СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 8 глава




Сослан ныххæцыди æрдуйыл, райваз-райваз æй кæны, æмæ йын нæ комы ратонын. Йæ астæуыл æй æртæ тыхты ’рбакодта бæндæнау, ахæстытæ йыл кодта æмæ йын ницы бакодта уæддæр атонынæн.

— Кардæй йæ алыг кæн! — дзуры йæм уæйыг.

Сослан иу къухæй æрдуйыл хæцы, иннæмæй цирхъыл æмæ йæ афтæмæй æрриуыгъта: цирхъы ком йæ цæгаты хуызæн фæци, фæлæ æрдуйы нæ алыг кодта. Уæд иудзонгон уæйыг æртæ ’фсымæры æрæууæрста æмæ сыл æрæнцой кодта йæ уæрагæй, йæхæдæг йæ къухæй авнæлдта фæстæмæ, æрду ратыдта æмæ сæ уымæй æрбаста. Æртæ ’фсымæры змæлгæ дæр нал скодтой. Сæ бон базыдтой æмæ лæгъстæ кæнын байдыдтой:

— Суадз нæ, нæ хæдзармæ нæ ауадз, ницыуал дæ бацагурдзыстæм.

Райхæлдта сын уæд сæ баст æмæ сæ ауагъта сæ хæдзармæ. Сослан æмæ иудзонгон уæйыг араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц, æмæ иудзонгон уæйыг фæрсы Сосланы:

— Кæм хаттæ æмæ цы агуырдтай балцы уыцы иунæгæй?

— Æз дæн Нарты Сослан. Тыхагур рацыдтæн нæ бæстæй. Иу бон Нарты фæсивæд æвзæрстой фурды был сæ тых — фурды сæрты уæныг фехсыныл фæлвæрдтам, æмæ ’рмæст мæнæн бантыст уæныг фурдæн йæ иу былæй йе ’ннæмæ фехсын. Фервæссыдтæн уыйадыл æз мæхиуыл æмæ рараст дæн нæ хæдзарæй мæ тых æвзарынмæ; цы раны бафтыдтæн, уый та федтай дæхæдæг. Арфæйаг у, дæу руаджы ма раирвæзтæн, æндæра Нарты хъæуы нал æрлæууыдаин мæ къахæй.

— Сослан, мах бæстæйы, мæй кæуыл рацæуы, уыцы сабитæ дæр æхсынц фурды сæрты цыфæнды стыр галты, фæлæ уæддæр афтæ ныфсхаст не стæм, — загъта иудзонгон уæйыг. — Мæхицæй дын æрхæсдзынæн æмбисонд. Мах уыдыстæм авд æфсымæры; æфсымæртæн æз — сæ кæстæр, нæ фыд дæр ма уыд саджы хуызæн. Иуахæмы стæры ацыдыстæм. Фæхаттыстæм иу къорд боны, фæлæ ницæуыл амбæлдыстæм. Иу бон ныл фæссихор мигъ æрбадт, æмæ райдыдта сæлфынæг кæнын. Мах астæй æд бæхтæ агурæм бынат. Кæсæм, æмæ иу ран — лæгæт.

Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы æруагътам. Чысыл фæстæдæр кæсæм, æмæ иу фыййау йæ фосы къорд æрбатæры лæгæты рæзты; фыдæбойнаг фæуæд, нæл сæгъ махырдæм фездæхт æмæ нæ лæгæтыл хафын байдыдта йæхи. Лæгæт æнцад нал кодта: авдæнау дыууæрдæм сси. Бæхы сæры стæг разынд нæ лæгæт. Фыййау «Дзæгъæс! дзæгъæс!» кæны сæгъæн, фæлæ, бæгуы, читт дæр нæ кæны сæгъ, хафы йæхи. Уæд фыййау смæсты ис, уыциу скъæрд æрбакодта йæхи махырдæм. Сæгъ лидзæг фæци, фæлæ фыййау йæ лæдзæг цæсты хуынчъы асагъта, сæры кæхц фелвæста æмæ йæ фехста. Сæры кæхц фæтахти æмæ фыдæбойнаг сæгъы сыкъатыл ныппырх ис. Бæхæй, лæгæй фæхæлиу стæм, уæдæ цы уыдаид! Фыййау махмæ фæци. Фæмард ис мæ фыд, мард фесты ме ’хсæз æфсымæры, мæнæн ма æрмæст атыдта мæ къабаз æмæ мæ ууыл ныууагъта. Мæ цæст та схаудта лæдзæджы бырынкъæй, сæры кæхцы йæ куы ацавта, уæд. Уый та дын мах хъуыддæгтæ. Уæдæй ардæм никуыуал ахаттæн æз тыхагур, стæй мæ чи уарзы æмæ кæй уарзын, уыдонæн дæр фæдзæхстон æмæ фæдзæхсын, цæмæй тыхагур ма цæуой. Ацу, мæ хур, ды дæр æмæ-иу афтæ макуыуал зæгъ, мæхицæй тыхджындæр никуы уыдзæни, зæгъгæ.

Иудзонгон сæ хъæумæ ссыди, Нарты Сослан дæр афардæг ис дарддæр йæ фæндагыл сæхимæ.

СОСЛАН ÆМÆ ГУЫМАГ ЛÆГ

Нарты Сослан иубон цуаны ацыд. Иу ран иу тæрхъус амардта, æндæр ницæуыл сæмбæлди. Тæрхъусы бастыгъта, суæнгтæ йæ кодта, йæ игæртæ йын уæхстыл бакодта æмæ сæ сфизонæг кодта, йе ’ннæ уæнгтæ йын йæ цармы мидæг атыхта. Физонæг куы сфыхтис, уæд хуыцауæгас загъта. Уый куы загъта, уæд тæрхъус фестади æмæ алыгъди. Йæ къухтæ ныццагъта Сослан: «Ай хуызæн диссаг ма уыдзæни?! Тæрхъус амардтон, суæнгтæ йæ кодтон, йæ игæртæ йын сфизонæг кодтон, ныр уæлæ фæлидзы».

Тæрхъус æм фæстæмæ дзуры:

— Уый æппындæр диссаг нæу, диссæгтæ Гуымы ’фцæгæн æдде ис.

«Уымæй диссагдæр цы у, уый куы нæ фенон, уæд гæнæн нæй», — загъта Сослан йæхицæн æмæ сæхимæ ’рцыди, хæссынæн рæуæг, хæрынæн адджын, ахæм хæринæгтæ скæнын кодта йæхицæн фæндагмæ, сбадтис йæ бæхыл æмæ араст ис Гуымы бæстæм.

Ахызти Сослан авд æфцæгыл, æстæм æфцæг — Гуымы ’фцæг. Гуымы ’фцæгмæ куы схæццæ ис, уæд дзы ссардта саджы фæд. Саджы фæдыл цæуын байдыдта æмæ иу æрдузы баййæфта иу саг. Саг уыйбæрц рæсугъд уыди, æмæ йæ Сосланы цæст фехсын нæ уарзта. Йæхи-иу куы базмæлын кодта саг, уæд-иу йæ хъуын алы ’взагæй суасыди.

Сослан йæ фæдыл хъуызын байдыдта къуыппæй къуыпмæ, халæй халмæ; æхстбæрцмæ йæм бахæццæ ис. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ фаты ’хситт фæцыд. Сослан фæкасти, æмæ дæлæ саг фæтулы. Сослан йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта:

— Чи куыдз, чи хæрæг, мæ саджы мын чи фехста?

Дзуапдæттæг ын нæй. Саджы тугвæдыл ныццыди коммæ. Кæсы, æмæ комы дынджыр мæсыджы йас лæг, саджы мард йæ разы.

— Мæ саджы мын ды амардтай? — дзуры лæгмæ Сослан.

— Ай-гъай, æз æй амардтон! — дзуапп ын радта уый дæр.

Сослан схъæл ныхæстыл схæцыди:

— Саг мæн уыди, æмæ мын æй цæмæн амардтай?

— Æмæ кæд дæу уыди, уæд æй цæуылнæ ’хстай? — загъта лæг. — Æз дæр цуанон, æмæ ды дæр. Бæстæй мæ бæстæ куы у Гуымы ком, уæд мыл цы хъæртæ кæныс?

— Æмæ ды кæцон дæ? — фæрсы йæ Сослан.

— Æз дæн Гуымаг лæг. Ды та чи дæ, кæцон дæ?

— Æз дæн Нæртон лæг, Сослан!

— Нæртон лæг, — загъта Гуымаг лæг, — уæдæ нын саг хуыцау иумæ радта, рацу æмæ йæ бастигъæм.

Уæд сæ дыууæ дæр æрсабыр сты. Саг бастыгътой. Йæ кард дæтты Гуымаг лæг Сосланмæ æмæ йын зæгъы:

— Байуар, Нæртон лæг, куыд фæуарыс, афтæ.

— Саг маргæ ды акодтай, — загъта Сослан, — æмæ йæ уаргæ дæр ды бакæн.

Уæд Гуымаг лæг саджы мард æртæ хайы скодта. Сослан æм кæсы æмæ йæхинымæры зæгъы: «Иу хай дзы мæн уыдзæни, дыккаг — йæхи, фæлæ ’ртыккаг хай дæр, æвæццæгæн, йæхицæн исы, æмæ уæд мæ мæлæт хуыздæр уыдзæни, уый исты куы ахæсса мæнæй уæлдай!»

Хæйттæгонд куы фæци Гуымаг лæг, уæд дзуры Сосланмæ:

— Нæртон лæг Сослан, хæйттæй дын бар!

— Нæ, мæ хур, саджы ды амардтай, — загъта Сослан, — æмæ раздæр ды хъуамæ сисай хай.

Гуымаг лæг æрæвнæлдта, иу хай систа æмæ загъта:

— Сослан, ай дын дæхи хай.

Дыккаг хай систа æмæ та загъта:

— Ды куыд дардбæстаг, афтæ дын ай мæ кæрдих. Æртыккаг хай та — мæхи.

Стæй физонджытæ скодтой æмæ сæхи хорз федтой.

Хæрд куы фесты, уæд бафснайдтой сæ хæйттæ æмæ цæуынæввонг сысты. Сослан Гуымаг лæгæн йæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ загъта Сосланæн:

— Нæртон лæг, ай дын кæнæ мæ кард, кæнæ мæ бæх, кæнæ мæ сагъадахъ, бар дæ ис, лæвар дын кæнын, æмæ йæ мæ номыл фæхæсс Нарты бæстæм.

Сослан ницы бакуымдта, арфæ ракодта Гуымаг лæгæн. Уæд кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой, хæрзбон загътой æмæ сæ бæхтыл сбадтысты. Ацыдысты, Гуымаг лæг — Гуымы ’рдæм, Сослан — Нарты ’рдæм.

Иудзæвгар куы ауад Сослан, уæд йæхимидæг ахъуыды кодта æмæ загъта: «Ай куыд æнамонд дæн — лæг мын лæвар куы кодта, уæд æй цæуылнæ бакуымдтон! Куыд зæгъдзынæн Нарты бæсты? Цæй, æмæ йæм фæстæмæ аздæхон!»

Йæ бæх фæстæмæ фездæхта, фæсуры Гуымаг лæджы æмæ йæм хъæр кæны:

— Фæлæуу-ма, Гуымаг лæг, ныхасæн мæ хъæуыс!

Гуымаг лæг дæр фæстæмæ фездæхта йæ бæх, æмæ та баиу сты саг кæм бастыгътой, уыцы ран.

— Цы кæныс, Нæртон лæг, — фæрсы йæ Гуымаг лæг, — цы ма дæ ферох ис?

— Мах ахæм адæм стæм, — загъта Сослан, — æмæ нын кад æмæ радæй лæвар куы чындæуа, уæд æй нæ фæкомæм, стæй нæм уый фæстæ фæсмон æрцæуы.

— Уæдæ мах та ахæм адæм стæм, æмæ кад æмæ радæй лæвар куы фæкæнæм æмæ нын æй куы нæ фæисынц, уæд æй уый фæстæ нал фæдæттæм.

Дыууæ лæгæн дзырд дзырды фæдыл ацыди æмæ сын хылмæ асайдта. Разæй фæхæцыдысты фæттæй — ничи сæ никæмæн ницы кодта. Стæй Сослан йæ цирхъ фелвæста, Гуымаг лæг-ч-йæ кард, æмæ райдыдтой цæфтæ кæнын кæрæдзийы. Æстдæс цæфы сæ иу фæкодта, æстдæс цæфы се ’ннæ.

Куы бафæлладысты æмæ сæ бон куынæуал уыди, уæд сæ иу фæндагæн иуырдæм ахаудис, иннæ — иннæрдæм. Бон дæр æризæр ис, сæ улæфт дæр æрцыди, æмæ загътой: «Ацæуæм уал нæ хæдзæрттæм, нæ цæфтæ уал сдзæбæх кæнæм æмæ та афæдзы бонмæ ацы ранмæ æрцæуæм». Уым уыди стыр бæлæстæ, æмæ уыцы бæлæсты снысан кодтой. Стæй сæ бæхтыл сбадтысты тыхæмхасæнтæй æмæ фæйнæрдæм ацыдысты: Сослан Нарты бæстæм ацыди, Гуымаг лæг та Гуыммæ афардæг ис.

Хъæдгоммæгæсджытæ баххуырстой сæхицæн, æмæ сæ дыууæ дæр сдзæбæх сты. Сæ афæдзы бонмæ та сæ дыууæ дæр уыцы ранмæ ’рцыдысты. Сослан Гуымаг лæджы куы ауыдта, уæд æй фатæй æхсын байдыдта. Гуымаг лæг æм бацыд æмæ йæм дзуры:

— Бын бауай, Нæртон лæг! Кæрæдзийæ туг куы нæ дарæм, уæд цæуыл марæм кæрæдзийы?

Сæ гæрзтæ аппæрстой фæйнæрдæм æмæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты, кæрæдзийы ’фцджытыл ныттыхстысты.

— Иухаттæн бафидыдтам, уæд хъуамæ мæ хæдзар фенай, — загъта Гуымаг лæг Сосланæн.

Бæхтыл сбадтысты æмæ араст сты Гуымы хъæумæ. Хорз æй суазæг кодта Гуымаг лæг Сосланы — иннабонæй-иннабонмæ йæ йæ фынгæй сыстын не суагъта.

Иннабон куы ’рцыди, уæд Сослан сфæнд кодта цæуын сæхимæ. Гуымаг лæг ын балæвар кодта йæ сагъадахъ; ноджы йын балæвар кодта саджы царм. Уыцы царм та ахæм уыди, æмæ хъисæн хъуытаз æмæ æрдуйæн мырмыраг, æмæ-иу æй куы фезмæлын кодтаис, уæд-иу алы ’взагæй суасыди.

Сослан дæр йемæ рахуыдта Гуымаг лæджы. Æрцыдысты Нарты бæстæм, æмæ йæ тынг хорз суазæг кодта Сослан дæр. Иннабонæй-иннабонмæ йæ уый дæр фæхыгъта. Иннабон куы ’рцыди, уæд Гуымаг лæг дæр цæуынвæнд скодта сæхимæ. Сослан дæр ын лæвæрттæ куыд нæ ракодтаид! Балæвар ын кодта йæ бæх дæр.

Уыцы бонæй фæстæмæ æрдхорд æфсымæртæй баззадысты Сослан æмæ Гуымаг лæг.

СОСЛАНЫКÆРЦ

Сослан сфæнд кодта Нарты астæу бæрæгдæрæй фæцæрын. Уый тыххæй йæ зæрды ’рæфтыди лæджы сæрдзæрмттæй æмæ рихидзæрмттæй кæрц скæнын. Уыцы хъуыддаг никæй къухы æфтыди.

Сослан-иу лæг амардта, йæ сæры царм-иу ын æд рихитæ растыгъта, афтæмæй æнæхъæн кæрцхор æрæмбырд кодта цæрмттæ. Кæрцхор ын куы сысты, уæд сагъæс кæнын байдыдта, чи мын бахуыйдзæнис мæ кæрц æнæ аиппæй, зæгъгæ.

Иу ран бадтис æртæ чызджы. Сослан уыдонмæ фæхаста йæ кæрцаг хуыйынмæ. Чызджытæ сæрдзæрмттæм æмæ рихидзæрмттæм куы ’ркастысты, уæд дзы чи йæ мадыфсымæры сæрдзарм æмæ рихидзарм базыдта, чи йæхи ’фсымæры, æмæ сагъæс кæнын байдыдтой, цы кæнæм, зæгъгæ.

Гæнæн нал уыди, æмæ загътой Сосланæн, райсом дын скæрддзыстæм дæ кæрц, зæгъгæ. Рацыди Сослан дæр йæ хæдзармæ.

Чызджытæ уæддæр сагъæс, катай кæнынц, ныр цы бакæнæм, зæгъгæ. Уæд сæм æрбафтыди Нарты фыдбылыз гæды Сырдон.

— Цæуыл æнкъард стут? — фæрсы сæ Сырдон.

— Куыд нæ уæм æнкъард?! Сослан нæм æрбахаста лæджы сæрдзæрмттæ æмæ рихидзæрмттæй кæрц хуыинаг. Уыдон та сты нæ мадыфсымæрты æмæ нæхи ’фсымæрты сæрдзæрмттæ æмæ рихидзæрмттæ, — дзуапп ын радтой чызджытæ.

— Скæрдут ын йæ кæрц, — зæгъы сын Сырдон, — бахуыйут ын æй, æрмæст ын æй æнæ тæрттæ ныууадзут. Куы уæм æрбацæуа Сослан, уæд ын æй йæ уæлæ скæнут æмæ-иу ын зæгъут: «Хорз у дæ кæрц, фæлæ ма тæрттæхъаджджын у, æмæ йын куы ’рхæссис Куыцыччы фырт Елтагъаны сæрдзарм, — сызгъæрин æй хонынц, — уæд дæ кæрц æххæст уаид. Уый йыл куы нæ сбада, уæд ыл æндæр сæрдзарм не сфидаудзæн».

Сырдон сын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой чызджытæ...

Араст ис Сослан Куыцыччы фырт Елтагъанмæ. Бахæццæ ис æмæ бахъæр кодта дуарæй:

— Куыцыччы фырт Елтагъан, уым нæ дæ?

Елтагъан уый куы фехъуыста, уæд загъта:

— Уый Сосланы хъæр куы у; ацæут æмæ йын зæгъут, ам нæй Елтагъан, зæгъгæ.

Бинонтæй иу рауад æмæ дзуры Сосланмæ:

— Ам нæй Елтагъан.

— Ссарут мын æй, — загъта Сослан, — æнæ ссаргæ йын хос нæй.

Уæд æм Елтагъан йæхæдæг рацыд æмæ йæм дзуры:

— Цы кæныс, Сослан, цы дæ хъæуы? Цæмæн мæ агурыс?

— Сахъолайы уæзæгыл хъулæй ахъазæм, — загъта Сослан. — Кæд мæ ды амбулай, уæд мын мæ сæр ракæн; кæд дæ æз амбулон, уæд та дын æз куыд ракæнон дæ сæр, афтæ.

Цы гæнæн ма уыди Куыцыччы фырт сызгъæринсæрдзарм Елтагъанæн! Сразы ис, æмæ ацыдысты Сахъолайы уæзæгмæ хъулæй хъазынмæ.

Куы бахæццæ сты сæ нысангонд бынатмæ, уæд Сослан дзуры Елтагъанмæ:

— Ауил дæ хъул!

— Ды ’рцыдтæ ардæм быцæу кæнынмæ æмæ ды ауил фыццаг, — загъта Елтагъан.

Сослан ауылдта йæ хъул, æмæ дзы, æртæ боны цы банай кæна лæг, уыйбæрц еуу акалдис, уыцы хъулæй, æмæ ныппырх ис нæмыггай фæйнæрдæм.

— Ацы еуу æруидзын хъæуы! — загъта Сослан.

Ауылдта йæ хъул Куыцыччы фырт Елтагъан дæр: акалди дзы кæрчытæ æд цъиутæ. Уидзын байдыдтой уыдон еуу, æмæ сæ фæйнæ нæмыджы дæр нæ фæци.

— Ныр та ды ауил раздæр дæ хъул! — загъта Сослан.

Ауылдта Елтагъан, æмæ йæ хъулæй бузнаг нæл хуы агæпп ласта.

— Гъе уый-ма æрцахс, кæд лæг дæ, уæд! — дзуры Сосланмæ.

Сослан ауылдта. Æртæ егары агæпп ластой йæ хъулæй; асырдтой егæрттæ бузнаг нæл хуыйы æмæ йæ къабазгай æрбахастой Елтагъаны размæ.

— Цæй, ды та ауил, — загъта Елтагъан.

Ауылдта та йæ хъул Сослан, æмæ Нарты хæдзæрттæ ссыгъдысты.

— Уыдонæн исты хос хъæуы! — дзуры Елтагъанмæ.

— Æз уыдонæн ницыуал зонын; цы кæныс, уый мын бакæн, — загъта Елтагъан.

— Фæкæс-ма мæнмæ, уæдæ! — загъта Сослан, ауылдта та йæ хъул, æмæ стыр къæвда рацыдис æмæ арт бахуыссын кодта.

— Амбылдтай мæ, Сослан. Ракæн мын мæ сæр! — загъта Елтагъан.

— Иу уылд-ма акæн, уыцы бар ма дын дæттын, — загъта йын Сослан. — Кæд ма дæ амбулон, уæд нæ дзырд æххæстгонд æрцæудзæн.

Ауылдта та Елтагъан, æмæ æртæ ’хсинæджы йæ хъулæй атахт.

— Гъе уыдон-ма æрцахс, уæдæ, — дзуры та Сосланмæ.

Сослан дæр та ауылдта йæ хъул: æртæ тугдзых хъæрццыгъайы алиуырдта уымæн дæр йæ хъулæй. Сурын байдыдтой æртæ ’хсинæджы, æрцахстой сæ, Елтагъаны размæ сæ æрхастой æмæ сæ æрбаргæвстой.

— Ралыг мын кæ мæ сæр, Сослан, амбылдтай мæ! — загъта Елтагъан Сосланæн.

— Хорз лæг дæ, Куыцыччы фырт Елтагъан, — загъта Сослан, — æмæ мæ дæ сæр ракæнын нæ фæнды: мæн хъæуы æрмæст йæ царм.

Растыгъта йын йæ сæры царм Сослан æмæ йæ рахаста йемæ, æмæ йын дзы йæ кæрцæн уыцы чызджытæ бахуыдтой тæрттæ.

СОСЛАН ÆМÆ ТАРЫФЫРТТÆ

Нартыл ныккодта фыд зымæг: æруарыдис залты мит. Сæ фосæн бахæринаг ницыуал уыдис. Катайы бацыдысты, нæ фос цæмæй аирвæзын кæнæм, зæгъгæ, нæ бæхтæ куы фæцагъды уой, уæд æнæбæх лæг æнæбазыртæ маргъæй уæлдай куынæ у.

Иубон æрæмбырд сты лæгæвзæрстæй се стыр хæдзармæ æмæ уынаффæ кæнынц, кæдæм фескъæрой сæ фос, ууыл. Дзурынц Уырызмæгмæ:

— Ды бирæ фæхаттæ, зоныс бæстæтæ иууылдæр, чи зоны, ахæм бæстæ фехъуыстаис, зымæг мит кæм нæ вæййы.

— Ахæм бæстæ бæргæ зонын, — загъта Уырызмæг, — денджызы был Тары фыртты бæстæ: зымæг дзы кæрдæг уæрагмæ вæййы, йæ кæрдæг та — астымгæрдæг-къуыстымхал. Уым нæ фос куы фæхизой, уæд сæ уромæг нал бауромдзæн. Фæлæ зын у уырдæм фос аскъæрынмæ ныфс бахæссын. Дыууæ ’фсымæры сты уыдон — Мукара æмæ Бибыц. Сæ иуæй куы аирвæзой нæ фос, иннæмæй уæддæр нæ аирвæздзысты.

— Цыдæриддæр уа, уæддæр нæ фос уырдæм фескъæрæм, — загътой Нарты ’взæрст лæгтæ. — Фæлæ сæ чи аскъæрдзæннс, чи разындзæн ахæм ныфс æмæ ахæм хъаруйы хицау?

Бирæ фæдзырдтой, фæлæ ничи цыд фосгæс. Йæхи дзыхæй куы ничи разы кодта, уæд загътой: «Цæй, хæлттæ сæппарæм, æмæ кæй хал схауа, уый куыд аскъæра фос æмæ сæ куыд фæхиза Тары фыртты зæххыл, афтæ».

Ныллæууыдысты хæлттæ ’ппарыныл. Скодтой хæлттæ. Нарты фыдбылыз Сырдон хинæйдзаг кæм нæ уыд — йæхи халисæг акодта, йæ худ зыгъуыммæ фæфæлдæхта æмæ хæлттæ уым ныппæрста. Сосланмæ мæсты уыд æмæ йын йæ хал йæ къухы саггомы амбæхста. Хæлттæ сцагъта, нывнæлдта æмæ Сосланы хал сæвдыста. Афтæ ’ртæ хатты дæр Сосланы хал систа. Базыдта йын йæ хиндзинад Сослан æмæ йæм фæмæсты ис, фелвæста йæ цирхъ æмæ Сырдоны йæ разæй айста. Суры йæ, фæлæ хъуыды кæны йæхинымæры: «Ныр æй цæвин, æмæ Нарты фæсивæд — лæппуйæ, чызгæй — зæгъдзысты: гъæ, уæууæй, Сослан йæ ныфс нæ хæссы!» Ныууагъта Сырдоны æмæ ’рбаздæхти.

Цы гæнæн ма йын уыди — йæ сæрмæ нал бахаста нæ акомын. Бацыди уыцы мæстыйæ сæ хæдзармæ æмæ бандоныл йæхи æруагъта — бандон ныммур ис йæ быны.

— Цы кæныс, ме ’нæныййаргæ хъæбул, чи дæ бафхæрдта? — фæрсы йæ Сатана.

— Цы ма кæнон — Нартæн далæ Тары фыртты зæхмæ фосгæс фæцæуыныл мæ хал схаудта! Æз уырдыгæй æнæфыдбылызæй нал æрбацæудзынæн, — дзуапп ын радта Сослан.

— Тæрсгæ ма кæн, мæ лæппу, дæхи барæвдзытæ кæн æмæ аскъæр фос. Æрмæст-иу æппындæр дæхи макæмæн базонын кæ; кæд дæм исчи фæзына, уæд амæлттæ кæндзынæ.

Барæвдз кодта йæхи Сослан, уæдæ цы уыдаид! Райсомæй раджы ныхъхъæр кодта Нартыл:

— Нарт, уæ рæгъæуттæ ратæрут. Кæд ма сæ исты аирвæза, уæд хорз, кæннод уын мæн аххос ма уæд.

Нарт фезмæлыдысты æмæ сæм фысвосæй, хъомвосæй, бæхæй, цы уыд, уыдон ратымбыл кодтой, æрыскъæрдтой сæ хъæуы кæронмæ æмæ сæ Сосланы разæй скодтой.

Уарийы ахст æмæ сыл цæргæсы хъæр скодта Сослан Нарты рæгъæуттыл æмæ сæ скъæрын байдыдта Тары фыртты бæстæм хизынмæ. Цас сæ фескъæрдта, чи зоны, фæлæ иуахæмы ныххæццæ ис æмæ сæ хизын байдыдта денджызы был астæумæ кæрдæгыл. Йæхицæн иу обауыл сарæзта мусонг. Рæгъæутты-иу ауагъта хизынмæ, йæхæдæг-иу мусонджы сбадти æмæ-иу зарджытæ кодта.

Хъæздыг уыдысты Тары фырттæ, Мукара æмæ Бибыц: сæ зæххæн кæрон нæ уыди, сæ фос нымæц нæ зыдта, сæ къухы уыд бирæ адæм; дардыл хъуыстгонд уыд сæ кой.

Иубон Мукарамæ йæ адæмæй иу бахъæр кодта:

— Тары фырт Мукара, дæ зæххыл, кæрон сын нæй, уыйбæрц рæгъæуттæ хизы!

Тары фырт Мукара рамæсты ис æмæ загъта:

— Цавæр æдылы бауæндыди мæнмæ афтæ дзурын: мæ койæ арв снæрын куы нæ уæнды, уæд мæ зæхмæ чи ’рбауæнддзæни йæ рæгъау æрбаскъæрын!

Йæ сæр ын ракæнын кодта мæгуыр лæгæн, æмæ йæ кауы михыл æрсадзын кодта, иннæ мауал уæнда ахæм æнæзонд ныхæстæ кæнын, зæгъгæ.

Цас рацыдаид, хуыцау зоны, фæлæ та йæм иуахæмы дзуры иу лæг:

— Тары фырт Мукара, дæ зæххыл уыцы ран æмæ уыцы ран хизы уыйбæрц рæгъау, æмæ сæ зæхх басау ис.

— Йæ сæр ын ракæнут æмæ йын æй михыл æрсадзут. Цæрын мæ куынæуал ныууадздзысты ацы æдылытæ! Чи æрбауæнддзæни мæ зæхмæ фос æрбаскъæрын?! Æви зæххыл ис ахæм адæймаг, æмæ Тары фыртты кой чи нæ фехъуыста?!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: