II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 26 глава




«Стырбоны хорзæх дæ уæд», — йæ хъусты ма ныр дæр зæлланг кæнынц Æнайы ныхæстæ. «Кæдæм скъæрыс, Болат? Фæлæуу-ма иу чысыл!» — хъуыстис æм фæстейæ йæ сидт.

«Скъуыдкъохмæ здæхын фæстæмæ!» — Нал фæлæууыд йæ мадмæ. Кулдуары цур фæуагъта усы, йæхæдæг та фæллад бæхы ныххоста.

«Раздзоджы ныр иу къуыри уынгæ дæр ничи фæкодта».

Мæнæйма! Стырбонмæ цæттæ кодта Бæтæхъо йæхи, цæй фенæн ма йын уыдис. Скъæрдта Æрфæны, фæйнæрдыгæй йыл цыдис, йæ сæмæн сапонæй сæрдинаг кæмæн уыдис, ахæм уæрдæтты хъыс-хъыс, нывонд уæрыччыты бæгъ-бæгъ, зæронд лæгты æнæмæт дыгъал-дыгъул. О, зæронд лæгты! Фæсивæд æмæ сылгоймæгтыл къаддæр хæцыд цæмæндæр цæст.

Кæм уыдзысты Уосмæн æмæ Темырыхъо? Кæм уыдзысты Хæмæт æмæ йæ саудзæст хо Зарæ? Кæдæм фæцыд æхсæвыцъæхæй Муссæ? Цæмæннæ йæм банхъæлмæ каст Скъуыдкъохы? Науæд кæм хæты ныртæккæ Раздзог? Цæмæннæ ссыгъта фæдисы хохыл фæдисы арт?

Сегасы дæр стырбонмæ хъæуы, Сунжæйы хъæуы кæронмæ. Кæд уым нæма сты, уæд сæ æнæмæнг уырдæм хъæуы. Ды дæр скъæр Æрфæны, ма байрæджы кæн.

Ам æргом слæуу æмæ дæ къабæзтæ фæйнæрдæм айтындз, — уæд дæ уырзтæй бацагайдзынæ Ирыстоны хæхты фæхстæ, туджы æрхæмтæ кæуыл зыны, уыцы Цæцæны айнæг къæдзæхтæ, кæнæ та хæхтыл, цæргæсы ахстæттау, чи сныхæст, уыцы Мæхъхъæлы хъæутæ.

Æввахс сты ардæм сегас дæр, — лæг сæм къухæй бавналдзæн. Уыдонæй æввахсдæр та — Ирыстоны зæрдæ Дзæуæджыхъæу.

Уымæн афтæ хъуысы Темырболатмæ хъæргæнæджы сидт:

— Стыр у Иунæг Аллах, йæ хорзæх уæ уæд, уастæн. Абон йæ бон у æмæ ноджы арфдæр банорста йæ дæлбазыр æгас дунейы рæстуырнæг адæмы.

Абон рарвитдзæн не сфæлдисæг йæ пехуымпарты сыгъдæг удты дзæнæтæй, хъизæмарæй йедзаг чи у, уыцы зæхмæ. Абон пырх кæндзысты уыдон сæ хорзæх пысылмон адæмыл. Æрцæут, æрæмбырд ут, æнæхай дзы ма фæут.

«Ирон ма хъуамæ уа ацы фидиуæг», — хъуыды кæны йæхимидæг æмæ кувæндоны цъупмæ кæсы. Цæй кувæндон! Кувæндоны хæлддзаг æрмæст. Тынг дардмæ нæ зыны, фæлæ йæ цъуппыл, бæндæныл кафæгау, цы дзигло æрцауындзæг ис, уымæн йæ цъæхснаг хъæлæс дардмæ хъуысы.

Æмæ цæуынц ирæй, мæхъхъæлæй, цæцæнæй, кæсæгæй, асыйæ. Уæрдæттыл, бæхтыл, фистæгæй. Адæймаджы уынæр, уæрдæтты цæлхыты хъыс-хъыс, фосы богъ-богъ схæццæ сты иумæ.

«Ау, ацы хæлддзагæй номдзыддæр кувæндон никуы ис Цæгат Кавказы?» — дис кæны Темырболат.

«Бирæ дæр ис!.. Тынг бирæ, фæлæ афтæ бафæндыд Муссæйы... Зæххы бичъы», — дзуапп ын дæтты чидæр.

«Ля илляге иль алла Мæхæмæт риуль Аллах!.. Ля ил-ляге иль алла! (Нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт Аллахы пехуымпар), — фæлхат кæны муэдзин-фидиуæг æмæ йæ къух фæйнæрдæм тилы.

Æгас Цæгат Кавказыл ахъæр ис, абон, дам, Стыр Аллахы пехуымпартæй сæ иу адæмæн йæхи хъуамæ равдиса. Ныххæррæтт кодтой чысылæй-стырæй, зæрондæй-нæуæгæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй.

Уæлдай цымыдис уымæ кодтой рæстуырнджытæ: уæларвæй æртæхæг Хуыцауы минæвар уыдзæн зæххон лæджы дарæсы. Ноджы фыддæр, йе уæхсчытыл знаджы фæфæливынæн уыдзæн джауыры пъагæттæ... Ой, ой, Аллах-бисмиллах!

Цыдысты. Азмæлæн нал уыд кувæндоны алфамбылæйтты. Муэдзин-фидиуæг уæддæр сидтис:

«Ля илляге иль алла!.. Æрцæут, æрцæут! Йæ хорзæх уæ уæд!»

Иуæй-иутæ дзы динæн æгъдау кæныны сæрбос молломæ нал фæбыхстой. Фæсмын ламаздыхътыл æруагътой сæхи æмæ, сæ кусæрттæгтæ сæ уæлхъус, афтæмæй сæ ныхтæ зæххыл хостой, се тæрттæ иунæг Хуыцаумæ суагътой.

«Иль алла! Иль алла!»

«О Хуыцау, дæуæн лæгъстæ кæнæм!»

«Аллах-экбер! Аллах-бисмиллах!» — хъуыстис уыцы иу дзырд алы æвзагыл.

Хуыцауæн æгъдау скæнынмæ кæм фæбыхсы æвзонг адæймаджы туг. Кæцæйдæр фæндыры цъæхснаг хъæлæс æрбайхъуыст. Чи уыд фæндырдзæгъдæг? Ирон? Мæхъхъæлон? Цæцæйнаг? Кæсгон? Асыйаг?

Чи йын цы зоны, кæнæ цы уæлдай у! Темырболатæн йæ туг йе уæнгты схъазыд, цæстæнгасæй йæхионты агуры.

Йæ рæмбыныкъæдзтæй адæмы гæрды, Æрфæн йæ фæдыл цæуы, къæбылайау.

«Кæм ис Муссæ? Кæм сты Уосмæн æмæ Темырыхъо? Кæм сты Хæмæт æмæ Зарæ? Цæмæн æрæджы кæны Раздзог? — Зæрдæ, цæмæдæр æнхъæлмæгæсгæйæ, схауынмæ хъавыд.

Уыцы иу хауд фæкодта фæндыры хъæлæс, цыма уый дæр стырбоны цытæн Хуыцаумæ куывта. Гуымсæг ныггыбар-гыбур ласта, æрвнæрдау фæсивæд фæйнæрдæм алæууыдысты.

Тæлм бæласау рæхснæг лæппу рагæпп ласта зылдмæ, йæ роны кæрон йæ къухыл атыхта æмæ йæ ныззылдта:

— Фæстæ! Фæстæ алæуу!

Йæ быцъынæг скъуыны ирон фæндыр даргъдзыкку чызджы къухы, йæ уд исы гуымсæг Арвуациллайы хуызæн лæппуйы дæларм. Хъуытаззæлау ныдзæвы зæрдæйыл цагъды мыр, фæлæ зылдмæ рахизынмæ йæ ныфс ничима хæссы.

Гуымсæгцæгъдæг лæппу кæцæй фæзынд, уымæн ницы зыдта фæндырдзæгъдæг чызг æмæ æфсæрмæй йæ рустыл арт сирвæзт.

Лæппу дæр чызгмæ хатт чъызгæ бакæсы æмæ йæ мидбылты худгæ пырх къухæй гуымсæгыл ныккалы.

— Æрц-то-о о-х!

Рахизфарсы хъæуты фæсивæдыл схæцыд йæ цæст. Хæмæт æмæ Зарæ дæр — уым. Лæппу æмдзæгъд кодта, чызг цæуылдæр æрхæндæгæй лæууыд. Кастис сæм, йæ зæрдæ æхцон хъыдзы кодта. Уыдон æй нæ фиппайдтой, фæлæ йæ ныртæккæ фæфиппайдзысты.

Йæхæдæг дæр ын ницы базыдта, мусзылды бæстастæу куыд февзæрд. Цъæтау фесхъиудта, йæ иу къахы фындзыл цъилау ныззылд.

— Те-мыр-бола-а-а-т!.. Бо-о-о-л-а-ат! — тыххæй йæм хъуысы Хæмæты цинæйдзаг сидт.

— Æрц-тох! Æрц-то-о-о-х!

Нал хъуысы муэдзин-фидиуæджы сидт, нал дæр даргъбоцъо моллойы мыхъ-мыхъ. Цыма йын хин бачындæуыд, уыйау йæ мидбынаты зилы, цухъхъайы фæдджитæ фæйлауы фæйнæрдæм.

Æрвнæрдау ныггыбар-гыбур ласта гуымсæг, «хингонд» зылд атыдта кафæг. Йæ даргъ дзыкку йæ хъуырыл бæндæнау чи æртыхта, уый раз йæ иу уæрагыл æрхауд.

— Кæм фесæфтæ, æгас цу, Темырболат! — хъæр кæны Хæмæт.

— Æгас цу, Болат! — дзурынц Зарæйы цæстытæ.

— Æрц-тох! Къæрццæмдзæгъд!

Йемæ быцæу кæны:

— «Ля илляге иль алла!.. Дæуæн лæгъстæ кæнæм, Стыр Хуыцау!»

Чызг йæ мидбынатæй фенкъуыст, лæппу йæ къабæзтæ цæргæсы базыртау айтыгъта æмæ йæ фæдыл аленк кодта.

Къæрццæмдзæгъдимæ сиу ис бæзæрхыг сидт:

— Æрц-тох! Æрц-тох!

Хъæрццыгъа карчы лæппынтæм куыд кæса, афтæ кастис кафджытæм рæнхъы лæууæг лæппутæн сæ иу. Йæ рæзты донхъазтау узгæ куы ныйивгъуыйынц, уæд та сын сæ фæдыл фыдæхæй йедзаг цæстæнгас ахæссы.

Зоны сæ дыууæйы дæр. Чызджы æрмæст иу хатт федта, лæппуйы та дыууæ хатты. Сæ иуы фендмæ йæ зæрдæ æхцон хъыдзы кæны æмæ йæ сæр зилы. Иннæйы фендмæ йæ туг змæнты, лакъон донау.

Бадтис гъеуæд Фуркийау дымгæ-бæхыл æмæ дымгæйау фæцæйтахтис. Иу уынд æй фæкодта Махмуд, адджын фынау. Æрмæст иу уынд, æндæр нæ. Æмæ йын фæзынд, гъе уæдæй нырмæ дыууæ уæззау сагъæсы: йæ райсын кæмæн нæма бантыст, уыцы фыды туг æмæ дымгæ-бæхыл чи фæцæйтахт, уыцы Фуркийы хуызæн хурдзæсгом чызг. Иу хатт æй федта, адджын фынау, æндæр нæ... Ныр кафыд, йæ туг дойныйæн кæмæн баназид, уыцы сыгъзæринпъагонджынимæ.

«Афицеры дарæсы бæсты ирон цухъхъа скодтай, джауыр!»

Йæ цухъхъайы фæдджитæ йæ ронбасты æртъыста, бухайраг худ йе ’рфгуытыл арф æрсагъта. Уыцы иу схъиуд фæкодта æмæ кафджыты æхсæнмæ йæхи баппæрста.

Адæм фергъуыйау сты æцæгæлон лæппуйы æбуалгъ мийæ. Чызджы цæстыты тасы стъæлфæнтæ ферттывтой, лæппу æдзæмæй аззад, иудзæвгар дзурын ницы сфæрæзта. Фæндыр фæсыкк ис, гуымсæг йæ гыбар-гыбурæй банцад.

— О, æгас цу, Махмуд! — æрæджиау загъта лæппу.

— Алхасты фæрцы Урус-Мартанæй дæ фæрсчытæ æнæхъæнæй рахастай, джауыр! — йæ карды фистон нылхъывта, афтæмæй гуым-гуым кæны æнæхонгæ кафæг.

— Фембæлдыстæм та, Махмуд! — йæ мидбылты худгæ дзуры, йæ кафт кæмæн фескъуыд, уый, æмæ йæм йæ къух дары.

— Ныр фембæлдыстæм, фæлæ нырæй фæстæмæ — нал, джауыр! — саламы бæсты йын йæ къух ахъаззаг нацъцъыкк ласта.

Цыма йемæ хъазгæ кодта, — уый уæддæр йæ мидбылты худтис. Цæцæйнагыл арт сирвæзтис фырмæстæй.

Хæмæт ныппæрста се ’хсæн йæхи, Махмуды уæхскыл йæ арм авæрдта.

— Салам-алейкум, Махмуд! — цæцæйнагау дзуры Хæмæт. Темырболатмæ фездæхт: — Уый Махмуд у, нæ йæ базыдтай, Болат?

— Базыдтон æй. Уый мæ нæ базыдта... Бафæрс-ма йæ.

— Сауададжы нын æй Раздзог бафæдзæхста. Ды мæн фæстæмæ арвыстай æмæ ацы джауыр удæгас баззад. Хорз нæу! — Темырболаты ныкъкъуырдта йе уæхскæй, йæ кард æрдæджы онг сæлвæста.

Чызг дæр æрбаппæрста се ’хсæнмæ йæхи:

— Болат, Болат! Тæрсын, акæнут æй ардыгæй! — зыр-зыр кæны уый.

— Хъазгæ кæнæм, Зарæ, тæрсгæ ма кæн! — Хæмæтмæ фæзылд æмæ йæм йæ мидбылты худгæ дзуры: — Хæмæт, Зарæмæ кæс. Æз æмæ Махмуд чысыл нæхи аирхæфсдзыстæм!

— Темырболат!.. Раздзог цы зæгъдзæн!..

— Куы дын зæгъын, нæхи чысыл аирхæфсдзыстæм... Æз дæр дæ феййафын!

— Кæд ма дын бантыса, уæд, — дзуры цæцæйнагау Махмуд.

— Кæрæдзийы туг ныккалдзысты! Кæрæдзийы туг ныккалдзысты! — хъуыст ма дардæй Зарæйы цъæхахст.

Хæрз æввахс æм бацыд, йæхи йыл сныхæста Махмуд.

— Цæй, Махмуд, кæд кафын æмæ цæгъдынæй карды дзæхст-дзæхст хуыздæр фенддаг у, уæд æй равдисæм адæмæн! — хынджылæг скъæрдта æнæмундир корнет.

Цæцæйнаджы сæрра кæнынмæ бирæ нал хъуыд.

— Ардыгæй дын ахæсдзысты дæ мард! — абухы уый.

Хъазты адæм сыл æрхъула сты, фæлæ æнхъæлдтой, ома æцæгдæр хъазгæ кодтой.

— Хынджылæг дын куы нæуал бантыса, джауыр! — йæ риуæй йæ асхуыста. — Дæ кард слас, кæд тæппуд нæ дæ, уæд!

— Кувæндоны бын нæ фæччы!..

— Ныртæккæ фæдис ныхъхъæр кæндзынæн!.. Рæсугъд чызгимæ кафын æмæ худ дарыны аккаг нæ, фæлæ дзырдхæссæг джауыр кæй дæ, уый бамбарын кæндзыстæм адæмæн.

Цæцæйнаг лæппу йæ, ай-гъайдæр, схъаудта, фæлæ йæ зæрдæйы масты схъис нæ фæзынд æмæ йæхицæй фæбузныг ис. Ныр æй цыдæр фелхыскъ ласта. Кæмдæр Алæгаты Хæмæты цæст ауыдта. «Цымæ Зарæ цы фæцис?»

— Сис дæ кард, джауыр!

Йе уæхскыл Махмуды æхсаргарды тъæпæн сæмбæлд æмæ иуырдæм ацух-мух ласта.

— Уæдæ чи цы рамбула, уый йæ йæ мадæн раппæлæд!

— Гъæй, болатгуырдтæ, хылмæ уын ма асайæд! — хъæр кодтой алырдыгæй.

— Сис дæ дамбаца, дæ кард! — абухы Махмуд.

— Дамбацатæ нæ хъæуы!.. Дамбацайæ нæ арæхсыс ды, Урус-Мартаны дæм бакастæн.

Цæцæйнаджы хурхы уадындзтæ адымстысты.

— У-у-у, джауыр, кардæй та — ноджы хуыздæр!

— Кæй цы фæуа, ууыл фидар хæцæд! — йæ кард фелвæста æмæ цæцæйнаджы алыварс хъæрццыгъайау æрзылд.

Кæцæйдæр Хæмæты уынæр æрбайхъуыст:

— Темырболат!.. Хъахъхъæн дæхи дæр æмæ Махмуды дæр!

Кард галиу къухмæ æрбауылдта, рахизæй Махмуды риу ныкъкъуырдта æмæ Хæмæтмæ фæзылд:

— Зæбулхъу-у-ус! Тæрсгæ ма кæн, нæхи ирхæфсæм!

Фæсивæд «хынджылæггæнджыты» алыварс æрхъула сты, сылгоймæгтæ фæсвæд аззадысты.

Темырболаты худмæ фæкомкоммæ ис карды ком, фæлæ йæм дæлейæ йæхион фæдардта, æмæ æндон цæхæртæ акалдта.

— Ацы хатт Уæллаг де ’ххуысгæнæг фæцис, джауыр! — сирвæзт цæцæйнагæй.

— Гъæтт, Махмуд, æгæр ма зил дæ кард, æндæра дын аирвæздзæн æмæ уын хылмæ куы асайа! — хъæр æм кæны чидæр.

«Кæм ис Раздзог! Ацы къæбæда уыййеддæмæ никæмæ байхъусид!» — хуыды кæны уый.

Йæ худ аппæрста, даргъ хъуынтæ фæтæн ныхыл æркалдысты.

— Зæгъын, Махмуды карды ком дзидзайы онг куы нæ бахæццæ уа! — хынджылæг скъæры Мамсырон.

— У-у-у-х, джауыр!

Галиу къухæй зыгъуыммæ ныззылдта йæ кард æмæ цæцæйнагæн йæ бухайраг худ йæ сæрæй «ракарста».

— Зæгъын, мыййаг, Махмуды дæр куы джиздара бухайраг худ! — худгæйæ дзуры уый æмæ цыргъаджы цæгатæй цæцæйнаджы цухъхъайы фæдджитæ «æхсæды».

Махмудæн фырмæстæй йæ къух срызтис.

— Махмуд, Махмуд!.. Алла, алла! — хъæр æм кодтой фæйнæрдыгæй.

Ницыуал æм хъуыст, ницыуал дæр фиппайгæ кодта, йе знаджы мидбылты худгæ цæсгомы йеддæмæ.

Ныррыхыд:

— Уæдæ дæхи хъахъхъæн, джауыр!

— Кæрдтæ фæбыцæу сты, кæрæдзимæ сæ нылхъывтой, Махмуды ныхы хид акалд.

Темырболат йæ галиу къух йæ сины сæр сæвæрдта æмæ йæ мидбылты худтис уæддæр.

«Цæуыл худыс, шайтан!.. Кæд дæ кард дæлæмæ æртаса, уæд дыл бæргæ баталынг уыдзæн дæ хурыхай!» — хъуыды кæны æмæ йе знаджы кард дæлæмæ æлхъивы.

— Дæ бæрзæйыл дын æй ма расæрфæд, Бо-ла-а-а-т! — хъуысы Хæмæты сидт.

— Нæхи ирхæфсæм, Хæмæ-æ-æ-т! — йæ къух чысыл иуырдæм фæдзой кодта, йæ карды ком Махмуды карды комыл, цæвæгдауæн сигæцау, басæрфта бынты.

Йæ къухæй ниугæ асхъиудта æндон, æрвдзæфау фæцис Алханы-фырт. Йæ къухы туг пæх-пæх кодта, фæлæ уымæ нал каст.

— Мах-муд, Мах-муд, — хъуыст фæйнæрдыгæй.

— Гъæтт, ныууадзут уæ хъазын!.. Туг рауагътат æмæ ма уый цæй хъазын у! — сидтис чидæр.

Туджы фендмæ фергъуыйау ис Темырболат.

«Æгæр фалиау æй басæрфтон!»

— Сис дæ кард, Махмуд, æмæ йыл фидар хæц! — дзуры йæм.

— Нæ, къухæй чи ахауа, уый фæстæмæ нал исæм. Нæ мыггагæн нæ фæччы! — бахуыфыди уый.

Хъама ферттывта.

«Гъе, гъе! Гъеныр ма уый куы ахауид дæ къухæй!» — Йæ кард аппæрста уый дæр æмæ хъама сæлвæста.

Цæцæйнаг куыддæр федзæмгонд ис уый фенгæйæ.

Хъама кардæй цыбырдæр у, кæрæдзимæ æнгомдæр бацыдысты. Цыргъæгтæ уæлиау фæхастой, гъа ныр æрцæвон куы загътой, афтæ Хæмæты хъæрахст фæцыд:

— Раздзог æрбацæуы, Темырболат! Уый хъазын нал у!

Стæй сылгоймаджы цъæхахст æмæ уæлдæфы чи асалд, уыцы хъамайы бырынкъыл сагъд кæрдæн.

Кæцæйдæр Раздзог æмæ Алхаст фæзындысты, хылгæнджыты уæлхъус слæууыдысты.

— Лæппу, ардæм хъазынмæ не ’рбацыдыстæм! — тызмæгæй дзуры Бæтæхъо.

— Стырбоны хъазт дæр вæййы, дада!

— Хорз хъазт уыд!.. Йæ къухы туг кæлы! — тыххæй ма хъуысы кæрдæны хицауы хъæлæс.

Хæмæтыл дис æфтыд: «кæцæй разынд ацы гыкъымæ уыйбæрц хъару!»

Бæтæхъо Зарæйыл узæлы:

— Ноджы та ды дæ нæ ирвæзынгæнæг, мæ чызг! — базыдта йæ, хъазгæ кæй нæ кодтой. Уæзбынæй фæдзæхсы: — Кæд искæмæ хъару ис: уæд ыл фæстæдæрмæ фæцауæрдæд.

— Уæд ыл фæстæдæрмæ фæцауæрдæд! — фæлхат кæны Дзæрæхохты Алхаст.

Махмуд Зарæйæ йæ цæст нал иста, афтæмæй хингондау хъамайы бырынкъæй къæрддзæмы дзых агуырдта, фæлæ йæ нæ ардта.

Иу хатт æй федта, æрмæст иу хатт. Уæдæй нырмæ фесхъиудта Махмуды хуыссæг бынтон.

Чидæр ын йæ къухы карды фистон нытътъыста, æрдæбон йæ къухæй чи асхъиудта, уыцы карды фистон. Фæкастис æм. Ноджы та уый лæууыд йæ разы.

— Мах-муд! Мах-муд! Айс æй! — йæ хъусы йын хъæр кодта чидæр.

Раздзогитæ нал зындысты, Темырболат йæ мидбынаты лæууыд нырма.

— Фидар ыл хæц, Махмуд! Дæ къухæй макуы аирвæзæд! — дзуры йæм уый.

Топпыхосау спæртт ласта æмæ æввахс фæцæуæг ис.

— Фæлæуу, афтæмæй цæугæйæ дын нæу! Дæ къухы туг кæлы! — Уый йæм Фурки сидтис, дымгæ-бæхыл чи бадтис, уыцы дымгæйы бардуаг Фурки.

Йæ мидбынаты асалд, æрфæлмæн.

Темырболат йæ къухмæрзæн систа йæ дзыппæй, кардæй йæ адих кодта. Чызг сæрфы лыгæн йæ туг, æмæ рыст хъары суанг зæрдæмæ, Бандзыг ис, азмæлын æм нал цыд.

— Аллах, ай хуызæн знаг-иу мын радт! — дзуры чидæр фæстейæ.

«Бæдæйнаг, гыкъы!» — хъуыды кæны Хæмæт.

Чидæр фæхъæр ласта:

— Æрбацæуы! Æрбацæуы!

Адæм феггуырстысты.

— Хъусут, рæстуырнæг пысылмонтæ, хъусут! — сидтис фидиуæг. — Йæ феныны фадат уын фæцис Байрамы стырбоны фæрцы! Ма аивгъуыйæд уæ къухæй амондджын фадат, фенут æй уæхи цæстæй!

Мæлдзгуытау схъомпал сты.

— Чи æрбацæуы, кæмæй дзуры?

— Йæхæдæг, йæхæдæг! Фенут æй, стыр Аллах уын кæсынæн цы цæстытæ радта, уыдонæй!

— Кæмæй зæгъыс? Гукк! — не сыст иунæг тыхст хъæлæс.

— Йæхæдæг у, йæхæдæг!

— Æвæццæгæн Муссæ-сердарæй зæгъы!..

— Муссæ-сердар асæй чысыл егъаудæр у. Стæй уымæн йæ сæрыл цыллæ сарыхъ ис, бакæс-ма йæм!..

— О Аллах, кæй уынынц мæ цæстытæ!.. Сих хадзы Абди Эффенди æрбацæуы!

— Абди Эффенди! — кæлмдзæфау фестъæлфыд Махмуд. Йæ цæф тухынмæ нал фæлæууыд, адæмы фæдыл азгъордта.

«Аллах хæрзиуæгджын у, уый дын бафтаудзæн дæ туджджыны дæ къухты, Байрамы стырбонмæ куы æрцæуай, уæд!» — Йæ зæрдæ йын сыгътой цæмæйдæр ныртæккæ наиб Османаты Садуллæйы ныхæстæ.

«Абди! Абди!.. Абди къæрных!» — уыцы иунæг дзырд фæлхат кодта ныртæккæ адæмы æхсæн цæугæйæ.

— Мах-муд!.. Мах-муд! — хъуысы йæм фæстейæ Темырболаты сидт. Аллах, дæ азар ныккал джауыры сæрыл!.. Цыма йæ рагон хæлар у, уыйау æм нæ сиды!..

Муссæ йæ цæцæнмæ куы арвыста, уый æрбалæууыд йæ зæрдыл Темырболатæн. Раст ын ацы Хадзы Абдийы кой кодта йæ мадыфсымæр.

«Ныр дзы митæ уыдзæн!.. Фæлæ кæм ис йæхæдæг та?» — Цæстæнгасæй Муссæйы агуырдта, фæлæ адæм схæццæ сты.

— Сих Абди йæ къах цы зæххыл æрæвæра, уый амондджын у!

— Мæнæйма, стыр Аллахы дзыхæй фæдзуры адæмимæ йæхæдæг.

— Йæ разы дзæнæты фараст дуары дæр уымæн сты гом!..

— Æрмæст дзæнæты дуæрттæ нæ, а бæстыл цыдæриддæр æхгæд дуæрттæ ис, уыдон — иууылдæр.

— Аллах йæ хæрзиуджытæ иууылдæр Хадзыйы къухмæ радта æмæ сæ уый пырх кæны а бæсты пысылмонтыл...

— Аллах-экбер!.. Æмæ уый та кæм ис, уый?..

— Цыллæ сарыхъы æрттывдмæ дæ цæстытæ бакуырм сты, æвæццæгæн... Нæ йæ уыныс, уæртæ куы рацæуы!..

— Уымæй нæ зæгъын!.. Муссæ-Алхас!

— Нырма уал Хадзы Абди!.. Муссæ-Алхас, кард сæлвасыны афон куы æрцæуа, уæд фæзындзæн! Аллах — йе ’ххуыстæнæг!..

— Хадзы уал радзурдзæн, Аллах Муссæ-Алхасæн цы ныффæдзæхста, уый!..

— Бакæс-ма!.. Рацæуы, рацæуы!..

Адæм фæсыкк сты.

Кæцæй фæзынд, уый ничи фæфиппайдта. Ныллæг уыд, зæххæй къуыпп тыххæй дардта, йæ сæрыл цы сырх зæлдаг сарыхъ уыдис, уый фæрцы. Къæсхуыр уыд, цыма йæ ныртæккæ ингæнæй систæуыд, уыйау йæ цæстытæ сæ къусчыты арф бахаудтой. Лæгсырд уыд æмæ йæ зæрдæйы тæригъæды æнкъарæн æппындæр никуы фæзыны, ууыл дзурæг уыдысты кæрæдзимæ æнгом æлхъывд тæнæг былтæ.

Йæ цæстытæ гæзæмæ куы æрцъынд кæны, æмæ афтæмæй сырх сарыхъы бынты фæйнæрдæм куы ахъахъхъæны, уæд ын, стыр фæндагыл йæ амæттаджы раз чи бабады, ахæм къæрныхы бакаст вæййы.

Чысыл алæууыд сих. Цыртытау асалдысты, йæ сæрмæ, сæ кæрдтæ дзуарæвæрдæй чи хаста, уыцы дыууæ мюриды дæр.

Кувæндоны ’рдæм фæзылд Хадзы, кæрæдзимæ æнгом ныхæст къухтæ йæ ныхыл авæрдта, стæй сæ Хуыцаумæ сдардта æмæ та сæ йæ ныхыл авæрдта. Йæ уæрджытыл æрхаудта, цыллæ сарыхъы чъил зæхмæ æрхаста æмæ уыцы иу хъæр фæкодта:

— О Аллах, дæуæн æхцон цы нæ уа, уый куы зæгъа сих Хадзы Абди Эффенди, уæд æй дзыхъмард фæкæн!

— Алла, Хадзы, алла! — ныггуылф кодтой йæ хæд фæстæ.

Адæмæй куы нæ разындаид, уымæй фæтарст, æвæццæгæн. Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта æмæ æндæр куы ницы ссардта, уæд уыцы иу гæппæй быруйы сæрыл февзæрд.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: