III. Нывы мидис радзурын. 1 глава




КЪЛАСЫ

«ЛИТЕРАТУРОН КÆСЫНАД»-Ы

ЧИНЫГМÆ

 

 

 

 

Уагъд æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады барлæвæрдæй эксперименталон форматы пайда кæнынæн

 

 

Дзæуджыхъæу


Учебно-методический комплекс подготовлен на ка- федре ЮНЕСКО Северо-Осетинского государствен- ного педагогического института в рамках проекта Фе- деральной целевой программы развития образования.

 

Авторы проекта – Р. С. Бзаров, Т. Т. Камболов, Л. А. Кучиева, А. А. Левитская

Руководители проекта – Т. Т. Камболов, Л. А. Кучиева

 

Дзапарты З. / Дзапарова З. Г.

Методические указания к учебнику «Осетинское чтение» / 2 класс.

 

 

© Дзапарова З. Г., 2020


Разныхас

 

Ацы методикон амындтытæ арæзт сты 2-аг къласы кæсыны программæмæ (æдæппæт 51 сахаты). Чиныджы ис, программæйæн цас хъæуы, уымæй фылдæр тексттæ. Ахуыргæнæгæн йæ бон у уацмыстæ йæхи фæндонмæ гæсгæ равзарын.

Программæйы æрмæг лæвæрд цæуы тематикон принципы бындурыл.

Нæ сæйраг хæс у, 2-аг къласы кæсыны урокты цавæр методикон фæрæзтæй пайда кæнын хъæуы, уый ахуыргæнæгæн равдисын. Фæрстытæ, хæслæвæрдтæ здæхт сты уымæ, цæмæй кæсгæ-кæсын ахуырдзау æмбара алы дзырды нысаниуæг дæр, йæ бон уа уацмысæн аргъ скæнын, хъайтарты миддуне банкъарын, автор цы зæгъынмæ хъавыд, уый бамбарын.

Ахуырæн æвзæрст æрцыдысты, аивадон æмæ хъо- мыладон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм уацмыстæ. Ис дзы æндæр адæмты уацмыстæй дæр. Уыдон скъоладзау- ты зонгæ кæнынц æппæтдунеон аивадон хæзнатимæ.


Къæлиндарон-тематикон пълан

2-аг къласы кæсыны чиныгмæ

 

 

Ныхасы темæ Урочы темæ Къуыритæ. Сахæтты бæрц
  Сæрды мысинæгтæ 1 − 5 къ.
  Чеджемты Геор. Æрдзы диссæгтæ. 1 с.
  Гаглойты Владимир. Хъæды чиныг. 1 с.
  Токаты Алихан. Изæрæй. 1 с.
  Тъехты Амыран. Худæй ахстон. 1 с.
  Борис Сергуненков. Кæм бамбæхсы сæрд. 1 с.
Уæлæмхасæн æрмæг
  Баситы Мысост. Розæ - дидинæг.  
  Коцойты Арсен. Хъæбатыр Габо.  
  Уырымты Петя. Кæсагахсæг.  
  Цæрукъаты Валодя. Къæвда.  
Тагъддæр уайут уе скъоламæ! 6 – 7 къ.
  Хетæгкаты Къоста. Лæгау. 1 с.
7-8 Лианæ Даскалова. Алæмæты дис- сæгтæ. 2 с.
  Виктор Голявкин. Партæйы бын… 1 с.
Уарзын дæ, сыгъзæрин фæззæг! 7 – 9, 11 къ.
  Чеджемты Геор. Буркуырæтджын. 1 с.
  Николай Сладков. Фæззæг – къæ- сæрыл. 1 с.
  Быгъуылты Чермен. Мыст æмæ сырд- донцъиуы аргъау. 1 с.

 


 

  Ситохаты Саламджери. Сырддон- цъиу. 1 с.
Уæлæмхасæн æрмæг
  Чеджемты Геор. Æрæгвæззæг.  
  Æрмæг фæлхат кæнынæн  
Хорзæй хорз зæгъын хъæуы, æвзæрæй та – æвзæр 12–16 къ.
  Дзесты Куыдзæг. Æххуысгæнджытæ. 1 с.
  Тъехты Амыран. Хивæнд лæппу. 1 с.
16-17 Михаил Зощенко. Сайын нæ хъæуы. 2 с.
  Плиты Илья. Тæргайгæнаг. 1 с.
  Валентна Осеева. Хæларзæрдæ чызг. 1 с.
  Хъантемыраты Кларæ. Аслæнбег. 1 с.
  Сечъынаты Ладемыр. Трамвайы. 1 с.
  Борис Юнгер. Урс уарди. 1 с.
  Чеджемты Геор. Сæныччы фыцццаг балц хъæдмæ. 1 с.
  Астемыраты Изет. Мызыхъхъы æм- бисонд. 1 с.
Скодта Митын Лæг йæ урс кæрц 17 – 18, 20–21 къ.
  Хъайтыхъты Геор. Зымæг. 1 с.
  Къадзаты Станислав. Залты мит. Къадзаты Станислав. Зымæгон рай- сом. 1 с.
  Чеджемты Геор. Зымæгон уазал бон. 1 с.
  Цæрукъаты Валодя. Заз. 1 с.
  Будайты Милуся. Зæронд Ног азы æхсæв. 1 с.
  Æрмæг фæлхат кæнынæн  

 

Æнæзивæг куы уай – хуыздæр бынат дæ бар! 22–25 къ.
  Æмбалты Цоцко. Скъоламæ. 1 с.
  Сæрдасæн (басня). 1 с.
  Баситы Мыстост. Хъæбулы зæрдæ. Джиоты Катя. Хæдзармæ куыст. 1 с.
  Евгений Пермяк. Филя 1 с.
  Тъехты Амыран. Æгънæг 1 с.
  Юрий Ермолаев. Дыууæ адджын гуылы. 1 с.
  Гæдиаты Секъа. Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур. 1 с.
Уæлæмхасæн æрмæг
  Гæззаты Иван. Йæ зивæджы – йæ мæлæт.  
  Константин Ушинский. Хъазтæ.  
Мæргътæ æмæ цæрæгойты дунейы 26–30, 32
  Чеджемты Геор. Сырдты бæрæгбон.  
  Рувас æмæ зыгъарæг (Аргъау) 1 с.
  Хъайтмазты Аслæмырзæ. Сидзæр. 1 с.
  Хаджеты Таймураз. Рувас, уасæг æмæ лæг 1 с.
  Астемыраты Изет. Æртæ лæппын мысты. 1 с.
Уæлæмхасæн æрмæг
  Дзесты Куыдзæг. Хъæбатыр тæрхъус  
  Астемыраты Изет. Гидус.  
  Хъайтыхъты Азæмæт. Додæ æмæ хъазтæ, Цæуыл куыдта Сослан.  
  Æрмæг фæлхат кæнынæн  

 

Æгас цæуай, уалдзæг! 33–35 къ.
  Нигер. Сабиты зарæг. 1 с.
  Хетæгкаты Къоста. Дзывылдар. Хетæгкаты Къоста. Зæрватыкк. 1 с.  
  Джанни Родари. Хур æмæ мигъ. 1 с.
  Токаты Алихан. Уалдзыгон хур хъазы- ди. Хъодзаты Æхсар. Уалдзыгон нывтæ. 1 с.
Кæм райгуырдтæн, мæхи кæм базыдтон 36–39 къ.
  Хозиты Петр. Райгуырæн бæстæ. 1 с.
  Джыккайты Шамил. Мæсгуыты ха- бар. 1 с.
  Ходы Камал. Цин. 1 с.
  Хъайтыхъты Азæмæт. Баба, уæлахиз мæ хъæуы. 1 с.
  Уызыны хæдзар (аргъау). 1 с.
  Джыккайты Шамил. Бæрзонд æф- цæгыл. 1 с.
  Æрмæг фæлхат кæнынæн  

 

 


Урок

Сæрды мысинæгтæ

Чеджемты Геор. Æрдзы диссæгтæ

 

I. Скъоладзауты базонгæ кæнын 2-аг къласы кæсыны чиныгимæ.

– Цал хайæ конд у чиныг?

– Куыд хуыйны чиныджы фыццаг хай?

– Зæгъут-ма, ацы хайы уацмысты дзырд цæуыл цæудзæн?

– Цæмæй рæсугъд у сæрд?

– Цавæр уацмыстæ зонут сæрды тыххæй?

– Сæрдыгон æрдзы рæсугъддзинад ирон нывгæнджы-тæй чи равдыста?

(Фæйнæгыл Сæбанты Хаджумар, Бедойты Шал- ва, Челæхсаты Магрез æмæ Дзиуаты Батрадзы нывты репродукцитæ.)

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас Чеджемты Георы сфæл- дыстады тыххæй. Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын, фыссæджы уацмыстæй цы бакастысты, уыдон. Йæ чингуытыл цыбыр афæлгæст саразын.

2. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæйы сæргонд, йæ авторы ном.

– Цымæ æмдзæвгæйы ныхас цæуыл цæудзæн?

Æркæсут нывмæ æмæ дзы ацы фарстæн дзуапп ссарут.

3. Дзырдуатон куыст.

Сывæллæттæ фæйнæгыл кæсынц дзырдтæ:

сау-нæ-мыг

сой-гæр-дæг

хъæ-лæр-дзы æ-рыс-къæф

ду-гъы-сыф æрдз

 

3. Æмдзæвгæ фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

4. Дыккаг каст æй скъоладзаутæ кæнынц сæхинымæр.

5. Æмдзæвгæйы мидис равзарын фæрстытæм гæсгæ.

– Цы хоны поэт «æрдзы диссæгтæ»?

– Цымæ сæ цæмæн афтæ хоны? Разы стут йемæ?

– Сымахмæ та æрдзы диссагдæр цы кæсы?

– Цæмæн хъæуы æрдз хъахъхъæнын?

– Цы пайда хæссы æрдз адæймагæн?

6. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

– Æмдзæвгæйы цал строфайы ис?

– Цавæр хъæлæсы уагæй сæ кæсын хъæуы: æнкъард æви хъæлдзæг?

– Цæмæн дзы æмбæлы арæх хъæрон нысан?

– Куыд кæсын хъæуы, хъæрон нысан цы хъуыды-йæдты фæстæ лæууы, уыдон?

– Стъæлф цы хъуыдыйæдты кæрон лæууы, уыдон та?

– Цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны æрдз поэты зæрдæйы?

– Сымах зæрдæты та?

– Алы æмдзæвгæ дæр æвдисы бæлвырд равг, æмæ уый куы банкъарат, уæд сахуыр уыдзыстут æмдзæвгæтæ аив кæсын.

7. Аив каст.

III. Æмбисонды хъуыды равзарын.

Æрдз – адæмы дарæг.

– Цæмæн хонынц адæм æрдз сæ дарæг? Уæ дзуæппы-тæ ссарут æмдзæвгæйы.

IV. Къадзаты Станиславы тагъддзуринаг бакæсын.

Тута хордтон – сау, хæрзад – Нал мæ базыдта мæ мад.

– Цавæр ныв ауад уæ цæстытыл?

– Цы уæм дзы фæкаст худæг?

– Куыд баст у ацы тагъддзуринаг æмдзæвгæйы хъуыдыимæ?

V. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цавæр уацмыс бакастыстут? Чи у йæ автор?

– Ацы авторы уацмыстæй ма ноджыдæр цы зонут?

– Цæмæн схуыдта поэт йе ’мдзæвгæ «Æрдзы диссæгтæ»? Цæуыл дис кæны?

– Хъæлдзæг хъæлæсы уагæй кæсын æй цæмæн хъæуы?

– Ирон нывгæнджытæй кæй сфæлдыстадимæ базонгæ стут абон?

– Цæуыл дзурæг сты сæ нывтæ?

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын. Йæ мидисмæ йын нывтæ скæнын.

Урок

Гаглойты Владимир. Хъæды чиныг

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

2. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

II. Ног æрмæг.

1. – Ацы уацмысæн сæргонд цæуылнæ ис?

– Кæй уынут нывы?

– Цымæ дыууæ лæппуйы афтæ лæмбынæг цæмæн кæсынц бæласы бындзæфхадмæ?

– Цæуыл дзурæг у се ’ддаг бакаст?

2. Скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уый аив кæсы радзырд.

3. Зынæмбарæн дзырдтæ кæсгæ-кæсын бацамонын.

тыл-лæг су-сæг-дзи-над

бын-дзæф-хад зил-лач-чы-тæ

 

4. Фæрстытæ раттын.

– Хъæддзаутæ бæлас цæмæн ралыг кодтой?

– Куыд рахуыдта Тузар бæласы бындзæфхад?

– Цæмæ гæсгæ базыдта, фарон хорз тыллæг кæй æрзад, уый?

– Цы нысан кæны нарæг зиллакк?

– Бæлас цал азы фæцарди, уый та куыд базонæн ис?

5. Æрдзы сусæгдзинæдтæй хицæн зонæнтæ.

Уаллæттæ сæ хуынчъытæй бырынц – къæвда уардзæн. Сырддонцъиутæ цъыбар-цъыбур кæнынц – рæстæг хъарм уыдзæн.

Сæрд арв куы нæра, уæд хорз рæстæг ахæсдзæн.

Фæззæг хърихъуппытæ раджы куы райдайой тæхын хъарм бæстæм, уæд зымæг раджы ралæудзæн.

6. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Ацы сæргæндтæй радзырды мидисмæ æввахсдæр кæцы у: «Бæласы бындзæфхад», «Хъæды чиныг», «Æрдзы су- сæгдзинæдтæ»?

– Уацмысæй ногæй цы базыдтат? Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.

– Цы ма зонут, мæргътæ æмæ цæрæгойтæ сæхи куыд да- рынц, уый тыххæй?

IV. Тагъддзуринаг бакæсын.

Цæй хъæздыг у

Нæ дыргъдон!

Уым фæбадæм

Æрвылбон.

 

Сырхфарс фæткъуы,

Кæрдотæ…

Сæ тæккæ дзаг

Нæ гонтæ!

Баситы Мысост

 

Скъоладзаутæ литературæйы теориимæ зонгæ нæма сты, фæлæ сын тагъддзуринаджы тыххæй æмбæлы хуымæтæг зонындзинæдтæ раттын.

Тагъддзуринаг у адæмон сфæлдыстады жанртæй иу. Адæм сæ æрхъуыды кодтой рæвдз æмæ раст дзурыныл фæлтæрыны тыххæй. Ацы тагъддзуринаг у литературон, уымæн æмæ йæ фыссæг æрхъуыды кодта.

V. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын сахуыр кæнын. Нывы мидис дзурын зонын. Тагъддзу-ринæгтæ ссарын æмæ сæ тетрæдтæм рафыссын.

Урок

Токаты Алихан. Изæрæй

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

2. Тагъддзуринæгтæ зæрдывæрдæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Æмдзæвгæйы сæргонд æмæ нывмæ гæсгæ зæгъут, æмдзæвгæйы архайд кæм æмæ кæд цæуы?

– Цавæр цъиуы уынут нывы?

– Цы зонут булæмæргъы тыххæй?

2. Æмдзæвгæ фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын дзырдты нысаниуæг бацамонын: зæрдæ æрцард.

4. Фæрстытæ æмдзæвгæйы мидис равзарынæн.

– Цæмæн фæнды поэты хъæдмæ фæцæуын?

– Цавæр цъиуы хоны зараг?

– Куыд ын лæгъстæ кæны?

– Куыд æмбарут хъуыдыйад «Диссаджы зардæй мæ зæр- дæ æрцард»?

– Цъиуы зардмæ хъусгæйæ, куыд аивта фыссæджы зæрдæйы уаг? Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.

– Сымах та цавæр цъиуты зардмæ хъуыстат?

– Кæмæй фæзæгъынц афтæ: «Зарынмæ булæмæргъæй уæлдай нæу»?

5. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

– Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы, поэт булæ-мæргъмæ кæм дзуры, уыцы рæнхъытæ?

– Цъиуы зардмæ хъусгæйæ йæ зæрдæйы уаг куыд аивта, уый æвдисæг рæнхъытæ сындæг кæсын хъæуы æви тагъд? Цæмæн?

6. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Нывмæ гæсгæ куыст.

– Куыд равдыста нывгæнæг æрдз?

– Цавæр ахорæнтæй спайда кодта æмæ цæмæн?

IV. Хатдзæгтæ скæнын.

– Поэты зæрдæйы æрдз цавæр æнкъарæнтæ сæвзæ-рын кодта?

– Кæцы дзырдтæ фæлхатгонд цæуынц æмдзæвгæйы?

– Куыд уæм кæсы, цы пайда у уыцы фæлхаткæнынад?

V. Уыци-уыцитæн сæ дзуæппытæ базонын:

Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар.

Гыццыл цъæх цъиу у, афтæмæй йæ цъæхснаг хъæлæс мингай хъæлæсты æхсæнæй дæр райхъуысы.

– Цæмæ гæсгæ базыдтат дзуæппытæ?

– Цавæр уыци-уыцитæ зонут мæргъты тыххæй?

– Фæйнæгыл цы мæргъты нывтæ ис, уыдоны тыххæй æрхъуыды кæнут уыци-уыцитæ.

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

 

Урок

Тъехты Амыран. Худæй ахстон

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Фæрстытæ æмдзæвгæйы мидис равзарынæн.

– Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта æрдз поэты зæр- дæйы?

– Цы нын зæгъынмæ хъавыд фыссæг йæ уацмысы?

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Мæргътæ ахстæттæ цæмæй фæаразынц?

– Цымæ сæ худæй ахстон та цæмæн бахъуыд?

2. Дзырдты нысаниуæг бацамонын: къох, саджил.

3. Ахуыргæнæг кæсы æрмæг.

4. Фæрстыты руаджы радзырды мидис равзарын.

– Кæм æрвыстой чызджытæ сæ рæстæг?

– Цæмæн фæгæппытæ кодтой сæ бынæттæй?

– Цавæр ныв федтой бæласы бындзæфхады цур?

– Куыд дардта булæмæргъ йæхи?

– Цæмæн æрхаудтой йæ лæппынтæ зæхмæ?

– Цы ’рхъуыды кодта Инессæ?

– Кæм æрцауыгътой сæ ног ахстон чызджытæ?

Ссарут тексты уыцы бынат æмæ йæ хъæрæй бакæсут.

III. Нывимæ куыст.

– Кæй уынут нывы?

– Чызджытæ цы кусынц?

– Куыд дары йæхи булæмæргъ?

– Йæ лæппынтæ та?

– Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг?

IV. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

V. Беседæ радзырды архайджыты тыххæй.

– Чи сты радзырды сæйраг архайджытæ?

– Куыдæй уайынц уæ цæстытыл? Æрдзурут-ма сын се

’ддаг бакасты тыххæй.

– Инессæ æмæ Азæ цавæр хорздзинад сарæзтой?

– Цы зæрдæ дарынц æрдзмæ, цæрæгойтæм?

– Цавæр миниуджытæ ма сæм бафиппайдтат?

VI. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цæй фæдыл у ацы уацмыс?

– Цæмæн хъæуы цæрæгойтæн æххуыс кæнын?

– Сымах та сын куыд æххуыс кæнут?

VII. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын сахуыр кæнын. Исты цæрæгойыл цыбыр нывæцæн ныф- фыссын.

 

Урок

Борис Сергуненков. Кæм бамбæхсы сæрд

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

2. Нывимæ куыст.

– Куыд баст у ныв радзырды мидисимæ?

– Текстæй йæм æмбæлгæ хъуыдыйæдтæ бакæсут.

3. Скъоладзаутæ цæрæгойтыл цы нывæцæнтæ ныффыстой, уыдонмæ байхъусын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Ацы уацмыс аргъау у æви радзырд? Цæмæй бæрæг у?

– Куыд уæм кæсы, йæ сæргонды фарсты нысан цæуылнæ ис? (Уымæн æмæ ацы фарстæн дзуапп дæтты фыссæг йæхæдæг.)

– Сымах та куыд хъуыды кæнут, кæм бамбæхсы сæрд?

2. Аргъау кæсы ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: бумбулийау, бæлæсты къуыбар, ихцъар, йæ сæр бафснайдта.

4. Фæрстытæ аргъауы мидисмæ.

– Бæлæстæ афæдзы дæргъы цъæх-цъæхид цæмæн дардтой?

– Цæуыл фæтæргай зымæг?

– Куыд катай кодта сæрд?

– Сæрды бамбæхсын кæй бон бацис?

– Куыд æмбарут хъуыдыйад «Зымæгæй йæ сæр уым баф- снайдта»?

– Сæрд кæй ралæууы, уый адæм цæмæй базонынц?

III. Нывимæ куыст.

– Цы уæм фæкаст диссаг ацы нывы?

– Нывгæнæг афæдзы афонтæй кæцы равдыста?

– Зæгъут-ма, сæрды æддаг бакаст цавæр у?

IV. Уацмыс аив бакæсын.

V. Аргъауы сюжеты тыххæй беседæ саразын.

– Сымах фæнды, цæмæй æдзухдæр сæрд уа?

– Фыссæг йæхæдæг сæрд уарзы? Цæмæй бæрæг у? Уæ дзуæппытæ тексты æрмæгæй бафидар кæнут.

– Куыд уæм кæсынц зымæджы митæ? Йемæ разы стут?

–Сæрдæн фæтæригъæд кодтат? Цæмæн?

–Сæрд йæ сæр кæм бафснайдта?

– Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы зымæджы фæудимæ?

– Куыд æмбарут дзырдтæ «ссæрибар сæрд»?

– Сæрд куыд фæзыны?

– Кæм бамбæхсы зымæгон?

VI. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цæмæн хуыйны ацы уацмыс аргъау? Цы дзы ис æцæг æмæ æрымысæггаг?

– Афæдзы афонтæ кæрæдзи куыд ивынц, уымæй фыс- сæгмæ диссаг цы фæкаст?

VII. Уыци-уыцитæ базонын.

1. Ленк кæны бæрзонд цъæх арвыл

Ирд цæстæй фæлгæсы дардыл.

Хъазы, худы уый æрмæст,

У йæ цинæй дуне ’фсæст,

Фæлæ йæм нæ лæууы цæст.

 

2. Даргъ кæд вæййы махмæ бон?

Арв кæд бабæтты йæ рон

Хурмæ хъазгæйæ?

 



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: