зæгъгæ, мæ зæхх цъитиуат фæцис.

Тамармæ уыди искæйуæттæ. Хуыссæнтæ-иу хуры тынтыл куы аппæрстой, уæд-иу зæхмæ нæ хаудтой. Искæйуæттæй сæ иу Тамармæ æваст цыд бакодта. Тамар æмæ йæхи усæн лæппутæ райгуырди.

Райсом та хуры тынтыл аппæрстой хуыссæнтæ, æмæ хуыссæнтæ зæхмæ ’рхаудысты. Райсом сæ фæрсы:

— Чи мын сарæзта ахæм ми?

Уæд æм чи фæрæдыд, уымæн загъта:

— Далæ Цхетайы [3] сæрмæ цы ныв ис, уый мын кæд æрбахæссай, уæд мын лæгæн бæздзынæ, кæннод дæ фесафдзынæн.

Лæг æм куы ахæццæ, уæд Тамар скуывта Хуыцаумæ:

— Хуыцау, дон куыд раивыла æмæ йæ куыд фесафа.

Уæд фæкаст Тамар, æмæ дон дæлæмæ афардæг. Йæ искæйуæттæм дзуры:

— Мæ лæппуйы мын ма фенын кæнут. Ахæссут æй æмæ йæ доны баппарут!

Искæйуоны лæппу дзæбæх хъазынхъом фæци. Тамар æм бахæлæг кодта æмæ загъта:

— Афонмæ мæнæн дæр мæ лæппу афтæ уаид. Ох, мæныл цы рæдыдтæ æрцыди, уый никæуыл: фыццаг уыд, æмæ Бонвæрнон ауагътон, æмæ бæстæ зæйуат фæци; мæ лæджы фесæфтон, Бурсамдзелийы хуызæн лæг; аннæ уый, æмæ бæсты сой аласта дон; æртыккаг, мæ лæппуйы ма та цæуыл фесæфтон, мæ гуыбыны чи сæвзæрд, уый.

Искæйуæттæ йын загътой:

— Кæд ын ницы кæндзынæ, уæд дын æй фенын кæндзыстæм.

Уæд Тамар дæр бацин кодта йæ лæппуйыл, йæ хъæбысмæ йæ райста.

Лæппу загъта:

— Æй, нана, ам куыд хъармдæр у!

Уæдæй фæстæмæ баззад, мады хъæбыс адджындæр кæй у, уый.

Ахсахъ-Темур æмæ Лæдæртæ [1]

Раги, изæдтæ ма адæми хæццæ ку хаттæнцæ, уæд еу фуд лæг, Ахсахъ-Темур, зæгъгæ, сæ хæццæ хаттæй, зæнхон адæймаг уогæй. Бонæн æ еу афони ба ин донмæ æнæрцæун н’ адтæй.

Еци рæстæги зæнхæбæл ба цардæй авд æнсувæри, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уонæн ба тухæ кодта Ахсахъ-Темур, ’ма ку нæбал дзи фæразтонцæ, уæдта загътонцæ:

— Еу афони донмæ цæуй, ’ма Донбеттирæн лигъстаг æй. Цæуæн енцег æй схæссæн, кæд нæ уой тасæй ниууадзидæ. Кæд уомæй фæттæрса, æндæр лæгæй ба нæ тæрсуй. — Рандæ ’нцæ ’ма Донбеттирæй енцег схастонцæ.

Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд загъта:

— Бæрæг уодзæнæй, кæд æз Донбеттирæй фæттæрсон, уæд.

— Уой фæсте бацудæй æма син сæ енцег рамардта.

Лæдæртæ æрдеуагæгæнгæ ниццудæнцæ ’ма ин загътонцæ, ци цау сæбæл æрцудæй, уой. Донбеттир ба син загъта:

— Еу афони мæнмæ цæуй, æма ’й уæд марунмæ гъаветæ.

Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд нæбал ниццудæй донмæ, фал рандæй ’ма арви астæу сбадтæй. Дууæ урси ба æхецæн хъалаур ниссагъта.

Лæдæртæ ба, донмæ цæудзæнæй, зæгъгæ, фесуммæ донæрдæмæ цæун байдайунцæ. Ку фæррохс уй, уæдта ма ’й бæргæ исинунцæ ’ма имæ фæрраст кæнунцæ, фал син фæррохс уй, æма син рохси фесæфуй.

Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи

Æртхъирæны мæй фыццаг уыди æртын иу бон, стæй æртæ боны къаддæр фæци. Уыцы æмбисонд ыл æрцыди афтæ.

Иу аз Мартъи йæ фæуынмæ æввахс мæсты кæнын байдыдта æмæ дзырдта йæхинымæр: «Замана нæу — ныр та æгас афæдз ферох уыдзынæн, адæмæй мæ кой ничиуал кæндзæни...»

Бирæ фердиаг кодта, стæй уæд загъта: «Нæ уыдзæн уый! Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ мæ адæм мæ фæуыны фæстæ дæр æгас афæдз хъуыды куыд кæной». — Рауагъта зæххыл стыр миты уард æмæ тыхджын уад. Зилдухгæнгæ-иу тымыгъ куы иуæрдæм ауагъта йæхи, куы иннæрдæм.

Адæм æддæмæ ракæсын нал уæндыдысты, фос сæ бынæттæй æрдиаг кодтой, суанг ма куыйтæ дæр арф баныгъуылдысты.

Уыцы хъызт бонты иттæг стыхсти иу фыййау. Йæ фосæн бахæринаг нал уыдис æмæ сыдæй мардысты. Смæсты фыййау Мартъимæ æмæ йæм сдзырдта:

— Ниу, ниу, бирæ нал ахæсдзынæ, дæ мæлæт æрхæстæг и, ницыуал нын кæндзынæ.

Уыцы ныхæстæм фырмæстæй Мартъийæн йæ цæстыты туг разылди. Фæлæ ма йын цы гæнæн уыди, æцæг мæстæй мæлыны йеддæмæ: йæ кæрон æрхæццæ.

«Уæд та мын мæ сыхаг мæйтæй исчи æфстау куы раттид иу къорд бонтæ, — загъта йæхинымæр». — Раздæхти фæстæмæ Æртхъирæны мæймæ æмæ йæм йæхи мæгуыргурау бакъултæ кодта.

— Табуафси, мæ сыхаг, дæ иннæ азы бонтæй мын æртæ ратт æфстау, иннæ аз дын сæ бафиддзынæн.

Фæтæригъæд ын кодта Æртхъирæны мæй æмæ йын æртæ боны йæ къухы цæвæрдта.

Мартъи бонтыл куы фæхæст и, уæд загъта:

— Мæ къухы дæ, фыййау, ныр. Кæд ма дæ фосæй иу дæр æгасæй аирвæза, уæд мæ райгуырын нæ хъуыди!

Сниудтой фыццагæй тыхджындæр дымгæ æмæ зилдух-тымыгъ, мит дæр тъыфылгай хауын байдыдта, æмæ дзы йе фистæгæн, йе барæгæн акъахдзæфгæнæн нал уыди.

Нæ фæтарсти фыййау. Загъта йæхинымæр:

— Райгуырын мæ нæ хъуыди, Мартъи, æз дæуæн ацы хатт хорз маст куынæ скæнон!

Рахаста хус къæсса, æгас мыст дзы ауагъта, йæ ком ын бабаста æмæ йæ скъæты фосы сæрмæ сауыгъта.

Мыст æнæрынцайгæйæ къæссайы æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы тæлфыди. Фос сынæр цæгъдын ныууагътой æмæ æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы къæссайы хыбар-хыбурмæ хъуыстой. Хæринаг ма кæм бацагуырдтой!

Ралæууыди цыппæрæм бон, банцадысты тымыгъ æмæ уадтæ сæ ниуынæй, банцади мит дæр. Ракасти хур æмæ — фосæй, адæмæй — æппæт схъæлдзæг сты.

— Уалдзæг ралæууыди, уалдзæг ралæууыди! — хъуысти алырдыгæй.

Ракасти Мартъи фæстæмæ Февралмæ æмæ йын загъта:

— Дæ бонтæ мын ницы ахъаз фесты... æмæ дын æз уый тыххæй хъуамæ маст скæнон... Нал дын ратдзынæн дæ бонтæ...

Уæдæй фæстæмæ Æртхъирæны мæй æртæ боны къаддæр фæци. Хъыг кодта бæргæ, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди.

ФЫЦЦАГ АДÆМТЫТАУРÆГЪТÆ

Артъауыз æмæ йе сфæлдисонтæ

Хуыцау сфæлдыста цыппар хорзы: се ’ппæты сæйраг — Артъауыз, иннæ — лæг, иннæ — фыс, иннæ — мæнæу.

Лæг æмæ фыс, æмæ мæнæуæн семæ сфæлдыста фæйнæ хæйрæджы. Гъеныр æртæ хорзæн семæ ис æртæ хæйрæджы, æмæ сыл фæсмон кæны Хуыцау: «Куынæ сæ сфæлдыстаин фæлтау».

Уыдон цавæр хæйрæджытæ уыдысты? Лæгæн — ус йемæ, фысæн — сæгъ, мæнæуæн — сысылы.

Артъауыз нын хорзæн фæлдыст уыд бæргæ, фæлæ адæмты ардыдта иууыл зыгъуыммæдзинадыл. Уæд Хуыцау Уациллайæн загъта, Артъауызы куыд сласа йæхимæ. Уацилла арвыл авæрдта мигъы сыг, ныкъкъæрцц æй ласта æмæ Артъауызы фелвæста йæхимæ. Хъуамæ йæ бабастаиккой мæйы мидæг. Уæд Артъауыз фелвæста йæ дыууæ къухы дзаг хуыртæ æмæ дуртæ, ракалдта сæ æмæ загъта:

— Уым цал муры ис, уал змæлæджы фестут, баззайут зæххон адæмæн фыдбылызæн.

Уæд æй мæйы мидæг æфсæйнаг зæгæлтæй ныххуыдтой. Уыцы хуыртæ æмæ дуртæ фестадысты, зæххыл æнæххуыс змæлæг чи ис, уыдон: кæлмытæ æмæ бындзытæ, хъæндилтæ æмæ цъиутæ.

Артъауыз куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн. Цæмæй ма раирвæза, уый тыххæй алы куырд дæр хъуамæ уæлдай цæф кæна хъæсдарæг.

Фыццаг лæг æмæ ус

Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд алы фос, алы сырд, алы маргъ — иууылдæр къæйттæ-къæйттæ уыдысты. Æрмæст ма фыццаг лæгæн нæ уыди къай. Æнкъардæй рацу-бацу кодта уый дзæнæты цæхæрадоны æмæ дис кодта: «Ай алы сырд æмæ маргъ иууылдæр къæйттæ-къæйттæ куы сты, уæд мæнæн цæуылнæ ис къай?» Хуыцау ын бамбæрста йæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ йын æркодта ус.

— Уый дын мæнæ къай, цæрут фидыдæй, кæрæдзи уарзгæйæ.

Иу къорд бонты фæстæ лæг усы къухыл рахæцыди æмæ йæ Хуыцаумæ бакодта.

— Мæнæ мын цы адæймаг ралæвар кодтай, уый дын фæстæмæ æрбакодтон: айс æй, нал мæ хъæуы!

— Ау, уый та куыд?! Цы дыл æрцыди?..

— Айс æй, айс, нал фæразын йемæ цæрын, нал фæразын йæ тæргæйттæй, йæ хъуыр-хъуырæй.

— Цæй, хорз, зæгъгæ, — загъта Хуыцау, — кæд дæ афтæ фæнды, уæд æй ныууадз ам...

Ацыди лæг иунæгæй йæ цæрæнбынатмæ.

Иу-æртæ боны фæстæ лæг мысын байдыдта усы, æппынфæстаг йæ хъуыды иууыл ус сси.

— Нæй, æнæ усæй цæрæн нæй, — загъта лæг æмæ ацыди Хуыцаумæ.

— Æри мын фæстæмæ уыцы адæймаджы!

— Ау, цы та дыл æрцыди, афтæ куы загътай, нал мæ хъæуы, нал фæ



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-07-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: