II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 31 глава




Хуыцауы минæвар Афæхъойы кæрты фæуагъта йæ сагъæстимæ, йæхæдæг сæпсæпгæнгæ хатæнмæ бацыд.

Йæ тарæй гæххæтт сласта, райхæлдта йæ, йæ хуылфæй æндæр гæххæтт рахауд, уый дæр — араббаг дамгъæтæй фыст.

«Райсут уæ къухмæ, дзаумæттæй уæ цы хъæуы, уыдон æмæ ракæнут уæ бинонты, уымæн æмæ нæ хицауад æмæ нæ адæм иууылдæр...»

Хъуыраны æмдзæвгæйау æнæкæсгæйæ зыдта туркаг эмиссар Муххамед Насераты прокламаци æмæ йын æй цы базонын хъуыд. Уый размæ йæ Муссæмæ йæхæдæг æрбахаста, фæлæ йæ ныр чи æрбарвыста?.. Исдуг æрбайрох ацы гæххæтт пысылмонтæй, фæлæ та йæ ныр, æвæццæгæн, Байрамы стырбоны хабæрттæ сног кодтой.

Иннæ гæххæтт дæр райхæлдта æмæ дзы фыццаджы стауын куы федта, уæд Хуыцаумæ скуывта:

— О Иунæг Хуыцау, бузныг де ’ууæнчы тыххæй!

Æмæ, йæ астæуыл цыллæ бос тухгæ, йæ хæрæджы бацагуырдта.

Æрдæбон æнахуыр барæг кæм фæаууон, уыцырдæм фæцагайдта бирæфæразон хайуаны. Афæхъо йæм фæстейæ кастис æмæ йæ йæхи мидæг æлгъыста, фæлæ йæм Хуыцауы минæвар фæстæмæ дæр нæ фæкаст.

***

Бруты хъæуы цæрджытæ Хъазийы æрбацыд фехъуыстой æмæ стыр сывылдзы бын æрæмбырд сты. Цыппар-фондз азы размæ Хъаныхъуатæ Туркмæ куы лыгъдысты, уæд дæр афтæ скуыста Хъазийы æвзаг æмæ хъæздыг мыггаджы фæдыл мæгуырты дæр схауæггаг кодта. Лидзгæ ныккодтой «дзæнæты бæстæм», фæлæ фæстæмæ лидзинаг фесты æмæ дзы иуæй-иутæм фæндаггаг æхца дæр нал баззад. Уыдæттæ сæ зæрдыл лæууыдысты ныхасы сæр бадæг зæронд Гуыцырæн, мадзура Темырыхъойæн, Мамсыраты Уосмæнæн æмæ тынг сцымыдис сты, Хъази сæм кæй фæзынд, ууыл. Цымæ ныр та цæмæн æрбацыд Хуыцауы минæвар? Цы йын бафæдзæхста Уæллаг? Уæд Уосмæны дæр сфыхта Хъази йæ ныхасæй, Туркмæ лидзыны хъуыды Хуыцауæн йæхицæй рацыд æмæ Хуыцауы фæндоныл гуырысхогæнæн нæй, зæгъгæ, Хъаныхъуаты хынцмæ Уосмæны зæрдæйы дæр кæмдæр февзæрд йе ’мдин адæмы ’хсæнмæ алидзыны фæнд, уæддæр ма Муссæйы афарста, куыд кæнгæ нын у, зæгъгæ. Уый йæ цæсгом иннæрдæм аздæхта æмæ цыбырæй загъта: «Нырма афон нæу!»

Уосмæны Муссæйы дзырд басаста, фæлæ «нырма афон нæу» иудадзыг йæ зæрдæйы хаста æртхутæгау, æмæ-иу ын сцырын ис, æрбацæуджытæ бынæттон цæрджыты къуыммæ куыд батардтой, уый фенгæйæ. Стæй, Темырболат Чугуевы уыд æфсæддон службæйы, æмæ йæ искуыдæм лидзыны æфсон куы нæ ссæрибар кæной, уæд æй ам чи ныууадздзæн! «Нырма афон нæу», зæгъгæ, уый бынтон цæхгæр «нæ» зæгъын нæу. Чи зоны, уыцы «афон» кæй æрхæццæ ис, уый тыххæй рауагътой лæппуйы!.. «Басурманцки сабакы» йеддæмæ та хъусгæ ницы фæкæндзынæ ацы хъазахъхъы дзыхæй. Чи зоны, йын райсом сæ бæлæгътæ дæр ныхсын кæной!.. Уыцы «афоны» æмгъуыд Муссæ бæргæ зонид, фæлæ кæм ис! Уæддæр ма уый бацæуы хъаугъаты æхсæны лæгæй æмæ сæ бафидауын кæны, кæм рæвдыд ныхасæй, кæм та тыхæй, фæлæ фæстагмæ хъуыддæгтæ æгæр нылхынцъытæ сты æмæ Уосмæны сæр разылд, ницыуал сын бамбæрста. Цæмæн рауадысты хъуыддæгтæ афтæ?.. Ууыл ахъуыды кæнын дæр нæ уæнды Уосмæн, фæлæ... цыма Муссæ дæр развæлгъау зыдта, йæ кард кæй хъуамæ аппæрстаид æмæ йæхи родау кæй хъуамæ радтаид, уый?.. Нæ, фæлæ Муссæйы бæсты æндæр исчи куы уыдаид, уæд Уосмæн ахъуыды кодтаид, хъуыддæгтæ иууылдæр йæхи къухæй рацыдысты, зæгъгæ. Æниу, чи зоны, афтæ хуыздæр уыд: Муссæ уæлвонгдæр ран лæууы, адæмы уый хуыздæр уыны æмæ, райсом цы хъуамæ æрцæуа, уый дæр хуыздæр хаты... Уыйас лæджы ронбæгъдæй кæм акодтой, уым дзы хъуыддæгтæ ис, лæг се скойæ дæр тæрсы. Иннæрдыгæй та, Темырболат ссис хъахъхъæнинаг, йæхицæн куы ницы фыдбылыз скæнид! Райсом æнæсаргъ бæх аласта æмæ ныр дæр нæма зыны... Уæддæр цæмæ æрбацыд Хъази!..

«Хъусут, æмæ йæ хæрзиуджытæй æнæхай куы фæуат, уæд афтæ ма зæгъут, ницы фехъуыстам, зæгъгæ!» — кастис Хъази, Муххамед Насераты прокламацийы хуылфы цы гæххæтт уыд, уый, фæлæ йæм Уосмæн, йæ хъуыдыты ныгъуылд уæвгæйæ, не хъуыста æмæ йæ фæурæдта.

— Лæг афæрсын дæр нæ уæнды, Хъази, фæлæ Дзæуджыхъæуæй цы хъуысы?

«Уый у Иунæг Хуыцауы хорзæх! — цыма Уосмæн æбуалгъы ми бакодта, уыйау æм йæ амонæн æнгуылдз фæдаргæйæ, дарддæр бакаст. — Айс æй æмæ дзы дæ уды дойны басæтт, фæлæ дæ ма ферох уæд, уыцы хорзæхмæ æнхъæлмæ чи кæсы, уыдон. Иунæг Хуыцау демæ ис, æмæ дæ фæрцы йæ хæрзиуæг хъуамæ фæхæццæ уа алкæмæ æмæ сын сæ зæрдæтæ ныррухс кæна. Муххамед Насераты гæххæтты сидт дæр Хуыцауы сидт у, уадз æмæ дæ фæрцы фехъуысæд дæ сыхагмæ, æмæ фехъусæд йæхи хъусæй, ацы зынбоны сæ Уæллаг кæй нæ ферох кодта æмæ йæ уд фервæзын кæныны сæраппонд йе ’ргом аздахæд, Уæллаг сæм кæдæм сиды, уырдæм. Дæлæ ис, гъе, дзæнæт Турчы арфæгонд зæххыл, дыууæ къахдзæфы авæр æмæ йæ мидæг февзæрай...»

Гæххæтт стыхта, йе тары йæ чъызгæ бафснайдта. Хъази ардæм Дзæуджыхъæуы хабæрттæ æрбахæссыны сæраппонд не ’рбацыд, фæлæ уæддæр лæгæн дзуапп радтын хъæуы!

— Муссæйы йас лæгыл гуыдыр кæм сæвæрой, уым ма хабæрттæ махмæ хауынц, Уосмæн?

— Мыстытæ сахайæ куыд фæлидзынц, афтæ фæлидзиккам, фæлæ аирвæздзыстæм? — дыгъуырццæгæй загъта мадзура Темырыхъо.

— Гъе-гъе, Уосмæн, цалдæр азы размæ Хъаныхъуатимæ куы алыгъдаиккам, уæд ныр ахæм тас нал æвзариккам! — ныккатай кодта Гуыцыр.

Хъази æмырæй хъуыста ныхасы бадджытæм. Чи афтæ, æмбойны фæлидзин, фæлæ мæ Туркмæ куы нæ бауадзой, зæгъгæ. Чи та афтæ, Уæрæсейы паддзахы уæлбикъон æхсины лæгтæ нын ууыл не сразы уыдзысты.

— Марадз, фæцæрдæг у! Паддзахы хицауад дæ алидзыныл разы у æмæ дæм уым та æхсæвæй-бонæй Турчы султан æнхъæлмæ кæсы! — æрбадзырдта дæлейæ Хъуыбады.

Хъази та гæххæтт фелвæста æмæ дзы, æрдæбон барæй цы хай фæуагъта, уый бакаст:

«О Иунæг Стыр Хуыцау, мæ кады къæлæтджын мын сындз фестын кæн æмæ мæ фæндаг та карды ком, ме ’мдин адæмы хъизæмар куы фехъусон æмæ сæ тæригъæдæй мæ зæрдæ куы нæ ныккæрза, уæд! Æхсæв мыл хуыссæг куыннæ æрхæца, бон цы хæрын, уый мын хъылма куыд феста, æмæ мыл хурбон зындонау куыд нытталынг уа!.. О сыгъдæг пехуымпар, о хæрзиуæджы хъæппæрис, дæ бæхы къæхты рыг мæ фестын кæн, де стъарцы æрцæфæй мæ дзыхъмард фæкæн, дæуæн кувæг адæмы хъизæмарæй мæ зæрдæ куы нæ ныккæрза, уæд!» — Уый та уын Турчы султаны сомы! — Хъази йæ къухтæ фæйнæрдæм айтыгъта, йæ къæрис риу Хуыцаумæ сдардта. Муххамед Насераты прокламаци æмæ йæ хуылфы æвæрд гæххæттыты амынд йæ зæрдыл куыд лæууыдысты, афтæмæй сæ дзырдта, бур фыстæджы хуылфмæ кæсгæйæ. — Хъусут дарддæр, афтæ фæнды Стыр Хуыцауы: «Цæуыл фæхæст уат, уый уæ къухты райсут, уæ бинонты джауырты ныхтæй раиувахс кæнут... Æрцæут, Стыр Аллах дзæнæты цард æмæ рухс кувæндæттæй цы арфæгонд бæстæ байдзаг кодта, уырдæм... — Чысыл фæлæууыд, гæххæтты бынты адæммæ акаст æмæ сын сæ цæсгæмттыл цымыдис куы фæфиппайдта, уæд дарддæр бакаст. — Ацы дзæнæты бæсты уæм æнхъæлмæ кæсынц уе ’мдин æфсымæртæ æмæ сойцард. Кæд уæ ныртæккæ исты ныкъкъуылымпы кæна æмæ уын рацæуын нæ бантыса, уæд куыддæр фæуалдзæг уа, æмæ бæстыл минцæстон хур атула, афтæ ныллæуут Туркмæ фæндагыл, уе ’мдин æфсымæрты ’рдæм, дзæнæты бæсты ’рдæм. Афтæ фæнды хæрзиуæгæй йемыдзаг Иунæг Стыр Хуыцауы æмæ йæ иузæрдыг цагъар Турчы султаны».

Гæххæтт стыхта, йæ былтæм æй нымдæй схаста æмæ йæ ныр бæстон бафснайдта. Ныхас æгæр кæй ныттар, уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд.

— Æртæ азы размæ дæлæ Тугъантæ алыгъдысты. Стамбулы тæккæ астæу, æппæты стырдæр мæзджыты фарсмæ æрбынат кодтой æмæ хъаны цард кæнынц, — загъта ма æмæ алырдæм йæ хъус адардта.

— Хъаныхъуатæ уыдонæй раздæр алыгъдысты, фæлæ та фæстæмæ æрбалыгъдысты.

— Бирæтæ ма дзы сæ удтæ тыхæй æрбахастой.

— Хъаныхъуатæ куы лыгъдысты, уæд Уæллагæй дзырд нæма уыд, æмæ Турчы султан дæр никæмæ æнхъæлмæ каст, — цыма Хъуыбадыйы рæтъузæн ныхас нæ фехъуыста, уыйау дзырдта Хъази. — Уæртæ гехаг цæцæйнаг Гермихан фондз боны размæ æрбаздæхт Туркæй, ам ма йын цы муртæ баззад, уыдон ласынмæ. Кæд уæ мæ дзырд нæ уырны, уæд бацæут æмæ йæ бафæрсут, æмæ уын уый йæхæдæг зæгъдзæн: мархойы бонты, дам, урс дзул æмæ мыдæй не сцух уыдзысты... Нæ дин сæрибар у æмæ йæм сыла-нæла Чырыстийы сау пæлæзджын халæттæ ницы бар дарынц, зæгъгæ, Гехы цæрджытæн сæ фылдæр ныридæгæн Гермиханимæ лидзынц Туркмæ. Хуыцау нæ раст фæндагыл уромы, æмæ уæ цæстæй ракæсут.

— Раст у, нæ цæстæй хъуамæ ракæсæм æмæ нæ развæндагмæ æркæсæм лæмбынæг, — зæгъы Хъуыбады Хъазимæ кæсгæйæ. — Уæртæ назрайнаг мæхъхъæлонтæ æрбаздæхтысты æрæджы сæ хæстæджыты кæнынмæ, мæхæдæг ныхас кодтон семæ... Æртæ азæй фылдæр цæрынц Турчы æмæ, дам, фиддæны номыл нырма мисхал дæр нæ бафыстам. Уый дæр цыфæнды фæуæд, фæлæ уым пысылмон лæджы «басурманцки сабакъæй» ничи тоны... Цæры сæрибарæй йæ Хуыцау æмæ йæ динимæ. Æвæццæгæн, Муссæ æмæ Османаты Садуллæйы хабар нæма фехъуыста стыр султан, æндæра афтæ æнцад нæ бадид!..

— Муссæ цы зæгъдзæн?

— Муссæйæн Уæрæсейы паддзах йæ разы Сыбыр æмæ Стамбул куы æрæвæра æмæ йын афтæ куы зæгъа, сæ иу равзар, зæгъгæ, уæд, дæумæ гæсгæйæ, куыд кæндзæн, Гуыцыр? — фæцæрдæг æм ис Хъази. — Асæрды рæстæг уæ иувæрсты ма аивгъуыйæд. Турчы зæххытæ дæр, иууыл æмхуызон кæм уыдзысты, раздæр чи ныццæуа, уый дзы йæхицæн дзаджджындæр хæйттæ равзардзæн... Иууыл æхцондæр та, нæ уалдзыгон куыстытæ уым куы бакæниккам, уый уаид, — базыртæ сагъта молло.

— Цы ныхъхъус дæ, Уосмæн, исты зæгъ? — бацагайдта Уосмæны уæхск Темырыхъо.

Уосмæн сыстад æмæ æнæдзургæйæ сæ хæдзармæ араст ис.

Молло йæ хæрæгыл абадт, разæй йæм æнхъæлмæ кастысты Иры пысылмон хъæутæ. Бруты хъæу йæ уæззау сагъæстимæ хъуыргъуындæггæнгæ фæуагъта.

Ныхасы фæз сафтид, Хъуыбады ма дзы баззад иунæгæй.

«Урс дзул мыдимæ!.. Райдзаст кувæндæттæ!» — йæхимидæг дзырдта æгъæдзар фæндырдзæгъдæг.

VI. ТЕМЫРБОЛАТ

Мæт лæгæн хатт химарæн кард райсын кæны. Темырболатæн Хъуыбады дзырдта, Хуыцауы минæвар Бруты ныхасы бадтис æмæ цахæмдæр гæххæтт кастис, зæгъгæ. Стæй йæхæдæг дæр æркаст æмæ федта: Есенаты Гуыцыры дзыхæй «Стамбул» йеддæмæ ницы хъуыст, Брутæн йæ фылдæр æмбисыл «урс дзул æмæ мыды» сагъæс бафтыд.

Уый æрмæст моллойы æвзаджы тых нæ уыд. Уый, Темырболаты цæст æмæ зонд кæуыл не ’ххæст, ахæм тых уыд, йæ разы йæхи мæлдзыгау æнкъардта. Иу ратылдæн æй ныцъцъист кодтаид æмæ рыг фестадаид.

Иннæрдыгæй та, йæ мады хъарæгмæ хъусын нал уыд йæ бон — йе ’фсымæр Муссæйы мæтæй йæхи мардта ус. Йæ хъарæгмæ-иу сыхæгтæ æрæмбырд сты.

«Дæ бынаты бад æмæ æнхъæлмæ кæс!» — фыста йæм Муссæ. Кæдмæ æнхъæлмæ кæса, цалынмæ йæ уыцы æвирхъау тых ныцъцъист кæна, уалынмæ? Кæдмæ хъуса Æнайы хъарæгмæ? Кæдмæ кæса Гæбайы тар цæсгоммæ? Науæд Дзæрæхохты Алхаст æмæ Малсæгты Тепсайы бинонтæ куыд кæнынц?

Хъуыбадыйы ныхæстæ йыл чъырын арт бандзæрстой, æмæ йæ риуы цъыс-цъыс кодта «урс дзул æмæ мыд». Молло Хуыцауы фæндæй цы фæндагмæ сиды, ууыл æрмæст иуырдæм ис ацæуæн, фæстæмæ сындзæхгæд ныууыдзæн... Ахæм рæстæджы йæм дзурын нæ фæцæуы, фæлæ Хъуыбады йæ фæдыл ацæуы æндæргау, æнæдзургæйæ. Цыма исты зылынджын у, ахæм каст æм æрбакæны æмæ йæ ныхы ссывдтытæ ноджы сарæх вæййынц. Мæнæ ныр дæр йæ фарсмæ бады хъæугæрон. Æвæццæгæн, йæ фæндырæн суымæл кæнынæй тæрсы æмæ йæ йæ зæронд къандзолы бын бавæрдта.

— Уырдæм æй демæ ахæсдзынæ? — фæндырмæ йын ацамыдта Темырболат.

— Кæдæм? — фергъуыйау Хъуыбады.

— Стамбулмæ?

— Уайых фæуай, кæд Стамбулы кæй хъæуы ирон фæндыр!

Ныхъхъус сты. Темырболат Хъуыбадыйы къухæй фæндыр райста, æркæстытæ йæм кодта, «Стамбулы кæй хъæуы» йæ зæрдæйы нал бацыд. Йе ’нгуылдзтæ йыл æруагъта. Ныллæг хъæлæсæй дыз-дыз кодта фæндыр. Темырболаты зарын дæр не хъуыст тынг. Стæй хъуыдыты адзæгъæл æмæ дзы айрох ис, заргæ кæй кæны æмæ йæм Хъуыбады цавддурау кæй хъусы. Æвиппайды фæндыр йæ хицауы армы фæсагъта æмæ æррайау йæ къахæй зæхх ныххоста:

— Кæдæм лидзæм нæ Хуыцау æмæ нæ дин агурæг, мæнæ нæ къæхты бын куы сты, уæд? Цы ныйичъи стæм Стамбулыл, арфæгонд зæхх мæнæ куы ис, уæд? Уырыссаг лæджы разæй тæтæйрагмæ æххуысæнхъæл куыд хъуамæ фæдарæм нæ къух? Цы хорздзинадмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм? Чи сæм алыгъд, уыдонæй бирæтæ сæ фырхъалæй куы нæ ралыгъдысты фæстæмæ... Нæ адæмы зонд нын чи сызмæста?.. Уыцы фыдбылызы фæндагыл сæ чи ’фтауы?..

Хъуыбады зæхмæ каст æмæ ницы дзырдта. Темырболат нæууыл уæлгоммæ афæлдæхт æмæ фæлурс æврæгътæй нал иста йæ цæст.

— Фæсмойнаг фæуыдзыстæм. Нæ зарæгыл дæр нын сыджыт бакалдзысты æцæгæлон бæсты æмæ йын фыды артдзæстмæ æрбаздæхын нал бантысдзæн.

Йæ сусæг гуым-гуым хъуыст Темырболатæн, стæй уыцы иу гæпп фæкодта:

— Нæ цæуын.

— Ма ацу, иу зард ма акæн! — ныллæгъстæ йын кодта Хъуыбады.

Суанг йæ удмæ бахъардта уыцы лæгъстæ, фæлæ йын цы азарыдаид? Зарæгыл хъуыдыгæнгæйæ бирæ æхсæвтæ сбон кодта, фæлæ къæбæлыл баст бæхау, йæ алыварс цы зылдис, æндæр æм æввахс нæ уæндыд. Зарæг уæддæр йæхигъæдæй æвзæрдис йæ уды, фæлæ йæ ныффыссын æмæ йæ равдисынмæ нæ уæндыд. Ныр ын, мæнæ Хъуыбады лæгъстæ кæны, иу зард ма акæн, зæгъгæ. Цы азара, куыд азара æнæфыст зарæг?

 

Дæ тохы сидт, дæ базард

Зæллангæй хъуыст, æндонау.

Де ’мыр кæуын, дæ азар

Хъæуы ’рдæм тылд, уæрдонау.

 

Йе ’гуыппæг хъæлæсæй йæхæдæг фæтарст, фæлæ йæ бауырныдта: уалдзæджы цъæхыл уымæл мæры æфснайд тауинагæй хъауджыдæр нæу зарæг, æмæ кæд хъуамæ сæвзæра, уымæй нæ фæрсы, æгæрыстæмæй билцъ цы мæры рафтауы, уый дæр. Фæджихау, мæ дзыхæй фыццаг мыр куыд схаудта æмæ йын йæ фæдыл иннæты куыд равæрдтон, зæгъгæ. Хъуыбады йæхимидæг базмæлыд æмæ Темырболат ноджы самыдта фæндырæй:

 

Ныр дард бæстæм фæндонæй

Хуыцауагур куы цæуыс,

Уæд ма мын зæгъ уæндонæй:

Æнæмардæй цы кæуыс?

 

Хъуыбады йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ хъуыды кодта, уый нæхи зарæг, нæхи сагъæс у, зæгъгæ. Темырболатмæ бакаст. Йæ цæсгом æмæ йæ былтæ ныффæлурс сты зарæггæнæгæн.

 

Дæ Хуыцау ’мæ дæ зæдтæ, —

Дæ хæхтæ ’мæ дæ бæстæ...

 

Темырболат бамыр æмæ ницыуал уыдта а бæстыл йæ сагъæсты йеддæмæ. Хъуыбады йын фæндыр йæ къухæй райста. Уый уæддæр нæ фезмæлыд, бадтис дзагъырæй.

— Нæхæдæг кæдæм фæнды фæлидзæм, фæлæ уый Иры зæххыл хъуамæ баззайа!

— И?.. Кæмæй зæгъыс, Хъуыбады?

— Зарæгæй.

Фестад æмæ фæцæуæг. Хъуыбады йæм дзырдта фæстейæ, фæлæ йæм нал фæкаст. Дунейы уæз йæ удыл куы нынцайы æмæ йæ ныцъцъист кæнынмæ куы фæхъавы, уæд цæмæндæр Муссæйы фæлгонц æрбалæууы йæ цæсты раз. Муссæйæн стыр тых ис, чи зоны, йæ уый фервæзын кæна!.. Молло, дам, адæмы Стамбулмæ хоны! Æмæ Муссæйы бафарста? Чердæм анцайдзæн, Темырболат йæхи мæлдзыгау кæй фарсмæ æнкъары, уыцы æвирхъау тых? Кæстæр уæвгæйæ нæм Туркмæ лидзыны хъуыддæгтæ нæ хауынц? Хорз, афтæ фæуæд, фæлæ адæмы сæ фыдыбæстæй цы Хуыцау иппæрд кæны, уымæ нырæй фæстæмæ кæсдзæн æндæр цæстæй.

Хæдзары фæмидæг ис, Уосмæн æмæ Æна тæргæйттау бадтысты. Æвæццæгæн сæм цæуылдæр карз ныхас рауад. Азизæ сæм дардæй каст æмæ, йæ дзыкку цы къухæй здыхта, уый йын рызтис, Уосмæн джихæй скаст, лæбурæгау чи æрбацыд, уымæ.

— Исчи дæ сургæ кодта, лæппу?

— Мæ Хуыцау мæ суры, мæ Хуыцау!.. Мæ Хуыцау мæ суры Туркмæ!..

Уосмæн фестад. Æна фенкъардта, Хуыцауы фыдкойы тыххæй фыд æмæ фырты ’хсæн хъаугъайæн æнæрцæугæ кæй нæ уыд, æмæ се ’хсæн бацыд. Темырболат йæ мады уæхсчыты сæрты кастис æмæ уыдта: Уосмæн йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ адæргæй фелхъив-фелхъив кодта, йæ цæсгомы нуæрттæ змæлыдысты.

— Адæмы сфæндыд, адæмы! — тызмæгæй загъта уый.

— Муссæйы фæндонмæ ничиуал хъусы, кæнæ Æлдадты зæронд Бæтæхъойы удæгасæй баныгæдтой молло æмæ йæ Хуыцау?

— Хуыцауы йæ бынаты уадз! Муссæ æмæ Бæтæхъо дæр зæгъдзысты сæ ныхас! — фемæхст ис Уосмæн.

— Кæд зæгъдзысты сæ ныхас, молло нын нæ цæстыты фæнык куы бакала, уæд? — Темырболат фиппайдта, йæ фыды цæстыты мæт цадæггай куыд сысыдис æмæ куыдфæстагмæ йæ цæсгом фæлмæнæй-фæлмæндæр куыд кодта, уый. Æппынæрæджиау иуварс аздæхт, афтæмæй загъта.

— Нæ зонын.

— Кæд æй ды нæ зоныс, уæд æй æз базондзынæн! — фестад. — Нæ Хуыцауы хæрзиуæгæй Стамбулы йеддæмæ æппæт дæр ферох кодтам.

— Кæдæм фæцæуыс, лæппу?

— Дзæуджыхъæумæ.

Æрфæны йæ бецыккæй æрбаласта, саргъ ыл авæрдта, æфсæддон мундир скодта æмæ кæртæй ахызт.

— Уæ, Болат, ма ацу, мæ хъæбул! — йæ цæссыгкалгæ йæм сидтис Æна.

***

Арфæны цæфхæдты бын Терчы хиды астæрды къупп-къупп куы ссыд, уæд фæфиппайдта, горæтмæ кæй бахæццæ ис, уый.

«Чи зоны, мæ фæстæмæ цæуын нал бахъæуа!»

Муссæйы фарсмæ æрбадыны фарст йæ хъуыдыты цуркау нынныхст æмæ йæ аиуварс кæнын нал уыд йæ бон.

«Ау, мундир æнæхъуаджы скодтон, нæ дзы фефсæрмы кæндзысты?»

Фалейæ йыл кæйдæр хъæлдзæг мыр-мыр ссыд, цыма йын йæ хъуыдытыл худт.

Ехс уæлдæфы мæсты къæрцц ныккодта æмæ Æрфæны Терчы облæсты командæгæнæджы кæрты ’рдæм фацарæзта.

«Цы уа, уый уæд, сæфт — дыууæ сæфты!»

Хъарагъул йæ размæ æрбагæпп ласта æмæ йын йæ бæхы риумæ джебогъ фæдардта.

— Кæдæм бырыс, æнаккаг! — фæхъæр ыл кодта æваст, фæлæ Темырболат бæхæй куы ’рхызт æмæ йын йе ’фсæддон дарæс куы ауыдта, уæд æрфæлмæн ис: — Ныббар мын, господин корнет, талынджы дæ нæ базыдтон: Туземец дæ фенхъæлдтон!

Ехсыл уæлæмæ схæцыд Темырболат, хъарагъулы дзы æрдзæхст кæнон, зæгъгæ, фæлæ йæхи фæурæдта æмæ йæ йæ цырыхъхъы хъусыл æруагъта.

— Æмæ туземецтæ сегас абырджытæ сты?

— Талынджы сæ нæ равзардзынæ, господин корнет! Стæй мын, кулдуарæй мидæмæ искæй бауадзон, уый бар нæй.

— Фæсид хъарагъулты сæргълæууæгмæ!

Уынæрмæ цахæмдæр вахмистр æрбацыд.

— Кæдæм цæуыс, господин корнет? — афарста йæ вахмистр.

— Йæ бæрзонддзинад инæлар-лейтенант Лорис-Меликовмæ!

Вахмистр, æвæццæгæн, хынджылæг кæнын чи уарзта, ахæм уыд. Йæ къæбут йæ къухæй æрцъыкк ласта æмæ уыцы дæргъæццон хырхыргæнаг худт суагъта.

— Ой, мамуся! Инæлар-лейтенантæй дæлдæр никæмæ бакомдзынæ?



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: