II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 39 глава




— Хуыздæр хос нал ис, мæ сыхæгтæ, мах нæ фарн уырдæм хæссы! — хуссарырдæм йæ къух адаргæйæ, загъта Афæхъо.

— Гъемæ, куыддæр фæхъарм уа, афтæ уæрдæттæ баифтонг кæндзынæн æмæ ме ’ргом уыцырдæм сараздзынæн æз дæр! — йæхиимæ дзурæгау бакодта Гуыцыр æмæ сыстад.

Уосмæн æмпылдæй рацыд кæртмæ. Йæ каисæн ам фæцæрæн кæй нал уыд, уый йæ бауырныдта, кулдуары дыууæ фарс лæууæг хъарагъултæм кæсгæйæ. Йæ каистæ куы алидзой, уæд ма уый дæр кæимæ фæцæра ам?

***

Цæцæн, мæхъхъæл æмæ ирыл ахъæр, Муссæ йæхæдæг Туркмæ лидзы, зæгъгæ, æмæ кæд сусæг минæвар Скъуыдкъохæй æддæмæ нæ цыд, уæддæр лидзыны хъуыддаг размæ тылдис.

Гамзат фæсдуар лæууыд æмæ йæ хицауы æнцойад хъахъхъæдта. Йæ иузæрдыг фæсдзæуинæн Муссæ карзæй бафæдзæхста, исчи мæм куы ’рбацæуа, уæд мæм развæлгъау фæбæрæг кæн, афтæмæй йæ æрбауадз, зæгъгæ. Йæ хатæнæн дыууæ дуары уыд, уазджытæй сæ иутæн сæ бацæуæн æмæ сæ раздæхæн иу уыд, иннæтæ-иу бацыдысты æмæ нал разындысты. Гамзатæн цы хъауджыдæр уыд, æвæццæгæн, Муссæйæн йæхи афтæ фæндыд.

Уосмæн æмæ йæ бинойнаг Стамбулмæ лидзынмæ тынг кæй нæ хæл-хæл кодтой, уый фæфиппайдта Муссæ, фæлæ йын уыдонимæ дзурын æнцон уыд. Кæд Куындыхаты Муссæ йæ исбон æмæ йæ карьерæйыл йæ къух исы, уæд мын Мамсыраты Уосмæн цы у йæ тъæпæн хæдзаримæ! Темырболатимæ дзурын зындæр уыд, уый Æлдадты зæронд Бæтæхъо æмæ бирæгъдзаст Тепсайы барæнæй не сбардзынæ. Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Али-Пашаимæ дзурын æм æнцондæр кæсы уымæй, мыййаг та йæхи зонд куы аскъæра æмæ, Харачойы куыд сызмæста, афтæ куы сызмæнта хъуыддаг! Нырмæ йæм сабийы цæстæй каст, фæлæ Экмырзæты Тазайы нæрæмон зикрист уæвгæйæ йæ фæндоныл чи аскъæрдта, уымæн, æвæццæгæн, йæ зонд æмæ йæ дзырд кæрдынц!

Темырболат дис кодта, Муссæ Скъуыдкъохы æнцад кæй бадтис, ууыл. Куы-иу æй бафарста, уæд-иу ын загъта: Лорис-Меликовы барфыст мын ардыгæй ацæуыны бар нæ дæтты!

Муссæ æнкъардта: Темырболатимæ лæууыдысты иу бæрзонд сисы дыууæ фарс æмæ кæрæдзимæ сæ дзырд нæ хъуыст. Уыцы бæрзонд сис сын се ’хсæн цард сæвæрдта, фæлæ йæ Темырболат йæхæдæг нæ фиппайдта æмæ йæ мадыфсымæрыл æууæндыд уæддæр. Æрбацæуы, йе ’нæхин сагъæстæ йын раргом кæны, йæ уд æмæ йæ зæрдæ сбыгъдæг кæны йæ разы.

— Моллотæ адæмыл мæрдон хуыссæг бафтыдтой æмæ сæ сæры магъз нал кусы. Турчы хицауад Уæрæсейы паддзахæй пысылмон адæмы, базайраг фосау, иугуырæй кæй æлхæны, уый нæ уыныс, Муссæ? Сæ цæстæй сæ ракæсын кæн, ма сæ ныдздзæгъæлтæ кæн, — дзырдта йын, цыма Муссæ Хуыцау уыд, уыйау.

— Æз мæ куысты уæлхъус нал дæн, Темырболат. Мæ лæгæтæй æддæмæ кæй нал кæсын, æмæ мæ сырдау ахстæй кæй дарынц, уый нæ уыныс? — æндæр ын цы загътаид, уый нал ссардта.

Темырболат йæ дзыппæй гæххæттытæ систа, Муссæйы раз сæ æрæвæрдта æмæ бандзыг ис, марды уæлхъус бадæгау. Муссæ фыццаг сыф систа, уæлейæ дæлæмæ цæджындзау чи æрдаргъ, уыцы фыстæн йæ сæйраг бакаст: «Мæ сагъæстæ». Дарддæр ыл йæ цæст ахаста æмæ цæмæндæр йæ къух ризын райдыдта. Гæххæттытæ фынгыл æрæвæрдта, афтæмæй бакаст:

 

Дæ тохы сидт, дæ базард

Зæллангæй хъуыст, æндонау.

Де ’мыр кæуын, дæ азард

Хъæуы ’рдæм тылд, уæрдонау...

 

«Гъе-гъе, мæ хуры чысыл, уый фадынæгæй куы фæрынчын дæ!» Йæ цæстытæ схъулæттæ сты æмæ «Мæ сагъæсты» дамгъæтæ нал æвзæрста. Гæххæттыл сырх къæлæсытæ схъомпал сты. «Ме ’нхъæлцау мын куы фæмæнг кодтай дæ „Сагъæстæй“!» Кæсыс куыд хин у цард? Уый æнхъæл дæ нæ уыдтæн, мæ хуры чысыл! Ныр дæ бамбæрстон æмæ йæ зонын, ацы æмбыд дунейыл цæмæн ныззезелæг дæ, уый! Ныр хатын, уыцы нæрæмон зикрист Экмырзæты Тазайы ныхтæй куыд раирвæзтæ, уый!.. Æвæццæгæн, уыцы фыййау дæр дæ хуызæн сæнтдзæф у æмæ, дамгъæ куы зонид, уæд хъуыраны суратæ зарыны бæсты «Мæ сагъæстæ» ныффыссид! Цæй, дæ зæрдæ дын нæ асæтдзынæн, Иры кадæггæнæг, хъуыды кодта Муссæ, «Мæ сагъæстæм» æдзынæг кæсгæйæ.

— Уый лæгдзинады райдайæн у! — схауд йæ дзыхæй рæстдзинад, кæд æй йæ зæрдæ уымæ нæ тардта, уæддæр.

— Лæгдзинад зæххы къорийы йас куы суа, уæддæр йæ райдайæн райгуырæн хъæу у. Æнæ хъæубæстæ нæдæр сагъæстæ ис æмæ нæдæр лæгдзинад! — дзургæ-дзурын Темырболаты цæстытæ сæ къуырфыты мидæг ноджы арф бахаудтой æмæ Муссæмæ афтæ фæкаст, цыма йын йæ уды бынмæ каст йæ хæрæфырт.

— Дæуæн уый загъдæуа!.. Æнæ хъæубæстæ нæдæр сагъæстæ уыдзысты, нæдæр сагъæсгæнæг!.. Æмæ уый тыххæй сагъæстæгæнæг хъуамæ ацæуа, йæ хъæубæстæ, йæ сагъæстæ кæдæм цæуой, уырдæм! — йæ уырзæй «Сагъæстæ» даугæ, загъта Муссæ.

Темырболат фестад, «Сагъæстæм» фæлæбурдта æмæ сæ йæ дзыппы бафснайдта. Йæ цæстыты æрттывд æвиппайды амынæг. Мыдгъуыз гагуытæ самæстысты æмæ сæ хуыз нал зынд. Йæ галиу æрфыг фесхъиу-фесхъиу райдыдта. Йе уæхсчытæ дæлæмæ æрхаудтой. Темырболат дуары ’рдæм йе уæхсчытæ ризгæ фæцæйхаста, фæлæ Муссæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд, афтæмæй йын кастис йæ чъылдыммæ æмæ хъуыды кодта. «Уый дын царды диссæгтæ, гъе, мæ хуры чысыл!.. Дæхæдæг нырма цы дæ æмæ де знагиуæг цы уыдзæн!.. Деддæ, дæ дзыппы кæй афснайдтай, уыдон сты ме знæгтæ, мæ политикон знæгтæ, уымæн æмæ уыдон, æз цы хъуыддагыл архайын, уый ныхмæ цæуынц æмæ дæ Туркмæ алидзыны ныхмæ ардауынц! Афтæ, гъе, Иры кадæггæнæг!»

Йæ пыхцыл къухтæ йæ цæсгомыл æруагъта, йæхи бауыгъта: «Цæй, Иры кадæггæнæг! Ахæм стыр цалх сæнкъуыст, æмæ уый йæ тулынæй дæу æмæ Тазайы хуызæн хъуымызбылтæ нал бауромдзысты!» Адæм æгæр дæр кæй сызмæлыдысты æмæ сæ нымæц фондз минæй раджы кæй фæфылдæр, ууыл йæ зæрдæ дардта сусæг минæвар æмæ уымæн фыста Лорис-Меликовмæ: «Лыгъдæтты нымæц бонæй-бон фылдæр кæны. Чысыл Цæцæны цæрджытæ æмæ хъарабулахътæ сегас лидзынвæнд скодтой. Стыр цæцæны дæр бирæ ис, лидзын кæй фæнды, ахæмтæ. Æнхъæл дæн, лыгъдæтты нымæц нæ хыгъдæй фæфылдæр ис. Æфсæддон зылды хицæуттæн, уыдонимæ иумæ Кæсæг æмæ Иры нымайгæйæ, — бацамонын хъæуы, дæумæ хуыздæр чи кæсы, ахæм мадзал, кæннод Дагъыстаны дæр бирæ фæзынд, цæцæнимæ алидзын кæй фæнды, ахæмтæ. Кæд бахъæуа, уæд ме ’фсымæр Афæхъойы цæцæнмæ æрвитдзынæн æмæ дзырддзæугæ лæгтæн зæгъдзыстæм, ацы аз сегасæн алидзыны фадат кæй нæ фæуыдзæн, уый». Кæсæг æмæ Дагъыстанæй дæр æрбалæгæрстой Скъуыдкъохмæ. Афæхъо бацыд æнæхонгæ уазджытимæ ныхасы æмæ сын уырнын кодта: Фидæн дæр мах фидæн у æмæ ацы аз фадат кæмæн нæ фæуа, уый та уæд æрцæудзæн «аргъуыд бæстæм». Скъуыдкъох Туркмæ лидзыны хъуыддаджы бикъ кæй фестад, уый Османаты Садуллæйæн æхсызгон нæ уыд. Хъази хъæуты рабыр-бабыр кодта æмæ Муссæмæ хаста наибы змæнтæн митæ, фæлæ йын нырма уыимæ хъаугъа кæныны фадат нæ уыд. «Садуллæ, фадат уæвгæйæ, адæймагæн йæ хъустæ бахсынид, фæлæ бирæ нæ фæтилдзæн йæ къæдзил. Йæ бинонтимæ йæ фыццаг къордимæ æрвитдзынæн æмæ стæй тæлфæд уым, Трапезунд кæнæ Диарбекиры!»

Скъуыдкъохы галуан æмæ йæ алфамбылай уæвæг дыууæ мин æмæ аст сæдæ дæсæтины зæххыты аргъмæ Муссæ цыппор фондз мин сомы æрдомдта, фæлæ дзуапп нæма райста. «Чи зоны, Лорисы-фырт хъуыды кæны: цæуыс æмæ ахъуытты у, зæгъгæ, фæлæ нæ, мæ хуры чысыл! Уыцы фæллæйттæ кæд цыппор фондз мины аргъ не сты, уæддæр мын бафиддзынæ! Нæ мын бафиддзынæ, æмæ та иннæ Байрамы стырбон дæр æрцæудзæн».

Иннæрдыгæй та йæм былдауæн ныхæстæ арвыста: «Цурон ныхас мын ма фæуæд, фæлæ Кавказы хицау йæ бæстæ æмæ йæ адæмы, дæуæй къаддæр чи зоны, ахæм лæг куы уыдаид, уæд ацы хабар Терчы облæсты иумæйаг растад ма расайдтаид, уый мæ нæ уырны. Ме ’фсымæр Афæхъойы Садуллæмæ арвыстон æмæ йын бафæдзæхстон, цæмæй наиб йæ бинонты æмæ йæ хæстæджыты, — æдæппæт сæдæ фæндзай хæдзары, майы дæсæм боны Турчы фæндагыл ныллæууой».

Тазайы хабарæй йæ фарста облæсты хицау, йæхицæн дæр ма уый баззад æрбæстон кæнинаг. Æмæ цы у Таза? Чи рахæцдзæн йе ’вварс? Ардыгæй уалдзæгмæ æмбырдты хъæр кæныны йеддæмæ ницы сараздзæн, уæдмæ та адæм лидзынæввонг суыдзысты æмæ сæ уый нал бауромдзæн. Ныртæккæ фыййауы фæдыл зилын ницы пайда у, уæд адæм сæ лидзыны хабæрттæ фæуадздзысты æмæ се ’мзæххонмæ æрдардзысты сæ хъус. Фæлтау æй уалдзæджы ныццæвдзысты, кæд дзы исты цæвинаг разына, уæд... Хорз, уый афтæ фæуæд, фæлæ Темырболат куы алидза æмæ йæхи фыййауыл куы сныхаса, уæд та?.. Гъеуæд дзы уыдзæн митæ, гъе!.. Хъус уæд ды Æна æмæ Уосмæны богъ-богъмæ!.. Нæ, уый нæ уыдзæн, Темырболатæн Ирыстонæй æддæмæ ацæуынæн æрмæст иу фæндаг ис æмæ уыцы фæндаг цæуы Туркмæ!

Фæгæпп ласта Муссæ. Дурынæй йæ армы дзыхъмæ дон рауагъта. Йæ ныхыл æй скалдта, стæй сынтæгыл уæлгоммæ бафæлдæхт æмæ цармæ йæ цæстытæ ныццавта.

ДЫККАГ ХАЙ.
ЭКМЫРЗÆТЫТАЗА

I. ЙÆ БÆРЗОНДДЗИНАД ЛОРИС-МЕЛИКОВ МИХАИЛ

Æхсынцъы æмæ цым дидин рафтыдтой. Хæхты фæхстæ фæхъулон сты. Дæттæ змæстæй цыдысты.

Лорис-Меликов æмæ Куындыхаты Муссæйы сусæг нывæсты нырма иу къæм дæр нæ фæзынд. Мæнæ уалдзæг дæр æрбалæууыд, фæлæ Экмырзæты Тазайы тыххæй, чысыл хъаугъаты йеддæмæ, куы ницы æрбайхъуыст, уæд облæсты хицау байрад: Муссæйы хъуыды фæмæнг ис, фыййауы растады хабар æрымысгæ у, зæгъгæ. Уæддæр йæ хъус дардта æмæ æфсæддон зылды хицæутты дæр бафæдзæхста, цæмæй Тазайы алы къахдзæф нымадтаиккой.

Адæм сæхи цæттæ кодтой стыр балцмæ. Дзæуджыхъæуы базары къухбакæнæн нал уыд. Æртардтой Кæсæгæй дугъон æмæ уаргъласæн бæхтæ, Дагъыстанæй, стыр зымæджы фæстæ скъæтæй æддæмæ чи раирвæзт, ахæм къæсхуыргомау галтæ æмæ къамбецтæ, Цæцæн æмæ Мæхъхъæлæй — сæгътæ, фыстæ. Балцы цæуæн тæлтæг бæхты се ’взиствæлыст сæргътимæ ивтой уæзласæн бæхтыл, цæмæй сæ уæрдæтты баифтыгътаиккой стыр балцы цæугæйæ. Иннæтæ далысты, кæнæ сæгъты æмсæр æфсæн рæхыстæ домдтой, цæмæй фæндагыл уæрдæхтæ здухынæн ма бахъуыдаиккой æмæ фæстейæ ма баззадаиккой. Ивтой рагон хъыримæгтæ, кæрдтæ, хъаматæ, ома нырæй фæстæмæ ницæмæнуал бахъæудзысты. Рагацау кусæртытæ кодтой, цæхджын сæ æвæрдтой.

Уæладзыгæй адæмæй йедзаг фæндагмæ каст Лорис-Меликов. Хосы фæтæн рæдзагъд фæцæйлæст, цыма уддзыд уыд æмæ йæхæдæг фæцæйцыд, уыйау зынд. Уæрдоны цæлхытæ дурастæрдыл гуыпп-гуыпп кодтой. Разæй хосы рæдзагъды бынæй къамбецты мукъутæ, уартхæфсыты сæртау, зындысты. Уæрдонгæс сын сæ сæрбос размæ ивæзта æмæ сæ йæ фæдыл ласта. Йæ иувæрсты фæцæйцыд, фæныкгъуыз цухъхъа кæуыл уыд, ахæм лæг. Йæ дæларм уæрыкк фæцæйхаста. Дæлæмæ зæбул хосы кæрæттыл иуварс ахæцыд, уæрдонгæсмæ æввахсдæр бабырыд æмæ йын уæрыкк йе ’рмтты фæсагъта, стæй та æддæмæ рабырыд æмæ йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцагъта, ома райгонд у дæ фосæй. Уæрдонгæс уæрыччы фæндаджы хъæбæрыл авæрдта æмæ, базаргæнæгыл бустæгæнгæ, йæ къух ауыгъта, цы мыл æрцауындзæг дæ, зæгъгæ. Уæрыкк бæгъбæгъгæнгæ ныййарц ис. Йæ хицау ма йæ тыххæй баййæфта. Йæ дæларм та йæ скодта. Уæрдонгæсы басырдта æмæ йын йæ тæккæ цæстытæм йæ рахиз къухы цыппар æнгуылдзы пæлæхсарæй бахæсгæйæ, фæхъæр кодта: «Ди!» Уæрдонгæс йæ хъуынджын худ куы банкъуыста æмæ куы нæ сразы ис, уæд базаргæнæг йæ цыппар æнгуылдзæй иу бадыдагъ кодта æмæ фырмæстæй ныссыф-сыф ласта: «Хо!» Хъуынджын худ уæддæр не сразы ис. Уæд ын уæрыччы фæстæмæ йе ’рмтты фæсагъта тыххæй, æмæ йæ зæронд цухъхъайы фæдджитæ уæлæмæ сивæзта, ома йæ бынтон æнæаргъæй ахæсс æмæ дын уæлæмхасæн — мæнæ мæ зæронд цухъхъа. Фæуагъта йæ æд уæрыкк, фæзилæны фæаууон ис. Уæрдонгæс йæ къамбецты сæрбос феуæгъд кодта æмæ йæ фæдыл ауад. «Ях-яд! О-о-о, Ях-яд!» — сидтис æм, фæлæ Ях-яд фæстæмæ нал раздæхт.

Уæрыччы хицау йæ дæлвæдджийæ кард куы фæцъортт ластаид æмæ йын йæ базайрагыл дыууæ сомы чи нæ радта, уый тæнты куы ныссагътаид, уæд æм дисау нæ фæкастаид, уымæн æмæ хæххон лæджы фæлгонц афтæмæй ныффидар йæ зонд æмæ йæ хъуыдыйы. Нæ йæ уырныдта, уымæ дæр кæй ис лæгуарзондзинады æнкъарæн, лæгъстæ кæнын æмæ барыны миниуджытæ. Шамилы мюридтæ хæсты иу æмæ дыууæ хатты нæ байстой се знæгтæй зынаргъ дзаумæттæ æмæ фос, фæлæ байсæггагмæ дæр кастысты æлгъæй, йæ хицаумæ йын куыд кастысты, афтæ... Уыцы мюридтæ ныр дæлæ уæрыччы аргъыл фæбыцæу сты æмæ сæ хъаугъа алыг кодтой хотыхæй нæ, фæлæ уæздан дзырдæй, хæстон лæджы æхсарæй нæ, фæлæ тыллæджы хъысмæтыл хъуыдыгæнгæйæ, арв æмæ хурмæ скæс-скæс цы хуымон фæкæны, уый æнкъарæнæй. Гъеныры йеддæмæ йæм никуы фæзынд цæцæйнагау, иронау, кæнæ мæхъхъæлонау зоныны бæллиц... Уæд ардыгæй хъусид æмæ зонид, дæлæ уыцы æнæдаст хæххонтæ, сæ сурдымæнтæ дымгæ, цæуыл уынаффæ кæнынц, уый.

Сусæггаг гæххæттыты асыккыл рахæцыд æмæ Кавказы æфсæдты сæйраг штабы хицау инæлар-лейтенант Карцовы фыстæгыл фæхæст ис йæ къух. Уайтагъд Муссæ æрбалæууыд йæ зæрдыл, уынгты хъæлæба кæмдæр хъуыдыты æддейæ аззад. Цæмæн æруагъта Муссæ йæхиуыл ахæм стыр уæз, цы йæ разæнгард кæны Туркмæ? Паддзахы иузæрдыгдзинад? Æмæ чердыгон иузæрдыгдзинад у уый? Зæхх æмæ мулкæй цух куы нæ у, уæд ма цы агуры? Кæд æй Цæгат Кавказы къухдариуæггæнæджы къæлæтджын хъæуы, уæд ма Туркмæ цæмæн лидзы?

Муссæйæн йе Сфæлдисæг балæвар кодта æфсадфæтæджы курдиат æмæ дыууæ лæджы ’хсæн архайыны фаг зонд, цыппораздзыдæй инæлар уый фæрцы ссис. Лорис-Меликов мæсты ууыл кодта: йæхæдæг-иу, фæкъуыхцыйæ тæрсгæйæ, æмыр кæм бацис, уым-иу Муссæ йæ хин уынаффæйæ ацамадта, фехалæн кæмæн нал уыд, ахæм ныфсы мæсыг. Ахæм мæсыг уыд, Скъуыдкъохы зæххытæ æмæ йæ хæдзары аргъмæ цыппор фондз мины кæй домдта, уый дæр. Кургæ нæ кодта, фæлæ — домгæ. Ацу æмæ йын ма радт. Науæд йæ алыгъд цы пайда у? Туркмæ куы алидза, уæд та йæ уым дæр бахъæудзæн йæ ног хицауæн йæ иузæрдыгдзинад сбæлвырд кæнын. Æмæ йæ цæмæй сбæлвырд кæндзæн, йæ фыццаг хицæутты цæстыты фæнык бакалыны йеддæмæ?.. Æмæ йæ ныхмæ бакæнæн ницы ис, цалынмæ уым æрбæстон уа, уæдмæ ардыгæй йæ иу къах нæ исы... Кæй зæгъын æй хъæуы, Лорис-Меликовæн йæ раргом кæнын йæ бон уыд, фæлæ та уæд сæрæй хъуамæ райдыдтаид, уал азы цы хъуыддаг фæцарæзта, уый... Нæ, фæлтау ахæссæд, цы домы, уый, æмæ акæнæд йемæ, Цæгат Кавказæн æнцойады хос цы фондз мин хæдзары алыгъд фæуыдзæн, уыдоны!..

Муссæимæ иу хъуыддагыл архайдтой, фæлæ уыцы архайдимæ иумæ сусæгæй кæрæдзийы ныхмæ дæр хæцыдысты. Ахæм сусæг хылы-мылыйы састыл хъæцын æмæ æмырæй лæууын дæр лæгдзинады миниуæг у, зæгъгæ, уымæй сабыр кодта Лорис-Меликов йæхи, Муссæйы дзырдахасты мидæг курыны бæсты æртхъирæнхæццæ домæн куы фæфиппайдта, уæд. Уадз æмæ йын дыууæ ахæмы дæр бафидæд, уымæй паддзахады къазна нæ фæмæгуыр уыдзæн. Лорис-Меликовы агайдта, цас ын бафыстаиккой, уый нæ, фæлæ бафидинаг æхца Муссæ цы уагæй домдта, уый. Куындыхы-фыртимæ цы хъуыддæгтыл ныххæцыд, уыдонæй йæм цинтæ æмæ хъыгтæ, иу æфсондзы ифтыгъд галтау, иумæ цыдысты, къæйттæй.

Штабы капитан йæ разы лæууыд. Æвастæй та йæм бацæуын ничи уæндыд, фæджихау, æрбацæуыны бар ын кæд радтон, зæгъгæ. Йæ разы йын пакет авæрдта æмæ ацыд.

«Ичкерийы та абон æнцойад фехæлд. Харачойæ фыййау Экмырзæты Таза адæмæн расидт, имам дæн, зæгъгæ, æмæ сæм тохмæ сиды...»

Тумановы æрбахæссæггаг бæрæг ын нырма йæ зæрдæ никуы барухс кодта. Мæнæ та йæм ныр дæр дыууæ хъыджы хабар æрбарвыста: Тазайы сидтыты фыдæй Ичкерийы змæстытæ сæхæдæг æмæ, Муссæйы æнхъæлцау ацы хатт дæр кæй нæ фæмæнг ис, уый.

Цæцæнмæ цæуинаг уыд, фæлæ йын фадат нæ фæцис, ныр ын хуыздæр фадатмæ æнхъæлмæ кæсæн нал уыд, уымæн æмæ абон ныллæууыд, Муссæ йын Тазайы ныхмæ цы цæхгæр мадзæлттæй спайда кæныны сæраппонд дзырдта, уыдонæн се ’мгъуыд.

***

Дзæуджыхъæуы гарнизон фæдисы лæуд скодта, горæты алфамбылай цы æфсæддон хæйттæ уыд, уыдон дæр хæстæввонг систы.

Фидиуæг Грознамæ бæрæг бахаста, облæсты хицау æрбацæуы, зæгъгæ, æмæ инæлар Туманов сахары кæронмæ йæ хицауы размæ рацыд. Бæхæй æрхызт, æфсæддон салам ын радта æмæ фехæлынмæ æнхъæлмæ каст, «Ичкерийы та абон æнцойад кæй ныххæлд», уый тыххæй, фæлæ Лорис-Меликов, йæ иувæрсты кæсгæйæ, афарста:

— Алыксандр Георгиевич, куыд цæуы лидзыны хъуыддаг?

— Цæуы... — фæджихау Туманов. «Лидзыны хабæрттæ базоныны сæраппонд æрбацыд, æви йын Тазайы хабар асыгъта йæ дæлфад?»

— Таза та нын, æвæццæгæн, цыты гæрæхтæ кæны, нæ?..

— Шамилы фæстæ ахæм цыты гæрæхтæ æгъдауæн баззадысты, дæ бæрзонддзинад! — хицауы рæхойæн ныхасмæ йæхи тыхæй баурæдта Туманов.

Мæсыджы гуылмыз æндæрг сæм тызмæгæй каст, зæрæхсиды милты йæ тигътæ цадæггай тадысты. Лорис-Меликов, æвдæлон лæгау, фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта.

— Куыд аирвæзт Тазайæн нырмæ ацы фидар?

Туманов фырмæстæй рахсыст: «Хынджылæг кæны нæ галдзæст!» Муссæимæ сусу-бусу кæй кодтой æмæ йæ кæддæр йæ кабинетæй лæппуйау кæй рарвыста, уый иудадзыг йæ зæрдыл лæууыд.

— Уыцы фидар имамтæ æмæ инæлæрттæн дæр нæ бакуымдта сæттын! — ома ды дæр, сæттын кæмæн нæ бакуымдта, уыдонæй дæ.

— Имамтæ æмæ инæлæрттæн!.. Уæрæсейы салдатæй инæлармæ цас дæрддзæг ис, уыйас Кавказы мюридæй имамы онг нæй.

Хатæнмæ куы бацыдысты, уæд кæстæр афицер Тумановæн йæ фæдыл пакет æрбахаста.

— Веденойæ у! — загъта æмæ слæууыд, фæйнæгæй йæ сæр уæлæмæ цы зæгæл сдары, уыйау.

Лорис-Меликов æм куы фæкомкоммæ ис, уæд йæ худын тыххæй баурæдта. Дзигло буарыл егъау сæры къуыдыр æрзад. Йæ рустæ, роцъойæ райдайгæйæ, куыд уæлæмæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Йе стыр сæр ын цыма фæйнæрдыгæй йæ хъуырырдæм тæссармæ æрцамадæуыд. Æртæтигъон сæргæхц джыбыйы хуызæн буарыл уæз кодта. Ахæм адæймæгтæ исдугæй-исдугмæ цыргъ ныхæстæ сæппарынц æмæ искæй цæсты сæхи тъыссынц, ома царды уæз мах искæмæй къаддæр не ’нтъухæм.

Лорис-Меликов пакет райхæлдта:

«...Тазайы æрцахсынмæ хъавыдыстæм, фæлæ хъæдмæ алыгъд æмæ йæ алыварс æрæмбырд кодта Харачой, Элыстанджы æмæ Хойы цæрджытæй дæс æмæ æртиссæдз лæджы бæрц», — фыста булкъон Головачев.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: