III. Нывы мидис радзурын. 3 глава




− Уырыссаг фысджытæй та фæззыгон æрдзы тыххæй чи ныффыста?

III. Нывимæ куыст.

− Кæй уынут нывы?

− Цы ми кæнынц сывæллæттæ?

− Се ’ддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг æмæ цæмæн?

IV. Цыбыр афæлгæст фæззыгон нывтыл. V. Æмбисæндты хъуыды равзарын. Фæззæгæй зæрдæ буц у.

Фæззæг царды къæбиц у. Фæззæг æппæтæй æххæст у.

Уалдзæг цы байтауай, фæззæг уый æркæрддзынæ.

− Цавæр хъуыдытæ равдыстой адæм ацы æмбисæндты?

− Цæуыл хъуыды кодтой, цæмæ æнхъæлмæ кастысты фæззæгмæ?

VI. Тагъддзуринаг бакæсын. Дзырдтæ бацамонын: дзе- дзыкка, еуу.

Дзедзро-дзедзро-дзедзыкка,

Сфыц-ма, дзыцца, еуу-дзыкка!

− Тагъддзуринаг зын кæсæн цæмæн у?

− Ацы дыууæ уацмысы чиныджы иумæ цæмæн сты?

VII. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр æмдзæвгæ бакастыстæм? Чи у йæ автор?

− Автор фæззæджы рæдау адæймаджы хуызы цæмæн равдыста?

− Цæуыл дзурæг сты, æмдзæвгæмæ цы æмбисæндтæ равзæрстам, уыдон?

VIII. Хæдзармæ куыст.

Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Зынæмбарæн дзырдтæ æмæ æмбисæндтæ тетрæдтæм рафыссын æмæ сæ зæрдыл бадарын.

Урок

Николай Сладков. Фæззæг – къæсæрыл

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Уацмысы мидисимæ баст æмбисæндтæ æрхæссын.

3. Тагъддзуринаг бакæсын.

4. Ирон нывгæнджыты куыстытыл цыбыр афæлгæст саразын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Куыд хуыйны уацмыс?

– Ацы фыссæджы уацмыстæй ма цы бакастыстут?

− Цы уынут нывы?

− Нывгæнæг рагвæззæг равдыста æви æрæгвæззæг?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта?

− Цымæ цæрæгойтæ халонмæ цæмæн кæсынц?

− Уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ радзырд у æви аргъау? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

− Ныхас дзы цæй тыххæй цæудзæн?

− Цы уын баххуыс кодта уый базонынæн? (Йæ сæргонд, ныв.)

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын.

фæлтæхæг уырынгон пысултæ зымæгиуатгæнæг æнтъыснæг

цъуй куырыхон ныййазæлы сидын

3. Уацмыс фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ раттын.

− Цæуыл мæт кæны халон?

− Хъæды цæрджытæ фæззæджы æрцыдмæ куыд цæттæ сты?

5. Аргъау хайгай комментаритимæ бакæсын.

1-аг хай:

− Æцæгæйдæр халон куырыхон у? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

− Цавæр дзуæппытæ йын радтой æхсæрæгтæ, тæрхъустæ æмæ рувæстæ?

− Зыгъарджытæ æмæ еноттæ та?

– Цæрæгойтæй тарф фынæй чи бауыдзæн?

− Цы фæуыдзысты фæлтæхæг мæргътæ?

− Зымæгиуатгæнæг мæргътæ та фæззæджы æрцыдмæ куыд цæттæ сты?

2-аг хай:

− Цы фæуыдзысты цæрæгойтæ, фæззæг бæлæсты сыфтæр рæдувын куы райдайа, уæд?

− Фæстаг уырынгонты йæ уазалæй куы ’рызгъала, уæд та?

− Цæмæй цæрдзысты гæркъæрæрæгтæ, хъæдхойтæ æмæ дзылытæ?

− Куыд æмбарут гæркъæрæгты дзуапп: «Мах, гæркъæрæгтæ, цъуйыл нæ уæз ауадздзыстæм»?

− Сырдтæй чи куыд фæфынæй кæны, уый тыххæй цы зонут?

3-аг хай:

− Цæмæй тæрсын кæны Халон цæрæгойты?

− Кæд вæййы фенæн уыцы æнкъард нывтæ: рагвæззæг æви æрæгвæззæджы?

− Куыд æмбарут дзырдтæ: «…хур йæ роны бамбæхсдзæн»?

− Дымгæтæй æмæ уарынтæй цæрæгойтæ фæтарстысты? Тексты ныхæстæй уæ дзуæппытæ бафидар кæнут?

− Цавæр ивддзинæдтæ ма æрцæуы æрдзы æрæгвæззæджы? Цы ма бафтауиккат Халоны ныхæстæм?

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Чи у аргъауы куырыхон æмæ цæмæй бæрæг у?

− Цы базыдтат ногæй цæрæгойты цардæй?

− Куыд фæивы æрдз фæззыгон?

− Цæмæн у ацы аргъау литературон?

IV. Тексты хицæн хъуыдыйæдтæй аргъауæн пълан саразын.

Пълан:

 

1. «Фыццаджы фыццагдæр фæззæг хъæдмæ уазал куы ′рбакала…»

2. «Дыккаджы та, фæззæг бæлæсты сыфтæр рæдувын байдайдзæн».

3. «Тар мигътæ æрбатæрдзæн, иугæндзон уарынтæ рауадздзæн…»

V. Тагъддзуринаг бакæсын.

Ирдгæ сиргæ Ирмæ ’рмидæг.

− Куыд æмбарут тагъддзуринаджы хъуыды?

− Цæмæн зын кæсæн у? Цавæр мыртæ дзы æмбæлынц арæх?

VI. Хæдзармæ куыст.

Аргъау рольтæм гæсгæ кæсын сахуыр кæнын. Пъланмæ гæсгæ йæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Нывтæ йæм скæнын.

Урок

Быгъуылты Чермен. Мыст æмæ сырддонцъиу

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Нывты равдыст.

2. Аргъау пъланмæ гæсгæ радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

– Цавæр уацмыс бакæсдзыстæм: аргъау æви радзырд? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

– Аргъау адæмон у æви литературон? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

– Чи сты йæ сæйраг архайджытæ?

2. Нывимæ куыст.

− Зæгъут-ма, кæд дардтой ахæм уæлæдарæс?

− Уæдæ архайд кæд цыдис?

− Куыд уæм кæсы, цæуыл дис кæны мыст?

− Цæуыл дзурæг у арсы æддаг бакаст та?

− Аргъауæн æнкъард кæрон уыдзæн æви хъæлдзæг? Цæмæн уæм афтæ кæсы?

3. Уацмыс хинымæр бакæсын.

- Цæй тыххæй у аргъау?

- Цæмæн у арс барджынхуыз?

4. Абзацгай каст. Кæсгæ-кæсын беседæ саразын.

1-аг абзац:

− Цæмæй цардысты мыст æмæ сырддонцъиу?

− Раст уæм кæсынц сæ митæ?

− Мæнæу тауын та сæ цæмæн бахъуыд?

− Цæмæн афтæ хорз æрзад сæ хор?

2-аг абзац:

− Чи уæрста хоры кæри? Куыд æй уæрста?

− Цæуыл фæхыл сты дыууæ æмбалы?

− Æмбæлттæ схонæн сæ ис? Цæуылнæ?

− Цæмæй бæрæг у, кæрæдзиуыл кæй не ’ууæндысты, уый? Бакæсут-ма тексты уыцы бынат.

− Æцæг æмбæлттæ та куыд хъуамæ бакодтаиккой?

3-аг абзац:

− Цал боны фæхъæлæба кодтой дыууæ лымæны?

− Сæ хъаст кæмæ бахастой?

− Цавæр тæрхон сын рахаста арс?

− Арсы митæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты? Цæуылнæ?

− Куыд хъуамæ бакодтаид?

III. Беседæ уацмысы тыххæй.

− Йæ жанрмæ гæсгæ уацмыс цавæр у?

– Уацмыс аргъау кæй у, уый цæмæй бæрæг у?

– Чи сты йæ сæйраг архайджытæ?

IV. Хатдзæгтæ скæнын.

− Мыст æмæ сырддонцъиуыл ахæм хабар цæмæн æрцыд?

− Цы зонд нын амоны аргъау?

− Дыууæ лымæны тыххæй-ма æмбисæндтæ æрхæссут

(Мыст къахта, æмæ йæхицæн – гæдыйы сæр.)

− Цæрæгойты тыххæй цавæр аргъæуттæ зонут?

− Кæй фæхонынц аргъæутты ацы нæмттæй: Рубæга, Гино, Тæкку, Æрсой, Хъохъо, Сындзыхъо?

V. Хæдзармæ куыст. Аргъау аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Цæрæгойты тыххæй адæмон аргъæуттæ бакæсын æмæ дзы иу хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Ситохаты Саламджери. Сырддонцъиу

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ æвзаргæ кастæн.

− Сырддонцъиу æмæ мысты цæмæн бахъуыд мæнæу та- уын?

− Цæуыл фæхыл сты дыууæ лымæны?

− Цавæр тæрхон сын рахаста арс?

2. Цæрæгойты тыххæй адæмон аргъæуттæ радзурын (23 скъоладзауы).

II. Ног æрмæг.

1. Текст бакæсыны размæ фæрстытæ раттын.

− Цавæр цъиутæ атæхынц фæззæг хъарм бæстæм?

− Куыд хонынц ахæм цъиуты? (Фæлтæхæг.)

− Ам та цавæр цъиутæ баззайынц?

− Уыдон та куыд хонынц? (Зымæгиуатгæнæг.)

− Цъиутæн зымæгиуат кæнын æнцон у æви нæ? Цæмæн?

− Куыд сын хъæуы æххуыс кæнын?

2. Текст кæсы ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын дзырдтæ бацамонын: тавс, тигъ, тæр- хæг, æхсынæнтæ.

4. Радзырды мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Радзырды ныхас авторы номæй цæуы æви персонажы? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Цы куыстой дыууæ æмбалы тигъыл?

− Цæмæн сæм смæсты сæ сыхаг ус?

− Цы федтой лæппутæ фæстæдæр? Цæуыл бадис кодтой?

− Цымæ цæмæн хостой цъиутæ Милтæйы рудзынг?

− Сылгоймаг лæппутæй хатыр цæмæн куырдта?

− Диссаг æм цы фæкаст?

− Цæмæн æрбатахтысты сырддонцъиутæ Милтæйы къæ- сæрмæ?

− Цавæр адæймаг уæм фæкаст Милтæ?

− Сымах та куыд æххуыс кæнут мæргътæн?

III. Нывмæ гæсгæ куыст.

− Цавæр цъиуты уынут нывы?

− Кæм æрбадтысты?

− Цымæ рудзынгæй мидæмæ цæмæн кæсынц?

− «Сдзурын кæнут» ныв.

IV. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

V. Хатдзæгтæ скæнын.

− Уацмысы уæм диссаг цы фæкаст?

− Фæззыгон цъиутæн цæмæн хъæуы æххуыс кæнын?

− Цы зонут мæргъты цардæй? Цы пайда хæссынц æрдзæн? VI. Хæдзармæ куыст. Радзырд аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ рат- тын.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

 

Чеджемты Геор. Æрæгвæззæг

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Нывты мидис радзурын.

2. Фæрстытæ æвзаргæ дзырдæн.

Цæй тыххæй смæсты Милтæ лæппутæм?

Сылгоймагмæ диссаг цы фæкаст?

Цæмæн æрбатахтысты цъиутæ Милтæйы къæсæрмæ?

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæйы сæргонд, йæ авторы ном.

− Цавæр дзырдтæй арæзт у дзырд «æрæгвæззæг»?

− Æрæгвæззæджы тыххæй æмдзæвгæ æнкъард уыдзæн æви хъæлдзæг?

− Цавæр хъæлæсы уагæй йæ кæсын хъæуы?

− Æрæгвæззæджы тыххæй ма чи ныффыста? Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæ дæр.

− Цы уынут нывы?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг æмæ цæмæн?

2. Дзырдуатон куыст: хуры цæст, æваст.

3. Æмдзæвгæ кæсы, скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уый.

− Поэт дзырд «фæззæг» стыр дамгъæйæ цæмæн фыссы?

− Æмдзæвгæ æцæгæйдæр æнкъард хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы? Цæмæн?

4. Æмдзæвгæ строфагай бакæсын, кæсгæ-кæсын беседæ саразын.

1-аг строфа

− Куыд æмбарут дзырдбаст «хуры цæст»?

− Чи хуыссы бæласы бын?

− Цæмæн зæгъы поэт «бур фæззæг», зæгъгæ? Æндæр дзырдтæй-ма йæ зæгъут.

− Цы хоны «сыфтæртæ-баз»?

− Цæмæн равдыста фыссæг адæймаджы хуызы фæззæджы?

2-аг строфа:

− Цы федта фæззæг йæ фыны?

− Поэт «урс гæлæбу» цы схуыдта?

− Цæмæн фæтарст фæззæг митгæлæбуйæ?

− Фæстаг хъуыдыйады кæрон цавæр нысан лæууы?

− Йæ руаджы цавæр æнкъарæн равдыста поэт?

− Куыд кæсын хъæуы ахæм хъуыдыйад?

3-аг строфа:

− Цæмæй бамæгуыр фæззæджы зæрдæ?

− Куыд уæм кæсы, фæззæг зымæджы цы фæуыдзæн? Равзарут раст дзуапп:

а) Мæргътимæ хъарм бæстæм атæхдзæн;

æ) Урс хъæццулæй йæхи бамбæрздзæн æмæ бафынæй уыдзæн.

5. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта фæззæг поэты зæрдæйы?

− Цæмæй фæззæг адæймаджы хуызы равдиса, уый тыххæй цавæр дзырдтæй спайда кодта?

− Кæцы строфа фæцыд уæ зæрдæмæ тынгдæр æмæ цæмæн? Цы йæм сныв кæниккат?

IV. Хæдзармæ куыст.

Æмдзæвгæ аив кæсын зонын. Строфатæй иумæ ныв скæнын.

 

 

Фæлхат кæныны урок

 

I. Ныхас рацыд æрмæгыл.

− Зæгъут-ма, чиныгæй цал хайы бакастыстæм?

− Куыд хуыйнынц уыцы хæйттæ?

− Кæцы уацмыстæ тынгдæр фæцыдысты уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?

− Чи сæ ныффыста? Æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ æви ра- дзырдтæ сты?

− Персонажтæй тынгдæр чи фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæй тыххæй?

− Цы хонæм адæмон сфæлдыстад?

− Ранымайут-ма йын йæ жанртæ.

− Цавæр адæмты сфæлдыстадæй бакастыстæм мæстæй- марæнтæ æмæ ирхæфсæнтæ?

− Уацмыс «Кæм бамбæхсы сæрд» аргъау цæмæ гæсгæ схонæн ис?

− Сырдтæ æмæ мæргътæ зымæгмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уый кæцы уацмыстæй базыдтат? Чи сæ ныффыс- та?

− Куыд аивы æрдз фæззæджы?

− Чи ныффыста фæззыгон æрдзы рæсугъддзинадыл?

− Цавæр æмбисæндтæ бадардтат уæ зæрдыл?

− Сæ хъуыдымæ гæсгæ цавæр уацмыстæм хауынц?

II. Конкурс «Ахæццæ кæн рæнхъ кæронмæ».

1. Зæрдæхъæлдзæгæй кус

……………………………

 

2. Цас диссæгтæ

Зайы æрдзы!

………………………

……………………….

 

3. Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды

…………………………………………………..

 

4. Къæвда фемæхст:

Сæх-сæх-сæх!

……………………..

……………………..

III. Конкурс «Хуыздæр уыци-уыци». (Кæс чиныджы сыфмæ.)

Нывтæм гæсгæ уыци-уыцитæ æрхъуыды кæнын.

IV. Нывтимæ куыст. Чиныджы кæрон цы нывтæ ис, уыдонмæ æркæсын. Сæ мидис цы уацмыстимæ баст у, уый базонын æмæ сæм хъуыдыйæдтæ саразын.

V. Дзырдтæ хъæугæ дамгъæтæй баххæст кæнын. Тетрæдтæм сæ рафыссын æмæ сæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын. (Кæс чиныджы сыфмæ.)

VI. Хæдзармæ куыст. Аив кастмæ иу уацмыс бацæттæ кæнын.

 

 

ХОРЗÆЙ ХОРЗ ЗÆГЪЫН ХЪÆУЫ,

ÆВЗÆРÆЙ ТАÆВЗÆР

 

Урок

 

Дзесты Куыдзæг. Æххуысгæнджытæ

 

I. Скъоладазуты базонгæ кæнын чиныджы ног темæимæ.

− Куыд уæм кæсы, ацы хайы уацмысты дзырд цæуыл цæудзæн?

− Кæй фæхонынц хорз? Æвзæр та кæмæй фæзæгъынц?

II. Ног æрмæг.

1. − Кæй уынут нывы?

− Цымæ цæуыл цин кæнынц сывæллæттæ? Æххуысгæнæг дзы кæцы у?

2. Скъоладзаутæ кæсынц радзырд.

3. Кæсгæ-кæсын амынд цæуынц дзырдтæ: хъуывгъан, уыйхыгъд.

4. Фæрстытæ радзырды мидисмæ.

− Кæцæй æрбацæйцыдысты æртæ ’мбалы?

− Цавæр ныв федтой хъæугæрон?

− Куыд дзырдта Зозыкк гыццыл чызгимæ?

− Цы сын радзырдта чызг?

− Цавæр зонд ын амыдтой Зозыкк æмæ Хаби?

− Битту та йæхи куыд дардта? Цæмæн æй фарста афтæ бæстон?

− Куыд базыдта, хъуывгъан кæм аныгъуылд, уый? Уыцы бынат-ма хи ныхæстæй радзурут.

− Нывмæ текстæй хъуыдыйæдтæ бакæсут.

III. Уацмысы архайджытæй иуыл цыбыр радзырд саразын.

− Лæппутæй кæцы тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ?

− Цы хорздзинад ракодта Битту?

− Куыд ныхас кодта гыццыл чызгимæ?

− Битту уæ æмбалæн хъæуы? Цæмæн?

IV. Текст рольтæм гæсгæ бакæсын.

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы Зозыкк æмæ Ха- бийы ныхæстæ?

− Биттуйы ныхæстæ та?

V. Хатдзæгтæ скæнын.

− Лæппутæй æцæг æххуысгæнæг чи разынд?

− Уæдæ фыссæг йæ уацмыс «Æххуысгæнджытæ», зæгъ- гæ, цæмæн схуыдта? Цавæр ахаст равдыста уымæй йæ архайджытæм?

VI. Хæдзармæ куыст. Уацмыс рольтæм гæсгæ аив кæсын сахуыр кæнын. Нывы мидис дзурын зонын.

Урок

Тъехты Амыран. Хивæнд лæппу

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Лæппутæй æцæг æххуысгæнæг чи разынд?

− Фыссæг йæ радзырд «Æххуысгæнджытæ» кæй схуыдта, уымæй цавæр ахаст равдыста Зозыкк æмæ Хабимæ?

2. Нывы мидис хи ныхæстæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Цы базонæн ис уацмысы сæргондмæ гæсгæ?

− Кæй фæхонынц хивæнд?

− Цæмæй æвзæр у хивæнд уæвын?

2. Радзырд кæсы ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын дзырдтæ бацамонын: адаг, къæрта, хидхъæд.

4. Фæрстытæ:

− Чи разынд лæппутæй хивæнд?

− Цавæр фыдбылыз æрцыд Будзийыл, хивæнд кæй уыд, уый тыххæй?

5. Радзырд абзацгай бакæсын. Кæсгæ-кæсын беседæ саразын.

1-аг абзац:

− Цæмæн ацыдысты лæппутæ æхсæрджын коммæ?

− Будзи йæхи куыд дардта? Йе ’мбæлттæй цæмæн фæхицæн?

− Куыд æмбарут хъуыдыйад «йе ’мбæлттæй йæхи фæтылиф кодта»? Цы зæгъынмæ хъавыд уымæй фыссæг Будзийы тыххæй?

− Будзи уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæуылнæ?

− Куыд хъуамæ дардтаид йæхи йе ’мбæлттимæ?

2-аг абзац:

− Кæд бамбæхстысты бæласы бын Зауыр æмæ Торбег?

− Куыд уæм кæсы, раст бакодтой?

3-аг абзац:

− Будзи та уыцы рæстæг цы куыста?

− Цавæр миниуæгыл дзурæг сты йæ митæ?

4-æм абзац:

− Лæппу фыдбылызы куыд бахаудта?

− Чи йæм фæфæдис?

− Йе ’мбæлттæ йæ донæй куыд раластой?

− Будзи йæ рæдыд бамбæрста? Цæмæй бæрæг у?

− Куыд уæм кæсы, афтæ хивæндæй ма йæхи искуы равдисдзæн?

− Сымах хивæнд митæ никуы фæкæнут?

III. Беседæ уацмысы жанры тыххæй.

− Ацы уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ цы у?

− Уæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнут, радзырды тыххæй цы базыдтат, уый?

− Чи у йæ сæйраг архайæг?

− Цавæр миниуджытæ бифиппайдтат Будзимæ?

− Цы у радзырды сæйраг хъуыды?

IV. Нывтимæ куыст.

− Радзырды мидисмæ цы нывтæ ис, уыдон фæд-фæдыл равæрут.

− Кæцы эпизодмæ дзы нæй ныв? Радзурут-ма йæ хи ныхæстæй.

V. Хатдзæгтæ скæнын.

− Кæцы хъуыдыйæдтæ æвдисынц уацмысы сæйраг хъуы- ды?

− Æрхæссут æмбисæндтæ Будзийыл. (Хивæнд æдылы вæййы. Бирæйæ бирæгъ дæр нефсæды.)

VI. Хæдзармæ куыст. Нывмæ гæсгæ радзырд хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Михаил Зощенко. Сайын нæ хъæуы

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Нывтимæ куыст.

− Куыд баст сты ацы нывтæ уацмысы мидисимæ?

− Радзырды мидисмæ гæсгæ сæ фæд-фæдыл равæрут.

2. Нывтæм гæсгæ радзырд хи ныхæстæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Ацы фыссæджы уацмыстæй ма цы бакастыстут? Цæй тыххæй сты?

− Радзырды ныхас цæуыл цæудзæн, уый йæ сæргондмæ гæсгæ базонæн ис?

− Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, скъоладзаутæ ахæм дарæс кæд дардтой?

− Уæдæ архайд кæд цыди?

2. Ахуыргæнæг кæсы радзырдæн йæ I-аг хай.

3. Кæсгæ-кæсын дзырдтæ бацамонын: хуызисæн, заман.

4. Фæрстытæ радзырды мидис равзарынæн.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: