Дзампаты Л. / Дзампаева Л. Г. 13 глава




–Цæуылнæ йæ æмбæрста адæймаг? Куы йæ бам- бæрста, уæд халон йæхи куыд дардта?

Сбæрæг кæнын архайджыты.

Сбæрæг кæнын тексты сæйраг хъуыды.

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл, раттын сын сæргæндтæ («Авторы фембæлд Мæккæбиимæ»; «Геройтæ кæрæдзийы не ’мбарынц»; «Кæрæдзийы бамбæрстой). Радзырды хæйттæн сæргæндтæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд сын сæ хъуыды æргомгæнæг бынæттæ ссарын тексты æмæ сæ скъоладзаутæн ногæй бакæсын кæнын.

Фыццаг дыууæ хъуыдыйады сбæрæг кæнын дзырдты бастдзинад фæрстыты руаджы

Сбæрæг кæнын дзырдты нысаниуджытæ.

Бæрæггонд дзырдты сбæрæг кæнын зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ; зæгъын, ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

2. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (304- фæлтæрæн). Дзырдбыды чырæгты цы дамгъæтæ фыст ис, уыдонæй пайдагæнгæйæ скъоладзаутæ хъуамæ базоной дзырдтæ

æнæхъæнæй (бон, ленк, найын, бын, хъазт).

Сбæрæг кæнын зылангон æмæ æзылангон æм- хъæлæсонтæ.

Дзуапп раттын фæлтæрæны уæлæмхасæн фарстæн.

3. Дзырды хæйттæ иртасын (305-фæлтæрæн).

Ацы куысты хуызы нысан æрмæст дзырды хæйттæ сбæрæг кæнын нæу, фæлæ сæйрагдæр у, цæмæй сывæллæттæ бамбарой, хицæй æппæлын хорз кæй нæу; сайын æвзæр миниуæгыл нымад кæй у, уый.

4. Диалогон ныхас рæзын кæнын (306 фæлтæрæн).

Радзырд бакæсын, сбæрæг кæнын, цал архайæджы дзы ис. Цавæр ныхас рауад нана æмæ Æхсары ’хсæн; Æхсар æмæ Дзантейы ’хсæн?

Сбæрæг кæнын сывæллæтты хъуыдытæ Æхсар – от- личникы тыххæй.

Дзуапп раттын фæлтæрæны фæрстытæн.

Текст адих кæнын хæйттыл æмæ сын раттын сæргæндтæ:

а) «Æхсар йæ нанайы коммæ нæ бакаст»;

 

æ) «Æхсар уацхъуыд нæ ныффыста»;

б) «Æхсар æнкъардæй бадтис».

Сбæрæг кæнын скъоладзауты хъуыдытæ, хæдзары æмæ æхсæнадон куыстыты куыд архайын хъæуы, уый тыххæй.

5. Нывтæм гæсгæ куыст (307- фæлтæрæн).

Раздæр сбæрæг кæнын, нывы цы мæргътæ ис, уы- доны нæмттæ (зæрватыччытæ, бæлон, сырддонцъиу, сауцъиу), уый фæстæ ссарын дзырдты схемæтæ уæнгты нымæц æмæ цавдмæ гæсгæ.

Дзырдтæ уæнгтыл дихгондæй ныффыссыны фæстæ зæрдыл æрлæууын кæнын, уæнг цы у, уый.

6. Дзырды хæйттæ бæрæг кæнын (308- фæлтæрæн). Скъоладзаутимæ раздæр, дзургæйæ, сбæрæг кæнын, сæйрæттæ æмæ зæгъинæгтæ кæцы хъуыдыйæдты ис, уый, стæй сæ ныффыссын тетрæдты (Æхсар æрбацыд. Æз акæндзынæн. Лæппу сцагъта. Дзанте æрлæууын кодта.

Ахуыргæнæг ныффыста).

Дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, цы хонæм разæфтуан, фæсæфтуан, уидаг, кæрон. Æрхæссын дæнцæгтæ.

7. Монологон ныхас рæзын кæнын (309- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæн сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ бамбардзысты, дзырдæн йæ æууæлтæм, миниуджытæм гæсгæ базонæн кæй вæййы, уый.

Бакæсын æмдзæвгæйы текст æмæ дзуапп раттын фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæн.

Бæрæггонд дзырдтæн фæбæрæг кæнын сæ уидæгтæ

(дидинджытæн, куыстæй, дыргътæ).

– Ацы текст монолог цæмæн хуыйны?

8. Хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (310- фæлтæрæн). Ацы фæлтæрæны нысан у хуызæгмæ гæсгæ, æмæ схемæтæй пайдагæнгæйæ саразын дзырдтæ. Скъоладзаутæ сæхæдæг хъуамæ базоной, цавæр фæсæфтуанты фæрцы ис саразæн ног дзырдтæ, уый (кусаг, хæраг, зараг, хæххон, ирон, хæдзарон, мадæлон, рæстдзинад, хорздзинад, хæлардзинад, рæсугъддзинад, кафæг, кæсæг, фыссæг,

дзурæг).

Фæлтæрæн æххæст кæныны размæ зæрдыл æрлæууын кæнын дзырды хæйттæ æмæ сæ растфыссынад.

Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм уæнг? Раныма- йын дзырды хæйттæ. Зæгъын раиртæстытæ. Æрхæссын дæнцæгтæ.

Хæдзармæ куыст: зæрдыл æрлæууын кæнын дзырды хæйттæ, раиртæстытæ; сæххæст кæнын 311- фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Дзырдты алыхуызон нысаниуджытæ

 

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын дзырдты лексикон нысаниуджытæ; хъомыладон куыст бакæнын – давын хорз нæу.

Дзырдуат: мæйдар, дзыгуыр, тыгуыр, ирдист.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Зæрдыл æрлæууын кæнын синонимтæ, анто- нимтæ.

3. Текстимæ куыст (312-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты логи- кон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Уый тыххæй уыдон базонгæ уыдзысты, дыууæ сыхаджы кæрæдзийæн цы хъæлдзæг ныхæстæ загътой, уыдонимæ (æлхыскъ фарстæн куырм лæг цы дзуапп авæрдта, уыимæ).

Текст бакæсын, радзурын æй хи ныхæстæй.

Дзырдты æхсæн алыхуызон ахастдзинæдтæ бæрæг кæныны тыххæй скъоладзаутæн тексты ссарын кæнын антонимтæ (талынг – рухс, бафарста – дзуапп радта).

4. Тексты синонимтæ агурын (313- фæлтæрæн).

Æмдзæвгæ бакæсын, бамбарын ын йæ хъуыды.

Ацы фæлтæрæны размæ ис ахæм нысан: иуæй, текстæн йæхи мидæг ссарын хъæуы синонимтæ (уадымс

– ирдгæ – уахъæз – дымгæ; дзыгуыр – тыгуыр; чыр-чыр

– пыр-пыр); иннæмæй – бæрæггонд дзырдтæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ.

5. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын (314- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны текст бакæсгæйæ, скъоладзаутæ хъуамæ скæной хатдзæгтæ: фылдæр кæрдæг кæм ис, уыцы æрдузы цы бæх хизы, уый бирæ нæ хæры æмæ уымæн у мæллæг; кæрдæг хæрд цы æрдузы у, уым цы бæх хизы, уый нарддæр у, уымæн æмæ кæрдæг бахордта.

Афтæмæй радзырд – уыци-уыци æмбæрстгонд æрцæудзæнис.

Тексты ссарын антонимтæ (цыбыр – даргъ, мæллæгдæр – нарддæр) æмæ сæ ныффыссын тетрæдты.

6. Дзырдтæн синонимтæ æмæ антонимтæ агу- рын (315- фæлтæрæн).

Бакæсын æмдзæвгæ – уыци-уыци, бамбарын ын йæ хъуыды. Сбæрæг кæнын, цавæр æууæлтæ баххуыс сты, æмдзæвгæйы айдæны кой кæй цæуы, уый базонынæн.

Тексты бæрæггонд дзырдтæн ссарын синонимтæ (фæливын – сайын – гæды ныхæстæ кæнын; рæстæг – афон; фæзæгъы – фæдзуры), антонимтæ (фæливын – раст дзурын; тагъд – сабыргай; фæзæгъы – хъусæй лæууы).

Схемæмæ гæсгæ базонын уыци-уыцийы дзуапп, скæнын ын мырон-дамгъон анализ, ссарын ын синоним (айдæн – кæсæн).

Хатдзæгтæ скæнын. Цавæртæ вæййынц дзырдтæ сæ нысаниуджытæм гæсгæ? Куыд хуыйнынц ахæм дзырдтæ?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 316-фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Урок

Ныхасы хæйттæ. Хъуыдыйад

 

Урочы нысантæ: зæрдыл æрлæууын кæнын ныхасы хæйтты тыххæй зонындзинæдтæ: зонын сæ кæрæдзийæ хицæн кæнын æмæ сæ ныхасы пайда кæнын; диалогон ны- хас рæзын кæнын.

Дзырдуат: æнæасæст, кæри, цыппæрвадæй.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Диалогон ныхас (317-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты зонын- дзинæдтæ фæарфдæр кæнын миногоны тыххæй (сæхæдæг дæр хъуамæ æрхъуыды кæной архайджыты æууæлæвдисæг дзырдтæ); текст-диалог иртасын; текст рольтæм гæсгæ кæсыныл ахуыр кæнын.

Текст бакæсыны размæ скъоладзауты бафæдзæхсын, цæмæй лæмбынæг хъусой æмæ бамбарой, аргъауы архайджытæ цы курынц, цы домынц, цæмæй сын сæ бон баххуыс кæнын бауа.

Сбæрæг кæнын, ацы текст аргъау цæмæн хуыйны, цы йæм ис аргъауы миниуджытæй.

Сбæрæг кæнын, архайджыты миниуджытæ æвдисæг дзырдтæ цавæр ныхасы хай сты, цæй æууæлтæ æвдисынц. Раттын сæм фæрстытæ.

3. Сæрмагонд нæмттæ иртасын (318- фæлтæрæн). Бакæсын æмдзæвгæ, ссарын дзы сæрмагонд нæмттæ. Сбæрæг кæнын, лæппутæй чи цавæр спорты хуыз уарзы, уый; ссарын уыцы бынæттæ тексты æмæ сæ бакæсын. Тексты дзырдтæн райсомæй, бирæ, дардмæ, исы сса- рын антонимтæ (изæрæй, гыццыл, хæстæгмæ, дæтты); дзырдтæн згъоры, дзурынц ссарын синонимтæ (тæхы,

зæгъынц).

Тексты ссарын, нывты дзы цы бынæттæ æвдыст цæуы, уыдон æмæ сæ бакæсын.

Ныффидар кæнын зонындзинæдтæ – Цы хонæм сæрмагонд номдартæ? Куыд сæ фыссæм?

4. Ныхасы хæйттæ иртасын (319-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у тексты, хъуыдыйæдты ны-

хасы хæйттæ агурын, иртасын сæ кæрæдзийæ, дæттын сæм фæрстытæ.

Радзырд-хынцинаг бакæсгæйæ, скъоладзаутæ фе- хъусдзысты ахуырдзаутæй иуы хъазæн дзуапп. Сæхæдæг та хъуамæ базоной, бæлвырд куыст бакæнынæн цас рæстæг бахъæудзæн, уый.

Тексты ссарын синонимтæ (скъоладзау – ахуырдзау).

Дзырд уайтагъд баивын синонимæй (æвиппайды).

5. Ныхасы хæйтты грамматикон категоритæ фæлхат кæнын (320-фæлтæрæн).

Лæвæрд таблицæ баххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, ныхасы хæйтты тыххæй цы базыдтой, уый.

Куыст бакæнæн ис афтæ: таблицæ скæнын тетрæдты æмæ баххæст кæнын цухгонд бынæттæ. Хæслæвæрд сæххæстгæнæн ис æнæ таблицæйæ дæр.

6. Логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(321-фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у, скъоладзаутæ ныхасы хæйттæ æмæ сæ грамматикон æууæлтæ куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын. Æмбисонды мидис равзаргæйæ æмæ бамбаргæйæ, ис стыр хъомыладон куыст бакæнæн

– зыд кæнын фыдбылыз хæссы. Бæрæггонд дзырдтимæ бакусгæйæ, скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæн- дзысты дзырды хæйттæ.

7. Текстимæ куыст (322- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты хъомыладыл бакусын, бамбарын сын кæнын, æхсæнадон транспорты хи куыд дарын хъæуы, хистæртæн кад кæнын кæй хъæуы, уый.

Текст бакæсын, бамбарын ын йæ мидис. Скъоладзау- ты бафæрсын сæ хъуыдытæй ацы цауы тыххæй.

Радзырд радзурын хи ныхæстæй. Текстæн æрхъуыды

кæнын сæргонд.

8. Нывмæ гæсгæ куыст (323-фæлтæрæн).

Нывмæ гæсгæ саразын хъæуы радзырд. Скъоладзаутæ, нывтæ æвзаргæйæ, фæлтæрæнмæ лæвæрд фæрстытæн дзуапп куы раттой, уæд сæм рауайдзæн хъуыдымæ гæсгæ баст текст.

Текстæн æрхъуыды кæнын сæргонд æмæ йæ ныф- фыссын тетрæдты.

Скъоладзауты хъус æрдарын æмбарынæдтæм: дзырд, хъуыдыйад, текст, ома дзырдтæй, кæрæдзиуыл сæ бæтгæйæ, рауайы хъуыдыйæдтæ, хъуыдыйæдтæй – текст.

Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдты мидæг дзырдты баст- дзинад фæрстыты руаджы, ссарын сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ, сбæрæг кæнын, чи сæ кæцы уæнджы бæрæг кæны, уый.

9. Диалогон ныхасыл куыст. Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ иртасын (324- фæлтæрæн).

Текст бакæсыны размæ скъоладзаутæн раттын æмбисонд (ныффыссæн ын ис фæйнæгыл): «Абон бакæнæн цы хъуыддагæн ис, уый райсоммæ ма æргъæв».

Ахуыргæнæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ скъоладзаутæ дзурынц, æмбисонды хъуыды куыд æмбарынц, уый.

Стæй сæ сцымыдис кæнын, ныртæккæ цы радзырд бакæсдзыстæм, уым та цымæ Додыкк куыд бамбæрста ацы æмбисонды мидис, зæгъгæ.

Бакæсын радзырд, сбæрæг кæнын, цал хъуыдыйадæй арæзт у, сæ загъды нысанмæ, сæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ сты. Сбæрæг кæнын сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ.

Фыццаг хъуыдыйад равзарын уæнгтæм гæсгæ. Тексты ссарын синонимтæ (чысыл – гыццыл),

антонимтæ (изæр – райсом, абон – райсом).

10. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын цухгонд дзырдтæй (325- фæлтæрæн).

Дзырдтæ тагъддæр æмæ æнцондæрæй базонынæн баххуыс уыдзæн дзырдбыд, уым лæвæрд цæуынц ацы дзырдтæн сæ фыццаг æмæ фæстаг дамгъæтæ. Дзырдтæ базонæн ис хъуыдыйæдты мидисмæ гæсгæ дæр.

Фæлтæрæн сæххæст кæнын йæ хæслæвæрдтæм гæсгæ. Тексты ссарын синонимтæ (сывæллæттæ – сабитæ). Хатдзæгтæ скæнын. Цы хонæм номдар? Цавæр фæрстытæ домы? Дæнцæгтæ æрхæссын. Цавæр дзырды хæйтты фæрцы арæзт цæуынц номдартæ? Цы хонæм сæрмагонд номдартæ, куыд сæ фыссæм? Цы хонæм ми- ногон? Цавæр фæрстытæ домы? Цы нысан кæнынц миногонтæ? Куыд арæзт цæуынц? Цы хонæм мивдисæг? Цавæр фæрстытæ домы? Куыд ивы мивдисæг? Цы хонæм мивдисæджы æбæлвырд формæ? Цы хонæм хъуыдыйад? Цавæртæ вæййынц хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ, сæ арæзтмæ гæсгæ? Куыд хуыйнынц хъуыдыйа- ды сæйраг уæнгтæ? Цæй фæрцы иртасæм хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ? Хъуыдыйады мидæг дзырдты баст-

дзинад куыд бæрæггонд цæуы?

Хæдзармæ куыст: сæххæст кæнын 326 - фæлтæрæн йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Урочы нысантæ: диалогон ныхас рæзын кæнын;

скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Дзырдуат: æрцахуыр кæнæм, хъуыдыты аныгъуыл- дис, аг.

1. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын (диалог, монолог).

2. Текстимæ куыст (327- фæлтæрæн).

Ацы фæлтæрæны нысан у скъоладзауты цæсгæмттæм гæсгæ кæсын ахуыр кæнын (кæнæ уыцы арæхстдзинæдтæ ныффидар кæнын); сывæллæтты рæстдзинад дзурын æмæ рæдыдыл сæттын ахуыр кæнын.

Текст равзарын йæ фæрстытæм гæсгæ:

– Куыдæй æрбацыдис Алан уынгæй?

– Цавæр дзуæппытæ лæвæрдта лæппу йæ мады фæрстытæн?

– Цавæр хинæйдзаг хъуыды æрцыдис мады сæрмæ æмæ куыд загъта йæ лæппуйæн?

– Цæмæн аныгъуылдис Алан хъуыдыты?

– Тексты хуыз цавæр у?

Радзырдæн æрхъуыды кæнын сæргонд. Бакæсын æй цæсгæмттæм гæсгæ.

3. Мыры ахадындзинад дзырды мидæг (328- фæл- тæрæн).

Къадзаты Станиславы æмдзæвгæ бакæсгæйæ, скъо- ладзаутæ бамбардзысты, не ’взаг куыд тасаг у, куыд хъæздыг у, уый; базондзысты, дзырдæн, иу мыр дзы æндæр мырæй баивгæйæ, йæ нысаниуæг дæр кæй аивы, уый.

Сбæрæг кæнын дзырдты нысаниуджытæ. Раттæн ис уæлæмхасæн хæслæвæрд: дзырд цард -ы радыгай ивын иу- гай мыртæ, цæмæй дзы рауайа ног дзырдтæ: кард, цагъд, царм, цырд, дард.

Дзырд цард -æн скæнын мырон-дамгъон анализ; зæрдыл æрлæууын кæнын хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ.

4. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын

(329- фæлтæрæн).

Зæрдыл æрлæууын кæнын, ребус цы у, куыд кæсгæ у,


уый.


 

 

Куы сæ бакæсой, уæд дзы рауайдзæн æмбисæндтæ:


«Уасаг гæды мыст нæ ахсы», «Халон халоны цæст нæ къа- хы». Бамбарын кæнын æмбисæндты хъуыды.

5. Монологон ныхас рæзын кæнын (330- фæлтæрæн).

Скæнын беседæ боныджы тыххæй. Бафæрсын

сывæллæтты, цы кæнын хъæуы, цæмæй дæ боныгыл цин кæнай, цæмæй дæ зæрдæмæ цæуа, уый тыххæй (хорз ахуыр кæнын, исын хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтæ).

Абарын скъоладзауты хъуыдытæ æмæ геройы цæстæнгас йæ боныгмæ.

Æмдзæвгæ бакæсгæйæ, скъоладзаутæ бамбардзысты, герой йæ боныджы фесæфтыл цæмæн цин кодта, уый.

Байхъусын скъоладзаутæн сæхи хъуыдытæм ацы цауы фæдыл.

Хатдзæгтæ скæнын. Æмдзæвгæйы сæргонд афтæ цæмæн хуыйны? Тексты хуыз цавæр у? Цæмæн дæм афтæ кæсы?

 

Урок

Контролон диктант

 

Урочы нысантæ: афæдзы дæргъы цы æрмæг сахуыр кодтой, уый зæрдыл æрлæууын кæнын.

Дзырдуат: бафиппайын, дисгæнгæ.

 

 

Хæдзармæ куыст

Зинæ бадтис æмæ цыдæртæ фыста. Йæ мад æм фæцæйцыдис. Чызг æй куы ауыдта, уæд йæ тетрад амбæхста.

Мад æй бафиппайдта æмæ, дисгæнгæ, дзуры йæ чызгмæ:

– Цæмæн амбæхстай дæ тетрад? Æри-ма, фенон æй! Зинæ фæсырх, фæлæ радта тетрад. Фаризæт кæсы

чызджы хæдзармæ куыст – «Куыд æххуыс кæнын мæ мадæн».

Зинæйæн йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты.

– Цæуыл кæуыс? – зæгъы ныййарæг. – Фæлтау фысгæ куыд кæныс, афтæ мын æххуыс дæр кæн. (65 дзырды)

Джиоты Катя

Хæслæвæрдтæ:

1. Фыццаг хъуыдыйады ссарын сæйраг уæнгтæ æмæ сын бахахх кæнын сæ быны.

2. Дзырдтæн бафиппайдта æмæ хæдзармæ фæбæрæг кæнын сæ хæйттæ.

3. Тексты ссарын синонимтæ æмæ сæ рафыссын (дзу- ры – зæгъы).

4. Дзырдтæн бадтис, радта ссарын антонимтæ æмæ сæ ныффыссын.

Сæргæндтæ

 

Æмбарынгæнæн фыстæг........................................................3

Календарон-тематикон пълан................................................6

Дыккаг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.24

Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ........................33

Æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ..........39

Æмхъæлæсонтæ г, к (кк), къ -йы ивынад

дж, ч (чч), чъ -йæ хъæлæсон ы -йы разæй...........................42

Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты мидæг................... 45

Дзырды хæйттæ æмæ дзырдарæзт. Кæрон.........................50

Уидаг. Æмуидагон дзырдтæ.................................................52

Фæсæфтуан............................................................................57

Уидаг æмæ фæсæфтуан.........................................................59

Уидаг. Фæсæфтуан. Кæрон....................................................62

Разæфтуан...............................................................................64

Уидаг æмæ разæфтуан...........................................................66

Дзырды бындур......................................................................68

Дзырдты лексикон нысаниуджытæ. Синонимтæ................72

Антонимтæ.............................................................................75

Ныхасы хæйттæ.....................................................................79

Номдар....................................................................................82

Номдарты ивынад нымæцтæм гæсгæ..................................85

Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ...................................87

Стыр дамгъæ сæрмагонд номдарты.....................................89

Номдарты кæрæтты ивынад æндæр дзырдтимæ бастæй....91

Миногон..................................................................................94

Миногонтæ сæ æууæлтæм гæсгæ иртасын........................100

Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ

ныхмæвæрд миногонтæ.......................................................103

Мивдисæг..............................................................................107

Мивдисæджы ивынад нымæцтæм гæсгæ..........................111

Мивдисджыты ивынад афонтæм гæсгæ.............................116

Мидисæджы æбæлвырд формæ фæсæфтуан ын -имæ......121

Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд мивдисджытæ......................................................................124

Хъуыдыйад..........................................................................127



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: