III. Нывы мидис радзурын. 2 глава




3. Кæсы уæларвæй.

Зæхмæ нæ хауы.

Æгас дунейы

Мадау рæвдауы.

 

4. Сæ иу бон цæуы,

иннæ – æхсæв.

 

VII. Хæдзармæ куыст. Аргъау текстмæ хæстæг хи ныхæстæй дзурын зонын. Йæ мидисмæ йын нывтæ скæнын.

Уæлæмхасæн æрмæг

Баситы Мысост. Розæ - дидинæг

 

I. Фæрстыты руаджы хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

– Цæуыл фæтæргай зымæг?

– Кæй бон бацис сæрдæн баххуыс кæнын?

– Сымах та куыд хъуыды кæнут, кæм бамбæхсы сæрд зымæгон?

2. Скъоладзаутæ аргъаумæ цы нывтæ скодтой, уыдоныл цыбыр афæлгæст саразын. Алы ныв дæр «сдзурын кæнын».

II. Ног æрмæг.

1. Фæйнæг дидинджыты нывтæй сфæлындын.

2. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

– Цæуыл цæудзæн ныхас ацы уацмысы?

– Цы уынут нывы?

– Цæвæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны?

3. Дзырдуатон куыст: Бонвæрнон.

4. Сывæллæттæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

5. Фæрстытæ раттын.

– Дымгæ згъоргæ æмæ кафгæ фæкæны? Уæдæ дзы поэт афтæ цæмæн зæгъы?

– Кæм зайы розæ-дидинæг?

– Куыд ыл цин кæнынц Бонвæрнон æмæ мæй?

– Дидинæджы уынд ма æхсызгон кæмæн у? Цæмæй бæрæг у?

– Æцæгæйдæр дидинджытæ фынæй фæкæнынц? Куыд?

– Цавæр дидинджытæ ма райхæлынц сæрдыгон?

– Цы сæм бафиппайдтат цымидисагæй?

– Цы ’хсызгондзинад хæссынц адæмæн?

– Цы пайда сты нæ царды?

– Сымах хæдзары дидинджытæ дарут? Куыд сæм зилын хъæуы?

– Фæйнæгыл цы нывты репродукцитæ ис, уыдоны автортæ чи сты?

III. Æмбисæндты хъуыды равзарын.

Хур царддæттæг у. Æрдз – нæ дарæг.

Хурæй тыхджындæр ницы ис.

IV. Хатдзæгтæ скæнын.

– Кæцы дзырдты руаджы дæ цæстытыл ауад æрдзы рæсугъддзинад?

– Цæуыл нæ ахуыр кæнынц ахæм уацмыстæ?

– Æрдзы мидæг алцыдæр кæрæдзийыл куыд баст у? Æрхæссут дæнцæгтæ ацы æмдзæвгæйæ?

– Ссарут-ма æмдзæвгæйы рифмæтæ. Рифмæгонд цы дзырдтæ сты, уыдонæн сæ кæрæттæ рахицæн кæнут. Æмдзæвгæйы рæнхъытæн сæ кæрæтты æмзæлд хуыйны рифмæ.

V. Хъазт «Цæй ныр та ды дæр фæлварам хъæугæ дзырдтæ ссар!»

Æх-æх-æх До-до-до,

Уарын та кæны сæх-сæх. Ма цæгъд арсимæ кæ…

Ур-ур-ур, Мо-о-мо,

У сыгъзæрин артæй хур. Райстон ме ’мбалæй ис…

Æй-æй-æй,

Мæйæн та йæхи рухс нæй.

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын. Рифмæгонд дзырдтæ æрхъуыды кæнын æмæ сæ тетрæдты ныффыссын.

 

 

Коцойты Арсен. Хъæбатыр Габо

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

2. Рифмæйы тыххæй æрмæг радзурын.

3. Скъоладзаутæ хæдзары цы рифмæгонд дзырдтæ æрхъуыды кодтой, уыдон бакæсын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас Коцойты Арсены сфæл-дыстады тыххæй. Сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдоныл цыбыр афæлгæст саразын («Хъæддзау»,

«Хъусой», «Пионер Габо», «Куысыфтæг æмæ Дурын»,«Хъæбатыр бындз æмæ Дада»).

2. Бацæуæн ныхас.

– Радзырды сæйраг архайæг чи у?

– Цавæр лæппу у Габо?

– Кæй уынут нывы?

– Цæуыл дзурæг у кæстæр лæппуйы æддаг бакаст?

– Куыд уæм кæсы, лæппутæй Габо кæцы у?

– Уацмысæн хорз кæрон уыдзæн æви æвзæр? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

3. Скъоладзаутæ сæхинымæр кæсынц радзырд.

4. Фæрстытæ радзырды мидис равзарынæн.

– Цы фыдбылыз æрцыд гыццыл лæппуйыл?

– Йе ’мбæлттæ сæхи куыд дардтой?

– Габо та?

– Цæмæй тас уыд сæ дыууæйæн дæр?

– Кæд æрчъицыдта гыццыл лæппу?

– Цæуыл дис кодтой Габойы æмбæлттæ?

– Чи уыд Габойæ бузныг?

5. Уацмысæн пълан саразын.

1. Сывæллæттæ сæхи найынц.

2. Гыццыл лæппу дæлдон кæны.

3. Габо лæппумæ йæхи баппæрста.

4. Адæм арфæ кæнынц Габойæн.

6. Аив каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Æмбисæндтæй кæцы хуыздæр æвдисы радзырды мидис?

Адæймагæн хорздзинад йæхицæй цæуы. Хорз йæ митæй бæрæг у.

Хорз æмбал зын сахат сбæрæг вæййы.

– Сымах зонут уæхи хъахъхъæнын?

– Искæмæн баххуыс кæнын та?

IV. Англисаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын.

Цалдæр боны, Цалдæр боны

Кэт лæгъстæ кæны нанайæн:

– Ауадз-ма мæ цæугæдонмæ, Æз мæхи цынайон.

– Цу, мæ гыццыл чызг, æцæг

Донмæ ма бацу хæстæг.

– Цæмæн у ацы уацмыс ирхæфсæн? Цы уæм дзы фæкаст худæг?

– Цавæр адæмы сфæлдыстадæй у?

V. Ирхæфсæн цы у, уый тыххæй хуымæтæг зонын-дзинæдтæ раттын. Зæгъæм:

Ирхæфсæнтæ дæр сты адæмон сфæлдыстады жанртæй иу. Уыдон сты хъæлдзæг зарджытæ, æмдзæвгæтæ.

VI. Хæдзармæ куыст. Радзырд пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Ирхæфсæн аив кæсын сахуыр кæнын.

 

Уырымты Петя. Кæсагахсæг

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Уацмыс пъланмæ гæсгæ радзурын.

2. Радзырды мидисмæ æмбисæндтæ æрхæссын.

II. Ног æрмæг.

1. – Кæй тыххæй у æмдзæвгæ æмæ цæмæй бæрæг у?

– Куыд уæм кæсы, лæппу кæсаг æрцахсдзæн? Цæуылнæ?

2. Фæйнæгыл цы зынæмбарæн дзырдтæ ис, уыдон бацамонын æмæ сæ уæнггай бакæсын.

уис-хъæ-дыл

дзаг-хъуы-рæй

цъыф-дзаст

хыз

кæф

3. Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ.

4. Фæрстытæ раттын.

– Лæппу йæ зæрдæ цæуыл дары?

– Кæсаг ахсгæйæ зарæн ис? Цæуылнæ?

– Уæдæ кæм æмæ куыд хъæуы кæсаг ахсын?

– Зæгъут-ма, фыссæг лæппумæ цы зæрдæ дары, мæсты йæм кæны æви йыл худгæ кæны? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

– Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы ацы æмдзæвгæ æмæ цæмæн?

– Сымах ахæм худæг уавæры никуы бахаудтат?

5. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Æмдзæвгæйы уæм худæг цы фæкаст?

– Поэт йе ’мдзæвгæ афтæ цæмæн схуыдта?

– Цавæр ахаст равдыста уымæй гыццыл лæппумæ?

– Цы зонут кæсæгты цардæй?

IV. Уыци-уыци базонын.

Лæгуынæрфыг

Гæпгæппон

Цъымарайы фæдæлдон.

Йæ аууонæй фæтарсти.

Хъуына донæй

Ыскасти.

– Кæцы дзырдтæ уын баххуыс сты дзуапп базонынæн? Баххах сын кæнут сæ быны (лæгуынæрфыг, гæпгæппон, цъымара, хъуына дон).

V. Хуымæтæг зонындзинæдтæ уыци-уыциты тыххæй.

Уыци-уыцитæ сты адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу. Уыци-уыци у фæсномыг ныхас. Ныхас цæуыл фæцæуы, уымæн февдисы йæ миниуæг, йæ формæ кæнæ та йæ архайд. Ахуыр нæ кæны хъуыды кæныныл.

Адæмон уыци-уыцитæй уæлдай ма ис, фысджытæ кæй ныффыстой, ахæм уыци-уыцитæ дæр.

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын.

Уыци-уыцимæ ныв скæнын. Цæрæгойтыл уыци-уыцитæ æрхъуыды кæнын æмæ сæ тетрæдтæм рафыссын.

 

Цæрукъаты Валодя. Къæвда

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстыты руаджы æмдзæвгæйы мидис равзарын.

– Цæмæн схуыдта поэт йе ’мдзæвгæ «Кæсагахсæг»?

– Цавæр ахаст равдыста уымæй сæйраг архайæгмæ?

2. Нывы мидис радзурын.

3. Уыци-уыцимæ скъоладазутæ цы нывтæ скодтой, уыдоныл цыбыр афæлгæст саразын.

4. Уыци-уыцитæ бакæсын æмæ сын сæ дзуæппытæ базонын.

II. Ног æрмæг.

1. Бакæсын æмдзæвгæ «Къæвда».

2. Кæсгæ-кæсын зынæмбарæн дзырдтыл бакусын: сонт, дондзæстытæ, фемæхст.

3. Фæрстытæ æмдзæвгæйы мидисмæ.

– Æмдзæвгæ уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

– Кæсгæ-кæсын уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрд?

– Куыд æмбарут æмбисонд?

Сæрдыгон къæвда – зæххæн сой.

4. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

– Цал строфайы ис æмдзæвгæйы?

– Фыццаг строфа сындæг кæсын хъæуы æви тагъд? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

– Куыд кæсын хъæуы дыккаг строфа та?

– Цавæр нывтæ ауад уæ цæстытыл æмдзæвгæ кæсгæйæ?

5. Аив каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цы базыдтат сæрдыгон къæвдайы тыххæй? Цы пайда хæссы зæххæн?

– Цавæр вæййы сæрдыгон къæвда? (Фæлмæн, хъарм.)

IV. Тагъддзуринаджы мидис равзарын. Йæ сæргондæн дзуапп раттын.

Цы уары къæвда? Къæвда уары æмæ уары. Уары:

Хъæдæн – зокъотæ, Быдырæн – бæркад,

Къанæуттæн – цæрæнбон.

– Æцæгæйдæр къæвда зокъотæ фæуары? Уæдæ поэт афтæ цæмæн зæгъы?

– Куыд æмбарут фæстаг дыууæ рæнхъы та?

V. Уыци-уыцитæ базонын.

Адæм æм фæбæллынц.

Куы фæзыны, уæд та дзы æмбæхсгæ кæнынц. (Уарын.)

 

Иу дон калы, иннæ йæ нуазы,

Æмæ дзы æртыккаг рæзы. (Уарын, зæхх, кæрдæг.)

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Тагъддзуринагмæ нывтæ скæнын.

Сæрды мæйты нæмттæ тетрæдтæм рафыссын æмæ сæ зæрдыл бадарын.

 

 

ТАГЪДДÆР УАЙУТ УЕ СКЪОЛАМÆ!

 

Урок

 

Хетæгкаты Къоста. Лæгау

 

I. Фæрстыты руаджы хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. – Куыд хуыйны нæ чиныджы ног хай? (Тагъддæр уа- йут уе скъоламæ.)

– Цæй фæдыл уыдзысты ацы хайы уацмыстæ?

2. Ахуыргæнæджы раныхас Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Фыццæгæм къласы поэты æмдæзвгæтæй цы сахуыр кодтой, уыдон скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын («Гино», «Фыдуаг», «Скъо-лайы лæппу», «Уасæг»). Æмдзæвгæтæм фæйнæгыл цы иллюстрацитæ ис, уыдонмæ гæсгæ сын сæ сæргæндтæ базонын.

3. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын æмæ сæ уæнггай бакæсын.

фæ-дзæх-сын

зæр-дæ-хъæл-дзæ-гæй

зонд-а-мо-нæг-мæ

хы-зын

бар

4. Скъоладзаутæ хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

5. Уацмысы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

– Цæмæ сиды поэт?

– Цы кæнын хъæуы, цæмæй «бæззай лæгæн»? Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.

– Лæгæн чи нæ бæззы, уый та цавæр адæймаг у?

– Куыд фæхонынц ахæмты?

– Цæмæн хъæуы ахуыр кæнын?

– Ранымайут-ма, предметтæ цы дзырдтæ æвдисынц, уыдон.

– Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ нывмæ.

6. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цæмæн схуыдта поэт йе ’мдзæвгæ «Лæгау»? Цы нын зæгъынмæ хъавыд уымæй?

– Уацмысы мидисмæ æмбисæндтæ æрæхссут.

IV. Фæйнæгыл цы æмбисæндтæ ис, уыдонæн сæ хъуы- ды равзарын.

Зонд алкæй дæр хъæуы. Адæймаджы бон бирæ у. Зивæгæй цард нæй.

Чингуытæ куы кæсай, уæд алцыдæр зондзынæ.

– Æмдзæвгæйы хъуыдымæ дзы кæцы æввахсдæр у?

V. Уыци-уыцитæн сæ дзуæппытæ ссарын.

Дзурын нæ зоны, афтæмæй зонд амоны. (Чиныг.)

Урс хуымы сæнтсау мыггæгтæ байтыди.

Хуым æркарстон: ныр мæ зондыл бафтыди. (Чиныг, дамгъæтæ.)

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

Урок

Лиана Даскалова. Алæмæты диссæгтæ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

3. Ахуыры тыххæй æмбисæндтæ æрхæссын.

II. Ног æрмæг.

1. Уацмысы сæргонд æмæ йæ авторы ном бакæсын.

2. Дзырдуатон куыст: алæмæт, цæвиттон, хынцинаг, фыдæбон, мызд, адджын гуыл, боцъо, кæлæнгæнæг, хъан, ахуыргонд.

3. Радзырды I-аг хай кæсы ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ раттын.

– Цæуыл-иу куыдта арæх лæппу?

– Цы сфæнд кодта иу хатт?

– Кæм æй бафæндыд кусын æмæ цæмæн?

– Цæуылнæ айстой лæппуйы куыстмæ?

– Цæмæй тарст горæтгæрон?

– Ацы ран тигртæй кæй тарст, уый цæуыл дзурæг у?

– Æрхъуыды кæнут сæргонд ацы хайæн.

– Кæдæм бафтыд гыццыл лæппу?

– Кæй федта уыцы ран?

– Цы йын загъта зæронд лæг?

– Цавæр диссæгтæ федта лæппу зæронд лæджы хæдзары? Тексты ныхæстæй спайда кæнут.

– Цæмæй бафарста лæг гыццыл лæппуйы?

– Цы дзуапп ын радта уый?

– Æрхъуыды кæнут ацы хайæн сæргонд.

III. Нывтимæ куыст.

– Фыццаг нывмæ-ма текстæй хъуыдыйæдтæ бакæсут.

– Радзурут дыккаг нывы мидис.

IV. Радзырды I-аг хай рольтæм гæсгæ бакæсын.

V. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цавæр лæппуйы тыххæй у ацы уацмыс?

– Цæуылнæ бацис йæ бон куыстмæ бацæуын?

– Цы цæстæй кæсы фыссæг йæ персонажмæ?

– Куыд уæм кæсы, цавæр хабæрттæ æрцæудзæн дарддæр?

VI. Хæдзармæ куыст. Радзырды фыццаг хай аив кæсын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын.

Урок

Лиана Даскалова. Алæмæты диссæгтæ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырды I-аг хай аив бакæсын.

2. Нывты мидис радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Радзырды II -аг хай фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

2. Фæрстытæ раттын.

– Цы куыст бахæс кодта зæронд лæг лæппуйæн?

– Лæппуйы цин мастмæ цæмæн рахызт?

– Цæмæн у алы куыст дæр хынцинаг? Цы радзырдта зæронд лæг, йæ хæдзар ын куыд сарæзтой, уый тыххæй?

– Чи у ацы зæронд лæг? Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.

– Цавæр хынцинæгтæ аразы цæрæнбонты ацы ахуыргонд лæг?

– Цы бафæдзæхста лæппуйæн?

– Лæппу йын йæ фæдзæхст куыд сæххæст кодта?

– Ацы хайæн та цавæр сæргонд раттæн ис?

III. Фæйнæгыл фыст æмбисæндтæн сæ мидис равзарын.

Чиныг сур гæххæтт у, фæлæ бирæ зоны. Æдылы хивæнд вæййы.

Бирæ дзурынæй бирæ кусын хуыздæр у. Зивæг мæгуыры мад у.

Чиныг зонды суадон у.

– Кæцы æмбисонд хуыздæр æвдисы уацмысы хъуыды? IV. Радзырды архайджытæн характеристикæ раттын.

Тетрæдты ныффыссын ахæм пълан:

– Кæм царди лæппу?

– Куыд ахуыр кодта скъолайы?

– Цы сфæнд кодта иу хатт?

– Иу куыст бакæнын дæр йæ бон цæуылнæ бацис?

– Кæд бамбæрста, ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый?

− Цавæр цæстæнгас дары автор йæ персонажмæ?

– Цы йæм бафиппайдтат хорзæй?

– Æвзæрæй та?

– Кæм царди зæронд лæг?

– Цæргæ-цæрæнбонты цæуыл фæкуыста?

– Цы хорздзинæдтæ йæ фæндыд адæмæн?

– Зæронд лæг уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

– Цавæр зæрдæ йæм дары фыссæг та?

V. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

– Радзырды райдианы дзырд цæуыл цæуы? Авторы ныхæстæ куыд кæсын хъæуы? (Уæззаугай, сабыр.)

– Цæуыл тыхсы лæппу? Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы йæ ныхæстæ? (Тыхст, кæуæгау.)

– Цæмæйты фарста зæронд лæг лæппуйы? Куыд ын кæсын хъæуы йæ ныхæстæ? (Фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсы уагæй.)

VI. Хатдзæгтæ скæнын.

– Кæй руаджы бамбæрста лæппу, ахуыр кæнын æнæмæнг кæй хъæуы, уый?

– Радзырдæн йæ кæцы хай тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?

– Цæмæн ис уацмысæн ахæм сæргонд? Цы у йæ сæйраг хъуыды?

Алы фыссæг дæр йæ уацмысы цы зæгъинаг у, уый хуый- ны уацмысы сæйраг хъуыды.

VII. Хæдзармæ куыст. Радзырды мидис хи ныхæстæй дзурын зонын. Йæ архайджытæн ын характеристикæ раттын. Нывтæ фæд-фæдыл равæрын æмæ сæ «сдзурын кæнын».

Урок

Виктор Голявкин. Партæйы бын

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд аив бакæсын.

2. Нывты мидис хи ныхæстæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзæутæ кæсынц радзырды сæргонд, йæ авторы ном.

– Куыд уæм кæсы, уацмыс æнкъард уыдзæн æви хъæлдзæг? Цæмæ гæсгæ афтæ хъуыды кæнут?

2. Нывимæ куыст.

– Архайд кæм æмæ кæд цæуы?

– Ранымайут уацмысы архайджыты?

– Цæуыл дзурæг у скъоладзауты æддаг бакаст?

3. Ахуыргæнæг кæсы текст.

Фæрстытæ радзырды мидис равзарынæн:

– Кæй номæй цæуы ныхас радзырды? (Лæппуйы номæй.)

Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

– Цы сфæнд кодта лæппу урочы?

– Кæд фæмидæг партæйы бын?

– Цæмæн æм сæвзæрд ахæм фæнд? Равзарут раст дзуапп:

а) Цæмæй йе ’мбæлтты йæхимæ æркæсын кæна;

æ) Цæмæй ахуыргæнæджы дисы бафтауа;

б) Цæмæй къласы ахудын кæна;

в) Цæмæй йæ ахуыргæнæг урокæй ма бафæрса.

– Цæмæн схуыфыд лæппу? Партæйы бынæй цæмæн сбырыд?

– Ахуыргæнæг ын йæ фыдуаг ми æцæгæйдæр нæ бамбæрста?

− Уæдæ йын цæуылнæ бауайдзæф кодта?

– Уе ’мкъласонтæй ахæм митæ ничи кæны?

5. Радзырд аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Æнæуи та лæппу урокты йæхи куыд фæдары? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

– Цы уæм фæкаст худæг?

– Куыд уæм кæсы, лæппу ма искуы партæйы бын бамбæхсдзæн? Цæуылнæ?

IV. Хæдзармæ куыст.

Уацмыс аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын, нывы мидис дзурын зонын.

УАРЗЫН ДÆ, СЫГЪЗÆРИН ФÆЗЗÆГ!

Урок

Чеджемты Геор. Буркуырæтджын

 

I. Фæззæджы темæ цыбыр беседæйæ райдайын. Сывæллæтты æргом аздахын фæззыгон æрдзы ивддзинæдтæм, цæрæгойты æмæ мæргъты цардмæ. Фæй-нæг фæззыгон пейзажтæй сфæлындын. (Дзиуаты Батрадз, Абысалты Юрий, Цæллагты Викторы нывты репродукцитæ.)

– Куыд хуыйны нæ чиныджы ног темæ? (Уарзын дæ, сыгъзæрин фæззæг!)

– Цæмæн хонынц фæззæг «бæркадджын», «бурзачъе»?

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Цы ма бакастыстут Чеджемты Георы уацмыстæй?

− Цымæ кæй хоны «буркуырæтджын»?

− Цæмæн æй афтæ хоны?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын æмæ сæ уæнггай бакæсын.

бур-куы-рæт-джын

уы-гæр-дæн

ра-гъæй

мæ-къуыл

раз-да-рæн

 

3. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

4. Æмдзæвгæйы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Кæй хоны поэт «буркуырæтджын» æмæ цæмæн?

− Адæймаджы хуызы цæмæн равдыста фыссæг фæззæджы?

− Цы дзырдтæй спайда кодта уый тыххæй?

− Буркуырæтджынæн йæ астæуыл цы баст ис?

− Цы ис йæ раздарæны та?

− Кæцы дзырд æмбæлы уацмысы арæхдæр æмæ цæмæн?

(Бур)

− Куыд ма ис зæгъæн ацы дыргътæй: бур кæрдотæ, бур фæткъуытæ? (Рæгъæд кæрдотæ, рæгъæд фæткъуытæ.)

− Фæззæг поэты зæрдæйы цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны?

− Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Куыд кæсын хъæуы æмдзæвгæ?



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: