III. Нывы мидис радзурын. 7 глава




V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын. Нывтæ йæм скæнын.

 

Уæлæмхасæн æрмæг

Дзесты Куыдзæг. Хъæбатыр тæрхъус

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. − Цæуылнæ ис сæргонд уацмысæн?

− Цымæ уацмысы сæйраг архайæг чи у? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

2. Зынæмбарæн дзырдтыл бакусын: бабукъ, хуыкком, бирæгъы амæттаг.

3. Ахуыргæнæг кæсы аргъау.

4. Уацмысы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Кæцæй здæхти тæрхъус?

− Цымæ кæм бафсæста йæхи къабускайæ?

− Фæндагыл цæмæй фæтарсти?

− Кæдæм згъордта тæрхъус?

− Куыд æмбарут хъуыдыйад: «Тæрхъус йæ ных хъæдмæ сарæзта»?

− Цæмæн фæмидæг хуыккомы?

− Цы дзы федта? Цæмæй фæтарст?

− Куыд æмбарут хъуыдыйад «Йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп ласта»? Æндæрхуызы-ма йæ зæгъут.

− Цæмæн фæныфсджын? Цы загъта бирæгъы лæппынтæн? Спайда кæнут тексты ныхæстæй.

− Цавæр уыд тæрхъус аргъауы райдайæны?

− Фæстагмæ та?

− Ацы сæргæндтæй аргъауы мидисмæ æввахсдæр кæцы у æмæ цæмæн?

«Тæрхъус æмæ цæргæс»;

«Хъæбатыр тæрхъус»;

«Тæппуд тæрхъус»

5. Аргъау аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Æцæгæйдæр тæрхъус хъæбатыр уыд?

− Уæдæ йæ фыссæг афтæ цæмæн схуыдта? Цавæр ахаст равдыста уымæй йæ персонажмæ?

IV. Уыци-уыци базонын.

Иу бæласæй – гæпп!

Иннæмæ – сæррæтт!

Пух къæдзил – ысхъæл,

Ахордта æхсæр.

Мæрайы фæтар

Сабиты хæлар.

Хозиты Макар

− Цавæр дзырдтæ уын феххуыс сты дзуапп базонынæн?

V. Хæдзармæ куыст. Аргъауæн пълан саразын æмæ йæ пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын.

 

Астемыраты Изет. Гидус

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Уацмыс аив бакæсын.

2. Нывы мидис радзурын.

3. Скъоладзауты нывтыл цыбыр афæлгæст саразын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Цавæр хæдзарон цæрæгой хонынц Гидус?

− Чи у уацмысы сæйраг архайæг?

− Кæй уынут нывы?

− Цымæ хъазы лæппын æмæ гæды иумæ цæмæн сты?

− Се ’ддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

− Ацы ныв уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта?

2. Зынæмбарæн дзырдтыл бакусын: бафиппайдта, хæррæгътæ, лæмæгъдæр.

3. Радзырд кæсынц скъоладзаутæ.

4. Фæрстытæ раттын.

− Гидус тæригъæддаг уаст цæмæн кодта?

− Хъазы цъиу хæдзары къуымы цæмæн бадт?

− Цæмæй йын фæтарстысты сывæллæттæ?

− Цавæр ныв федтой бинонтæ?

− Гæды йæхи уæдæй фæстæмæ куыд дардта?

5. Радзырд аив бакæсын.

6. Нывы мидис хи ныхæстæй радзурын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн афтæ дардта гæды йæхи?

− Радзырды уæм диссаг цы фæкаст?

− Искуы ма ахæм хабар фехъуыстат, æмæ цæрæгойтæ сæхи нæ, фæлæ æндæр кæйдæр лæппынты схъомыл кодтой? Радзурут-ма йæ.

− Цæуыл дзурæг сты ахæм хабæрттæ?

IV. Уырыссаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын æмæ йын йæ мидис равзарын.

− Кæм уыдтæ, Гино?

− Куыройы,

Ссады голлаг ме ’ккойы.

− Ыссадæй та цы кæныс?

− Гуккутæ дзы кæндзынæн.

− Кæимæ сæ хæрдзынæ?

− Иунæгæй.

− Иунæгæй ма хæр, Иунæгæй ма хæр, Махæн дæр авæр!

V. Хæдзармæ куыст. Радзырдæн кæрон æрхъуыды кæнын. Ирхæфсæн рольтæм гæсгæ кæсын сахуыр кæнын.

 

 

Хъайтыхъты Азæмæт. Додæ æмæ хъазтæ,

Цæуыл куыдта Сослан

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас Хъайтыхъты Азæмæты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. (Азæмæт – прозаик, поэт.)

2. Радзырдты сæргæндтæ бакæсын.

− Цы базыдтат радзырдты сæргæндтæй?

− Куыд уæм кæсы, уацмыстæ хъæлдзæг сты æви æнкъард? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

2. Дзырдуатон куыст: æвзидын, сцыбæл, нырхæндæг.

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц радзырд «Додæ æмæ хъазтæ».

3. Фæрстытæ раттын.

− Цæмæн расырдта Додæйы нæл хъаз?

− Цы ’рцыд лæппуйыл?

− Куыд æппæлыдысты сæхицæй хъазтæ?

− Састы бынаты чи баззад?

− Цавæр нывтæ ауад уæ цæстытыл?

− Кæцы уæм дзы худæгдæр фæкаст?

− Сымах искуы федтат, цæрæгойтæ куыд фæцин кæнынц, уый?

4. Радзырд «Цæуыл куыдта Сослан».

− Цæуылнæ ис фарсты нысан уацмысы сæргонды?

(Уымæн æмæ йын дзуапп фыссæг йæхæдæг дæтты.)

− Кæй уынут нывы?

− Цæуыл дзурæг у лæппуйы æддаг бакаст?

− Цы ис куыдзы дзæмбыты?

5. Скъоладзаутæ кæсынц радзырд.

6. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

− Мурту лæппуйы алыварс цæмæн разгъор-базгъор кодта?

− Цæуыл фæтæргай? Йæхи куыд дардта?

− Сослан ын фæтæригъæд кодта? Цæмæй бæрæг у?

− Къæбылайы цин цы хъуыдыйад æвдисы, уый-ма иу хатт бакæсут.

− Цæмæн скуыдта лæппу та?

− Куыд рахъаст кодта йæ мадæн?

− Цы уæм фæкаст худæг ацы уацмысы та?

− Сымахмæ цавæр цæрæгойтæ ис? Семæ хъазын уарзут? Мæстæй сæ никуы фæмарут?

− Æцæгæйдæр куыдз тæргай кæнын зоны? Радзурут-ма, куыд?

7. Радзырдтæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы радзырдтæ æмæ цæмæн?

− Ацы уацмыстæй мах базыдтам, хъаз йæхицæй кæй æппæлы, куыдз та тæргай кæнын кæй зоны. Сымах никуы бафиппайдтат цæрæгойты ахæм æнкъарæнтæ?

IV. Уырыссаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын.

Чи фехъуыста диссæгтæ, Диссæгтæ-тæмæссæгтæ? Арс уæлæрвты тахти,

Дзæргъ къуыртты ныббадти, Рауагъта хъыбылтæ – Иухуызон тыппыртæ. Къалиутыл бадынц – Ыстæхынмæ хъавынц.

V. Хæдзармæ куыст. Радзырдтæ аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

 

 

Фæлхат кæныны урок

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Беседæ рацыд æрмæгмæ гæсгæ.

− Цавæр уацмыстимæ баст сты ацы æмбисæндтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ?

Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та – сой. Стыр зонды стыр тых ис.

Цард куыстæй фидауы.

Зæгъын ницы у, кæнын зындæр у. Зивæгæй цард нæй.

− Чи сты уацмысты автортæ?

− Уацмыстæй уæ зæрдæмæ кæцы тынгдæр фæцыд æмæ цæмæн?

− Куыд бæрæг кæнынц ирон адæм Зæронд Ног азы æхсæв?

− Кæцы уацмысы бакастыстут уый тыххæй? Чи йæ ныффыста?

− Куыд хуыйнынц зымæджы мæйты нæмттæ?

− Цæмæн хъæуы зымæгон мæргътæн æххуыс кæнын?

− Кæй уацмысы бакастыстут уый тыххæй та?

− Цавæр адæмты сфæлдыстадимæ базонгæ стут?

− Цæуыл дзурæг сты сæ уацмыстæ?

III. Конкурс «Цавæр уацмыстæй сты ацы персо- нажтæ»?

Алан – «…»

Зинæ – «…»

Зарæ – «…»

Филя – «…»

Мæди – «…»

Наташæ – «…»

− Кæй ма ферох кодтам?

IV. Конкурс «Чи загъта ацы ныхæстæ?»

1. «Фæлтау фысгæ куыд кæныс, афтæ мын æххуыс кæн».

2. «Дзыхæй, бæгуыдæр, арæхсын алцæмæ дæр, уый мæ къухтæ нæ кæсынц мæ коммæ».

3. «Ды суг дæр нæ састай, Ды дон дæр нæ хастай!»

4. «Дæ цæст та йæ хъал кæнын куыд уарзы, бакæс-ма йæм, куыд адджын фынæй кæны!»

V. Нывтимæ куыст. Чиныджы кæрон цы нывтæ ис, уыдонмæ æркæсын. Сæ мидис цы уацмыстимæ баст у, уый базонын. Нывтæй сæ иумæ цыбыр нывæцæн ныф- фыссын.

VI. Дзырдтæ хъæугæ дамгъæтæй баххæст кæнын. Уырыссаг æвзагмæ сæ ратæлмац кæнын. (Кæс чиныджы сыфмæ.)

VII. Хæдзармæ куыст. Аив кастмæ иу уацмыс бацæттæ кæнын.

ÆГАС ЦÆУАЙ, УАЛДЗÆГ!

Урок

Нигер. Сабиты зарæг

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Беседæ уалдзæджы тыххæй. Фæйнæг ирон нывгæн- джыты нывты репродукцитæй сфæлындын.

− Куыд базонæм, уалдзæг кæй ралæууыд, уый?

− Куыд аивы æрдз?

− Цавæр бæлæстæ рафтауынц къуыбар раздæр?

− Мæргътæй нæм фыццаг чи æртæхы?

2. Нигеры сфæлдыстады тыххæй радзурын.

3. Бацæуæн ныхас.

− Куыд уæм кæсы, цæуыл у сабиты зарæг?

− Цы уынут нывы?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг æмæ цæмæн?

− Куыд кæсын хъæуы æмдзæвгæ?

4. Дзырдуатон куыст: хъæдбын, сынт.

5. Скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уыдон кæсынц æмдзæвгæ.

6. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цæуыл у сабиты зарæг? Раст уыдысты уæ хъуыдытæ?

− Цы дзурынц сывæллæттæ хурмæ?

− Цы зæгъынц мæргъты тыххæй та?

− Кæдæм атахти сынт? Цæуылнæуал зыны? (Сынт уалдзæджы цæгатмæ атæхы.)

− Куыд аивта æрдз уалдзæджы æрцыдимæ? Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

− Сывæллæттæ гæлæбуйы уалдзæджы хъæбул цæмæн хонынц?

− Кæцы рæнхъытæ фæцыдысты тынгдæр уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?

− Цавæр нывтæ сæм скæниккат? Цыхуызæн ахорæнтæй спайда кæниккат?

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта уалдзæджы æрцыд поэты зæрдæйы?

− Кæцы дзырды руаджы равдыста фыссæг æрдзы рæсугъддзинад?

IV. Æмбисæндты хъуыды равзарын.

Уалдзæг – рæсугъд, фæззæг – хъæздыг. Хурæй тыхджындæр ницы ис.

V. Беседæ уацмысы жанры тыххæй.

− Ацы уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ цы у?

− Цæмæй бæрæг у, æмдзæвгæ у, уый?

− Æмдзæвгæйы цал строфайы ис?

− Строфатæ цалгай рæнхъытæй арæзт сты?

− Кæцы рæнхъытæ сты рифмæгонд?

− Цы у æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды?

VI. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын.

Урок

Хетæгкаты Къоста. Дзывылдар

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. – Къостайы æмдзæвгæтæй ма ацы аз цы сахуыр кодтат?

– Цæуыл дзы цыд ныхас?

– Цы зонут дзывылдарты цардæй?

– Кæм вæййынц зымæг?

– Фæстæмæ та нæм кæд æртæхынц?

2. Дзырдуатон куыст: æнгуырдар, хæтын, тæхуды.

3. Æмдзæвгæ фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ раттын:

– Æмдзæвгæты цал строфайы ис?

– Цавæр хъæлæсы уагæй йæ кæсын хъæуы æмæ цæмæн?

– Цæмæн хоны поэт дзывылдары «Æнгуырдар»?

– Кæм арвитынц сæ зымæг дзывылдартæ?

– Цæмæй йæ фæрсы автор?

– Тæхуды та йæм цæй тыххæй кæны?

5. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын:

– Цавæр равг æвдисы ацы æмдзæвгæ?

– Цы базыдтай ногæй дзывылдары тыххæй?

– Цæмæн æм тæхуды кæны фыссæг?

IV. Хетæгкаты Къоста. Зæрватыкк

 

 

− Цы зонут зæрватыччыты цардæй?

− Кæм вæййынц зымæг?

− Фæстæмæ та нæм кæд æртæхынц?

− Цæмæн афтæ бирæ уарзынц адæм зæрватыччыты?

1. Дзырдты нысаниуджытæ бацамонын: æвзыгъдæй, æлдар.

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

3. Æмдзæвгæйы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Цы зæгъы поэт зæрватыччы тыххæй?

− Цымæ йæ цæмæн хоны «æнæмаст цæрæг»?

− Цæмæн ын зæгъы йæ зарæгæй «уалдзæггæнæг»?

− Куыд æмбарут уацмысы фæстаг дыууæ рæнхъы?

− Цæмæн тæхуды кæны поэт зæрватыкмæ?

− Куыд кæсын хъæуы, хъæрон нысан цы хъуыдыйæдты фæстæ лæууы, уыдон?

4. Уацмыс аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр хъуыдытæ æвзæрын кæны поэты зæрдæйы зæр- ватыччы уынд?

− Сымах зæрдæты та?

− Цæмæн афтæ бирæ уарзынц адæм ацы маргъы?

IV. Тагъддзуринаг рольтæм гæсгæ бакæсын.

− Цъиу, цы ’рцыдис – Цъиу-цъыбырттæг,

Цъиу-цымыдис, Цæй, цы дзырдта?!

− Цъиу-цъыбырттæг

Къуыртт нæ куырдта.

− Куыд æмбарут дзырдтæ «къуыртт нæ куырдта»?

− Кæд фæкурынц цъиутæ къуыртт?

− Цас фæбадынц къуыртты?

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæтæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

Урок

Джанни Родари. Хур æмæ мигъ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. − Цы бакастыстут Джанни Родарийы уацмыстæй?

− Абон цы уацмыс бакæсдзыстæм, уый куыд хуыйны?

− Цы уынут нывы?

− Цæуыл дзурæг у хуры æддаг бакаст?

− Мигъы æддаг бакаст та?

− Уацмыс аргъау у æви радзырд? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: балц, парахатæй, сæндæттæ, цупал.

3. Аргъау кæсы ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ аргъауы мидис равзарынæн.

− Алчидæр хурæй райгонд цæмæн уыд?

− Мæсты та йæм чи кодта?

− Цы йын дзырдта мигъ? Бакæсут ын йæ ныхæстæ.

− Хур та йæхи уыцы рæстæг куыд дардта?

− Цæуыл ныддис кодта мигъы къуымбил?

− Æвиппайды цы фестад?

5. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Цы загъта автор хурæй?

− Хуры тыххæй ныхас кæм цæуы, уыцы бынæттæ куыд кæсын хъæуы?

− Мигъы ныхæстæ та цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы æмæ цæмæн?

6. Аив каст.

III. Аргъауы архайджытыл æрдзурын.

− Чи тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæй тыххæй?

− Автор йæхæдæг цы цæстæй кæсы хурмæ? Мигъмæ та? Цæмæй бæрæг у?

− Кæцы хъуыдыйад æвдисы уацмысы сæйраг хъуыды?

IV. Хатдзæгтæ скæнын.

− Кæмæн лæвæрдта хур йæ тынтæ?

− Цæмæн цин кодтой хуры тынтыл зайæгойтæ æмæ цæ- рæгойтæ?

− Хурæн йæ тынтæй цæуылнæ фæхъуыд?

− Цавæр адæймæгты равдыста фыссæг хур æмæ мигъы хуызы?

− Куыд уæм кæсы, авторы зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы фæцыд? Цæмæй бæрæг у?

− Уацмысы мидисмæ-ма æмбисæндтæ æрхæссут.

V. Æмбисонды хъуыды равзарын.

Раттаджы къух райсаг у.

VI. Хæдзармæ куыст. Аргъау аив кæсын æмæ хи ны- хæстæй дзурын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Тетрæдтæм уалдзæджы мæйты нæмттæ рафыссын æмæ сæ зæрдыл бадарын.

Урок

Токаты Алихан. Уалдзыгон хур хъазыди

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд æмæ йæ авторы ном.

− Токаты Алиханы æмдзæвгæтæй цы бакастыстæм?

− Цæй фæдыл у æмдзæвгæ «Изæрæй…»?

− Ацы æмдзæвгæйы та ныхас цæуыл цæудзæн? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Цавæр хъæлæсы уагæй йæ кæсын хъæуы æмæ цæмæн?

2. Скъоладзаутæ хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

3. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

− Куыд базыдта мыдыбындз, уалдзæг кæй ралæууыд, уый?

− Кæцæй ратахти? Цæмæн уыд уым?

− Бон-изæрмæ цы куыста? Цæмæй бафæллад?

− Сымах искуы федтат, мыдыбындзытæ куыд бафынæй вæййынц, уый?

− Цавæр нывтæ ауад уæ цæстытыл? Радзурут сæ.

− Кæцы ныв тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ?

− Æркæсут-ма нывмæ. Нывгæнæгимæ разы стут? Мыдыбындз сымах цæстытыл дæр афтæмæй ауад?

4. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Æцæгæйдæр хур хъазгæ фæкæны? Уæдæ дзы поэт афтæ цæмæн зæгъы?

− Цы фæкаст диссаг фыссæгмæ уалдзыгон æрдзы?

− Цавæр адæймаг уæм фæкаст поэт?

− Сымах та уалдзæджы дисы цы бафтауы?

IV. Уыци-уыцитæн дзуæппытæ раттын.

Иу лæгæн дыууадæс фырты ис.

Махæн дада цыппар хатты аивы йæ дарæс.

 

V. Хъодзаты Æхсар. Уалдзыгон нывтæ

 

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Нывы уæм худæг цы фæкаст?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг æмæ цæмæн?

− Æмдзæвгæ æнкъард хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы æви хъæлдзæг?

3. Дзырдуатон куыст.

æм-бой-ны æв-зæр

ти-ха-лæг билцъ

4. Скъоладзаутæ сæхинымæр кæсынц æмдзæвгæ.

5. Фæрстытæ раттын.

1-аг нывмæ:

− Æцæгæйдæр зæххæн дойны вæййы?

− Уæдæ арв зæххæн йæ дойны куыд басæтты?

− Цæмæн æрбацъæх вæййы зæхх æмбойны?

− Цавæр хъæлдзæг ныв ауад уæ цæстытыл?

− Цæмæн зæгъы поэт афтæ: «Хæфс дæр ноджыдæр фæцъæхдæр»?

2-аг нывмæ:

− Къæвда мигътæй билцъ куыд æруадзы?

− Ахæм абарсты руаджы уæ цæстытыл цы ныв ауад?

− Æмдзæвгæйы фæстаг дыууæ рæнхъы та куыд æмбарут?

− Цы сныв кæниккат ацы строфамæ?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кæниккат?

6. Уацмыс аив бакæсын.

VI. Хатдзæгтæ скæнын.

− Уалдзыгон къæвда зæххæн цы пайда хæссы?

Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.

− Цы базыдтат поэты тыххæй та? Цавæр зæрдæйы хицау уæм фæкаст?

− Сымах та афæдзы афонтæй кæцы фылдæр уарзут æмæ цæмæн?

VII. Уыци-уыцийæн дзуапп раттын.

Иу дон калы, иннæ йæ нуазы, æртыккаг дзы рæзы.

− Куыд баст у ацы уыци-уыци нæ абоны урочы темæимæ? VIII. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæтæ аив кæсын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын. Уыци-уыцимæ ныв скæнын.

 

 

КÆМ РАЙГУЫРДТÆН, МÆХИ КÆМ БАЗЫДТОН

Урок

Хозиты Петр. Райгуырæн бæстæ

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. Урокмæ бацæттæ кæнын картæ, стæй Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы рæсугъддæр бынæттæ æвдисæг нывтæ.

2. Саразын беседæ.

− Куыд хуыйны нæ райгуырæн зæхх? Картæйыл кæцы ран ис?

− Цал хайæ конд у Алани?

− Куыд хуыйнынц нæ сæйраг горæттæ?

− Цавæр хæхтæ, кæмттæ æмæ дæтты нæмттæ зонут?

− Нæ номдзыд адæмтæй та кæй зонут? Цæмæй хъуыстгонд сты?

− Фæйнæгыл цы нывтæ ис, уыдонмæ гæсгæ ма хъуы- дыйæдтæ саразут.

3. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Уацмысы ныхас цæуыл цæудзæн, уый цæмæ гæсгæ базонæн ис?

4. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: цъити, æхсæрдзæн.

5. Текст кæсы ахуыргæнæг.

6. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Адæмтæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц?

− Куыд хуыйны нæ бæстæ?

− Цæмæн ма хонæм нæ зæхх Фыдыбæстæ дæр?

− Аланийы дыууæ хайыл цы дих кæны?

− Куыд хуыйнынц уыцы хæйттæ?



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: