II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 29 глава




— Цалынмæ Стамбулæй æрбаздæхон, уæдмæ, — комкоммæ загъта Муссæ.

Лорис-Меликов йе ’нгуылдзтæй Муссæйы цухъхъайы уæхск æрбассывта, стæй йæ феуæгъд кодта, ома, кæй сызнæт дæн, уый ма фергом уа.

— Стамбулы хъуыддагæн ныр æнæ уыдон саразæн ис, — цыма йæхæдæг дæр уыцы хъуыддагыл рагæй хъуыды кодта, ахæм хъæлæсæй загъта.

— Саразæн ын ис, фæлæ ноджы тыхджындæр куы ныссуйтæ уа æмæ йæ райхалын куы фæзындæр уа, уымæй тæрсын.

Лорис-Меликов рудзынг байтыгъта, хатæнмæ Терчы сæр-сæр æмæ сатæг уæлдæф æрбакалдысты.

Муссæ фестад къæлæтджынæй, йæ фысымы ныхмæ æрлæууыд æмæ йын йæ разы равæрдта бæлвырд архайды нывæст:

— Тæккæ ахсæв хъуамæ ныллæууон Стамбулы фæндагыл, кæуылты ацæудзынæн, уый зонын никæй хъæуы Терчы облæсты хицауы йеддæмæ. Туркмæ ныры онг дæр бирæ къордтæ алыгъд, фæлæ уыцы алыгъдæй Уæрæсейы паддзахады пайдайæн фиу стухыны фаг зонд никæмæ разынд. Ныр нын уавæртæ сæхæдæг амонынц: Кавказ басабыр кæныны иунæг мадзал ацы фæндаг кæй у. Ацы стыр хæсты нæ афицертæ æмæ инæлæрттæй иуæй-иутæ либерализмы гамхуд дардтой, иуварсæй йæм сæ цæсты зулæй гудзиццытæ кодтой æмæ ныр уымæн бахауд хъуыддаг зын уавæры. Кæд Стамбулмæ мæ балц фæрæстмæ уа, уæд облæсты хицау æмæ Муссæйæн фæуыдзæн змæнтджыты раз ахæм цæхгæр фарст æрæвæрыны фадат: кæнæ Сыбыр, кæнæ та Стамбул æмæ уæ дин! Сыбыры фæлтау пысылмон лæг Стамбулмæ кæй алидздзæн, уый та гуырысхойаг нæу, фæлæ уырдæм дæр сæ разæй хъуамæ ацæуа, тохмæ сæм чи сидтис, уый! Дæлæ хъоргъы чи бады, уыдон дæр мæ уæдмæ хъæуынц!

— Туркмæ алыгъдыл не сразы уыдзæн паддзах æмæ... мæхæдæг дæр... — зæгъы, йæ дæллаг был рацъупп кæнгæйæ, Лорис-Меликов.

— Ууыл фæстæдæр æрдзурдзыстæм, ныр та уал, хъуыддаг куыд хуыздæр феггуырсдзæн, уымæ æркæсæм.

Облæсты хицау Лорис-Меликов йæ къæлæтджын стъолы цурмæ æрбабырын кодта æмæ цырагъ йæхицæй Муссæйы ’хсæн æрæвæрдта.

— Туркæй фæстæмæ цы мухаджиртæ æрбалыгъд, уыдонмæ нæ æркæсын хъæуы, мыййаг адæмы æвзæрæрдæм куы ардауой!..

— Уый мæ бар уадз, Михаил Тариелович, æрмæст уал мæ Стамбулмæ афæндараст кæн. Мæ бинонтæ мæ куы агурой, уæд сын цы зæгъын хъæуы, уый дæхæдæг зоныс. Ам мæнæй ницы пайда ис, уымæн æмæ мын мæхи равдисæн нæй.

Фæсахсæвæртæй аивгъуыдта. Цырагъы авджы алыварс гæлæбутæ схъомпал сты.

— Ау, Кавказы сабырдзинад æрæвæрынæн æндæр мадзал нал ис?

Лорис-Меликовы æфсоны хъынцъым Муссæйы зæрдæйы судзинау фæныхст, фæлæ ницы загъта. Турчы дæр та кæд нæ фесæфид, уым дæр ын кæд бантысид, сæнтдзæфтæ сæхи цы «райгуырæны» сæрыл марынц, уый ссарын. Курдиатджын афицерæй йæ зыдтой, инæлары цинæй йæ схорзæхджын кодтой, фæлæ уæддæр иудадзыг æнкъардта кæй никуы бахаудзæн, Уæрæсейы паддзах æхсыры цæдтæ цы уæлбикъонтæн дары, уыдоны уавæры æмæ кæй баззайдзæн йæ мæлæты бонмæ «туземаг афицерæй». Уым та адæмæн сæ манифестæй сæ былтæ дауынц æмæ сын дзурынц: сæрибар стут, чердæм уæ фæнды, уыцырдæм цæут, зæгъгæ. Ам та паддзахы инæлæрттæ сæхи чысыл паддзæхтæ скодтой æмæ райсом, чи зоны, Куындыхаты Муссæйы дæр, ам баззайгæйæ, Тепса æмæ Бæтæхъойы уавæрмæ æрæппарой. Нæ, мæ хуры чысыл, дæ хинæйдзаг хъынцъымæй мын мæ зæрдæ нæ балхæндзынæ...

— Нал ис хуыздæр мадзал, дæ бæрзонддзинад! Ацы æлхынцъ стыр Аллах æмæ йæ пехуымпары йеддæмæ ничи райхалдзæн æмæ мах дæр сæ номæй хъуамæ архайæм. — Уæдæй нырмæ йын йæ сæры магъз цы сагъæстæ æвдæрзтой, уыдон йæ зæрдæйы иу къуыммæ бассывта æмæ сыл уæззау дур ныффæлдæхта. Йæ ных йæ дысæй асæрфта, Лорис-Меликовмæ скаст æмæ ма хæрзныллæг хъæлæсæй загъта: — Адæймаджы æппæты стырдæр тæрхонгæнæг намыс у, фæстаг дзуапп уымæн дæтты.

Сæ намысы раз сæхи цæмæй сраст кодтаиккой, уый сын æцæгдæр уыд: Абон туг кæй нæ ныппырх, уый тыххæй та сын адæм бузныг хъуамæ зæгъой. Сæ намыс сæм цы дзырдта, уый арæзтой, ахсæвы балц дæр уый ныдздзырдта Муссæмæ.

— Ардыгæй райсоммæ Бæтæхъойы цур абаддзынæн, — фестад Муссæ.

— Ардыгæй райсоммæ æгæр у. Æмбисæхсæв дæ хъарагъултæ ракæндзысты æмæ дæ бæхы Арвыкомы ’рдæм фæцагайдзынæ. Зынвæндаг у, фæлæ дын боныгон цæуæн нæй.

Муссæ ацыд. Хицау йæ къæлæтджын бацахста æмæ æдзынæг нымдзаст Муссæйы æхсаргардмæ: Чи зоны, Муссæйы хуылфы райхъал ис мæрдвынæй намыс! Хуыцау ма зæгъæд, ахæм лæгæн æппæт бæллæхтæ бакæнын дæр у йæ бон, чи зоны, йын æфсæддон царды скъола бынтон нæ амардта йе сконды ирон патриархалон нуар. Цас фидар ма хæцыд уыцы нуар, кæйонг цыд æмæ цæуыл æххæст, уый уыд йæ катайаг. Цыфæнды фæуæд, уæддæр ын фæстæмæ раздæхæн нал ис. Уæд ыл йæ Хуыцау æмæ йæ пехуымпартæ рахæтдзысты. Ныртæккæ йæ балц, йæ хъуыддаг æмæ йæ лæгдзинад облæсты хицауы æмырдзинадыл баст сты. Куы йæ бафæнда, уæд дзы дыууæ бонмæ хъазæнхъул сараздзæн.

Асыккæй фыссæнтæ систа æмæ гæххæттыл ставд дамгъæтæй афыста:

«Кавказы æфсады сæйраг штабы хицау, йæ бæрзонддзинад инæлар-лейтенант Карцов Алыксандр Петровичмæ...»

Йæ хъуыдытæ фыссæн сисы бырынкъыл асалдысты. Цы уыдзæн, Муссæ сусæгæй архайыныл куы схæца, уæд? Нæ, ахæм сæрхъæн нæу!

«...Ныртæккæ æппæты ахсджиагдæр хъуыддагыл нымайын, инæлар-майор Куындыхаты Муссæ нын Терчы облæсты нæ сомбоны архайдыл хæрзмæ сахадыны сæраппонд нæ разы цы фарст æрæвæрдта, ууыл дæ бæрзонддзинадимæ лæмбынæг æрдзурын... Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты æртæ мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ алидздзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны...»

Ирдгæ фæтыхджындæр ис. Кæртæй хъарагъулы цырыхъхъыты къупп-къупп æрбайхъуыст, Лорис-Меликовæн йæ хъуыдыты таг аскъуыд.

«...Ацы хъуыддаджы æнтысты сæйраг æууæлыл инæлар Куындыхаты Муссæ нымайы, йæхæдæг дзы хайад кæй исы, уый бынтон басусæг кæнын æмæ фæдзæхсы, цæмæй мемæ æмвæндæй кæй архайы, уый адæмыл ма ахъæр уа... Æз ын уыцы хъуыддаг басусæг кæныны ныфс бавæрдтон æмæ йын дзырд радтон, дæ бæрзонддзинады йеддæмæ йæ æндæр искæмæн кæй не схъæр кæндзынæн...»

Стъалытæ фæфæлурс сты, доны сæр-сæр фæтыхджындæр ис сæуæхсиды сыгъдæг уæлдæфы. Лорис-Меликов конверты цыппар къуымыл мыхуыртæ сæвæрдта æмæ хъарагъулмæ сидæн дзæнгæрæджы бос раивæзта.

II. ÆДЗÆРÆГ РАНЫБÆЛЦЦОНЫХЪÆРАХСТ

Адæм æвиппайды иуранмæ фæтымбыл сты. Темырболат æддейæ аззад æмæ йæм, мидæгæй цы арæзтой, уый нал зынд. Цæйдæр лæмæгъ къæрцц-къæрцц æм хъуыст, фæлæ уый нæ уыд æндоны сыгъдæг зæлланг. Стæй адæмы бардз анкъуыст, мыдыбындзыты ’взæнау. Кæуыл тыгуыр кодтой, уыдон размæ ацъупп сты, æхсидгæ писийæ фæхицæнгонд æртахау, æмæ уæд схæцыд йæ цæст Муссæитыл. Сæ алфамбылай лæууæг хъазахъхъæгтæ адæммæ джебогътæ дардтой, ома æмгæрон ма цæут. Темырболат йæхи уыцы иу скъæрд бакодта, Муссæиты баййафон, зæгъгæ, фæлæ йæ дыууæ хъазахъхъаджы ацахстой. Йæ кард ын куы стыдтой æмæ йын æй фалиау куы фехстой, уæд ауыдта хæцæнгæрзты рæдзагъд. Кастис, паддзахы æфсæдты Кавказæй фæсурынмæ чи хъавыд, уыдон сæ хотыхтæ куыд калдтой, уымæ. Ныр æй бауырныдта, дунейы æппæты стырдæр æмæ тыхджындæр хотых адæймагæн йе сконд кæй у. Байс ын йæ ныфс, æмæ йæ хъомыс дæр дæу бауыдзæн!

Æммыст Алханты Махмудмæ бакæс, кæддæра уый дæр афтæ систа тас йæ уæлныхты!

Рæдзагъды алыварс лæууыдысты хъазахъхъæгтæ, йæ уæлæ йын калдтой кæрдтæ, хъыримæгтæ, уартытæ, æвзистæй æмæхгæд хъаматæ, æмæ цадæггай нæрстис обау.

Темырболат фестъæлфыд, кувæндоны ’рдæм йæхи баппæрста, фæлæ хъахъхъæнджытæ йæ разы лæуд фесты æмæ йæ фæстæмæ расхуыстой.

Адæмы къорд йæ разы, уалдзыгон митау, батад. Уый ма уæддæр лæууыд æмæ хотыхты обаумæ каст мæцъæл цæстытæй. Кæцæйдæр йæ уæлхъус февзæрд Æрфæн. Йæ замс былтæ йын йæ къæмисæныл авæрдта. Йæ комытæф йе ’фцæгготæй мидæмæ калд. Хæмæт ыл ныцъцъæхахст кодта, дæхи фыдбылызæй айс, зæгъгæ. Куы нæ йæм байхъуыста, уæд уый дæр йæ бæхæй æргæпп ласта. Æбуалгъ æм фæкаст, Муссæиты кæй акодтой, уый нæ, фæлæ ацы хæццæ-мæццæйы тас уымæ кæй нæ бахъардта, уый. Чи зоны, фыны дæн æмæ ацы митæ мæ цæстыл уайынц, зæгъгæ, ферттывта йæ сæры... Æрбацæуынц, обауыл сæ гæрзтæ баппарынц æмæ аздæхынц!

Цыма ацы зылды адæм нæ, фæлæ уæларвон тых архайдта æмæ уый бæстон кодта зæххон хъуыддæгтæ. Фæхицæн сын кодта сæ раздзогты, хъазахъхъы разæй сæ Дзæуджыхъæуы ’рдæм атардта ронбæгъд æмæ фистæгæй. Æвæццæгæн ын йæхи дæр уыцы тых ныббаста ам. Адæмы иумæйаг æхсар цыдæр æнæнхъæлæджы саст фæцис, ахæм цæхгæр зылд æй цы ныккодта, уый æрцахсын нæ уыд йæ бон. Йæ цæстытыл та ауадысты æрдæбоны къæрццæмдзæгъд æмæ хъаугъа, стæй цæцæйнаг лæппуйы хыл. Хъазахъхъ æрбацæуынц, зæгъгæ, куы фæсидтысты, уæд афтæ фенхъæлдта, ома чидæр хынджылæг кæны, стæй адæм куы фегуыппæг сты, æмæ уыцы æлхынцъы хуылфæй, «Муссæйы фæкæнынц», зæгъгæ, куы райхъуыст, уæд ыл бæстæ аталынг.

Æрфæныл абадт. Хæмæт Мæстæджы фæцагайдта æмæ сæ фæсхъусты дымгæ ныкъкъуыззитт кодта.

— Кæдæм скъæрыс, Темырболат? — фæрсы Хæмæт.

— Муссæмæ.

— Йæ фарсмæ бадын дæ æрфæндыд?

Ницыуал æм сдзырдта.

Хъæуты цъиуызмæлæг нæ зынд. Куыйтæ кауы бынты бабырыдысты, æмæ сæ сыбыртт нал хъуыст. Фалейæ цавæрдæр бæхджынтæ æрбазынд. Комкоммæ сæм æрбаскъæрдтой сæ фынккалгæ бæхты.

— Æз дæу агуырдтон! — дзуры цæцæйнаг Махмуд.

— Мæнæн мæ фæндаг ныртæккæ уыцырдæм у, — йæ къухæй Дзæуджыхъæумæ ацамыдта Темырболат.

— Ахстытæн баххуыс хъæуы!

— Ам нæдæр ахстытæ уыдысты сæ бынаты, нæдæр стырбон! — йæ рахиз къухæй уæлдæф æрцъыкк ласта Темырболат.

Фæджихау сты цæцæйнаг лæппутæ. Нæ бамбæрстой Темырболаты хъуыды. Æниу цы загъта, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта.

— Хуыцауыстæн, нæ дын бамбæрстам дæ хъуыды! — фæхъæр кодта Махмуд мæстыйæ.

— Стырбонæй дæ удæгасæй куыд рауагътой, ууыл нæ дис кæныс?

Махмуд фергъуыйау æмæ йе ’мбæлттæм бакаст. Æцæгдæр æй куыд рауагътой, кæнæ куыд раирвæзт удæгасæй, алырдыгæй хъулайæ куы лæууыдысты, уæд?

— Мæ кард æрæвæрдтон, æндæр ма сæ цы хъуыд? — фæдыгъуырццæг уый.

— Дæ уд ма сæ хъуыд, фæлæ дын æй радтой æмæ дæ рауагътой! — фæхъæр кодта Темырболат æмæ Æрфæны ехсæй æрдзæхст ласта.

Дзæуджыхъæуы ’рдæм фессæстой. Цæцæйнаг лæппутæ йæ уæгъд не суагътой. Цымыдис фæсивæд семæ æрбаиу сты æмæ ныр дзæвгар баисты. Чидæр афтæ, горæтмæ бабырсæм, хъарагъулты хуытау ныргæвдæм æмæ ахстыты ссæрибар кæнæм, зæгъгæ.

— Цауты развæлгъау чи снывæста, уый балæбурынмæ дæр æнхъæлмæ кæсдзæн!

— Чи зоны, сæ Уæллаг снывæста!

— Нæ зонын! — йæ хурхы сæртæй фæхъæр кодта Темырболат. — Абон хъазахъхъ сæргæхцытæ къуыхтæ кæныныл æмæ адæмы æфхæрыныл куы схæцыдаиккой, уæд цы аразын хъуыд, уый зыдтон. Ныр ницы зонын!

Æррайы хуызæн ссис, йæ сидт æдзæрæг раны гæвзыкк бæлццоны хъæрахстау нæрыд.

— Уæдæ нын цы кæнгæйæ у?

— Хæдзæрттæм цæут æмæ æнхъæлмæ кæсут!

Æрвдзæфау фесты. Сагъдауæй сæ фæуагъта. Æрфæны ехсæй æрцъыкк ласта æмæ йæ горæты ’рдæм фæцагайдта.

Иудзæвгар куы ауад, уæд фырмæстæй йæ кæстæр æнгуылдзыл дæндагæй фæхæцыд. Йæ къух сырх-сырхидæй куы ауыдта, уæд йе ’муд æрцыд. Никуы баурæдта йæ бæхы. Брутмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æрвгæрæттæ фæцъæх сты. Кæцæйдæр уасæджы «хъи-хъы-ри» хъуыст.

Йæ фыды уатмæ сусæгæй бахъуызыд, йæ хъусы йын бадзырдта:

— Баба, цæмæн афтæ рауадысты хъуыддæгтæ? Чи сæ скарста развæлгъау æмæ нæ чи фæхынджылæг кодта?

Уосмæн Темырболаты сæрыл дæлæмæ æрхæцыд æмæ йæ дзых лæппуйы хъусыл сныхæста, цæмæй йæ сыбар-сыбур фаллаг уатмæ ма байхъуыстаид.

— Хуыцауы бафæндыд афтæ, фæлæ-иу дæ мады цур уыдæттæ дзурыныл ма схæц, хъыг ын уыдзæн!

Æвæццæгæн, Уосмæн дæр ууыл хъуыды кодта. Йæ фыды дзуапп дæр æм æдзæрæг раны гæвзыкк бæлццоны хъæрахстау фæкаст, æмæ Темырболат талынджы йæ сæрæн кæуыны йеддæмæ ницыуал хос ардта.

III. КÆЙ УÆРДОНЫБАДАЙ, УЫЙ ЗАРÆГ КÆН

Талынг хатæны бадтысты Бæтæхъо, Алхаст æмæ Тепса. Османаты Садуллæйы фæхицæн кодтой, æмæ йыл сæ цæст нал схæцыд. Уымæл къултæй бынмæ зæбул хæлуарæджы тынтæ-иу сæ цæсгæмттыл андæгъдысты. Царыл ныхæст хæлынбыттыртæ цъысцъысгæнгæ схъомпал сты, æнуд тæф æмбудæнтæ æхгæдта. Дуары зыхъхъырæй æрбакæлгæ рухсы лыстæг таг сæтæлæджы сæтæй урсдæргъытæ къулмæ ныккомкоммæ. Къулы фаллаг фарсæй Терчы сæр-сæр хъуыст.

Æвæццæгæн, адæймагæн талынджы хуыздæр амал фæвæййы йæ сагъæстимæ аззайынæн. Хæрзиунæгæй аззадысты, æддагон царды уынæр ардæм нæ хъуыст.

Бæтæхъо Алхасты рацагуырдта талынджы æмæ йын йæ цонгыл дæлæмæ æрхæцыд, ома æрбад. Уымæл зæххыл сæхи æруагътой зæронд лæгтæ æмæ хъуыдытыл фесты.

Бæтæхъойæн йæ хъуыдытæ Муссæйæ райдыдтой æмæ йын фæстæмæ уымæ æрыздæхтысты, кæд æй тынг нæ фæндыд, уæддæр. Дуне йæм саудалынгæй каст, мæнæ уыцы хатæнау, æмæ-иу æм уырдыгæй хатт Муссæйы цæсгом ферттывта.

«Стыр зонды хицау у Муссæ. Гъеныр ам куы уаид, уæд нын исты бауынаффæ кæнид! Æвæццæгæн, уæздæттæн ахæстоны дæр буц митæ кæнынц æмæ йæ уымæн фæхицæн кодтой!»

Чысыл фæстæдæр та йæхи æфхæрдта уыцы хъуыдыты тыххæй: «Чи зоны, ууыл махæй фыддæр бон ис! Лорисы-фырт æмæ йæ Туманов цæлы фынгыл кæй нæ дардзысты, уый мæ уырны!»

Алхаст æмæ Тепса æгомыгæй бадтысты æмæ абоны хабæрттыл хъуыды кодтой. Цæмæн рауадысты хъуыддæгтæ афтæ?

Хæлынбыттырты базырты тæлфын ссыд. Бæтæхъойæн та йæ хъуыдытæ Муссæ æмæ Османаты Садуллæйы фæдыл ныххал сты. Цæмæн сæ фæхицæн кодтой, кæд Байрамы стырбоны аххосаг æмхуызон байуарынмæ хъавынц, уæд? Лæгдзинад адæймагæн йемæ нæ райгуыры. Лæгдзинад адæймагæн йæхиау хъомыл чындæуы æмæ йын æмхуызон схъомылгæнæн ис сæгæвæрд тохына æмæ райдзаст галуаны мидæг. Алхасты-фырт инæлар кæй ссис, уый уынгæ дæр нæ кæны Бæтæхъо. Йæ дзырд уырзæй кæй æвзары æмæ йæм лæгдзинад кæй хаты, уый тыххæй йын кæны лæджы аргъ. Чи зоны, ацы хъуыддаджы нæ хъуыд Муссæйы нытътъыссын. Кæд састис лæдзæг, уæд уадз æмæ Бæтæхъойы зæронд сæрыл асастаид...

Муссæйы цæсгом та æрбалæууыд йæ цæсты раз. Уый хуызæн митæй куы никуы фæчъил, уæд ныр тæрсгæ фæкодта?.. Йæ кард кæрддзæмæй нæ сæлвæста, афтæмæй йæ бæхы къæхты бынмæ баппæрста. Йæ къухтæ рызтысты фæранчы хуызæн лæгæн æмæ ныкъкъæдз ис, афтæмæй Бæтæхъойæн лæгъстæ кодта, сабиты тæригъæды ма бацу, зæгъгæ!.. Цыма Бæтæхъо удхор уыд, уыйау!..

— Цымæ цы баисты адæм? — загъта Бæтæхъо хъæрæй æмæ йæ уынæр талынг ныккæнды æрвнæрдау азæлыд.

— Нæ фæдыл дзы бирæты æрластаиккой!

— Хъуыддаг æрмæст махыл куы банцадаид, уæд та нын цы уаид! — ныссагъæс кодта Малсæгты Тепса.

Уæззау дуар хъысхъысгæнгæ байгом, æмæ талынг хатæны цырагъы рухс фатау æрбаныхст. Цавæрдæр егъау æндæрг æрбахылд мидæмæ, йæ фæдыл ын дуар æрбагуыпп кодтой æмæ æддейæ гуыдыры хуылфы, дæгъæлы дзыгъал-мыгъул ссыд.

Хъавгæ æрбацыд, æвæццæгæн, талынджы йæ цæстытæ нæма ацахуыр сты. Бæтæхъойы тæккæ фарсмæ сыджытдзарыл йæхи æруагъта.

Зæронд лæгтæ сæ цæстытæ ныдздзагъыр кодтой, фæлæ ницы федтой, тыхкастæй сæ разы цы хъулон-мулон тæппытæ скафыд, уыдоны йеддæмæ.

— Кæцы дæ? — афарста йæ Бæтæхъо.

Йæ армæй йæ асгæрста, куырмау. Бухайраг худ, тинтычъи басылыхъхъ æмæ ронбæгъд цухъхъайыл аныдзæвдысты йæ армытъæпæнтæ. Йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта.

— Муссæ!

Муссæ æгомыгæй бадтис.

— Муссæ! — фæсидтис та йæм.

Сыбыртт куы нæ скодта, уæд æм Дзæрæхохты Алхаст йæ зонгуытыл бабырыд æмæ йæ йæ армæй асгæрста.

— Муссæ, уый ды дæ?

— Фесæфтыстæм, Бæтæхъо! — æрæджиау райхъуыст йæ уынæр.

Талынг хатæн ныггуыппæг ис, хæлынбыттырты базырты пæр-пæр хъуыст.

— Сæфгæ абон фæкодтам, нæ кæрдтæ инæлары бæхы къæхты бынмæ куы бакалдтам, уæд, — бустæгæнæгау загъта Бæтæхъо.

Гадзрахат æмæ æбузнæй сæфы рæстаг лæг. Кавказы дæр рагæй нырмæ гадзрахаты азар судзы, цыт æмæ мулк агурæг лæджы кæрæф домæнты азар.

— Цы йæ зæрды ис Лорисы-фыртæн? — Муссæйы тæккæ раз æрбадгæйæ, афарста Дзæрæхохты Алхаст, æмæ сау æмырдзинад уымæл къултыл ныппырх.

Хъуыды кæныныл фæцис Муссæ. Бæтæхъойы рацагуырдта. Йе уæхскыл ын йæ арм авæрдта.

— Æрмæст нæ сæры къуыдыртыл куы дзурид, уæд нын цы уаид. Дæдæй не скæниккам карды бын бæргæ, фæлæ куыд кæндзысты, æддейæ нæм æнхъæлмæ чи кæсы, уыдон?

— Цы гæнæн сын ис, фæраздзысты!

— Кæм фæраздзысты, Сыбыры?

Фæстаг дзырд талынджы, топпы гæрахау, азæлыд.

— Сыбыры, зæгъыс? — афарста йæ Малсæгаты Тепса.

— Æз нæ зæгъын, Лорисы-фырт зæгъы. — Йæ хъæлæс фæфидардæр ис Муссæйæн.

— Куыд загъта, дæ мæрдты цæсгомыстæн, Муссæ? — Йæ маст йæ хъуырмæ ссыд Бæтæхъойæн.

— Æртхъирæн кæны, Кавказы, дам, чи змæнты, уыдонæн ам фæцæрæн нал ис, зæгъгæ... Сыбыры хай, дам, сæ фæкæндзыстæм. Цæцæн, Мæхъхъæл æмæ Иры бирæ хъæуты... Нæ мыггагон бæлас нын хойы уыцы арс йæ дзæмбытæй. Куы йæ рафæлдаха, уæд нæ царыхъæдтæ нæ сæрыл ныккæлдзысты, нæ дин æмæ нæ туг... Цы бакæнæм? Зæгъут ма?.. Æз дæр фæрсын... Цы бакæнæн ма нын ис ацы талынг хъоргъы цыппар къулы ’хсæн!

— Уæд та гæнæн куы уаид, уæд уыцы мыггагон бæлас сисиккам æмæ йæ уыцы арсы дзæмбытæй ахибар кæниккам, — загъта Малсæгаты Тепса æмæ Муссæйæн фырцинæй йе уæнгтæ схъыдзы кодтой. Уый уыд йæ хъуыды. Уæдæй нырмæ Бæтæхъоиты хъуыды дæр уыцырдæм схуыста. Ныр æй мæхъхъæлон срæцыгъта.

Цыма талынг хатæнмæ лæбурдта, уыйау абухта Терк. Бæтæхъо кæлдымау сусæгæй сыгъдис æмæ йæхинымæры бæллыд, гъæтт, гъеныр боны рухс куы æрбакæлид хатæнмæ æмæ, мæ фарсмæ чи бады, уыдонæн сæ цæстытæм куы бакæсин!

Йæ цæсты раз слæууыд Сыбыры æгæрон митвæндаг йæ уазал æмæ йæ тымыгъимæ. «Бунтгæнджыты» разæй фæцæуы бæрзонд, бæзæрхыг, фæтæнуæхск нæлгоймаг. Ныкъкъæдз ис, йæ цыргъ боцъо йæ ронбасты онг æххæссы. Баззад ма æрмæст йе ’ндæрг. Йæ сæрыхъуынтæ чъизийы нычъчъиу сты, йæ къухтыл фу кæны. Йæ къæхтыл цы цухъхъайы скъуыдтæ стыхта, уыдон йæ фæдыл ихвæндагыл къæрцкъæрцгæнгæ ласы. Йæ къухтæ ныггæбæр сты. Рагон хъыг дзы дардта Бæтæхъо йæ зæрдыл. Бацыд æм æмæ йæм дзуры: «Æгъи, Муссæ, мæ цæстыдзаг дын федтон!» Уый йæм фыдæхæй халасæвæрд цæстыхауты ’хсæнты ракаст: «Æз æмæ ды иу арты судзæм, Бæтæхъо! Æз æмæ ды иу арты судзæм, Бæтæхъо! Æз æмæ ды иу арты судзæм, Бæтæхъо!» Бæтæхъо фæджихау æмæ йæхимидæг хынцы: «Куыд бауарзта мæ цæст, мемæ иу арты чи судзы, уымæн!.. Æвæццæгæн, мæ зонд схæццæ æмæ уый дæр Сыбыры уазалы аххос у!.. Науæд та фыдфын уынын æмæ цаутæ мæ цæсты раз сæ хуыз зыгъуыммæ рафæлдæхтой... фыны куыд вæййы, афтæ!» Ау, фæндаг æмæ Сыбыры уазалæн кæрон нал ис? Кæнæ æндæр фæндаг нал ис?..



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: