II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 37 глава




Таза фæзылд æмæ, Суаиппæн йæ къухы дур куы ауыдта, уæд адæммæ йæ дамбаца ныддардта:

— Тазайы æвдисæнтæ ницæмæн хъæуы. Таза æрмæст йæ хуыцауимæ кæны тæрхон!

Киса æмæ Суаипп сæ дуртæ аппæрстой æмæ фæстæмæ аздæхтысты. Темырболат, Арапханы фæдыл цæугæйæ, йæхимидæг дыууæ хатдзæджы скодта: «Фыццаг уал уый, æмæ æнæхъæн дзыллæйы йæ зондыл кæй аскъæрдта, уый Тазайы тых æмæ лæгдзинадыл дзурæг у! Дыккаг та?.. Йæ бæхы кæй нæ фæцагайы æмæ нæ йæ фæдыл куыдзы ластгæнгæйæ кæй нæ мары, уый дæр йæ лæгдзинады миниуæг у!.. Цæмæн ныл ауæрды?.. Нæ, Тазамæ лæгдзинад хъуамæ уа!»

Хъæуæй аивгъуыдтой. Рахизæрдыгæй цъæх-цъæхид фахс схаста. Лæгуын хохæн йе ’цъуппыл тулдзы къох бецыккау зынд. Галиуæрдыгæй æмуырдыг фæныкгъуыз къæдзæхтæ суанг дон былмæ ныххастой. Дæлейæ, донбылгæрон фос хызтысты. Сырх-сырхид, хаст куыры цъæхснаг богъ-богъ комы нæрыд. Таза йæ бæхы баурæдта æмæ, былгæрон цы дыууæ цæуы фæхъуырæй-хъуырмæ ис, уыдонмæ сусæг мидбылхудгæ каст, цыма йæ фæдыл марынмæ кæй фæцæйласта, уыдон дзы айрох сты. Темырболат фæкомкоммæ цæуты хылмæ. Сау цæу урсы йæ разæй ассыдта, былгæронмæ йæ бахаста: «Алы ран дæр, æвæццæгæн, сау æмæ урсы ’хсæн цæуы тох!.. Акæс-ма, ам дæр сау фæуæлахиз ис æмæ урсы былмæ бахаста!.. Æвæццæгæн, цард иууылдæр сау æмæ урс хуызтæй конд у, æмæ тох хуызты ’хсæн цæуы, фæлæ Таза æмæ йе ’мбæлттæ кæцымæ хауынц, цымæ?.. Цард рæдыдтытæ нæ бары. Сау æмæ урсы иугæндзон тохы æгъдау цард йæхæдæг æрæвæрдта, æвæццæгæн, фæлæ урс урсы куы амара, уæд уый царды закъон нæу!» Сау цæу тæккæ былгæрон йе знаджы ахъаззаг нысхуыста æмæ урсæн йæ фæстаг къæхтæ былыл ауындзæгæй аззадысты. Иугæр ыл æнæхъæнæй дæлæмæ куы ауæз кодта, уæд сау цæу йæ раззаг къæхтæ зæхмæ фæбыцæу кодта æмæ йæхиуыл фæстæмæ рахæцыд, фæлæ йæ сыкъатæ йе знаджы здыхт сыкъаты мидæг фæфидар сты. Æвиппайды Таза бæхæй æргæпп кодта æмæ хылгæнджытæм бауад. Былæй дæлæмæ чи ацауындзæг ис уымæ нывнæлдта æмæ йæ уæлæмæ сласта. Сау цæуы йæ къахæй скъуырдта æмæ йæ атардта.

«Тазайы цыдæр джиздары, цæмæй лæг уа, уымæн!» — балхынцъ кодта Темырболат æмæ, йæ бæхыл куы абадт, уæд ын загъта:

— Таза, дæлæ уым дзыхъхъы нæ бæхты бамбæхстам æмæ сæ ралас. Бабæздзысты дын дæ райсомы тохы! Нæ фæстæ сын æндæр исчи цæмæн хъуамæ схицау уа?!

Таза йæ бæхы рохтæ æрбайвæзта, Темырболатмæ фæлмæн каст бакодта, фæлæ уыцы узæлд бирæ нæ ахаста æмæ сæм йæ чъылдым фездæхта.

Арапхан дзыхъхъæй бæхты сласта, Махмуд æмæ сыл Темырболаты сæвæрдтой æмæ сæ аластой сæ фæдыл идадзæй. Хеттеш-Корты рагъмæ куы схæццæ сты, уæд хур хохы цъуппытæм æрæввахс ис. Сæ бæхты дæрддзæф фæуагътой, сæхæдæг фондзæй зæронд мæсыджы хæлддзаджы хуылфмæ бацыдысты. Систы сæртæй сынтытæ стахтысты уасгæ. Уæлдæфы хъæрццыгъатæ æрдиаг кодтой. Фосы фаджысæй байдзаг алфамбылай, æвæццæгæн дзы фыййæуттæ ривæддон сарæзтой. Бындзытæ уыцы иугъæдон гуыв-гуыв кодтой.

Арапхан æмæ Албаст гобитау лæууыдысты. Темырболат-иу сæм куы фæкомкоммæ, уæд-иу сæ цæстытæ фæкъуымых сты. Тазайæн дæр нæ уыд уæлахиз лæджы æнгас. Йæ дамбацатæ ифтыгъта æмæ мæстыйæ дзырдта:

— Уыцы ’хсæв мæ балц фæмæнг ис мæнæ уыцы джауыры фыдæй, — Темырболатмæ ацамыдта, — фæлæ ныр нал фæмæнг уыдзæн. Ды амардтай, Таза йæ зæрдæ цы сыгъдæг удгоймагыл дардта, уый, æмæ Тазайæн йæ цард иу æхсæры аппы аргъ нал у, фæлæ Таза дæ хуызæн куыдз нæу æмæ дын мæлæты агъоммæ дæ фæстаг фæндон сæххæст кæндзæн. Дæ мадмæ дын бæрæг дæр ныххæсдзæн! — Йæ дамбацатæ сифтыгъта æмæ Махмудмæ бакаст.

— Мæ мады дæ хуызæн хъæргæнджытæ ницæмæн хъæуы!.. Ды дæхæдæг дæр нæ зоныс, дæ зæрдæ цæуыл дарыс, уый!..

— Таза хорз уыны, Иунæг Стыр Хуыцау ын йæ разы цы сныв, кодта, уый. Харачойы дзыллæ уæ дыууæйы дурты бын куы баныгæдтаид æмæ уæ мæхи къухæй куы нæ ныммардтаин, уæд мæ масты амæттаг фæуыдаин!

— Уыцы дзæгъæл масты фыдæй дæхæдæг дæр къæрных Абдийау куыдзы мард ныккæндзынæ, дзæгъæл фыс!

Тазайæн йæ цæсгом спæртт ласта æмæ йæ дамбаца Махмудмæ фæдардта. Темырболат æм йæхи баппæрста.

— Таза, дæ Хуыцаумæ скæс, дæхи фæсмойнаг ма фæкæн. Нæ фæстаг фæндон нын сæххæст кæн!

Таза Темырболатмæ тызмæгæй бакаст. Дамбаца йæ къухы рызтис.

— Зæгъ, цы дæ хъæуы?!

— Скувыны фадат мын радт, Таза. Æз Иунæг Стыр Хуыцауæн ныллæгъстæ кæндзынæн, цæмæй нын нæ рæдыдтытæ ныббара æмæ дæуæн та дæ райсомы тохы æххуыс бакæна.

Тазайы цæстыты масты бæсты цымыдис ссыгъд, æмæ йæ цæсгомы нуæрттæ æрфæлмæн сты. Цы акодтаид, уый нал зыдта. Æвæццæгæн, Темырболаты чырыстон æнхъæлдта:

— Кæмæ кувдзынæ?

— Ды кæмæ фæкувыс, уымæ.

Сис кæм фегом, уырдæм дамбацайæ ацамыдта, æмæ Темырболат фæфиппайдта: хæцæнгарзы бырынкъ йæ ризынæй не ’нцад, «Ацы Таза бынтон сæфт лæппу нæу, фæлæ йæ, цæмæй лæг уа, уымæн чи хъыгдары, уый бафиппайыны фаг рæстæг нал баззад!»

Донбылгæрон сын сæ къухтæ сыхæлдтой. Дамбацатимæ сæ уæлхъус слæууыдысты. Албаст æмæ Арапхан сæхи ныггуымыдза кодтой. Таза йæ цæстытæ донмæ ныццавта. Сæ тæккæ раз лыстæг змисбын ахаста æмæ куыдфалæмæ доны онг дуртæ ставдæй ставддæр кодтой. «Дон æгæр дард у, уырдыгæй ардæм æнæхъæн бонцау у!» — хъуыды кодта Темырболат. Чысыл уæлдæр, фæкъæдзгæнæны, дон цъæх нæууы комкоммæ цавта æмæ йæ лыстæг пырхæнтæ суанг былмæ калдысты. «Уый хорз бынат у! Донмæ комкоммæ нывналдзынæн мæ зонгуытыл лæугæйæ!»

Хур йæ былæй хохы цъуппыл æрæнцад. Кæцæйдæр гакк-гукк уасыд: «Дитт-дутт! Дитт-дутт!» Махмуд йæ куырæты бызгъуыр æмæ йæ къогъодзитæ раласта æмæ йæ цонджы туг æрæхсадта. «Цымæ йын цы хъауджыдæр у!» — нымдзаст æм Темырболат æмæ йæ къæхтæ доны нытътъыста, сæхсадта сæ. Стæй йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ цæсгомыл уазал дон скалдта æмæ йæ ных зæхмæ куы ’рхаста, уæд йæ цонджы бынты Таза æмæ Махмудмæ акаст. «Таза бынтон мæгуырау лæппу ма хъуамæ уа, фæлæ мæлæтæн афтæ хуымæтæджы æрцæуæн кæй уыд, уый æнхъæл нæ уыдтæн! Нæ, уый ницыгар мæлæт у, кæд Таза Махмудæн йæ мадмæ фæбæрæг кæныны ныфс бавæрдта, уæддæр!» Таза йæ дамбацайы мæнгвæдæгимæ архайдта æмæ дзы ламазгæнджытæ айрох сты. «Æгæр дард лæууынц кæрæдзимæ. Цалынмæ сæ иуæй се ’ннæмæ цæуай, уæдмæ дæ æрбагæрах кæндзæн. Куыд хъыг ын уыд «дзæгъæл фыс»! Чи зоны, Таза, æцæг, хъæды йæ фæндаг кæмæн схæццæ ис, ахæм дзæгъæл фыс у». Йæ ных зæххыл нынныхæста Темырболат. Албаст æмæ Арапхан сæ фæтæджы цурмæ бацыдысты. «Кæд исты фæцарæхсæм, уæд гъеныр!» Темырболат аивæй Махмудмæ йæ цæст фæныкъуылдта, ома кæрон скæн дæ ламазæн. Махмуд æй фембæрста, йæ къæхтæ ма иу хатт сæхсадта æмæ сыстад. Темырболат йæ цырыхъхъытæ йæ къухы фæцæйхаста.

— Таза, бæгъæмвад лæг, дам, лæг нæу æмæ йæ афтæмæй Хуыцау дæр нæ айсдзæн! Мæ цырыхъхъытæ скæныны фадат мын радт æмæ стæй дæ ми кæн!

Йæ дзырд конд нæма фæцис, афтæ Арапханы хъуыры дадзин йæ къухы тигъæй фæцæф ласта æмæ йæ уадзыгæй Тазайы ’рдæм фесхуыста. Махмуд та Албастыл ныццавта йæхи, йæ дамбаца йын ацахста. Цалынмæ Таза Арапханы иуварс кодта, уæдмæ йæм Темырболат йæхи баскъæрдта, йæ рахиз цонг ын ацахста æмæ йын йæ гуыбыны тæнæг уæраджы сæрæй сцавта. Тазайæн йе сулæфæнтæ æрбахгæдтой. Хæцæнгарз йæ къухæй ахауд. Йæ гуыбыныл хæцгæ гуыбыр-гуыбыр ацух-мух кодта. Темырболат ма йын йæ чъылдым тымбыл къухæй иу цæф куы ныккодта, уæд дæлгоммæ ахауд. Фездæхт Темырболат. Махмудыл уæлейæ хъæрццыгъайау бадæг Албасты бæрзæйы нуæрттæ æрцавта æмæ йæ цæцæйнаг лæппуйыл лæмæгъæй æрхаугæ куы ауыдта, уæд загъта:

— Ныббæттæм сæ, æрдæбон нæ къухтыл цы бæндæнтæ уыд уыдонæй!

Куы сæ ныббастой, уæд сыл дон æрпырх кодтой, æрчъицой, зæгъгæ.

— Махмуд, рагъæй бæхтæ æрлас, æз сæ уæлхъус фæлæудзынæн, Тазаиты бæхты уым ныууадз!

— Тазайы бæх дæр уæ хай у, искæмæн æй цæмæн уадзут! — Фырмæстæй йæ сæр зæххыл ныххоста Таза.

— Ме ’фсымæр, райсом та куыдзау сусæгæй хæцыны бæсты æз æмæ Таза лæгæй-лæгмæ кæрæдзи бахсдзыстæм дамбацатæй — нæ хъаугъайæн кæрон скæндзыстæм, — йæ дамбацайыл уæлæмæ схæцгæйæ загъта Махмуд.

Темырболат фестад æмæ йын йæ хæцæнгарз йæ къухæй стыдта:

— Тазайæн цæрæнбонтæ чи радта, уый йын сæ байсдзæн! Æз æмæ дæумæ не ’рхаудта уыцы хъуыддаг, æмæ дын кæдæм загътон, уырдæм ацу! — фæхъæр ыл кодта.

Хеттеш-Корты цъупп йæ аууон нымæтау райтыгъта комыл. Таза, уæлгоммæ хуысгæйæ, цъæх арвмæ каст. О Стыр Хуыцау, цы цæсгомæй ма цæуа Таза а бæстыл!

— Дæхæдæг æй зоныс: æз дыл нæ бацауæрстаин! Ды дæр мыл ма бацауæрд, кæд лæг дæ, уæд! — фырмæстæй йæ цæсгом сæнцъылдта Таза.

— Уæд ма Кудзуты Бæчийæн йæ фос чи хиздзæн Турчы! — йæ цырыхъхъытæ кæнгæйæ загъта Темырболат.

— О джауыр, хынджылæг мæ скъæрыс! — цыма йын йæ фыдтæ аркъауæй стындæуыд, уыйау фæбогъ кодта Таза.

Растын æй кодта. Йæ разы æрбадт:

— Гъе-гъе, Таза, зондджын лæппу куы дæ, уæд дæ хынджылæг чи скъæры, уый цæмæннæ фиппайыс? Науæд мæнæн дæу амарыны бар чи радта?

— Хуыцау! Хуыцау де ’вварс у, æмæ дæ хъуыддаг кæн, джауыр!

— Кæцы Хуыцау? Ды пысылмонтæм тохмæ кæй номæй сидыс, уый, æви сæм Кудзуты Бæчи Туркмæ кæй дзыхæй сайы, уый?

— Дзур, цы дæ фæнды, уый. Таза мард у æмæ йæм ницыуал хъары!

— Кæцы уæ у раст: ды æви, йæ фос кæмæн хизыс, уый? Таза, зæгъ ма мын: æрдæбон урс цæуы бæсты сау куы ацауындзæг уыдаид, уæд бæхæй æрхызтаис?

Таза йæм джихæй æрбакаст, цыма йын йæ зæрдæмæ исчи хъарм къухæй бавнæлдта:

— Сау æмæ ма дæ урсы хыл æндæвта?..

— Æндæвта мæ, Таза, уымæн æмæ цард, æвæццæгæн, сау æмæ урс хуызты тох у иууылдæр... Дæу æмæ Кудзуты Бæчийæн иу Хуыцаумæ кувæн нæй, Таза. Уымæн йæ хуыцау сау у, фыдгæнæг, дæуæн та урс, хæрзиуæггæнæг... Æрдæбон ды дæлбылæй кæй систай, уый уавæры стæм æз æмæ дæ Хуыцау ныртæккæ.

Йæ цæстытæ ауæрæх сты Тазайæн. Темырболатмæ кæсын æм аив нал фæзынд æмæ фæстæмæ йæхи ауагъта цъæх нæууыл. Йæ сау хилтыл доны цæппузыртæ æрттывтой, йæ цæстыты къуырфытæ дæр донæй байдзаг сты. Арапхан æмæ Албаст дæр базмæлыдысты сæ фæтæджы уынæргъынмæ.

— Сау фыдгæнæг Хуыцау Туркмæ сайы адæмы, урс-хæрзиуæггæнæг та сæм сиды: уæ артдзæстытыл фидар хæцут æмæ сæ хъахъхъæнут тыхгæнæгæй! Кæм ис Иунæг Стыр Хуыцау, цæмæннæ амоны уæртæ Арапхан æмæ Албасты хуызæн лæппутæн æцæг фæндаг?

— Арапхан æмæ Албаст ссардтой се ’цæг фæндаг.

— Ссардтой, стæй та йед! Зондджын лæппу куы дæ, уæд дын дæ Хуыцау кæй фæцамоны, уыдон дæ зæрдыл дзæбæх цæмæннæ бадарыс, Таза? Æвæццæгæн дæ адæргæй æрбайрох вæййынц Кудзуты Бæчи Хадзаты Суаиппимæ адæмы Турчы дзæнæтæй сайдтой, Иунæг Стыр Хуыцау нæ баразæнгард кодта, зæгъгæ... Кæсыс, Таза, сау фыдгæнæг алы къахдзæфыл былмæ ссоны урс хæрзиуæггæнæджы æмæ йæ дæлбылæй чи сласа, уый нæй... Æз мæхæдæг паддзахы афицер дæн æмæ, мæ сыхаг зæронд лæджы нæ базыдтон, афтæмæй Хуыцауы разæнгардæй йемæ кардæй рацъыкк-бацъыкк систон... Дæхæдæг дæхийау мæгуыр сидзæр лæппуйы æхсæвыгон йæ артдзæстмæ бахстай æмæ хъæр кæныс, сихы сыгъдæг туг исын, зæгъгæ. Кæм ис сыгъдæг туг, кæнæ сыгъдæг Хуыцау, цæмæн кæсы уæлейæ æмырæй? Кудзуты Бæчи йæ мæрдтæн дугътæ куы рауагъта æмæ сын сæ ингæнтыл Каабы сыгъдæг дуры къæртты хуызæн цыртытæ куы сæвæрдта, уæд дæуæн дæ фыды ингæныл хæмпæлгæрдæг цæмæн схæцыд, æмæ йæ номыл иу кусарт цæмæннæ акæныс, Таза?

Таза йæхи нал баурæдта:

— Ды кæнæ шайтан дæ, кæнæ та... æцæг пехуымпар!

— Сæ иу дæр нæ æмæ иннæ дæр. Æз дæр дæ хуызæн дзæгъæл фыс дæн! Раст загъта æрдæбон Махмуд — мах дзæгъæл фыстæ стæм!.. Цалдæр азы паддзахы къазарматæ фæхафтон æмæ æрæджиау æрхымпырдтон, Хуыцау уæлæрвты нæ, фæлæ нæ къæхты бын кæй ис, уый... Цæуыл дис кæныс, Таза? Нæ Хуыцау, мæнæ, нæ къæхты бын ис, ды йæ уæлæ бæгъæмвад къахæй хæтыс, фос ыл хизыс æмæ йæ чидæртæ та Турчы агурынц!..

Арапхан æмæ Албаст хæрз æввахс æрбатылдысты, Темырболаты ардæм марынмæ кæй æрбакодтой, уый сæ айрох ис.

— Ды мæнæй амондджындæр дæ, Таза. Æз мæ Хуыцаумæ дæрддзæфгомау аззадтæн. Ды та йæ хуылфы дæ, иу арвмæ кæсут, иу дон нуазут, хур уыл иумæ скæсы æмæ уæ бæгънæг буæрттæй кæрæдзийыл ныдзæвут... Ды Хуыцауы иу хай фестадтæ, Таза, æмæ дæхæдæг дæр Хуыцау кæй дæ, уый нæ хымпырыс.

Æризæр ис, доны сæр-сæр фæтыхджындæр. Махмуд никуы зынд. Темырболат Тазайы ронбастæй кард сæлвæста æмæ йын йæ къухты баст слыг кодта, стæй Арапхан æмæ Албасты къухтæ дæр суæгъд кодта. Сæ дамбацатæ сын сæ къухты ныссагъта, цы уа, уый уæд, зæгъгæ.

— Гъеныр уæ фæндон кæнут!

Таза хуыссыд уæлгоммæ æмæ, йæ къæмисæнтæ æууæрдгæ, зæрæхсиды арвмæ каст. Арапхан æмæ Албаст рабадтысты, сæ цæнгтæ сæ уæрджытыл æрбатыхтой, афтæмæй ныггуыбыр сты, Махмуд æрхæццæ ис æмæ, лæппуты ахæм хуызы бадгæ куы ауыдта, уæд аивæй йæ саргъы базы бын кард асгæрста.

— Æрмæст дæ зæрдыл бадар, Таза! — æнтъыснæгæй дзырдта Темырболат. — Тынг риссыс, фæлæ фыррыстæй дæ хионы туг куы ныккалай, уæд ын фæсмонæй ницыуал баххуыс кæндзынæ... Адæймагæн йæ бæстæ у йæ Хуыцау æмæ йын куы амæла, уæд ын дыккаг Хуыцау ничи ратдзæн. Кудзуты Бæчийы хуыцауæн æххуыс кæнын нæ хъæуы, Таза, былæй дæлæмæ чи азæбул ис, ууыл хъæуы схæцын. Дæ ныййарджыты стджытæ дын чи æфснайы, уымæ хъæуы фæкæсын. Дæ зæрдыл дар: Таза зæхх у, зæхх та Таза у, æмæ сæ дыууæ иумæ сты Хуыцау... Моллотæ сайгæ кæнынц, Таза, нæ Хуыцау ис Турчы нæ, фæлæ Кавказы ардыггаг фарс æмæ йын æндæр ран нæй ссарæн. Харачойы дзыллæ уый куы ’мбариккой, уæд æрдæбон уæлбæхæй се ’хсæн кæмæн смидæг дæ, уыдон нæ Бæчийы æвзагæй дурты бын нæ ныгæдтаиккой. Уыдонмæ, чи зоны, кард сисыны фаг тых нал ис, фæлæ сæм сæ Хуыцауы фæдджийыл хæцыны фаг хъомыс хъуамæ разына. Фæсид сæм, Таза, фехъуысдзæн адæммæ сæ Хуыцауы сидт. Ныр сыст, Таза, æмæ де ’рдæбоны фæндон бакæн.

Таза сыстад, гобийæ донбылмæ ныццыд, йæ зонгуытыл æрхауд æмæ Темырболатмæ афтæ фæкаст, цыма йæм мæгуыр фыййауы сым-сым æмæ зæрдæйы ризын æрбайхъуыст. Иуцасдæр йæ Хуыцаумæ фæкуывта. Куы сыстад, уæд ын Темырболат дзуры:

— Уæд та нæ уадзгæ акæн, Таза.

Куы ницы загъта, уæд Темырболат æмæ Махмуд сæ бæхтыл абадтысты æмæ фæцæйцыдысты.

— Ей, фæлæуу! — басырдта сæ фæстейæ Таза. — Кæмæй дæ, уый мын уæддæр зæгъ! — загъта йын лæгъстæйæ. Уыцы уысм Таза йæ уæларвон Хуыцауæй дард уыд, æмæ Темырболат федта хуымæтæджы лæппуйы цæстытæ.

— Мамсыратæй дæн, мæ ном Темырболат, Бруты хъæуккаг.

Таза йæ цухъхъа раласта æмæ йæ Махмудмæ баппæрста:

— Уый дæ уæлæ скæн, фæндагыл дын бæгънæгæй цæуæн нæй!

Махмуд цухъхъа скодта æмæ, йæ мидбынаты сагъдау лæугæйæ ныууагътой, рæстдзинад чи агуырдта, фæлæ йын йæ агурыны мадзæлттæ цы лæппу нæ зыдта, уый.

X. МУССÆ

Фæстæмæ дæр сусæгæй æрбаздæхт Муссæ. Облæсты хицауы кабинетмæ бацæугæ йæ ничи федта æппындæр.

Хил рауагъта. Йæ цæсгомы цъар мыдадзгъуыз ссис. Цæстытæ сæ къуырфыты арф бахаудтой, цыма йæ æцæгдæр ахæстоны фæдардæуыд, уыйау.

Лорис-Меликов сусæг минæвары æнæнхъæлæджы фæзындмæ фæджихау. Куы йæ ауыдта, уæд, йæ къухтæ кæрæдзийыл цæгъдгæ, йæ размæ рауад.

— Муссæ Алхазович, алы хатт дæр æгас цу! Цæмæн байрæджы кодтай?

— Дунескæнæг Хуыцау дæ æгас уадзæд, Михаил Тариелович! Тынг тындзыдтон, фæлæ мын уымæй тагъддæр æрбаздæхын нæ бантыст.

Сусæг минæвары ныхмæ æрбадт облæсты хицау. Йæ цæсгоммæ йын лæмбынæг ныккаст.

«Ау, иу мæйы дæргъы йын йæ цъар ивгæ рачындæуыд, æви йæ Турчы хицауад ахæстоны фæдардта æмæ йын маамæлайы къæбæры йеддæмæ ницы лæвæрдта?»

Муссæ бахудæнбыл ис. Йе ’нæдаст рустыл йæ къух æруагъта. Цыма йæ хицауæн гобийау амонгæ кодта: Турчы хицауад ницыгæнæг у, дæ бæрзонддзинад, уыцы хæрзиуæг мын балц скодта, балц! Фæлурс цæсгом ноджы хуыздæр. Лæг ахæстоны хæрзхуыз нæ кæны!

Хабæрттæй йæ куы афарста, уæд уый дзуапп радтыны бæсты, бахудæнбыл ис: ома дæм кæд ноджы исты афæрсинаг ис, уæд сæ иумæ зæгъ æмæ мæ рад дæр æрцæуа.

Муссæ Стамбулы куы уыд, уæд Лорис-Меликовмæ бирæ хæттыты æрцыд ахæм хъуыды: алы хъуыддагæн дæр бæндæнау дыууæ кæроны ис, кæнæ та æнæбын голлагау дыууæ дзыхы. Уыцы æнæбын голладжы дыууæ дзыхы хъуамæ уой иу лæджы къухы æмæ дзы цаутæ æвгæна, йæхи куыд фæнды, афтæ. Æгæр куы байдзаг уа, æмæ йын атонынæй куы фæтæрса, уæд ын йæ иу дзых феуæгъд кæнæд æмæ цас афæраза, уыйас дзы ныууадзæд. Афтæ йæм каст, цыма голлагæн йæ иу дзых кæйдæр къухы бафтыд æмæ дзы иуырдыгæй уаргъ куы банæмынц, уæд та дзы иннæрдыгæй дæр фыдæнæн æрбавгæнынц... Æмæ уыцы фыдæнæн мийæн йæ къæдзил не скъуыд ныр кæдæй нырмæ. Голладжы дыккаг дзых Муссæйы къухы кæй уыд, уый дæр æнкъардта, æртæ ахсты æнæ уæвгæйæ дзы стыр лыгъд кæй нæ рауадаид, уый дæр ын нæ уыд гуырысхойаг, фæлæ куыд ауадза сегасы æмæ сæ куыд сиу кæна сæ адæмтимæ? Муссæйы семæ кæронмæ «хицонæй» баззайын кæй фæнды, уымæй дæр хæраймаг нæу, уымæн æмæ йæ уым дæр се ’хсæн цæрын хъæуы, фæлæ йын Турчы фенд нæ асаста йæ тырнындзинад?

— Стамбулы ног мæйы æрттывд кæд нæ фæнымæгдæр ис дæ цæсты? — афарста æнæнхъæлæджы Лорис-Меликов Муссæйы.

— Стамбулы ног мæйы æрттывд мæ æндавы, нæ хъуыддагæн пайда цæйас у, уыйас. Æз дæм Стамбулæй дæр куы фыстон: Турчы хицауад сразы ис нæ фæндоныл, æрмæст ма дзы лыстæг хъуыддæгтæ баззад баифтонг кæнинаг æмæ сæ дыууæ хицауады минæвæрттæ сараздзысты.

— Тынгдæр дзы цæмæ ’хсайы дæ зæрдæ?

— Мухаджиртæ кæуылты хъуамæ ацæуой, уыцы фæндаг æмæ сæ ног цæрæнбынæттæм.

— Туркæгтæ цы загътой уый сæраппонд?

— Туркæгтæн уæлдай нæу, дæ бæрзонддзинад! Мæнмæ гæсгæ, йæ императорон бæрзонддзинадæн дæр нæу хъауджыдæр, мухаджиртæ кæм æрцæрдзысты, уый!

Лорис-Меликов йæ галдзæстытæ Муссæмæ ныццавта: ацы хин лæг йæ ныхасы мидис æцæг не ’мбары, æви мæ фæлваргæ кæны, зæгъгæ. Александрополь дæр Турчы зæхх у æмæ Эрзинджан, кæнæ Диарбекир дæр. Æнæрæнцой мухаджиры куы бафæнда, уæд, Александрополæй рацæугæйæ, йæ дзæхст цалдæр сахатмæ арæныл фæцæудзæн. Диарбекир та дард у æмæ, цалынмæ уырдыгæй арæнмæ хæццæ кæна, уæдмæ æдзæрæг змисбыдырты ныххæррæгъ уыдзæн. Уыцы фарст, Турчы хицауадимæ ныхас кæнгæйæ, Муссæ æнæбахынцгæ кæй нæ фæуыдаид, уый йæ уырныдта, фæлæ йæ нал бафарста, уымæн æмæ политикæйы цæстуынгæ къуыхцыйæ ахæм æнæхин фæрстытæ къаддæр нæ ахадыдтой.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: