II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 46 глава




— Уый дын ног зарæг куы у, Хъуыбады! — бафиппайдта æрæджиау Уосмæн.

— Уый æрмæст мæнæн нæу ног. Уый Иры дзыллæйæн у ног... Æвæццæгæн, ног мардæн ног хъарæг хъæуы æмæ йæ уымæн самыдта.

— Чи йæ самыдта?

— Чи йæ самыдта, уый нæ фарсмæ куывды нæ бады, — загъта Хъуыбады æмæ гуыбыр-гуыбыр куывдæй йæхи айста.

Темырболатæн йæ бон нал бацис зæронд лæгмæ кæсын æмæ йæ цæсгом йе ’рмтты нытътъыста, афтæмæй хæкъуырцгæнгæ, Æрфæны агурынмæ ацыд.

Адæм ныппырх сты, æрвгæрæттæ фæцъæхбын сты. Стъалытæ ма гæзæмæ æрттывтой сыгъдæг арвыл æмæ бонвæрнон йæ цæст æрныкъул-æрныкъул кодта.

— Мæ фынгæй мын мæрдадз ацарæзта Хъуыбады, — бустæ кодта Гуыцыр, фæлæ йæм дзурæг нал уыд, уымæн æмæ алчи йæ балцы кой кодта.

Сæумæрайсом Бруты фæндагмæ дзаумæттæй седзаг уæрдæттæ ратылди. Куыйты дæр семæ ласынмæ хъавыдысты, фæлæ къонаты иузæрдыг хъахъхъæнджытæ кæмдæрты бамбæхстысты. «Ау, куыйты йас зæрдæтæ нын нал ис!.. Уыдон куы нæ комынц сæ къонатæй æддæмæ!» — хъуыды кодта, адæммæ кæсгæйæ зæронд Бæтæхъо. Фыстæ, сæгътæ, хъуццытæ иу ранмæ стыгуыр сты æмæ æмхъæлæсæй уасыдысты. Хъуыбадыйæн йæ галиу уæхскыл йæ фæндыр уыд ауыгъд, йæ рахиз уæхскыл та — йе ’мбылтæм йедзаг дзæкъул. Бæтæхъо дзæкъул йæ къухæй асгæрста, æмæ йæ йе ’нгуылдзæй кæм фелхъывта, уым дзыхъхъæй куы аззад, уæд, Муссæйæн цы таурæгътæ кодта, уыдон йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. «Гъеныр фæтæхæм зæххы ’рдæм, гъе!.. Тагъд нæ дзæхст фæцæудзæн æмæ нал уыдзысты нал дæр нæ дзæкъултæ, æмæ нал дæр нæ удтæ!»

— Уый та дын цы у, Хъуыбады? — кæд, цы уыд, уый зыдта уæддæр æй афарста Бæтæхъо.

— Мæ райдиан æмæ мæ кæрон.

Дзæкъулы хуылфы йæ къух нытътъыста æмæ йæ арм уымæл, фæлмæн сыджытыл куы аныдзæвд, уæд ын кæуындзæг йæ хъуыр ахгæдта.

— Æгас хъæуы дæ бæрц зонд никæмæ разынд, фæндырдзæгъдæг! — загъта Бæтæхъо. Стæй аздæхт фæстæмæ, Бруты фæлмæн сыджытæй дзæкъул байдзаг кодта æмæ йæ уæрдоныл бацауыгъта.

— Дæ цæрæнбонты дæ туг кæй сæрыл калдтай, уый ныр дæ къухы бафтыд, Бæтæхъо!.. Дæ къухы бафтыд æмæ йæ хæсс Туркмæ!..

— Бафтыд мæ къухы, Хъуыбады, бафтыд! Тых æмæ фыдæй сиу стæм. Ацы стыр фæндагыл нæ куы ничиуал ахицæн кæнид! — Йæ цухъхъайы дысæй йæ ных асæрфта, Брутмæ ма иу каст фæкодта æмæ уæрдоны ифтыгъд галты фатхъæд уисæй бацагайдта.

Гæба ахстау цыд Бæтæхъойы фæдыл. Йæ гуыбыр фæсонтæм ын каст, йæ уæззау къахдзæфтæ йын нымадта æмæ хъуыды кодта: «Кæйонг фæцæудзæн, кæйонг фæхæццæ уыдзæн йæ мастимæ!»

Бруты сау сыджыт æвгæдтой дзæкъулты, къæссаты, чыссæты — зынаргъ дзаумæттимæ сæ уæрдæттыл æфснайдтой. Уалынмæ Мамсыраты уæрдон дæр ратылд царды кæронмæ фæцæйцæуæг фæндагмæ. Уосмæн фырмæстæй галты уисæй надта, Æна та бæлццæтты фарста:

— Æппын уæ Темырболаты ничи федта?.. Уæ, Хъуыбады, Темырболатыл дæ цæст никуы схæцыд?

Хъуыбады йын куы ницы загъта, уæд фалæмæ адзырдта:

— Зарæ, уæ, Зарæ, Болатыл дæ цæст никуы схæцыд?

Зарæйы бæсты йæм йæ фыд радзырдта:

— Дæ фырт дысон куывды дæр куы нæ уыд, Куындыхон, уæд кæм фесæфт?

— Куывды нæ разынд, зæгъыс, Темырыхъо? — йæ дзырд ын ацахста Хъуыбады. — Уæдæ дысон кæй зарæгмæ хъуыстай, дæ цæссыгтæ куы сæрфтай, уæд? Тæрсгæ йын ма кæн, Куындыхон, разындзæн!.. Темырболат æмæ йæ сагъæстæн сæ хъæубæстæй фæхицæнгæнæн нæй.

Нæ, дам, разынд Темырболат! Уæдæ кæй зарæг бахъардта дæ удмæ æмæ дыл цы уæз кæны ныр? Бруты уымæл сыджытæй йедзаг дзæкъул дыл уæз кæны, зæгъыс? Æмæ цы хъауджыдæр ис Бруты уымæл сыджыт æмæ Темырболаты сагъæстæй? Уый Хъуыбады нæ зарыд, уый Темырболаты уд зарыд, æмæ дæм уый бандæвта. Йæхæдæг, чи зоны, уым нæ уыд, фæлæ йæ уд æмæ йæ сагъæстæ фæндыры хуылфы ныббырыдысты æмæ уырдыгæй æнхъæвзæн кодтой. «Дæ Хуыцау ’мæ дæ зæдтæ, — дæ хæхтæ ’мæ дæ бæстæ». Мыййаг, æцæгæлон бæсты йæхиимæ йæ зарæг дæр куы амæла, уымæй тæрсы лæппу. Фæндыр та зарæг æфснайын зоны, фæлæ йыл хъæубæстæ дæр хъуамæ фæхæцой, кæд ма дзы хъæубæстæ баззайа, уæд.

— Фæзындзæн Темырболат, Куындыхон, цæмæй йын тæрсыс?.. Йæ зарæджы сидзæрæй чи ныууадза, ахæм лæппу нæу!

Уæрдæттæ фæндагыл ныррæгъ сты. Хъæугæрон ма иу хатт фæурæдтой æмæ сæ фæндагæн скуывтой.

Æмæ уыцы куывд дæр уыд донхъазы зард.

Дзæуджыхъæуы сæм Муссæ æнхъæлмæ каст æмæ уырдæм тындзыдтой.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: