СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 3 глава




— Æмæ йын цы хос ис?

— Йæ туджы ’ртæхтæ — уыдон сты йæ хос; уыдон куы ’рæмбырд кæнай æмæ йыл сæ куы бафу кæнай, уæд фервæздзæн, кæннод ын фервæзæн нал ис.

— Æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут? — бафарста сæ Æхсæртæг.

— Уыцы лæгæн æй радтиккам нæ уарзон хо Дзерассæйы — хуыцау æй уымæн саккаг кодта.

— Уæдæ æз дæн Нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг, йæ туджы ’ртæхтæ мæнмæ сты, цæвгæ дæр æй æз ныккодтон, дзæбæх дæр æй æз скæндзынæн. Цæут æмæ йæ ардæм ракæнут!

Æфсымæрты цæсгæмттæ ныррухс сты. Кæм ма уыдис кæрон сæ цинæн! Æмæ зæгъынц Æхсæртæгæн:

— Чызг уæззау рынчын у, дæумæ рацæуынæн нæу, фæлæ йæм мидæмæ уатмæ бахиз.

Бацыд лæппу рынчыны размæ. Чызг сынтæджы хуыссы, йæ сызгъæрин дзыккутæ зæхмæ зæу-зæу кæнынц, йæ цæсгомæй худынц хуртæ, йæ дæллагхъуырæй кæсынц мæйтæ; разылд Æхсæртæджы ’рдæм.

Уæд Æхсæртæг бахудти йæ мидбылты фырцинæй æмæ фелвæста йæ фæснахæй зæлдаг кæлмæрзæны тыхтæй чызджы туджы ’ртæхтæ æмæ йыл сæ бафу кодта. Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестади.

Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Æхсæртæг æмæ Донбеттыры чызгæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой иумæ Дзерассæ æмæ Æхсæртæг. Фæцардысты уым бонтæ æмæ къуыритæ, стæй иу бон æрæнкъард ис Æхсæртæг — Æхсары æрымысыд æмæ загъта:

— Мæнæн ам цæрын нал æмбæлы, хъуамæ сагурон ме ’фсымæры æмæ фæцæуон мæ хæдзармæ.

Дзерассæ дæр бацин кодта:

— Кæд дын хæдзар ис, уæд цæуылнæ цæуæм, — махæн ам бадын нал æмбæлы.

Ныллæууыдысты цæуыны къахыл.

Æмæ курдиат сахат йæ сæры хил аивæзта Дзерассæ, æмæ сæ дыууæ дæр фестадысты æргъæуон бæзджын кæсæгтæ æмæ рараст сты фурды бынæй фурды сæрмæ.

Æхсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды былыл тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе ’фсымæрмæ. Уæд иубон кæсы, æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Æхсар, ме ’фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхинымæры афæнд кодта: «Цон æмæ цуаны ауайон, кæд æмæ исты амарин йе ссыдмæ». Æмæ ацыдис цуаны.

***

Уыцы рæстæджы Нарты Уæрхæг тынг маст кæнын байдыдта, мæ фырттæ цы фесты, куы никуыцæйуал мæм зынынц, зæгъгæ. Бонæй-бонмæ йæ мæт бадомдта, басаста йын йæ уæнгон тых.

Уæд Нарты фæсивæдæн тынг æхсызгон уыдис, кæй никуыцæйуал зындысты Уæрхæджы фырттæ, уый, уымæн æмæ сын Æхсар æмæ Æхсæртæг бар нал лæвæрдтой, кодтой сыл тых. Райдыдтой Уæрхæджы зæронд сæрæй хъазын Нарты фæсивæд æмæ йæ скодтой фыдæнæн рæгъаугæс Нартæн...

Уæрхæг дæр фырмæстæй дард фæтæры Нарты рæгъау æмæ сæ денджызы бакалы, куы та сæ фезгъалы къæдзæхы рындзæй. Къорд бонты Уæрхæг рæгъаудонæй нал цыд Нарты хъæумæ, — йæ къах æй нал хаста йæ фыртты мæтæй.

***

Æхсæртæг æмæ Дзерассæ ссыдысты денджызæй æмæ денджызы был Æхсары мусонг ауыдтой. Бацыдысты йæм. Æхсар — цуаны, мусонг — дзæгъæл. Дзерассæ мусонджы дуарæй куы бакаст, уæд йæ цæсгомы рухсæй мусонг афтæ рæсугъд уыд, æмæ загъта:

— Цалынмæ ацы мусонджы бадынæй бафсæдон, уалынмæ ардыгæй нæ ацæудзынæн!

Æхсæртæг æм дзуры:

— Уæдæ уал бад ам, — æз ме ’фсымæры рацагурон.

Æмæ араст и Æхсæртæг Æхсары агурæг. Уалынмæ Æхсар йæхæдæг æрцыди йæ мусонгмæ — фæиппæрд сты кæрæдзийæ дыууæ æфсымæры.

ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫМÆЛÆТ

Дзерассæ Æхсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæнриу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ кæцы у, уый, хуыцау æмæ зæххы йеддæмæ. Мусонджы дуарæй куы бакаст æмæ Дзерассæйы куы федта Æхсар, уæд загъта йæхинымæры: «Хуыцауты хуыцау, нæ амонд нын фæндагыл дæр ма фесаф æмæ бынаты дæр! Уый та кæм æнхъæл уыдтæн, æмæ Æхсæртæг æд бинойнаг æрцæудзæн!»

Дзерассæ йæм скаст æмæ йæ фæрсы:

— Куыд æрæгмæ цыдтæ?

Æхсар æм ницы сдзырдта.

— Уайых фæуай! Нал мæ зоныс? — афæдзæй-афæдзмæ доны бын иумæ куы уыдыстæм, — зæгъгæ, йæм бадзырдта Дзерассæ.

Уæд бæлвырд базыдта Æхсар, ай йе ’фсымæр Æхсæртæджы ус кæй у, уый.

Ус лæппумæ йæхи ласын байдыдта, фæлæ йæм Æхсар йе ’ргом нæ лæвæрдта. Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Æхсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта, Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ, цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта. Ус фæмæсты ис, фестади æмæ бустæгондæй хицæнæй сбадтис.

Уæд уалынмæ Æхсæртæг æрхæццæ ис æмæ саджы мард æрхаста æд къала бæлас. Æмæ Дзерассæйы æнкъардæй, бустæгондæй бадгæ куы федта, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, — афтæ ’нхъæл уыдис, æмæ йын Æхсар батых кодта. Æмæ хъама фелвæста æмæ йе ’фсымæр Æхсары ныццавта æмæ йæ амардта. Уæд ын ус радзырдта, куыд уыдис, уый. Æхсæртæг фæсмоны бацыдис, ме ’фсымæры æнаххосæй амардтон, зæгъгæ, æмæ йæ хъама фелвæста, йæ фистон ын Æхсары риумæ сарæзта, йæ фындз та йæхи зæрдæмæ æмæ йыл йæхи ’руагъта, æмæ хъама йæ зæрдæйы сфардæг ис, æмæ фæмард ис. Дзерассæ байдыдта дзыназын, кæуын, ниуын, додой кæнын; хоста йæ сæр, йæ уæрджытæ — ай мыл цæй æбуалгъ ми æрцыд, мæн тыххæй куы фæмард сты дыууæ æфсымæры, зæгъгæ. Йæ дзыккутæ тоны, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъхъус сты арф хъыгæй; згъалы хъарм цæстысыгтæ Дзерассæ дыууæ æфсымæрыл. Сæ астæу сбадти æмæ æмбисæхсæвмæ фæкуыдта Æхсары мардыл, æмбисæхсæвæй бонмæ та — Æхсæртæджы мардыл. Йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазон мигъы сыг.

«Ныр сын цы ми кæнон: уадзгæ сæ кæнон æмæ сын сæ хъамбул уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ æмæ сæ сырх уадултæ сынтытæ æмæ рувæстæн хæрынмæ куыд ныууадзон; æвæргæ сæ кæнон, æмæ сын цы мадзал ссарон?!» — зæгъы йæхицæн Дзерассæ.

Уыцы афон Уастырджи ратахт йе ’ртыкъахыг бæхыл, йæ егар дæр йемæ, афтæмæй, æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд æмæ йын зæгъы:

— Уæ хурты хур æмæ арвы фидауц, уæ мæ рухс дуне æмæ бæсты рæсугъд! Æз рагæй дæр дæ фæдыл куы зилын, уæд цæуыл хъыг кæныс, цы дыл æрцыд?

— Куыннæ хъыг кæнон? Мæнæ ацы дыууæ ’фсымæры мæн тыххæй фæмард сты, æмæ сæ куыд баныгæнон, уымæн ницы амал арын.

Уастырджи йын загъта:

— Усай, уыдон æз баныгæнин, бæргæ, усæн мын куы рацæуис, уæд.

— Цæуылнæ дын ацæудзынæн усæн, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд, — зæгъгæ, йын дзуапп радта Дзерассæ.

Уастырджи йæ ехсы фындзæй зæхх æркъуырдта, æмæ дыууæ ’фсымæры марды ингæны фестадысты, сæ ингæныл та фæзынд диссаджы цырт, чъыр æмæ дурæй амад, рæсугъд галуан йæ алыварс, афтæмæй.

Уæд Дзерассæ дзуры Уастырджимæ:

— Цæй, уæдæ æз мæхи ахсон уæртæ денджызы был, кæннод тугæрхæмттæй демæ куыд фæцæуон; ды уал ам бад, æз ныртæккæ фездæхдзынæн.

Уастырджи баууæндыд Дзерассæйыл. Дзерассæ денджызы былмæ куыддæр бахæццæ ис, афтæ денджызы йæхи баппæрста æмæ ныффардæг ис йæ фыды бæстæ — Донбеттыртæм.

Ныр æрбацæудзæн, уæд æрбацæудзæн, зæгъгæ, Уастырджи æнхъæлмæ кæсы æмæ йæхинымæры алыхуызон хъуыдытæ кæны. Фæлæ ма цæй ус æмæ цæй цыдæр! Фыдæнхъæлæй баззади Уастырджи. Йæ зæрдыл бадардта уыцы сайд æмæ загъта: «Гъей, додой, дæ къона! Уæлæуыл дыл нæ фæхæст уыдзынæн, фæлæ мын мæрдты та кæдæм ирвæздзынæ!» Абадт йе ’ртыкъахыг бæхыл Уастырджи æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл цуангæнгæ рафардæг ис йæ егаримæ.

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆМЫЦЫРАЙГУЫРД

Дзерассæ цардис йæ цæгаты æмæ йæхи бар нæ уыд. Æмæ йын йæ мад загъта:

— Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдон стæджы хъæд афтæ у, æмæ сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц.

Цы кæна, мæгуыр, æнкъард ус! Йæ мад ын куыд загъта, афтæ, æрхæндæгæй, рараст ис Донбеттыртæй Нартмæ. Цæугæ кæны, фæлæ йæхинымæры хъуыды кæны: «Гъа, цæугæ фæкæндзынæн Нартмæ, фæлæ мын хæдзар та кæм уыдзæн?»

Æрцыди Нартмæ. Фæцæуы нымдгæнгæ Ныхасы рæзты. Ныхасы адæм дис кæнынц:

— Ай чи у? Цæугæ нæм чындзы цыд куы кæны, æмæ нæ чындз æддæ куы нæ и — нæ хуындæджы бадæг, нæ тæргай лыгъд.

Хистæртæ дзурынц кæстæртæм:

— Ацæут, устытæн зæгъут, æмæ ацы уазæг-ус чи у, уый нын базонын кæнæнт.

Кæстæртæ ацыдысты æмæ устытæн загътой:

— Нæ уайсадæг чындзытæ! Кæд уайсадæг у, уæд нын æй сымах бафæрсут. Мадæл устытæ! Кæд сымах хуызæн у, уæд та нын сымах базонут йæ бæрæг.

Кæстæр чындзытæ ныккалдысты Дзерассæйыл æмæ йæ фæрсынц.

— Чи дæ, цы дæ, уый нын базонын кæ!

Уый сæм йæ дзыхæй нæ дзуры; йæ зæрдæйы хъуыды кæны: «Адонæн бæргæ зæгъин, чи дæн, уый, фæлæ мын уæд мæ ныхæстæ хистæр устытæ мæхи дзыхæй нæ фехъусдзысты».

Чындзытæм куы нæ сдзырдта, уæд ыл хистæр устытæ амбырд сты. Фæрсынц æй:

— Нартæн цы бавæййыс, уый нын зæгъ!

— Уе ’ппæт мæм æмдзырд ма кæнут. Кæд мæ фæрсут, уæд мæ уæ иу бафæрсæд æмæ мæ дзырд зæгъон.

Уæд æй иу ус фæхицæн кодта æмæ йын загъта:

— Цæй, уæдæ, мæ хур, мæнæн зæгъ дæ ныхас — ацы хъæуы мæныл æууæнк ис.

Уый йæм бакасти æмæ загъта:

— Æз дæн цам ацы уæзæг æмæ мæ файнустытæй, фæлæ мыл æндæр бон нæй, æмæ йæ хъуамæ зæгъон — æз дæн Æхсæртæджы ус, æмæ йæ мæсыджы бындзæфхад кæм ис, уырдæм мæ бакæнут.

Устытæ фехъусын кодтой Дзерассæйы ныхас Нарты хистæртæн.

Нарты хистæртæ бацин кодтой æмæ загътой:

— Æхсæртæджы мæсыгæн æй йæ бинагмæ нæ, фæлæ йæ скæнут йæ сæйрагмæ.

Дзерассæ дзуры:

— Уырдæм схизинаг нæма дæн — тагъд уын фенын кæндзынæн уæхион, æмæ мын нырма æрæнцайынæн уæ бæрзонд мæсыгæй уæ талынг скъæт хуыздæр у.

Æмæ йæ акодтой скъæтмæ, æмæ йын уым дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди — Уырызмæг æмæ Хæмыц.

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆМЫЦ УÆРХÆДЖЫКУЫД ССАРДТОЙ

Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. Фат æмæ ’рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иубон рацыдысты уынгмæ, фат-æрдынæй хъазгæ. Æгас Нарт сæ фаты хъæрæй бамбæхстысты. Къулыбадæг ус йæ чызджы рарвыста донмæ. Хæмыц æй куы суыдта, уæд æй фехста, æмæ чызгæн йæ донгарз ныцъцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд, уыдон дæр фат ныскъуыдтæ кодта. Чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ баздæхтис, æмæ йæм йæ мад дзуры:

— Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа, дон цæуылнæ ’рбахастай?

Уый йын загъта:

— Дæлæ мæ Хæмыц фехста фатæй æмæ мын мæ донгарз ныцъцъæл кодта, стæй мын мæ пысултæ дæр ныскъуыдтæ кодта.

Мад æм радта ног донгарз æмæ йын загъта.

— Ацу, æмæ дын кæд мæ дзыхæй хай уыдзæни, уæд дын цы дзидзи фæдардтон, уый дын хæлар уæд, кæннод Сехы гоппыл фæхау.

Чызг рараст ис æмæ дуарæй куыд рахызт, афтæ та йæ Хæмыц фатæй фехста. Уæд æм чызг фæстæмæ дзуры:

— Мæныл дæ тых цы ’взарыс, мæныл хъæды мæргътæ дæр тых куы сты; фæлæ кæд уыйбæрц тыхджын дæ, уæд уартæ дæ фыдыфыд Уæрхæг Нарты рæгъауы фæстæ ныххус и, æмæ уый бабæрæг кæн.

Дыууæ лæппуйы уыцы ныхас куы фехъуыстой, уæд сæ фæттæ æмæ се ’рдынтæ бацъæлтæ кодтой æмæ сæ хæдзары цæгъдæджы мидæг фесты æмæ сæ мадмæ дзурынц:

— Мах цæуæм Нарты Ныхасмæ — нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у, æмæ йæ хъуамæ ссарæм.

Араст сты дыууæ лæппуйы æмæ Нарты Ныхасмæ ’рцыдысты.

Æртæ Нарты Ныхасы бадынц.

— Фарн уæ ныхасы! — загътой лæппутæ Ныхасы адæмæн.

— Фæрнæйдзаг ут! — дзуапп радтой лæппутæн адæм.

— Фехъуыстам, нæ фыдыфыд Уæрхæг Нартæн рæгъаугæс у, зæгъгæ, æмæ нын, кæм ис, уый куы бацамониккат, уый курæг стæм.

— Мæнæ лæппутæй искæй акæнут уемæ, æмæ уын æй уый бацамондзæн, — загътой лæппутæн Ныхасы адæм.

— Хорз, — зæгъгæ, фæкодтой Уырызмæг æмæ Хæмыц æмæ иу лæппуимæ араст сты Уæрхæджы агурæг. Цæуынц, æмæ сæ къæхты хъæрæй бæстæ змæлы, хæхтæ згъæлынц.

Уæрхæг дис кæнын байдыдта, загъта йæхицæн: «Уæдæ мæ фырттæ — Æхсар æмæ Æхсæртæг — куы фесæфтысты, уæд ай цы диссаг у — уый мæ фыртты къæхты хъæры хуызæн куы у?!» Бахæццæ сты Уæрхæгмæ. Уæрхæг сæ фæрсы:

— Ай, æмæ чи стут?

Зæгъынц ын:

— Мах стæм Æхсæртæджы лæппутæ!

— Уæдæ-ма рацæут, æз уæ уе стæджы хъæдæй базондзынæн.

Бацыдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæгмæ æмæ йæ хъæбыстæ кæнынц.

Уæрхæг сындæг равнæлдта æмæ йæ къухы уырзтæй радыгай æрысгæрста лæппуты цонджы хъултæ æмæ загъта:

— Уе стæджы хъæд æцæг махæй у.

Уæд ын лæппутæ æрдзырдтой, — сæ мадæй куыд фехъуыстой, афтæ — сæ фыд Æхсæртæг æмæ йе ’фсымæр Æхсары амарды хъуыддаг, стæй сæ мад æмæ сæхи хъуыддæгтæ дæр.

Уæд Уæрхæг йæ цæстытæ доны разылдта æмæ загъта:

— Мæнæн уыдис, æцæгдзинадæй, дыууæ фаззон лæппуйы — Æхсар æмæ Æхсæртæг, æмæ фесæфтысты. Фæлæ æгайтма сæ мыггаг нæ сыскъуыди!

Æмæ сæ разæй рараст и сæ зæронд фидар арæзт чъырынмæ.

Дыууæ лæппуйы ссыдысты Уæрхæджы фæстæ чъырыны уæллаг уæладзыгмæ. Бæхызтысты мидæмæ, æмæ хæдзары нал уыдис быронæй бацæуæн. Уæд сæ иу фыййаг фелвæста, се ’ннæ — уисой, æмæ рамарзтой хæдзар. Хæдзар, цы уыдис, авд ахæмы хуыздæр сæрттывта. Уый фæстæ зæронд лæджы ракодтой дуармæ, адастой йын йæ хъуынджын сæр, йæ боцъотæ. Стæй йын фаджысы нытътъыстой лæдзæг. Зæронд лæг уым ныддоныхуыпп кодта; æмæ йæ доныхуыпп хæрдмæ танхъа куы хаста, уæд дыууæ ’фсымæры кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: «Ай ма нын нæ мады дæр фæдардзæн».

Зæронд лæджы фæстæмæ хæдзармæ бакодтой æмæ йын загътой:

— Мах стæм дæ лæппутæ æмæ нырæй фæстæмæ демæ цæрдзыстæм.

Цалынмæ Уæрхæджы агуырдтой Уырызмæг æмæ Хæмыц, уæдмæ сæ мад — Дзерассæ уыд йæ цæгаты — Донбеттыртæм; æмæ йæм араст сты æмæ йæм ныццыдысты. Ракодтой йæ уырдыгæй æмæ йæ ’рхуыдтой Нарты хъæумæ, æмæ дзы сæ фыдыфыд Уæрхæг загъта йæхицæн бинонтæ.

САТАНАЙЫРАЙГУЫРД

Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн сæ иумæ бацарды боныл афæдз куы сæххæст ис, уæд Уæрхæг амард. Иннæ афæдзы бон куы ’рбаввахс ис, уæд Донбеттырты чызг рарынчын ис. Йæ мæлæт куы ’рхæстæг ис, уæд загъта йæ дыууæ лæппуйæн:

— Куы амæлон, уæд-иу мæ фыццаг æртæ ’хсæвы дзæгъæл ма ныууадзут — хорз лæгæй хæс нæ дарын, æмæ мæ мæрдты дæр нæ ныууадздзæн.

Ус амардис, æмæ йæ бавæрдтой зæппадзы.

Бон куы æризæр ис, уæд Уырызмæг райста йæ хæцæнгæрзтæ, ссыди зæппадзы дуармæ æмæ йæ фæхъахъхъæдта бонмæ. Дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Æртыккаг æхсæв Хæмыц дзуры йе ’фсымæрмæ:

— Нæ мад нæ хъомыл иумæ куы скодта, — ацы ’хсæв та йæ хъуамæ æз бахъахъхъæнон.

Уырызмæг ын загъта:

— Æз дæуыл куы ’ууæндин, уæд ды гуырдæй кæстæр дæ, æмæ йæ æртæ ’хсæвы дæр хъуамæ ды бахъахъхъæдтаис.

Хардзау фæкастысты Хæмыцмæ Уырызмæджы дзырдтæ.

Райста йæ хæцæнгæрзтæ æмæ фæраст и зæппадзмæ. Лæууы зæппадзы дуармæ Хæмыц уæдæ цы! Иуахæмы айхъуыста Нарты хъæумæ, æмæ кæцæй куывды зарын цæуы, кæцæй чындзæхсæвы хъæр. Æмæ загъта йæхицæн: «Бын бауа, мæлæг рынчыны коммæ чи кæсы! Ам ма мын зæппадзæй мæ мады чи хæссы! Ацæуон æмæ искуы иу чындзæхсæв бахæрон».

Араст ис æмæ куыддæр зæппадзæй иу чысыл ауад, афтæ зæппадз ныррухс ис, æмæ Уастырджи зæппадзы хуылфы фестад. Нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта Дзерассæйы, æмæ Дзерассæ, удæгасæй цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестад.

Æмæ йæм бацыд. Уый фæстæ та нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта Дзерассæйы, æмæ ус фæстæмæ куыд уыдис, афтæ фестад.

Иу афæдз куы рацыд, уæд зæппадзы цурты æрбацæйцыд Нарты фыдбылыз Сырдон. Байхъуыста, æмæ зæппадзæй ссыди сывæллоны кæуын. Рараст ис Сырдон Нартмæ. Æртæ Нарты бадынц æмбырдæй Ныхасы.

— Фарн уæ ныхасы æмæ уæ райсом хорз!

— Хорз дæ хай уæд, Сырдон!

Æмæ сын загъта Сырдон:

— Диссаг ис Нарты уæлмæрдты: куы байхъусай, уæд дзы цæуы сывæллоны кæуын.

Уырызмæг бадтис Ныхасы уæле. Фестадис æмæ бацыд зæппадзы дуармæ.

Бакодта зæппадзы дуар, бахызт мидæмæ æмæ дзы рахаста чызг — Сатанайы.

Сатана ахæм рæсугъд æмæ зондджын рауади, æмæ талынг æхсæв бон кодта йæ уындæй, йæ ныхас уыд кардæй кæрдагдæр, топпы фатæй растдæр.

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА

САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫУС КУЫД ССИ

Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы ахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты рæсугъд Елдайы.

Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъхъæн кодта, афæдзмæ та — æртæаздзыды цахъхъæн. Йæ конд, йæ уындæн та æмбал нæ уыди — сызгъæринхил, цæхæрцæст.

Мой кæнын афон ын куы ’рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «Мой бæргæ скæнин, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ зонын». Хъуыды кодта æмæ зæдты ’хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта. Йæхи зæрды сфæнд кодта: «Ехх, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод нæ мой кæнын!»

Ныр цы кæна Сатана: йæхи дзыхæй зæгъын ын уæндгæ нæ кæны, æндæр искæй дзыхæй йын бамбарын кæна, уый та йæ фæндгæ нæ кæны. Æмæ зæгъы уæд йæхицæн: «Цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг бауæндон».

Æмæ загъта Уырызмæгæн:

— Уырызмæг, йæ хорзы æддæмæ ничи дæтты. Искæй мыггагмæ ацæуынæн æвгъау дæн, мæнæн æндæр хос нæй, ды мæ мой куы нæ уай!

Уырызмæгæн йæ хъустæ ссыгъдысты, йæ сæрыхъуын уырдыг сыстади:

— Кой дæр æй мауал скæн, — зæгъы, — адæмæй худинаг у, Нарты ’хсæнмæ ма цы цæсгомæй ацæудзынæн!

Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ иуахæмы Уырызмæг афæдзбалцы цæуын сфæнд кодта æмæ дзуры йæ ус Елдамæ:

— Æз цæуын афæдзбалцы, æмæ-иу хæрд, нозт сцæттæ кæн ме ’рыздæхынмæ: адæм мæм æгасцуай зæгъынмæ цæудзысты.

Æмæ ацыди афæдзбалцы.

Йæ афæдзы бон куы ’рхæстæг ис, уæд ын йе ’рцыдмæ йæ ус скодта ронг. Фыцгæ йæ хорз скодта, фæлæ йыл æнтуан куы ныккодта, уæд нæ сæнхъызти: уымæн Сатана — арвы хин, зæххы кæлæн — скодта хин æмæ йæ æппын æнхъизын нæ уагъта. Елда тыхсын байдыдта — иу уад йæ ронгмæ кæны, иннæ уад Сатанамæ:



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: