II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 43 глава




Тазайы сидт ын йæ хъæдгом сног кодта, фæлæ йын тынг дард кæй нæ хъуыстис, ууыл йæ зæрдæ рыстис. Хъæбатыр лæппуйæн йæ фыды мард Шалийы хъæуæй Ганайты Актулла æмæ йе ’мбæлттæ сау нымæты тыхтæй кæй схастой, уый йæ зæрдыл лæууы. Хæраймаг нæу лæппу, йæ маст райсыны сæраппонд йæ къухмæ хотых кæй систа, уымæй. Таза æрмæст йæ фыды сæрыл нæ дзырдта, йæ зæхх æмæ йæ дзыллæйы рисæй тохы тырыса кæй сарæзта, уый Эбеты зæрдæ, ай-гъайдæр, агайдта, фæлæ дзы цы рауайдзæн!

— Ныууадз, Таза, дæ сидын! Æгæр тæригъæдджын систæм æмæ Иунæг Стыр Хуыцау не ’вварс нал хæцы! — дзырдта йын Эбет.

— Æппæты стырдæр тæригъæды ми у æцæг уæвæг хуыцауыл гадзрахатæй рацæуын æмæ Туркмæ алидзын! — Йæ зонгуытыл лæугæйæ, фырмæстæй зæхх хоста Таза, ома мæнæ ис, мæнæ нæ Хуыцау.

Кæцæй æрцыд сидзæр лæппумæ ахæм хъуыды: «Æцæг Хуыцауыл гадзрахатæй рацæуын!» Уый Эбетæн йæхи уды рис куы уыд æмæ йын æй сидзæр лæппу ноджы куы бацагайдта.

— Эбет! — æрбадзырдта йæм фæскъулæй чидæр.

Суанг йæ къæхты бынмæ ахъардта уыцы сидт. Кæртмæ рауад, фæндагыл ахъахъхъæдта æмæ дзы куы никæй суыдта, уæд кауы сæрты цæхæрадонмæ багæпп ласта. Чылауи бæлæсты бындзæфхæдты аууæттæй йæм цалдæр цæсты кастысты. Эбетæн йæ къахдзæф чысыл ферхæцыд, фæлæ йæ цыд нæ фæсабыр кодта.

— Эбет, Таза кæм ис, йæ уынæр цæмæннæ хъуысы Харачойы уынгты?

Андзыг ис, рахизæрдæм фæкаст, æмæ чылауийы фæстæ Алханты Махмуды куы ауыдта, уæд æхцонæй сулæфыд. Иннæтæ дæр æмбæхст уыдысты, фæлæ цæмæн фæрсынц Тазайы ахæм тарст хъæлæсæй?

— Таза, кæм хъуамæ уа, уым ис!

— Суаипп нæ банымыгъта, фесæфтыстæм!..

— Гъæй! — йæхи нал баурæдта æмæ фæзылд Эбет.

— Дысон Девлет йæ чапартимæ Шалимæ æрбацыд æмæ Ганайты Актуллайы хæдзарыл æрхъула кодта. Актулла нын загъта: уазджытæ ацæуæнт æмæ Тазамæ бæрæг фæхæццæ кæнæнт, фысымтæ та ам баззайæнт æмæ Суаиппы æбуалгъы ми сæ тугæй æрæхсæнт, зæгъгæ, — дзырдта Махмуд.

Эбетæн йæ сæр разылд æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Ичкерийы зылды æнцойад кæй ныххæлд, ууыл фыццаджы райдианы дзуапдæттæг хъæуыхицау кæй уыд, уый куыннæ зыдта, фæлæ-иу йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ хъустæ сæхгæдта, ома æз ницы уынын æмæ ницы хъусын.

— О, Хуыцау ын ма ныббара... Суаиппæн! — йæ цæсгом ныффæлурс ис Эбетæн.

— Хуыцау нæ, фæлæ йын Актулла нæ ныббарста.

— Таза Харачойы хъæды ис æмæ йæм уырдæм цæуынц фæдисонтæ, фæлæ Актулла цы бауыдзæн!..

— Нырма уал Тазамæ схæсдзынæн бæрæг, стæй Шалимæ аздæхдзынæн ме ’мбæлттимæ.

— Нæ! — æвиппайды æрæрвонг ис Эбет. — Ды ныртæккæ Шалимæ аздæх æмæ Актулламæ ныккæс, Тазамæ мæхæдæг схæсдзынæн бæрæг, — хъæууынджы æрбацæйцæуæг æртæ барæджы куы ауыдта, уæд ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Тагъд уайгæ, дæлæ уыдон æнæхъуаджы не ’рбацæуынц!

Фæдисонтæ фæтары сты, барджытæ комкоммæ кæртмæ æрбацыдысты æмæ Эбет къулер Газийы базыдта.

— Ас-салам-алейкум, Эбет!

— Алейкум-салам, Гази!

Къулер йе тарæй гæххæтт систа æмæ йæ Эбетмæ радта.

— Хæц ууыл æмæ архай.

«Облæсты хицауы бафæндыд: Тазайы æнæ бæллæхæй æрцахс æмæ йæ бастæй Веденомæ æрлас. Дæ зæрдыл дар: уыцы хъуыддаджы хайад хъуамæ райсой æрмæст туземецтæ сæхæдæг. Хуыцауы бафæндæд, цæмæй хурныгуылдмæ абырæгимæ Веденомæ æрхæццæ уай! Булкъон Головачев», — бакаст Эбет.

Хурмæ скаст хъæуыхицау æмæ йæ, цыма растады сæргълæууæг нæ, фæлæ аласа бæхы æрцахсынмæ æрвыстой, уыйау æнæмæтæй загъта:

— Салдæтты фенд хъæлæба расайдзæн адæмы ’хсæн. Сымах мæм ам фæлæуут, æз мæхæдæг иунæгæй ссæудзынæн Тазамæ.

Цыма йыл зæй рацыд, уыйау ныхъхъус и хъæу. Хур Хеттеш-Кортмæ ныккаст комкоммæ. Хуссарвæрстæн сæ тæф калдис. Ердоты æмырдзинад Эбетыл æнтъыснæг бафтыдта. Кудзуты Бæчийы стыр кулдуарыл гуыдыр куы ауыдта, уæд фæджихау: «Молло йе ’нцой цардыл гуыдыр сæвæрдта æмæ йæм бакæсын никæй уадзы. Иу гæххæтт ныффыссæггаг иу фыс домы. Йæ фыссæн сисæй æнæхъæн дзуг скодта æмæ сын иу фыййау баххуырста, йæ Хуыцау ын ма ныббара!»

Тазайы лæууæнмæ куы баввахс ис, уæд йæ размæ дыууæйæ рацыдысты. Абиты Амырхан æмæ Тæмбиты Дзантемыр йæ дыууæ фарс слæууыдысты æмæ йæ сæ фæтæджы размæ ахстау бакодтой. Хъуына систы хæлддзæгтыл хъæрццыгъатау уырдыг, слæууыдысты Ичкерийы фæсивæд.

— Цæмæ æрбацыдтæ, Эбет? — тызмæгæй афарста Таза.

— Таза, æвзæр хабæрттæ дæм æрбахастон!.. Шалийæ Алханты Махмуд æрбацыд: æхсæвыгон, дам, наиб Девлет-Мырзæйы æрбакодта Суаипп... Ганайты Актуллайы хæдзарыл, дам, æртыхстысты... — æппæт дæр ын радзырдта. Загъта йын, цæмæн æм æрбацыд, уый дæр, стæй йæ æнæнхъæлæджы афарста: — Таза, дзыллæйы хъуыддаг куы аразыс, уæд Кудзуты Бæчи кæм ис?

— Молло сидæн гæххæттытæ ныффыста æмæ йæ хæдзармæ ацыд.

Эбетæн йæ дæлфæдтæ ссыгъдысты æмæ йе уонтæ базмæлын кодта: «Веденомæ Бæчи фæбæрæг кодта!» Систы пырхæнтæ йæ сæрмæ, куыройы фыдтау, ныззылдысты.

— Ичкерийы дзыллæтæ ардæм кæй хъуамæ æрæмбырд уыдаиккой, уый Бæчи дæр зыдта?

— Мæнæйма, гæххæттытæ уый куы ныффыста!

Эбетыл йæ Хуыцау дæлæмæ æрхауд, æмæ йæ сæры тенка сдыз-дыз кодта. Систыл уырдыг лæууæг лæппутыл ауагъта змæст цæстытæ. Йæ къухтæ кæрæдзимæ бангомгæнгæйæ, уæлæмæ сдардта æмæ сæ йæ ныхæй йæ риуы онг цадæггай дæлæмæ æруагъта.

— Бæчи хæдзары нæй, Таза!.. Уый, æвæццæгæн, Веденойы ис, æмæ Ичкерийы дзыллæтæм æнæхъуаджы æнхъæлмæ кæсыс!.. Ничиуал дæм æрцæудзæн, уымæн æмæ Суаиппы халдих дæуæй фæраздæр ис Веденомæ. Дæ бынат раив, Таза, Гамар-Дукмæ айс дæхи...

Таза бандзыг, йæ бынаты нымпылд, афтæмæй дзагъырдзастæй Хеттеш-Корты рагъмæ каст. Ныртæккæ йын сабийы бакаст уыд, йæ сæнттæ кæмæн фæмæнг вæййынц, ахæм сабийы бакаст. Йæ хъизæмар йæ цæстытыл ауад. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Кудзуты Бæчийы амындтытæ: «Иудадзыг стонг æмæ коммæ кæсыныл фæцахуыр у, Таза. Иунæг Стыр Хуыцау æмæ йæ пехуымпар дæр афтæ цардысты æмæ дзы стæй цы рауад, уый дæхæдæг уыныс!» Таза Бæчийы коммæ кастис æмæ йæ фосы фæдыл цыд стонгæй, бæгъæввадæй. Йæ уды рис йе Сфæлдисæгмæ хъардта æмæ йæм сидтис: О Иунæг Стыр Аллах, ракæс æмæ фен, куыд быхсын, уый! Ныр дæр ма дын гуырысхойаг у, Таза дзæнæты бæсты аккаг кæй ссис, уый?.. Харачойы сæрмæ-иу дзывырæй гæмæхтæ базмæста йæ фыд Экмырзæ, нартхор-иу дзы байтыдта, кæд мæ бинонтæн уагъылыйы дидинæфтауæнмæ хъарм кæрдзын уæддæр уаид, зæгъгæ. Цыфæнды тыхджын уæвгæйæ дæр лæджы ныхмæ слæууæн ис, фæлæ æрдзы хивæнддзинадæн ничи ницы фæразы. Схъызыдис-иу, æруарыд-иу тæрккъæвда æмæ их, ралæбурдтой-иу уæлхохæй æрра сахатæ æмæ-иу мæгуыр Экмырзæйæн йæ афæдзы куыст ныххафтой. Тазайæ никуы ферох уыдзæн йæ фыды æнтъыснæг цæсгом: цыма-иу ууыл дæр их æруарыд æмæ йæ уæлæ сахатæ фæцыдысты, уый хуызæн-иу ссис. «Быхс, Тазу, мах иунæг не стæм, нæ хуызæн мæгуыртæ Цæцæны бирæ ис. Бæчийы фос, дæ цæсты гагуыйау хъахъхъæн, кæд нæм дæ афæдзы мыздмæ исты æрхауид. Адæмы Иунæг Стыр Хуыцауы йеддæмæ ницы сраст кæндзæн, Таза, фæлæ быхс æмæ æнхъæлмæ кæс уыцы бонмæ», — амыдта йын йæ фыд. Таза мæлæты бонмæ йæ зæрдыл дардзæн йæ фыды амынд: «Уыцы бон æнæмæнг ныллæудзæн, æмæ нæм уæд не Сфæлдисæг фæсиддзæн зæххыл рæстдзинад æрæвæрыны сæрыл тохмæ». Уыцы рæстдзинад агурæг фæцыд Экмырзæ имамы тохмæ æмæ йын иу бон Ганайты Актулла йæ мард сау нымæты мидæг тыхтæй æрбахаста. Таза йæ фыды дурдзавд цæсгом куы ауыдта, уæд ыл бæстæ аталынг ис, йæ сæр разылд æмæ кæмдæр мæнджы аирвæзт. Куы ’рчъицыдта, уæд Кудзуты Бæчи лæууыд йæ уæлхъус: «Быхс, мæ хъæбул, æмæ æцæгдзинад ссарай! Дæ фыды мард Хуыцауы фæндон у, æмæ Хуыцауы фæндоныл хъыг кæнын æбуалгъ ми у!» Цы зыдта Таза, нырма хæрз саби уыд! Чысыл куы рахъомыл, уæд æй иу хъуыды йæ цæстæй ракæсын кодта: «Кæд быхсын æцæгдзинадыл фембæлыны иунæг мадзал у, уæд Кудзуты Бæчи æмæ пъæлицæйы прапорщик Мамайты Хату цæмæннæ быхсынц, Таза æмæ йæ фыд Экмырзæ стонгæй, бæгъæввадæй æмæ фæлладæй куыд быхстой, афтæ?» Уыцы хъуыды йæ фæдыл ноджы æндæр хъуыдытæ расайдта æмæ мæгуыр лæппуйы æцæгдзинад ссарынмæ тырнынад бакодта ахæм фæндонмæ: Иунæг Хуыцауы бæргæ фæнды адæмы ’хсæн æцæгдзинад æрæвæрын, фæлæ йæ а бæстыл иуæй-иутæ сайынмæ хъавынц æмæ йын йе ’цæгдзинад скæрдынц æрмæст сæхи пайдайæн. Гъе, уый тыххæй Таза йæ къухмæ Иунæг Аллахы мастисæн хотых сисдзæн æмæ æрвнæрдау фæсиддзæн: О Хуыцау, ракæс æмæ фен, быхсын чи зоны æмæ дын де ’цæгдзинадмæ къæм чи нæ фæхæццæ кæндзæн, уый! Мæнæ ис, къуыдиппыл дæлæмæ чи æрхæцдзæн æмæ мæгуыр, кæлæддзагæн йе ’нцой чи фæлæудзæн, уый!.. Йæ фæдисмæ адæм растдзысты æмæ сæхи цæстæй фендзысты, Хуыцауы амынд рæстдзинад сæм Турчы ’рдæм нæ, фæлæ сæ артдзæстытыл фидар хæцынмæ кæй сиды, уый.

— Цыфæнды фæуæд, Эбет, уæддæр карды йеддæмæ нæхи цæмæй сраст кæнæм, ахæмæй нæ къухы ницы ис, — загъта æрæджиау Таза.

— Фидар хæц дæ рæстдзинадыл, Таза! Мах фæйнæ мæлæты дарæм æмæ сæ Цæцæны зæххыл кæмфæнды бафиддзыстæм, фæлæ рæстдзинадæн амæлæн нæй æмæ нæ амæлæты фæстæ дæр цæудзæн нæ бæстыл, — загъта Эбет.

— Бузныг, Эбет, — æндæр ын ницы загъта Таза.

Эбет йæ дзырд сæххæст кодта. Йæ гæрзтæ систа, хъæуыхицауы рæхыс сыхæлдта йæ цухъхъайæ, афтæмæй ронбæгъдæй Газийы разæй Веденомæ ныццыд æмæ Головачевæн расидтис:

— Хъæуыхицауæн дæ фæдзæхст сæххæст кæнын йæ бон нæ бацис æмæ дæм мæнæ йæхæдæг æрцыд!

Таза æхсæвыгон фæндæгтыл хъахъхъæнджытæ баурæдта, æртытæ скæныны бар нæ радта, ахсæв исчердæмыты бафæразут, зæгъгæ. Кæд ын Эбет загъта, дæ бынат раив, ардæм ничиуал æрцæудзæн, зæгъгæ, уæддæр лæууыд, уымæн æмæ райсом уыд Муххаремы дæсæм бон.

VI. ТОХЫБОН ÆВИ ТУРКМÆ ЛИДЗÆН ФÆНДАДЖЫСÆР

Шалийы хъæу хъазахъхъ бацахстой æмæ йæм Махмудитæ нал баирвæзтысты. Балæбурыны фаг тых та сæм уæвгæ нæ уыд. Ганайты Актуллайы хæдзар басыгътой æмæ йæ фæздæг арвмæ калдис, кæрты сылгоймæгтæ змæлыдысты, сæ цъæхахст дардмæ хъуыст. «Æвæццæгæн, нал ис, баххуыс кæнын кæмæн хъуыд, уый!» Махмудæн йæ зæрдыл æрбалæууыд Актуллайы дысоны зарæг: «Æулæ-лæ-лæ-æ-æ!» Афтæ-иу зарыдысты Шамилы мюридтæ, сæ адзал-иу куы базыдтой, уæд. Сылгоймæгты хъарæг ын йæ зæрдæ ацарыдта, фæлæ сæм æввахс бацæуæн нæ уыд æмæ уайтагъд Харачоймæ раздæхт.

Тазайæн ма йæ фидиуджытæй чи аирвæзт, уыдон фæстæмæ иугай здæхтысты. Киса æрбацыд æмæ йемæ Элыстанджийы дзыллæйы фыстæг æрбахаста. Ды нæм цы тохмæ сидыс, уымæ цæттæ стæм æмæ дæм фæцæуæм, зæгъгæ, фыстой сæ фыстæджы. Сæуæхсидыл æцæгдæр æртындæс æмæ дыууиссæдзæй æрбахæццæ сты, сегас дæр бæхтыл. Таза сæ куы ауыдта, уæд фырцинæй арвмæ фæхауд. Фæсивæд сæ бæхты къæхтыл нымæты гæппæлтæ стыхтой æмæ алфамбылай къуырма гуыпп-гуыппæй байдзаг. Махмуд Тазайы тæккæ цурмæ бацыд æмæ йын сусæгæй йæ хъусы дзуры:

— Ганайты хъæбатыр Актулла дысон йæ цардвæндаджы кæронмæ бахæццæ ис... Шалийы хъæуæй ничиуал æрбацæудзæн ардæм... Ме ’фсымæр дæр никуы зыны Бруты хъæуæй.

Стæй та йæм Албаст бацыд, йæ цæст æм комкоммæ бакæсын нæ уарзта:

— Таза, Исаханы æрцахстой æмæ Эрсенойы дзыллæмæ дæ сидт нæ бахæццæ ис.

— Чи дын загъта? — кæлмдзæфау фестъæлфыд Таза.

— Дысон Веденойы нæ хæстæджытæм сусæгæй бацыдтæн. Уым мын дзырдтой, Исаханы æрцахстой æмæ йæ хъоргъы ныппæрстой, зæгъгæ.

Таза уыцы иу схъиудæй саргъыл февзæрд æмæ йæ фæйнæ фарс алæууыдысты: Арапхан, Албаст, Киса, Махмуд.

— Ам лæууыны фадат нын нал ис. Гамар-Дукмæ ссæуæм, уырдыгæй Хеттеш-Кортмæ, Хеттеш-Кортæй нæхи уыцы иу уагъд акæндзыстæм Веденомæ æмæ йын Хуыцауы фæндæй йæ дуæрттæ бадæрæн кæндзыстæм.

— Веденомæ! — ныййазæлыд комы.

Таза йæ бæхы фæцагайдта æмæ цæугæ-цæуын йæ хъуыдытæ ивæзта: «Гамар-Дукмæ ссæудзынæн, уым фæдисы æртытæ суадздзынæн. Арты рухсмæ Хул-Хулауы дыууæ фарс уæвæг дзыллæтæ æрбацæудзысты, кæд сæм мæ фæдисонтæ нæ бæхæццæ сты, уæддæр.

Харачойы хъæуы ’рдыгæй сæ цахæмдæр бæхджын æрбаййæфта. Комкоммæ Тазамæ баскъæрдта йæ бæх:

— Таза, æз Хадзаты Самхалы лæппу дæн, Эбет мæ рарвыста дæумæ. Гамар-Дучы рагъмæ ма ссу. Паддзахы æфсад уым сты æмæ къæппæджы бахаудзынæ.

— Эбет йæхæдæг кæм ис?

— Эбет йæхæдæг уым бады, Исаханы фарсмæ.

Ноджы та йын йæ базыртæй иу акъуырдтой. Лæппу ныддур ис æмæ йæ цæсгомыл иу нуар дæр нал змæлыд.

— Таза, кæд Гамар-Дукыл æфсад бадынц, уæд нын Веденомæ нырма цæуæн нæй, — загъта Махмуд.

— Кæд Гамар-Дукмæ нæ фæндаг лыг у, уæддæр бæлццоны чи афæндараст кæны, уый нæ бынтон æвæндаг нæ фæкæндзæн. Десны-Веденойы иувæрсты æрзилдзыстæм, тархъæдыл ахиздзыстæм æмæ комкоммæ Хеттеш-Кортмæ ссæудзыстæм, — Махмудмæ комкоммæ кæсгæйæ, загъта Таза.

— Уый раст хъуыды у, Таза! Хеттеш-Кортæн йæ иу фарс цæцæн цæрынц, йе ’ннæ фарс — та даргъинтæ, æмæ уым фæуд кæнынц Веденойы фидары хицауы бартæ дæр.

Хур хæхты сæрыл рабадт æмæ бæлæсты цъуппытыл пиллон арт бандзæрста. Гамар-Дучы иуварс фæуагътой æмæ, Хеттеш-Корты рагъмæ сирвæзтысты. Ойшиев Цомахъ хъæбатыр лæг уыд, фæлæ иугæр рагъыл растадонты куы федта, уæд йæ хæстонты къудзиты æрныгъуылын кодта.

— Цæмæ ма кæсæм? Нæхи сыл ныццæвæм! — нал быхста Ходаты Арсаныхъо.

— Фæлæуу, арсдзуан нæ кæныс!

— Мæн бауадз, æз сæ ассондзынæн Хеттеш-Корты рагъæй!

— Тæлтæг ми нæ бæззы.

Цомахъ дардыл æрзылд, Хеттеш-Кортæй Цонторы хъæуы ’хсæн бабадт. Йæхимидæг хынцыдта: «Махмæ иу мыггагимæ дзурын зын у, иу хъæуимæ дзурын та ноджы зындæр, фæлæ комбæстимæ быцæу кæнын Хуыцауимæ быцæу кæнынæй хъауджыдæр нæу. Тазайæн æнæ ныддæрæн хос нæй, фæлæ Цомахъæн йæ цард Ичкерийы зылды пысылмонтимæ дзырддагæй куы баззайа, уæд ын йæ пъагæттæ дæр нал баххуыс кæндзысты. Фæлтау уал Таза йæхæдæг сагайæд хылы-мылы, стæй йын Цомахъ дæр нæ дардзæн йæ дæндагæй цырагъ.

Цомахъæн йæ цыбыр уачъи ноджы йе уæхсчыты ’хсæн ныббырыд, æмæ йе ’ртæтигъон сæр йæ тымбыл гуыримæ сиу ис. Йе ’фсæр, маймулийы мукъуйау, размæ рассыдта æмæ къæбуты ’рдæм уæзгæ ныхыл хиды цæппузыртæ сæрттывтой.

Æрцъыкк кæнынæй куы уаид, уæд Цомахъ прапорщик Хату æмæ Арсаныхъойæ къаддæр не сарæхсид. Гоби кæнæ къуырма нæу наиб æмæ хаты: Хеттеш-Корт Гамар-Дукмæ æввахсдæр у, фæлæ булкъон Головачев, уым цы æфсад бадтис, уый йæ бынатæй нæ фезмæлын кодта æмæ Цомахъмæ барвыста фидиуæг: марадз, Тазамæ ды бабырс, зæгъгæ... Искæй къухæй тонынц пысыра...

— Минæвар барвитæм Тазамæ, кæд æнæ бæллæхæй йæ хæдзармæ ацæуид! — зæгъы Цомахъ.

— Хæдзар та йын кæм ис, Цомахъ?! Сау тугæн æнæ рауадзгæ кæм нæ уа, уым минæвар цæмæн хъæуы? — йæхи фæнд скъæрдта Арсаныхъо.

Цомахъ æй фелхыскъ кодта:

— Дæхи туг дын куы рауадза Таза, уæд куыд уаид?

— Тобæ, Цомахъ, уый мын нæ бауарздзæн стыр Аллахы цæст!

— Стыр Аллах негасмæ дæр æмхуызон цæстæй кæсы. Таза дæр иунæг Хуыцауы амындæй систа йæ къухмæ хæцæнгарз, афтæ фыста йæ сидæн гæххæттыты пысылмонтæм.

— Æз бахатдзынæн Тазамæ, — зæгъы Хату.

Наиб йæ къух ауыгъта æмæ дард ачъиртт кодта.

— Ды дæ сæр нал рахæсдзынæ уырдыгæй.

— Уæдæ кæй барвитæм?

— Кæй барвитæм, куы зæгъæм, уæд... Цонтормæ ныццæуын бахъæудзæн. Чериты Берды зондзынæ, хæрз зæронд лæг у, йæ цæрæнбонты æхсæны лæгæй фæцыд. Стыр æхсызгонæй нæ рацæудзæн Берд. Хъуыддаг лæмбынæг куы бамбара, уæд, чи зоны, комгæ дæр нæ ракæна, фæлæ йын зæгъдзынæ: дæлæ, зæгъ, иу къæбæда хъаугъайы арт суагъта æмæ адæмы сæ уалдзыгон куыстытæй фæиппæрд кодта. Чи та, зæгъ, Туркмæ йæхи цæттæ кæны æмæ йæ хъыгдары!.. Æниу Турчы хабарыл йæхæдæг дæр мæнæ-мæнæ нæ цин кæны Берд!.. Кæд уын ракома, уæд æй бæхыл сæвæрут, ардыгæй ма йын иу-дыууæ лæджы йемæ арвитдзыстæм, — бафæдзæхста Цомахъ Хатуйы.

Ныхъхъус сты. Гамар-Дукæй сыбыртт нæ хъуыст. Ахæм æмырдзинад Цомахъы архайдæн ницы пайда уыд, фæлæ йын Цонтормæ кæй арвыста, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ фезмæлæн нæ уыд.

Минæвæрттæ Чериты Берды бæхыл куы ’рбахастой, уæд Цомахъыл хур æрбакаст. Даргъ рихитæ уыд Бердæн. Йæ пух боцъо суаг йæ ронбастмæ ’ххæст. Уæздан уыд, фæлæ сæдæаздзыд зæронд лæгæн йæ уæрджытæ йæ коммæ нал кастысты.

Экмырзæйы фырт Тазайы хабæрттæ æрыхъуыста Берд, æцæг ын йæхи нæ зоны. Æвæццæгæн, нырма хæрз саби у, фæлæ йæ кæд йе ’хсар æмæ йæ зонд амонынц, уæд ын æвзонгæй цы у? Йæ фыд Экмырзæйы йын хорз зыдта, мæрдты рухсаг уæд! Хорз фыдæн мæгуырау фырт цæмæн хъуамæ рацæуа, уый цытæ дзуры Цомахъ! Цы сызмæста æмæ цы къæбæда митæ кæны, уый фенын хъæуы, чи зоны, æцæгдæр фæиртæст раст фæндагæй!.. Бацæудзæн Берд æмæ йæхæдæг баныхас кæндзæн лæгæй-лæгмæ. Чи зоны, Цомахъ йæхæдæг змæнты дон æмæ йæ искæй æфсон кæны! Кæд уыцы лæппу æцæг къæбæда митæ кæны æмæ йæхи æмхуызон джидзæггæгты æрæмбырд кодта йæ алыварс, уæд ын йæ хорз фыды хатыр нæ фæкæндзæн. Нæ уарзы Ойшиев Цомахъы Берд, уый тыххæй къæсæрæй æддæмæ дæр нæ ракæсид, фæлæ кæуыл æртыхст, уыдонмæ æхсайы йæ зæрдæ. Сæхæдæг цыфæнды фæуæд, фæлæ сын сæ бинонты бафхæрдзысты... Æндæр хос дзы нæй, карды тых кæй сызмæнты, уый æвзаджы тых хъуамæ æрсабыр кæна!

Цомахъ ын йемæ æхсæз лæджы арвыста, авд хорз нымæц у, зæгъгæ. Хату æмæ Арсаныхъойы минæвæртгимæ куы федта, уæд йæ лæдзæг зæххы ныссагъта æмæ йын йæ худ йе цъуппыл ацауыгъта:

— Кæд Арсаныхъо æмæ Хату цæуынц, уæд ма дзы æз цæмæн хъæуын?

Фистæгæй бацыдысты Хеттеш-Кортмæ. Уæллæгтæ сæ куы ауыдтой, уæд Берды базыдтой Кисаитæ æмæ йæ размæ рацыдысты. Таза сæ бафæдзæхста, æртæйæ ралæууæнт размæ, иннæтæ фæстæмæ аздæхæнт, зæгъгæ.

Таза Берды раз æрзоныгуыл кодта. Зæронд лæджы дыууæ къахы ’хсæн зæххыл йæ былтæ авæрдта. Уый йæм æрæвнæлдта æмæ йыл уæлæмæ схæцыд. Бердимæ цы дыууæ даргъинаг æрбацыд, уыдонмæ цæстæй февзыста Таза.

— Цомахъ мын загъта: Экмырзæйы фырт йæ фыды раст фæндагæй фæиртæст! Æз та йын загътон: йæ фыд карды комы хуызæн лæг уыд, æмæ йæ фарн мæрдтæм нæ бацæудзæн мæгуырау фырты аххосæй!

— Цæмæ дæ æрбарвыста Цомахъ? — хистæр-кæстæры фарн ныссаста Таза.

— Æз æрбацыдтæн ардæм, цæмæй фарн æрæвæрон æмæ алкæмæн æцæг фæндаг бацамонон.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: