II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 45 глава




— Бæтæхъо та куыд у? — афарста Муссæ.

— Бады хæдзары. Йæ дудаг йе ’взагæй сдæры, мæгуыр! — йæ дзырд ныддаргъ кодта Уосмæн, — ныртæккæ йæм фæсиддзынæн, дæ фенд ын æхсызгон уыдзæн! — бафтыдта ма йæ дзырдыл.

Темырболат сæ размæ куы рауад, уæд Муссæ йæ къух ауыгъта:

— Дæ бар дæхи, мæхицæн дæр хъыг нæ уыдзæн йæ фенд! — загъта æмæ Темырболатæн йæ къух райста. Темырболат ын йæ цæсты бынтæм каст, æгæрыстæмæй дзы салам зæгъын дæр айрох ис: «Кæд дæ Бæтæхъойы фенын нæ фæндыд, уæд уа раджы цæмæ æрбацыдтæ?» Цыма йын йæ удмæ ныккаст æмæ йын йæ дысоны хитæнтæ федта Муссæ:

— Мæт ма кæн, æппæт дæр нывыл цæуы! — загъта уый æмæ йæ разæй хатæнмæ бацыд. «Иуæй-иутæн сæ хъуыддæгтæ нывыл цæуынц, иннæтæн та — зыгъуыммæ!» — фæндыдис æй загъын. Ау, йæ дысоны рафт-бафты сусæгдзинад ын зоны? Йе ’муд æрцæуын æй нæ бауагъта, дæлæмæ йыл æрхæцыд, йæ тæккæ фарсмæ йæ æрбадын кодта: — Дæумæ куыд кæсы, афтæ æнгом не сиу сты арв æмæ зæхх æмæ афтæ тынг нæ ныттар дуне! О мæ хуры чысыл! — дзуры йын тæфæрфæсгæнæгау йæ хъусы. Сæ цæстæнгæстæ, дыууæ кардау, фæбыцæу сты. Темырболат ныр фæфиппайдта, сæ дыууæйы ’хсæн цы гæрæн уыд, уый. Æрттиваг уыд уыцы гæрæн, кæрæдзи уынынц, фæлæ сæ иумæ се ’ннæйы сидын нæ хъуысы.

— Дæлæ уыдонæн мидæмæ рацæуын не ’мбæлы? — кæрты лæууæг хъарагъултæм йæ къухæй амонгæйæ, загъта Уосмæн æмæ Темырболатæн йæ хъуыдытæ фæпырх сты.

— Уыдонæн, кæм æмбæлы, уым лæууынц, — дзуапмæ фæцæрдæг ис Муссæ æмæ йæ хомæ баздæхт: — Уый бæсты мæ маст æмæ мæ къуыхцытыл иу хъарм арахъхъы сыкъа куы ауадзин.

Муссæ мæнæ арахънуазджытæй нæ уыд. Стæй йæ ацы уалдзыгон райсом хъарм арахъхъ цæмæн бахъуыд, зæгъгæ, фæджихау сты. Фынг авæрдтой. Уосмæн арахъхъæй йедзаг чысыл хъазхъуыр дурын зынджытыл авæрдта æмæ йын йæ дзых дзулы къæбæрæй амбæрзта, фæлæ йæ Муссæ фæстæмæ райста.

— Ме сиахс, афтæмæй хъизæмар кæныс хойрагæн дæр æмæ мæнæн дæр!

Сыкъайы арахъ æркодта, артæй æхсидав райста æмæ йæ цадæггай ауагъта нозты мидæг. Сыкъа сыф-сыф кодта, æмæ йæ хуылфæй цы тæф калдис, уымæ Муссæ æхцонæй каст. Сау-сауид æхсидав артдзæстмæ баппæрста, сыкъамæ йæ зæрдæ æгæр тæвдæй куы фехсайдта, уæд æм дурыны арахъхъæй бафтыдта, стæй йыл бафу кодта æмæ, йæ сæрыл æхсидавæй цы æртхутæг аззад, уый акалд.

— Ацы æртхутæгау уæлдайаг систæм нæ бæстæн æмæ нæ æддæмæ акалынмæ хъавы, — загъта æмæ арахъ ахуыпп кодта.

— Нæхæдæг не суæлдайаг стæм, акалынмæ нæ чи хъавы, уый нæ суæлдайаг кодта, — нæ йæм фæлæууыд Темырболат.

Сыкъа йæ дзыхæй æриста, лæппумæ фæкомкоммæ ис: уыцы дзырдтæ зæрдæаивæй срæцыгъта, æви йæ сагъæсты фæстиуæг сты? Дзаггарз йæ дыууæ къухæй нылхъывта, афтæмæй йæ йæ уæрджыты ’хсæн скодта æмæ бандзыг. Йæ уæхсчытæ размæ æрбассывта, цыма йын ихæн уыд. Сыкъайæн нырма дæр йæ тæф къæдзмæдзытæгæнгæ цыдис уæлæмæ. Темырболатæн йæ зæрдæ, цыдæр бæллæхмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сгуыпп-гуыпп кодта. Дысон Мæхъхъæлы арæнтæй фæстæмæ куы ’рбаздæхтысты, уæд Уосмæны цырагъы рухсмæ уæрдонимæ архайгæ æрбаййæфта. Йæ цæлхыты дæндæгтæ йын сфидар кодта, йæ сæмæн ын сапонæй байсæрста, йæ рæтæнæгъдтыл ын рæфтæ æрсагъта æмæ сыл уæлейæ зæронд гауызтæ байтыгъта. «Цы аразыс, баба, мæ удылхæцæгæй мæ цæмæн иппæрд кæныс?» — ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд Темырболат. Кæртмæ куы бацыд, уæд Уосмæн цырагъы фител йæ дыууæ æнгуылдзæй аууæрста æмæ талынджы хæдзармæ бацыд. Ныр та Муссæ æрбацыд æмæ йе ’рфгуыты бынты аивæй кæсы, Уосмæн дысон цы уæрдон сифтонг кодта, уымæ. Уыцы уæрдон ахиздзæн уæлæ Арвыкомæй æмæ æнустæм аскъуыддзаг уыдзæн, йæ зæрдæйыл ауыгъдæй чи лæууы, уымæй.

— Фылдæр кæй уарзæм, уыдон иууылдæр уырдæм лидзынц! — йæ мастыл ын цæхх айзæрста Уосмæн.

— Фылдæр кæй уарзæм, уымæн Туркмæ алидзæн нæй. Уый ам баззайдзæн, — загъта Темырболат.

Муссæ хъарм арахъхъ ахуыпп кодта æмæ та сыкъа йæ дыууæ къухæй нылхъывта. Æна Темырболаты уæхскыл йæ сæр æрæвæрдта æмæ куыдта. Ницы дзырдта ус, ницæмæй сæ фарста. Бадтис йæ фырты фарсмæ рыгъдæй æмæ куыдта. Уалынмæ Бæтæхъо æрбацыд æмæ æмыстад фæкодтой уазæгæй-фысымæй. Уæлейæ йæ æрбадын кодтой. Муссæ та арахъхъ схъарм кодта, раздæр æй куыд схъарм кодта, афтæ. «Фыдихæн нæу, цы бафтыд тæвд нозтыл?» — дис кодта Темырболат. Муссæ Бæтæхъомæ сыкъа авæрдта. Де знаджы къух афтид, зæгъгæ, багуым-гуым кодта.

Сæ ныхас нывыл нæ цыд, сæ хъуыдытæ кæрæдзийыл нæ бадтысты. Муссæйæн дæр нæ бантыст «йæ маст æмæ йæ къуыхцыты» хъарм арахъхъы фæхуыдуг кæнын. Ныртæккæ кæртæй ахиздзæн Темырболат. Æрфæныл абаддзæн æмæ фæсаходæнтæм Ичкеримæ схæццæ уыдзæн... Фæлæ та йæ мыййаг куы бауромой!.. Уæддæр ын æнæ ацæугæ нæй, Таза æмæ Махмудæн дзырд радта!

— Дысон, дам, æхсæвæрафонты рауад уый... — Бæтæхъойы къухы цы хъарм арахъхъы сыкъа уыд, уымæ кæсгæйæ, йæ дзырд ивæзта Муссæ. — Шалийы хъæуы цавæрдæр Ганайты Актулла цæры, нæ йæ зоныс, Бæтæхъо?

— Ганайты Актуллайы куыннæ зонын. — Цыма йæ арахъхъ судзгæ бакодта, уыйау æриста йæ дзыхæй сыкъа æмæ ныхъхъуыста Бæтæхъо.

— Æмæ уын уый дзырдтон... Ганайты Актулламæ, дам, уазджытæ æрæмбырд, бирæ уазджытæ. Цæхх æмæ кæрдзыны бæсты, дам, сын фысым сæ размæ хъуыран æрхаста... Уаз чиныгæй ард бахордтой, ацы райсом фæсаходæнтæм Харачойы хъæумæ хъуамæ ссыдаиккой, фæлæ, мæ хуры чысыл... — Муссæ куы фæсыкк ис, уæд Темырболат йæ риумæ фæлæбурдта.

— Фæлæ, дам, мæ хуры чысыл, ардхæрджытæй чидæр нымудзæг разынд æмæ наиб Девлет-Мырзæ се ’ккой куы абадид!.. Сыкъайы ма цы арахъхъ аззад, уый адæргæй арты басæххæтт кодта Бæтæхъо.

— Стæй? — афарста уый.

— Стæй ма цы уыдаид? Актулла, дам, йæ уазджыты фæстаг дуарæй ахъуызын кодта æмæ йæхæдæг заргæ амард.

— Уа раджы дæм хабар чи ’рбахаста? — афтид сыкъайы бырынкъ йæ уæраджы кæхцмæ ныббыцæу кодта Бæтæхъо.

— Уа раджы мæм фидиуæг чи ’рбарвыста, уый ме ’рсабыр кæныны мæт нæ уыд, Бæтæхъо.

— Уæдæ цы йæ уæлфад гал лæууыд?

— Нæ адæмтæ цы æнцойады дзырд радтой, уыцы дзырд Харачойы дзыллæ басаста... Ныр мæнæй дзуапп домынц æмæ уа раджы уымæн æрбарвыстой фидиуæг... Ома, кæсыс, уæ дзырд куыд басастат!.. Ацы хъуыддæгтæ дæ зæрдæмæ куыд цæуынц, Бæтæхъо, уый ма мын зæгъ?

Йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, дзырдта Æлдадты зæронд Бæтæхъо:

— Хорз цæуынц мæ зæрдæмæ, Муссæ!.. Иу лæг, дам, былæй ахауд æмæ, зæхмæ æрхауыны агъоммæ, ахъуыды кодта: «Кæд мæ хъуыддаг афтæ ацæуа, уæд мын Хуыцауы фæрцы ницы уыдзæн...» Нырма, хæлын айкау, нæ ныппырх стæм. Нырма хорз цæуы нæ хъуыддаг, Муссæ!

— Уый мæхæдæг дæр фиппайын, фæлæ ныл Таза æмæ Актуллайы хабæрттæй хæрамгæнæджы номы йеддæмæ исты бафта, уый мæ нæ уырны.

— Дысон фыны ме ’ккой сыджытæй йедзаг голлаг фæцæйхастон. Уый дын мæ хабæртты кæрон, Муссæ!.. Фæндаг æмæ сыджытæй йедзаг голлаг!

Темырболат фæстæмæ-фæстæмæ фæцæйцыд Бæтæхъойы цæстытæм кæсгæйæ æмæ сонтау дзырдта:

— Æз мæ сыджыты голлаг Туркмæ нæ хæссын ме ’ккой. Иу голладжы дзаг сыджыт мæ фаг нæу, нæ мын бамбæрздзæн ме стджыты хæррæгъ, — йæ хъæлæс дæр уыд цъæл, цыма сыджытæй йедзаг голладжы бын ныцъцъист ис, уыйау.

Феддæдуар ис. Скъæтæй Æрфæны раласта, саргъ ыл авæрдта æмæ йыл абадт. Ныр адымдзæн Ичкеримæ æмæ нал хъусдзæн — нал дæр, хъарм арахъхъы сæрæй цы æртхутæг акалдæуыд, уый таурæгъ, æмæ нал дæр былæй рахаугæ лæджы æмбисонд.

Муссæ йæм кæсгæ дæр нæ фæкодта, куы фæцæйцыд, уæд. Йæ мад æм сидтис, фæлæ йæм не сдзырдта.

Уый дын Муссæйы æрбацыды аххосаг, гъе! Дысон Темырболатæн йæ развæндагыл цæхгæрмæ цырæгътæ куы ссыгъдысты æмæ йæ фæстæмæ куы раздæхтой, уæд уыцы æппæтуынæг цæст Муссæмæ та фидиуæг æрбарвыста æмæ æрдомдта дзуапп: цытджын инæлар, зæгъ-ма нын, хъоргъæй дæ Экмырзæты Тазайы растадмæ дардæй кæсыны сæраппонд рауагътам? Цæмæн басастат уæ дзырд æмæ цæмæн змæнты Ичкерийы дзыллæ Туркмæ лидзыны хъуыддаг?

Æрфæн дзыхълæуд фæкодта. Йæ мукъутæ доны фæтъыста æмæ йæ хъуыртт-хъуыртт ссыд. Темырболат æргæпп ласта. Йе згъæллаггом ын йæ дзыхæй райста, цæмæй йæ доны хъуыртт йæ дзыхы кæрæттæй мауал калдаид. Бæх донæй куы бафсæст, уæд та йыл абадт æмæ йын йæ гуыбын бацагайдта, фæлæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Йæ размæ акаст æмæ йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта:

— Зарæ, ам цы агурыс?!

Чызг лæууыд йæ разы, æмæ йæ даргъ цæстыхаутæ рызтысты. Уæлæмæ йæм чысыл сабийау скаст, йæ урс хъуыры дадзин змæлыд.

— Дысон мæм дæ рафт-бафт хъуыст... Хæмæт хæдзармæ куы æрбахъуызыд, уæд æй базыдтон... Æрдæбон Æрфæны скъæтæй куы раластай, уæд дæ федтон... — чъызгæ дзырдта чызг.

— Ардæм дæ цы ’рбахаста?

— Дысон дæуыл хуыссæг не ’рхæцыд. Æз дæр фынæй нæ уыдтæн.

— Зарæ!..

— Ма ацу, Болат!

Темырболат дæлæмæ æртасыд. Йæ уадулмæ йын бавнæлдта æмæ йæм комкоммæ бакаст:

— Æз нæ фæхæсдзынæн сыджытæй йедзаг голлаг...

Зарæ йæ къахфындзтыл слæууыд. Лæппуйы хъуырыл йæ къухтæ æртыхта. Йæ уæлæ ацауындзæг ис.

— Ма ацу, Болат!

Чызджы буары хæрздæфмæ йæ сæр разылд. Йæ хъуыдытæ кæмдæр æнæбын талынджы аирвæзтысты æмæ ницыуал уыд а бæстыл, чызджы ’хцон сулæфты йеддæмæ. Фелвæста йæ æмæ гуырæй-гуырмæ йæ фæлмæн риуы аныдзæвд куы банкъардта, уæд йæ дадзинты хъарм уылæн уыцы иу гуыпп ныккодта.

— Æз Туркмæ нæ лидзын, æз демæ лидзын!

Турчы коймæ æвиппайды æрæрвонг ис. Зарæйы чъызгæ æруагъта дæлæмæ. Йæ худ фелвæста æмæ йæ чызджы армы фæсагъта.

— Бафснай йæ. Куы ’рбаздæхон, уæд мын æй радт, — загъта æмæ дымгæйау атахт бæгъæмсар барæг.

Бæх размæ тахтис, уый та фæстæмæ кастис æмæ чызджы æндæрг йæ цæстыты раз чысылæй-чысылдæр кодта.

Суанг изæрмæ фæраскъæр-баскъæр кодта Темырболат, фæлæ Цæцæны арæнтæй мидæмæ нæ баирвæзт. Изæры, Назраны хъæугæрæтты фæцæйцæугæйæ федта, фалейæ чидæр бæх куыд рацæйскъæрдта. Æрфæны рохтæ æрбалвæста. Йæхи æрцæттæ кодта, фæлæ барæг куы ’рбаввахс, уæд йæ худ систа æмæ йæ уæлæмæ сдардта, ома дæм фыдбылызæн нæ цæуын.

— Гъæтт, ме ’фсымæр, бæх иууыл зонынджын куы фæуа, уæддæр барæг йæ развæндагмæ хъуамæ кæса!

— Махмуд, фыны дæн, æви хъалы!

Бæхтæй æргæппытæ кодтой. Кæрæдзийыл ныттыхстысты.

— Фыны стæм, ме ’фсымæр, фыны! — ныддодой кодта цæцæйнаг. — Бабын стæм, нæ фæстаг ныфсы мæсыг ныккалди!

Темырболатыл бæстæ разылд æмæ фæцæйхауд. Махмуды ницæмæйуал бафарста. Талынджы дыууæйæ лæууыдысты æмæ сабитау куыдтой сæ зæхх, сæ бæстæ æмæ сæ хъысмæтыл.

ÆРТЫККАГ ХАЙ.
БАЛЦ ЦАРДЫКÆРОНМÆ

I. ФÆСТАГ ÆХСÆВ ÆМÆ ДОНХЪАЗЫЗАРÆГ

Цырæгъты рухсытæ дардæй, æхсæвы хъæндилтау, æрттывтой. Алчи йæ изæры митæ кодта, æгомыг тыхстызмæлд æмæ æгуыппæг рафт-бафтæй байдзаг сты Бруты уынгтæ. Стыр хъыг, кæнæ стыр цинæн бамбæхсæн нæй, йæ бамбæхсынмæ куы хъавай, уæддæр йæхæдæг йæхи равдисы. Дæ сыхаджы ’рдæм иу дзырдæппарæн акæндзынæ æмæ фегом уыдзæн дæ зæрдæйы рис, кæнæ та ныззæлланг кæндзæн дæ цин. Ахсæв не хъуыст, нæдæр тæфæрфæсы уынæр, нæдæр цины зæлланг. Алчи йæ зæрдæйы арф æмбæхста, цы йæ агайдта, уый. Кæцæйдæр зарыны хъæр хъуыст, фæлæ уый уыд фæтчыгъæды зард. Дыууæ сыхаджы кæрæдзийыл фембæлгæйæ, сæ цыд нæ фæсабыр кодтаиккой. Сæ иу се ’ннæмæ не сдзырдтаид, уымæн æмæ тарстысты: мыййаг сæ удты сусæгдзинад куы ныссæххæтт кæна, æмæ сæ зарын кæуынмæ куы расайа.

Темырболат, æнæуд æндæргау, разил-базил кодта. Кæртытæм аивæй мидæмæ каст, кæддæра чи лидзы, кæнæ ам чи баззайдзæн, зæгъгæ. Зыхъхъыртæй рухсытæ æрттывтой æмæ гуымиры цæсгæмттæ хылдысты талынджы. Уæрдæттыл ифтыгъд галтæ сæ мукъутæ карст кæрдæджы нытътъыстой æмæ футтытæгæнгæ мерс кодтой. Хæссинаг дзаумæттæй седзаг уæрдæттæ талынджы сау-сауидæй зындысты. Кæмдæр уæрдоны хуылфы кæрчытæй йедзаг хызыл дæр схæцыд йæ цæст. Иу ран та рæтæнагъдыл баст цæу йæ пыррыкк-пыррыккæй нал æнцад. Кæцæйдæр куыдзы зæрдæхалæн ниуын хъуыст, æвæццæгæн, йæ уæзæгыл куыдта. Чидæр ыл схъæр кодта:

— Бирæгъты холы фæу, кæд мардыл нæ кæуыс!

Йæ хицауы бустæ ницæмæ æрдардта куыдз. Ниудта ’мæ ниудта мæгуыр хъæлæсæй. Куыдзы ниуынмæ йæ уæнгтæ ноджы тыхджындæр ауазал сты. Зæрдæхалæн ниуынмæ хъусын йæ бон куы нæуал бацис, уæд йе ’нгуылдзтæ къæрмæджытау йæ хъусты батъыста æмæ уырдыгæй йæхи айста.

«Нæ кæуинагыл нын куыдз кæуы, нæхæдæг та зарынæй нæхи сайæм!»

Есенаты Гуыцыр кусарт акодта æмæ, стыр балцæн скувыны сæраппонд, йæ хъæубæсты æрхуыдта. Темырболаты дæр агуырдтой фæсивæд, фæлæ йæхи нæ равдыста æмæ ныр дæлæ талынг хатæны къуымы тымбылтæй бады æмæ, куыдзы йеддæмæ йæ кæуинагыл кæимæ скæуа, уый нæй. Уосмæн дæр куывды уыд. Гæрæны фаллаг фарсæй æнайы уынæргъын хъуыст.

Рудзынгæй талынг уатмæ æхсыргъуыз рухс æрбакалд. Мæйы чъиллон цæсгоммæ каст Темырболат æмæ фæстаг æхсæвы хитæнтæ хъуыста.

Куывддонты хъæлæба фескъуыд. Æхсæвы æмырдзинад ехсы цъæхснаг цъыккæй афаст. Хъæугæронæй хæфсы зарын хъуыст, æмæ йæ уынæр, мырмыраджы иугъæдон зæллангау, рызтис. Бонвæрон æм йæ цæст ныкъуылдта æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма хæфс нæ, фæлæ стъалы зарыд.

Æна æргом хъарæг кæнын нæ уæндыд, фæлæ йын йæ кæуын уæддæр нæ басусæг кодта Бруты фæстаг æхсæв. Талынджы бадтис Темырболат, Бруты фæстаг æхсæвы кæуын æмæ куыдзы зæрдæхалæн ниуынмæ хъуыста.

Рудзынгæй нозтвæллад адæмы хъæлæба дурау æрбасхъиудта æмæ йе ’нтъыснæг удыл дæлгоммæ ныффæлдæхт. Зыбыты иунæгæй йæ фæндыд Бруты фæстаг æхсæв абадын, фæлæ йын адæмы хъæлæба йæ сагъæстæ ныппырх кодта.

Фестъæлфыд, йæхимидæг базмæлыд Темырболат. Куыдзы ниуын кæмдæр бамыр, нал дæр хæфсы иугъæдон зарын хъуыст. Цы уыд, уый нæ базыдта райдианы. Искуыцæй зыхъхъырæй тыхдымгæ дымдта, æмæ уый ниуын хъуыст? Уæдæ дуармæ бæлæстыл сыфтæртæ куы нæ æнкъуысынц? Лæмбынæг æм ныхъхъуыста, уылæнтæй йæм цыд.

«Ууу-ууу-ууу!»

Тыхджын уыд йе ’гуыппæг мидтых. Судзæггаг уынæр ын йæ уд æмæ йæ зæрдæ сыгъта.

«Ууу-ууу-ууу!»

Чи зоны, Бруты зæхх йæхæдæг хъарæг кæны, зæгъгæ, ахъуыды кодта исдуг Темырболат. Йæхиуыл рахæцыд, ноджы ныхъхъуыста.

«Ууу-ууу-ууу!» — нал скъуыд судзæггаг уылæнтæн сæ кæрон.

Æрæджиау æй базыдта æмæ йæхи дæр скæуынмæ бирæ нал бахъуыд: уый уыдис Æнайы кæуын, Æна æмæ Бруты зæххы хъарæг. Цæмæй йæ мачи фехъуыстаид, уый тыххæй йæ цæсгом базыл нындæгъта ус, афтæмæй хъарæг кодта йæ райсомы балцыл. Йе ’нкъарæнтæ йын ныффæйлыдта йæ мады хъарæг, бынтон æй афтидæй фæуагъта æцæгдзинад æмæ цæстылуайæн нывты арæныл. Ныртæккæ йæ дадзинты дæр, туджы бæсты, цавта уыцы хъарæг. Бацæуон æм, йæ цæссыгтæ йын асæрфон, зæгъгæ, фæлæ йын йæхицæн та чи загътаид дыууæ ныфсæвæрæн дзырды! Уыцы хъарæг уыд сæ райсомы балцы, сæ райсомы царды райдайæн æмæ йæ нæ уагъта иунæгæй. Афтæмæй йæхи та фæндыд Бруты фæстаг æхсæвы мидæг батайын, йемæ буар-æмбуар ацæуын, цæмæй йын банкъардтаид йæ алы фезмæлд, йе ’хцонад, йæ хъынцъымы судзаг, æмæ сæ йæ царды кæронмæ хастаид йæ уд æмæ йæ зæрдæйы.

Уддзæф æрбаулæфыд æмæ кæйдæр фæсус хъæлæсы скъуыддзæгтæ æрбаскъæфта йемæ:

«Стам-бул-мæ, дам, цæу-дзыс-тæ-æм, уой!»

Фæгæпп кодта. Уæдæй нырмæ кæй бавзæрста, уыдон иууылдæр фæтары сты. Нал уыд Æна æмæ Бруты зæххы хъарæг, нал дæр ын куыдзы ниуын сыгъта йæ зæрдæ. Чи зоны, йæ сайгæ фæкодтой йæ хъустæ!

«Стам-бул-мæ, дам, цæу-дзыстæ-æ-æм, уой!»

Уыцы иугъæдон æй ивæзта. Æхсæвы талынг дæр æнтъыснæг зарæджы мыртæй ныууæззау. Нæ, Бруты фæстаг æхсæвы цæст ын ахæм фыдми нæ бауарздзæн æмæ йын йæ царды фæстаг бон нæ байдзаг кæндзæн маргæй.

«Урс дзул, дам, мыдимæ хæрдзыстæ-æ-æм, уой!»

Дыккаг хъæлæс æй самыдта, стæй йын иннæтæ дæр бахъырныдтой æмæ зарæг ноджы судзæггагдæрæй айхъуыст.

«Урс дзул, дам, мыдимæ хæрдзыстæ-æ-æм, уой!»

Фæндыры хъисы зæлланг ыл ссыд. Кæртмæ рауад, лæмбынæг ныхъхъуыста, кæд та мæ мæ хъустæ фæсайдтой, зæгъгæ, Есенаты ’рдæм ауад, фæсфæд æрæмбæхст. Цырагъы рухсмæ йæм нозтæй змæст цæсгæмттæ зындысты.

Фынджы сæр Гуыцыр лæууыд, сыкъайыл уæлæмæ схæцыд, афтæмæй. Йæ рахиз фарс бадтис Бæтæхъо, галиуæрдыгæй та — Уосмæн. Æппæты кæронæй Хъуыбады лæууыд, йæ фæндыр сабийау йæ риумæ балхъывта. Адæм фæхъус сты, фæндырдзæгъдæг йæ улæфт фегуыппæг кодта исдуг, стæй уыцы иу зард ныккодта йæ фæндыримæ:

 

Дæ тохы сидт, дæ базард,

Зæллангæй хъуыст, æндонау. —

Де ’мыр кæуын, дæ азар,

Хъæуы ’рдæм тылд, уæрдонау...

 

Темырболат йе тары йæ къух батъыста æмæ йæ риу аууæрста. «Тазайæн йæ уæрдон дæр ныттылд кæронмæ æмæ йæ хур дæр!.. Мах та ам нæ балцыл зарджытæ кæнæм!» Хъуыбады йæ зарæг фæндыримæ самыдта æмæ се ’ртæ иумæ ныккуыдтой: Хъуыбады, фæндыр æмæ Темырболат:

 

Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, —

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

 

Темырболат æгуыппæгæй ныббогъ ласта æмæ йæ ныхæй бал бæласы бындзæфхад ныххоста. Бруты фæстаг æхсæвы маст æнхъæвзæн кодта æмæ арыдта:

 

Ныр дард бæстæм фæндонæй,

Хуыцауагур куы цæуыс,

Уæд ма мын зæгъ уæндонæй,

Æнæ мардæй цы кæуыс?..

 

Хъуыбадыйы зарæг куывддонтæ самыдтой æмæ Темырболатмæ йæхи гуым-гуым нал хъуыст:

 

Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!

 

Бынтон банымæг фæндыры хъæлæс, фæндырдзæгъдæг нымпылд æмæ йæ хъæлæс аскъуыд:

 

Дæ Хуыцау ’мæ дæ бæстæ, —

Дæ хæхтæ ’мæ дæ бæстæ.

Зæры бон сын сæ зæрдæ,

Куынал ыссара дæ хъæстæ!..

 

Райсом æй хъуамæ ныууадзой æмæ дзы æнустæм аскъуыддзаг уой. Кæй хъæуынц æцæгæлон Турчы Темырболаты хъæстæ зарджытæ... Æмæ хъæрахстæй сидти йæ зæрдæ æрмæст куывды адæммæ нæ, фæлæ æгас Брутмæ, æгас Ирыстонмæ:

 

Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, —

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

 

Уæдæй нырмæ Стамбулмæ чи куывта, уыдон сæ зæрдæмæ ныккæсын кодта Хъуыбадыйы зарæг æмæ ныр æнæ мардæй куыдтой:

 

Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, —

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

 

Фæндыр æвиппайды фæсыкк æмæ адæм дæр бамыр сты. Хъуыбадыйы зарджытæ иууыл зыдтой Бруты, фæлæ уыцы хъарæг никуыма фехъуыстой æмæ сыл стыр балцы размæ æгæр æруæз кодта. Чи йæ самыдта, чи йæ æрымысыд?!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: