II. АЛХАНТЫ МАХМУДЫ ЦЫБЫР АМОНД




Йедзаг уæрдæтты фарсмæ конд æртытæн сæ фæздæг арвмæ къæдзмæдзытæгæнгæ цыд. Цъæх кæрдæгæй æфсæст галтæ зивæгæй сынæр цагътой. Бæхтæ сæ къæдзилтæй бындзыты цъыкк кодтой.

Чысыл Цæцæнæн сæ фылдæр рацыд. Наиб Османаты Садуллæ æд бинонтæ цыд сæ разæй.

Гех, Шали, Урус-Мартаны дзыллæтæ æрæмбырд сты Дзæуæджыхъæуы горæтгæрон. Харачойæ лыгъдæттæн молло Кудзуты Бæчи схицау кодта йæхи. Йе ’взаджы фыдæй хъæбатыр Таза йæ растадимæ кæй бабын, уый йын йæ цæстмæ бадарын нæ уæндыдысты, æмæ йæхи бæрнонæй хатыд.

Фыццаг къордимæ лидзынмæ чи хъавыд, уыдон иууылдæр Дзæуджыхъæуы горæтгæрон хъæугай ныххицæнтæ сты, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты, цæуыны бар сын кæд радтаиккой, уымæ. Быдыры сæ уæрдæттæ хъулайæ баурæдтой, астæуæй æртытæ скодтой, æмæ ламазы фæстæ, æдзынæгæй бадгæйæ, аивгъуыйгæ хабæрттæ мысыдысты.

Дзæрæхохты Алхасты къорд æрбахæццæ ис лæууæнмæ. Алхаст Малсæгты Тепсайы рацагуырдта йæ цæстæй æмæ чысыл фæстæдæр, Назраны мæхъхъæл куы ’рбазындысты, уæд йæ зæрдæ барухс цæцæйнагæн. «Гъæй-дæ-гъæй, йе, куыд мæгуыр у адæймаг! Æвæццæгæн нæ не Сфæлдисæг хиталæгау тæнтъихæгæй сфæлдыста, æндæра мын цæмæн уыд æхсызгон ацы мæрдты фæндагыл Тепсайы фенд! Мæхæдæг ыл кæй лæууын, уый æгъгъæд нæу? — хъуыды кодта Алхаст. Мæхъхъæлоны цæсгоммæ бакæсгæйæ йæ зæрдæ фæрыст, цыма иу афæдз рынчын фæцис, уыйау ныффæлурс. Беслæныхъæуы ’рдыгæй фосы дзуг æрбацæйцыд, сæ фæдыл фæндаджы рыг калдис. Уæрдæтты цæлхыты хъыс-хъыс куы ’рбайхъуыст, уæд сæ бауырныдта, ирон мухаджиртæ дæр кæй æрбацæуынц, уый.

— Нæ хæст фæцис, мæ хæлæрттæ! — куыддæр æрбахæццæ, афтæ загъта Æлдадты зæронд Бæтæхъо æмæ фырмæстæй уисæй галы æрдзæхст ласта.

— Уой, Бæтæхъо, Хуыцауы бафæндыд, цæмæй æнæкъона фæуыдаиккам!

— Хуыцауы бафæндыд æви, Ганайты Актуллайы чи банымыгъта, уый? Хуыцау нæ суры нæ къонатæй... Тепса, ды дæр дзурыс, Хуыцауы бафæндыд, зæгъгæ! — сбустæ йыл кодта Бæтæхъо, стæй афарста: — Муссæйæ ницы фехъуыстат?

— Æз дæр уымæ куы дардтон мæ хъус! Фæндагыл нæм уый куы нæ фæкæса, уæд нын фæзын уыдзæн, — бамæт кодта Алхаст.

Æвæццæгæн, Муссæмæ æнхъæлмæ кæсæм æмæ нæ ам уымæн баурæдтой, зæгъгæ, балхынцъ кодтой зæронд лæгтæ. Сæ галты суагътой æмæ сæ хизæнмæ баздæхтой, уæрдæтты цæлхыты бын дыууæрдыгæй дуртæ бавæрдтой.

Алханты Махмуд Алæгаты Хæмæты куы ауыдта, уæд ыл ныттыхст æмæ йæ афарста:

— Кæм ис ме ’фсымæр?

Темырболат кæм фæтары ис, уый Хæмæт дæр нæ зыдта, йæ дзуапп уыд æбæлвырд:

— Раййафдзæн нæ фæндагыл. Йæ хъæубæстæй чи фæхицæн уа, ахæм нæу. Ичкерийы хабæрттæ мын дзырдта. Хорз уæ фервæзын кодта Экмырзæты Таза моллойы азарæй!.. Хъæбатыр лæппу у Таза, мах дзæнæты бæстæм цæуæм, уый та Веденойы фидары хъоргъы хъизæмар кæны. Е-е-х!

— Цæуæм сæфтмæ!.. Æвæццæгæн нын исчи хин скодта!.. Знон нæ сæрыл цы лæппу хæцыд, уый хъоргъы ныууагътам æмæ нæхæдæг дзæнæты бæстæм цæуæм. Уый хин у, уæдæ цы у?.. Хин мын куы нæ счындæуыдаид æмæ мæ уый куы нæ уромид, уæд уæртæ Кудзуты Бæчийы зæххыл адæргъ кæнин æмæ йын йедзаг уæрдон раст йæ бикъыл атулин.

— Раст зæгъыс, Махмуд! Уыцы хин æрæвæрын кодта Кавказы адæмты раздзогтæн сæ хæцæнгæрзтæ. Уыцы хин ныссыдта Экмырзæты хъæбатыр Тазайы Веденомæ... Уый нæ ссоны Туркмæ!

— Уыцы хинæй фæрынчын ис нæ бæстæ æмæ йæ рынчынæй уадзæм, — бынтон нырхæндæг Махмуд. Зарæйы куы ауыдта, уæд йе ’взаг йæ комы асалд æмæ, йæ къух йæ риуыл авæргæйæ, йæ сæр дæлæмæ æруагъта. Дæ бон хорз, зæгъгæ, йын куы загъта чызг, уæд йæ сæрыл схæцыд. Зæды хуызæн æм фæкаст, уаз æмæ хуры тынау æрттиваг. Зарæйы былты кæрæтты цы мидбылхудт атад, уый Махмудæн суанг йæ къæхты бынмæ ахъардта. Йæ уд æмæ йын йæ зæрдæ стæфсын кодта. Комкоммæ кæсын æм нал бауæндыд. Йæ цæстæнгас фæкъуымых. Салам радтын дзы ферох. «Кæд ме ’фсымæрæн йæ нысангонд у, уæд мæнæн та мæ чындз у», — йæ зæрдæ хъæрзыдта, афтæмæй хъуыды кодта Махмуд. «О Хуыцау, цæмæн дæ бахъуыд Алханты Махмуды ницæйаг уд. Амар æй, æмæ мауал тартæ кæной йæ цæстытæ, мæнæ йæ разы цы зæд лæууы, уымæ кæсгæйæ. Фæнык æй фестын кæн æмæ мауал змæлой йæ сæры ахæм чъизи хъуыдытæ!.. Фæлæ, о Иунæг Стыр Аллах! Кæд мæ сфæлдыстай, уæд мын ма байс мæ цæсты рухс æмæ кæсон хурмæ... æмæ кувон уæларвон зæдмæ!.. Сомы дын кæнын, Стыр Хуыцау, уыцы кæсын æмæ кувынæй фæлм нæ абаддзæн ме ’фсымæр æмæ... мæ чындзагыл!»

Хур ныгуылæнырдæм акъул ис. Мухаджиртæ тыхсын райдыдтой. Дзæнæты бæстæ æцæг кæй уырныдта, уыдон старстысты: мыййаг нæ ардыгæй фæстæмæ куы аздахой, æмæ нын не Стыр Хуыцау ныфс цы дзæнæтæй æвæры, уый цæстæй куы нæуал фенæм, зæгъгæ. Наиб Османаты Садуллæ тæргайгъуызæй лæууыд æмæ фырмæстæй йæ былы цъар æхсыдта. Йæ уавæрыл ахъуыды кæныны фадат ын фæцис æмæ, цаутæ бахынцгæйæ, йæ зæрдæ хæрамæй байдзаг. Хицæуттæ йæ фæсайдтой. Æгъæдзар куыдзы уавæрмæ йæ æрæппæрстой. Ныр æй бауырныдта, политикæ æмæ дипломати сæрзилæн маргæй хъауджыдæр кæй не сты. Чысыл Цæцæны чысыл паддзах æмæ хъан уыд, йæ кад æмæ йын йæ цыт æгъæдзар куыдзы уавæрыл баивын кодта Куындыхаты Муссæйы дипломати. Ацы стыр фæндагыл нал дæр Чысыл Цæцæны наибы фиппайы исчи æмæ нал дæр йæ императорон бæрзонддзинады æфсæдты майоры. Фæндаг алкæй сæмхуызон кодта, сегасыл мухаджиры ном сæвæрдта. Знон йæ хурæй чи сомы кодта æмæ йæм сдзурын чи нæ уæндыд, уыдонимæ йæ иу тыгуыры æрбадын кодта «дзæнæты» фæндаг. Арты фæздæг сын æмхуызон къахы сæ цæстытæ.

— Кæй бахъуыд нæ бауромын? Мард куы фæцæйхæссай, уæд æрдæгвæндагыл æхсæвиуат кæнгæйæ нæ вæййы, — загъта Дзæрæхохты Алхаст æмæ Садуллæйæн йæ хъуыдытæ фæпырх сты.

— Аллах загъта: дыууæ фыдбылызæй рогдæр чи у, уый равзар! — йæ къæхтæ йæ быны æрбанорста æмæ уæздан бадт æркодта Садуллæ.

— Равзарыны бар мын куы уыдаид, уæд ахсæв мæ къонайы фарсмæ бадин, — тызмæгæй загъта Æлдадты зæронд Бæтæхъо.

— Раст зæгъыс, Бæтæхъо, фæлæ ахсæв Арвыкомы уазалы мæлынæй ам арты фарсмæ бадын хуыздæр у.

Фидиуæг æрбацыд Дзæуджыхъæуæй æмæ бæрæг æрбахаста: мухаджиртæ ахсæв ам баззайдзысты, райсом æхсæвыцъæхæй афæндараст уыдзысты, кæд бонрæфты рагъæй ахизиккой.

Бæтæхъо хурныгуылæны сырх-сырхид хуызтæм каст æмæ хъуыды кодта: «Райсом райдзаст бон уыдзæн, фæлæ ма нын уыцы иу райдзаст бон цы ’рхæсдзæн!»

Уæрдоныл хуыссæнтæ байтыгътой Гæбаимæ, Цомианы йæ сабитимæ хъарм банорстой, сæхæдæг арты фарсмæ дзагъырдзастæй бадтысты.

Æртытæ скодтой фæйнæрдыгæй. Æгтæ фыхтысты уæларт. Сой цъыс-цъыс кодта зынджытыл æмæ алфамбылай физонджыты тæфæй байдзаг. Кæмдæрты назы цырæгътæ сæрттывтой. Арахъхъæй йедзаг уæныджы сыкъа тызмæг цæсгæмттыл зылдис. Фалейæ фæндыры цæгъдын æрбайхъуыст. Цырагъы рухсмæ уæрдæтты хъула ферттывта. Уддзæф фæндыры хъæлæс фелхъывта, стæй йын йæ зæлтæ уыцы иу калд æрбакодта, арты фарсмæ тыгуырæй чи бадт, уыдонмæ.

— Кæуын æмæ хъарæг кæм вæййы, уым хъазт æмæ худæг дæр вæййы, — загъта Дзæрæхохты Алхаст.

Цырæгътыл уæлæмæ схæцыдысты, зыд цæстыты мидæг дыдзы рухс тыбар-тыбур кодта. Къæрццæмдзæгъд нæрыд, фæлæ зылд афтид уыд, кафæг дзы нæ зынд. Алханты Махмуд фæйнæрдæм акаст, зылды фæсивæды цæстæнгасæй æрнымадта; ирон, цæцæйнаг, мæхъхъæлон, кæсгон, лекъаг!.. Цы хъауджыдæр у?.. Кафыны зæрдæ никæмæ уыд æмæ фæндыр æнæхъуаджы йæ хъиутæ хордта.

Махмуд иу бæрзонд лæппуйы къухæй цырагъ раскъæфта æмæ йæ саурихи лæппуйы цæсгоммæ ныддардта:

— Ракаф!

Саурихи лæппу фефсæрмы æмæ фæсивæды ’хсæн аныгъуылд. Махмуд йæ цырагъыл уæлæмæ схæцыд æмæ къутуйау иу тымбыл лæппуйы зылдмæ раппæрста:

— Лæг хатт хисты дæр ракафы!

Цырагъимæ, хингондау рауай-бауай кодта.

Куы ничи ракафыд, уæд Алæгаты Хæмæт фæхъæр кодта:

— Махмуд, дæхæдæг ныззил, дæхæдæг!

Исдуг сагъдау алæууыд цæцæйнаг, стæй зылды астæумæ уыцы иу сæррæтт акодта æмæ цъилау йæ мидбынаты ныззылд.

— Ас-са!

Æд цырагъ кафыд Махмуд. Æхсæвы талынджы рухсы тæлмытæ æрттывтой. Хъазты зылд иу агæппы фаг уыд сæгуыты хуызæн лæппуйæн, æмæ фæсивæд сæхиуыл фæйнæрдæм ахæцыдысты. Къæмдзæстыг цæцæйнагæн искæй æрбахонын йæ цæсгом нæ хъæцыд, иунæгæй тымыгъау зылдис.

— Мах-му-у-уд, иунæгæй нæ фидауыс! — хъæр æм кодта Хæмæт.

— Ас-са!

Хæмæт Зарæйы, йæ цонгыл хæцгæ, бакодта, зылды йæ фæуагъта æмæ йæхæдæг иуварс алæууыд. Чызг нымпылд. Лæппу фергъуыйау. Йæ къухтæ ныттынг кодта, афтæмæй йæ мидбынаты дурдзавдау алæууыд. Йæ цæсты раз ауадысты даргъвæндаг æмæ дымгæбæхыл уайæг рæсугъд чызг, Хæйрæджыты комы нымæг арты фарсмæ уадзыгæй кæй федта, уый. Нæ, уый йæ разы лæууыд чызг нæ, фæлæ зæд. О Хуыцау, цымæ Махмуды йеддæмæ йæ зæрдæйы бæллиц искæмæн сæххæст кодтай а бæстыл?.. Ма фæхицæн кæн Махмуды ацы бæллиццаг фынæй, йæ бынаты дурдзавдау лæудзæн, йæ цæсгомыл иу нуар дæр куыннæ фезмæла, афтæ!

Зарæ йæ цæнгтæ цадæггай айтыгъта æмæ донхъазау Махмуды рæзты аленк кодта. Цæцæйнаг æвиппайды фесхъиудта æмæ цæстыныкъуылдмæ чызджы фарсмæ февзæрд. Йæ цæст, йæ къухтæ, йæ буары алы нуар Зарæйы ’рдæм тырныдтой, фæлæ, йæхи уромгæ, дæрддзæфты зылдис æмæ кæлдымау сыгъдис.

— Ас-са! Ас-са-ла!

Зарыдысты йæ цæстытæ, йæ зæрдæ, йæ цæсгом, йæ буары алы нуар æмæ ацы уысм уымæй амондджындæр зæххы цъарыл лæг нæ уыд.

— Ас-са-ла!

Зылд фæуæрæхдæр кодтой. Цырæгътæ сын сæ къæхты бынмæ ныддардтой æмæ афтæ зындис, цыма адæймæгтæ нæ, фæлæ зæдтæ кафыдысты арты рухсмæ. Лæппу дзæгъæлдзуйау тыхстис, йæ алыварс æмæ дзы айрох сты йæ балц, йæ фыды дзæгъæлзад къæс, йæ зæронд мад Хазу, йæ фыды ингæн, йе ’рдхорд Темырболат!.. Йæ зæрдыл ма лæууыд æрмæст Зарæ — дымгæйы бардуаг Фурки.

III. СУСÆГ МИНÆВАРЫФÆСТАГ ХÆРЗИУÆГ

Муссæ æхца цыдæриддæр æрдомдта, уыдон фæстаг капеччы онг иууылдæр йæхирдыгæй фесты. Хицауады къазна йын йæ къухмæ æрнымадта: æрдæгимпериалтæй — фарастсæдæ цыппор авд сомы æмæ æхсай капеччы, лыстæг æвзист æхцайæ — дыууæ мин фæндзай сом æмæ цыппор капеччы, кредиты билеттæй — цыппор дыууæ мин сомы. Æдæппæт цыппор фондз мин сомы слæууыдысты Скъуыдкъохы мулк æмæ йæ сусæг мисси. Зæрæхсидыл йæ бинонты Скъуыдкъохæй Дзæуджыхъæумæ æрласта æмæ сæ йæ хæстæджытæм æрæнцайын кодта. Фосæй йæм цы уыд, уыдон иууылдæр ныууæй кодта, фæндаггагæн æй цы бахъуыдаид, уыййеддæмæ. «Ардыгæй йæ Туркмæ цы тæрон мæ разæй, кæд уым æхцайæ балхæнæн ис, æрмæст фосæн нæ, фæлæ ма сæ фыййæуттæн дæр». Хæдзары мигæнæнтæ, рагон мыггагон дзаумæттæ уæрдæттыл сæвæрын кодта æмæ йе ’фсымæр Афæхъойæн бафæдзæхста, ардыгæй Туркмæ уыдон дæ быгъдуан, зæгъгæ. Иугæр йæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд йæхæдæг йæ фæндаг облæсты хицауы къæнцылары ’рдæм скодта. Гамзат йæ фæдыл æндæргау фæцæйцыд.

Куыстæй йæ ссæрибар кæныны сæраппонд паддзахы бæрзонд бардзырд рацыд, йемæ фондз мин туземаг хæдзары акæныны дзырдæй йын Туркмæ алидзыны бар дæр радтой. Фондз мин нæ, фæлæ Цæгат Кавказы пысылмонтæн сæ фылдæры сфæндыд стыр султаны дæлбазыр сæхи бакæнын, фæлæ ацы аз Турчы хицауад уыйæппæт мухаджирты кæй нæ айстаид, уый тыххæй сæ нырмæ ардаугæ чи кодта, уыдон сæ ныр та къуылымпы ныккодтой... Цыдæр чысыл хъуыддæгтæ ма йын баззад саразинаг, Лорис-Меликовимæ сыл йæ цæст ахæсдзæн æмæ йæ фæндаг бацагурдзæн Муссæ. Лидзыны хъуыддаг йæ нывæстмæ гæсгæ цыдис, фæлæ ма йын иу хъуыды, дойнаг дурау, уæз кодта йæ зæрдæ æмæ йæ удыл: «Куыд сразы ис йæ императорон бæрзонддзинад мæ алидзыныл, куыд мыл систа йæ къух?» — Æмæ ма ноджы иу хабар: «Кæм ис ныртæккæ Темырболат?» Йæ хъуыдыты Уæрæсейы император æмæ Темырболаты фæрсæй-фæрсмæ кæй авæрдта, ууыл бахудт. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, сæнтдзæф мæ мачи фенхъæлæд, зæгъгæ. Фæцæйцыд цадæггай æмæ йæ уæгъд нæ уагътой дыууæ адæймаджы æндæрджы. Сæ иу паддзахы цытджын æндæрг, иннæ та хуымæтæджы корнет, йæ туг, йе стæг, Скъуыдкъохмæ йæм сæрмагондæй чи æрбацыд æмæ йын йе стъолыл «Мæ сагъæстæ» ихсыд гæххæттыты чъызгæ чи æрæвæрдта, уый. Æндæр хатт æм, чи зоны, æбуалгъау фæкастаид ахæм сæрхъæн æрæмных, фæлæ ныр цахæмдæр æнахуыр рогдзинад банкъардта æмæ йæ фæхатыд: уыцы рогдзинад цæуы, Уæрæсейы цытджын паддзах дзы кæй нæ аргъуц кæны, уымæй. Корнеты фарсмæ йæ кæй баурæдта, уымæй дзы йæ маст иста, йæ къух ыл кæй ауыгъта æмæ йæ Туркмæ кæй ауагъта, уый тыххæй. Æнхъæл уыд, сæрмагондæй мæм æрцæудзæн, чи зоны, мын лæгъстæ дæр бакæна, зæгъгæ. Уый та бавдæлд æмæ йæ цытджын бардзырд уайтагъд раскъæрдта. Ау, æндæр кад нæ уыд Куындыхаты Муссæйæн Уæрæсейы паддзахы цæсты?

Гамзатмæ йæ уæхсчы сæрты фæкаст, мæ хъуыдытæ ма фергом уæд, ме ’рдæбоны худтау, æмæ мын сæ ма фехъусæд, зæгъгæ.

Уый æнхъæл нæ уыд Темырболатæй, «Мæ сагъæсты» æнхъæл дзы нæ уыд, «Мæ сагъæсты» йæхи цæстæй куы нæ федтаид, уæд ыл, чи зоны, йæ къух ауыгътаид: «Кæмфæнды уæд иу хъуымызбыл!» Фæлæ ныр, æвæццæгæн, уый гæнæн нæй. Экмырзæты Тазайы йæхи зондыл чи аскъæрдта, уый райсом Муссæйы уды мидæг дæр райдайдзæн къæм агурын, ам куы баззайа, уæд. Æмæ йæхи цæстæй куы федта, «Мæ сагъæсты» мидæг: Иры хæхтæ æмæ бæстæ йæ уды лæууæн æмæ йæ уды уæлтæмæн систы æмæ, ам баззайгæйæ, цахæм цæстæй бакæсид, уыцы хæхтыл йæ къух чи систа, уымæ? Уадз æмæ йæ «Сагъæстæ» дæр мухаджирты фæндагыл ныллæууæнт. Цæйнæфæлтау ын райсом Иры дзыхъхъы Темырболаты «Сагъæсты» фыдæй йæ номыл былысчъилтæ кæной, фæлтау абон Турчы зæххыл сæ мæлæт æрцæуæд Темырболатæн дæр æмæ йæ «Сагъæстæн» дæр.

Уыцы хъуыдытимæ облæсты хицауы кабинетмæ бацыд Муссæ. Лорис-Меликовы цæстыты цины стъæлфæнтæ ферттывтой:

— Хæст фæцис, Муссæ Алхазович!

— Хæст фæуыдзæн, мухаджирты Уæрæсейы стыр империйы арæнтæй куы феддæдуар кæнæм, уæд.

Лорис-Меликов дæргъвæтин паузæйы фæстæ бынтон æндæр хъæлæсæй сдзырдта:

— Дæ ацыдыл стыр хъынцъым кæнын, Муссæ Алхазович! — йæхи ноджы нырхæндæг кодта. — Цытджын император йæхæдæг дæр хъынцъым кæны. Уæрæсейы æфсады рæнхъыты дæ хуызæн æфсадфæтæгтæ бирæ нæй, уый дын зæгъын, мæнæ кæрæдзийæ куы хицæн кæнæм, уæд. Кæд ма дæм исты куырдиат ис, уæд мын æй зæгъ. Дæ фæндон сæххæст кæнгæйæ мæ зæрдæ фæрогдæр уыдзæн.

— Михаил Тариелович, мухаджирты фæндаг развæлгъау нывæст у, Турчы хицауадимæ цы дипломатон бардзырд сарæзтам, уымæ гæсгæйæ, æмæ йæ фехалын зын у, фæлæ кæд мæ удæй нæ кадджын паддзахæн исты ахъаз фæдæн, уæд мын ныр уый хыгъд иучысыл хæрзиуæг скæн.

— Кавказы æгъдаумæ гæсгæйæ уазæгæн йæ зæрдæмæ цы фæцæуы, уый йын йæ фысым нæ бавгъау кæны. Мæн ныфс ис: нæ къуымы чи нæй, ахæм исты мæ не ’рдомдзынæ! — бахудтис уый.

— Нæ, дæ бæрзонддзинад! Бар мын радт, цæмæй мæ бинонтæ æмæ мæ хæстæджытæ Ахалцихыл ма ацæуой!

— Уæдæ кæуылты?

— Батумыл. Кæд сын, Сау денджызыл ацæугæйæ, сæ балц чысыл фæрогдæр кæнин.

Лорис-Меликов ныхъхъуыды кодта.

— Дæ бинонтæ æмæ дæ хæстæджытæ Батумыл ацæуæд, фæлæ, дæхæдæг мухаджиртимæ куы нæ уай, уæд гæнæн ис фæндагыл исты æбуалгъы хъуыддæгтæ бакæной.

— Мæ бинонтæ ма фæтыхсæд, уыййеддæмæ мæхæдæг бафæраздзынæн, дæ бæрзонддзинад.

— Никуы дæ ферох кæндзынæн, Муссæ Алхазович! Нæ дыууæйы ’хсæн рагон хæлардзинад баззайдзæн.

— Бузныг, дæ бæрзонддзинад! Кæмфæнды цæрон, уæддæр мæхи нымайдзынæн цытджын Уæрæсейы æфсады инæларыл.

Бадзырдтой: райсом сæуæхсидыл хъуамæ араст уой мухаджиртæ, цæмæй се стыр фæндагæй иу цасдæр фæстейæ фæуадзой æмæ сæ ног бæстæм феввахсдæр уой.

IV. БАЛЦ ЦАРДЫКÆРОНМÆ

Бырцæй кастис, кæрæдзийы фæдыл хърихъуппытау цы уæрдæттæ ныххал сты, уыдонмæ. Стæй фæаууон сты æмæ Терчы богъ-богъæй нал хъуыст æнæсæрст сæмæнты æнæаскъуыйгæ хъыс-хъыс. Хъарæгау зæлыд лыгъдæтты æнтъыснæг зарæг. «Стъамбулмæ цæудзыстæ-æ-æм, гъей!» Терк дæр нынтъыснæг æмæ ныггуыппæг, Темырболаты хъусты уыцы иугъæдон сыф-сыф нæрыд æмæ йæ уазал уынæр суанг йæ къæхты бынмæ хъардта. «Хъиииии!.. Шшш-шшш-шшш!»

«Стам-булмæ цæу-дзыс-тæм, о-о-ой!»

Цы дын баззад Стамбулы, цæмæ йæм цæуыс? Чи зоны, дæ фыдæлты тугвæдтæ агурыс, цæмæй сыл деддæ, дзæкъулты цы сыджыт фæхæссыс, уый байзæрай.

«Стамбулмæ цæу-дзыс-тæм, о-о-ой!»

Фæзын дын ис дæ фыдæлты зæххыл? Æмæ дын æцæгæлон бæсты æнцондæр уыдзæн? Хуыцау агурæг цæуыс? Æмæ ма йæ кæм ссардзынæ, Кудзуты Бæчийы хуызæн «сыгъдæг минæвæрттæ» йæ æхцайыл куы ауæй кодтой, уæд?

«Урс дзул мыдимæ хæрдзыстæм, о-о-о-й!»

Æрфæн йæ уæлхъус лæууыд æмæ йын йæ комытæфæй йæ сæрыхъуынтæ фæйлыдта. «Мæ сагъæстæ» йæ дзыппæй систа, ихсыд гæххæтмæ æркаст æмæ хъæрæй бакаст: «Дæ Хуыцау ’мæ дæ зæдтæ, — дæ хæхтæ ’мæ дæ бæстæ». Муссæ æрбалæууыд йæ зæрдыл, æмæ йе уæнгтæ баихæнрызт кодтой. Йе стъолыл æвæрд «Сагъæстæм» ын куы каст, уæд æмæ йæ рахиз æрфыг змæлыд. Скастис æм уæлæмæ. Йæ цæстыты уæлтъыфалтæ зыр-зыр кодтой, æмæ Темырболат федта, æнæпъагон инæларæн йæ гагуытæ цадæггай куыд уæрæх кодтой, уый. Арты æвзаджы аныдзæвдау æм бахъардтой Муссæйы дзырдтæ: «Е-е-е, мæ чысыл хуры къæртт, уый лæгдзинады райдайæн у, фæлæ йын хъæубæстæй иппæрдæй фæцæрæн нæй!» Йæ дыууæ пыхцыл армы «Сагъæстыл» æрæвæрдта. Ирд цæстытæ йæм комкоммæ ныццавта. «Уæ!.. Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, — куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..» — загъта хъæрæй æмæ ихсыд гæххæтт йæ дзыппы бафснайдта. Æрфæн бамыр-мыр кодта, фæлæ йæм йæ хъус не ’рдардта. Фæзилæны цы фæндаг батад, уымæй йæ цæст нæ иста. Искуы ныстъæлдзысты сæхæдæг дæр æмæ сæ зарæг дæр, фæстæмæ æрбаздæхын сын нæ бантысдзæн. Ам баззайа? Ма ацæуа? Гадзрахатæй рацæуа йæ хъæуыл? Æмæ уæд гадзрахатæй цæуы йæхиуыл дæр, йæ «Сагъæстыл» дæр, уымæн æмæ сын «хъæубæстæй иппæрдæй фæцæрæн нæй».

«Иу хатт ма хъуамæ фенон Æнайы, Хъуыбадыйы... Зарæйы!» Бæх йæ фæдыл мырмыргæнгæ лыгъдис. Фæстæмæ йæм нæ фæкаст, айрох дзы ис. Разæй йæм Зарæйы цæсгом сидтис. Хурау æй тавта уыцы цæсгом. Йæхи куы базыдта, уæдæй нырмæ йæ цæстыты раз дары чызджы фæлгонц, фæлæ никуы суæндыд чызгмæ, æз дæ мæ зæрдæ æмæ мæ уды дарын, зæгъгæ.

Æрфæн знæт мыр-мыр ныккодта æмæ Темырболатæн йæ хъуыдытæ фæпырх сты. Фездæхт æм. Йæ хъуырыл ын йæ къухтæ æртыхта.

— Бынтон мæ куы айрох дæ!

Бæх йæ замс былтæ Темырболаты цæсгомыл æруагъта.

— Дæхæдæг куыдз куы дæ!.. Дæуæн Терк æмæ Туркæй уæлдай нæй!

Æрфæн йæ мукъутæ Темырболаты дæларм фæтъыста. Ноджы та бамыр-мыр кодта. Йæ раззаг къахæй зæхх ныххоста.

— Мæсты ма кæн. Лæг йæ мæстæй цы нæ зæгъдзæн!

Хъандзалау фæгæпп ласта æнæсаргъ бæхы рагъмæ. Æрфæн йæ фæстаг къæхтыл алæууыд, стæй йæ бæрзæй, хъазы хъуырау, æркъæдз кодта æмæ йæ бынатæй фесхъиудта. Барæг ын йæ уæрджытæй йæ гуыбын æрбалхъывта, æмæ хайуан йæ гуыр, фæцæйлидзæг сæгуыты гуырау, айвæзта. Идон ыл нæ уыд, фæлæ Стамбулмæ цæуджыты уæрдæтты цалхвæдтæй нæ иппæрд кодта. Терчы фæныкгъуыз уылæнтæ кæрæдзийы сæрты сæрбихъуырæйттæ кодтой. Хиды онг ма цы скъæрон, зæгъгæ, ахъуыды кодта Темырболат æмæ Æрфæны бæрзæй пырх къухæй ныцъцъыкк ласта. Бæх цæхгæр фæзылд, фæлæ йæ разы ивылд дон куы ауыдта, уæд дзыхълæуд фæкодта. Барæг ын цырыхъхъы зæвæтæй йæ гуыбын скъуырдта, бæх хъен слæууыд. — Гъæтт, тæппуд! Ноджы йæ скъуырдта цырыхъхъы зæвæтæй, бынтон сызнæт ис уæд æмæ ивылд доны йæхи уыцы иу æппæрст бакодта. Донæй ма уæлæмæ йæ гæмæл хъустæ æмæ йæ мукъутæ зындысты, йæ фындзыхуынчъытæ ныддымстысты. Темырболатæн суанг йæ ронбасты онг скалдис дон. Уыцы фарсæй фыййау, йæ уæлдзарм худ æууæрдгæ, йæ гæндзæхтæ цагъта æмæ йæ дзых ныххæлиу кодта, фæлæ доны богъ-богъæй йæ уынæр нæ хъуыст. Бæхæн фæзын ис, зæгъгæ, ахъуыды кодта барæг æмæ йын йæ бецыккыл хæцгæ, доны баленк кодта. Фыййау йæ лæдзæг æмæ йæ худ фехста иуварс, йæ зæронд куырæт феппæрста æмæ Темырболаты ’рдæм йæхи рауагъта.

Басастой ивылд доны бæх æмæ барæг. Уыцы фарсмæ ахæццæ сты тых æмæ фыдæй. Йæ цухъхъа раласта, ныллæмæрста йæ. Æрфæн йæ къæхтæ фæхæлиу кодта æмæ йæ гуыр ахъаззаг ныууыгъта.

— Гæдыйау дын авд уды ис, лæппу? — фехъуыст æм фыййауы хъæлæс.

Ницы йæм сдзырдта, бузныг дæр ын нæ загъта, æнæдзургæйæ бæхы рагъмæ фæгæпп ласта.

— Цæуыл смæсты дæ дæхимæ, кæнæ бæхмæ?

Цæмæй зыдта фыййау, Темырболат æцæгдæр мæлæт кæй агуырдта, фæлæ йæ иувæрсты кæй ныйивгъуыдта ацы хатт. Йæ ронбаст асгæрста, дыууæ ифтыгъд дамбацайы сæ бынаты лæууыдысты. «Цымæ топпыхосмæ дон нæ бахъардта? Æгæр мыл ауæрды ацы мæлæт!.. Харачойы хъæуы нæ Алханты Махмудимæ маргæ кодтой, фæлæ нæ Таза фервæзын кодта... Ныр та абон ивылд доны!.. Цымæ кæм сты ныр Таза æмæ Махмуд?.. Махмуд дæр йæ мадимæ Туркмæ ралыгъдаид, фæлæ ма Тазайы иу уынд куы фæкодтаин!»

— Мæгуырау хабарæй Хуыцау бахизæд! Хъæргæнæг дæ, мыййаг? — уæгъд æй нæ уагъта фыййау.

Фæрсæджы ’рдæм фæзылдта йæ цæсгом. Тыхæй иу дзырд сæппæрста йæ дзыхæй æмæ Æрфæны гуыбын къахæй бакъуырдта.

— Хæрзбон!

Æрмæст фыййаумæ нæ дзырдта, хæрзбон, зæгъгæ. Уыцы иу дзырдæй сидтис Иры хæхтæм, Иры бæстæм, ныртæккæ йæ маргæ цы дон кодта, уымæ.

Барæджы знæт уды хъуыргъуындæг бæхыл дæр бахæцыд, тымыгъау тахтис æмæ йæ фæрстæ сфынк сты.

Горæты иувæрсты ныттахтысты, тымыгъау фæздæджы цъæх фæлм ныббадт Дзæуджыхъæуы сæрмæ. Æрфæны гæмæл хъусты ’хсæнты каст, фæндаджы гæрз фæстæмæ згъордта.

Æвиппайды фескъуыд фæндаджы гæрз æмæ нал дугъ кодта бæхы гæмæл хъусты ’хсæнты.

«Стам!..» — Æрчъепп ласта къардиуы ардыггаг фарс йæ фæстаг къæхтæй, æмæ, фæрæтæй фасты хуызæн, нарæг комы сæрмæ иуцасдæр ауыгъдæй аззад.

«...Бул!» — Анæрыд къардиуы фаллаг фарс раззаг къæхты æрцавд.

«Стам-бул! Стам-бул! Стам-бул!» — нымадтой Æрфæны цæфхæдтæ хуырвæндагыл. Уымæл зæххы тæф бæхы хиды тæфимæ схæццæ æмæ йын йе ’мбудæнтæ хъыдзы кодта. «Стамбулмæ цæудзыстæм, о-о-о-й!» — уынæргъыдта ком.

Дзыхълæуд фæкодта Æрфæн. Йæ фæстаг къæхтыл алæууыд. Ахъаззаг ныууынæргъыдта æмæ зæххыл кæлдымау йæ тъæпп фæцыд. Темырболат йе рагъæй асхъиудта æмæ сæрбихъуырæйттæгæнтæ былмæ батылд. Ам дæр та йыл бацауæрста мæлæт, йæ тæккæ бынмæ цалдæр адылийы бæрзæндæн къæдзæх ауыгъдæй лæууыд. Йæ ронбастæй дамбацатæ рахаудтой æмæ хуырвæндагыл сæ къæрцц-къæрцц ссыд. «Цымæ сæм дон бахъардта?» — ферттывта ногæй йæ сæры. Кæцæй йæм æрхаудтой, кæд сæ нытътъыста йæ ронбасты, цæмæн æй бахъуыдысты?

«Сæ иу Æрфæны, иннæ та мæн!» — калмау базмæлыд хъуыды.

Уыцы фæндоныл раджы ныллæууыд, фæлæ ма йæ цыдæр урæдта. Цы ма йæ урæдта? Йæ къух сисынмæ кæуыл хъавы, уыцы хæхты уаз æнгас? Кæнæ Æнайы адджын узæлды бæллиц, æви Зарæйы иу фæкаст?

Æрфæн йе стыр цæстытæ æрбазылдта. Æвæццæгæн æй бамыр-мыр кæнын фæндыд, фæлæ йæ тых асаст æмæ ныхъхъæрзыдта. Цадæггай мардис, йæ хъоппæг цæстытæй цæссыгтæ фемæхстысты. Æммыст йæхицæн дæр, Æрфæнау, йæ бон кæуын уаид!

Зæххыл тъæпæн абадт, Æрфæны чысыл сæр йæ уæрджытыл авæрдта, йæ хъустæ йын йæ уырзтæй аууæрста æмæ дамбацатæй иу Терчы арфмæ фехста:

— Дæ фыды бæстæм фæцæуыс, Æрфæн, дæу нæмыг ницæмæнуал хъæуы!

Дæлиауæй дамбацайы цъæхснаг къæрцц-къæрцц æрбайхъуыст, цыма фæйнæгыл хоры нæмгуытæ æркалдæуыд.

Иннæ дамбаца систа, йæ къухы йæ арауил-бауил кодта. Æфсæйнаджы уазал дзых йæ риумæ нылхъывта, фæлæ мæнгвæдæг нырма дард уыд амонæн æнгуылдзæй, Стамбулæй дарддæр.

— Æвæццæгæн, æз дæуæй тæппуддæр дæн, — дзуры мæлæг хайуанмæ.

Æрфæн ма иу хатт уæззау сулæфыд, стæй йæ рæсугъд сæр Темырболаты уæрагæй дæлæмæ æрхаудта æмæ нал фезмæлыд. Дамбаца йæ армы нылхъывта, йæ цæст ахаста хъæрццыгъагъуыз къæдзæхтыл. Дамбацайы хæтæлыл йæ къæмисæны ’рдæм схæцыд цадæггай æмæ йæ зæрдæ бахæлбурцъ кодта, фыртасæй нæ, фæлæ, мæлæты æрбаввахс кæныны æнкъарæн афтæ хуымæтæг æмæ рог кæй разынд, уымæй.

— Стамбулмæ цæудзыстæм, о-о-о-й! — æрбайхъуыст æм комы хуылфæй æмæ уыцы хъарæгыл йæхи сагъæстæ абаста: «Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ! Цæй цард ма ис уæ фæстæ».

Уазал хæтæл къæмисæныл аныдзæвд, фæлæ амонæн æнгуылдз мæнгвæдæгмæ нæ тасыд. Йе ’нгуылдз барызт, йæ лæгдзинадыл йæхæдæг рацыд комдзог. Цадæггай йыл æрбахæцыд, фæлæ дамбацайæ къæмисæны ’хсæн фæндыры хъæд æрбабырыд æмæ хæцæнгарз уæлæмæ сриуыгъта. Мæнгвæдæг нылхъывта, фæлæ сур къæрццы йеддæмæ æхст нæ фæцыд.

«Топпыхосмæ дон бахъардта!»

— Лæппу, æгæр цыбыр фæндаг равзæрстай дæхицæн. Ахæм балцы æз дæр ацæуин, фæлæ ма уæд стыр балцы тыхст лæгмæ чи фæдардзæн йæ хъус? Кудзуты Бæчи æви молло Хъази?

— Ды та ма цæмæн аззадтæ фæстейæ? — дзуры йæм йæ зонгуытыл лæугæйæ.

— Ды цæмæ аззадтæ, уымæн!

— Ды дæ сыджыты хай Туркмæ демæ хæссыс, æндæр ма цы домыс?.. Æз æй нæ хæссын, æвгъау у Турчы мæлынæн, — йæ масты пырх акалдта Темырболат.

— Дæ дзырд топпыхосау рæмудзы, лæппу!.. Æмæ дзы мæнмæ иу дзæкъулы йеддæмæ нæ цæуы? Æви афтæ æнхъæлыс, дæу йеддæмæ зæрдæ æмæ уд никæмæн ис? Дæ зæрдыл дар, лæппу: кадæггæнæг æмæ фæндырдзæгъдæг хъæубæсты исбон сты. — Йæ къухæй йын дамбаца стыдта æмæ йæ былæй фехста. — Кадæггæнæджы дамбаца ницæмæн хъæуы. Дамбацайы тæрхон дард нæ хæссы, мах та дард цæуын хъæуы. Кадæггæнæг æмæ фæндырдзæгъдæгæн сæ хæцæнгарз хъуамæ уа, Теркæй Туркмæ лидзæг адæмæн зынвæндагыл ахъаз чи фæуыдзæн, ахæм сагъæс æмæ зарæг.

Йæ цæсты ноджы фæкадджындæр ис ацы æгъæдзар лæг, дзурын нæ, фæлæ йæм кæсын дæр нæ уæндыд ныртæккæ.

— Дæ кадджын мадыфсымæр нын дзæнæты ныфс æвæры. Чи зоны, æцæг дзæнæтмæ цæуæм, бакæсæм, бавзарæм! Кæннод та залымимæ тох хъæуы ам дæр, балцы дæр, царды кæрон дæр, — загъта Хъуыбады.

— Царды кæрон, зæгъыс? — фестъæлфыд Темырболат.

— Лæгæн йæ райгуырæн бæстæ кæм фæуд кæны, уым фæуд кæнынц йæ цæрæнбонтæ дæр æмæ йæ цард дæр.

Хъуыбадыйы ныхæсты рæстдзинад æй басыгъта æмæ йæ мидбынат базмæлыд.

— Нæ мады ныууагътам æмæ фыдыусы дæлвæдджимæ цæуæм.

— Нæхи барæй нæ цæуæм, — загъта Хъуыбады æмæ, фæндыр йæ зæронд куырæты бын амбæхсгæйæ, фæцæуæг.

— Фæлæуу, — фæсидтис æм Темырболат. — Æрфæны сыджыты хай фæкæнæм, тæригъæд у, сынтытæ йæ бахæрдзысты.

...Хъуыбады йе уæхскæй йæ дзæкъул райста, йæ ком ын райхæлдта æмæ, бæхыл цы сыджыт бакалдтой, уымæй дзы иу армыдзаг ныккодта. Стæй араст сты сæ дыууæ.

Темырболат разæй ахстау цыд.

V. «ТАГЪД НЕ ’МДИН ÆФСЫМÆРТЫХÆРЗИУÆГ ДÆР БАВЗАРДЗЫНÆ, МÆ ХУР!»

Хъыбады æмæ Темырболат Дайраны комы сæрмæ баййæфтой лыгъдæтты æмæ брутæгтимæ сиу сты. Муссæ, дам, разæй фæцæуы, загъта Æна Темырболатæн. Ау, æмæ де ’фсымæримæ цæмæннæ цæуыс, зæгъгæ, афарста йæ мады, фæлæ уыцы фарстæй фыццаджы райдианы йæхи фæлывта, уымæн æмæ йын йæ ныййарæг цы загътаид, уый развæлгъау зыдта. Уый, æцæгдæр, йæхи бакъултæ кодта æмæ загъта: «Мæ сыхæгтæй хуыздæр хъысмæт хъæуы дæр никуы бацагуырдтон æмæ мæ фæндагыл дæр нæ хъæуы». Æндæргау хылдис адæмы ’хсæнты, никæмæ дзырдта, ничи дæр ын йæхимæ дзырдта, афтæмæй бынты каст æнтъыснæг цæсгæмттæм. Æгæрыстæмæй йæ мад дæр не срæдыд æмæ йæ нæ бафарста: «Болат, кæм уыдтæ, цæмæн ма аззадтæ фæстейæ?» Кæд ацы балц Хуыцауы фæндон у, уæд цæуыл кæуынц утæппæт бæлццæттæ? «Муссæ йæ бинонты фæразæй кодта. Уыдонæн сæ цыппæрдзæлхыджы бæхтæ ис ифтыгъд æмæ афонмæ, чи зоны, хохæй ахызтысты!.. Æнайы загъдау, йæ сыхæгтæй ма хъуамæ фæхицæн уыдаид! Кæннод иу бонцау фæразæй у, стæй та бауром æмæ дæ фæллад суадз, цалынмæ фæстейæ галты уæрдæттыл, хъизæмаргæнгæ, чи цæуы, уыдон дæ æрбаййафой, уæдмæ!.. Цæуæд, æз уыдон нал агурын!» Кæй агуырдта, уый ссардта æмæ, Муссæйыл хъуыды кæнгæйæ, йæ зæрдæйы цы уазал æнкъарæн фæзынд, уый айсæфт. Зарæ галты сæрбосыл хæцыд æмæ, йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, цыдис.

Рахизæрдыгæй Сæна рæдзæ-мæдзæ кодта. Йæ урс худы алыварс сау мигътæ змæлыдысты. Мигъты бардзæй йæ цъупп зындис, хуры тын хъазыд йæ уæлæ. Дæлейæ Терчы комы мигъы къуымбилтæ æрбацæйлæстысты, цыма бæлццæттæн сæ фæндаг сæхгæнынмæ хъавыдысты, уыйау.

Терк айнæджытыл йæхи цавта æмæ йæ фынк фæйнæрдæм калдта. Хохы фахсыл фыстæ апырх сты, дардæй уыр-дуртау зындысты. Темырболаты уæхскыл чидæр йæ къух авæрдта, фестъæлфыд æмæ йæм куы фæкаст, уæд фырцинæй фæхъæр кодта:

— Махмуд!

— Дæ бæх цы фæцис, ме ’фсымæр?

Темырболат фи



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: