II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 41 глава




Тазайы ныхæсты рæстдзинад сæ зæрдæмæ ныккæсын кодта адæмы. Фыййау уыцы рæстдзинад комкоммæ нæ ныццавта адæмыл. Уæд, чи зоны, йæхиуыл дæр брутаг лæппуйы бон акодтаид æмæ, кæмæ сидтис, уыдон æй сыджытимæ самæстаиккой. Йæ рæстдзинад царды фæлтæрддзинадæй сбæлвырд кæныны фаг ахуыр та кæм уыд сидзæр лæппумæ. Зæрдæаивдзинад ын йæ къухмæ сисын кодта, йе ’мхъæуккæгтæ Хуыцауы амынд кæй фенхъæлдтаиккой æмæ йын райсом бындурæн чи сбæззыдаид, ахæм «судзгæ» хотых. Харачойæгтæ аргъуц кодтой уыцы судзгæ хотых æмæ сидтæй. Таза йæ къухы хуымæтæджы тæвд æфсæйнаджы къæртт кæй раскъæф-баскъæф кодта æмæ йе ’рттывд байсыны агъоммæ уæлбæхæй хъæуæн йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ кæй тындзыдта, уый куы зыдтаиккой, уæд дзы нæ аргъуц кодтаиккой. Афтæ мын амоны мæ амæлæты фын æмæ мæ ми Хуыцауæн æхцон у, зæгъгæ, уырныдта æнæхин лæппуйы. Кардыл арвыроны хуызтæ сыгъдысты, Умаханты Киса сæм кастис, æмæ йæ уырныдта: мæйдар æхсæв Харачойы нарæг уынгты, судзгæ цырагъау, цы мастисæн «хотых» ратæх-батæх кодта, уый хурмæ къаддæр не ’рттивы æмæ рæстдзинад ис, Кудзуты Бæчийы сидты мидæг нæ, фæлæ уыцы æрттывды мидæг.

— Уæдмæ уал Кудзуты Бæчийы æрбакæнæм дзыллæйы раз дзуапп дæттынмæ! Уадз æмæ йæхи дзыхæй зæгъа, Веденойы паддзахы æфсадхонимæ цал хатты баминас кодта, уый! — фæхъæр кодта Киса.

Цалдæр лæппуйы фæхицæн ис æмбырдæй æмæ моллойы хæдзары ’рдæм ныххæррæтт ластой. Таза фенкъардта: йæ рæстдзинад йе ’мхъæуккæгты зæрдæтæ бакъуырдта, фæлæ уæртæ уыцы лæппутæ моллойы кæртмæ афтæмæй куы баирвæзой уæд ын, чи зоны, дзыллæйы размæ йæ мард æрбахæссой. Дамбаца фелвæста, ныггæрах кæнынмæ хъавыд, фæлæ æвиппайды æрхымпырдта: топпы гæрах ын йæ къухы уæвæг мастисæн хотыхы æрттывд банымæг кодтаид æмæ йын йæ рæстдзинадыл хæрзмæ нæ саудыдтаид. Дамбацайы хæтæлæй æхсаргарды тъæпæн бакъуырцц-къуырцц кодта, йæ зæлланг, æрвон мырау, азæлыд æмæ Бæчийы æрбакæныны сæраппонд чи фæцæйлыгъд, уыдон дзыхълæуд фæкодтой. Таза нымд цæстытæй уæлæмæ кæсгæйæ загъта:

— Негасы дæр бахъæудзæн иу бон Уæлладжы раз дзуапп дæттын, фæлæ нæ ныр Бæчи иттæг хъæуы æмæ йæ æрбакæнут, хъæуы хицау уæ куыннæ фена, афтæ.

Чысыл фæстæдæр Бæчийы æрбакодтой. Молло Харачойы фæсивæды æмбырдæй куы федта, уæд хорзау нал фæцис. Йе ’мхъæуккæгты цæстыты Хуыцауы аргъуц нал фæфиппайдта, тызмæг, къуымых цæстытæ йын йе онджы тас бауагътой. Тазайы æмбырды тæккæ астæу фенгæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты фыййауы ’хсæвы сидтытæ æмæ «судзгæ хотыхы» æрттывд.

— Стыр Хуыцау уæ хорз хъуыддагыл бацардауæд, ме ’мхъæуккæгтæ!

Дзуапп ын куы нæ радтой, уæд тызмæг цæсгæмттыл йæ цæст ахаста. Моллойы цæмæн æрбакодтой, уый ничи зыдта æмæ Тазамæ æнхъæлмæ кастысты.

— Сыгъдæг чиныгыл нæ ард бахæрын фæнды, — тызмæггомау загъта Таза. — Хъуыраны дамгъæтимæ дæу йеддæмæ дзурын ничи зоны.

— Тобæ, тобæ, Таза! Цæуыл хæрут ард?

— Чиныг куы фенæм, уæд дын æй зæгъдзыстæм.

Тазайы змæст цæстытæ йæ фергъуыйау кодтой, фæлæ йæм йæ тарæй хъуыран сисынвæнд нæ уыд. Æмырдзинад ыл æруæз кодта. Йе тармæ нывнæлдта æвæндонæй.

— Фыссæнтæ дæр сис æмæ ныффысс!

Йæ фыййауы уæнгты цыдæр мидтых фиппайдта Бæчи æмæ йæ уый тæрсын кодта. Æгæрыстæмæй-иу æм хатт ахæм хъуыды дæр фæзынд: «Экмырзæйы фыртмæ Уæллагæй цыдæр ис, фæлæ йæ йæхæдæг дæр не ’нкъары!» Уыцы кæлæнгæнæн миниуæг æм куы нæ уаид, уæд ын нæ бантыстаид нæрæмон дзыллæйы къæхты бынæй дыууæ змæнтæджы скъахын! Байста сæ æмæ сæ акодта. Цы фесты, цæмæн бакодта Харачойы дзыллæ йæ раст тæрхон фыййауы бæрн? Æндæр искæмæн бантыстаид ахæм ми? Æндæр искæй дзырдæй афæйлыдтаид Бæчи йæ кæрцы фæдджи æмæ, йæ сынæгыл ауыгъд ахорæны къопп æрцæттæгæнгæйæ, Тазайы цæстытæм къæбæрсай куыдзау кастаид? Таза, цы ныффыссын кодтаид, ууыл иудзæвгар фæхъуыды кодта æмæ загъта:

— Хуыцауы фæндон нæ сыхæгтæ æмæ не ’фсымæртæм куы нæ фехъусын кæнæм, уæд нæм Хуыцау фæхъыг уыдзæн. Ныффысс, Бæчи!

«Исламы ахуырад парахат кæнын Уæллагæй амынд кæмæн у, уыцы Хуыцауæй аргъуцгæнæг имам сиды йе ’фсымæр Арапхан æмæ дзæнæты дуæрттæ сæ разы гом кæмæн уыдысты, уыцы пысылмонтæм!»

— О Аллах, цытæ хъусын! — йæ фыссын фæуагъта Бæчи.

— Ныффысс, уый Хуыцауæн йæхи барвæндон у! «Ныууадзут Туркмæ лидзыныл хъуыды кæнын, ма ныллæуут, не сфæлдисæгæн æхцон чи нæу æмæ, не знæгтæн æхсызгон чи уыдзæн, уыцы фæндагыл. Цæттæ лæуут, Хуыцау нын йæ пехуымпары фæрцы æнæдинты ныхмæ цы хæст ныффæдзæхста, уымæ! Ацæут Мæхæмæты фæндагыл æмæ фæсурут, уæ артдзæстытæй уæ Туркмæ чи лидзын кæны, уыцы знæгты!»

— Уый æбуалгъ у! Адæм, уæ хъусты къæрмæджытæ батъыссут æмæ æбуалгъы сидт уæхимæ æмгæрон ма бауадзут! — йа фыссæн сис арвмæ сдаргæйæ, фæбогъ ласта Бæчи.

— Ныффысс! — йæ къух æм арцау фæдардта Таза. — Æз искæйау нæ Хуыцау æмæ нæ бæсты тыххæй Веденойы паддзахы хъузонимæ нæ фæбадын ныхасы. Æз ыл ам сагъæс кæнын Харачойы уæзæгыл, нæ дзыллæйы ’хсæн. Ныффысс:

«Рацæут, нæ Хуыцау æмæ нæ уæзæджы сæраппонд тохмæ. Райсом, Харачойы сæрмæ цы уæлвæз ис, уырдæм æрæмбырд ут æмæ уырдыгæй нæ фæндаг скæндзыстæм Хеттеш-Корты къуылдыммæ!»

Таза гæххæтт райста æмæ араббаг къæлæсытæ дамгъæтæм æркаст, фæлæ сын куы ницы бамбæрста, уæд æй фæстæмæ Бæчимæ радта:

— Бакæс Харачойы дзыллæйы сидт!

Молло йæ фыст куы бакаст, уæд æй Таза фæстæмæ райста æмæ йæ сфæйлыдта:

— Чи нæу Харачойы дзыллæйы рæстдзинады æвварс, уый иуварс алæууæд!

Иуварс куы ничи алæууыд, уæд Таза уыцы сидт æндæр гæххæттытæм дæр рафыссын кодта Бæчийæн.

Таза йе ’нгуылдз ахорæнæй ацахуырста, прокламацитыл æй æрæвæрдта, æмæ йæ дадзинтæ æрфæлмæн сты, фæстаг фидиуæг Алханты Махмуд æмæ Темырболатмæ куы арвыста, уæд æм дзагъыр цæстытæй æнхъæлмæ цы дзыллæ каст, уымæн ризгæ хъæлæсæй расидт:

— Акæсут-ма нæ хæхтæм, йæ дзыхъхъытæм, нæ арв æмæ нæ зæхмæ!.. Æххуысæнхъæл нæм сæ цæстытæ ныццавтой æмæ нæм райсом æнхъæлмæ кæсынц. Нæ Хуыцау Стамбулы бæрзонд мæзджыты хуылфы нæй, Бæчи. Нæ Хуыцау ис, æххуысæнхъæл нæм цы бæстæ кæсы, уый мидæг... Нæ хæхты, нæ бæсты хуылфы!

Фæстæмæ фæкаст æмæ Бæчийы уым куынæуал ауыдта, уæд фæджихау, молло кæуылты ахъуызыд, зæгъгæ.

Фæндæгтыл хъахъхъæнджытæ сæвæрдта Таза, цæмæй Харачойы дзыллæйы ардбахæрд Веденомæ мачи бахуын кодтаид.

Фæцыдысты фидиуджытæ сидзæр Тазайы прокламацитимæ Элыстанджимæ, Хоймæ, Эрсеноймæ, Даргомæ æмæ Ца-Веденомæ.

III. «МУХХАРЕМЫДÆСÆМ БОН ДÆР БАФÆЛВАРЫН ХЪÆУЫ»

Тазайы прокламацитæй иу Ичкерийы æфсæддон зылды хицаумæ бафтыд æмæ Цæцæны фæндæгтыл рацу-бацу фæзындæр ис, фæлæ Таза уыцы изæр йæхæдæг ныццыд Шалийы хъæумæ. Уырдыгæй дæр фервыста фидиуджытæ Урус-Мартанмæ, Гехмæ, Бердыкелмæ æмæ сидтис адæммæ, æнхъæлмæ уæм кæсын, æрцæут æмæ уын Иунæг Стыр Хуыцауы фæдзæхст раргом кæнон, зæгъгæ.

Алханты Махмуд йæ къæсы чысыл рудзынгæй Шалийæ Ганайты Актуллайы куы ауыдта, уæд дзы йæ цонджы рис айрох. Фæджихау, цы йæ æрхаста, зæгъгæ. Йемæ уыдысты Джебраил æмæ Чæлхи, уымæй чысыл æрсабыр ис Махмуд.

— Нана, уазджытæ нæм æрцыд, — бафæдзæхста йæ мадæн æмæ сæ размæ рацыд.

— Ас-салам-алейкум!

— Алейкум-салам!

Хæдзармæ бацыдысты, артдзæсты раз зæххыл тыгъд зæронд гауызыл тымбылцъæгæй æрбадтысты æмæ бамыр сты. Ныхас цæмæй райдыдтаид, уый нæ зыдта Махмуд, стæй йæм Ганайты Актуллайы хуызæн кадджын лæджы разæй сдзурын дæр аив нæ каст. Йе ’нæнхъæлæджы æрбацыд æй фергъуыйау кодта, уымæн æмæ Актулла цытджын лæг уыд, стæй йæ алы балц уыд стыр хъуыддагимæ баст. Актулла æхсæны лæгæй цыд дыууæ мыггаджы ’хсæн, дыууæ комы ’хсæн, фарн æмæ фыдохы ныхасы. Йæ дзырд уыд барст æмæ уаз, йæ зæрдæ æмæ йе ’нкъарæнтæ раст æмæ хъаугъайы, зылын уæвгæйæ, йæ хъæбулы фарс дæр нæ фæхæцыдаид. Тазайы фидиуæг æм Муххаремы дæсæм боны хабар æрхаста, фæлæ Актулла цæй фæдыл æрбацыд, уый сагъæссаг фæкодта Махмуды. Æнæууæнчы хабарæй дзы ницы уыд, йæ уазæг стыр æууæнчы лæг уыд æмæ йæм Таза сæрмагондæй ма фæбæрæг кодтаид, уый йæ нæ уырныдта. Шамилимæ æвддæс азы мюридæй фæцыд Актулла, имамæн йæ хотых куы аппарын кодтой, уæд йе стыр фæтæгæн бафæдзæхста: «О имамты имам! Ам нæ фæндæгтæ хицæн кæнынц, уымæн æмæ ды дæ хæстæн кæрон скодтай, дæ уд дæ мидæг ис, афтæмæй. Æз та цæуын æмæ тох кæндзынæн, цалынмæ мæ уд мæ мидæг уа, уæдмæ æмæ амæлдзынæн, лæгыл куыд фидауы, афтæ». Ныууагъта Актулла, æвддæс азы дæргъы йæ аууонæн дæр кувгæ цы хъæбатыр имамæн кодта, уый, æмæ йæхæдæг ахъуызыд æрхъулайæ. Рафт-бафт æмæ тыхстызмæлд нæ уарзта Актулла, æрмæст-иу стыр тасы заман йæ фæтæн ныхыл йæ дадзинтæ адæнгæл сты æмæ-иу кæлмытау базмæлыдысты кæрæй-кæронмæ. Мæстæг цæсгом ын уыдис, уæззау сагъæстæ-иу ын æй ныддаргъ кодтой æмæ-иу йе ’ргъиутæ ныкъкъуыппытæ сты. Таза йæм куы ’рцыд æмæ йын Муххаремы дæсæм боны сусæгдзинад куы раргом кодта, уæд йæ цæсгом æнæхъæнæй ныддур æмæ йæ улæфын дæр нал хъуыст. Таза дæр нæ уыд мæнæ-мæнæ быхсонтæй, æмæ кастысты дыууæ нæлгоймаджы кæрæдзимæ гуымирытау. Ничи сæм хъуыста æмæ йын Актулла комкоммæ загъта йæ хъуыды: «Хеттеш-Корт нын цы ’рхæсдзæн, уый нæ зонын, фæлæ йæм цæуын, уымæн æмæ мюрид дæр фæллайы хæцынæй, стæй йæ нæ фæнды Туркмæ лидзын дæр. — Цæмæй сидзæр лæппуйæн йæ ныфс ма асастаид, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Таза, лæг у, æцæг раст мийыл чи хæцы, уый. Дывæр лæг та у, уыцы раст хъуыддаджы йе сæфт чи уыны æмæ йæ уæддæр уæгъд чи нæ уадзы, уый. Æз дывæр лæгдзинады æвварс дæн, Таза, æмæ дын райсом нæ алфамбылай хъæуты дзыллæтæн сыгъдæг хъуыраныл ард бахæрын кæндзынæн». — Сыстад зæронд мюрид æмæ Урус-Мартанмæ рацыд, цæмæй, цæуынæй цы фæндагыл бафæллад, уый тагъддæр аскъуыдаид æмæ йæм мауал хъуыстаид Туркмæ лидзыны кой.

— Шалимæ йæхæдæг æрбацыд. Сомизæр нæ дзыллæ йæ разы сыгъдæг хъуыраныл ард хæрдзысты. Сымахмæ дæр æнхъæлмæ кæсы, — загъта цыбырæй Актулла.

«Йæхæдæг» чи уыд, уый зыдта Махмуд, Хеттеш-Корты изæры ламаз æмæ Темырболат æрбалæууыдысты йæ зæрдыл.

— Уæд æрæджы кæнын нал хъæуы. — Дуарæй Хазумæ адзырдта. — Нана, балцы цæуæм!

Хазу тарст йæ фыртæн, фæлæ дзы нæ сирвæзт, ма ацу, зæгъгæ. Ацыдысты: Актуллаитæ Шалийы ’рдæм, Махмуд та Ирыстоны ’рдæм.

Зæрæхсидыл æрбахæццæ Махмуд Брутмæ. Темырболат йе ’рдхорды куы ныхъхъæбыс кодта, уæд ын йæ хъусы бадзырдта:

— Фæндæгтæ куы сæхгæдтой, уæд куыд раирвæзтæ?

— Фæндæгтæ æмæ фадæттæ агургæйæ сты, ме ’фсымæр.

— Цалх сыл атылд æмæ сæ ныцъцъист кодта, — æнтъыснæгæй загъта Темырболат æмæ уазæгыл хæдзары ’рдæм ахæцыд, фæлæ йын нæ бакуымдта, мидæмæ цæуæн мын нæй, зæгъгæ.

Кæцы цалх сыл атылд, уый бамбæрста Махмуд æмæ йæ нал бафарста. Хеттеш-Корты къуылдымæй куы рацыдысты, уæд ын дзырдта: цахæмдæр уддзыд цалх ныл ратылд, нæ фыды муртæ æмæ нæ магъзы пырхæнтæ йæ фæрстыл сныхæстысты, афтæмæй Турчы ’рдæм фæтулы. Махмудæн йæ сæры царм срыст адæргæй, æмæ йæ уæрджытæ ризын райдыдтой.

— Фадæттæ иууыл нæ ныцъцъист кодта уыцы цалх, ме ’фсымæр. Нæ дыууæмæ сидт ма дзы баззад æмæ нæм Муххаремы дæсæм боны сиды. Нæ дыууæмæ сæрмагонд фидиуæг рарвыста Таза, абон та Ганайты Актулла æрбацыд æмæ афтæ зæгъы, Таза Шалимæ æрцыд æмæ сомизæр уымы алфамбылайы хъæуты дзыллæтæм æнхъæлмæ кæсы, цæмæй сыгъдæг чиныгыл ард бахæрой, зæгъгæ, — æрхæц-æрхæц кодта Махмуд.

— Уыцы иунæг фадат ма ис нæ къухы æмæ йыл фидар хæцын хъæуы, ме ’фсымæр, йæ фæдыл цы расайдзæн, уый кæд нæ зонæм, уæддæр, — æнтъыснæгæй дзырдта Темырболат. — Муссæйы йæ хæдзары бакодтой æмæ йæ хъазахъхъæгтæ хъахъхъæнынц... Алхаститы дæр афтæ!.. Нæ йæ ’мбарын, Муссæйæн, чи зоны, инæлары хатыр фæкодтой, фæлæ зæронд лæгты та куыд рауагътой ахæстонæй?.. Бирæ цыдæртæ не ’мбарын, ме ’фсымæр... Адæмæн хин счындæуыд, æвæццæгæн. Мæ фыды хъахъхъæнын аивтæй æмæ фиппайын: уый дæр сусæгæй йæхи цæттæ кæны балцмæ. Гъеныр ма Бæтæхъоитæ æргом куы расидой, мах дæр Туркмæ лидзæм, зæгъгæ, уæд бынтон ныххæррæтт кæндзысты адæм. Бирæ цыдæртæ не ’мбарын, ме ’фсымæр! — йæ сæрыл дыууæ къухæй ныххæцыд, афтæмæй сагъæс кодта Темырболат.

— Æз дæр бирæ цыдæртæ не ’мбарын, ме ’фсымæр, æмæ дын цы зæгъон. Ды мын цы цалхы кой фæкæныс, уый махæй тыхджындæр рауад, æнхъæлдæн, фæлæ мæнæн æндæр бæстæ æмæ æндæр цард нæй æмæ Муххаремы дæсæм бон Хеттеш-Кортмæ ссæудзынæн.

— Муххаремы дæсæм бон дæр дард нал у. Хорз æмгъуыд скодта Таза, зондджын лæппу у. Мæ хъустыл æрцыд, фыццаг къорд, дам, аст æмæ ссæдзæм майы хъуамæ араст уа Турчы ’рдæм... Кæд ныкъкъуылымпы уаид!.. Уыцы иунæг фадат ма ис нæ къухы, йæ артдзæст æмæ йæ бæстæй дарддæр цард чи нæ уыны, уыдоны къухы. Ахсæв демæ ацæуин, фæлæ мæ иунæг сæры къуыдыр Тазайæн ницы ахъаз фæуыдзæн. А æртæ боны дæргъы иуцалдæр лæппуйы скъобор кæндзынæн æмæ сæ æмгъуыдмæ Хеттеш-Кортмæ æрбакæндзынæн.

Баталынг, арвыл стъалытæ ссыгъдысты. Кæмдæр куыдз рæйдта æмæ йæ рæйын хъæуы иннæ кæрон нæрыд. Мамсыраты кæрты цъырцъырæгтæ фæндыр цагътой. Хъуг йæ роды адджынæн сдæрдта, род йæ мады фæздон сцæв-сцæв кодта йæ фæлмæн мукъутæй.

— Хорз бакæндзынæ, ме ’фсымæр, — загъта, цæцæйнаг. — Сомизæр Актуллатæм цы ’мбырд ис, уый сыгъдæг чиныгыл ард хæрыны æмбырд у... Мах Хеттеш-Корты дæлфæдтæм доны былыл бахордтам ард.

Уосмæн дуарæй ракаст æмæ радзырдта, мидæмæ рацæут, зæгъгæ.

— Цом мидæмæ ныр, мæ фыды цур зæгъæн кæмæн нæ уыд, уыдон загътам, — йæ астæуыл ын йæ къух æрбатыхта æмæ йæ мидæмæ байвæзта Темырболат.— Мæ мады армæй конд бахæр.

Цæцæйнаг ын йе уæхскыл йæ къух авæрдта æмæ йын йæ хъусы уыцы фæлмæн сыбар-сыбур бакодта:

— Дæ мад мæ мад у, мæ мад та — дæ мад, фæлæ мын ныр фадат нæй. Сæуæхсидмæ Шалимæ хъуамæ бахæццæ уон, кæннод мыл фæндагыл куы сбон уа, уæд цæуын фæзын уыдзæн.

Нал æм бахатыд Темырболат. Фæндагыл цæуын пайда нæу, зæгъгæ, æмæ йæ фæсфæдты быдырмæ ахизын кодта. Уосмæны сусæгæй Æрфæны раласта скъæтæй, æнæсаргъ бæхыл йæ фæрсты цыд. Терчы хидыл хъарагъултæ куы нæ разынд, уæд æй афæндараст кодта æмæ йæхæдæг фæстæмæ раздæхт. Махмуд та, бон дзир-дзур кодта, афтæ бахæццæ Шалийы хъæумæ.

***

Ганайты Актуллайы хæдзары къухбакæнæн нал уыд адæмæй. Хистæртæ къулгæрæтты тымбылцъæгæй бадтысты. Фæсивæд та сæ фæсчъылдым къултыл сæхи сныхæстой. Астæуæй æвзонг лæппу бадтис, йæ къæхтæ йæ быны æрбанорста, афтæмæй. Махмуд Тазайы базыдта, æмæ йын йæ сæрæй куы акуывта, уæд йæ мыдадзгъуыз цæсгомыл мидбылхудт уыцы иу гуыпп ныккодта. Йæ риуыл йæ къух нымдæй авæрдта. Исдугæй-исдугмæ йæ цыллæ сарыхъмæ лæбурдта. Æвæццæгæн ыл ахуыр нæ уыд æмæ йын йæ сæр æлхъывта. Дуарæй рудзынджы ’хсæн Актуллайы фыдыфсымæры лæппу Суаипп бадтис æмæ æмбырды адæммæ æцæгæлонау каст йæ хъуынджын æрфгуыты бынты. Махмуд хорз зыдта Суаиппы, æмæ йæ æууæнчы адæмимæ кæй федта, уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Давынмæ æмхиц уыд Суаипп. Хуыснæггаг фосæй цалдæр ирæды бафыста, афтæмæй фондз усы æркодта. Æхсæзæм ус куы куырдта, уæд ирæдæн Куырттаты комæй фараст стур æмæ дыууæ дугъон бæхы фæцæйтардта. Фосы хицæуттæ йæ баййæфтой æмæ йын йæ галиу хъус ныллыг кодтой, стæй йын йæ хæлаф раластой æмæ йын æй йæ къухмæ радтой, афтæмæй йæ атардтой. Иннæ хатт та йæ Дагъыстаны баййæфтой бæхтæ давгæ æмæ сын лекъæгтимæ æхст бацайдагъ. Суаиппыл ам топпы нæмыг æнхъæл кæм нæ уыд ахæм ран сæмбæлд, æмæ уый фæстæ нал дæр ус курыныл ахъуыды кодта, нал дæр ирæдыл. Хуыснæджы фæндæгтыл цæуын дæр нал бауæндыд. Кудзуты Бæчийæн ныллæууыд сусæг къулерæй амæ йын йæ фыстæджытæ мыздыл хаста Харачойы хъæуæй, Веденойæн чи схицау, уыцы булкъон Головачевмæ. Уыдæттæ иууылдæр зыдта Алханты Махмуд, æмæ, Хадзаты Суаиппы Актуллайы хаздзары кæй æрбаййæфта, уый йæм æгад æркаст.

Куывды фæлхæрттыл ахуыр куыдзæй хъауджыдæр нæ уыд Суаипп. Муххаремы дæсæм боны сусæгдзинад, ай-гъайдæр, зыдта, фæлæ уыцы сусæг хабæрттæ хъусынгæнæггаг æмæ сæ сæргълæууæджы сæрыл хицæуттæ лæвар кæй расидтысты, уый нæ зыдта, цалынмæ йын æй Аргъуны наиб Девлет-Мырзæ нæ загъта, уæдмæ. Суаиппы та хъуыддаг æнæ ’хцайæ никуыцæй æндæвта. Тазайы растады сусæгдзинады дырыс нывæзтыл æхца куы нæ лæвæрдтаиккой, уæд, чи зоны, йæхицæн бадтаид Суаипп, æмæ, иуварс лæугæйæ, кастаид цаутæм, фæлæ мæнæ æхца ссарыны фадат фæзынд, æмæ йæм æндæр исчи цæмæн хъуамæ фæраздæр уа! Тазайы раз суанг зæххы онг къул сарыхъхъытæ æмæ хъуынджын худтæм каст æмæ кæуылты ахъуызыдаид, уый агуырдта, фæлæ йын Девлет-Мырзæ йæ афтид дзырдыл нæ баууæндыдаид æмæ ма йæ уый урæдта. Бæлвырдгæнæн хуымилиаг æм куы нæ бахæсса, уæд æй куыдзы тард ракæндзæн.

Актулла хъуыран æрхаста, Тазайы тæккæ раз æй гауызыл æрæвæрдта æмæ хатæн ингæнау бамыр ис.

Таза Хуыцаумæ нæ куывта, нæдæр сæнтдзæфау цагъта йе ’рмттæ. Цыртау бадтис æмæ æрхæцæрхæцгæнгæ дзырдта комы хистæрты раз:

— Турчы не ’мдин адæм цæры, фæлæ нын нæхи зæхх адджындæр у æмæ Иунæг Стыр Аллах зæгъы: фидар хæцут, адджындæр уын цы у, ууыл! Хæцут уе ’нусон цæрæнуатыл æмæ йæ ма суадзут, цæмæй райсом уымы бæсты уæ фыдæлты сыгъдæг удты раз уæ цæсгæмттæ сыгъдæг уой, æмæ уын уæ цæстытæ худинаджы фæлм ма ’хгæна. Хуыцау амоны, цæмæй нæ масты мидæг нæ хотыхтæ сæрæм æмæ сæ Муххаремы дæсæм бон, Туркмæ нæм чи сиды, уыцы знæгтæм аздахынмæ цæттæ кæнæм.

— Муххаремы дæсæм бон! Муххаремы дæсæм бон! — кæрæдзийы цæнгтыл ныххæцыдысты, афтæмæй, дымгæмæ ратасбатасгæнæг хъамылау, узгæ дзырдтой тымбылцъæгæй бадæг нæлгоймæгтæ.

Актулла ихсыд кæрддзæмæй хъама сæлвæста, хъуыраныл æй дæргъæй-дæргъмæ æрæвæрдта. Йæ рахиз къухы дыууæ æнгуылдзæй чиныджы бур-бурид тигъыл æрæнцад æмæ загъта:

— Таза! Стыр имамы мюриды уд схæтæнхъуаг ис æмæ йæхицæн бынат нал ары. Айс мюриды æхсар æмæ дзы спайда кæн нæ хъизæмар зæххы цытæн, — загъта Актулла.

Се ’нгуылдзтæ хъуыраны цъарыл æрæвæрдтой комы хистæртæ æмæ сæргуыбырæй дзырдтой:

— Айс не ’хсар, Экмырзæты имам Таза!

Таза сыл йæ рахиз арм пæлæхсарæй айтыгъта.

— Ля-илляге-иль-Аллах![13] — загъта уый.

— Ля-илляге-иль-Аллах! — загътой иумæ.

— Хеттеш-Кортæй авд фæндаджы куы цæуа æмæ нæ сегас дæр дзæнæтмæ куы кæной, уæддæр райдианы не ’ргом Веденойы ’рдæм скæндзыстæм, уымæн æмæ афтæ амоны Иунæг Стыр Аллах.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: