II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 42 глава




— Уадз æмæ сæххæст уа, Аллах развæлгъау цы хъуыддаг сфæнд кодта, уый, — загъта Актулла.

Ард бахордтой, уыцы ардбахæрд Ганайты Актулла хъуыраны дуатимæ схæццæ кодта, афтæмæй йæ ныффыста, æмæ гæххæтты тигъыл комы хистæртæ милæй амæхст æнгуылдзтæ куы æрæвæрдтой, уæд æй ноджы рафыста æмæ йæ бæрнонтæн байуæрста.

Адæм ацыдысты, Таза дæр Харачойы ’рдæм афардæг. Актулла ардбахæрды сауфыст хъуыраны хуылфы бавæрдта æмæ йæ къулыл ауыгъд гауызы фæстæ бамбæхста. Суаипп æй куы ауыдта, уæд йæ былтæ асдæрдта æмæ Актулламæ бахудтис.

***

Сабатбон. Сихорафон Актулла æмæ йæ бинонтæ бынаты нæ уыдысты, афтæмæй сæм Суаипп бацыд. Куыдз ыл ахуыр уыд æмæ йыл не срæйдта. Хъуыраны хуылфæй Актуллайы къухæй фыст гæххæтт систа, чиныг йæ бынаты сæвæрдта æмæ раздæхт. Тыргъы рæхысæй баст куыдзыл баузæлыд, йæ барц ын адаудта. Стæй кауы дуар сæхгæдта æмæ йæ бæхы Дермецыччы ’рдæм фæцагайдта.

Девлет-Мырзæмæ бацыд æмæ йын гæххæтт æвдисы дардæй:

— Девлет, цом Веденомæ. Хицау цæуыл байрайа, уый мæнæ мæ къухы ис.

Девлет базыдта, къæрных æм цы ’рхаста, уый, фæлæ Суаиппмæ æлгъæй ракаст.

— Сæрхъæн, хицауы хъæуы гæххæтт нæ, фæлæ йæ чи ныффыста, уый!

Суаипп фырдисæй йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта:

— Девлет, чи йæ ныффыста, уый дæр йæ мидæг ис!.. Чи йæ ныффыста, уый, æмæ ма ноджы бирæ чидæртæ!.. Таза кæм уыдзæн, уый бæрæггæнæнтæ дæр зонынц гæххæтт æмæ Суаипп.

— Гæххæтт æмæ Суаипп цалынмæ Веденомæ цæуой, уæдмæ Актулла йæ къордимæ Харачойæ сирвæздзæн, фæндæгтыл дыууæ ахæмы суыдзæн, афтæмæй Хеттеш-Кортмæ ссæудзæн æмæ стæй Суаипп йæ гæххæттæй йæ фæстаг ныммæрзæд!

Суаипп цыма зæххы скъуыды аирвæзт, афтæ банкъардта йæхи. Æнæхъуаджы рацыд гадзрахатæй йæ фыдыфсымæры лæппу Актуллайыл. Æнæхъуаджы систа йе рагъмæ æнæауæрдон мюриды фыдæх. Хъæубæстæ йын давын барстой, фæлæ йæ гадзрахаты охыл æхсидгæ аджы ныппардзысты. Йæ былтæ здыйау ацъæх сты.

— Девлет!..

— Мæсты ма кæн, Суаипп. Ды дæ хæс бафыстай. Баззад ма дын иу чысыл хъуыддаг. Цафон рацæудзысты хæдзарæй? — афарста цæхгæр.

— Фæсахсæвæрты.

— Хæдзары сæ баййафын хъæуы!

Фæсахсæвæрты наиб Девлет-Мырзæ Ганайты Актуллайы хæдзарыл æрхъула кодта йæ чапартимæ. Суаиппы разæй барвыста æмæ йын бафæдзæхста:

— Дæ фæстаг хæс сæххæст кæныны æмгъуыд æрцыд. Сусæгæй бахъуыз æмæ Актуллаты куыдзы дард асай. Æввахс куы нæ бацæуæм, уæд нæрæмон мюрид нæ къухты удæгасæй нæ бафтдзæн, хицæуттæ та мардыл æхца нæ фидынц.

Актулла æхсæвыгон йæ куыдзы уæгъдæй дардта. Суаипп кауы дуар сусæгæй бакодта æмæ æгуыппæг талынджы йæ былты цъыррытт-цъыррытт ссыд. Куыдз æй базыдта. Хъысхъысгæнгæ йыл сцин кодта. Йæ барц ын адаудта. Хъуырбосы бын йæ къух батъыста æмæ йæ æддæмæ рацæйкодта, фæлæ йын чидæр йе уæхскыл фæхæцыд:

— Суаипп!

Йе уæнгтæ ’рызгъæлдысты. Йæ цæсгом сдудыдта. Йæ ком ахус æмæ дзурынæн нал уыд.

— Кæдæм фæцæйкодтай куыдзы, Суаипп? — фæрсы йæ ныллæг хъæлæсæй Актулла. Чи ма ис демæ?

Суаиппы бæрзæйыл фæхæцыд. Хатæнмæ йæ, гæдыйы лæппынау, басхуыста. Фæздæджы фæлмы тызмæг цæсгæмттæ нæ зындысты.

— Уый мæ фыдыфсымæры лæппу Суаипп у! — расидт Актулла.

— Актулла! — размæ ралæууыд Алханты Махмуд. — Дæ хъæбул куы феста, уæддæр йæ зыд цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæуы.

Суаипп ныр фæфиппайдта урус-мартайнаг лæппуты. Се ’хсæн, ахст сырдау, слæууыд æмæ йæ былтæ ’хсыдта.

Актулла бацыд, гауызыл рахæцыд æмæ хъуыран райста. Гæххæтт йæ хуылфы куы нæ разынд, уæд загъта:

— Харачоимæ нын ацæуæн нал ис. Нæ фæндæгтæ нын сæхгæдтой!

Суаипп йæ зонгуытыл æрхаудта æмæ ныббогъ-богъ ласта:

— Актул-ла-ла!

Актулла йæм фæлæбурдта, хъуыран кæм уыд, уырдæм æй бассыдта, хъæдын къулыл æй сныхæста æмæ йæ хъама фæцъортт ласта.

— Актулла?! Нæ! Æз мастисæг мюрид дæн æмæ йæ исдзынæн, цалынмæ мæ уд мæ буары змæла, уæдмæ! — загъта уый, æмæ Суаиппы артæнты хъама куы ныссагъта, уæд цыргъаджы цъуппæн йæ къупп хъæдын къулыл ссыд.

Фездæхт нæрæмон мюрид, стайау. Йæ хъамайы фындзæй туг | тагъд:

— Хæдзар æрхъулайы мидæг ис, фæлæ иу хæдзары басудзынæй нæ фесæфдзæн Кавказ. Æрхъулагæнджытæ сегас Суаиппы фæдыл Шалимæ нæ рацыдаиккой æмæ Харачоймæ нæ разæй куы схæццæ уой, уæд нæ фæстаг мæсыг кæлы.

— Æрхъула айгæрдæм, — зæгъы Алханты Махмуд.

Актулла йæ хъама фæхъил кодта æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой:

— Уазджытæ ацæудзысты. Фысымтæ ам баззайдзысты... Суаиппы худинаджы гакк æрæхсыны сæраппонд! — загъта тызмæгæй. — Тазамæ бæрæг схæссæд Алханы фырт Махмуд, уадз æмæ Хеттеш-Кортмæ йæхи айсæд!

Суаипп къулрæбын ныддæргъ ис æмæ йæ туг лæсæнтæ кодта. Актуллайы бинойнагæн адæргæй йæ хъуыр нылхынцъ æмæ йæ сым-сым цыд. Хæдзары хистæр бинонты зæххыл дæлгоммæ ныххуыссын кодта, æмæ уазджыты астæудуарыл скъæтмæ бакодта. Бæхты пыррыкк æмæ мыртт-мыртт хъуыст. Талынджы ницы зынд. Хъæдын æвдузæн æфсæйнаг цæгтæй ралвæста Актулла. Егъау дуарыл хæрз сындæг æддæмæ ахæцыд æмæ, уазджытæ арвыл стъалытæ куы федтой, уæд æй базыдтой, фысым сын сæ разы дуар кæй байтыгъта.

— Уый дæу æмæ де ’мбæлтты фæндаг у, уæ бæхты бацагурут æмæ цæттæ лæуут. Галиуæрдыгæй æхст куы сцырын уа, уæд алиуырут æддæмæ! — фæдзæхсы Махмуды.

Стæй та, кæрты ’рдæм цы дуар цыд, уый бакодта æнæсыбырттæй æмæ шалийæгтæм дзуры:

— Мах бæхтæ нæ хъæуы!.. Мæнæ уым фæсдуар æрæмбæхсут æмæ æнхъæлмæ кæсут мæ топпы гæрахмæ. Ме скъæтæн æртæ дуары ис, фæлæ дзы ахсæв æрмæст иу дуарæй ис ахизæн.

Йæхæдæг йæ хъыримаг йæ дæларм скодта, кæртмæ рацыд æмæ æнæмæт хъæлæсæй базарыд:

— Æлæ-лæ-лæ-лæ!

Хæрисы зæнджы аууонæй йæ æрбагæрах кодта чидæр. Æхст кæцæй фæцыд, уым ныццавта нæрæмон мюрид нæмыг, æмæ йыл хъæрзын куы ссыд, уæд та базарыд:

— Æлæ-лæ-лæ-лæ!..

Цалдæр арты иумæ спæртт ластой. Актулла фæдзуццæг æмæ йæ дамбацайы хуыфынмæ скъæты дуарæй шалийæгтæ куы ракалдысты, уæд зæххыл йæ хъус нындæгъта, кæддæра фаллаг дуарæй уазджытæ алиуырдтой, зæгъгæ! Зæхх æм бæхы цæфхæдты хъæр хаста фалейæ, уый йæм хъуыста æмæ талынджы аивæй хъыримаджы хъæлæсы топпыхос ауагъта.

Скъæты раззаг дуары цур æхст куы бацайдагъ, уæд æрхъулагæнджытæ размæ раивылдысты æмæ æрхъулайы цæг иуырдыгæй фегом, Махмуд, Джебраил, Юсуф æмæ ма ноджы иу-цалдæр лæппуйы бæхтыл абадтысты æмæ талынг скъæтæй гуыбыр-гуыбыр æддæмæ рагæппытæ кодтой. Чапартæ æртæйæ сæ разы лæуд фесты, фæлæ сын, æвæццæгæн, уырдыгæй рагæр-гæр кæнын æнхъæл нæ уыдысты æмæ фергъуыйау сты. Махмудитæ тыхгæнджытыл кæрдтæй ралæууыдысты æмæ, мæлæтдзаг уынæргъгæ, скъæты къулрæбын куы бахаудысты, уæд размæ сæхи аппæрстой æмæ æрхъулайæ аивгъуыдтой. Фалиауæй ма сæм ноджы иу хатт æрбайхъуыст Актуллайы зарын:

— Æлæ-лæ-лæ-лæ!

Æрхъула уынгæгæй-уынгæгдæр кодта, Актулла йæ тæккæ раз дыууæ æндæрджы куы ауыдта, уæд сæ хъыримаг æмæ дамбацайæ æмæхст фæкодта, стæй ма дзы ноджы дыууæйы куы афæлдæхта, уæд, йæ уазджытæ сæрæгасæй кæй аирвæзтысты æмæ Тазамæ бæрæг кæй схæсдзысты, ууыл йæ зæрдæ даргæйæ, йе знæгтыл кардæлвæстæй йæхи ныццавта æмæ сæ æнауæрдонæй къуыхтæ кодта, афтæмæй дзæнæтмæ заргæ бацыд хъæбатыр мюрид.

Махмудитæ та Харачойы хъæумæ хурыскастмæ схæццæ сты æмæ хъæууынджы куы никæй баййæфтой, уæд хъæуыхицау Абеккерты Эбеты хæдзарыл сæхи ныццавтой.

IV. КУДЗУТЫБÆЧИЙЫ«ХÆРЗИУÆГ»

О Иунæг хæрзиуæгджын Стыр Хуыцау, уый цытæ фехъусын кодтай Бæчийы хъустæн! Сыстæйдзаг фыййау дзыллæйы раз ралæууыд æмæ сиды: не сфæлдисæг мын мæ къухмæ мастисæн хотых радта, зæгъгæ! О Аллах, чи зоны, Бæчимæ дæ чъылдым фездæхтай æмæ уый хыгъд Экмырзæты Тазамæ ныццавтай дæ налмас цæсты рухс, уæд ын дæ фæндон бамбарын кæн æмæ йын æй ныдздзур йæ хъусы! Дæуæн дæ бон се ’ппæт саразын у, дæ алæмæты стъарцы иу банкъуыстæй бынтон ницæйаг æмæ сæрхъæн лæджы сæр дæр æвæджиау стыр хъуыдыты лагъз фестын кæндзынæ. Айразмæ Бæчи Харачойы хъæууынджы де ’ндæвд æмæ дæ ахадæн дæ иузæрдыг адæмы удтыл байзæрста æмæ дыууæ æгоммæгæс дзиглойы дурты бын фæцæйныгæнын кодта, фæлæ кæцæйдæр фæзынд Таза æмæ сæ байста.

Суаиппы арвитид Веденомæ, фæлæ уыцы къæрных булкъонæн радзурдзæн, æрмæст йæ цæстæй цы федта, уый. Бæчийæн та йæ уд æрдæгсахаты дæргъы хæрамæй байдзаг, æмæ йæ Веденойы куы нæ равдæлон кæна, уæд ын, чи зоны, атона. Хицаумæ йæхæдæг ныццæудзæн Бæчи æмæ йын радзурдзæн, пысылмон адæм кæд исты фæазымджын сты хицауы раз, уæд æй Экмырзæты Тазайæн бафидын кæн. Пысылмонты хæцын нæ фæнды. Уыдон фæнды Туркмæ алидзын!

Æрхуы тасы дон æркодта Бæчи, ламаздзыхъхъыл æрзоныгуыл кодта, æмæ йын Экмырзæты Таза йæ удыл цы тæригъæды чырс авæрдта, уый ссыгъдæг кæныны охыл Хуыцаумæ йæ тæрттæ суагъта.

— Ааа-ллл-ах, эк-бер! Ааа-лл-ах, эк-бер! — ныддаргъ-иу кодта уыцы иу дзырд.

Цыма йæ карæй иу-дæс азы аппæрста, афтæ срог ис йе онг фæскуывд. Хъæууынджы ничи зынд, кауы хуынчъытæй йæм сылгоймæгтæ кастысты, фæлæ пысылмон дуне йæ хъус кæд дардта сау кæрдæны бын æмбæхст рæстдзинадмæ!

Йæ хæрæджы уд сыскъуыдта Бæчи, фæссихæртты Веденомæ бахæццæ ис Хуыцауы рæстдзинад агурæг молло.

***

Ичкерийы æфсæддон зылды хицау булкъон Головачев уарзта Кавказы æрдз. Йæ уд, йæ дзæцц уыд искæцы бæрзæндæй кæсын, рагон мæсгуыты сисдзæфтæй фæлгæсын. Кæсынæй-иу не ’фсæст арф кæмтты размæ згъорæг нарæг къахвæндæгтæм, æнæрцæф урссæр хæхты сæрыстырдзинад ын йæ зæрдæ бæллиццаг æнкъарæнæй йедзаг кодта. Йæ удмæ æвдадзы хосау тагъдис, амæттаг агургæйæ, нарæг цъассыты сæрмæ уасгæ цы цæргæстæ зилахар кодта, уыдоны уынæр æмæ комы бæхты æнæбайсысгæ къæхты хъæр.

Æмбисбоны æмырдзинады-иу, уæлгоммæ хуысгæйæ, аныгъуылд. Кæцæйдæр-иу æм уынæр хъуыст, фæдисы уынæр, фæлæ-иу нæ фезмæлыд, уымæн æмæ йын цæфхæдты нæрын йæхæдæг амыдта, барæг сау хабаримæ æрбацæуы, æви йæм хæрзæггурæггаг хъуамæ фæуа. Искуы топпы гæрах куы фæцæуы, уæд йæ уынæр райдианы цадæггай, араугæ æрбайхъуысы, стæй куыдфæстагмæ стынг вæййы, анæрсы зæйау, æмæ нарæг комы куы нæуал бацæуы, уæд суанг хæхты цъуппытæм асæххæтт кæны. Хæхты ’хсæн уынæр дард хъуысы, тынг дард. Хатæнмæ хъахъхъæнæг хъуызæгау æрбацыд.

— Наливайко, цы рафт-бафт кæныс?

— Харачойæ минæвар æрбацыд, — зæгъы Наливайко, бурдзалыг хæбуздзыхъхъ лæппу.

— Цавæр минæвар у? — булкъон зивæгæй рабадт йæ сынтæгыл.

— Кудзуты Бæчи.

— Кудзуты Бæчи? — Головачевæн йæ адджын сæнттæ фæпырх сты. — Фæдзур æм!

Молло æрбацыд, йæ сарыхъхъы чъилтæй хид рахъардта æмæ хæлындзæсгомæн йæ дагътæ æрттывтой.

— Ас-салам-алейкум, хъонагъ! — йæ сæрæй акуывта æрбацæуæг.

— Алейкум-салам, нæ уаз фыд.

Молло йæ былтæ базмæлын кодта, фæлæ йын йæ ныхæстæ Головачев нæ бамбæрста.

— Хъæрæй дзур, нæ фыд!

— О Хуыцау, ды ме ’вдисæн фæу! — скуывта Бæчи. — Хъæрæй дзурын хорз у, фæлæ мæ ныхас мæ хъонагъ æмæ Уæлладжы йеддæмæ мачи хъуамæ фехъуса.

— Ам Хуыцау æмæ нæ дыууæйы йеддæмæ ничи ис, нæ фыд.

— Бæллæх æрцыд, мæ хъонагъ, бæллæх! Тазайы хабæрттæ зондзынæ, фæлæ мæн Харачойы хъæуы сæрмæ тыхæй кæй сластой æмæ мын гæххæттытæ кæй ныффыссын кодта, уый нæ зондзынæ!

— Цæй гæххæттытæ бахъуыд фыййауы?

— Хуыцау ын кæй бафæдзæхста, уый мын араббаг æвзагыл гæххæттыл фæфыссын кодта æмæ сæ дзыллæтæм фервыста. Бауырнæд дæ, Бæчийы топпы дзыхмæ баурæдтой!

— Кæдæмыты фервыста йæ гæххæттытæ?

— Даргомæ, Элыстанджимæ, Эрсеноймæ, Хоймæ, Ца-Веденомæ, Шалимæ, Гехмæ, — æрнымадта Бæчи.

— Цы дын ныффыссын кодта йæ гæххæттыты?

— Муххаремы дæсæм бон пысылмонтæм Хеттеш-Корты рагъмæ сиды, уырдыгæй Веденомæ ныллæбурдзысты... Туркмæ лидзынвæнд, дам, чи скæна, уый йæ Хуыцау æмæ йæ зæххыл гадзрахатæй рацæудзæн, зæгъгæ. Махмæ фæдис миты къуыбарæй хъауджыдæр нæу æмæ, цас фылдæр фæтула, уыйас стырдæр кæны!.. Тазайы фæдис куы нæ ныцауæзтæуа, уæд райсом Хеттеш-Кортмæ æгас Ичкери æрцæудзæн, иннæбон æгас Цæцæн æмæ уый фæстæ Мæхъхъæл æмæ Дагъыстанмæ дæр, чи зоны, анхъæвза... Æз уымæн ратындзыдтон. Тазайы фæндæгтæ ныртæккæ куы нæ сцыбыр уой, уæд райсом се сцыбыр кæнын, чи зоны, фæзын уа!..

Уыдæттæ иууылдæр зыдта Головачев, фæлæ Тазамæ, зикрист уæвгæйæ, зæхх æмæ райгуырæн къуымы номæй сидыны хъуыды кæцæй фæзынд, уый нæ рахатыд. Уый тынг мæгуырау хабар у: райгуырæн къуым Хуыцауы бæрзæнд скæнын!

— Таза йæ зæхх æмæ йæ райгуырæн къуым йæ Хуыцауы бæрзæндмæ кæм систа, уым æй, æвæццæгæн, йæ ахуыргæнæг æвзæр схъомыл кодта, нæ фыд!

— Нæ-ннæ, мæ хъонагъ! Йæ ахуыргæнæджы аххос дзы ницы ис! Тазайæн Хуыцауы фæлгонц уыд æнус-æнусты ныфс æмæ уарзты цæджындз, фæлæ цалдæр боны размæ нæ дзыллæмæ дыууæйæ æрбацыдысты æмæ уый фæстæ сæнкъуыст уыцы цæджындз.

— Цæй дыууæйы кой кæныс?

— Сæ иу Урус-Мартаны хъæуккаг Алханты Махмуд, иннæ та брутаг ирон лæппу... афицер.

— Афицер?

— О, Мамсыратæй разынд, йæ ном Те-мур-бу-лат, — йæ ном ын тыххæйты загъта Бæчи.

— Тазаимæ иумæ æрбацыдысты Харачоймæ?

— Нæ, мæ хъонагъ, Таза фæстæдæр æрбацыд, æмæ сæ адæмы ныхтæй уый куы нæ ратыдтаид, уæд сын сæ аккаг ми бæргæ бакодтаиккой, Хуыцауы ныхмæ кæй дзырдтой, уый тыххæй! Акодта сæ марынмæ, фæлæ сæ цæмæннæ амардта, уый ничи зоны. Бафæрсын дæр æй ничи уæнды, фæлæ йæм абон куы байхъуыстон, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма уыцы ирон лæппуйы æвзагæй дзырдта...

Головачев сыстад æмæ дыууæрдæм арацу-бацу кодта.

— Хуыцау æмæ зæххы уарзт куы сиу кæнай, æмæ уыдон номæй куы сидай адæммæ, уæд уый тæссаг хæцæнгарз у, нæ фыд!

— Ай-гъай, мæ хъонагъ.

— Бузныг, нæ фыд, дæ хæрзиуæг дын нæ ферох кæндзыстæм! — йæ цæсгомы æнгасæй йын бамбарын кодта, ды ам уай, уый ницыуал пайда у, зæгъгæ.

Молло куыддæр ацыд, афтæ Веденойы æфсæддон гарнизон сызмæлыд. Головачев фыстæг афыста æмæ йæ къулермæ радта:

— Дыууæ салдатимæ Харачоймæ лидз. Гамар-Дучы иувæрсты æрзил, цæмæй дæ цæцæн ма фæфиппайой. Фыстæг хъæуыхицау Абеккерты Эбетмæ фæхæццæ кæн.

Штабы хицау æрбацыд мидæмæ:

— Господин булкъон, хъахъхъæджытæ цахæмдæр туземецы æрцахстой æмæ йæ гарнизонмæ æрбакодтой, йæ цухъхъайы ссывды йын мæнæ уыцы гæххæтт ссардтой.

Араббаг дамгъæтæй фыст гæххæтт тæлмацгæнæгæн бакæсын кодта:

«Не ’фсымæр Албаст æмæ уый цы хъæуы цæры, уыцы хъæуы дзыллæйæн салам!»

— Æрбакæнут уацайраджы!

Хатæнмæ Исаханы æрбаппæрстой. Йæ куырæты скъуыдæй къæйы хуызæн риу зындис.

— Кæдæм цыдтæ? — фæрсы Головачев уацайраджы.

— Аллах мын кæдæм амыдта, уырдæм, — йе ’рфгуыты бынты скæсгæйæ уæззаугай загъта Исахан.

— Чи дæ рарвыста?

— Рæстуырнæг лæджы йæ балцы фæндараст чи фæкæны, уый.

— Ацы гæххæтт дæм чи радта?

— Пехуымпар йæ фæндтæ кæмæн раргом кодта æмæ мастисæн хотых кæй къухмæ радта, уый.

— Албаст æмæ Арапхан иудадзыг Тазаимæ куы уыдысты, уæд ныр цæмæн фæхицæн сты сæ фæтæгæй?

Исахан йæ галиу цæст æрцъынд кодта.

— Æмæ йæ дæхæдæг нæ зоныс. Цæмæй сæ дзыллæты бацæттæ кæной æмæ сидæджы сидт билцъ рафтауа!.. Æмæ йын рафтаудзæн! Исахан нæ бахæццæ ис амынд ранмæ, уый хыгъд сæм бахæццæ уыдзæн сæ зæххы сидт, сæ бæстæ æмæ сæ артдзæсты сидт... Æнæмæнг æрцæудзысты æмгъуыдмæ!..

Булкъон хъахъхъæнджытæм адзырдта:

— Хъоргъы йæ ныппарут!

Даргъины наиб Ойшиев Цомахъмæ дæр арвыста: пæлицæйы ротæ æрцæттæ кæн, адæмæй дæ зæрдæ кæуыл дарыс, уыдон дæр сæм бафтау æмæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ.

Иу фыстæг та инæлар Тумановмæ арвыста, Мамсыраты Темырболат чи уыд æмæ цы арæзта, уымæй бæрæг базоныны сæраппонд.

V. ХЪÆУЫХИЦАУ АБЕККЕРТЫЭБЕТ ДЫГЪУЫРЦЦÆГ КÆНЫ

Эбетæн, йæ мады æхсырау, йæ туджимæ цы фыдæлты æгъдæуттæ схæццæ сты, уыдон йæ цæсты раз дæрæн кодтой.

Цæмæн сæвæрдтой Эбеты хъæуыхицауы къæлæтджыны? Паддзахы фæсдзæуинтæн цы хорзы бацыд? Эбетæн йæхимæ ахæмтæй куы ницы ’хсайы йæ зæрдæ, уæд æй цæмæн схицау кодтой? Чи зоны, йæ ахаст паддзахы салдæттæм фæлмæн кæй уыд, уымæн? Æмæ Эбет цы фæрæдыд? Уыдон дæр закъон ратардта йæ разæй. Нæ сæ фæндыд, сæ зæрдæ сæ нæ тардта ахæм фæндагыл цæуынмæ, фæлæ иугæр ардæм æрбацыд, уæд ын йæ хицауы бардзырд æнæ сæххæст нæй. Кæннод додой йæ къона кæны, йæ хивæнддзинады амæттаг фæуыдзæн. Эбеты уырны: ахæмтæ тынг бирæ кæй ис, уырыссаг салдæттæй, гъе, стæй сæ афицертæй дæр. Гæнæн уæвгæйæ се ’фсæддон дарæс раласиккой æмæ, сæ къухтæ хæларæй радаргæйæ, зæгъиккой: «Ас-са-лам-алейкум, хъонагъ! Мæн демæ хылаг ницы ис, фæлæ мæ паддзахы закъон йæ разæй ратардта, æмæ мæ дзæхст ам фæцыд. Кæд мын бар ратдзынæ, уæд мæ фæллад дæ къонайы фарсмæ суадздзынæн æмæ фæстæмæ мæ фыды уæзæгмæ аздæхдзынæн!» Ахæм амонд та кæм ис! Эбет йæ дуæрттæ байтындзид: «Рацу хæдзармæ, хъонагъ, дардвæндагыл бафæлладаис æмæ дæ фæллад суадз! Цыхт æмæ дæ хъарм кæрдзынæй суазæг кæндзыстæм!.. Кæд дæ ницæйаг фысым дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд та йæм дыккаг хатт дæр æрбафысым кæн. Махæн нæ хорз уазæгыл нæ куыдз дæр нæ рæйы. Мæ хæдзары дæ зæрдæмæ исты куы фæцæуа, уæд æй ма бамбæхс, æргом æй зæгъ! Кæд дæ Эбетимæ ард бахæрын, кæнæ тугхæстæг саразын фæнды, уæд уый дæр ма бамбæхс. Ис нæм чындздзон чызджытæ, усгур лæппутæ!..» Ехх, ахæм амонд та кæм ис!.. Æвæццæгæн, нæхионтæ дæр не сты бынтон рæстытæй! Шамилы газават пысылмонты удты афтæ арф ахъардта, æмæ ахæмты ничиуал æвзары, афтæмæй сæ, фадат уæвгæйæ, растæй-зылынæй цæвынц. Эбет лæджы йæ уырзæй февзары æмæ йын къæпи æмæ дзывырыл хæцынæй уæзæгæвæрд къухтæ зæххы баныгæнынæн нæ фентысынц. Йæ уды фæлмæндзинад дæр, æвæццæгæн, уырдыгæй цæуы æмæ паддзахы инæлæрттæ æмæ афицертæ та загътой: Абеккерты Эбетимæ дзурæн ис, уый сæвæрæм хъæуыхицауы къæлæтджыныл æмæ уый фæрцы нæрæмон пысылмонтæ нæ коммæ бакæсдзысты!

Имамы тохмæ фæцыдысты йæ фыдыфыд, йæ фыд, стæй та йæхæдæг хæрзæвзонгæй. Йæ хæдзарвæндаджы хистæртæй чи хæсты фæмард, чи та дзы паддзахы хъоргъы систа йæ уд. Имам йæхи куы радта, уæд Эбет дæр бахауд уацары, фæлæ æрцыдис диссаг, æмæ йæ чысыл фæстæдæр хъоргъæй рауагътой: «Ацу, Харачойы хъæуыхицауæй бакус!» — загътой йын. Эбет дисгæнгæ цыдис сæхимæ, кæд мæ сайгæ кæнынц, кæнæ мæ фæндагыл амарынмæ хъавынц, зæгъгæ, æмæ æрæджиау æрцыд ахæм хъуыдымæ: æрбацæуджытæ Кавказы састыл нымайынц æмæ саст адæмæй сæхицæн хъонагътæ агурынц, цæмæй хохаг адæмæн равдисой: кæсут, нæ коммæ чи кæсы, уымæн хæрзиуæг скæнын дæр зонæм! Зæхх стыр у, бæстæ — уæлгоммæ æмæ уæларвон тыгъдад æгæрон у. Уыцы æгæрон тыгъдады пысылмонæн дæр ис бынат æмæ чырыстонæн дæр. Адæймаг адæймаг у, фæнды пысылмон уæд, фæнды — чырыстон. Эбет алы фæрныгмæ дæр фæсидид: хъонагъ, æгас нæм цу æмæ дын нæ цæхджын хойраг хæлар уæд! Фæлæ ахæм фарны хъуыддаг кæмæндæр йæ цæсты сындзау ныхсы æмæ йæ фæсдзæуинты куыйтау ардауы.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: