II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 16 глава




— О Аллах, фехъуысæд дæм! — ныббогъ ластой иннæтæ.

— Хъусут иунæг Аллахы ахсджиаг фæдзæхстмæ, о рæстуырнджытæ! — Хадзыйы цъæхснаг хъæлæс къултыл ныххоста йæхи. — Дæ иу къухы — хъуыран, иннæйы та — æхсаргард!.. Ахæм у Иунæджы фæдзæхст!

— О Хуыцау, бафæндæд дæ!

— Хуыцауы бафæндæд, цæмæй бæрзонд хæссат хъуыран æмæ æхсаргард! — йæ цæстытæ зынджытау ссыгъдысты Хадзыйæн.

— Хъуыран æмæ æхсаргард! — сфæлхат кодтой кувæндоны къултæ.

— Æрæввахс ис хъаймæты бон, уыцы бонмæ та удæгас баззайдзысты æрмæст йæ равзаргæтæ... Афтæ у йæ фæндон, мæ уд — йæ къæхты бынты фæхъхъау, уастæн.

— Мæ уд — йæ къæхты бынты фæхъхъау, уастæн!

— Хъуыран уын ныррухс кæнæд уæ зæрдæтæ, æмæ рухс зæрдæйæ цæгъдут цъаммар джауырты!..

— О Хуыцау, бафæндæд дæ!

Сих тымбыл къухæй ныххоста йæ риу:

— Цæгъдут æмæ æргæвдут цъаммар джауырты, зæгъы, хъаймæты бонмæ сæ иу дæр куыннæуал баззайа!

— Эй, алла! Эй, алла!

— Кæнæ — хъуыран, кæнæ та пысылмоны кардæй — мæлæт, зæгъы нæ ирвæзынгæнæг!

— Кæнæ — хъуыран, кæнæ та — мæлæт!..

— О Аллах! — уыцы иу схъæл фæкодта йæхи. — Алкæй нæ бауадзыс дæ хæтæнтæм, алкæй нæ фæвæййы ахæм стыр амонд!

— Эй, алла! Эй, алла!

— Æз — дæ иузæрдыг цагъар, æз — дæ къæхты рыг, Стыр Хуыцау! — Абди æррайы хуызæн ссис. — Æрмæст æз фæдæн, зæрин былтæй цы зæрин ныхæстæ цыд, уыдоны æвдисæн. Дæ рухс хæтæнты фæхæтыдтæн иу уысм, æрмæст иу уысм, фæлæ мын мæ тæригъæдджын уд æнусмæ уæларвы ныууагътай.

— О Стыр Хуыцау! — Хъазийы цъæхснаг хъæлæс æвзæры иумæйаг гъо-гъойæ.

Абдийы комы фынк калдис.

— Нырæй фæстæмæ дæ дзыхæй дзурдзæн, дæ иузæрдыг цагъар сих Хадзы Абди Эффенди! — йæ цæнгтæ хъандзалтау ныттынг ласта. — Банымæг уæд уыцы буар, уæларвæй æртæхгæ уды коммæ чи нæ бакæса, о Стыр Хуыцау! Æвиппайды йæ цæнгтæ æрæппæрста, йæ сæр риуыл æрхаудта, афтæмæй иудзæвгар æмырæй лæууыд. Минæвæрттæ æндзыгæй кастысты сæ раздзогмæ.

Йæ сæрыл схæцыд, йæ цæстытæ та пиллон арт суагътой, фæлæ ныр уæларвы, Стыр Аллахы хæтæнты нал хæтыд. А зæхмæ æрыздæхт, йе ’мдин адæмы æхсæнмæ.

Хъазийы хус уæхсчыты ныссагъта йе ’нгуылдзтæ, йæхирдæм ыл æрбахæцыд. Йе ’мбыд дæндæгты смаг моллойы æмбудæнтыл сæмбæлд æмæ йæхи фенцъылдта, фæлæ та уайтагъд йæ цæсгомыл коммæгæсы мидбылхудт ферттывта.

— Дæ хæрæгыл базыртæ хъуамæ басадзай, Хъази! — йæ дзыхæй æхсидæвтæ калдта сих. — Æхсæвæй-бонæй хъуамæ кæнай цæугæ нæ, фæлæ — тæхгæ!.. Афтæ фæнды Уæлладжы! Ма хъуамæ фæцух уай куывдтæ æмæ стырбонтæй, иу æвзаджы бæсты дæ комы хъуамæ разайа дæс æвзаджы. Афтæ фæнды Уæлладжы... Дины сæрыл тохмæ сахъ фæсивæды хъуамæ растын кæнай... Нæлгоймæгтæй йæ бон кард сисын кæмæндæриддæр у, сегас дæр цæттæйæ хъуамæ лæууой!..

Хъази астæрдыл æрцавта йæ цыллæ сарыхъы чъил æмæ сихы пæлæзыл авæрдта йæ хус былтæ:

— Бузныг де ’ууæнчы тыххæй, æмæ дын Иунæг Аллах бафидæд дæ хæрзиуæг, о Хадзы Эффенди!

— Хадзы-Магома! — Абди пухбоцъоджынмæ фæзылд. — Дæ хæргæфс цырд уайы зæххыл, фæлæ уый фаг нал у. Дымгæйау хъуамæ тæха, дымгæйау! Кæсæджы фæсивæды удтæ — дæ фæдзæхст. Бирæ ис уыдоныл дæр Хуыцауы хæрзиуæг! — Абди та йæ цæнгтæ Хуыцаумæ сдардта. — Джауыртæ афтæ æнхъæлынц, ома бынтон сцух ис а бæстæ исламы динмæ быцæу лæуджытæй. Нæ ныууадздзæн Аллах йæ адæмы рохуаты æмæ сын фæзындзæн, газаваты сæ разæй тохмæ чи ацæуа, ахæм сæргълæууæг!

— Дæ аудындзинад бирæ, Имам-Эффенди, æмæ де ’ууæнкæй макуы сцух уæд пысылмон адæм! — уыцы иугъæдон хъæлæсæй дзуры Хадзы-Магома.

— Саад! — ныллæггомау, фæтæн лæджы урс сарыхъыл авæрдта Эффенди йæ пырх къух. — Мæхæдæг дæр арæх вæййын Цæцæн-Мæхъхъæлы уазæгуаты... Цы аразын хъæуы, уымæй фæстæмæ нæ алæудзынæн, фæлæ цырд лæуу! Зон: Цæцæн-Мæхъхъæл хъуамæ суа дины сæрыл тохы тырысахæссæг... Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах!.. — балхынцъ ласта йæ ныхас Абди Эффенди.

— Ля илляге иль алла! — ныггуылф ластой минæвæрттæ æмхъæлæсæй.

— Сау барджыты сбадын кæнут сау бæхтыл, — фæтъæлланг ласта Хадзы, — фæдис ныхъхъæр кæнут фæйнæрдæм! Алчидæр æй бамбарæд, сау бон ныл кæй ныккодта цъаммар джауырты фыдæй! Хынджылæг нын кæй скъæрынц нæ сыгъдæг динæй!.. Сау хабар фæхæццæ кæнут алы къуыммæ дæр æмæ ссудзут пысылмон фæсивæды зæрдæты тугисыны æнкъарæн!.. Цæгъдут тыхгæнджыты, фынæйæ уа, йе хъалæй, кæмдæриддæр сæ баййафат! Ма сыл бацауæрдут, афтæ фæнды Стыр Аллахы!

— Эй, алла! Эй, алла! — сцæйтыдта цар уыцы хъæрæй.

— Терк æмæ Сунжæйы цæугæдæттæ хъуамæ ссырх уой джауырты тугæй. Дард нæ ацæудзыстæм, Дзæуджыхъæумæ æввахс æрæмбырд уыдзыстæм, Сунжæйы цы джауыртæ бады, уыдоны уал ассæнддзыстæм, стæй уырдыгæй сæ сæйраг ахстонмæ дæр бавналдзыстæм... Грознайы фидар ныддæрæн кæндзыстæм... Уыцы цъаммæрттæ сæ чъизи къæхтæй цы бынæттæ нæмынц, уым стыр Аллах æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæты цытæн ламаз скæндзыстæм!

— Аллах, фехъуысæд дæм!

Хъазийы уæнгтæ барызтысты уыцы ныхæстæм:

«Джауыртæй кæуылдæриддæр фембæлæм, уыдонæй иуæн дæр хатыр ма хъуамæ уа!» — дзæккорау ын хостой Хадзыйы ныхæстæ йæ къæмисæнтæ.

«Ау, æмæ ирæй цъус ис чырыстонтæ?» — хъуыды кодта уый.

Муссæ æрбалæууыд йæ зæрдыл, æмæ йæ зæрдæ чысыл фæрухсдæр ис:

«Атындзын хъæуы Скъуыдкъохмæ, чысыл зæххон Хуыцаумæ!» Сихы хъæрахст æй фæхицæн кодта йæ хъуыдытæй.

— Хъаймæты бон кæй æрæввахс, уый хъуамæ бамбара алы пысылмон дæр, уый хъуамæ фæхæццæ уа алы рæстуырнæджы зæрдæмæ райсомы ламазæй раздæр. Уыцы бон хъуамæ æрцæуа джауырты сæфт, ахæм у Уæлладжы фæндон!

Фæсыкк сты. Æрæджиау айхъуыст чъызгæ хъæлæс:

— Æмгъуыд... æмгъуыд цы бонмæ скæнæм?

Уый Хъази фарста.

— Æмгъуыд — Байрамы стырбон, йæ хорзæх уæ уæд!.. Стырбонмæ алчидæр фæцæуы æмæ нæ æфсон уыдзæн! — Эффенди кæрæдзийыл ныхæст армытъæпæнтæ йæ риуыл авæрдта, йæ риуæй сæ йæ былтæм схаста, уый фæстæ та — йæ ныхмæ æмæ уырдыгæй иууыл уæлæмæ — Хуыцаумæ.

Хъази фестъæлфыд:

«Байрам!.. Байрам!.. Байрам!..» — гуым-гуым фестадысты кувæндоны къултæ.

«Цы ма баззад Байрамы стырбонмæ?.. О Стыр Хуыцау, радт мын тых, басадз æцæгдæр мæ хæрæгыл базыртæ æмæ мæ рæхджы фæхæццæ кæн Скъуыдкъохмæ... чысыл Хуыцаумæ!»

Абдийы хъæр та анæрыд:

— Зонут æй: Аллах не ’вварс лæууы сыгъдæг тохы æмæ нæ разæй цæудзæн урсбæхджын барæг!.. Уыцы барæг уыдзæн пехуымпар Мæхæмæт!..

— О Аллах, дæ хорзæх радт!

Радгай цыдысты Хуыцауы минæвæрттæ, Хадзыйы къухыл иу сæ былтæ авæрдтой æмæ-иу дуары ’рдæм сыдз-мыдзы ацыдысты.

...Хъази йæ хæрæгыл абадт æмæ йыл уисæй ныккалдта «Цы ма баззад Байрамы стырбонмæ?.. Кæцы Хуыцау фæразæй уыдзæн?»

Хъазийы уæнгтæ барызтысты:

«О Хуыцау, ма рауадз туджы къæвда!.. Йæ хъуыры йын фæбадын кæн йæ сау фæндтæ!» — кувы йæхимидæг молло æмæ Скъуыдкъохы ’рдæм тындзы.

Дыууæ арты æхсæн бахаудта, кæцыйы хай фæкодтаид йæхи, уымæн ницы зыдта. Фæстейæ баззад стыр Аллахы минæвар сих Хадзы Абди Эффенди. Разæй йæм æнхъæлмæ каст йæ чысыл зæххон хуыцау Куындыхаты Муссæ. Ард бахордта сæ дыууæйы раз дæр, фæлæ Абдийы сомы басæттын Хуыцауы сомы басæттынæй хъауджыдæр нæу æмæ йыл уæд Барастыр зындоны ныппарынæй нæ бацауæрддзæн. Муссæйы сомы куы басæтта, уæд, чи зоны, нæ ныххауа сыгъдæг адæймаджы уд зындоны, фæлæ уый хыгъд йæ чъылдымы кард ныссæдздзæн, æмæ цы уæлдай у!..

Стæй йыл уыцы «къæрных» дæр нæ бацауæрддзæн марынæй.

Хъази дзуарæвæрд армытъæпæнтæ йæ былтыл авæрдта æмæ йæ сæр хæрæджы бæрзæйыл æркъул кодта.

«О Иунæг Хуыцау, дæуæн кувæг дæн æхсæвæй-бонæй!.. Дæ дæлбазыр бакæн дæ иунæг цагъары, Иунæг Хуыцау!..»

Нæмы уисæй хæрæджы, тындзы Скъуыдкъохмæ Хуыцауы минæвар.

XVI. ЗÆХХЫБИКЪ

Сихоры ламазы афон ссис, фæлæ Хъазийæ Хуыцауы хæс фидын айрох æмæ комкоммæ смидæг Муссæйы хатæны.

Скъуыдкъохæй æддæмæ нал каст афæстаг рæстæджы Тæгиан-æлдар.

Йæ къухы фыссæн сис, афтæмæй фыссинаг гæххæтты уæлхъус æдзынæг бадтис инæлар. Дуары хъинцъ куы фæцыд, уæд гæххæтт дæлгоммæ æрфæлдæхта æмæ йæ сæрыл схæцыд.

— Æрбахæццæ дæ, Хъази? — Моллойы цæсгоммæ фæкомкоммæ æмæ та йæ афарста: — Сургæ дæ чындæуыд, æви рынчын дæ?

— Фæлтау рынчын куы уаин...

— Æгæр дардыл та куы нæ æрзилис...

Молло йæ къухтæ æррайау батылдта:

— Нæ, нæ, дардыл бæргæ не ’рзилдзынæн, фæлæ...

— Фæлæ цы? — Муссæйы хъæлæс уыдис тызмæг.

— Мæ уæраг асæттæд, ды мын кæуылты бацамонай, ууылты куы нæ ацæуон!

— Негас дæр Стыр Хуыцауы амынд фæндагыл цæуæм, Хъази.

—...Уым цы федтон, уый куы нæ федтаин æмæ саугуырм куы бауыдаин, фæлтау мын Хуыцау хъустæ куы нæ радтаид, æмæ уым цы фехъуыстон, уый куы нæ фехъуыстаин!.. О Хуыцау, цæмæн мын радтай хъустæ æмæ цæстытæ!..

Муссæ йе ’рфгуытæ æрбассывта:

— Æнæхъус æмæ æнæцæст минæварæй цы хъавы Хуыцау?

— Байрамы стырбонмæ ма цас баззад? — æвиппайды афарста Хуыцауы минæвар.

Муссæ фæджихау:

— Хуыцауы минæвар ды дæ æмæ фæрсгæ та мæн кæныс?.. Науæд дæ цæмæн бахъуыд?

— О Иунæг Хуыцау, кæм дæ! — ныхъхъæрзыдта молло. Бæргæ, куы нæ мæ хъæуид æмæ стырбонтæ хынцын æрмæст Хуыцауы минæвæртты хъуыддаг куы уаид!

Муссæ йæ фæурæдта:

— Куыд дæм кæсын, афтæмæй æгæр бафæлладтæ. Ацу, дæ Хуыцауы хæс уал бафид, стæй дæ фæллад суадз æмæ ламазы æхцондзинад дæ удмæ куы бахъара, уæд кæд æрæрвонг уаис. Ныхас дæр гъеуæд акæндзыстæм, — загъта уый æмæ йæм йæ чъылдым фездæхта.

— Нæ, нæ, нæ! Дæ Хуыцаумæ скæс, æрбайхъус мæм! — Йæ къухтæ батылдта Хъази. — Æз дын цы зæгъынмæ хъавын, уый, чи зоны, Хуыцауы хæс фидынæй хъауджыдæр нæу!.. Æнæхъуаджы дæ нæ афарстон Байрамы стырбонæй, — тæфсæгæй рынчынау дзырдта молло. — Цы ма йæм баззад? Хæрз цъус, хæрз цъус... Стæй, чи зоны, тъымы-тъымамæ æлгъыстаг фæуæм, цы зыдтам, уый нæ зæрдæты æмбæхстæй кæй фæдардтам, уый тыххæй.

— Байрамæн дæ йæ хорзæх уæд... Ныр дæр æй нæ зæгъдзынæ?

— Дæу дæр уæд йæ хорзæх, фæлæ нын хорзæх æмæ хæрзиуæджы бæсты тугуарæнтæ куы æрхæсса, уæд та?

Æвиппайды фæзылд Хъазимæ:

— Цæй тугуарæнты кой кæныс, Хуыцауы минæвар?

— О Хуыцау, уæд та мæ къуырма куы бакодтаис уыцы уысм æмæ куы ницы фехъуыстаин!.. Æмгъуыд скодта, æмгъуыд!

— Цæй æмгъуыд? — афарста ныр цымыдисæй Муссæ.

— Ног тугпырхы æмгъуыд... Сауадаг фæстейæ аззайдзæн!..

Хъазийы кæрцы дыс ацахста инæлар:

— Чи скодта æмгъуыд, уый ма мын зæгъ, Хуыцауы минæвар?

— Æмгъуыд чи скодта, уымæн æлгъыст фæуæд йæ ном дæр æмæ йæ уд дæр... сих Хадзы Абди Эффæнди!

Муссæ моллойы феуæгъд ласта.

— Сих Абди Эффенди?

— О, Абди Эффенди... Хуыцауы азар ныккæлæд йæ сæрыл, уастæн!

Йæ цырыхъхъыты бырынчъытæм кæсгæйæ уаты дыууæрдæм рацу-бацу кодта инæлар.

— Эффенди дæр ссис? — дзуры уый.

— Эффенди дæр ссис, сих дæр, хадзы дæр! — йе ’фсæртæ тилы Хъази.

— Уæд афтæ даргъ нæ уыд йæ ном!..

— Уæдæ цы уыд?

— Абырæг Абди, гъе уый дын йæ ном.

— Абырæг Абди?.. О Аллах, цытæ хъусын!

— Талынг æхсæвимæ æмхиц уыдысты.

Молло сусæгæй Хуыцаумæ цыдæртæ сыбыр-сыбыр кодта, инæлар бæрц къахдзæфæй уаты къуымтæ барста.

— Цы уын бафæдзæхста сих Хадзы Абди, къæрных Эффенди? — афарста йæ æрæджиау.

— Фæсивæды удтæ, — ныллæг хъæлæсæй дзуры уый. — Байрамы стырбонмæ цæттæйæ хъуамæ лæууой... Хъаймæты бон йæ хъусæй æрласынмæ хъавы Хадзы Эффенди.

— Æндæр ма?

— Джауырты тæккæ цæсты раз æрæмбырд уыдзысты стырбоны æфсон!.. Стæй райдайдзысты чырыстонты цæгъдын. Фæйнæрдæм, дам, анхъæвздзыстæм æмæ, дам, фæстейæ нал ныууадздзыстæм Дзæуджыхъæуæй, Грознæйæ, Дагъыстанæй...

Молло банцад йæ дзурынæй. Инæлар уæддæр цæуы дыууæрдæм.

— Раздзогæн йæ къухæй йæ кард ратонынмæ хъавы къæрных Абди? — астæрдмæ дзуры фысым.

Зæронд лæг йæ цæстытæ фæирд кодта.

— Нæ, адæм афтæ нæ зæгъынц.

Муссæ дзыхълæуд фæкодта:

— Уæдæ куыд зæгъынц?

— Алыгъуызон æбуалгъы ныхæстæ. Сæ зæгъынмæ лæджы æвзаг нæ тасы.

— Сегас мæ нæ хъæуынц, сæ ахсджиагдæр мын зæгъ.

Молло уызынау нымпылд, йæ боцъотæ зæхмæ æххæстысты.

— Адæм та, дам, сæ цыргъæгтæ ссынц, тохмæ сæм чи сиды, уый нæ зонынц, афтæмæй.

Йæ цæстæнгас æм фæцарæзта, арцы бырынкъау.

— Ау, кæд сæм чи сиды, уый нæ зонынц, уæд тохмæ кæй фæдыл цæуынц.

— Æмæ-гъа!.. Мæ онг дзы иу æрхæццæ ис, кæд мæм нæ фæхъыг уыдзынæ, уæд дын æй зæгъдзынæн!

— Зæгъ æй. — Туг йæ цæуынæй ныллæууыд дадзинты мидæг.

— Хадзы Абдийы зонгæ дæр нæ кæнынц пысылмонтæй бирæтæ. Уый, дам, нæм Аллах йæхæдæг сиды ахсджиаг хæстмæ, æрцыдис мæ хъустыл... Тохы, дам, бардуаг цæудзæн нæ разæй æмæ, дам, уыцы бардуагæн йæ бадæн ис...

— Кæм? — афарста æвиппайды.

— Скъуыдкъохы! — æвиппайд æрчъепп ласта молло. — Ахсджиаг хæстыл куы фæныхас кæнынц рæстуырнæг пысылмонтæ, уæд сих Абди æмæ Раздзоджы нæ бауромынц фæрсæй-фæрстæм!

— Уæдæ кæй?

— Раздзог æмæ Куындыхаты Муссæйы.

Йе уæнгтæ æрлæмæгъ сты æмæ къæлæтджыныл æруагъта йæхи.

«Уый цух ма уыдтæн, гъе!» — тымыгъау схæццæ сты йæ сæры алыгъуызон хъуыдытæ.

«Дæхæдæг æй нæ агуырдтай?»

«Цы? Цы?»

«Мæнæ дын гъеныр молло цы загъта, уый!»

Ницыуал загъта, молло кæмдæр фæсфæд аззад.

— Æбуалгъы ныхæстæ! Лæгæн йæ хъуын барц сбады, — гуым-гуым кæны Хъази. — Чи та афтæ дзуры...

— Куыд дзуры? — æрыздæхт та а бæстæм Муссæ.

— Чи та афтæ: Стыр Аллах Муссæйæн раргом кæны йæ фæндтæ æмæ сих Абди Муссæйы фæндæй сиды фæдисмæ, зæгъгæ!..

Моллойы хъустыл худыны уынæр сæмбæлд, сусæг худыны уынæр. Йе уæнгтæ барызтысты уыцы худынмæ æмæ йæ хицаумæ гæдыйы каст скодта.

«Гъеуый хуыздæр, гъе!» — ферттывта инæлары сæры.

— Æндæр ма?

Хъази йе тары йæ къух нытътъыста æмæ дзы цыдæр агуры.

— Æндæр ма мæнæ уый.

Хуыцауы минæвар йæ хицаумæ цавæрдæр гæххæтты гæбаз балæвæрдта.

— Лæджы цы нæ фæнды, уый дæр ын бафтауы Хуыцау йæ къухы... Мæнæ ма уый бакæс, хицау...

Муссæ гæххæтт раскъæфта æмæ дзы йæ цæстытæ фæсагъта.

«Ракæнут уемæ уæ бинонты, рахæссут, цыдæриддæр уæ дзаумайæ хъæуы, уыдон иууылдæр, æмæ ралидзут Туркмæ, — уе ’мдин стыр султаны дæлбазырмæ!..»

Цыма йæ буар мæлдзгуытæй байдзаг, афтæ йын бахъыдзы кодта.

«Мухаммед Насерат — туркаг къамисар! Мухаммед Насерат — туркаг къамисар!» — фæлхат кæны йæхимидæг æмæ зæрдæ худы.

— Чи дæм радта ацы гæххæтт?

Молло фестъæлфыд æнæнхъæлæджы фарстæй.

— Куы зæгъын, лæджы цы нæ хъæуы, уый дæр бафты йæ къухы. Мæхæдæг дæр ын ницы базыдтон, афтæмæй...

— Кастæ йæ?

— Хъуыраны сыгъдæг дамгъæтæй фыст уыдис. Зæгъын, мыййаг, мæм Хуыцау куы фæхъыг уа æмæ...

— Æмæ йæм æркастæ?

Худыны хуызæн уынæр та аныдзæвд моллойы хъустыл. Кæд ма Муссæйы йеддæмæ уатмæ исчи æрбацыд, зæгъгæ, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта.

Хатæны сæ дыууæйы йеддæмæ ничи уыд, худын уæддæр хъуыст кæцæйдæр.

Муссæмæ фæкомкоммæ ис æмæ джихæй аззад.

Инæларæн фырхудæгæй йæ сæвджын уæхсчытæ æнкъуыстысты.

— Хи, хи, хи!.. ха, ха, ха!.. Хо, хо, хо!..— æрвнæрдау, хъуыстис ныр Хъазимæ æнахуыр худт.

— Халон, дам, цыхты къæртт ссардта кæмдæр æмæ йын æй рувас аскъæфта. Хо, хо, хо!.. — худтис уый.

— Аллах! — йæ хъустæ йæ армытъæпæнтæй амбæрзта молло.

Æвиппайды йæ худын фæуагъта:

— Аллахы йæ бынаты уадз æмæ ды дæ хъуыддаг кæн, Хуыцауы минæвар!

— Хъуыддæгтæ бирæ сты. Кæцыйы саразын уыдзæн хицауæн æхцон?

Арцау æм фæдардта йæ амонæн æнгуылдз.

— Сих Хадзы Абди — къæрных Эффенди дын кæй бафæдзæхста, уый.

— Цытæ хъусын... Æмæ стæй Байрамы стырбон та?.. Кавказы, кæнæ Иры иууыл пысылмонтæ цæры?

— Уадз, уадз... Цас фылдæр, уыйас хуыздæр. Уымæй Тæгиаты куыройы дон нæ цух кæны. Стæй ривадæй дæр нæ фæзилдзæн... Ды, абырæг Абди дын цы бафæдзæхста, уый кæн. Ма фæцух у ныхасæй, — куывды цалынмæ саргъауай, уалынмæ йæ дзыхмæ къæбæр хæссын макæмæн бауадз... Аргъаугæ та, абырæг Абди дын куыд бацамыдта, афтæ хъуамæ кæнай, хъусыс?

— О Иунæг Хуыцау, цæмæн нæмын мæ тæригъæдджын къæхтæй цъыф!

Муссæ гæххæтт стылдта йæ къухы:

— Мæнæ дæ уый ма ферох уæд, Хуыцауы минæвар. «Не ’мдин стыр султаны дæлбазыр!» Ха, ха, ха!.. Æдылыкъоппа, сау халон, йæ цыхты къæртт рувас кæмæн аскъæфта.

— О Хуыцау, ды у ме ’ххуысгæнæг!

Хъæрццыгъайау слæууыд йæ уæлхъус:

— Цæцæйнаг Алханты сахъ Алханы зыдтаис?

Йæ астæу фесхъæл кодта Хъази.

— О, куыннæ! Рухсаг уæд Алхан... Бирæйыл æруад уымæн йæ фæринк, фæлæ йæхæдæг...

— Фæлæ йæхæдæг кæй къухæй рафтыд, уымæн ды ницы зоныс...

— Паддзахы къухæй иу æмæ дыууæ Алханы хуызæн сахъгуырд нæ рафтыд.

— Уырысы сæ бынаты уадз, Алханы фæмарды уыдон ницыгæнæг сты!

Молло йæ дзых йæ армытъæпæнæй амбæрзта:

— Афтæ йæ дзырдтой чысылæй-стырæй.

— Афтæ йæ дзырдтой, фæлæ афтæ нæ уыд.

«Цыдæр та зоны», — ферттывта хъуыды цыллæ сарыхъы бын.

Комкоммæ йæм дзуры Муссæ:

— Уырысы къухæй нæ, фæлæ абырæг Абдийы къухæй рафтыд Алхан.

Æрвдзæфау фæцис молло æмæ ма афтæ бакодта:

— Никуы фехъуыстон, Хуыцау — ме ’вдисæн.

— Нæ дæ бахъуыд æмæ нæ фехъуыстай... Мæн дæр гъенырмæ куы бафарстаис, уæд загътаин, никуы фехъуыстон, уымæн æмæ мæ не ’ндæвта.

— Гъеныр та?

— Гъеныр мæ æндавы... Алханæн иу саулохаг уыд, — дымгæйау тахтис. Дугъы йæ разæй никæй уагъта, — йæхиимæ дзурæгау кодта уый. — Уыцы саулохагмæ бахæлæг кодта абырæг Абди, фæлæ йæ къухты нæ бафтыд, Алханы цæст æрттивгæйæ.

— Хуыцауы азар йæ сæрыл ныккæлæд!

— Азар нæ, фæлæ Хуыцауы хорзæхтæ ныккалдысты йæ сæрыл. Сих Хадзы имам Эффенди ссис. Абырæджы ма чи фиппайы, уый кæмдæр фæсаууон бамбæхст... Уый фæстæ йе ’мбæлттимæ кæмдæр Алханыл фембæлд, йæ риуыл ын нæмыг ныххуырста, фæлæ йын бæх байсын уæддæр нæ бантыст.

— Ау, кæд æй амардта, уæд ма йæ цы баджиздардта?

— Йæ чысыл къæбыла Махмуд йемæ уыд Алханæн æмæ йæ фыды æд бæх абырæджы хъæлæсæй аскъæфта.

— Бæдæйнаг лæппу!

—... Уый фæстæ æртæ азы Турчы фæцис, абырæджы хъуынджын худ Хадзыйы цыллæ сарыхъæй раивта, Кавказмæ кадджын лæгæй æрбаздæхт.

— Æрмæст Уæллагæн у ахæм алæмæт скæнын йæ бон.

— Йæ цъар æмæ йæ ном раивта, фæлæ абырæгæй баззад. Ног хицау ын йæ базыртæ кæй ацæгъдид, уый хаты уыцы абырæг æмæ уымæн тæлфы... Зоны йæ: хицауы къухы куы бафта, уæд ын йæ сæр ауындзæны цæджы æнæатъысгæ нæй æмæ уымæн хæты фæсвæдты, къæрныхау.

«Цымæ ды та кæуылты хæтыс?» — Гæдыйы каст æм скодта.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: