III. Нывы мидис радзурын. 4 глава




− Ныхас автор æви персонажы номæй цæуы? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Кæд ахуыр кодта Минькæ? Гимназийы уæд цавæр æгъдæуттæ уыд?

− Кæй аххосæй райста лæппу æвзæр бæрæггæнæн?

− Йæ хо йын боныджы сыфтæ кæрæдзиуыл цæмæн ныхасын кодта?

− Минькæ йæ хоимæ сразы ис? Цæуылнæ?

− Куыд фесæфт Минькæйы боныг?

− Цавæр æнкъарæнтæ йæм сæвзæрд уый фæдыл?

− Леляйы бауырныдта, йе ’фсымæр йæ боныг кæй фесæфта, уый? Цæмæй бæрæг у?

5. Фæрстытæ æвзаргæ кастæн:

− Кæй аххосæй нæ сахуыр кодта лæппу йе ’мдзæвгæ наи- зусть?

− Цæуылнæ басаст Минькæ, йæ урок кæй нæ сахуыр кодта, ууыл?

− Куыд лæвæрдта дзуапп?

− Цæмæн афтæ æвзæр уыд, ахуыргæнæг ын йæ боныджы «иу» кæй сæвæрдта, уый?

− Цы зонд ын амыдта йæ хо та?

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Радзырды персонажтæй тынгдæр уæ зæрдæмæ чи фæцыд æмæ цæмæн?

− Куыд схонæн ис ацы хай?

− Цавæр æмбисæндтæ йæм æрхæссæн ис? (Искæй чи сайы, уый йæхи дæр сайы.)

− Цымæ цы хабæрттæ æрцæудзæн дарддæр?

IV. Хæдзармæ куыст. Радзырды I-аг хай аив кæсын сахуыр кæнын. Текстмæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Михаил Зощенко. Сайын нæ хъæуы

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. II. Ног æрмæг.

1. Скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уыдон кæсынц радзырды II-аг хай.

2. Фæрстытæ раттын.

− Цæмæн радта ахуыргæнæг Минькæйæн ног боныг?

− Цæуыл смæсты лæппу? Цы фæкодта йæ боныг?

− Æртыккаг боныджы та цавæр ног бæрæггæнæн фæзынд?

− Цы йын бафæдзæхста ацы хатт ахуыргæнæг?

− Цæмæн байхъуыста лæппу йæ хомæ?

− Куыд рахъæр Минькæйы сайд?

− Цы йын загъта йæ фыд? Спайда кæнут тексты æрмæгæй.

− Фæстæдæр фыд цæмæн схъæлдзæг? Йæ хъæбысмæ лæппуйы цæмæн фелвæста?

− Лæлямæ диссаг цы фæкаст? Куыд дардта йæхи уыцы рæстæг?

− Раттут сæргонд ацы хайæн дæр.

3. Тексты цитатæтæй радзырдмæ пълан саразын.

а) «Иубон нын ахуыргæнæг бахæс кодта æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнын».

æ) «Æз скуыдтон, уымæн æмæ уый уыдис мæ фыццаг æвзæр бæрæггæнæн».

б) «Ме ’мбал чызджытæй дæр иуæн йæ боныджы иу сæвæрдтой».

в) «Парчы бирæ фæбадтæн».

г) «Фыр мæстæй боныг чингуыты скъаппы фæстæмæ баппæрстон».

гъ) «Дыууæ боны фæстæ та ахуыргæнæг базыдта…»

д) «Боныджы дыууæ сыфы кæрæдзиуыл баныхæстам…»

дж) «Сайгæ чи кæны, ахæм адæймагыл худгæ фæкæнынц».

дз) «…Æмæ дын уый тыххæй хуызисæн балæвар кæндзынæн».

4. Уацмыс рольтæм гæсгæ бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæуыл мæт кодта лæппуйы фыд?

− Фæстагмæ фыд цæмæн схъæлдзæг?

− Цæмæн афтæ схуыдта фыссæг йæ радзырд?

− Ссарут-ма, радзырды сæйраг хъуыды кæм æвдыст цæуы, уыцы бынат.

− Куыд уæм кæсы, Минькæ йæ дзырд сæххæст кæндзæн æви нæ?

− Æмбисæндтæй радзырды хъуыды хуыздæр кæцы æвдисы?

Йæ рæдыдыл чи нæ сæтты, уый дыккаг хатт рæдийы. Рæстдзинадæн сæфæн нæй.

IV. Хæдзармæ куыст. Уацмыс пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын.

Урок

Плиты Илья. Тæргайгæнаг

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Беседæ радзырды сюжетыл.

− Кæд æмæ кæм цыдис архайд?

− Цæмæй райдыдтой уацмысы цаутæ?

− Цавæр цау уæм фæкаст сæйрагдæр æмæ цæмæн?

− Кæцы эпизод тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ?

− Худæг та уæм дзы цы фæкаст?

2. Радзырд пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй радзурын.

II. Ног æрмæг.

1.Кæуыл цæудзæн ныхас æмдзæвгæйы? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Тæргай кæнын хорз у? Цæуылнæ?

− Цымæ фыссæг та куыд хъуыды кæны?

2. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæ сæхинымæр.

3. Уацмысы мидис фæрстытæм гæсгæ равзарын.

− Цæуыл фæтæргай Гаги?

− Куыд æмбарут дзырдтæ «цъус», «стонг»? Баивут сæ æндæр дзырдтæй.

− Цы фæци лæппуйы хай? Бакæсут уыцы бынат.

− Уæдæ тæргайгæнагыл цы æрцæуы?

− Сымахыл никуы æрцыд ахæм хабар? Радзурут-ма йæ.

4. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын.

− Цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы Гагийы ныхæстæ æмæ цæмæн?

− Авторы ныхæстæ та?

− Куыд кæсын хъæуы, гæдыйы кой кæм цæуы, уыцы бынæттæ та?

5. Аив каст.

6. Нывимæ куыст.

− Куыд баст у ныв æмдзæвгæйы мидисмæ?

– Цæуыл дзурæг у лæппуйы æддаг бакаст?

Уыци-уыци базонын.

Йæ был та у зæбул, Нæ бады сах йæ хъул.

Нымад нæм чи нæу, кадджын? Кæй хай фæхонынц «адджын»? Дзырдтæ бацамонын: сах, хъул.

 

− Цæмæн сты чиныджы иумæ ацы дыууæ уацмысы?

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Тæргай кæнын æвзæр цæмæн у?

− Кæд фæзæгъынц афтæ: «Тæргайгæнæджы хай адджын у»?

IV. Хъазт «Цæй ныр та ды дæр фæлвар – ам хъæугæ дзырдтæ ссар!»

Хи-хи-хи Лыпп-лыпп-лыпп,

Уæд уæ картофджын уæхи! Ма-иу кæн хъæрмхуыпп…

Дза-дза-дза! Ар-ар-ар,

Уæларты фыцы дзидза! Æтт, æмбал дæхицæн ссар! Ай-ай-ай, Удæн адджын у…

Цъайдонæй куыд хорз у цай!

V. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Рифмæгонд дзырдтæ æрхъуыды кæнын æмæ сæ тетрæдты ныффыссын.

Урок

Валентина Осеева. Хæларзæрдæ чызг

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Рифмæгонд дзырдтæ тетрæдтæй бакæсын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Радзырды сæргондæй цы ис базонæн? (Сæйраг архайæг хæларзæрдæ чызг кæй у, уый.)

− Чи у йæ автор?

− Цы ма бакастыстут ацы фыссæджы уацмыстæй?

− Кæй уынут нывы?

− Цымæ чызг æцæгдæр хæларзæрдæ у?

− Чызджы æддаг бакаст цæуыл дзурæг у?

2. Æнæзонгæ дзырдтæ бацамонын: еуу, рауæлдай кодта, дзæмбы, æфсин.

3. Скъоладазутæ сæхинымæр кæсынц аргъау.

− Цавæр чызджы тыххæй у уацмыс?

− Æцæгæйдæр хæларзæрдæ у?

− Ацы уацмыс аргъау у æви радзырд? Куыд æй базыдтат?

4. Абзацгай каст. Кæсгæ-кæсын беседæ саразын.

1-аг абзац:

− Цавæр уасæг уыд гыццыл чызгмæ? Цæмæй рæсугъд уыд?

− Уасæг йе ’фсинимæ хæларæй цард? Цæмæй бæрæг у?

− Хъæуид уæ ахæм уасæг?

2-аг абзац:

− Цæмæн сфæнд кодта чызг йæ уасæг каркыл баивын?

– Чызг каркимæ бахæлар?

− Цавæр ныхæстæ-иу фехъуыста чызг алы райсом дæр йæ ног хæларæй?

− Куыд-иу ыл цин кодта карк? Цы пайда хаста чызгæн?

3-аг абзац:

− Чи та сси чызджы ног лымæн? Куыд æм æрбафтыд?

− Куыд хъахъхъæдта бабыз йе ’фсины?

− Бабызы æцæг хæлар схонæн ис? Цæмæ гæсгæ?

4-аг абзац:

− Цæуыл смæсты иубон бабыз?

− Цавæр ныхæстæ фехъуыста къæбыла чызгæй?

− Цæмæн бамбæхст бандоны бын?

− Къæбыла раст бакодта, кæй алыгъд, уымæй?

− Чызг æцæгæйдæр хæларзæрдæ уыд?

− Уæдæ фыссæг цæмæн афтæ схуыдта йæ аргъау? Уымæй йæ персонажмæ цавæр ахаст равдыста?

Ирони у дæлгоммæ, æлхыскъæмхасæн ныхас. Зæгъæм, аргъауы автор хоны чызджы «хæларзæрдæ». Æцæгæй та чызг æппындæр хæларзæрдæ нæу, нæ кæны аргъ йæ хæлæрттæн.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цæмæн баззад чызг иунæгæй?

− Цы нын зæгъынмæ хъавыд фыссæг йæ уацмысы? Цы зонд нын амоны?

− Аргъауы æцæг хæларзæрдæ чи у? Чи аргъ кæны йæ хæларæн?

− Сымахæн хæлæрттæ ис? Фæраив-баив сæ кæнут?

IV. Хæдзармæ куыст. Радзырд хи ныхæстæй дзурын зо- нын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

Иронийы тыххæй æмбарынад тетрæдтæм рафыс- сын æмæ йæ зæрдыл бадарын.

Аргъауæн хорз кæрон æрхъуыды кæнын.

 

 

Урок

 

Хъантемыраты Кларæ. Аслæнбег

 

I. Фæрстыты руаджы хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. − Цæмæн схуыдта фыссæг йæ радзырд «Хæларзæрдæ чызг»? Уымæй йæ персонажмæ цавæр ахаст равдыста?

− Кæмæн у тас иунæгæй баззайынæй?

2. Скъоладзаутæ аргъауæн цы кæрон æрхъуыды кодтой, уымæ байхъусын (45 скъоладзауы).

II. Ног æрмæг.

1. − Чи у уацмысы сæйраг архайæг? Цæмæй йæ базыдтат?

− Кæй уынут нывы?

− Цæмæй фæтарст лæппу?

− Цымæ вазæ кæй асаста, ууыл басæтдзæн?

2. Скъоладзаутæ сæхинымæр кæсынц радзырды I-аг хай.

3. Фæрстытæ раттын.

− Аслæнбегæн йæ мад цы æрбахаста?

− Цæуылнæ радта йæ кæрдотæй искæмæн?

− Куыд рабæрæг, хинæйдзаг кæй у, уый?

− Хистæрты ныхасæн та куыд аргъ кæны?

− Цæмæн баззад Аслæнбег æххормагæй?

− Йæ мад раст бакодта, хæринаг ын кæй нæ радта, уымæй? Тексты æрмæгæй спайда кæнут.

4. II-аг хай кæсы, скъоладзаутæй кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уый.

− Цæмæн асайдта лæппу йæ нанайы?

− Аслæнбеджы ныхæстæ йæ бауырныдтой? Цæмæй бæ- рæг у?

− Цæмæн ахаста нана къæбылайы йæ раздæры хицаумæ?

− Куыд дардта уыцы изæр Аслæнбег йæхи?

− Цæуылнæуал каст нанайы цæстытæм?

− Лæппу йæ рæдыд бамбæрста? Кæй руаджы?

4. Равзарын æмбисæндты хъуыды.

Хиуарзон лæг æгад у. Мæнг зæгъын худинаг у. Гæды лæг йæхи дæр сайы.

Кæстæрæн йæ хæс – хистæрмæ хъусын.

− Куыд баст сты ацы æмбисæндтæ радзырды мидисимæ?

5. Радзырдæн пълан саразын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Цавæр миниуджытæ бафиппайдтат лæппумæ?

− Кæй фæрцы бамбæрста Аслæнбег йæ рæдыд?

− Тексты ныхæстæй уæ дзуæппытæ бафидар кæнут.

– Ацы уацмыс аргъау, радзырд æви басня у? Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

Радзырд у цыбыр аивадон уацмыс. Æвдыст дзы фæцæуы сæйраг архайджыты характер, сæ цардæй иу кæнæ цалдæр цауы.

IV. Хæдзармæ куыст. Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын са- хуыр кæнын. Пъланмæ гæсгæ йæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Радзырды тыххæй æмбарынад зæрдыл бадарын.

Урок

Сечъынаты Ладемыр. Трамвайы

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын.

2. Пъланмæ гæсгæ йæ хи ныхæстæй радзурын.

1. Аслæнбег – хинæйдзаг.

2. Аслæнбег – æгоммæгæс.

3. Аслæнбег – сайæгой.

4. Аслæнбег йæ рæдыд бамбæрста.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

− Цымæ зæронд лæг лæугæ цæмæн кæны?

− Бамбæрстат, радзырд цавæр лæппуйы тыххæй у, уый?

− Цал хайæ конд у ацы уацмыс?

2. Скъоладзаутæ радзырд хайгай кæсынц.

1-аг хай:

− Кæй тыххæй у радзырд?

− Лæппуты æддаг бакаст цавæр у?

− Куыд дзырдта Аликмæ йæ мад алы райсом дæр?

− Борик та-иу уыцы рæстæг цавæр ныхæстæм хъуыста? Цымæ цæмæн?

− Бакæсут-ма, Алик къæбæда кæй нæ уыд, ууыл дзурæг рæнхъытæ.

− Цæй тыххæй смæсты Алик йе ’мбалмæ? Тексты æрмæгæй спайда кæнут.

2-аг хай:

− Чи схызт трамваймæ?

− Цы хъуамæ бакодтаид Борик, зæронд лæг йæ разы куы æрлæууыд, уæд?

− Уый та йæхи куыд дардта? Бакæсут-ма уыцы бынат.

− Куыд ын бауайдзæф кодта зæронд лæг?

− Цы нысан кæнынц йæ ныхæстæ: «Мæ карæнмæ хъæуы уый дæр…»?

− Кæмæй фæзæгъынц адæм, æвзæр боны гуырд, зæгъгæ?

3. Радзырды сæйраг архайджытæн характеристикæ рат- тын. Фæйнæгыл цы дзырдтæ ис, уыдонæй спайда кæнын.

Алик Борик

къæсхуыртæ тыппыртæ

æнæзивæг зивæггæнаг

коммæгæс æгоммæгæс

уæздан æнæгъдау

− Зæгъут-ма, цавæр у уацмысы сæйраг архайджытæн се ’ддаг бакаст?

− Кæм цæрынц лæппутæ?

− Сæ ныййарджытæ сæ куыд хонынц?

− Алик æмæ Борик сæхи куыд дарынц хæдзары дæр æмæ уынджы дæр?

− Цавæр цæстæй сæм кæсы фыссæг йæхæдæг та?

− Сымах зæрдæмæ дзы тынгдæр чи фæцыд æмæ цæмæн?

− Æмбалæн дзы кæй равзариккат?

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Æхсæнадон бынæтты уæхи куыд хъуамæ дарат?

− Равзарут æмбисонды хъуыды.

Лæг йе ’гъдауæй бæрæг у.

− Куыд баст у уацмысы сæйраг хъуыдыимæ?

IV. Тагъддзуринаг бакæсын.

Æлдараты Гæбæци

Иууыл хæрзтæй нæ фæци.

– Гæбæцийы бæсты дзы лæппутæй кæй ном бафыссиккат?

V. Хæдзармæ куыст. Радзырд текстмæ хæстæг хи ныхæстæй дзурын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын.

Урок

Б. Юнгер. Урс уарди

 

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Фæрстытæ æвзаргæ дзырдæн.

− Куыд-иу дзырдта Аликмæ йæ мад райсомæй?

− Цæмæй бæрæг у, мад йæ лæппуйæ разы кæй у, уый?

− Цавæр ныхæстæ-иу фехъуыста уыцы рæстæг Борик та?

− Куыд дардта Борик йæхи трамвайы?

− Куыд ын бауайдзæф кодта зæронд лæг?

2. Нывы мидис радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Уацмысы сæргонд æмæ йæ авторы ном бакæсын.

− Цымæ уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ радзырд у æви аргъау?

− Цæмæ гæсгæ йæ базыдтат?

− Цы уынут нывы?

− Хæрæг цы кусы?

− Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны?

2. Аргъау кæсы ахуыргæнæг.

3. Кæсгæ-кæсын зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын: æрвхуыз, къуыбар акалдта, æмбухгæ лидзæг.

4. Фæрстытæм гæсгæ аргъауы мидис равзарын.

− Цæмæй бæрæг у, ацы уацмыс аргъау кæй у, уый?

− Чи у сæйраг архайæг?

− Раздæр уардитæ цыхуызæн уыдысты?

− Цæмæй хицæн кодта иннæ уардитæй урс уарди?

− Цы-иу ын дзырдта бур уарди уый тыххæй?

− Бакæсут-ма текстæй урс уардийы ныхæстæ.

− Цæмæн бафтыд хæрæг урс уардийыл?

− Уый тыххæй цы фыдбылыз æрцыд дидинæгыл?

− Цæй фæрцы аирвæзт уарди? (Уæ дзуæппытæ тексты ныхæстæй бафидар кæнут.)

− Баивут дзырдтæ «æмбухгæ лидзæг фæци» æндæр дзырдтæй.

− Бакæсут-ма хъæрæй, уацмысы сæйраг хъуыды цы хъуыдыйад æвдисы, уый. (Йæхи хъахъхъæнын чи нæ зоны, уый алчидæр хъыгдаргæ кæны.)

5. Аргъауæн пълан саразын.

− Цал хайыл адих кæнæн ис уацмыс?

− Бакæсут-ма алы хай дæр æмæ сын сæргæндтæ раттут. Фæйнæгыл ныффыссын:

1. Уæздан æмæ фæлмæнзæрдæ уарди.

2. Урс уарди хус кæнын райдыдта.

3. Уарди йæхи хъахъхъæнын базыдта.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Хæрæг æрмæст урс уарди цæмæн хордта?

− Адæймагæн та цæмæй тас у? Йæхи алыхуызон фыдбылызтæй куыд хъуамæ бахиза?

− Цы у аргъауы сæйраг хъуыды? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

− Сымах уæхи хъахъхъæнын зонут? Куыд?

IV. Хæдзармæ куыст. Аргъау пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын зонын. Йæ мидисмæ йын нывтæ скæнын.

 

 

Урок

Чеджемты Геор. Сæныччы фыццаг балц хъæдмæ

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Нывтыл цыбыр афæлгæст саразын. Алы ныв дæр «сдзурын кæнын».

2. Аргъау пъланмæ гæсгæ радзурын.

II. Ног æрмæг.

1. Бацæуæн ныхас.

– Аргъау «Урс уарди»-йæ мах базыдтам – хъуамæ алчидæр арæхса йæхи фыдбылызæй хизын. Абон бакæсдзыстæм Чеджемты Георы æмдзæвгæ «Сæныччы фыццаг балц хъæдмæ». Цымæ нæ ацы фыссæг та цавæр фыдбылызæй фæдзæхсы?

2.Уацмысы сæргондæй цы ис базонæн?

− Нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ саразут.

3. Зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг бацамонын æмæ сæ уæнггай бакæсын.

хъæд-бын æр-выл-бон

пых-сы ныф-сæрм-дзаст

æрх

 

4. Æмдзæвгæ кæсы ахуыргæнæг.

5. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

– Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?

– Цæмæй фарста бирæгъ сæныччы?

– Цымæ йæ цæмæн хъуыд зонын, кæм хизынц сæныччытæ, кæм фæнуазынц дон, кæм цæрынц?

– Цы загъта сæныкк бирæгъæй?

– Цæмæн афтæ тынг фæцыдис йæ зæрдæмæ бирæгъ?

– Цымæ сæныччы мады дæр бирæгъы ныхæстæ бауырныдтой?

– Цæуылнæ ис бирæгъыл æууæнк?

– Куыд уæм кæсы, дарддæр цы уыдзæн?

6. Нывимæ куыст.

7. Аив каст.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

– Цæмæн схуыдта поэт йе ’мдзæвгæ «Сæныччы фыццаг балц хъæдмæ»? Цы зæгъынмæ хъавыд уымæй?

– Цавæр хатдзæгтæ скæнын хъæуы уацмысæй?

– Цæмæн сты ацы дыууæ уацмысы чиныджы иумæ?

IV. Хæдзармæ куыст. Уацмыс аив кæсын сахуыр кæнын æмæ йын хорз кæрон æрхъуыды кæнын.

Урок

Астемыраты Изет. Мызыхъхъы æмбисонд

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Рацыд æрмæгæй хатдзæгтæ скæнын.

II. Ног æрмæг.

1. − Уацмысы сæргондæй цы ис базонæн? (Уацмыс йæ жанрмæ гæсгæ басня кæй у, уый.)

− Кæд фæзæгъынц, æмбисонд мыл æрцыд, зæгъгæ?

− Басняйы сæйраг архайæг чи у?

− Цымæ галæн йæ сыкъа цы фæуыдаид?

− Цæуыл дзурæг у йе ’ддаг бакаст?

− Чи уæ зоны, басня цы у, уый?

− Уырыссаг фысджытæй кæй баснятæ бакастыстут?

− Басня радзырдмæ æввахсдæр лæууы æви аргъаумæ? Цæмæн?

Басня у æмдзæвгæ кæнæ прозæйы хуызы фыст чы- сыл уацмыс. Йæ архайджытæ вæййынц цæрæгойтæ кæнæ та æнæуд предметтæ. Уыдоны руаджы фыссæг æргом кæны адæймаджы хъæндзинæдтæ, худы йын йе ’взæр ми- ниуджытыл.

Басняйы сæйраг хъуыды æвдыст вæййы хицæн, сæрмагонд хъуыдыйады. Зондамонæн хъуыды басняйæн вæййы кæнæ йæ райдианы, кæнæ та йæ кæроны.

3. Басня кæсы ахуыргæнæг.

4. Кæсгæ-кæсын дзырдтæ бацамонын: гугын фыс, сикъо, уадзæн баззад.

5. Фæрстытæм гæсгæ уацмысы мидис равзарын.

– Цæмæн афтæ дардта йæхи Мызыхъхъ?

– Куыд æмбарут дзырдтæ «фервæссыд бынтон йæхиуыл»?

– Цæмæн аззад гал æнæ сыкъайæ?

– Басняйы сæйраг хъуыды кæцы хъуыдыйады æвдыст цæуы? Бакæсут-ма йæ.

6. Басня аив бакæсын.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

− Кæд фæзæгъынц ацы æмбисонд?

Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты.

− Цавæр адæймаджы равдыста фыссæг йæ басняйы?

IV. Хæдзармæ куыст. Басня аив кæсын сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

 

СКОДТА МИТЫН ЛÆГ ЙÆ УРС КÆРЦ

Урок

 

Хъайтыхъты Геор. Зымæг

 

I. Зымæджы тыххæй саразын беседæ. Ирон нывгæнджыты сфæлдыстадæй спайда кæнын. Фæйнæгыл Челæхсаты Магрез, Абысалты Юрий, Сæбанты Хаджумары нывты репродукцитæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2021-11-20 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: