III. Нывы мидис радзурын. 6 глава




4. Фæрстытæ:

− Куыд-иу æппæлыд Филя йæхицæй?

− Цавæр куыст ын бабар кодтой?

− Цæуылнæ ныккарста Филя хос? Цæй æфсон скодта?

− Куыд хызта лæппу хъом? Цы æфсон скодта ацы хатт та?

− Цавæр куыстмæ бабæллыд Филя йæхæдæг æмæ йæ куыд сæххæст кодта?

− Кæй та фæаххосджын кодта ацы хатт дæр лæппу? (Филя хъисфæндырæй куыд цагъта, тексты уыцы бы-нат бакæсут.)

− Лæппуйæн иу куыст дæр йæ бæрны цæуылнæуал бакодтой?

5. Рольтæм гæсгæ каст.

6. Радзырдæн пълан саразын.

1. Филя хос кæрды.

2. Филя хъом хизы.

4. Филя баркас скъæры.

5. Филя хъисфæндырæй цæгъды.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Филяйæн иу куыст бакæнын дæр йæ бон цæуылнæ бацис?

− Лæппу йæ йæхæдæг та цæй аххос кодта?

− Куыд баст у радзырды мидисимæ ацы æмбисæндты хъуыды?

Зæгъын ницы у, кæнын зындæр у. Цы куыст кæнай, уый – зæрдæйæ.

IV. Уырыссаг фольклорæй мæстæймарæн ба-кæсын.

Уане, Уане мæгуырæг, У йæ бæх æнæдымæг. Сбадти йыл зыгъуыммæ, Афардæг и хуыммæ.

− Цымæ ацы мæстæймарæн æмæ радзырд «Филя» чиныджы иумæ цæмæн сты?

V. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын сахуыр кæнын.

Пъланмæ гæсгæ йæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Æмбисæндтæ тетрæдтæм рафыссын æмæ сæ зæрдыл бадарын.

Урок

Тъехты Амыран. Æгънæг

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй радзурын.

2. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæг кæсы радзырд йæхæдæг.

2. Кæсгæ-кæсын дзырдтæ бацамонын: дæ нывонд фæуон, рæстмæ нал уынын.

3. Фæрстытæ радзырды мидис равзарынæн.

− Цæмæн аскъуыд Мæдийæн йæ пъалтойы æгънæг?

− Хæдзары йæ кæмæн хуыйын кодта?

− Мад йæ чызджы æгънæг хуыйын куыд сахуыр кодта?

− Мæди йæ мадæн бузныг цæй тыххæй загъта? Раст бакодта уымæй?

4. Нывимæ куыст.

− Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, цы кусы чызг?

− Йæ мад та?

− Йæ мады æддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

5. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы мады ныхæстæ æмæ цæмæн?

− Мæдийы ныхæстæ та?

6. Рольтæм гæсгæ каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Мæдийæн йæ мад йе ’гънæг цæуылнæ бахуыдта? Æцæгæйдæр цæстæй æвзæр уыдта?

− Ацы æмбисæндтæй радзырды хъуыдымæ æввахсдæр кæцы у?

Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та – сой. Дæхи бон цы у, уый искæй бæрны ма кæн.

− Сымах та цавæр куыстытæ кæнын зонут?

− Зæрдиагæй сæ фæкæнут æви зивæггæнгæ?

IV. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æмбисæндтæ зæрдыл бадарын.

Урок

Юрий Ермолаев. Дыууæ адджын гуылы

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

2. Уацмысы мидисмæ æмбисæндтæ æрхæссын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Ацы авторы уацмыстæй цы бакастыстут? Цæй тыххæй сты?

− Кæй уынут нывы?

− Цы кусынц чызджытæ?

2. Дзырдуатон куыст: адджын гуыл, цæлгæнæн, тезгъо кæнын, хынцын.

3. Скъоладазутæ кæсынц радзырд сæхинымæр.

4. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цавæр куыст бахæс кодта мад йæ чызджытæн?

− Цы куыстой уыдон та уыцы рæстæг?

− Куыд ахъуыды кодта кæстæр чызг? Разы стут йемæ?

− Бакæсут-ма хистæр хойы ныхæстæ. Раст бакодта?

− Цæуылнæ акуымдта Наташæ дыккаг хатт дæр æххуыс кæнынмæ?

− Цавæр куыстытæ бакодта уæдмæ Оля?

− Цæмæн æм смæсты йæ хистæр хо?

− Йæ чызгæн хай кæй нæ ныууагъта, уымæй мад раст ба- кодта? Цæмæн?

− Сымахæй никæуыл æрцыд ахæм хабар? Радзурут-ма йæ.

5. Архайджытæн сæ иуы тыххæй цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын.

− Чызджытæй чи тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн? Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

6. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Наташæ адджын гуылтæй æнæхай цæмæн фæци?

− Куыд хъуамæ бакодтаид чызг?

− Йæ митыл цымæ фæфæсмон кодта? Куыд хъуыды кæнут, искуы ма афтæ бакæндзæн?

IV. Уырыссаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын.

Гæркъæраг − Амæн дæр авæрдта, Бæрбæраг Амæн дæр авæрдта, Хæринаг фыхта. Амæн та − нæ:

Йæ цоты хынцта: «Ды суг дæр нæ састай, Амæн дæр авæрдта, Ды дон дæр нæ хастай!» Амæн дæр авæрдта,

− Цымæ ацы дыууæ уацмысæн иумæйагæй цы ис?

V. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Ирхæфсæн зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

Урок

Гæдиаты Секъа. Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Цы уынут нывы?

− Куыд уæм кæсы, цæрæгойтæн дур сласын сæ къухы бафтдзæн? Цæуылнæ?

2. Дзырдуатон куыст: цъиусур, фæнд, сур.

3. Басня кæсынц скъоладзаутæ.

4. Фæрстытæ раттын.

− Цы куыстой кæсаг, хæфс æмæ цъиусур?

− Чи сæ куыд хæцыди дурыл?

− Дур сласын сæ къухы бафтыди? Цæуылнæ? Спайда кæ- нут тексты ныхæстæй.

− Кæцы æмбисонд æввахсдæр у уацмысы хъуыдымæ?

Иумæйаг тых дур халы. Кусын æмармæй хъæуы. Æдылы хивæнд вæййы. Тыхæй зонд хуыздæр у.

− Ацы басня кæсгæйæ уырыссаг фысджытæй уæ зæрдыл кæй уацмыс æрлæууыд?

5. Уацмыс аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы у уацмысы сæйраг хъуыды?

− Царды афтæ никуы рауайы? Æрхæссут-ма дæнцæгтæ. IV. Хæдзармæ куыст. Басня зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

 

 

Уæлæмхасæн æрмæг

Гæззаты Иван. Йæ зивæджы – йæ мæлæт

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. – Куыд æмбарут уацмысы сæргонд?

− Кæд фæзæгъынц æмбисонд: «Йæ зивæджы − йæ мæлæт»?

− Уæдæ уацмысы ныхас цæй фæдыл цæудзæн?

2. Бацамонын зынæмбарæн дзырдтæ: лыстæн, хъоппæгдзæст, дæллагхъуыртæ, узæлын, æхсынæны цъæмæлтæ.

3. Аргъау кæсынц, хуыздæр чи кæсы, ахæм скъоладазутæ.

4. Уацмысы хъуыды фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Кæдæм цæттæ кодта йæхи Мыстачъейы фыд?

− Цавæр фæнд æм уыдис?

− Цы загъта мадæл мыст та? Бакæсут-ма йын йæ ныхæстæ.

− Фыдæн уыцы ныхæстæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты? Цæмæй бæрæг у?

− Дыккаг бон та цавæр куыст кæнынмæ цыд Мыста- чъейы фыд?

− Куыд бауайдзæф кодта йæ фыртæн?

− Чи та нæ ауагъта Мыстачъейы кусынмæ?

− Мады ныхæстæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты? Цæуылнæ?

− Фыд йæ фæстæ дуар тыхгуыпп цæмæн ракодта?

− Чи у растдæр, мад æви фыд?

− Цымæ дарддæр цы ’рцæудзæн? Куыд цæрдзысты бинонтæ?

− Куыд царди Мыстачъе, цалынмæ йæ мад æмæ йæ фыды бон кусын уыди, уæдмæ?

− Йæ ныййарджытæ куы базæронд сты, уæд та куыд аивта йæ цард?

− Цæуылнæ ацыди Мыстачъе быдырмæ хойрагмæ?

− Кæй аххосæй сси зивæггæнаг?

− Цы æрцæудзæн фæстагмæ Мыстачъейыл? Цæмæй цæрдзæн?

− Æрхæссут-ма Мыстачъейы тыххæй æмбисæндтæ.

3. Нывимæ куыст.

− Ныв аргъауæн йæ кæцы хаимæ баст у?

− Æрдзурут-ма мыстыты æддаг бакастыл.

− Нывы мидис радзурут.

4. Аргъауы II-аг хай аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн афтæ схуыдта фыссæг йæ уацмыс?

− Зæгъут-ма, царды афтæ никуы вæййы?

− Куыд баст сты аргъауы сæйраг хъуыдыимæ ацы æмбисæндтæ?

Цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Зивæгæй цард нæй.

IV. Хæдзармæ куыст. Уацмыс текстмæ хæстæг хи ныхæстæй дзурын зонын. Аргъауæн хорз кæрон æрхъуыды кæнын.

 

Константин Ушинский. Хъазтæ

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ æвзаргæ дзырдæн.

− Цæуылнæ-иу уагъта Мыстачъейы йæ мад кусынмæ?

− Куыд арвыста йæ бонтæ мыст?

− Йæ ныййарджытæ куы базæронд сты, уæд та куыд аивта йæ цард?

− Сæ сыхаг ус Мыстинæг сын хойраг цæмæн æрбахаста?

2. Скъоладзаутæ аргъауæн цы кæрон æрхъуыды кодтой, уымæ байхъусын.

II. Ног æрмæг.

1. Уацмысы сæргонд æмæ йæ авторы ном бакæсын.

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: æнкъараг, аудын, миниуджытæ.

3. Ахуыргæнæг кæсы уацмыс.

4. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цæмæй бафарста фырт йæ фыды?

− Цы фæвæййынц зымæгон хъæддаг хъазтæ?

− Хæдзарон хъазтæн сæ бон афтæ хорз тæхын цæуылнæ у?

− Цы сыл æрцыд? Цæуылнæуал сты хъæддаг цæрæгойтау æнкъараг?

− Цавæр хатдзæгтæ скодта лæппу йæхицæн?

− Кæцы хъуыдыйæдтæ æвдисынц уацмысы сæйраг хъуыды?

5. Рольтæм гæсгæ каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цы базыдтат ногæй хæдзарон æмæ хъæддаг хъазты цардæй?

− Цæй тыххæй у радзырд? Цы нын зæгъынмæ хъавыд фыссæг йæ уацмысы?

IV. Уырыссаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын.

Кæм − хуымæллæг, кæм − мæцкъор, Уæртæ рацæуы Егор,

Йæхæдæг − цъæх бæхыл, Йе ’фсин − сырх хъугыл, Фырттæ − уæрдæтты, Æхсæртæ сæ рæтты, – Къæрцц кæнынц,

Мæтæй мæлынц.

 

− Цæмæ гæсгæ хонæм ацы уацмыс ирхæфсæн?

V. Хæдзармæ куыст. Радзырд аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Æмбисæндтæ йæм æрхæссын.

 

 

МÆРГЪТÆ ÆМÆ ЦÆРÆГОЙТЫДУНЕЙЫ

Урок

 

Чеджемты Геор. Сырдты бæрæгбон

 

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ раттын.

Цы у радзырды сæйраг хъуыды?

− Кæцы дзырдты æмбæхст ис уацмысы сæйраг хъуыды?

2. Нывы мидис радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

Скъоладзауты базонгæ кæнын чиныджы ног те- мæимæ. Цæрæгойты цард æмæ миниуджыты тыххæй радзурын.

− Цымæ ацы темæйы уацмыстæ æнкъард уыдзысты æви хъæлдзæг?

− Цæуыл дзурæг у Чеджемты Георы æмдзæвгæйы сæргонд?

− Кæй уынут нывы?

− Цы уæм дзы фæкаст худæг?

− Цавæр дарæс ис сырдтыл?

− Цымæ сыл нывгæнæг ахæм дарæс цæмæн скодта?

− Æмдзæвгæ цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы?

2. Дзырдуатон куыст: азæлыд, замманай.

3. Скъоладазутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц уацмыс.

4. Фæрстытæ уацмысы мидис равзарынæн.

− Цавæр бæрæгбон уыд сырдтæн?

− Куыд цин кодтой арсы гуырæн боныл?

− Цы кусынц саг æмæ зыгъарæг?

− Рувас æмæ тæрхъус та?

− Цы балæвар кодтой сырдтæ арсæн?

5. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæй тыххæй у æмдзæвгæ? Цавæр равг æвдисы?

− Цы ис уацмысы æрымысæггагæй?

IV. Уырыссаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын.

− Тæрхъус-тæрхъус, рæуæгвад, Кæдæм дарыс дæ фæндаг?

− Дæлæсыхмæ хъазтмæ, Æрсойы чындзхастмæ.

− Цæмæ гæсгæ у ацы уацмыс ирхæфсæн?

− Чи йæ æрхъуыды кодта?

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Ирхæфсæнмæ нывтæ скæнын.

Урок

Рувас æмæ зыгъарæг

(Аргъау)

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

− Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

− Нывтыл афæлгæст саразын.

II. Ног æрмæг.

1. Ахуыргæнæджы раныхас адæмон аргъæутты тыххæй.

Аргъæуттæ ахæм къордтыл кæй дих кæнынц, уый зæгъын: цæрæгойты тыххæй аргъæуттæ, алæмæттаг аргъæуттæ æмæ цардыуаджы аргъæуттæ.

Аргъæутты диссаджы миниуджыты тыххæй радзурын.

2. Аргъау кæсынц скъоладзаутæ.

3. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

− Куыд цардысты рувас æмæ зыгъарæг?

− Цы ссардтой дыууæ лымæны иу хатт?

− Цæуылнæ сын бантыст мыды чыргъæд адих кæнын?

− Цы ’рымысыд рувас?

− Зыгъарæг йæхи куыд дардта? Цæуыл дзурæг у уый?

− Цы ми бакодта рувас? Цæуыл дзурæг у уый та?

− Зыгъарæджы фын-ма хи ныхæстæй радзурут.

− Цы фын æрымысыд рувас та? Ссарут тексты уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.

− Ацы дзырдтæй кæцы хуыздæр фидауы рувасыл: æдылы, хинæйдзаг, цыргъзонд, хæларзæрдæ? Цæмæн?

4. Нывимæ куыст.

− Аргъауæн йæ кæцы цау равдыста нывгæнæг?

− Цæуыл дзурæг у сырдты æддаг бакаст?

− Сымах цæстытыл та куыд ауадысты?

5. Рольтæм гæсгæ каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Абон цы уацмыс бакастыстæм, уый йæ жанрмæ гæсгæ цы у?

− Аргъау литературон у æви адæмон? Цæмæн?

− Цы базыдтат рувасы тыххæй?

− Зыгъарæджы тыххæй та?

− Чи сæ тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?

IV. Хæдзармæ куыст. Аргъау хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Хъайтмазты Аслæмырзæ. Сидзæр

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фæрстытæ æвзаргæ кастæн:

1. Кæд фехæлд дыууæ лымæны хæлардзинад?

2. Куыд дардта рувас йæхи, зыгъарæг куы бафынæй, уæд.

3. Цавæр фын федта зыгъарæг?

4. Цы æрымысыд рувас та?

II. Ног æрмæг.

1. Бакæсын æмдзæвгæйы сæргонд, йæ авторы ном.

− Кæй фæхонынц сидзæр?

− Сидзæры тыххæй уацмыс æнкъард уыдзæн æви хъæлдзæг?

2. Скъоладзаутæ хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ.

3. Фæрстытæ æмдзæвгæйы мидис равзарынæн.

− Зæгъут, кæй хоны поэт сидзæр æмæ цæмæн?

− Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд æмдзæвгæ кæсгæйæ?

4. Строфагай каст комментаритимæ.

1-аг строфа:

− Куыд уæм кæсы, цы фæуыдаид сæныччы мад?

− Куыд æмбарут «Алы бон тад»? Баивут-ма йæ æндæр дзырдтæй.

− Цæмæн тад сидзæр сæныкк?

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы ацы строфа?

− Сындæг æй кæсын хъæуы æви тагъд? Цæмæн?

2-аг строфа:

− Цæуыл куыдта сæныкк алы бон? Цæмæн марди æххормагæй?

− Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы строфа?

− Куыд æй кæсын хъæуы?

3-аг строфа:

− Цæуыл фæцахуыр сæныкк? Цæй руаджы аирвæзт æххормагæй?

− Цæмæн райдыдта цæрдæг уайын?

− Уæдæ кæсгæ-кæсын цавæр æнкъарæн равдисын хъæуы?

4-æм строфа:

− Цæмæн арвиты хъæлдзæгæй йæ бон сæныкк?

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы ацы строфа та æмæ цæмæн?

− Цы зонут сæныччыты тыххæй?

5. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

6. Нывимæ куыст.

− Нывы мидис цы рæнхъытæ æвдисынц, уыдон тексты бакæсут.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Кæцы рæнхъытæ кæсгæйæ сæвзæрд уæ зæрдæйы æнкъарддзинад?

− Циндзинад та?

− Цы базыдтат фыссæджы тыххæй? Цавæр зæрдæйы хицау у?

IV. Англисаг фольклорæй ирхæфсæн бакæсын. Йæ мидис ын равзарын.

− Цас къуымбил ратдзынæ, цас, Ды, мæ уæрко, азы аз?

− Ме ’лвынынæн ма у раджы, Ратдзынæн æртæ голладжы: Иу голлаг – бабайæн,

Иу голлаг – нанайæн, Æртыккаг та – гыццылтæн Фæйнæ дыууæ цъындайæн.

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Ирхæфсæн аив кæсын зонын.

Урок

Хаджеты Таймураз. Рувас, уасæг æмæ лæг

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Чи сты уацмысы архайджытæ?

− Цы зонут рувасы тыххæй? Цавæр аргъæуттæ йыл бака- стыстут?

− Куыд æвдыст цæуы аргъæутты уасæг та?

2. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: фыдхин, дæларм, сæлхæр, фысым, хæлын худ.

3. Фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

4. Аргъауы мидисыл бакусын.

− Цы сфæнд кодта рувас?

− Уасæджы куыд асайдта?

− Куыд æмбарут дзырдтæ «ыскарк и уасæг»? Зæгъут-ма сæ æндæр хуызы.

− Цæмæн баууæндыд уасæг рувасы ныхæстыл?

− Цавæр фыдбылыз ыл æрцыд?

− Чи йæ фервæзын кодта рувасы дзæмбытæй?

− Уацмысæн хорз кæрон кæй ис, уый цæмæ гæсгæ базонæн ис? (Фæстаг дыууæ рæнхъмæ гæсгæ.)

5. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы рувасы ныхæстæ?

− Уасæджы ныхæстæ та куыд хъæуы кæсын?

− Авторы ныхæстæ кæсгæйæ цавæр æнкъарæнтæ равдисын æмбæлы?

6. Аргъау рольтæм гæсгæ бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæ гæсгæ схонæн ис рувасы зондджын æмæ хи- нæйдзаг?

− Цы зондыл нæ æфтауы уацмыс?

IV. Палиндром бакæсын.

Уасæг зары сисы раз гæсау.

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын. Рувас æмæ уасæджы тыххæй адæмон аргъæуттæ бакæсын.

Урок

Астемыраты Изет. Æртæ лæппын мысты

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæ кæсынц уацмысы сæргонд, йæ авторы ном.

− Цæй тыххæй у æмдзæвгæ?

− Æмдзæвгæ æнкъард у æви хъæлдзæг?

− Цавæр хъæлæсы уагæй йæ кæсын хъæуы æмæ цæмæн?

2. Нывимæ куыст.

− Цы уынут нывы?

− Цымæ кæм сты мыстытæ?

− Цы кусынц?

− Цæуыл дзурæг у се ’ддаг бакаст?

3. Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын.

кæр-цы-тæ

мес-тæ

ла-лым-тæ

4. Æмдзæвгæ фыццаг каст кæны ахуыргæнæг.

5. Фæрстытæ раттын.

− Кæдæм фæцæйхъуызыдысты мыстытæ æмæ цæмæн?

− Цыхуызæн уыдысты мыстытæ?

− Цы уыдис сæ уæлæ?

− Кæдæм бамидæг сты?

− Цы ссардтой къæбицы?

− Куыд дардтой сæхи уыцы ран мыстытæ?

− «Атæгæр сты» куыд æмбарут? Зæгъут-ма йæ æндæр- хуызон.

− Цы ма уыдтой мыстытæ сæ фыны дæр?

6. Æмдзæвгæ аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн хъæуы æмдзæвгæ хъæлдзæг хъæлæсы уагæй кæсын?

− Цы уæм дзы фæкаст худæг?

− Бирæ хæрын хорз у æви æвзæр? Цæмæн?

− Цыхуызæн мыстытæ ауад уæ цæстытыл? Равдисут сæ уæ нывты.

IV. Кæцы æмбисонд æввахсдæр у æмдзæвгæйы мидисмæ?

Йæ гуыбын бафсæст, йæ цæст − нæма. Бирæ хæрын худинаг у.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: