II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 36 глава




Министры бæрзонд къæлæтджын иуварс ныууагъта æмæ Муссæйы бакомкоммæ фæлмæн диваныл æрбадт. Се ’хсæн — пылыстæгæй конд чысыл фынг, йæ уæлæ — æртхутæгдон æвæрд, фæлæ Муссæ йæ фысымы дымгæ нæ федта.

— Хуыцау æвдæм бон фæлладуадзынæн скодта, фæлæ мæнæн демæ ныхас кæнын фæлладуадзынæй хъауджыдæр нæу, Муссæ-бей, — загъта уый æмæ йæ цæсгом медузæйау айхæлдис.

Йæ дзуринаг развæлгъау снывæста Муссæ, фæлæ йæ Али-Пашайы медузæйы хуызæн цæсгом куыддæр фергъуыйау кодта.

Къуырисæры куыннæ фæфиппайгæ фæцис уыцы миниуæг? Министры цæсгомы арæнтæ-иу худæгæй ауæрæх сты, йæ бæзджын былты цъæрттæ-иу айвæзтысты, æмæ-иу цæстытæ сæ къуырфыты мидæмæ бахаудысты. Æвæццæгæн, йæ цъар ивгæ ракодта. Йæ ныхасимæ мыд æмæ сæкæр схæццæ кодта. Ныллæг ныхасы мыртæ, хус сыфтæртау, ныдзæвыдысты хатæны къултыл. Се ’дзæм бадт æгæр куы адаргъ, уæд фысым йæ къухы мидæг бахуыфыд æмæ загъта:

— Хорз у, Муссæ-бей Стамбулмæ паддзахы минæвары хуызы нæ, фæлæ Кавказы хæххон адæмы æрвыст лæджы хуызы кæй æрбацыд. Фæлæ чи сты уыцы адæм æмæ дæ цы баразæнгард кодта æндæр æмæ æндæр адæмты номæй дзурынмæ?

— Кавказы адæмтæ ныртæккæ иу куырисы хæтæлтæй хъауджыдæр не сты, дæ бæрзонддзинад, æмæ сæ иу куы ссудза, уæд куырис æнæхъæнæй судзы. Уый дын мæ разæнгарды хабар, фæлæ цы зæгъид йæ иууыл бæрзонддзинад Турчы султан, райсом ын йæ зæхмæ ир, цæцæн, мæхъхъæл æмæ кæсæджы иу хай куы æркæнин, уæд?

Али-Паша йæ сау боцъотæ йе ’нгуылдзтæй æрсæрфта, æмæ йæ цæсгомы арæнтæ æрбакъуындæг сты. Муссæ йын кастис йæ уадулты змæлдмæ æмæ дзуапмæ æнхъæлмæ каст.

— Зонды къуыбар стыр султан æмæ йæ хицауад æнæхъæнæй уыцы хъуыддагыл хæрзмæ аудынц, — загъта уый, æмæ йæ цæсгомы арæнтæ ауæрæх сты.

Раст дзырдта туркаг, Кавказæй ралидзгæ мухаджиртæй нырма Турчы арæнхъахъхъæнджытæ фæстæмæ никæй аздæхтой.

— Йæ иууыл бæрзонддзинад æмæ йæ хицауад уыцы хъуыддагыл хæрзмæ кæй аудынц, уый зонын, фæлæ нырмæ лыгъдысты чысыл къордтæй, æз та дæм бауæндыдтæн Цæгат Кавказы пысылмон адæмты сæраппонд.

Али-Паша хъуыдыты аныгъуылд. Уый размæ Муссæйы афарста, кæцы адæмты æрвыст дæ, зæгъгæ, æмæ йын уазæг, дзуапп радтыны бæсты, йæ фарст фарстæй ныддæрæн кодта. Султан Абдул-Азис ын сусæг минæваримæ баныхас кæныны бар радта, фæлæ йын уыцы минæвар йæ разы цæхгæр куы æрæвæра ахæм фарст: райсом иу милуанæй фылдæр мухаджиры Турчы арæнтæм æрбацæудзысты, зæгъгæ, уæд ын цы зæгъа? Уый стыр султан æмæ йæ хицауады хъуыддаг у, æмæ йæ алыг кæнын Али-Пашайы бон нæу. Мухаджирты мæт нæ кодтой Турчы султан æмæ йæ пашатæ. Уæрæсейы паддзахад æмæ Оттоманты империйы тох æнусты дæргъы не скъуыд. Уыцы тох сцырын Босфор æмæ Дарданеллы æрбацæуæнты сæрыл, стæй та Балканы бæстæты тыххæй ныддаргъ сæ тохы къæдзил. Турчы хицæуттæ Цæгат Кавказмæ дæр фервыстой сæ дзырдхæсджыты, фæлæ сын имам Шамилы балхæнын нæ бантыст. Ныр дæр арвыстой сæ эмиссарты æмæ Кавказы хохæгты Турчы зæхмæ хуыдтой, сæ зæрдæ сыл кæй рыст, уый тыххæй нæ, фæлæ уал азы дæргъы Кавказы хæсты цы адæм фæхъизæмар кодта, уыдоны зæрдæ балхæныны охыл, йæ артдзæст, йæ дин бахъахъхъæныны сæраппонд уырыссаг афицертæ æмæ инæлæртты ныхмæ цы «æнахъинон туземецтæ» цыдысты, уыдонæй, Турчы зæххыл уæвгæйæ дæр нæ ферох уыдзæн сæ мæт. Муссæйæн йæхи тактикæйæ спайда кодта Али-Паша æмæ йæ йæ фарстæн ын дзуапп радтыны бæсты афарста:

— Куыд кæсы Муссæ-беймæ имам Шамилы тох?

Муссæ фергъуыйау, фæлæ йын бирæ хъуыды кæныны фадат нæ лæвæрдтой йæ уавæртæ.

— Æз, куыд уырысы паддзахы инæлар, афтæ имам Шамил ме знаг уыд, фæлæ йæм бирæ цæмæйдæрты тæхуды кодтон, — æнæкъæрццæй загъта Муссæ.

— Æхсызгон мын у, мæхийау кæй хъуыды кæныс, — Али-Паша Баязиды миниатюрон скульптурæйыл ныххæцыд. — Æгас пысылмон дунейы дыууæ лæгæн табу кæнын: мæнæ уымæн æмæ Шамилæн. Къулты йеддæмæ нæм ничи хъусы, æрмæст æй дæуæн дзурын.

Удæгас султаны цур мард султанæй æппæлын æцæгдæр æбуалгъ ми уыд. Цæмæн æй бахъуыд, зæгъгæ, хъуыды кодта Муссæ.

— Шамил æрмæст аварты номæй нæ дзырдта. Уый æнæхъæн Кавказы адæмты номæй сидтис фæдис, — фергомдæр кодта йæ хъуыды Муссæ.

— Æмæ ныртæккæ дæхæдæг дæр уыцы адæмты номæй куы дзырдтай! Йæ ныхас ын аскъуыдта Али-Паша, æмæ йæ цæсгомы фыдтæ базмæлыдысты.

Иудзæвгар ницыуал загъта Муссæ. Зын бамбарæн нæ уыд Али-Пашайы хъуыды: ома утæппæт адæмты номæй кæм дзурыс, уым Шамилæй дæ коммæ къаддæр нæ бакæсдзысты æмæ, имамы къухæй цы кард ахауд, уый ды сис.

— Уый фаг нал сты, — багуым-гуым кодта минæвар.

— О Иунæг Стыр Хуыцау, дæ хæрзиуæгæй цух ма ныууадз дæ адæмы!

Муссæ дæр ныллæгъстæ кодта:

— Баххуыс мын кæн, дæ бæрзонддзинад.

Али-Паша æвиппайды йе ’ргом фездæхта Муссæмæ.

— Муссæ-бей йæхæдæг дæр мухаджиртимæ уыдзæн?

«Мухаджир» йæ зæрдæйы судзинау фæныхст æмæ йæхи мидæг бæзмæлыд сусæг минæвар.

— Куырис æнæбосæй куырис нæу. Мæнæн дæр ам ис мæ уд.

— Цас уыдзысты цæцæн, мæхъхъæл, ир æмæ кæсæджы иу хай?

— Фондз мин хæдзарæй къаддæр нæ уыдзысты.

— Фондз мин хæдзарæн цæрæнуат радтын æнцон нæу, — ныккатай кодта Али-Паша.

— Хоры нæмыг билцъ кæм рафтауа, ахæм зæххытæ бирæ ис Турчы, дæ бæрзонддзинад, æмæ сæ æндæр ницы хъæуы.

— Сæ фæндаг та кæуылты ракæндзысты?

— Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу фæкæны. Сау денджызыл цы къордтæ рацыд, уыдонæй доны бирæ фесæфт æмæ тæрсынц. Сур зæххыл цæуын сын хуыздæр уыдзæн. Ахалцих — Александрополь — Хъарс!.. Уалдзæджы, кæрдæг куы фæцъæх уа, уæд сын фосæн холлаг агуринаг нал уыдзæн, дæ бæрзонддзинад.

— Иунæг Стыр Аллахæн ацы хъуыддаг æхцон кæй уыдзæн, ууыл мæ зæрдæ даргæйæ, де ’вварс рахæцдзынæн, Муссæ-бей.

Муссæ йæ астæу сраст кодта. Йæ цæсгом срайдзаст ис.

— Хуыцау дын æртывæрæй бафидæд дæ хæрзиуæг.

— Нæ ныхасы мидис стыр султаны хъусмæ бахæсдзынæн.

— Кæд базондзыстæм исламы астæуцæджындзы фæндон?

— Иннæ хуыцаубоны.

Муссæйы æнхъæлмæ кæсын нæ фæндыд æмæ йæм бахатыд:

— Хорз уаид хъуыддаджы пайдайæн, уыцы æмгъуыд куы фæцыбыр кæниккам, уæд.

— Гæнæн куы уаид, уæд уазæгæн æхцонад æрхæссын фысымы хæс у.

Рæдау фысым æй, йæ къухыл хæцгæ, дуары онг рахизын кодта. Абон Уæрæсейы нау Одессæмæ кæй цыд, уый æрбалæууыд Муссæйы зæрдыл æмæ Лорис-Меликовмæ фыстæг арвитыны сæраппонд Баязиды уынджы æстæм хæдзармæ атындзыдта.

IX. ЭКМЫРЗÆТЫТАЗАЙЫÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫХÆРЗИУÆГ

Харачойы хъæуы ныры бæрц адæм никуы æрæмбырд ис. Молло Кудзуты Бæчийы хæдзары раз уынджы азмæлæн нал уыд. Сыхаг хъæутæй чи ’рцыд, уыдон сæ бæхты каутыл æрбастой æмæ иу ран стыгуыр сты. Хъæлæба басабырмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, моллойæн йæ гыццыл цæстытæ сæ къуырфыты мидæг джынасуйау стъæлфыдысты. Йæ тæккæ раз Хадзаты Суаипп йæ зонгуытыл лæууыд æмæ йын йæ цурчы хуызæн цæсгоммæ каст къæбæрмæ æнхъæлмæгæс куыдзау. Бæчи Суаипмæ куы фæкомкоммæ уæд йæ зæрдæ фæрогдæр ис: «Иунæг Стыр Хуыцауы фæндон тауинагæй хъауджыдæр нæу æмæ Суаиппы хуызæн цагъарты зæрдæты хуыздæр рафтауы билцъ». Дæлæ Умаханты Киса æмæ Хамиты Тагир тынг хæрзиуæгджын пысылмонтæ сты æмæ Стыр Аллахы амындтыты сæрыл лæг дæр амардзысты, фæлæ уыдон, Хадзаты Суаиппау, æхцайы бур-бурид æрттывдмæ уыйбæрц æмхиц не сты. Хазуты Тазука æмæ йе ’фсымæр Саган-Гирейы удтæ хус зæххæй хъауджыдæр не сты, лæмбынæг сæ куы нæ сдонхæрыг кæнай, уæд дзы тауинаг билцъ нæ рафтаудзæн. Сæхи аххос нæу, се сфæлдисæг сæ афтæмæй сфæлдыста, фæлæ уый хуызæн хъæбæр удтæ удайынæн алы хатт йæ фæвæййы рæстæг... Дæлæ Ганайты Актулла йæхи раст лæг хоны, фæлæ Иунæг Стыр Аллахæн уый хуызæн рæстдзинад пайда нæу, уымæн æмæ нæ быхсы, йæ амынд ын исчи уырзæй кæй фæбары, уый.

...Фæлæуу-ма, фæлæуу! Бæчи рæстмæ нал уыны æви йæ цæстытыл ауад?.. Дæлæ уыцы дыууæ лæппуйы та кæцæй февзæрдысты, Бæчи сæ Ичкерийы зылды куы никуы федта, уæд?.. Сæ иуæн йæ сæр быныл даст у, къуыпрагъ фындзы дыууæ фарс егъау цæстытæ æртытау судзынц. Фæтæн цæсгом, сау боцъотæ æмæ бæзджын рихитæй пехуымпары хуызæн у, фæлæ йын йæ уд нæ уыны Бæчи... Дыккагæн йæ сæр æнæдаст у. Йæ сæры хилтæ йæ фæтæн ныхыл æркалдысты. Пысылмон лæджы æнгас ын нæй. Йæ мыдгъуыз цæстыты коммæгæсы æнкъарæн нæ зыны. Бæчи нæ уарзы уый хуызæн къæйных бакаст... Кæцæй æрбацыдысты? Цæмæн хъуыд Бæчийы сыгъдæг хуымы хæмпæлгæрдæг?

Йæ зылды адæмыл сахуыр ис молло. Чи сæ цæмæй цард æмæ цы хъуыды кодта, уый дæр зыдта. Темырболат æмæ йæ Махмуды фенд фергъуыйау кодта. Цард æмæ Хуыцауæн лæггад кæныны охыл Харачойы дзыллæимæ бирæ хæттыты фæуынаффæтæ кодта Бæчи, фæлæ абон йæ зæрдæйы уыдис æппæты стырдæр хъуыды æмæ кæмæ куыд ныдздзырдтаид, уый йын развæлгъау барст уыд, фæлæ йæм дæлæ уыцы дыууæ лæппуйы фыдæнæн æрбарвыста шайтан?..

Иуæй-иутæ сæ бакастæй алхæнынц адæймаджы зæрдæ, фæлæ Бæчи ахæмтæй нæ уыд. Йæ цыргъ фындзы дыууæ фарсыл чысыл цæстытæ сæхтæджытау сныхæстысты. Мидæмæ дзыхъхъ уадултæ, размæ къуыпп дзых æмæ йын цыргъ роцъо йæ сæры тенка цурчы хуызæн скодтой. Йæ дæллаг был уыд иудадзыг зæбул, цыма йыл къодахы хуызæн роцъо уæз кодта. Æртиссæдз азæй йыл фылдæр цыд, фæлæ йæ нарæг ныхыл иунæг ссывд дæр нæ зынд æмæ-иу йæ сарыхъхъыл уæлæмæ куы схæцыд, уæд-иу ын авгау лæгъзæй ферттывта. Йæхи уды рæстдзинады йеддæмæ ницы фиппайдта дунейыл. Стыр Аллах ын йæхæдæг цы амыдта æмæ-иу ын йæ уды цы фæндон фæзынын кодта, уый йеддæмæ æппындæр ницы арæзта. Æцæг нырма йæ фæндоны ныхмæ Хуыцау никуы рацыд æмæ йæм никуы æрдзырдта, Бæчи, ды æбуалгъы ми бакодтай, зæгъгæ. Йæхи нымадта, сфæлдисæгмæ æппæты æввахсдæр чи лæууыд, уыдоныл. «Æз æнæхъæнæй Хуыцауы исбон дæн, мæ хъуыды, мæ архайд æмæ мæ хъуыддæгтæ иууылдæр Хуыцауы амынды фæстиуджытæ сты, зæгъгæ, бæлвырд кодта адæмæн молло. Кæд искуы фæрæдийын æмæ шариаты[10] амындæй иуырдæм фессæндын, уæд уый дæр рауайы Хуыцауы фæндонæй, уымæн æмæ лæг уæддæр лæгæй хъуамæ баззайа. Афтæмæй йын Иунæг Стыр Хуыцауы ном хи растгæнæн æрмæг басгуыхт. Уыцы хирастгæнæн хуымилиаг ын радта Тазайы хуызæн сидзæр лæппуты баххуырсыны бар, йæхицæн фосы рæгъæуттæ скæнын æмæ йæ дзыллæйæ уæлдæр слæууыны бар. Паддзахы æфсæдтæ хæхтæм куы æрбацыдысты æмæ Ведено куы бацахстой, уæд Бæчи йæ исбон æмæ йæ дин байсынæн фæтарст æмæ ног хицæуттимæ бадзурыны охыл, рафт-бафт кæнын байдыдта. Цасдæр рæстæг рауад, фæлæ Бæчийæн йæ дины сыгъдæгдзинадмæ ничи фæныхылдта æмæ йын йæ фос ничи байста. Нырма мæм ницы дзурынц, фæлæ мын райсом мæ уæлхъус сауджын бауромдзысты æмæ мын чырыстон дин райсын кæндзысты, зæгъгæ, хъуыды кодта тæрсгæ-ризгæйæ молло æмæ йæм уыцы хъуырдухæны туркаг эмиссар Нассераты прокламаци куы бафтыд, уæд фырцинæй йæ тæрттæ Хуыцаумæ суагъта: «О Аллах, æххуыс кæнынмæ та нæм фæзындтæ!» Нассераты прокламацийы хъуыды адæммæ фæхæццæ кæнын хъæуы, æмæ уыцы сыгъдæг хъуыддаг Хуыцау мæ бæрны бакодта, зæгъгæ, скуыста та Аллахы номæй молло. Уадз æмæ мæ зæронд сæр Хуыцауы фæндоны сæрыл хаст фæуæд, зæгъгæ. Уый хорз, фæлæ Таза цæмæннæ æрцыд сæрвæтæй? Æгайтма не ’рцыд уыцы сæнтдзæф, Бæчийæн йæ цæстысындз фестад афæстаг рæстæджы...

— Уæд мæ къæхты бын зæхх аскъуыйæд æмæ мын ардыгæй фезмæлын мауал бантысæд, кæд ма æз ам цæрæг дæн! — сидтис молло адæммæ. — Мæ Хуыцау æлгъыст кæм баййæфта, уый мæ нал уромы, æмæ йыл мæхæдæг дæр нал хæцын. Ацы зæхх нæ æнæдин урустимæ иумæ кæй нал фæдардзæн, уый уæхи цæстæй нæ уынут?.. Иу къухæй дыууæ харбызы сисдзынæ, кæнæ топпыхосæй йедзаг боцкъайы сæрыл арт скæндзынæ?..

Мухамед Нассераты прокламаци стылдта æмæ, йæ цурчы хуызæн дзых рацъупгæнгæйæ, адæмы знæт цæсгæмттыл йæ цæст ауагъта молло.

— Иуæй-иутæ гуырысхо кæнынц, фæлæ цæуыл, уый нæ зонынц. Уый нæм Хуыцау йæхæдæг куы сиды: ныууадзут, уромгæ уæ цы æлгъыст бæстæ нал кæны, уый, æрцæут, йæхимæ уæ цы аргъуыд бæстæ хоны, уырдæм!.. Мæнæ уын дин, бæстæ, цард æмæ фервæзут уæ хъизæмарæй!

— Æмæ нын Хуыцау йæхæдæг куы ныффæдзæхста, уæ райгуырæн бæстыл фидар хæцут, зæгъгæ, уæд ыл ныр хæрамæй разилæм? — æрбадзырдта адæмы ’хсæнæй чидæр.

Бæчийæн йæ зæрдæйы схъисау фæныхст уыцы æрбадзырд. Йæ сæхтæг цæстытæй йæ рацагуырдта, æмæ йæ æрдæбон цы дыууæ лæппуйы фенд фергъуыйау кодта, уыдонмæ куы фæкомкоммæ ис, уæд загъта:

— Хуыцауы фæдзæхст раст бамбарын хъæуы, мæ хур!.. Хуыцау нын нæ ныффæдзæхста, йæ амынд ын хæлæттаг цы бæсты ныккæной, ууыл хæцын!..

— Уыцы бæстæ нын йе тары æфснайдæй дары нæ фыдæлты сыгъдæг удтæ!

— Дзæнæты бæстæ иу у, арæнтæ йын нæй... уым дæр немæ уыдзысты нæ фыдæлты сыгъдæг удтæ! — йæ къухтæ ныттылдта Бæчи.

— Уый кæцы дæ? Дæ дзурæнтыл ныххæц æмæ бауадз Хуыцауæн æхцон лæджы дзурын! — фæхъызыд дзурæгмæ Умаханты Киса.

Адæм уыцы иу зылд фæкодтой Темырболаты ’рдæм æмæ, моллойы рохуаты лæугæйæ куы ауыдта, уæд фæтарст, ардыгон кæй нæ дæн, уый мæ дзырдыздæхтæй куы базоной æмæ æвзæрырдæм куы сахада, зæгъгæ. Махмуды хъусы цыдæр бадзырдта, уый та Умаханты Кисамæ дзуры:

— Æз мæ дзурæнтыл ныххæцдзынæн, Киса, фæлæ нын, мæнгард ми фенгæйæ, Стыр Хуыцау æмырæй лæууын нæ ныффæдзæхста.

Адæмы йæхирдæм кæй аздæхта æцæгæлон лæппу æмæ йæ иуварс кæй фæуагъта, уый Бæчи йæхæдæг дæр фæфиппайдта. Йæ зæрдæ маст æмæ тасæй айдзаг, тымбыл къухтæй ныртхъирæнгæнгæйæ, вулканау срæмыгъта:

— Дæ хуызæн æнæдин куыйтæн уæлдай нæу, фæнды Турчы сыгъдæг зæххыл цæрæд, фæнды æндæр ран! — Йæ амонæн æнгуылдз сæм фæдардта. — Дзæнæт лæг йæ сыгъдæг удæй ссары.

— Сымах æй никуы ссардзыстут уæ чъизи удтæй æмæ уæ нæ хæрзиуæггæнæг султан дæр нæ айсдзæн!

Йæ муртакк цæсгом афæныкгъуыз ис, йæ цæсты чъиутæ хурмæ урс-урсидæй сæрттывтой æмæ йæ комы фынк, сурнизæй рынчынау, калдта.

Адæм æвиппайды фæсыкк сты. Темырболат æмæ Махмудмæ дæсгай цæстытæ ныккомкоммæ сты.

— Æбуалгъы ныхæстæ ма кæнут!

— Хуыцауы азарæй уæддæр фæтæрсут! — бауайдзæф сын кодта Суаипп.

— Адæмы чи сайы, уый хъуамæ тæрсид Хуыцауы азарæй! — Махмуд быруйы сæрмæ сгæпп ласта. Йæ фарсмæ февзæрд Темырболат дæр. Фырмæстæй хъеллаугæнæг адæммæ куы акастысты, уæд чысыл фæчъилгонд сты, фæлæ цæцæйнаг йæ хурхы сæртæй ныхъхъæр кодта. — Гъæтт, нæ комы адæм, сайын ма бакомут Бæчийæн!.. Æз æмæ мæнæ ме ’фсымæр ардæм хыл кæнынмæ не ’рбацыдыстæм!.. Лæг хыл кæнынмæ фистæгæй нæ фæцæуы! Туркмæ лидзыны хъуыддаджы Иунæг Стыр Хуыцауы æнæхъуаджы тъыссынц, уый моллотæ хæлиу кæнынц адæмы ’хсæн мыздыл...

Фæйнæрдыгæй сæ æрбалхъывтой, хъула æрбауынгæг æмæ Темырболат хатыд: Махмуд адæмы ноджы тыхджындæр сызнæт кодта æмæ йыл нал æууæндынц. Киса æмæ Суаипп, сæ къухтæ тилгæ, размæ бырстой, ныр ма Бæчи иу хъæр куы фæкодтаид, уæд сæ адæм сæ быны аууæрстаиккой.

— Чысыл басабыр ут, мах уын никуыдæм аирвæздзыстæм! — расидтис Темырболат. — Ацы хъуырдухæны Иунæг Стыр Аллах æмæ Чырысти ницыгæнæг сты. Уый Бæчи æмæ уый хуызæтты æрымысгæ у. Дины аххос æй æнæхъуаджы кæнынц.

— Чи нын цы ратдзæн Турчы зæххыл?.. Нæхи райгуырæн бæстæ нын цы фæцис æмæ нын æцæгæлон бæстæ цы фæуыдзæн?!

— Стыр Хуыцауæн дунейыл иу бæстæ æмæ иу адæм ис, æмæ йæм зæрдиагæй чи кувы, уый йæ хорзæхтæй цух нæ ныууадзы! — йæ хъуыры фæбадт Бæчи.

— Дæ хуызæн хъæздыджытæн æцæгдæр бæстæ уæлгоммæ у æмæ, кæмфæнды уæвгæйæ дæр сæ зæрдæ ницæмæ ’хсайы!.. Ам дæ хъул сах бады, уырдæм дæ бирæ мулк нынтъухдзынæ æмæ та пашайы цард кæндзынæ. Уым дæр та сарæхсдзынæ дæ къæдзил тилынмæ!..

— Æбуалгъ! Æбуалгъ! — æррайау фæхъæр кодта Суаипп.

Хуыцауы минæвармæ комкоммæ дзурын æцæгдæр æбуалгъ ми уыд, æмæ йæ пысылмон лæг никæмæн барста.

— Æлгъыстаг ма фæкæнут уæ фыдæлты уæзгуытæ, фидар сыл хæцут! Уый уæм æз сидын, æз, Уæрæсейы паддзахы æфсады афицер Мамсыраты Темырболат!

— Гъа-гъа, уæдæ паддзахы æфсады афицер дæ!.. — фæбогъ та ласта Суаипп.

Афицер дæн, зæгъгæ, кæй загъта, уымæй ноджы басхъаудта адæмы маст. Ныр сæ Бæчи дæр базыдта æмæ фырцинæй йæ разы арвы дуар фегом.

— Хæцут сыл фидар! Уыдон сих Абдийы марджытæ сты!

Быруйы сæрмæ сгæппытæ кодтой. Фæйнæрдыгæй сæм фæлæбурдтой.

— Гъа-гъа, уæдæ Хуыцауы минæвары ды амардтай! — хъæргæнгæ сæ дæлæмæ раппæрстой æмæ сæ нæмын райдыдтой къухæй, къахæй. Темырболатæн йæ галиу æрфыджы туг акалд æмæ йæ цæсгом асырх ис, Махмудæн йæ куырæт афастой. Йæ чъылдым ын ныггом кодтой, афтæмæй йæ ралас-балас кодтой зæххыл. Йæ цонджы цæф сыхæлд æмæ йæ куырæты дыс тугæй байдзаг. Мæсты адæм туг куы ауыдтой, уæд æррайы хуызæн систы.

— Дурæй сæ цæвут! Дурты бын баныгæнут сих Абдийы марджыты! — цырын сæ кодта Бæчи.

Феуæгъд сæ кодтой, дуртæм фæлæбурдтой. Рыг æмæ туджы амæст лæппуты удæгасæй дурты бын баныгæнынмæ хъавыдысты, фæлæ топпы гæрах фæцыд, æмæ чидæр се ’хсæн уæлбæхæй смидæг ис. Йæ фæдыл дыууæйæ æрбаскъæрдтой. Адæм хингондау асалдысты. Темырболат уæлгоммæ хуысгæйæ аззад. Йæ сæрмæ арв куыройы цалхау зылдис. Йæ тæккæ хъусы цур бæхысæфтæг фесхъиу-фесхъиу кодта. Йæ цæст къахыл уæлæмæ-уæлæмæ сбырыд. Барæджы куы ауыдта, уæд фæхты мидæг хост хъуыдытæй иунæг дзырд равзæрд: «Таза!» Куыддæр ын фенцондæр. Тазайы дамбацайы дзыхæй кæлæг фæздæгмæ нымдзаст ис: «Гъе, гъе! Уый ацы хъизæмарæн иу цæстныкъуылдмæ кæрон скæндзæн!»

— Сомы кæнын Иунæг Стыр Хуыцауæй, йæ къух ма чи фезмæлын кæна, уый ацы цъаммæртты разæй барвитдзынæн йе ’нусон бæстæм! — фæхъæр кодта Таза.

— Уыцы цъаммæрттæ джауырты дзырдхæсджытæ сты æмæ нын нæ Хуыцауы фыдгой кодтой! — йæхи сæм баскъæрдта Суаипп.

Таза йе ’мбалы къухæй дамбаца раскъæфта æмæ йæ Суаиппы сæрмæ фæцарæзта. Хæцæнгарзы гæрах та ныййазæлыд. Суаиппæн йæ худ йæ сæрæй атахт.

— Æз загътон: йæ къух мачиуал фезмæлын кæнæд! Мæ туджджынтæ сты! Мæхæдæг сын бакæндзынæн сæ аккаг ми! Арапхан, Албаст, раласут ацы куыйты мæ фæдыл! — адзырдта йе ’мбæлттæм Таза æмæ зылдæй æддæмæ ацыд!

Махмуд æмæ Темырболатæн сæ къухтæ бабастой Арапхан æмæ Албаст, уæййаг стуртау сæ аластой сæ фæдыл. Таза иу хатт дæр нæ фæкаст фæстæмæ. Йæ бæх цадæггай цыд. Кудзуты Бæчи адæмы йæ фæдыл рассывта, афтæмæй сæ фæдыл араст.

— Таза, дæ зæрдыл дар мæ фæдзæхст: Хуыцау дын нæ ныббардзæн, раст тæрхон сыл куы нæ скæнай, уæд! — дзырдта йæм фæстейæ молло.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: