III. Нывы мидис радзурын. 8 глава




− Сæ сæйраг горæттæ та?

− Цæмæй рæсугъд у нæ райгуырæн зæхх? (Тексты æрмæ- гæй спайда кæнут.)

− Цæмæн бары автор райгуырæн бæстæ ныййарæг мадимæ?

− Цæмæй нæ Фыдыбæстæ райа, уый тыххæй цы кæнын хъæуы? (Ссарут тексты уыцы хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæсут.)

7. Текст аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Куыд хонынц, алантæ кæм цæрынц, уыцы бæстæ?

− Цы базыдтат ногæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй?

− Цы нын фæдзæхсы автор йæ уацмысы?

− Æрхæссут æмбисæндтæ уацмысы мидисмæ.

IV. Хæдзармæ куыст. Уацмыс аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Йæ мидисмæ гæсгæ нывтæ скæнын.

Урок

Джыккайты Шамил. Мæсгуыты хабар

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Рацыд æрмæгæй хатдзæгтæ скæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Чи уæ федта нæ хæхбæсты мæсгуытæ?

− Цымæ сæ цæмæн арæзтой нæ фыдæлтæ?

− Кæй уынут нывы?

− Цавæр кары адæм сты?

− Цæуыл дзурæг у се ’ддаг бакаст?

− Куыд уæм кæсы, кæуыл калынц дуртæ?

− Уæдæ ацы уацмыс цæй тыххæй у?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын.

мæ-сыг нæ-мыг

сæ-ри-бар Перс

гæ-нах сах

3. Текст кæсы ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цавæр цау равдыста фыссæг нæ фыдæлты цардæй?

− Кæд æмæ кæм цæуы архайд?

5. Абзацгай каст комментаритимæ.

1-аг абзац:

− Лæппу йæ сæрдыгон каникултæ кæм æрвыста?

− Зæрæмæджы йæм диссаг цы фæкаст?

− Уыцы хæлд мæсгуыты чи цард?

− Цы базыдтат лæппуйæн йæхи тыххæй та?

2-аг абзац:

− Цавæр адæм цард ам раздæр?

− Цæмæн сæ хъуыд мæсыг аразын?

3-аг абзац:

− Иу хатт Зæрæмæгмæ чи æрбабырста?

− Цы фæндыд Персы паддзахы?

− Цавæр миниуджытæ уыд нæ фыдæлтæм?

− Базыдтат, мæсгуытæ аразын сæ цæмæн хъуыд, уый?

4-æм абзац:

− Куыд цæттæ уыдысты сахы æфсæдтæ хæстмæ?

− Хохæгтæ та?

− Нымæцæй сæ чи фылдæр уыд?

− Куыд тох кодтой нæ адæм знагимæ?

5-æм абзац:

− Цæмæн бацис знаджы бон гæнахмæ сбырын?

− Цы ’рхъуыды кодтой хохæгтæ?

− Зæронд лæг знаджы уæртджын хæфсимæ цæмæн абарста?

6-æм абзац:

− Кæм уыд уый бæрц дур мах æфсæддонтæн?

− Цæмæн ссыгътой арт мæсыгыл? Цы нысан кодта уый?

− Кæд фесты лидзынмæ знæгтæ?

− Уæдæй фæстæмæ адæм куыд дзурынц?

− Зæгъут, цæй руаджы фæуæлахиз сты хохæгтæ се знагыл?

III. Беседæ радзырды сюжеты тыххæй.

− Кæд æмæ кæм цыдис архайд?

− Хæст кæй райдыдта, уым аххосджын чи уыд?

− Радзырды кæцы эпизод тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?

IV. Æмбисонды хъуыды равзарын. Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы.

V. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы базыдтат ногæй мæсгуыты тыххæй?

− Хистæртæн-иу зын сахат чи æххуыс кодта?

− Цы у уацмысы сæйраг хъуыды?

VI. Хæдзармæ куыст. Уацмыс аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын. Нывы мидис дзурын зонын.

 

Урок

Ходы Камал. Цин

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Цы базыдтай ногæй мæсгуыты тыххæй?

- Цы у уацмысы сæйраг хъуыды?

II. Ног æрмæг.

1. Нывимæ куыст.

− Цы уынут нывы?

− Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны?

− Куыд баст сты уе ’нкъарæнтæ æмдзæвгæйы сæргондимæ?

2. Текст кæсы ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: райдзаст, кад.

4. Фæрстытæ раттын:

− Цæуыл дзуры поэт йæ уацмысы?

− Цæмæн æй схуыдта «Цин»?

5. Æмдзæвгæ строфагай комментаритимæ бакæсын.

1-аг строфа:

− Куыд зæгъы поэт нæ райгуырæн бæстæйæ?

− Куыд æмбарут ацы рæнхъ: «Йæ ном – бæрзонд»? Зæгъут-ма йæ æндæрхуызы.

2-аг строфа:

− Куыд æмбарут дзырдтæ «Нæргæ – йæ кад»?

− Цæмæй кадджын у нæ бæстæ?

− Цы зæгъы поэт нæ фæзтæ æмæ нæ зæххы тыххæй?

− Куыд æмбарут дзырд «бæркад»? Цæмæй у бæркадджын нæ зæхх?

3-аг строфа:

− Цавæр æгъдæутты кой цæуы ацы строфайы?

− Цы зæгъы поэт зæронд æмæ кæстæры тыххæй?

− Куыд æмбарут дзырд «цæхæрцæст»? Кæмæй фæзæгъынц афтæ?

− Цæмæй цæхæрцæст сты нæ кæстæртæ?

− Цы нысан кæны æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъ?

− Цавæр дзырдтæй райдайы æмдзæвгæйы алы строфа дæр æмæ цæмæн?

6. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæй райдзаст у нæ бæстæ?

− Цы зæрдæ дары поэт йæ зæхмæ, йæ адæммæ?

IV. Палиндром бакæсын æмæ йын йæ хъуыды равзарын.

Зæрин изæр рæзин, Ир, æз.

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæ- нын. Нывы мидис дзурын зонын.

 

Урок

Хъайтыхъты Азæмæт. Баба, уæлахиз мæ хъæуы

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. Беседæ саразын.

− Кæд æрбабырстой немыцаг фашисттæ нæ бæстæм?

− Фыдыбæстæйы Стыр хæст, зæгъгæ, афтæ йæ цæмæн схуыдтой?

− Кæд вæййы Уæлахизы бæрæгбон?

− Зæгъут-ма, цæй руаджы фæуæлахиз сты нæ адæм фа- шисттыл?

− Чи хæцыд уæ хæстæджытæй ацы хæсты?

− Кæй зонут Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтартæй?

2. Дзырдуатон куыст: хæрзæггурæггаг, Рейхстаг.

3. Радзырд кæсы ахуыргæнæг.

4. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цавæр рæстæг æвдыст цæуы уацмысы?

− Чи уыдысты Советон æфсæддонтæ?

− Кæмæй хъахъхъæдтой нæ зæхх?

− Цавæр тырыса æрсагътой Рейхстаджы сæрмæ?

− Кæд райдыдтой салдæттæ здæхын сæ хæдзæрттæм?

− Ирыстоны куывдтæ цæмæн сарæх сты?

− Куыд æмбарут дзырд «хæрзæггурæггаг»?

− Цæмæн нымдзаст сты хохаг сывæллæттæ фæндагмæ?

− Кæй федтой уым?

− Куыд дардтой сывæллæттæ сæхи?

− Цы сын уæрста æфсæддон?

− Цæуылнæ зыдтой сабитæ, сæкæры къæртт цы у, уый?

− Чи фæци хæрзæггурæггаг Залуханмæ?

− Куыд сæмбæлдысты бæлццоныл йæ сыхбæстæ?

− Йæ гыццыл лæппу йæ цæмæй фарста?

− Цæмæн суынгæг æфсæддоны зæрдæ?

− Цы систа йæ хордзенæй?

5. Скъоладзаутæ радыгай кæсынц радзырд.

6. Текст хæйттыл адих кæнын, алы хайæн дæр сæргонд раттын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы базыдтат Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй?

− Советон Æфсад фашисттыл цæй фæрцы фæуæлахиз?

− Куыд тох кодтой ирон адæм знагимæ?

IV. Хæдзармæ куыст. Уацмыс пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Уызыны хæдзар

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд пъланмæ гæсгæ радзурын.

а) Советон Æфсад фæуæлахиз знагыл.

æ) Ацæмæз Зæлуханмæ хæрзæггурæггаг фæци.

б) Сыхæгтæ цин кæнынц бæлццоныл.

в) Фыды зæрдæ суынгæг.

II. Ног æрмæг.

1. Фæйнæг сфæлындын Аланийы æрдзы нывтæй. Саразын сæм хъуыдыйæдтæ.

2. Нывимæ куыст.

− Чи у ацы уацмысы сæйраг архайæг?

− Уызынæн дæр хæдзар вæййы?

− Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, кæм вæййы йæ хæдзар?

− Цæуыл дзурæг у уызыны æддаг бакаст?

− Ацы уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ цы у? Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

3. Дзырдты нысаниуджытæ бамбарын кæнын: фысымтæ, галуан, хъан, къутæр, фæрдгуытæ.

4. Кæсы ахуыргæнæг.

5. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

− Цæмæй бузныг уыдысты фысымтæ Уызынæй?

− Кæм уыд йæ цæрæн бынат?

− Куыд æм зылдысты бинонтæ?

− Цæуыл æнкъард кодта Уызын? Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

− Иубон хæдзары хистæр йæ кæстæртæн цы загъта?

− Цы фыдæбæттæ бавзæрста Уызын фæндагыл?

− Цæуыл дис кодтой, Уызынмæ чи каст, уыдон?

− Кæцы хъуыдыйæдтæ æвдисынц аргъауы сæйраг хъуыды?

III. Беседæ уацмысы жанры тыххæй.

− Уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ цы у?

− Ранымайут-ма йын йæ миниуджытæ.

− Аргъæутты циклтæй йæ кæцымæ ис ахæссæн?

− Зæгъут-ма, цы дзы ис æцæг æмæ æрымысгæ?

IV. Аргъау рольтæм гæсгæ бакæсын. V. Æмбисонды хъуыды равзарын.

Йæ райгуырæн бæстæйы чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны.

− Цы ис иумæйагæй ацы æмбисонд æмæ аргъау «Уызыны хæдзар»-æн?

VI. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн уыд афтæ зынаргъ Уызынæн йæ сындзы къутæр?

− Цы нын зæгъынмæ хъавыд фыссæг йæ уацмысы?

VII. Хæдзармæ куыст. Уацмыс аив кæсын зонын. Æмбисонд тетрæдтæм рафыссын æмæ йæ зæрдыл бадарын.

Урок

Джыккайты Шамил. Бæрзонд æфцæгыл

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Рацыд æрмæгæй хатдзæгтæ скæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цард æмæ æрдзы тыххæй урокмæ нывтæ бацæттæ кæнын.

2. Ахуыргæнæджы раныхас Ирыстоны иудзинады фæдыл.

3. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Кæцы ран ис Ирыстоны бæрзонддæр æфцæг?

− Цæмæй зындгонд у уыцы æфцæг?

− Кæй уынут нывы?

− Цымæ кæцы ран сты радзырды архайджытæ?

4. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: æфцæг, уахъæз, сыкъамо.

5. Текст фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

− Цæмæн хуыйны радзырд «Бæрзонд æфцæгыл»?

− Ирыстоны дыууæ хайы кæм иу кæнынц?

6. Радзырд дыккаг каст кæнынц скъоладзаутæ.

7. Фæрстытæ радзырды мидис равзарынæн.

− Кæдæм сфæнд кодтой ацæуын фыд æмæ фырт?

− Æфцæгмæ фæндаг цавæр уыд?

− Цæмæй-иу айсæфт бæлццæттæн сæ фæллад? Хъару сын-иу цы лæвæрдта?

− Радзурут, Мурат æфцæгыл цы диссаджы нывтæ федта, уыдон. Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

− Кæм задысты сыкъамотæ? Цавæр уыд сæ ад?

− Рагъæн йæ фæйнæфарс цы суадæттæ уыдис, уыдонæй цæмæн нуазын кодта Сæрмæт йæ фыртæн?

− Цæмæн уыдысты суадæттæ дæр æмхуызон хæрзад? Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

− Ирыстоны дыууæ хайы цы иу кæны? Цæимæ сæ бары фыссæг æмæ цæмæн?

− Муратмæ йæ фыды ныхæстæй диссаг цы фæкаст?

− Цы хоны нæ бæсты фарн Сæрмæт?

− Цæмæй у тыхджын цæргæс?

− Кæд цæргæс дыууæ базырæй тыхджын у, уæд Ирыстоны тых та цæй мидæг ис?

8. Æвзаргæ каст.

− Цавæр ныв федта Мурат æфцæгыл?

− Суадæттæн æмхуызон ад цæмæн уыд?

− Сæрмæты хъуыдытæ Ирыстоны дыууæ хайы фæдыл.

 

II. Радзырдæн пълан саразын.

− Цал хайыл адих кæнæн ис уацмыс?

− Бакæсут алы хай дæр хицæнæй æмæ сын сæргæндтæ æрхъуыды кæнут.

Фæйнæгыл пълан ныффыссын:

1. Мурат æмæ Сæрмæт æфцæгмæ фæндагыл.

2. Æфцæгыл.

3. Сыкъамотæ æмæ суадæтты ад.

4. Цæргæсы дыууæ базыры æмæ Иры дыууæ хайы.

III. Пъланмæ гæсгæ уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын.

IV. Беседæ радзырды сæйраг архайджыты тыххæй.

− Чи сты радзырды сæйраг архайджытæ?

− Цавæр миниуджытæ бафиппайдтат Сæрмæтмæ?

− Куыд уæм кæсы, цæмæн акодта фыд йæ фырты æфцæгмæ?

− Кæд бамбæрстат, Сæрмæт йæ райгуырæн зæхх бирæ кæй уарзы, уый? Ссарут-ма тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ хъæрæй бакæсут.

− Цы бафиппайдтат хорзæй Муратмæ та?

− Цавæр æнкъарæнтæ йæм сæвзæрд, æфцæгмæ куы схæццæ, уæд?

− Цы йæ бафтыдта дисы, йæ фыдмæ хъусгæйæ?

− Куыд уæм кæсы, лæппуйæн йæ райгуырæн зæхх адджын у? Уæ хъуыдытæ тексты æрмæгæй бафидар кæнут.

Дзуæппытæ дæтгæйæ, фæйнæгыл цы дзырдтæ ис, уыдонæй спайда кæнын: райдзаст, æфцæг, тых, уддзæф, бæрзонд, дис, цин, скъамотæ, суадæттæ, хæрзад, Терк, Леуахи, мады æхсырау, зæххы сой, Цæгат, Хуссар, тых- джын, цæргæс, фарн, зæрдæ райы, райгуырæн зæхх, зы- наргъ.

V. Нывимæ куыст.

− Цæуыл дзурæг у архайджыты æддаг бакаст?

− Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны ныв?

− Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг æмæ цæмæн?

− Сымах цæстытыл дæр афтæмæй ауад уыцы ран æрдз?

− Нывмæ гæсгæ текстæй скъуыддзаг бакæсут.

VI. Æмбисонды хъуыды равзарын.

Адæмы тых сæ иудзинады ис.

VII. Хатдзæгтæ скæнын.

− Фыссæг йæ уацмыс афтæ цæмæн схуыдта?

− Цы у радзырды сæйраг хъуыды?

- Кæм иу кæнынц Ирыстоны дыууæ хайы?

- Цæмæн сæ бары фыссæг цæргæсы дыууæ базыримæ?

 

VIII. Хæдзармæ куыст. Радзырд пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын.

 

Фæлхат кæныны урок

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ æвзаргæ кастæн.

− Куыд хуыйны, алантæ кæм цæрынц, уыцы зæхх?

− Цавæр у Аланийы æрдз?

− Цæмæй нæ райгуырæн зæхх райа, уый тыххæй цы кæнын хъæуы?

2. Нывтыл афæлгæст.

II. Рацыд æрмæг фæрстыты руаджы сфæлхат кæнын.

− Уалдзыгон æрдзыл уацмыстæ чи ныффыста?

− Цавæр дидинджытæ фæзыны рагуалдзæг? Кæцы уацмысæй йæ базыдтат?

− Ацы персонажтæ цавæр уацмыстæй сты?

Зыгъарæг – «…»

Уасæг – «…»

Хæфс – «…»

Хур – «…»

− Цы базыдтат ногæй нæ адæмы цардæй?

− Цавæр уацмыстæ бакастыстут нæ бæстæйы тыххæй? Чи сты сæ автортæ?

− Цæмæн арæзтой нæ фыдæлтæ мæсгуытæ?

− Цæмæй нæ райгуырæн зæхх райа, уый тыххæй алкæй дæр цы кæнын хъæуы?

III. Конкурс «Чи загъта ацы ныхæстæ æмæ цæй фæдыл?»

1. «Куыд хорз у мæ сындз къутæр! Куыд адджын у мæхи хæдзар!»

2. «Ацы рагъ иу кæны Ирыстоны дыууæ хайы – Хуссар æмæ Цæгат».

3. «Знаг куы фæзыны, уæд гыццыл лæппу дæр хæстон вæййы».

4. «Уæлахиз дын схастон, уæлахиз, мæ лæппу».

IV. Цавæр уацмыстимæ баст сты сæ хъуыдымæ гæсгæ ацы æмбисæндтæ?

Уалдзæг – рæсугъд, фæззæг – хъæздыг. Хурæй тыхджындæр ницы ис. Раттаджы къух райсаг у.

Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны.

Адæмы тых сæ иудзинады ис.

V. Нывтимæ куыст. Чиныджы кæрон цы нывтæ ис, уыдонмæ æркæсын. Сæ мидис цы уацмыстимæ баст у, уый базонын. Нывтæй сæ иумæ гæсгæ нывæцæн ныффыссын.

VI. Дзырдтæ хъæугæ дамгъæтæй баххæст кæнын. Хæдзары сæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын. (Кæс чин. сыфмæ.)

СÆРГÆНДТÆ

 

 

Разныхас................................................................................3

Къæлиндарон-тематикон пълан.........................................4

Сæрды мысинæгтæ..............................................................8

Тагъддæр уайут уе скъоламæ!.........................................26

Уарзын дæ, сыгъзæрин фæззæг!......................................33

Хорзæй хорз зæгъын хъæуы, æвзæрæй та − æвзæр.........47

Скодта Митын Лæг йæ урс кæрц......................................66

Æнæзивæг куы уай − хуыздæр бынат дæ бар!.................83

Мæргътæ æмæ цæрæгойты дунейы................................101

Æгас цæуай, уалдзæг!......................................................118

Кæм райгуырдтæн, мæхи кæм базыдтон........................131


 

 

Учебно-методическое издание

 



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: