СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА 6 глава




Ныхъхъæр кодта фидиуæг дæр Æртæ Нартыл:

— Уырызмæг Сау хохыл фос федта æмæ лæг чи у, уый рацæуæд йемæ фос кæнынмæ, чи нæ рацæуа, уыдонæй-иу афтæ мачи зæгъæд, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ!

Араст сты Æртæ Нарты фæсивæд, Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй Сау хохмæ фос фæкæнынмæ. Къармæгон æхсæвы æртæ мыдамæсты ракодта æмæ скуывта: «Хуыцæутты хуыцау, ме сфæлдисон хуыцау, залты мит æмæ ’нусы цъити кæм ныууары æмæ уыцы Нарты хъалтæн сæ лæг хуыздæр кæм рабæрæг вæййы!»

Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыди ахæм мит, æмæ æппындæр акæсæн нал уыди. Нарты адæм сæ цыды кой кæнынц уæддæр. Урс денджызы былтыл сæ ахуыдта Уырызмæг, Сау денджызы былтыл сæ уæлæмæ схуыдта, æмæ сæ ничи схæццæ ис Сау хохмæ: фæндæгтыл баззадысты æмæ ма тыхтæй-фыдтæй сæ хæдзæрттæ ссардтой.

Иунæгæй ссыд Уырызмæг Сау хохы рæбынмæ. Уырдыгæй скаст уæлæмæ æмæ суыдта хохыл стыр фосы дзуг. Ссыди фосмæ; кæсы, æмæ семæ иунæг цæу, æндæр сын никуыдæр гæс, никуыдæр бынат бæрæг. Фосæй дæр уыдысты æнахуыр фос: фыстæ — уæнгуыты йæстæ, цæу та — раст теуайы йас.

«Адонæй мæхицæн иу далыс æхсæвæрæн куы ныргæвдин», — загъта Уырызмæг йæхицæн, фæлæбурдта æмæ иу далысы къахыл фæхæст и. Далыс æй йæ фæдыл фæралас-балас кодта, йæ былтæ йын дуртыл фæхоста, фæлæ йын уæддæр аирвæзти.

«Цæй, гæнæн нæй, — загъта Уырызмæг, — цæуон сæ фæдыл, искуы кæд уаид сæ бынат».

Æризæр и. Фос рацыдысты, стыр цæу сæ разæй, афтæмæй; Уырызмæг дæр цæуы сæ фæстæ. Уалынмæ кæсы, æмæ иу стыр лæгæтмæ бацыдысты. Уый дæр сæ фæстæ бацыдис лæгæтмæ. Куыддæр фос фæмидæгæй сты æмæ æрæнцадысты, афтæ Сохъхъыр Уæйыг, æхситтытæгæнгæ, йæ уæхскыл къала бæлас, афтæмæй æрбацыди. Бæлас зæххыл ныццавта, æмæ, цырагъæн æгæр ставд, æндзарæнтæн та æгæр лыстæг, ахæм пырх ныццис. Уырызмæг Уæйыджы куы ауыдта, уæд бæргæ фæтарстис, фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис! Йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йæм дзуры:

— Де ’зæр хорз!

— Æгас цу, хæххон дзигло! — дзуапп ын радта Уæйыг. — Цы хуыцау дæ æрхаста ардæм?

— Хæтæг лæг дæн æмæ ардæм æрбафтыдтæн, — загъта Уырызмæг.

Уæйыг иу стыр къæй лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта, йæхæдæг арт скодта. Стæй къахахсæн райста, равнæлдта дзы æмæ иу фыс рацахста. Фысы æрбаргæвста, раст дыууæ ’мбисы йæ акодта æмæ йæ афтæмæй уæларт аджы бафтыдта. Цалынмæ уый фыхтис, уæдмæ Уæйыг йæхи арты фарсмæ уæлгоммæ ауагъта, æмæ йæ хуыр-хуыр ссыдис — афынæй ис. Уырызмæг бады. Æхсæвæр куы сцæттæ ис, уæд та райхъал ис Уæйыг, сыстадис æмæ аг райста уæлартæй æмæ фысæн йæ иу æрдæг йæхицæн æрæвæрдта, иннæ ’рдæг Уырызмæгæн, æмæ йæм дзуры:

— Ахæр, уазæг!

Бахордтой æхсæвæр, уæдæ цы, æмæ йын Уырызмæг арфæ ракодта.

Райсомæй раджы Уæйыг лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, йæхæдæг дуарыл хæлиу ныллæууыд æмæ дзуры цæумæ:

— Бодзо, аскъæр фос, дзæбæх сæ фæхиз æмæ сæ изæры бæрæгæй æрыскъæр.

Фос йæ сагæхты ’хсæнты рауагъта, сæ разæй дынджыр цæу, афтæмæй, æмæ сæ банымадта. Иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд йæхæдæг дæр рацыдис æмæ та къæй фæстæмæ лæгæты дуарыл бафæлдæхта. Уырызмæг мидæгæй баззадис; бон-изæрмæ фæцархайдта къæй рафæлдахыныл, фæлæ йын змæлын дæр нæ бакуымдта.

Куы баизæр ис, уæд Уæйыг йæ фосимæ ’рбацыди, лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, фос мидæмæ бауагъта æмæ та къæй дуарыл æрбафæлдæхта.

— Уазæг иу æхсæв уазæг вæййы, — дзуры Уæйыг Уырызмæгмæ. — Ахсæв æхсæвæр кæнын дæу бар у, æмæ нын æхсæвæр куыд скæнай, афтæ!

— Æмæ дын цæмæй скæнон æхсæвæр, куы ницы мæм ис, уæд? — загъта Уырызмæг.

— Уæдæ мæхæдæг скæндзынæн æхсæвæр, — загъта Уæйыг æмæ райста хæд-зилгæ дыкъухыг уæхст, Уырызмæгæн æй цæрдудæй йæ дыууæ уæраджы стъыста æмæ йæ арты фарсмæ æрсагъта; йæхæдæг, — цалынмæ уый физонæг кæна, уæдмæ аулæфон, зæгъгæ, — йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ уайтагъддæр йæ хуыр-хуыр ссыдис. Уырызмæг дæр уый куы базыдта, Уæйыг афынæй ис, зæгъгæ, уæд йæ къах тъæрмæ фæбыцæу кодта, йæ къухтæй та уæларт рæхысыл фæхæст ис, афтæмæй æрдæгарыдтытæй йæхи тыхтæй-амæлттæй уæхстæй рафтыдта. Стæй уæхст сырх зынг скодта æмæ йæ афтæмæй фынæй Уæйыджы дзæбæх цæсты ацавта.

Ныййах кодта Уæйыг, фестадис æмæ Уырызмæджы агуры. Уырызмæг дæр йæ разы кæм бадтаид! Уайтагъд фосы астæу смидæг ис æмæ уым йæхи æрæмбæхста. Уæйыг дæр æй кæм тызмæгæй, кæм лæгъзæй йæхимæ сайы, фæлæ йын æппындæр ком нæ дæтты Уырызмæг.

Ахсынмæ дæр æй бæргæ рахъавы куырм Уæйыг, фæлæ йыл нæ хæст кæны. Куы бафæлладис, уæд æрæнцад æмæ лæгъзæй дзуры Уырызмæгмæ:

— Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис. Фæлæ мæ тых æмæ мæ амонд сты мæнæ ацы къухдарæны, æмæ йæ дæ къухыл куы бакæнай, уæд дæу фæуыдзысты, — æмæ аппæрста къухдарæн зæхмæ.

Уырызмæг дæр цингæнгæ къухдарæн зæххæй куы фелвасид æмæ йæ йе ’нгуылдзыл куы бакæнид! Къухдарæн «мæнæ и! мæнæ и!» кæнын байдыдта. Уæйыг дæр багæпп кодта æмæ Уырызмæджы — иуырдæм сургæ, иннæрдæм сургæ; уый дæр йæ разæй лæгæты къуымты ралидз-балидз кæны. Къухдарæн уæддæр «мæнæ и! мæнæ и!» кæны.

Куыд хуыцау хорзгæнæг, афтæ Уырызмæгæн йæ разы фæцис фæрæт. Фелвæста Уырызмæг фæрæт, йе ’нгуылдз къуыдырыл авæрдта æмæ йæ фæрæтæй æркъуырдта, — дæ фыдгул афтæ, — æнгуылдз йæ рæбыныл атæхын кодта, йæхæдæг та лидзынмæ фæци.

Æнгуылдзыл та уæддæр къухдарæн «мæнæ и! мæнæ и!» кæны, æппындæр не ’нцайы. Уæйыг æнгуылдзмæ бауадис, фæлæбурдта æмæ къуыдырыл фæхæст ис æмæ йæ фæнык фестын кодта, стæй фелвæста æнгуылдз æмæ йæ фырмæстæй æд къухдарæн аныхъуырдта.

Йæ бон куы базыдта, уæд ныссабыр ис Уæйыг æмæ дзуры Уырызмæгмæ:

— Додой мын дæ сæр кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ, мæ сагæхты ’хсæнты дæ нæ хъæудзæнис æддæмæ цæуын?!

Байдыдта хъуыды кæнын Уырызмæг, уæдæ цы амалæй аирвæзон ацы фыдбылызæй, зæгъгæ, æмæ та йын æрхъуыды кодта хиндзинад.

Уæйыг куы ныффынæй ис, уæд Уырызмæг Бодзо-цæуы æрбаргæвста æмæ йæ мæхæлыстыгъд акодта, йæ сыкъатæ дæр ын йæ цармыл ныууагъта, афтæмæй.

Сæумæрайсом цæудзарм йæ уæлæ æркодта. Уæйыг дæр та фос хизынмæ уадзын афон лæгæты дуар байгом кодта, хæлиу та ныллæууыди дуарыл æмæ дзуры цæумæ:

— Рацу, Бодзо, дæ фæхъхъау фæуон, аскъæр та хизынмæ дæ фос æмæ та сæ изæры, афоныл, фæстæмæ бæрæгæй æрыскъæр!

Уырызмæг дæр цæудзармы мидæг фосы разæй рараст ис. Уæйыгмæ куы рахæццæ ис, уæд йæ сыкъатæ фæхъил кодта; Уæйыг дæр æй уырзæй бæргæ æрысгæрста, фæлæ йæ нæ базыдта, афтæмæй Уæйыджы сагæхты ’хсæнты феддæдуар ис Уырызмæг. Иннæ фос дæр Уырызмæджы фæдыл кæрæдзийы фæстæ рарæгъ сты, æмæ сæ банымадта Уæйыг. Фос иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд Уырызмæг цæудзарм аппæрста æмæ фæстæмæ Уæйыгмæ бадзырдта:

— Гъеныр уым «Бодзо! Бодзо!» кæн, куырм хæрæг! Ацы фосæй ды цы ницыуал фенай, де ’ннæ фæллойæ дæр æндæр мацыуал фен!

Куырм Уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ йæ фырмæстæй, лæгæты раз был ис, уый нал ахъуыды кодта; асхъиудта уырдыгæй æмæ ныххæррæгъ ис.

Уырызмæг Уæйыджы фосы дзуг йæ разæй ракодта æмæ йæ æртардта Нарты стыр хъæумæ; æрхæццæ ис йæ хæдзармæ йæ фосы кондимæ. Фæсидтис фидиуæгмæ æмæ йæ ныхъхъæр кæнын кодта, уыцы бон Уырызмæгимæ чи рацыдис, уыдон райсом æрæмбырд уæнт, æмæ фосы конд байуарæм, зæгъгæ. Æрбахонын кодта Къармæгоны дæр.

Сæумæрайсом æрæмбырд сты Нарты адæм æмæ фос уарын байдыдтой. Уырызмæг дзы иу хай уæлдай скодта. Кæрæдзимæ бакастысты Нарт, ацы уæлдай хай ма кæмæн у, зæгъгæ.

Исын байдыдтой хæйттæ. Иу хай ма дзы баззади уæлдай, æмæ Уырызмæг дзуры Къармæгонмæ:

— Мæнæ дæуæн дæр хай, Къармæгон, кæй дæ бафхæрдтой, уый тыххæй!

Къармæгон дæр райста хай æмæ, уæдæ адонæн мацы зæгъон, зæгъгæ, дзуры:

— Гъеныр уын нæ загътон, уæ хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ!

Басастысты Нарты хъал фæсивæд дæр, Уырызмæг æцæг сæ хуыздæр кæй у, ууыл.

УЫРЫЗМÆДЖЫФÆСТАГ ФОСЫКОНД

Базæронд ис тынг Нарты Уырызмæг, басасти йæ тых. Нал цыдис стæры, нал æй фарстой зондæй Нарты фæсивæд. Фæцис-иу Нарты хъал фæсивæды ’хсæн ахæмтæ дæр, худгæ йыл чи кодта, ницыуал пайда нын у, зæгъгæ-иу чи загъта. Райсомæй-иу рацыдис Ныхасмæ æмæ иу йæ бон уым арвыста адæммæ хъусгæйæ; кастис-иу, куыд æхстой фатæй Нарты фæсивæд, æмæ-иу æрлæууыдысты йæ лæппуйы бонтæ йæ зæрдыл, æмæ та-иу изæры æнкъардæй бацыдис йæ хæдзармæ.

— Гъæй-джиди, искуы ма фосы конды фæу! — загъта иухатт Уырызмæг æмæ рацыди Нарты стыр Ныхасмæ. Ныхасы бадтысты Нарты фæсивæд, æмæ сæм дзуры:

— Мæ чысылæй мæ зæронды бонмæ уын мæ зонд никуы бахæлæг кодтон, ныр базæронд дæн, æмæ уын мæ зæронд сæр фыдæбоны йеддæмæ ницæмæнуал бæззы, мæнæй уын ницыуал пайда ис. Райсом мын стыр æнгом чырын саразут, уым мæ нывæрут æмæ мæ фурды баппарут: мæнæн Нарты уæлмæрдты нæй ныгæнæн.

Фæсивæдæй иутæ загътой: «Нæ зондамонæг Уырызмæг нæ уæле куы нæ уа, уæд цæрынæн ницы бакæндзыстæм»; иннæтæ загътой: «Базæронд ис æмæ нæ ницæмæнуал хъæуы». Фæлæ йын уæддæр йæ фæнд сæххæст кæныныл не сразы сты, йæ коммæ нæ бакастысты.

Уæд та сæм рацыдис Уырызмæг дыккаг изæр дæр æмæ та сын загъта:

— Цæмæн мæ фыдæбонæй марут? Саразут мын чырын æмæ мæ фурды баппарут.

Гæнæн куынæуал уыди, уæд сразы сты фæсивæд æмæ æртыккаг бон сарæзтой егъау чырын æмæ йæ фурды былмæ ныххастой æмæ дзы Уырызмæджы нывæрдтой; нывæрдтой йын йемæ хæринаг дæр къуыриваг; æнгом æй ныхгæдтой æмæ йæ афтæмæй фурды баппæрстой.

Фурд чырыны йæ сæрыл систа æмæ йæ ласынтæ байдыдта. Цас æй фæласта, чи зоны, фæлæ йæ иу æхсæв Саденджызы ’лдары бæхты дондарæны раппæрста кæронмæ.

Райсомæй æлдары æххуырстытæ бæхтæ раскъæрдтой дон дарынмæ. Бæхтæ донмæ æмгæрон нал цæуынц: ныххуыррытт кæнынц æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæвæййынц. Ай цы уа, зæгъгæ, бацыдысты æххуырстытæ хæстæгдæр. Кæсынц, æмæ дондарæны — чырын. Раппæрстой чырын былмæ, сæппæрстой йын йæ сæр æмæ уынынц — чырыны хуыссы зæронд лæг, кæрцы мидæг.

Фæджих сты æххуырстытæ: «Циу ай, цы диссаг у, цы йæ ’рхаста?!» Æмæ фæрсынц Уырызмæджы:

— Цы дæ, цавæр дæ, цы хуыцау дæ ’рхаста ардæм?

— Æз дæн Нарты Уырызмæг. Базæронд дæн, мæ цардæй сфæлмæцыдтæн æмæ мæхи доны баппарын кодтон.

Æххуырстытæй иу азгъордта ’лдармæ æмæ йæм дзуры:

— Дæ фыдæхæй фесæфон, æлдар, дæхи базонынæй нырмæ æрцахсынмæ кæмæ бæллыдтæ, уый ныр бафтыд дæ къухы — Нарты Уырызмæг!

Æлдар фæхъæр кодта йæ лæггадгæнджытæм:

— Ныртæккæ йæ ардæм куыд ракæнат, афтæ!

Скодтой Уырызмæджы æлдармæ. Бацин кодта æлдар, Уырызмæг йæ къухы кæй бафтыдис, ууыл.

Йæ къухтæ æмæ йын йæ къæхтыл стыр къуыдыртæ бабастой æмæ йæ афтæмæй акодтой мæсыгмæ. Мæсыг сæхгæдтой, æрмæст ма дзы, кæрдзын кæцæй лæвæрдтаиккой, ахæм хуынкъ ныууагътой.

Чысыл рæстæг рацыди, бирæ рæстæг, хуыцауы йеддæмæ йæ чи зоны, фæлæ Уырызмæг бады мæсыджы. Хъуыды кæнын байдыдта, уæдæ цы бакæнон æмæ куыд бакæнон, зæгъгæ, æмæ æрхъуыды кодта. Иу бон куы уыд, уæд та йын кæрдзын балæвæрдтой, æмæ кæрдзындзаумæ дзуры:

— Уе ’лдар цæй æдылы у!.. Ам, мæсыджы, амæлдзынæн, уымæй йыл цы бафтдзæни? Уый бæсты ахæсты аргъ æркурæд.

Кæрдзындзау бацыди æлдармæ æмæ зæгъы:

— Дæ фыдæхæй фесæфон, нæ хорз æлдар, нæ ахæст диссæгтæ дзуры: уе ’лдар, зæгъы, цæй æдылы у! Æз, зæгъы, ам амæлдзынæн, уымæй йыл цы бафтдзæни? Фæлтау, зæгъы, ахæсты аргъ æркурæд.

— Ацæут, йæ къуыдыртæ йын рафтаут æмæ йæ ардæм ракæнут, — радзырдта æлдар.

Ацыдысты лæггадгæнджытæ, Уырызмæджы къæхтæ æмæ къухтæй къуыдыртæ рафтыдтой æмæ йæ æлдармæ ’рбакодтой.

— Гъы, Нарты Уырызмæг, цы мын бафиддзынæ ахæсты аргъмæ, куы ницы дæм ис? — фæрсы йæ æлдар.

— Мæ бинонтæ æмæ мæ хъæу куы базоной, нæ хистæр удæгас у æмæ ахæсты ис, зæгъгæ, уый, уæд сæ фæллойыл æппындæр нæ бацауæрддзысты. Мæхи бирæ фæллой цæуыл нæ сæххæссой, æртæ ахæмы мæ хъæу ратдзысты.

— Уæддæр мын цы бафидинаг дæ? — фæрсы та йæ æлдар.

— Кæд мæ фиддæн дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дын куыннæ бафиддзынæн: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ фæндзсионтæ.

Æлдарæн æхсызгон куыннæ уыдаид! Арвит, уæдæ, дæ хъæумæ, зæгъгæ, загъта Уырызмæгæн.

— Уæдæ мын иу саухил æмæ иу бурхил лæг радт, мæ дзырд мын чи фæхæццæ кæна Нарты хъæумæ æмæ сын ардæм фæндаг чи бацамона, ахæмтæ, — загъта Уырызмæг.

Æлдар арвыста, æмæ йын æрбакодтой дыууæ лæджы: сæ иу уыди саухил, иннæ та — бурхил.

Бацамыдта уыдонæн Уырызмæг фæндаг Нарты бæстæм æмæ сын загъта:

— Ацæут æмæ зæгъут Нартæн: «Уырызмæг Саденджызы ’лдары къухты бахауд, æмæ йын рарвитут ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ. Сау галы æмæ сын бур галы сæ разæй скæнут, фæндагамонæг; кæд уын раст фæндагыл нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндагыл цæудзæни раст».

Саухил лæг æмæ бурхил лæг араст сты Нарты бæстæм. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, хуыцауы йеддæмæ йæ чи зоны, фæлæ иу изæрыгон бахæццæ сты Нартмæ.

Нырт бадынц Ныхасы.

— Уе ’зæр хорз уæд! — загътой бæлццæттæ.

— Хорзæй цæрат, хорз уазджытæ! — загътой Нарт. — Цы хур, цы къæвда уæ ’рхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд?

— Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз адæм, — загътой уазджытæ, — мах стæм Саденджызы æлдары бæстаг. Нарты Уырызмæг бахаудис не ’лдары къухты. Æлдар дзы æрцагуырдта ахæсты аргъ. Уырызмæг сразы ис æмæ нæ рарвыста ардæм ахæсты аргъмæ.

Нарт куы фехъуыстой, Уырызмæг æгас у, зæгъгæ, уый, уæд сын тынг æхсызгон куыннæ уыди! Æмæ фæрсынц уазджыты:

— Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз уазджытæ, цы фиддæн æрцагуырдта уе ’лдар Уырызмæгæй?

Уазджытæ загътой:

— Уырызмæг нын загъта: «Рарвитут мын ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ». Ноджыдæр ма нын загъта: «Сау галы æмæ-иу сын бур галы сæ разæй скæнут фæндагамонæг, æмæ уын фæндагыл раст куы нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст амондзæни».

Нарт уазджыты акодтой æхсæвиуат кæнынмæ. Сæхуыдтæг тæрхон кæнын байдыдтой: «Галтæн сæ иугай сыкъатæ ракæндзыстæм, æмæ, афтæмæй уыйбæрц иусион галтæ ссардзыстæм, дысионтыл дзырд нæй, фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ та кæм ссарæм, ахæм галты кой куы никуы фехъуыстам?!»

Маст кæнын байдыдтой, катайы бацыдысты.

Куы ницы фæрæз ардтой, уæд сфæнд кодтой Сатанайы бафæрсын. Бацыдысты йæм æмæ йын загътой:

— Уырызмæг нæм Саденджызы æлдары бæстæй æрæрвыста ахæсты аргъмæ: иусион галтæм, дысионтæм, æртысионтæм, цыппæрсионтæм æмæ фæндзсионтæм. Гъа, иусион галтæ ма ссардзыстæм, дысионтæн сæ иугай сыкъатæ асæтдзыстæм, афтæмæй дысионтæ нæм ис, фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ кæцæй æркæнæм, ахæм галты кой хъусгæ дæр куы никуы фæкодтам?!

Сатана бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис уый, йæ дзыхы дзаг ныххудтис æмæ сын зæгъы:

— Уыцы зæронд лæг уын куы нæ уа, уæд фесæфдзыстут! Кæмдæр та уын ссардта æнæхæрд бæстæ æмæ уæ хоны уый хæрынмæ: иусион галтæ хоны фистæг æфсад, дысион галтæ — бæхджын æфсад, æртысионтæ — æрцджын æфсад, цыппæрсионтæ — згъæрджын æфсад, фæндзсионтæ та — алцыппæт хæцæнгæрзтæй æххæст æфсад.

— Æмæ уæдæ, сау галы сæр ракæнут æмæ йæ бур галы ’фцæджы бафтаут, зæгъгæ, уый та цы у? — фæрсынц æй адæм.

— Уый та амоны уый, æмæ æфсадæй куы ацæуат уæд саухил лæг æмæ бурхил лæджы уæ разæй скæндзыстут, цæмæй уын фæндаг амоной. Уыйбæрц æфсад куы феной уыдон, уæд уын фæндагыл раст нал цæудзысты, ракæ-бакæ кæндзысты, æмæ-иу уæд саухил лæджы сæр ралыг кæнут æмæ-иу æй бурхилы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст амондзæни.

Уæд Нарты фæсивæд ныххæррæтт кодтой æмæ æртæ бонмæ æфсад сцæттæ кодтой. Саухил æмæ бурхилы сæ разæй акодтой æмæ араст сты Саденджызы ’лдары бæстæм. Дзæвгар куы ацыдысты, уæд саухил æмæ бурхил загътой, адон хинæйдзаг æфсад сты, зæгъгæ, æмæ сын фæндаг раст нал амыдтой: куы-иу чердæм ацыдысты, куы чердæм.

Нарты æфсад саухил лæджы сæр ралыг кодтой æмæ йæ бурхилы ’фцæджы бафтыдтой. Бурхил дæр уæд йæхицæн марынæй старст æмæ фæндагыл раст цæуыныл ныллæууыди.

Уырызмæг зыдта Нарты ’фсæдтæн сæ ныццæуын афон æмæ, иу бон куы уыд, уæд загъта æлдарæн:

— Цом-ма, мæсыджы сæрæй акæсæм, кæд, мыййаг, æрбазындысты дæ фос.

Схызтысты мæсыджы сæрмæ æмæ кæсынц уырдыгæй: быдыры кæрон, дардæй, æрбазындис сау æндæрг.

Уырызмæг базыдта, Нарт кæй æрхæццæ сты, уый, æмæ дзуры æлдармæ:

— Гъе, гъе, далæ дын ахæсты аргъ æрбаскъæрынц, фæлæ, дæ къухы цыдæриддæр адæм ис, уыдон куыд арвитай сæ размæ, афтæ, æрмæст хæцæнгарз мачи ахæссæд йемæ, æндæра уыдон ахæм знæт фосы мыггаг сты, æмæ куыддæриддæр феной хæцæнгарз, афтæ ныппырх уыдзысты æмæ фæлидздзысты — дæ къухы дзы иу дæр нал бафтдзæнис, æмæ уæд æз аххосджын нæ уыдзынæн.

Æлдар арвыста Нарты ’фсæдты размæ, цыдæриддæр æм адæм уыдис, уыдон, æмæ сын загъта: «Чидæриддæр уæ йемæ уис æмæ лæдзæджы йеддæмæ æндæр исты ахæсса, уыдон ныццæгъддзынæн!»

Æлдары адæм Нарты ’фсæдтæм куы бахæццæ сты æмæ сæ куы ауыдтой, уæд хорзау нал фесты.

Нарты ’фсæдтæ сæ цæгъдын байдыдтой, æмæ сæ сæрмæ рыг мигъау сбадти.

Æлдар æмæ сæм Уырызмæг кæсынц мæсыджы сæрæй. Æмæ ’лдар фæрсы Уырызмæджы:

— Уартæ уый фæздæджы хуызæн куы у, уæд уый цы у?



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2022-10-12 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: