II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 40 глава




Лорис-Меликов фыстæгыл уæлæмæ схæцыд:

— Алыксандр Георгиевич, цы сарæзтат Тазайы ныхмæ?

— Бердыкелы цы батальон лæууыд, уый Эрсенойы фидары баурæдтон, Хулхулауы комæй йæм куыннæ бауæндой...

— Кæд йæ нæлгоймæгтæ Тазамæ аивылдысты, уæд дзы ныр бауром батальон!.. Цæцæны та? Тазайы фидиуджытæ Цæцæны æфсæддон зылды арæнтæй мидæмæ нæ баирвæзтысты?

— Булкъон Муравьевмæ нæ архайды нывæст арвыстон, Цæцæны æфсæддон зылды арæнтæ сæхгæнын кодтон, дæ бæрзонддзинад.

— Кæй баурæдтай арæнтыл?

— Бынæттон цæрджыты.

Лорис-Меликов йæ кæсæн цæстытæ фелвæста, афтæмæй бакаст инæлар Тумановмæ æмæ, йæ хурхы уадындзтæ ризгæ, бахъуыр-хъуыр кодта:

— Æууæнк сыл ис?

— Аргъуны наиб Девлет-Мырзæ Мустафин æмæ Автуры кънйаз Бекович-Черкесский бирæ хæттыты сбæлвырд кодтой сæ иузæрдыгдзинад!

— Цас сты Девлет-Мырзæ æмæ Бекович-Черкесскийы æфсæдтæ?

— Аст сæдæйы бæрц.

— Булкъон Головачев Ичкерийы арæнтыл цæуæг ма ауадзæд, Эрсенойы хъæумæ дарæд йæ хъус, уый у Тазайæн йæ ахстон.

— Куы дын загътон, иу батальон дзы баурæдтон!

— Чаберлейы наиб Дзукъаты Дубæйы дæр Ичкерийы арæнтæм æрбакæнæд, цæмæй æхсæвæй-бонæй арæнтæ хъахъхъæна.

— Хорз.

— Воздвиженскы фидары æфсæдтæй дыууæ батальоны Веденомæ æрбакæнын хъæуы, Таза фыццаджы райдианы уырдæм лæбурдзæн!

— Ууыл мæхæдæг дæр хъуыды кодтон, фæлæ Воздвиженскы гарнизонмæ февналын, æнæ дæу, мæ ныфс нæ бахастон.

Тазайы растад кæйонг анхъæвзтаид, уый нырма ничи зыдта, нæ йæ зыдта Таза йæхæдæг дæр. Нырма знаджы æнæуынондзинады йеддæмæ йæ къухы ницы уыд фыййауæн, фæлæ уыцы æнæуынондзинад цæйас змæлд расайдтаид, уый бахынцыны фаг ахуыр æм нæ уыд. Муссæ йæм растады æмгъуыды сæраппонд фыста, фæлæ йæ къуырцмæ йæхи зондæй æрхаста, æви йын æй исчи бацамыдта, уый ничи зыдта. Ныр лидзæг адæмы куы бакъуылымпы кæна, уæд та ноджы иу афæдз æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, уымæн æмæ зæхкусæг уыцы «дзæнæты бæсты» уалдзыгон куыстытæ бакæныныл йæ зæрдæ куы нæ дара, уæд ардыгæй йæ къах нæ авæрдзæн. Тазайы фидиуджытæн дард ацæуын нæ бантысдзæн æмæ йæ тохы сидт, чи зоны, æргæвст кусарты фæстаг фæбогъæй хъауджыдæр нал сахада, фæлæ лидзыны фарст ныкъкъуылымпы кæнынæн уый дæр фаг у. Рæгъау зæххыл калд туг куы фены, уæд зæрдæхалæн богътыл схæцы æмæ дзы сæрвæт ферох вæййы. Тазайæн йæ хурхыл кард дæр уымæн нæ сæвæрдтой æмæ йын ныры онг хурмæ кæсыны фадат уый сæраппонд радтой. Фæлæ, чи зоны, зымæджы дæргъы адæмы маст срæмудзыны æввонг не скодта фыййау? Чи зоны, уыцы маст Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы алы къуымты уыцы иу рæстæджы ныппæртт кæна æмæ ма йæм Дагъыстаны бунтгæнджытæ дæр æрбаивылой... Йæ ныддæрæн кæнын зын бæргæ нæу, фæлæ уый цы расайдзæн ацы къуырцдзæвæны йæ фæдыл? Туземецтæ сæ уæзласæн бæхтæ æмæ галтæ хæцæнгæрзтыл нæ баивдзысты æмæ Тазайы фæдыл нæ ацæудзысты? Бынæттон цæрджытæй æфсад скæнын æмæ сæ сæргъ наиб Девлет-Мырзæ æмæ Бекович-Черкесскийы сæвæрын хорз æрхъуыды кодта инæлар Туманов, фæлæ йæ хæс куыд сæххæст кæндзæн?.. Тазайы хъуамæ æрцахсой йæ императорон бæрзонддзинады æфсæдтæ нæ, фæлæ йæхионтæ. Уæд нал æрæмбырд уыдзысты хъомтæ зæххыл калд туджы алфамбылай æмæ, уымæ смудгæйæ, сæ богъ-богъæй бæстæ сæ сæрыл нал исдзысты.

Гарнизон хуыссæджы аныгъуылд, хъарагъултæ кæрæдзимæ уыгтау, уасыдысты. Лорис-Меликов инæлар Тумановы кабинеты зыбыты иунæгæй бадтис æмæ Терчы облæсты æфсæддон штабы хицау булкъон Свистуновмæ фыстæг фыста:

«Архонскæй Екатеринограды ’хсæн станицæйы цы Абхаз æмæ Имереты полктæ лæууы, уыдонæй цыдæриддæр сæрибар батальонтæ ис, иууылдæр сæ æнæ уæлдай хъæлæба Владикавказмæ æрбаввахс кæнут. Гæнæн ис, æмæ дзы штабты фæйнæ дыууæ ротæйы йеддæмæ ма ныууадзат... Мыййаг ацы змæстытæ дардыл куы анхъæвзой, уæд облæсты ныгуылæн фарс æртæ æфсæддон зылдæн дæр бахъæудзæн бардзырд радтын... Куындыхаты Муссæ уадз æмæ, цы йæ бон у, уымæй архайæд Туркмæ лидзæг Хъарабулахъты тагъддæр ахибар кæныныл, Чысыл Цæцæны цæрджыты басабыр кæныныл...»

Æмбисæхсæвæй ахызт. Кæмдæр уасджытæ ныууасыдысты. Æртæ фидиуæгæн фыстæг Дзæуджыхъæумæ куы арвыста, уæд сынтæгыл æрхуыссыд æмæ йæм, хуыссæджы разæй, æрцыд ахæм хъуыды: «Æвæццæгæн, Куындыхаты Муссæ Экмырзæты Тазайы растадæн Сауададжы хылы-мылыйы йас æнхъæл нæу, æндæра та йæхæдæг ныллæууыдаид æхсæны лæджы фæндагыл».

II. ЭКМЫРЗÆТЫТАЗАЙЫФЫН

Йæ хуыссæг фæхауд Тазайæн. Мæгуыр царды фыдæй йæ зæрдæ цы хæрамæй байдзаг, уый-иу ын фæскуывд фæрогдæр ис, фæлæ йын йæ уд Темырболат æмæ Махмуд сызмæстой æмæ йæ зикрмæ нал тардта. Йæ ахуыргæнджытæ йын йæ уд æмæ йæ зонды иу уагæвæрд сныв кодтой: дун-дунейы бæстастæу лæууы Стыр Хуыцау. Стыр Хуыцауæн йæ бархъомыс цæуы дун-дунейы тыгъдæдтыл, уый сæ уромы, уый фæрцы цæуы зæххы цъарыл цард, уый фæрцы раивы зымæджы уалдзæг, уалдзæджы сæрд, сæрды фæззæг æмæ уый фæндонæй уадзынц цот адæм æмæ фос. Афтæ амыдтой Тазайæн сих æмæ Кудзуты Бæчи, фæлæ февзæрд кæцæйдæр брутаг ирон лæппу æмæ йын комкоммæ дзуры: Таза, ды дæхæдæг дæ Хуыцау! Таза, ды æмæ дæ зæхх стут хуыцæуттæ æмæ кæрæдзийыл фидар хæцут! Тазайæн йæ хъуыдыты уаг ныдздзортт-дзортт ласта, кæмдæрты дзы згъуыдтæ æмæ афтид бынæттæ фæзынд, æмæ мæгуыр сидзæр лæппуйæн йæ уды æмуæзад фæцудыдта. Нырхæндæг æмæ ныттызмæг ис, Арапхан æмæ йæм Албасты цæст бакæсын нал уарзта. Уæларвон æцæгдзинад агуырдта Таза æмæ йæ ссардта, Хеттеш-Кортмæ марынмæ цы дыууæ лæппуйы скодта, уыдонмæ. Ныккæсын æй кодтой уыцы æцæгдзинады хуылфмæ, æмæ йын йæ къуымтæ уырзæй куы равзæрста, уæд федзæм ис: уæлæрвты Хуыцау цы æцæгдзинад скæрды, уый зæххыл Кудзуты Бæчийы хуызæттæн хæссы пайда æмæ мулк, дæуæн та стонг æмæ æгаддзинад. Зæххон æцæгдзинад дæуæй цæугæ у, Таза, дæуæй æмæ дæ хуызæн мæгуыртæй. Уый хуызæн æбуалгъ ныхæсты тыххæй Таза лæг амардтаид, фæлæ ныр йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ æмырæй хъуыста брутаг ирон лæппумæ, уымæн æмæ уый уыдис зæххон рæстдзинады хъæлæс. Йæхи сæры къуыдыры мæт нал кæны Таза, æцæгдзинад Кудзуты Бæчи, хъæуы хицау Абеккерты Эбет æмæ милицæйы прапорщик Мамиты Хатуйы къухмæ кæй бахаудта æмæ йын йæ къубал кæй сыздыхтой, уый йæ змæста. Раст дзырдта брутаг лæппу: Туркмæ лидзыны хабар у уæларвон æцæгдзинад нæ, фæлæ зыд лæджы тырнынад æмæ Тазайы уырны; Стыр Хуыцауы нæ бафæндыдаид ахæм æцæгдзинад сныв кæнын: Кудзуты Бæчи, айс мæнæ дæхицæн мулк æмæ адæмы удты бархъомыс! Экмырзæты Таза, айс мæнæ дæхицæн гæвзыччы хызын æмæ Бæчийы фос хъахъхъæн. Нæ рацыдаид Уæллагæй ахæм дзырд: ныууадзут уæ бæстæ, уæ кувæндæттæ æмæ Туркмæ фæлидзут. Æууæнк, æвæццæгæн, къуымых кæны Хуыцауæн йæхи къæрцхъусдзинад дæр. Æууæнк хорз хуымилиаг у, æууæнчы фæрцы хуыснæг Хуыцауы хъуг радавта. Хату æмæ Бæчийы хуызæттæ Хуыцауæй æфхæрд æрцæудзысты, фæлæ уал уæдмæ Таза адæмæн расиддзæн, иуæй-иутæ се ’ууæнк кæй бахордтой, сæ Хуыцауы сын кæй уæй кæнынц, сæ бæстæй сæ барæй кæй иппæрд кæнынц. Хеттеш-Корты рагъыл йæхи цæсты раз куыд фегом арвы дуар, афтæ фегом уыдзæн йе ’мхуызон мæгуырты цæсты раз æмæ фендзысты: мæнæ уый у сæ Хуыцау, сæ фыдæлты стджытæ сын чи æфснайы, уый, æмæ йыл фидар ныххæцдзысты.

Таза уæддæр йæ ныфсытæ Хуыцауимæ баста. Æнæ уый йæ бон хъуыды кæнын нæ уыд. Æнæ уый йæ æнæбын арф йæ бынмæ ласта.

Уый размæ фын федта Таза: цыма уыдис талынг, хæрзталынг æмæ йæхи уды йеддæмæ ницы уыдта а бæстыл. Йæ алфамбылай уыд æгуыппæг æмæ æмыр, æмырдзинад ын йæ хъизæмар уд ссадта. Кæцæйдæр ыл дæргъæццон иугъæдон хъизæмары уынæр хъуыст. Уыцы уынæр ын арт уагъта йæ дадзинты, йæ хуылфы æмæ йæ зындоны æхсидгæйы æппæрста. Ныууадз мæ, фæдæлзæх у, зæгъгæ, фæндыдис æй хъæр кæнын, фæлæ цы фæуыдаид, кæд æмæ уыцы хъæрзын бацахста дæлзæхх, уæлзæхх æмæ дун-дунейы цыппар къуымы. Æрæджиау æрхымпырдта Таза: уый уыд йæ радтæджы хъæрзын, йæхæдæг йæ иу къæртт цы дунейæн уыд, уый рис æмæ мидис. Фын уæддæр фын у æмæ дзаумæтты, кæнæ цауты мидис дзыхъхъ айдæны æвдисы æмæ адæймаджы сконд дæр уыцы дзыхъхъ айдæны джиппы ауадзы. Йæ хъуыдытæ дæр саудалынг ныйисты, фæлæ йæм цыма айдæны дзыхъхъæй зынд: уыцы хъæрзын куы аскъуыйа, уæд аскъуыйдзæн йæ цард дæр, æмæ йæ уд фестдзæн хуыскъаг. «Дæ зæрдыл дар, лæппу: Хуыцаумæ чи нæ кувы, уыдонæн сæ удтæ сты хуыскъаг æмæ Хуыцауы хæрзиуæгæн хуыскъаджы ныккæнæн нæй!» — дзуры йæм дзыхъхъ айдæны скъуыдтæй йæхи уды æндæрг æмæ Тазамæ хъуысы иу дзыхы дзырд нæ, фæлæ айдæн цал фасты у, уал дзыхы уынæр. Йæ былтæ куы базмæлын кæны, уæд айдæны къæрттыты йæ уды схъистæ сæ тыбыртæ бацæгъдынц æмæ йæм æнæбын арвæй, æрвнæрды гыбар-гыбурау, æрбайхъуысы: «Та-та-та!» Старстис Таза, мæ уд хуыскъаг ма фестæд æмæ дзы Хуыцауы тауинаг ма ныххус уæд, зæгъгæ. Схъисты хъæрзын дыз-дызмæ рахызт, Тазайы зæрдæйыл кардау ныдзæвд æмæ йæ ныффæнык кæнынмæ хъавыд. Айдæны къæрттытæй йæм æндæрджытæ сæ дзыхтæ ныххæлиу кодтой, сæ хъæрзын дыз-дыз куыд фестад, афтæ сæ былты тилын дæр иумæ йæ талынг дзыхъхъ фестад æмæ Тазамæ йæхи æввахс ласта. Ныртæккæ йæ хуылфы аныгъуылдзынæн, кæнæ та, миты гæбынайау, йæ уæлæ атайдзынæн, зæгъгæ, змæлыд хъуыды. Йæ сæр банкъуыста, сныдзæвдис ыл æмæ «охх, охх», зæгъгæ, йæ тыппыртæ куы суагъта æмæ йæ хъæрзын адæймаджы хъæрзыны хуызæн куы ссис, уæд æй базыдта Таза: уый уыдис зæххы хъæрзын, йæ фыды туг кæуыл ныккалд, уыцы зæххы хъæрзын. Зæххы рис ын йæ зæрдæ бакъуырдта æмæ скуыдта Таза. Ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ арв цæхæртæ акалдта, æмæ алфамбылай ныррухс ис. Таза йæ цæстытæ ахгæдта æмæ йæ дадзинты æнахуыр хъарм ахъардта.

— Ракæс дæ цæстæй! — ныдздзырдæуыд æм.

Ракаст... Йæ разы лæууыд, айдæны дзыхъхъы бæсты, артæй конд буар. Йæ боцъоты алы æрду — хуры æрттивгæ тын, йæ къухты æнгуылдзтæ цырæгътау сыгъдысты. Уæлæмæ сæ сдардта, дыууæ къухыл рагъхъæдау æвæрд æхсаргард февзæрд. Арвæрттывды стъæлфæнтау сыгъдис. «Ау зæххы хъæрзын хотых фестад?» — хъуыды кодта Таза.

— Айс æй! — банкъардта Таза йæ хъустæ æмæ йæ буарæй. Таза æхсаргарды судзгæ коммæ фæцæйæвнæлдта.

— Йæ коммæ йын ма бавнал, судзы дæ! — фехъуыст æм æрвнæрдау.

Таза йæм нал уæндыд. Уый та лæууыд æмæ сыгъдис йæ хотыхимæ. «Йæ кæрддзæм та кæм ис?» — афæрсынмæ йæ хъавыд Кудзуты Бæчийы фыййау, фæлæ йын куыддæр йæ судзгæ къухтæй цæхæркалгæ хотых райста, афтæ фæтары ис.

— Кæрддзæмы дарынмæ дæм æй нæ дæттын! — æрбайхъуыст æм фалиауæй, фæлæ дзурæг йæхæдæг нал зынд.

Йæ хъуыды йын кæй бамбæрста, ууыл байрад Таза æмæ фырцинæй йæ зæрдæ суынгæг, æмæ, куыддæр йæ цæссыг рахъардта, афтæ йын æй карды тæмæн йæ русыл ахус кодта.

...Æмæ йæ ныссыдта кæрддзæмы.

Куы райхъал, уæд Хуыцаумæ скуывта. Йæ рустæ æцæг ныххуылыдз сты æмæ мæгуыр лæппуйы удыл суæлæхох ис, йæ ном зонгæ дæр кæмæн нæ кодта, ахæм æнкъарæн. Æнахуыр фыны алы фæзынд йæ цæсты раз æцæгдзинадау лæууыд, сæ нывæст ын йæ уд æмæ йæ миддуне рухсæй байдзаг кодта æмæ йыл базыртæ басагъта. О Стыр Хуыцау, уыцы бæллиццаджы сурæт мæ хъуыдытæй макуы сыхал, зæгъгæ, куывта сидзæр лæппу æмæ уыцы цæстылуайæн æнусау куы ныддаргъ ис, уæд æрцыд ахæм хатдзæгмæ: уый мæм фæзынд фыныдзæуæг нæ, фæлæ æцæгдзинад, æмæ мæнæн, Стыр Хуыцауы къæхты рыгæн, уæларвон хицауы барвæндоныл комдзогæй рацæуыны бар нæй, зæгъгæ.

Æхсидгæ æндон систа, æхсæвы тар дзы æрчъепп ласта æмæ йæ кард тилгæ, Харачойы уынгты раскъæр-баскъæр кодта.

— Адæ-æм, Стыр Аллах нæм ногæй газаватмæ сиды!

Тазайы йæ хъæлæсæй базыдтой харачойæгтæ, фæлæ уый йæ сæрмæ цырагъау цы судзы?

— Аллах-экбер![11]. Уый, æвæццæгæн, Уæлладжы барвæндон судзы йæ сæрмæ! Аллах-экбер!

— Таза, дæ кæвдæс бацагур, кæннод та уыцы сидт æвзæрмæ расайдзæн, — бустæ йын кодта хъæуы хицау Абеккерты Эбет.

Таза тахтис хъæууынгты «цæхæркалгæ стъарцимæ», йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыдонæн сæ рудзгуытæ хоста:

— Муххаремы дæсæм бонмæ[12] дæхи цæттæ дар!

Цалынмæ «цæхæркалгæ стъарцы» тæмæн байсыса, уæдмæ хъæуыл æрзилон, зæгъгæ. Дзуапмæ-иу нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй-иу атахт.

— Стыр Хуыцауы бафæндыд, цæмæй Муххаремы дæсæм боны нæ къухмæ тохы тырыса сисæм!

Уыцы «цæхæркалгæ стъарцы» тыххæй алыгъуызон дамтæ кодтой:

— Уæллаг ын æй йæхæдæг радта йæ къухмæ.

— Мæнæ цытæ лæхуры!.. Хуыцау цы радты, уый лæг хæссы йæ къухы нæ, фæлæ йæ уды.

— Таза йæ къухы нæ фæхæссы йе стъарц, йæхæдæг тæхы йæ сæрты, цæмæй йын йæ развæндаг рухс кæна.

Муххаремы дæсæм бон дæр дард нал уыд, æмæ Таза æргом сидтис йе ’мхъæуккæгтæм:

— Хъæугæронмæ цæугæ!

Æрæмбырд сты хъæугæрон, брутаг ирон лæппу æмæ Алханты Махмуды дурты бын баныгæнынмæ чи хъавыд, уыдон. Дзæбидыртау æлвæст Хазуты Тазука æмæ йе ’фсымæр Саган-Гирей, къæдзæхау фидар, Багаты Ногъай-гирей æмæ Тагирты Елсан, бирæгъдзаст Умаханты Киса æмæ Хамиты Тагир, Шалийы хæстæй тыхæй чи раирвæзт, уыцы Нæууыкаты Нæууылхан æмæ Сенгиты Мадас. Таза байрад, йæ сидт æнæхъуаджы кæй нæ фæцис, ууыл, фæлæ дзыллæйы ’хсæн никуы раныхас кодта æмæ фергъуыйау. Ехх, кæм ис ныр уыцы брутаг лæппуйы æвзаг! Таза фыццаг хатт банкъардта, дзырд дæр хотых кæй у æмæ кардæй къаддæр кæй нæ ахады, уый.

Умаханты Киса ралæууыд размæ. Даргъ хъамайы кæрддзæмы цъупп йæ уæраджы сæрмæ æххæстис, йæ къух хотыхы фистоныл нындæгъд, афтæмæй каст Тазайы къахы æнгуылдзмæ, къогъодзийы бырынкъæй йæ сæр чи радардта, уымæ. Тазайы зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта æмæ йæ саргъыл батæлфыд.

— Мæнæ стæм æмæ дæм хъусæм, Таза, — загъта Киса.

Таза сæрибарæй сулæфыд æмæ фырцинæй йе ’хсаргард фæцъортт ласта. Цыргъаджы комыл райсомы хуры тынтæ мингъуызæй ссыгъдысты æмæ адæммæ, Хуыцауы алæмæтау, фæкастысты. Æхсаргарды тæмæнтæкалæг комæй хуры тын схъиудта æмæ адæмы цæсты фатау ныхстис. Таза йæ батылдта æмæ зæрин фæттæ ноджы сарæх сты. Цахæмдæр алæмæтон æнгæс абадт фыййауы ивад цæсгомыл, йæ бадт æцæг бардуаджы рабадты хуызæн фæкаст Умаханты Кисамæ.

— Гъæй, пысылмонтæ, диссаг уæм нæ кæсы! — фæхъæр кодта Таза уæлбæхæй. — Нæ Иунæг Стыр Хуыцауæн урусты паддзахы фæсдзæуинтæй æлгъитынæй тæрсæм, йæ бахъахъхъæнын нæ зæхх æмæ нæ бæстыл нæ бон нал бауыдзæн, зæгъгæ, дзурæм æмæ йæ фервæзыны сæраппонд Туркмæ лидзæм!

Киса йæ былтæ сдæрдта, афтæмæй хъуыста. Адæм ныхъхъус сты æмæ сæм Тазайы тыхулæфт хъуыст.

— Уæ амæттаг куы фестон, уæддæр уын хъуамæ раргом кæнон æцæгдзинад, уымæн æмæ Тазайæн Хуыцауы фæдзæхстыл дыууæ зæгъын йæ бон нæу, — кардыл уæлæмæ схæцыд æмæ хурмæ ноджы тыхджындæр ссыгъд. — Туркмæ лидзыны хабар нæ Иунæг Стыр Хуыцауы фæндон нæу!..

— Æбуалгъы гуырысхо ныл ма бафтау, Таза! Молло Кудзуты Бæчи нæм Иунæг Стыр Хуыцауы дзыхæй куы сиды!

— Кудзуты Бæчи уæм сиды, мулк ын цы Хуыцау дæтты, уый дзыхæй, фæлтау ракæсут уæ цæстæй, уæхи ма сайын кæнут!

Цыма сыл арв йæ цæхæртæ ныккалдта, уыйау базмæлыдысты адæм. Фæйнæрдыгæй йæ æрбалхъывтой æмæ Умаханты Киса йæ хъама чысыл сласта. Таза æндзыгæй бадтис йæ бæхыл æмæ æхсаргард хурмæ сыгъдис. Гъеныр иу рæдыд, иу æнæаив фезмæлды амæттаг кæй фæуыдаид, уый æнкъардта Таза, фæлæ йæ кард дæлæмæ не ’руагъта, афтæмæй йæ сау бæхыл цыртау бадт. Арапхан æмæ Албаст мæ цуры куы фæуыдаиккой, зæгъгæ, бæллыд йæхимидæг. Цахæмдæр мидтых æй саргъæй фелвæста æмæ йæ зæххыл авæрдта. Кард йæ дыууæ къухæй зæххыл чъызгæ æрæвæрдта, æмæ хурмæ ноджы тыхджындæр куы ссыгъдис, уæд Умаханты Киса йæ дыууæ къухæй баурæдта, размæ йæ чи ссыдта, уыдоны. Таза йæ къогъодзитæ раласта, йæ рон сыхæлдта æмæ, йæ зонгуытыл лæугæйæ, зæххæн æртæ хатты апъа кодта. Арвмæ куы скастис, уæд йæ фæлурс цæсгомыл йæ разы цъæх нæууыл æвæрд æхсаргарды тын сæмбæлд. Стæй сæ разы бæгъæмвадæй слæууыд æмæ кардыл йæ дыууæ къухæй уæлæмæ схæцыд, йæхæдæг æй фыны куыд федта, афтæ.

— Адæмæн æцæгдзинад зæгъыны бар Иунæг Стыр Хуыцауæй дæтгæ у. Æз уын раргом кæндзынæн, Уæллаг мын мæхи удмæ цы æцæгдзинад бауагъта уый, — хъæрзæгау дзырдта Таза. — Кудзуты Бæчи уын цы рæстдзинад зæгъы, уый Аллахы рæстдзинад нæу. Уый у йæхи рæстдзинад, паддзахы рæстдзинад æмæ йæ махæн дæттынц, нæ цæстытæ нын уæларвмæ ныббæттын æмæ зæххон æцæгдзинад махæй бааууон кæныны сæраппонд. Кæм ис Иунæг Стыр Хуыцау, кæнæ кæм сты йæ сыгъдæг хæтæнтæ? Бафæрсут Кудзуты Бæчийы æмæ уын ратдзæн ахæм дзуапп: Уæларв!

— Æмæ раст нæ зæгъы? — чъызгæ афарста чидæр.

— Мæнг зæгъы! — йæ алæмæты кардау ссыгъдис Тазайы цæсгом. — Уый алыран ис; нæ хæдзæртты, нæ артдзæстыты, нæ удты, нæ фыдæлты стджытæ цы сыгъдæг сыджыты æфснайд сты, уый мидæг, — йæ бæгъæмвад къахæй зæхх ныххоста Таза. — Иунæг Стыр Хуыцауы фæйнæ хай сты нæ хæхтæ, нæ бæстæ, нæ артдзæстытæ, нæхæдæг æмæ, уыдон кæм фæуой, уым фæуд кæны нæ Хуыцау дæр. Кудзуты Бæчи Хуыцауы дзыхæй дзуры? Рацæут, дам, Турчы арфæгонд бæстæм, нæ Хуыцау, дам, нæм сиды! Чи йæ зæгъдзæн, цæмæн нæ ардауынц Туркмæ алидзыныл Бæчи æмæ уый хуызæттæ? — йæ кардыл бæрзонд схæцыд æмæ йæ къахфындзтыл слæууыд сидзæр лæппу. — Мæнæн райхæлдта мæ цæсты раз Иунæг Стыр Хуыцау йæ сусæгдзинæдты ком, æз уын æй раргом кæндзынæн: Туркмæ нæ ардауынц, цæмæй нæ цæстытæ уæларвон Хуыцаумæ ныццæвæм, æмæ нын нæ бæгъæввад къæхты бынæй ралвасой æцæг Хуыцау, зæххон Хуыцау, немæ хъизæмар чи кæны, уыцы Хуыцауы, — нæ бæстæ, нæ зæхх. Туркмæ нæ ардауынц, цæмæй ныддæрæн æмæ ныддихтæ уа нæ Иунæг Стыр Хуыцау, æмæ нæхæдæг фесæфæм, — Таза æхсаргард йæ рахиз къухмæ æрбайста, галиу къухæй сыджыт фелвæста æмæ йæ Хамиты Тагирмæ бадардта. — Хæцут ыл фидар, ма фæиппæрд ут, уæ фыдæлты уын цы Хуыцау фæхаста, уымæй. Сайгæ нæ кæнынц!..

Киса уæдæй нырмæ хингондау фæкаст Тазамæ. Ныр йæхи нал баурæдта æмæ уыцы иу богъ фæкодта:

— Гъæтт, пысылмонтæ, раст дзуры Таза! Йæ къухы мастфидæн сыгъдæг хотых ис, æмæ уыцы хотых Иунæг Стыр Хуыцау сихтæ æмæ имамты йеддæмæ никæмæ дæтты!

— Имам Таза! — срæмыгъта Харачойы хъæууынгты уыцы сидт.

Таза йæ кардыл цырагъа, уæлæмæ схæцыд, æмæ адæм фæсыкк сты.

— Йæ зæрдæ кæй тæры, уый Муххаремы дæсæм бон Хеттеш-Корты рагъмæ рацæуæд. Уырдыгæй Веденомæ скæндзыстæм нæ фæндаг æмæ йæ басæтдзыстæм. Кæд Стыр Хуыцауы бафæнда æмæ Веденойы фидар ныддæрæн кæнæм, уæд уый фæстæ та Аргъуаныл ныццæвдзыстæм нæхи.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: