II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 18 глава




Æрдз ын цыма бустæ кодта, Цæцæнмæ æнæхонгæйæ кæй цыд, уый тыххæй. Тархъæд бамыр ис, уынæр никуыцæй хъуыст. Æрмæст сæнтдзæф сау цъиу йæ къæс-къæсæй не ’нцад, æнæном цæугæдон йæ иугъæдон зарæг ивæзта æмæ кæцæйдæр мыдыбындзы гуыв-гуыв хъуыст, цыма кæугæ кодта.

«Чысыл кæй у, уымæн æй афтæ тынг уарзынц... Уымæн калынц сæ туг йæ сæрыл Раздзог, Малсæгты Тепса, Дзæрæхохты Алхаст». — Уый а бæстæй дзырдта. Хъизæмар æмæ хъазуатон тохæй йе ’рдзы зарæг æгуыппæг, хъынцъымæй йедзаг кæмæн у, уымæй. Мыдыбындз йæхицæн хæлц кæугæйæ кæм агуры, уымæй.

«...Уымæн йæ бæстыл цæст не ’ххæссы, æгæрыстæмæй дзы бирæ рæтты цæрæг дæр нæй. Ам та фæрæты фасты хуызæн цъассыты цæрынц адæм. Йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ айнæгæй айнæгмæ дзæбидыр гæпп кæны. Уæддæр, дам, мын æй радт, уæддæр, дам, дæ хицау хъуамæ суон...» — Уый дæр Уæрæсейы паддзахæй дзырдта, мæнæ йæ фæдылцæуæг æфсæддонты ардæм чи рарвыста, уымæй.

Сæ иу Валерий хуыйны. Уымæ фæкомкоммæ ис:

— Валерий, цы агурыс ам, цы дæ æрхаста Кавказмæ?

Валерий фæдисау ис.

— Ваше благородие, уый та цы фарст у?.. Господин инæлар нæ демæ нæ рарвыста?..

Валерий йæ бæхы æхтæнгтæ алхъывта, Темырболаты зæрдæйы цавд æм æппындæр нæ хъуыст.

— Нæ, Валерий, уымæй дын нæ зæгъын!.. Дæ мад «уартæ дард кæмдæр баззад, дæхæдæг та ардæм — «туземецты» бæстæм æрцыдтæ... Дæ мадмæ не ’хсайы дæ зæрдæ, науæд дын уарзон чызг нæй?

Æрфæны тымбыл син армæй æрдзæхст ласта, Валеримæ фæкомкоммæ ис.

— О-о-о, Ваше благородие, уый хицæн фарст у. Æнæуый та никуы фехъуыстай зарæг, «за отечество, за царя?» Нæ салдæттæ йæ æрвылрайсом ламазау куы зарынц!..

— Алкæмæн дæр ис «отечество» æмæ йæ алчидæр уарзы!..

Сæ бæхтыл абадтысты.

Уый та, йемæ цы æфсæддон цыд, уымæй дзырдта. Æцæг æм дзургæ ницы скодта, æрмæст афтæ, сабийы æнкъарæнтæ кæм нæма ахуыссыдысты, уыцы цæстытæм фæкомкоммæ ис æмæ зæрдæ йæ фазимæ сагъæстыл фæцис.

«Дæхæдæг цы агурыс ам, дæ зæрдæ æмæ де ’нкъарæнтæ æндæр ран куы сты, уæд?.. Уый бæсты та быдырмæ ахъуызыдаис Алæгаты Хæмæтимæ, — Зæбулхъусимæ... Чи зоны ма Зарæ дæр рацыдаид уемæ, кæддæрау та гæрры къуырдтаиккат, хъæл æмæ лæдзæгæй хъазыдаиккат... Чи зоны та, æртæйæ иу бæхыл дæр абадтаиккат. Хъуыды ма кæныс, Алæгаты Темырыхъойы саудзæст чызг Зарæйы-иу уæлбæхæй дæ хъæбысы куы раскъæф-баскъæф кодтой?.. Уæд ма чысыл чызг уыд, — Гыкъы, — ныр хуры хуызæн ссис... Дæхæдæг дæр слæг дæ, а бæстæм тыхæй цы паддзах бырсы, уый пъагæттæй де уæхсчытæ сфæлыстай, æгæрыстæмæй дæм нал уæндыдысты дæ хæлар Хæмæт, фæндырдзæгъдæг Хъуыбады, Зарæ къæмдзæстыгæй йæ цæстытæ сарæзта дæумæ нæ, фæлæ зæхмæ... Ныр дæм хонæг ничи фервыста, афтæмæй æрбацыдтæ ардæм, фыдбон æмæ хъизæмарæй зарын кæмæй ферох ис, уыцы адæммæ. Йе ’рдзы зарæг, йæ цæугæдæтты хæл-хæл æнтъыснæг кæмæн у, уыцы бæстæм... Цы дын баззад уым, цæмæн цæуыс æнæахонгæйæ?»

Уый та дзырдта йæхицæй — корнет Мамсыраты Темырболатæй.

«Æз кастæн тохы дæ цæст æмæ дæ карды ферттывдмæ, зæронд уæвгæйæ, знаджы йæ ронбасты онг куыд ныффастай, уымæ. Æз...бавзæрстон дæ хъæбæр армы цæф мæ русыл. Дæ карды февзыст мын уыд нырма æцæгæлон, уыййеддæмæ ма дæ арм бавзæрстон раджы, тынг раджы. Æцæг мыл уæд ныццæвыны сæраппонд нæ ныдзæвд, дзывыры хъæдæй уæзæг цы арм сæвæрдта, уый. Мæн æрæрвонг кодта уыцы иу цæф, уадз æмæ ма ноджы кæмæндæрты фестæд æвдадзы хос дæ цæсты иу ферттывд, дæ армы иу баныдзæвд. Фистæджытæй дæ, фæрссагтæй дæ, зæгъынц? Ирыстоны хъысмæт алыг кæнын дæ къухы нæй, зæгъынц? Уæдæ ма йæм чи æркæсдзæн дæуæй бæстондæр, бæсты хъысмæтыл дзырд куы æрцæуы, уæд дæхи иуварс куы авæрыс, уæд? Нæ, ды дæ цыфæнды бæхджынтæй бæхджындæр, цыфæнды æхсарджынтæй æхсарджындæр!..»

Цыдис цадæггай, Раздзоджы фæлгонц йæ разæй хаста, афтæмæй йемæ дзырдта зæрдæйы æвзагæй.

«...Ау, æмæ стыр хæстонтимæ цъус вæййы мæ хуызæн хуымæтæджы фæдисонтæ?..» Хуыцауы фæндæй цынæ æрцæуы. Чи зоны йæм цы фæнд ис. Æнæхъуаджы мæ нæ фæдзæхста, «мадæр сæ иу, мадæр се ’ннæ, афтæмæй дыууæ арты æхсæнты комкоммæ наибмæ!» Гукк, уый нæ цæуы имам Шамилы дыркъуым фæндагыл, стæй нæдæр граф Евдокимовы фæдыл. Кусæг лæг быдырмæ, йæ куысты уæлхъусмæ æдæрсгæйæ кæуылты цæуа, ахæм фæндаг гæрды æмæ... гъеуæд ды дæр сулæфдзынæ дæ риуыдзаг. Цы ма дын уыдзæн агуринаг?..»

Æрфæн æвиппайдæй фесхъиудта æмæ инæлар Куындыхаты Муссæйы фæлгонц йæ цæсты разæй фæтары ис.

Æрдуйы хуызæн фæндагмæ фæйнæрдыгæй гæрзифтонгæй рагæппытæ кодтой.

Дыууæйæ уыдысты, сæ дыууæйæн дæр сæ къухты дамбацатæ.

Фæстæмæ фæкаст, йе ’мбæлттæн цæстæй ацамыдта æмæ сæ бæхтæй æрхызтысты.

Сæ ныхтæм дамбацаты дзыхтæ ныккомкоммæ сты.

Æртыккаг дæр ма рахызт фæсфæдæй, уый та — уыдонæй хистæр.

— Кæдæм у уæ фæндаг, цы уæ хъæуы? — фæрсы сæ уый.

— Наиб Османаты Саад-Уллахъмæ. Минæвæрттæ стæм.

— Лорисы-фырты минæвæрттæ уыдзыстут?..

— Нæ, Куындыхаты Муссæйы... Наибмæ цæуæм.

— Муссæ-Алхасы минæвæрттæ... Аллах уе ’ххуысгæнæг, æмæ уæ фæндаг раст, уæдæ.

Фæндаг сын радтой.

— Марадз, Æмзор, семæ ацу! Суанг сæ наибы кæрты онг бахизын кæн æмæ, кæд æцæг Муссæ-Алхасы минæвæрттæ нæ разыной... — дзуры хистæр лæг лæппутæй иумæ.

Ахстау цыдысты дыууæ цæцæйнаг лæппуйы разæй.

«Цæмæн æрбацыдтæ, цы агурыс ам?» — калмау ын æвдæрзта йæ сæры магъз уыцы хъуыды.

***

Цытуарзаг лæг уыд Чысыл Цæцæны наиб Османаты Саад-Уллахъ (уырыс æмæ ир æй Садуллæ хуыдтой). Бирæ фæндæгтыл æй фæхаста уыцы цытуарзондзинад.

— Тых дæм куы нæ уа, уæд дын дæ рæстдзинад ничи фæфиппайдзæн, — дзырдта йын йæ рухсыбадинаг фыд, куы рахъомыл ис, уæдæй фæстæмæ, æмæ уый дæр æдзух уыцы тых агурыныл уыдис.

Йæ ныййарæг адæм сæ туджы мæцыдысты, æгас Цæцæн цъæх пиллон уагъта, наиб та, йæ фыд ын цы тых æмæ рæстдзинад дзырдта, уый агуырдта.

Чысыл Цæцæны наиб ссис, фæлæ йын уый фаг нæ уыд, йæхицæй стырдæр адæммæ ма æхсайдта йæ зæрдæ æмæ уымæн. Уыдонæн стыр Аллахы фæндонæй сæ бон уыд, тæрхон ыл скодтаиккой, йæхæдæг куыд стæрхон кæны хуымæтæджы фæрссаг лæгыл, афтæ. Саад-Уллахъы та фæндыд, цæмæй йæ тæрхонгæнæг уыдаид Иунæг Стыр Аллах.

Æгас Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы иунæг хицау йæхæдæг куы уыдаид, уæд уый искæмæй къаддæр нæ нозтаид джауырты туг, фæлæ йын йæ фыдæй æрмæст Чысыл Цæцæны наибы къæлæтджын баззад æмæ «тых» ссарыны сæраппонд Уæрæсейы паддзахы афицертæм марходарæг гæдыйы цæстæй каст, кæд ын йæ бæстæм тыхгæнæг цыдысты, уæддæр.

Уый сæраппонд, авайраг Хадзы-Муратау, иу цалдæр хатты паддзахы инæлары «гауызыл æрæвæрдта йæ къах», фæстæмæ дæр та-иу сæрæгасæй æрбаздæхт.

Граф Евдокимов имам Шамилы имамат ныддæрæн кодта, цæцæны гуырдтæ дæр ныссыдтой сæ кæрдтæ кæрддзæмты. Уый хыгъд, кæд наиб уырыссагау иугай ныхæсты йеддæмæ нæ зыдта, уæддæр йе уæхсчытæ майоры пъагæттæй сфæлыста.

...Æндæргъуызон уыд Муссæ-Алхасы (афтæ йæ хуыдтой цæцæн æмæ мæхъхъæл) цардвæндаг. Уыцы цардвæндагмæ Садуллæ куы æлгъæй каст, куы та йын цыт кодта.

Кæцæй кæдæм!.. Йæхæдæг Чысыл Цæцæны наиб уыд, Муссæ та æгас Цæцæны æфсæддон зылды хицау.

Садуллæ федта йæхи цæстæй, хæфс калмы дзыхы йæхи куыд ныппæрста, уый. Муссæ дæр æй федта. Хæфс уасыд. Калм фæцæйлæст, кæрдæджыты цъуппытæ змæлыдысты. Хъуыста Садуллæ хæфсы хъæрзынмæ. Кастис Муссæ кæрдæджыты змæлдмæ.

Хилæг фæцæйбырыд, йæ амæттаг хингондау йæ мидбынаты асалд æмæ йæ фæстаг зард кодта. Стæй уыцы иу схъиуд фæкодта æмæ йæ фæстаг мыр калмы хъæлæсы аскъуыд йе ’мбисыл.

«Афтæ, гъе!» — æхцонæй сулæфыд Муссæ.

Наибæн йе уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой.

Муссæ йæм уæлбæхæй фæстæмæ фæкаст:

«Дæ амæттаг хивæндæй куы ныппара дæ хъуыры йæхи, тыхджын æрмæст гъеуæд дæ!» — бафтыдта ма йæ ныхæстæм уый.

Уый раджы уыд. Тæхуды кæны наиб кадджын Тæгиан-æлдармæ.

Йæ сыгъзæрин æхсаргарды бырынкъæй хæххон лæджы туг лæдæрстис, иу хатт нæ, — бирæ хæттыты. Сæ туджы аргъæй инæлары пъагæттæй сфæлыста йе уæхсчытæ. Цæцæны æфсæддон зылды хицауы къæлæтджыныл æрбадт, йæ бон ныккалæд Хуыцауы цæфæй. Уæддæр та куы фæтыхсынц ацы сыстбæрзæйтæ, уæд сæ фæндаг Муссæ-Алхасы галуанмæ скæнынц, калмы хъуыры йæхи цы хæфс ныппæрста, уыйау.

Не ’мдин у, зæгъынц, махау Стыр Аллахы цытæн бон цалдæр хатты ламаздыхъхъыл йæхи æруадзы, ныхасы дæр фæбады немæ...

Æмæ Саад-Уллахъ та?

О Аллах, æвæццæгæн, адæймаджы куы сфæлдисыс, уæд ын йæ хъысмæт дæр йæ тары нывæрыс.

Хъæууынгæй фидиуæджы цъæхснаг хъæлæс æрбайхъуыст:

— Хъусут, пысылмонтæ, хъусут!.. Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!..

«Э-э-э, де ’фсæртæ куы нæ ивазис фæйнæрдæм!» — наиб йе уæхсчытæ бараст кодта.

Дысоны хабар æрбалæууыд дыккаг хатт йæ цæсты раз фыдфынау, æмæ барызтис, цыма йын ихæн уыд.

Зæрæхсиды ламазы фæстæ тæрхæгыл уæлгоммæ хуыссыд, хъалиан дымдта. Йе уæнгтæ уыцы æхцон хъыдзы кодтой, æмæ йæ наиб нæ хатыд: опиумы фæздæджы фæндæвдæй уыд уый æви зæрдиаг ламазы фæстиуæг. Пехуымпар Мæхæмæт йæ мин-мин амындтытæ куы мысыд, уæд раст ахæм уавæры уыд, æвæццæгæн!..

Талынг уыд, æдзæмæй йæм каст алфамбылай. Фæсдзæуинты рафт-бафт хъуыстис æддейæ. Цырагъ тыбар-тыбур кодта уаты. Хъалиан йæ куыст бакодта, æмæ наибы сæр разылд. Алфамбылай дзаумæттæ симдтой, йæхæдæг æхцонады денджызы ленк кодта.

Дуары хъинцъ нæ фæцыд, нæдæр къæхты уынæр сæмбæлд наибы хъустыл. Цыма фыдфыны æндæрджытау, æрбахылдысты уатмæ.

Йæ цæстæй ракаст, кæд тынг зивæг кодта, уæддæр.

Йæ уæлхъус æртæйæ лæууыдысты, æртæйæн дæр сæ цæсгæмттæ сау пæлæзтæй тыхт.

Æгæр дымд мын фæцис хъалиан æмæ мæ сдзæгъæл кодта, зæгъгæ, — йæ цæстытæ бацъынд кодта фæстæмæ. Стæй та ракаст, фæлæ йæ уæлхъус лæууыдысты уæддæр фыдфыны æндæрджытау.

О Аллах, цытæ цæуы зæххы цъарыл дæ фæндæй!

Разæй цы дзигло лæууыд, уый йæ къух ауыгъта, æмæ фæстаг дыууæ æнæзæгъинæгтау фæтары сты.

«Кæуылты æрбахызтысты, кæд æцæг æнæзæгъинæгтæ не сты, уæд?»

Æххуысæнхъæл Хуыцаумæ скаст, хъалианы тæфаг нырма дæр зылдис йе уæнгты.

Йæ сау пæлæзыл æрхæцыд «æнæзæгъинаг», йæ цæсгом фысымæн равдыста æмæ Саад-Уллахъ хъуыссæнæй фæлиуырдта.

«Абди!.. Къæрных!» — сæнтдзæфау бадыгъал-дыгъул кодта уый æмæ къулыл ауыгъд дамбацамæ йæхи байвæзта.

Уазæг йæ размæ багæпп ласта, йæ къухы чысыл хъама ферттывта.

«Иунæг Аллах де ’ххуысгæнæг, наиб!.. Хъалианы æхцон тæфаг мæрдтæм демæ ма ахæсс».

Дзигло ныххудт, æмæ уыцы худтæй фысымы уæнгтæ барызтысты.

Стæй уазæджы къухы цы хъама уыд, уый фынджы ныссагъд æмæ йæ хус къæрцмæ Саад-Уллахъ фесхъиудта:

«Уæддæр нæ хицæн кæныс талынг æхсæвтæй, къæрных!» — хъамайы фистонмæ кæсгæйæ, дзуры наиб.

«Аллах загъта, цы агурай, уый ссар!»

«Æмæ йæ ссардтай, къæрных?»

«Ссардтон æй».

«Цы бафтыд дæ къухы?»

«Къæрныхы къахвæндагæй сихы гауызмæ рахызтæн Хуыцауы фæрцы».

«Ахæм алæмæты хæрзиуджытæ дæ хуызæн къæрныхты къухты æфтынц!»

«Ды дæр дзы нæ баззадтæ цух, наиб. Уымæн йе ’вдисæн æз æмæ уæртæ уыцы хъамайы лæппын!»

«Къæрных цы бавдиса, уый кæй бауырндзæн».

«Де уæхсчытыл уый æппæт туджы уæзæн пъагæттæ... Кæд дыл нæ уæз кæнынц, цытджын наиб?..»

Абди та ныххудтис. Цыма стъолы сагъд хъама дæр худгæ кодта, йæ цæст дзы нæ иста Садуллæ.

...Хъамайы фистон нæ, — калмы сæр уыдис. Хæфс кæй дзыхы ныххаудта, уыцы калмы сæр. Цæстыты бынаты дыууæ зынаргъ налмас-налхъуыты мингъуыз тынтæй æрттывтой. Се ’рттывдмæ цырагъы рухс ныттар ис.

Худтысты Абди-къæрных æмæ йæ хъама. Саад-Уллахъы къухы афтæ никуы худтис уыцы цыргъаг.

Стъолæй йæ сæфтыдта, æркасти йæм.

...Имам Шамил ма Веденойы бадтис, цæцæн-мæхъхъæлы фæсивæд ма джауырты туджы æхсадтой сæ кæрдтæ. Саад-Уллахъ фæстæмæ рацæйздæхт «уырдыгæй». Æрмæст иу фæсдзæуин уыдис йемæ, — афтæ домдтой Аллах æмæ зын уавæр. Туджы зæй уæддæр цыдис, — Османы-фырт уырыссаг сæрдармæ цы бæрæг бахаста, уымæй нал фæарфдæр уыдаид.

Гъе уæд дæр афтæ æнæнхъæлæджы æрбасæррæттытæ кодтой йæ размæ. Саад-Уллахъы роцъойыл дамбацайы уазал был сæвæрдта къæрных Абди.

«Цытджын наиб джауырты сæрдармæ цæй сæраппонд бацыд, уый абырæг паша зоны, фæлæ дын сомы кæны иунæг Аллахæй, йæ дзурæнтыл гуыдыр сæвæрдзæн, уымæн æмæ Аллах загъта: искæй хъуыддаджы дæ фындз ма тъысс... Фæлæ иугæр цæст мæнæ уый хуызæн налхъуыт-налмасы мингъуыз æрттывдæй куы куырм кæна»...

Абди фæлæбурдта æмæ наибы ронбасты тъыст хъама стыдта.

Йæ фыд-иу ын дзырдта, нæ фыдæл, зæгъ, æй Дамаскæй æрхаста, йæ цæстытæ æгас Цæцæны æрдæджы аргъ сты, загъгæ.

Цыдис фыдæй фыртмæ æгас Цæцæны æмбисы аргъ хъама. Ныр дзы наиб Саад-Уллахъ афтид абадтис.

Йæ дыууæ цæсты хуры цæлхытæ ныббырыдысты. Уазæгмæ бакаст наиб.

— Хадзыйы сарыхъ ныккодтай дæ сæрыл, къæрных! — дзуры уый.

— Хуыцауы цы бафæнда, уымæй фæиртæсæн нæй, наиб... Мæнæн хадзыйы цыллæ сарыхъ бахай кодта, дæуæн та!..

Наиб хъамайæ февзыста Абдимæ, уый та йæ пæлæзы бын фæтъыста йæ къух:

— Аллах загъта: цыфæнды уавæры дæр дæ зонд ма фесæфæд, уымæн æмæ абон цы фесæфа, уый райсом нал ссардзынæ!

Йæ тæнæг былтæ нылхъывта, афтæмæй ныххудтис Абди.

Дыууæ мюриды æ Мах фысымиуæг зонæм æрбацæуæгæн, — хъавгæ дзуры Муссæ вджид кæй не ’рбацыдаид ардæм, уый зыдта фысым æмæ йæм фæдис ныхъхъæр кæныны фæнд нæ уыд.

— Дзæуджыхъæуы дын сæрмагонд ауындзæн кæй æрцæттæ кодтой, уый нæма зоныс, æвæццæгæн?

— Аллахы цæст алы ранмæ дæр æххæссы. Уый рæстæг нæма æрцыд, æвæццæгæн... Алцыппæтæн дæр — рад.

Кæрæдзимæ бакастысты.

«Персаг нукеры хуызæн, цæй сих дзы ис!» — хъуыды кæны наиб.

— Нæ кæрдтæ сызгæ сты сæ кæрддзæмты, Аллах нæм ахсджиаг тохмæ сиды, — æрæджиау загъта сих.

— Аллах æви сих Хадзы Абди къæрных Эффенди?

— Иунæг Хуыцау æмæ йæ пехуымпар! Уыдон сты се ’ппæты сæр!

— Æвзæр нæ архайыс, Эффенди, дардыл хъуысы дæ хъæргæнджыты сидт! — мæстыйæ дзуры фысым.

— О Аллах, дæу куы фæнда, уæд мæлдзыджы къамбец фестын кæндзынæ!

— Мæнæйма!.. Къæрныхы сих фестын кодта! — йæ хъуыры фæбадт наиб.

Дзигло йæ бадæныл базмæлыд, фæлæ дзургæ ницы скодта.

— Хуыцау загъта: æнæмбаргæйæ чи рæдийа, уымæн ныббар, — æрæджиау загъта уый.

— Мыййаг дын дæ хъæлæс исчи йæхи куы бакæна... Мыййаг дæ сарыхъ дæ сæрæй куы ахауа.

— Ды ахуыр дæ ахæмтыл, фæлæ Уæлладжы нæма фæнды, суанг ын йæ хъусмæ бахаста йæ дзых: — Дзæрæхохты Алхаст æмæ Æлдадты Бæтæхъо нырма удæгас сты æмæ сæ нæма ферох ис сæ бабырсты фæсыкк... Сæ хæстонтимæ сын сæхи куы бацъист кодтой джауыртæ, æмæ ма цалдæрæй тыххæй куы аирвæзтысты, уый... Гъеуæд сын сæ фæнд хъазахъмæ чи бахаста, æмæ уыйæппæт сахъгуырдтæ кæй фыдæй фæцагъды сты, уый рухсмæ рахæссын зын нæу!

Карды дзæхст-дзæхст ссыд Садуллæйы хъустыл æмæ судзгæ æхсидæвтæ ауадысты йæ цæстытыл.

...Талынг æхсæв уыд, фæллад уыдысты Раздзог æмæ Алхасты хæстонтæ. Сæхæдæг лæууыдысты сахълæгтæ хъарагъул. Ламазы афон уыд, — чи ма æнхъæлмæ каст се ’рбабырстмæ! Чи ламаздыхъхъыл æруагъта йæхи, чи та нымæтыл бавæрдта йæ сæр. Раздзог æмæ Алхаст сæ бæхтыл абадтысты æмæ тымыгъау ныззылдысты лæппуты æхсæн:

— Хуыцауы хæс стæй бафиддзыстæм дывæрæй! — сидтысты фæйнæрдæм.

Фæдисау сты: хæсты тæмæны дæр фæлæууы пысылмон йæ кард æвзидынæй Хуыцауы хæс фидыны сæраппонд. Æбуалгъы ми, æбуалгъы ми!

— Уæ нымæттæ ныллыгтæ кæнут æмæ уæ бæхты цæфхæдтæ нымæты чъылбыстæй стухут, — сусæгæй дзырдта Раздзог.

— Тагъддæр! Чи фæтагъд уа, сгуы уый фæуыдзæн, — фарс ын лæвæрдта Алхаст.

Бæхты цæфхæдтæ нымæттæй стыхтой, гæрзифтонгæй сæргътыл абадтысты.

— Гъеныр фæйнæ цырагъы ссарут. Судзгæ сæ скæндзыстут, æз уын куы зæгъон, уæд. Уæ зæрдыл дарут: йæ къухы цырагъ кæмæн нæ судза, уымæн йæ риуы Алхаст кæнæ Бæтæхъойы хъама ныссæдздзæн. Ма ферох кæнут: цырагъ кæмæ уа, уый нæхи, иннæ...

Цæфхæдты къæрцц-къæрццы бæсты фæлмæн гуыпп-гуыпп хъуыст талынг æхсæвы, цыма дæлзæххæй цыд.

Цæстныкъуылдмæ Шатойы цы æфсæддон хай бадтис, уый уæлхъус февзæрдысты. Ныр хъарагъулы æрбаргæвддзысты, стæй цырæгътæ ссудздзысты æмæ гъæтт-мардзæ!..

Бацыдысты. Нæдæр хъарагъулты баййæфтой сæ бынаты, нæдæр — никæй. Йæ саулохаджы æвиппайды фæзылдта Раздзог, фæлæ ма цафон! Сæ уæлхъус хъазахъхъ февзæрдысты.

Æхсидæвтæ ссудзыны бон дæр сæ нал фæцис. Сæ кæрдтæ фæцъортт ластой æмæ хъуыстис талынг æхсæвы æндоны зæлланг, хъæрзын...

— Чи бацыд гъеуæд хъазахъхъы хæрзиуæджы? — фæрсы Хадзы наибы.

Йе уæхсчытæ банкъуыста фысым.

— Цы мæ домыс, зæгъ æй, æмæ дын æй радтон? Хъамайы аргъ нæ мыггаджы ницы уыд, — лæмары тыхæй.

— О наиб Эффенди, уæд мын мæ кæсæнтæ саугуырм бакæнæд Хуыцау, кæд ма уыдон налхъуыт-налмасы æрттывдмæ хæлæг кæнынц!

— Де ’взаг цы дзуры, дæ цæстыты уый не ’рттивы!

— Цæмæй Хуыцауы минæвары сыгъдæг уд æхцонады баленк кæна, уый тыххæй налмасы æрттывд цъус у, наиб!

— Уæдæ ма цы домыс?

— Туг! Джауырты туг! — калмау сыф-сыф кæны сих. — Исламы дин æлгъитыны хыгъд джауырты туг!

— Цъус нæ ныккалд дыууæрдыгæй дæр!

— Уæддæр цæгъдинаг сты! Иу дæр сæ мауал хъуамæ баззайа хъаймæты бонмæ! Ля илляге иль алла!

— Мæлæт дыууæрдæм сæрфы йæ цæвæг! Мыййаг, дæхиуыл дæр куы раныдзæва.

— Уадз! Дзæнæты алкæмæн не ’рцæттæ кодта не Сфæлдисæг бынат! Чи ма баззайа, уыдон уыдзысты Хуыцауы равзаргæтæ.

— Кæд дзæнæтмæ къæрных æмæ наибæн иу фæндаг ис, уæд æз уыцы фæндагыл нæ цæуын!

Абди фысымы къухæй хъама стыдта æмæ йæ уæлиау фæхаста:

— У-у-у, мæлинаг!.. Афтæ нæ хъуыды кодтай, де ’взагæй джауыры гауыз куыдзау куы сдæрдтай, уæд!

Цыргъаг йе тары бафснайдта, дуары ’рдæм скодта йе ’ргом. Фервæзтæн, зæгъгæ, фыдфынæй, рог сулæфыд Садуллæ. Фæстæмæ фæзылд æхсæвы уазæг:

— Байрамы стырбонмæ бирæ нал баззад, йæ хорзæх дæ уæд, наиб.

Дзуры йæм уый.

— Дард нæ цæуæм джауыртæй, Дзæуджыхъæуæн йæ тæккæ фарсмæ æрæмбырд уыдзысты, стыр Аллахæн æхцон чидæриддæр у, уыдон иууылдæр!..

— Джауырты тæккæ цæсты раз!..

— Цалынмæ нæ фæфиппайой æмæ се ’муд æрцæуой, уалынмæ сын мах сæ хурх балхъивдзыстæм!..

— Дæ развæндаг къæрныхы къахвæндагæй фæуæрæхдæр кæнынмæ хъавыс?

— Уый дæр Хуыцауы фæндон у!.. Ды дæр æрбацæудзынæ, дæ къух кæуыл дарыс, уыдонимæ!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: