III. Нывы мидис радзурын. 5 глава




II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Базонут-ма уыци-уыцитæ:

Дада йæ урс куырæт кæрты райтыгъта. Нæ рудзынг стъалыйæ дзаг у.

– Цæмæ гæсгæ сын базыдтат сæ дзуæппытæ?

– Цæмæн равдыста нывгæнæг зымæг адæймаджы хуызы?

– Зымæгæн йе ’ддаг бакаст цавæр у? Цымæ цæмæн?

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

3. Фæрстытæ раттын.

– Цавæр нывтæ ауад уæ цæстытыл? Радзурут-ма сæ.

– Цы схуыдта поэт «ссад»?

− Цæмæн æй бахъуыд ахæм абарст?

− Куыд æмбарут дзырдтæ «йæ рады æртахт»?

− Поэт зымæгæй «хъал», зæгъгæ, цæмæн зæгъы?

− Зымæгон æрдзы цы ивддзинæдтæ æрцæуы?

− Зымæг рудзгуыты æвгтыл æцæгдæр нывтæ скæны? Куыд?

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы ацы æмдзæвгæ?

4. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта зымæджы æрцыд поэты зæрдæйы? Цæмæ гæсгæ йæ бамбæрстат?

− Цæмæй зымæг адæймаджы хуызы равдиса, уый тыххæй цавæр дзырдтæй спайда кодта поэт? Бахахх сын кæнут сæ быны.

IV. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Йæ мидисмæ гæсгæ нывтæ скæнын.

 

Урок

Къадзаты Станислав. Залты мит

Зымæгон райсом

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1.Æркæсут текстмæ. Зæгъут, цы уæм дзы фæкаст æнахуыр?

− Цымæ дзы бирæ нывтæ цæмæн ис?

− Цæуыл дзурæг у нывты мидис?

− Бакæсут радзырд, нывты бæсты хъæугæ дзырдтæ æвæрут, афтæмæй.

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц текст.

3. Фæрстытæ раттын.

− Куыд æмбарут дзырд «залты» мит? Баивут æй æндæр дзырдæй.

− Кæцы хъуыдыйæдтæ æвдисынц зымæгон æрдзы рæсугъддзинад?

− Кæцæй хъуысы цины хъæр?

− Куыд æмбарут хъуыдыйад «Къуыбыр сывæллæт-тæй æмызмæлд кæны»?

− Цæуыл у сабиты цин? Спайда кæнут тексты æрмæгæй?

− Цæмæн бары фыссæг къуыбыр кæсагимæ, их та – кæсæнимæ?

4. Радзырдмæ цы фарст ис, уымæн дзуапп раттын.

5. Уацмыс аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой зымæгон нывтæ фыссæджы зæрдæйы?

− Сымах зæрдæты та?

− Цæмæн хъæуы зазæн йæ миттæ æрцæгъдын?

IV. Уыци-уыцитæн дзуæппытæ раттын.

1. Æнæ къухтæй ныв кæны, Æнæ дæндæгтæй хæцы.

 

2. Йæ уынд рæсугъд у, Бæмбæгау пух. Æрмæст дзы уазал Фæкæны къух.

 

Зымæгон райсом

 

1.Цæмæн ис бирæ нывтæ ацы уацмысы дæр?

− Цæуыл дзурæг у сæ мидис?

− Лæмбынæг кæсут нывтæм. Уым ссардзыстут дзуапп фыссæджы фарстæн.

2. Дзырдуатон куыст: дæрзæг, æхсызгонæй, курдиат.

3. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц радзырд.

4. Уацмысы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Цæмæн сты бæлæстæ фаззæттау æмхуызон?

− Куыд æмбарут хъуыдыйад: Уæлдæф зæлланг кæны?

− Цæимæ бары автор фыййаджы хыррытт?

− Цы куыста Алан?

− Цæмæн барухс йæ мады цæсгом?

− Цавæр курдиат ма йæм уыд?

− Лæппу сæххæст кодта йæ мады курдиат? Куыд? Лæмбынæг æркæсут нывтæм.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Ацы зымæгон райсом уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

− Фыссæджы зæрдæмæ та?

− Цавæр дзырдты руаджы йæ бамбæрстат?

− Цæмæн хъæуы зымæгон мæргътæн хæринаг дæттын?

− Сымах та сын куыд феххуыс кæнут?

IV. Уыци-уыци базонын.

Арты нæ судзы, Дон æй нæ ласы.

V. Хъæугæ дзырд ссарын.

Хъызт кæны тъæнджытæ, Ма рацу тæнджытæй! Дзурын дын æз дæр:

«Хъалæй хъарм…»

VI. Хæдзармæ куыст. Тексттæ аив кæсын зонын. Зымæгиуат чи кæны, уыцы цъиутæ сныв кæнын. Зымæджы мæйты нæмттæ тетрæдтæм рафыссын æмæ сæ зæрдыл бадарын. Зымæджы тыххæй уыци-уыцитæ æрхъуыды кæнын.

Урок

Чеджемты Геор. Зымæгон уазал бон

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырдтæ хи ныхæстæй радзурын.

2. Нывтыл цыбыр афæлгæст саразын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæйы сæргонд, йæ авторы ном.

− Æмдзæвгæйы сæргондмæ гæсгæ цы ис базонæн?

− Цы уынут нывы?

− Цымæ сырддонцъиутæн хæринаг чи акалдта?

2. Фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

3. Дзырдтæ кæсгæ-кæсын бацамонын: дзулы къæрис, сау лæппу.

4. Фæрстытæ раттын.

− Чи ныхас кæны сырддонцъиутимæ? Цæмæй бæрæг у?

− Цæуыл фæдис кæнынц цъиутæ? Цы сæ хъæуы?

− Цавæр лæппу у Гæбис? Цæмæн æй хоны поэт хорз лæппу?

− Куыд æмбарут дзырдтæ «сау лæппу»?

Кæмæй фæзæгъынц афтæ? (Хорз, сæрæн лæппуйæ.)

− Сымах цъиутæн феххуыс кæнут зымæджы? Куыд?

5. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Ацы æмдзæвгæ цавæр равг æвдисы?

− Цы зæрдæ дары поэт йæхæдæг мæргътæм, æрдзмæ?

− Цæмæн афтæ арæх æмбæлы æмдзæвгæйы хъæрон нысан?

− Куыд кæсын хъæуы ахæм хъуыдыйæдтæ?

6. Аив каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы зæрдæ дары поэт Гæбисмæ?

− Цъиутæн зымæгон æххуыс кæнын цæмæн хъæуы?

IV. Уыци-уыци базонын.

Кæрты, сарайы, дыргъдоны – Уый Сырдоны цъиу, Сырдоны… Куы – ыскъæфгæ, куы – тыхми! Æмæ афтæмæй йæхицæн

Уый амал кæны æмми…

− Кæцы дзырдтæ уын баххуыс сты дзуапп ссарынæн?

− Сырдон та чи уыд?

− Кæй хоны фыссæг Сырдоны цъиу? Цымæ цæмæн?

− Цы уæм фæкаст ацы уыци-уыцийы худæг?

− Авторы цыргъзонд схонæн ис? Цæмæ гæсгæ?

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Уыци-уыцимæ дзуаппы бæсты нывтæ скæнын.

Урок

Цæрукъаты Валодя. Заз

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Æмдзæвгæйы сæргонд æмæ йæ авторы ном бакæсын.

− Кæй уынут нывы?

− Цавæр бæрæгбоны фæдыл у æмдзæвгæ?

− Сывæллæтты æддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

− Цы кусы Митын Дада?

− Архайд кæм цæуы?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: зачъеджын, фæччи, хордзен, нау, фурд.

3. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

4. Фæрстытæ раттын.

− Кæй номæй цæуы ныхас æмдзæвгæйы? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Цавæр бæрæгбонмæ сфæлыстой сабитæ заз?

− Куыд дарынц сабитæ сæхи?

− Чи сын уары ногбоны лæвæрттæ?

− Кæцы дзырдтæ æвдисынц сывæллæтты цин Ног азы бæрæгбоныл?

5. Скъоладазуты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Цавæр равг æвдисы ацы æмдзæвгæ?

− Куыд кæсын хъæуы, хъæрон нысан цы хъуыдыйæдты фæстæ лæууы, уыдон?

6. Аив каст.

7. Нывы мидис радзурын.

8. Палиндром бакæсын.

Нæ нæзы у хуызæнæн.

− Куыд ын æмбарут йæ хъуыды?

− Ацы æмдзæвгæимæ иумæ цæмæн сты?

9. Палиндромы тыххæй хуымæтæг зонындзинæдтæ раттын.

Размæ дæр æмæ фæстæмæ дæр иухуызон кæсгæ чи у, ахæм текст хуыйны палиндром.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы зонут Ног азы бæрæгбоны тыххæй?

− Цæмæн æй бæрæг кæнынц адæм?

− Сымах та куыд сæмбæлут Ног азыл?

IV. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

Нывмæ гæсгæ чысыл радзырд æрхъуыды кæнын.

 

Урок

Будайты Милуся. Зæронд Ног азы æхсæв

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Скъоладазуты радзырдтæм байхъусын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас, Зæронд Ног азы бæрæгбон куыд равзæрд, уый фæдыл. (Фæйнæгыл Абысалты Юрийы ныв «Хæдзаронтæ»-йы репродукци.)

2. Дзырдты нысаниуæг бацамонын: разгæмттæ, дедатæ, хæдзаронтæ кæнын, фысымтæ.

3. Абзацгай каст комментаритимæ.

1-аг абзац:

− Цавæр бæрæгбонмæ бахуыдта нана Тетейæн разгæмттæ?

− Чызг сыл афтæ тынг цæмæн цин кодта?

2-аг абзац:

− Цы скодта нана бæрæгæхсæвмæ æмæ цæмæн?

− Кæдæм кодтой Тетейы сыхы сывæллæттæ?

− Цæмæй сæ барæвдыдта зæронд ус?

− Тетейы нана уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

− Уыцы бæрæгæхсæв сывæллæттæ сæхи куыд дардтой?

3-аг абзац:

− Хæдзаронтæ кæнынмæ Тете йæхи куыд бацæттæ кодта?

− Цы базыдтат хæдзаронтæ кæныны æгъдæуттæй?

4-аг абзац:

− Фысымтæ-иу сæхи куыд дардтой?

− Цымæ-иу сывæллæттæн куыд раарфæ кодтой?

− Цæмæн æрбацыди фæлладæй Тете сæхимæ?

− Цавæр дзырдтæ æвдисынц чызджы цин Ног азыл?

− Сымах та хæдзаронтæ фæкæнут? Радзурут, куыд?

III. Нывы мидис радзурын.

IV. Абысалты Юрийы ныв «Хæдзаронтæ»-йы репро- дукцимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын.

V. Радзырд аив бакæсын. VI. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр бæрæгбоны æгъдæуттимæ базонгæ стæм?

− Цæмæн хуыйны бæрæгбон «Зæронд Ног аз»?

− Куыд фæбæрæг кæнынц ирон адæм ацы бæрæгбон?

− Иннæ адæмтæ та?

− Фæйнæгыл цы ныв ис, уымæн чи у йæ автор? Куыд хуыйны?

VII. Хæдзармæ куыст. Уацмыс аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Хæдзаронтæ кæнын куыд хъæуы, уый тыххæй цыбыр радзырд ныффыссын.

 

 

Фæлхат кæныны урок

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ наизусть радзурын.

2. Нывмæ гæсгæ скъоладзаутæ цы радзырдтæ æрхъуыды кодтой, уыдонмæ байхъусын.

II. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын фæрстыты фæрцы.

− Чиныгæй цавæр хæйттæ бакастыстæм?

− Цы хонæм радзырд?

− Ранымайут-ма, цы радзырдтæ бакастыстут, уыдон.

− Чи сæ ныффыста?

− Уæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы фæцыд æмæ цæмæн?

− Цы хонæм басня та?

− Цавæр басня бакастыстут? Чи у йæ автор?

− Цавæр аргъау хонæм литературон?

− Зæгъут, литературон аргъæуттæ чи ныффыста, уыцы фысджыты нæмттæ.

− Зымæджы тыххæй уацмыстæ цавæр жанртæм хауынц?

III. Конкурс «Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæн».

Бирæ дзурынæй … Тæргайгæнаджы хай… Хорз рæстдзинадæй… Хивæнд æдылы… Бирæйæ бирæгъ дæр… Цæваг галы …

Сайын …

− Сæ хъуыдымæ гæсгæ ацы æмбисæндтæ кæцы уацмыс- тæм æввахс сты?

IV. Конкурс «Чи загъта ацы ныхæстæ?»

1. «Нæ мæ фæнды цæрын ахæм хицауимæ цæрын...»

2. «Уырны мæ, абонæй фæстæмæ сæйгæ кæй нал кæн- дзынæ, уый, æмæ дын уый тыххæй хуызисæн балæвар кæндзынæн».

3. «Нæ, Аслæнбег, Бобæ дæуыл гадзрахатæй нæ рацыдаид».

4. «Уæлæмæ сыст, æвзæр боны гуырд!»

5. «Йæхи хъахъхъæнын чи нæ зоны, уый алчидæр хъыгдаргæ кæны».

V. Нывтимæ куыст. Чиныджы кæрон цы нывтæ ис, уыдонмæ æркæсын. Сæ мидис цы уацмыстимæ баст у, уый базонын. Нывтæй сæ иумæ гæсгæ радзырд ныффыс- сын.

VI. Дзырдтæ хъæугæ дамгъæтæй баххæст кæнын. Уы- рыссаг æвзагмæ сæ ратæлмац кæнын æмæ сæ зæрдыл ба- дарын.

VII. Хæдзармæ куыст. Иу уацмыс текстмæ хæстæг дзурынмæ бацæттæ кæнын.

ÆНÆЗИВÆГ КУЫУАЙ –

ХУЫЗДÆР БЫНАТ ДÆ БАР!

Урок

Æмбалты Цоцко. Скъоламæ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Уыци-уыцитæ базонын.

2. Нывтыл цыбыр афæлгæст саразын.

3. Радзырд хи ныхæстæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас чиныджы ног темæйы фæдыл. (Æнæзивæг куы уай – хуыздæр бынат дæ бар!) Фæллойы ахадындзинады тыххæй радзурын.

2. Цыбыр беседæ саразын.

− Цы зонут фæллойы тыххæй?

− Æнæ куыстæй цæрæн цæуылнæ ис?

− Æрхæссут-ма куысты тыххæй æмбисæндтæ.

− Цæуыл дзурæг сты?

− Кæм кусынц уæ бинонтæ?

− Сымахæн та уæ сæйрагдæр куыст цы у?

− Цавæр æмбисæндтæ зонут магусаты тыххæй?

3. Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ.

4. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: уаргъ, хиз, хосгæрст, хъæдхой, дыгоппон, сахъгуырд, уис.

5. Раттын фæрстытæ:

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы æмдзæвгæ æмæ цæмæн?

− Куыд æвдыст цæуынц цæрæгойтæ: æнкъард æви хъæлдзæгæй?

− Æрдз та? Бакæсут уыцы рæнхъытæ дæр.

− Фыссæг сымахмæ та цæмæ сиды?

III. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

IV. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы у æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды?

− Цавæр æмбисонд ис æрхæссæн ацы уацмысмæ?

(Куыст – царды цин.)

V. Фæйнæгыл цы æмбисæндтæ ис, уыдонæн сæ мидис райхалын.

Æнæ куыстæй ницы ис.

Чи нæ кусы, уый нæ хæры. Куыст – царды фæрæз. Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы.

Æгуыстæй дæм бон афæдзы дæргъæн кæсдзæн.

− Кæцы æмбисонд у æмдзæвгæйы хъуыдымæ æввахсдæр?

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æмбисæндтæ зæрдыл бадарын æмæ сæ ныхасы пайда кæнын зонын.

Урок

Сæрдасæн (басня)

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Йæ мидис ын фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Куыд æвдыст цæуынц адæм, цæрæгойтæ æмæ æрдз æмдзæвгæйы? Цымæ цæмæн?

− Сымахæн та уæ сæйрагдæр хæс цы у?

− Æрхæссут-ма æмбисæндтæ ацы уацмысы хъуыдымæ.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Цымæ уацмысы ныхас цæуыл цæудзæн?

− Цæмæ гæсгæ йæ ис базонæн?

− Цы у сæрдасæн?

− Цавæр дзырдтæй арæзт у?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: тæрхæг, хъал, хилдасæн, згæ, фæрсылæй.

3. Скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уый кæсы басня.

4. Фæрстытæ раттын.

− Ацы уацмыс радзырд, аргъау æви басня у? Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут æрмæг басняйы тыххæй.

− Кæцы дзырдтæ æвдисынц уацмысы сæйраг хъуыды?

− Басняйы мидисмæ æмбисæндтæ æрхæссут.

Æмбисонд у адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу. Уый цыбыр, фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ та арф уацмыс. Адæймагæн æмбарын кæны йæ хъæндзинæдтæ, æфтауы йæ хорз хъуыддæгтыл.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр адæймаг æвдыст æрцыд уацмысы?

− Цы у басняйы сæйраг хъуыды? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

− Уацмысы сæйраг хъуыды ацы æмбисæндтæй хуыздæр кæцы æвдисы?

Лæг куыстæй фидауы. Æнæ кусгæйæ цард нæй. Зивæг мæгуыры мад у.

IV. Хæдзармæ куыст. Басня аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æмбисæндтæ зæрдыл бадарын.

Урок

Баситы Мысост. Хъæбулы зæрдæ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Басня аив бакæсын.

2. Йæ мидис ын фæрстыты руаджы равзарын.

− Цæмæ гæсгæ хонæм ацы уацмыс басня?

− Цы зонд нын амоны?

− Кæцы хъуыдыйад æвдисы уацмысы сæйраг хъуыды?

II. Ног æрмæг.

1.Кæуыл цæудзæн ныхас æмдзæвгæйы? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Кæй уынут нывы?

− Цы кусы чызг?

− Цæуыл дзурæг у йæ мады æддаг бакаст?

− Уæдæ цавæр чызджы тыххæй у уацмыс?

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

3. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

− Цæуылнæуал бадт чызг иу ран?

− Цавæр куыстытæ бакодта?

− Зæрдиагæй сæ кодта æви æвæндонæй? Цæмæй бæрæг у?

− Куыд ын раарфæ кодта йæ мад?

− Ацы чызгыл-ма æмбисæндтæ æрхæссут.

− Сымах уæ ныййарджытæн феххуыс кæнут? Куыд?

4. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Ацы бинонтæ кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц?

− Цæмæн фæзæгъынц афтæ: «Куыст − царды фæрæз»?

− Куыд баст у æмбисонд æмдзæвгæйы хъуыдыимæ?

(Цард куыстæй фидауы.)

IV. Уалыты Лавренты тагъддзуринаг бакæсын.

Мæ раз дæр, дæ раз дæр

Ныссæрфтон æз раздæр.

− Тагъддзуринаг зын кæсæн цæмæн у? (Уымæн æмæ дзы мыр «р» арæх æмбæлы.)

− Цы ис иумæйагæй ацы тагъддзуринаг æмæ æмдзæвгæ «Хъæбулы зæрдæ»-йæн?

 

VI. Джиоты Катя. Хæдзармæ куыст

 

 

1. Нывимæ куыст.

− Кæй уынут нывы?

− Цы кусы сылгоймаг?

− Чызджы æддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

− Куыд уæм кæсы, цымæ чызг йæ тетрады цы ныффыста?

2. Скъоладзаутæ хъæрæй кæсынц радзырд.

3. Радзырды мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Цы куыста Зинæ?

− Йæ мадмæ диссаг цы фæкаст?

− Куыд бакодта мад?

− Цæмæн скуыдта чызг? Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæйбафидар кæнут.

− Зинæйы тыххæй æмбисæндтæ æрхъуыды кæнут.

− Йæ бынаты сымах та цы ныффыссиккат?

4. Радзырд аив бакæсын.

VII. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн фефсæрмы чызг йæ мадæй?

− Зивæг кæнын æвзæр цæмæй у? Рацыд æрмæгæй-ма дæнцæгтæ æрхæссут. («Дыууæ гутоны»)

− Ацы радзырд æмæ æмдзæвгæ «Хъæбулы зæрдæ» чиныджы иумæ лæвæрд цæмæн сты?

VIII. Немыцаг фольклорæй мæстæймарæн бакæсын.

Райсом-райсом, Абон ницы. Зивæггæнаг Куыстæй лидзы.

IX. Хæдзармæ куыст. Радзырдтæ аив кæсын æмæ хи ны- хæстæй дзурын зонын. Радзырд «Хæдзармæ куыст»-æн хъæлдзæг кæрон æрхъуыды кæнын.

Урок

Евгений Пермяк. Филя

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Уацмысы мидис текстмæ хæстæг радзурын.

2. Скъоладзаутæ радзырдæн цы кæрон æрхъуыды кодтой, уымæ байхъусын (56 скъоладзауы).

II. Ног æрмæг.

1. Нывимæ куыст.

− Лæппуйæн йе ’ддаг бакаст цавæр у?

− Цымæ хъуццытæ фæйнæрдæм цæмæн фæлыгъ-дысты?

− Цавæр лæппуйы тыххæй у уацмыс?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын.

бар-кас хъис-фæн-дыр

тæ-бынг къуы-дипп

3. Текст фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: