II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 23 глава




Кæдæм ацæуа ныр? Брутмæ баздæха æмæ хæдзармæ сусæгæй бахъуыза?

Уый нæ уыдзæн!

«Хатт зынг зæгъынæй дæр судзы ком... Молло йæхи зондæй куы нæ дзура æмæ зæй зæйы хынцмæ куы ранкъуыса, уæд та? Уæд ма цы фæлæудзæн йæ разы?»

Йæ балцы сæр цы уыд, кæнæ кæдæм цыд, уый нæма базыдта уæддæр æмæ æдзæмæй каст стъалыты хуртуанмæ.

«Кæд Муссæ ницыма фехъуыста, уæд ын æй æз фехъусын кæндзынæн! Уадз æмæ Хуыцауы минæвар ма дауæд йе ’взаг, кæм нæ хъæуы, уым.

Нæ, уый не ’рцæудзæн!

Æмæ зæй зæйы хынцмæ куы раскъуыйа, уæд та?

«Зæйы ныхмæ чи фæлæууа, ахæм тых дæр разындзæн!»

Ныр ссардта йæ балцы сæр æмæ уыцы иу гæппæй Æрфæны рагъыл февзæрд.

«Муссæ нырма удæгас куы у, уæд моллойы хуызæтты дзæнгæда цы давы... Скъуыдкъохмæ тæхгæ, Æрфæн! — Йæ уæнгты цахæмдæр æнахуыр хъару фæзынд уыцы хъуыдымæ.

Барæджы сагъæс æмæ æнкъарæн бæхыл дæр бахæцыдысты æмæ йæхи цырддæр айста Скъуыдкъохы ’рдæм.

XX. НОДЖЫТА ЗÆХХЫБИКЪ

Зæххы бикъ фестад Скъуыдкъох. Уырдæм цыдысты алырдыгæй минæвæрттæн сæ фæндæгтæ. Уырдæм цыдысты Æрфæн æмæ йæ барæг дæр.

Фырвæлладæй цудтытæ кодтой, уæддæр цыдысты, разæй — æхсæвы фæдисон, фæстейæ — та йæ бæх.

«Бацæудзынæн, йæ разы мæ сæр æркъул кæндзынæн, куы бахъæуа, уæд æм мæ зонгуытыл дæр бабырдзынæн. Зæгъдзынæн ын: Хуыцауы минæвæрттæ, уæлдайдæр та молло Хъази, — адæмы змæнтынц, уæлæхох сæ кæнынц, æз æмæ ды нæ удæй фылдæр кæй уарзæм, уыцы райгуырæн хæхтыл!.. Туркмæ алидзыныл сæ ардауынц», — хъуыды кодта æхсæвы бæлццон.

Æхсæвы тар фæтæнæгдæр ис, хæхты цъуппыты гуымыдза хæххытæ разындысты гæзæмæ. Стæй сыл боны рухс сæмбæлд, æмæ талынг лæсын райдыдта хохы цъассыты ’рдæм.

Æрвгæрон фæбæлонгъуыз ис. Куы йæ æндæвтаид, уæд та йæхи цæстæй федтаид, хæхты цъуппытыл райсомы хуры тын мингъуызтæй куыд хъазы, уый.

Тындзыдта Скъуыдкъохмæ, зæххы бикъмæ.

Дард нал уыд — иу сулæфт ма, æмæ бахæццæ уыдзысты.

Кулдуар нырма æхгæд уыд, йæ уæлæ хуыны гуыдыны йас гуыдыр ауыгъд.

Кæртæй сыбыртт нæ хъуыст, райсомы хуыссæджы аныгъуылд, æвæццæгæн, куыдз дæр.

Æрфæны æддейæ фæуагъта, йæхæдæг кулдуарыл сбырыд æмæ кæртмæ багæпп ласта. Куыдз йæхи раскъæрдта, фæлæ йæ куы базыдта, уæд æхсæвы уазæджы уæхсчытыл йæ дзæмбытæ сæвæрдта.

Ноджы ма кæйдæр уынæр æрбайхъуыст æмæ куыдзы фæуагъта. Нарæг асиныл хуыснæгау суад, Муссæйы кусæн хатæны дуарыл бахæцыд чъызгæ.

Дуар байгом ис, æхсæвы æмырдзинад бахаста уатмæ йемæ.

Муссæйæн йæ дарæс йæ уæлæ, афтæмæй хуыссыд оттоманкæйыл. Йæ уæлхъус слæууыд æмырæй, йæ улæфтмæ йын ныхъхъуыста.

Йæ къахдзæф уыд гæдыйы къахдзæф, фæлæ Тæгиан фехъал.

Фестадис, йæ цæстытæ аууæрста, сæрæй къæхты бынмæ сбарста цæстæнгасæй йæ разы лæууæджы.

Джихæй каст Темырболаты пыхцыл сæрмæ, æгъуыссæгæй фæлурс цæсгоммæ, йе ’гънæджытæ кæмæн азгъæлдысты æмæ фæйнæрдæм чи ныппака ис, уыцы зæронд куырæтмæ, хæдбын дзабыртæм.

Тасы стъæлфæнтæ ферттывтой йæ цæстыты.

— Цыма дæ сынтытæ ныттыдтой!.. Кæцæй фæдæ æхсæвыцъæхæй, лæппу? — афарста уый.

— Брутæй! — къуырмагонд хъæлæсæй дзуры Темырболат.

— Ау, æмæ нал бон кодта, æхсæвыгон куы скъæрдтай, уæд? — Цымыдисæй йæ цæстытæ ауæрæх сты Муссæйæн.

— Сбон кæнынмæ не ’нхъæлмæ кæсынц, дæ сусæгæй адæмыл сау хабар сау низау чи æфтауы, уыдон, — æгуыппæг хъæлæсæй та загъта лæппу.

Муссæ фестад, рухсы ’рдæм фæзылдта йæ хæрæфырты цæсгом æмæ йын йæ цæстытæм ныккаст.

— Кæм уыдтæ дысон, лæппу? — афарста йæ дыккаг хатт.

— Бруты.

— Æмæ дæ цы рахаста æхсæвыгон?

— Сау хабар! Къæхтæ, къухтæ æмæ æвзаг кæуыл разад æмæ Иры хъæуты хæддзуйау чи хæты, уыцы сау хабар! — сæнттæ цæгъдæгау дзырдта уый.

Йæхи нал баурæдта Муссæ æмæ йыл фæхъæр ласта:

— Сонт фæдæ, лæппу?.. Æхсæвыгон дæ фæндагыл цы баурæдта, уымæй дæ куы фæрсын?

— Уымæн нæ ацыдтæн Цæцæнмæ! Уымæн не ’рывæрдтон Алханты Махмуды нæмыгмæ мæ ных!

— Хъæр ма кæн, нырма не сбон ис!

— Ды ницы зоныс, афтæмæй Хуыцауы хæс фидыны æфсон ралли-балли кæнынц хъæуты... Адæмы сæ къонатыл уæлæхох кæнынц æмæ сæ æвзæр фæндагыл ардауынц!

— Кæмæй зæгъыс, ном ын нæй?

— Молло Хъазийæ!

— Цы ракодта уыцы даргъбоцъо сæгъ? Кæнæ кæй цæхæрадонмæ баирвæзт?

— Бар мын куы радтис, уæд æз уымæй къаддæр нæ ныхъхъæр кæнин адæмыл, молло сæ сайгæ кæй кæны æмæ Туркмæ алидзыны се сæфт кæй ссардзысты, уый!

Лæппуйы феуæгъд ласта æмæ оттоманкæйыл йæхи æруагъта.

«Гъе-е-е, мæ хуры чысыл, демæ хъазгæйæ куы нæ у!»

— Зæгъ мын, æрмæст мын бардзырд радт! — дзырдта Темырболат. — Æхсæвæй-бонæй бæхыл ратæх-батæх кæнин. Адæмæн зæгъин дæ номæй: молло уæ сайгæ кæны æмæ сæфты фæндагыл ма ныллæуут.

Чысыл фæстæдæр æй афарста:

— Дæ балцы сæр уый уыдис айхуызæн хæддзуйы дарæсы?

— Уый, æрмæст уый!.. Бæлвырд бæрæг ничима зоны, æз дæр, раст ныхас дæу йеддæмæ кæмæй фехъуыстаин, уый не ссардтон æмæ рацыдтæн.

«Гъе-е-е, мæ хуры чысыл, дæумæ иудадзыг хъус дарын куы хъæуы», — баныхæста къæдзил йе ’рдæбоны хъуыдыйыл.

— Дæ бынат фынджы кæрон куы уа, уæд дæм цалынмæ фæсидой, уалынмæ йæ сæрмæ макуы байваз дæхи! — тызмæгæй дзуры Муссæ.

— Цалынмæ мæм фæсидой, уалынмæ куы схæццæ-мæццæ уа, уæд та?

«Уымæй дæм мæхи зонд ис».

— Уæддæр кæстæрæй ничи æрдомдзæн дзуапп.

— Æрдомдзысты негасæй дæр. Цард æмæ мæлæтыл кæм цæуы дзырд, уым дзуаппæй нæ аирвæздзыстæм — нæдæр ды, нæдæр æз, нæдæр Цæцæны наиб Османаты Саад-Уллахъ.

Наибы коймæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта.

«Лæдзæгау ныхсыс тулгæ цалхы, мæ хæрæфырт, фæлæ дын кæд ссарин сæ аккаг „къæлæт“», — ныкъкъæдз-мæдзытæ ис йæ хъуыды.

— Цæцæны наибы ныууадз, уый немæ не скъæры дугъ.

— Чи зоны, фæлæ молло Турчы ’рдæм цы уæрдон ссоны, ууыл немæ баддзæн.

Йæ хъуыры фæбадт:

— Чи æрхаста Брутмæ уыцы хахуыр?

— Хъуыбады дзырдта.

— Ноджы та Хъуыбады?..

— Рæстдзинадæн иу уæз ис, кæйфæнды дзыхæй ссæуæд.

— Æмæ моллойы дзæнгæда рæстдзинад хоныс, Мамсыраты бындар?

— Уый ды мæнæй хуыздæр зоныс, æмæ дæм æз дæр уымæн æрбацыдтæн фæрсынмæ. Хуыцау зæгъæд, мæнг цы уа...

— Хуыцау зæгъæд... Адæймаг æй зæгъы æмæ йæ стæй Хуыцауы æфсон фæкæны.

Темырболат фестъæлфыд уыцы ныхæстæм:

— Æмæ йæ нырмæ нæ загъта адæймаг? — афарста йæ мадыфсымæры уый, хъуыдыты мидæг «адæймаг» Муссæйæн йæхи хонгæйæ.

— Хъаныхъуатæ дæр загътой æмæ йæ иунæг Хуыцауы æфсон фæкодтой. Стæй сыстадысты æмæ фæлыгъдысты «хуыцауы загъдæй» уырдæм, — Муссæ йæ къух хуссарырдæм ауыгъта, — фæлæ сын нæ фæцис хорз алыгъд æмæ та «Хуыцауы загъдæй» фæстæмæ æрбалыгъдысты...

Темырболаты цæстытæ сæрттывтой.

— Æз дæр ууыл хъуыды кодтон фæндагыл... Чи алыгъд, уыдон цы пайда фæкодтой...

— Æмæ мæнмæ Хъаныхуаты бæрц зонд нал ис, къæдзæх, и? — Йе уæхск ын æрхоста уæззау армæй. Йæ амонæн æнгуылдзæй йæ риу хойгæйæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта Муссæ: — Лæг куы нæ зæгъа, уæд моллойы сæнтдзæф дзæнгæда ницы давы, мæ хæрæфырты къуындзих, æмæ йæм ды дæр ма хъус.

— Æцæг? — барадис уазæг.

Бынтон æй йæ ахæсты бакæнынмæ схъавыд инæлар:

— Нæ бастъæлдзæн Нарт... Нæ тыхтæ ма иу барст хъуамæ скæнæм... фæстаг барст.

Йе уæхсчытыл схæцыд корнет. Хатæны дыууæрдæм цоппай кæны инæлар, йæ райсомы фынæйæ нæма райхъал ис Скъуыдкъох.

— Цас хъуыддæгтæ ис къæсæрæн æддейæ æмæ мын акæсыны фадат нал дæттынц алыгъуызон минæвæрттæ... Кæсæгмæ Афæхъойы фервыстон, фæлæ ма Хъуымыхъхъы æлдар Уцмиев Муссæ æмæ хъарабулахъты хицау Цугты Аксомæ хъæуы минæвар фервитын. Цалынмæ Афæхъо æрбаздæха, уалынмæ æрæджы кæны. Байрамы стырбон та нæ къæсæрыл æрбалæууыд...

Темырболат базмæлыд æмæ йæ зæронд дарæсмæ æркаст.

— Мæ байраг дымгæйæ цырддæр у, куы мыл баууæндис, уæд.

— Æууæндгæ та куыннæ, фæлæ дæ быдыргъы хуызæнæй кæдæм фервитон!

Стъолы асыккæй дыууæ конверты систа æмæ йæм сæ радта:

— Тæхгæ кæн!

— Кæдæм? — цымыдисæй афарста уый.

— Нырма уал Брутмæ! Уым дæхи бадзæбæхтæ кæн, фæлæ корнеты мундир мауал скæн, цæцæны наибмæ нæ цæуыс ныр, Æна æмæ Уосмæнæн зæгдзынæ, Скъуыдкъохмæ, зæгъ, здæхын... Цæстныкъуылдмæ хъуамæ бахæццæ уай хъарабулахътæм, уырдыгæй та хъуымыхъмæ. Цугты Аксо æмæ Уцмиев Муссæмæ мæнæ уыцы гæххæттытæ ратдзынæ... Иннæбон изæрмæ уæм иумæ æнхъæлмæ кæсын Скъуыдкъохы...

Йæ хуыз æвиппайды аивта, йæ мидбылты бахудтис.

Фæстейæ ма йæм дзуры Муссæ:

— Де тары кæй бафснайдтай, уыдон кæнæ сæ хицæуттæм фæхæццæ уæд, кæнæ та сæ хæргæ хъуамæ бакæнай!.. Мыййаг, исты, — уæд сыл хæрынæй ма бацауæрд, хъусыс?..

— Ныфс дæ уæд! — нарæг асиныл æрызгъордта.

Гамзат дыууæ ифтыгъд бæхæн сæ рохтыл хæцыд, афтæмæй лæууыд кæрты. Фæсдзæуинæн бардзырд ничи радта, афтæмæй бацæттæ кодта бæхты. Чи йæ зоны, цы та сфæнд кодта йæ хицау, кæнæ та кæдæм цæуынвæнд кæны.

Хур нæма скаст, Скъуыдкъох нырма фынæй кодта.

Æрфæны кæм ныууагъта, уым æм æнхъæлмæ каст.

Йе тары дыууæ гæххæтты уыдис, Ирыстон нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы адæмты хъысмæтыл хъуыдыгæнгæйæ, æгъуыссæг æхсæвтæ чи æрвиты, уый рарвитгæ гæххæттытæ. Бæстæ хъæдгæмттæ фестад, æмæ кæд иу хъæдгомæн схос кæнид корнет Мамсыраты Темырболат дæр.

***

Цадæггай хылдис фыдфынæй æлгъагдæр рæстæг. Фæндыдис æцæгдæр Муссæйы æддæмæ ацæуын, фæлæ йын фадат нæ уыд. Алырдыгæй минæвæрттæ цыдысты, йе ’фсымæр Афæхъойы æвджид сæ нæ ныууагътаид.

Цыдысты йæм хъæстмæ цæцæнæй, мæхъхъæлæй, ирæй, кæсæгæй.

Цыдысты фистæджытæй, уæлбæхæй. Скъуыдкъох зæххы бикъ фестад. Дзæуджыхъæу фæсфæд аззад, — уый йыл æфтыдта тас.

Сегасæн ардта дзуапп, йæ хæрæфырт Темырболатæн куыд ссардта, афтæ. Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы минæвæрттæ йæм æрбацыдысты æнæнхъæлæджы. Уыдонæн «къæлæт» ссарын фæзын ис.

Æртæйæ уыдысты, се ’ртæ дæр къæдзæхы хуызæн лæгтæ. Сæ сæргълæууæг Дзæрæхохты Алхаст, Урус-Мартаны цæрæг, цæцæны дзырддзæугæ лæг. Иннæ та мæхъхъæлон Малсæгты Тепса, Назраны цæрæг. Æртыккаг — хæрзæвзонг, Темырболаты цахъхъæн, уый дæр цæцæйнаг. Цæстытæ сау æрфгуыты бын бамбæхста, йе ’фсæртæ кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй каст.

Йæ зæрдæ йын уæлдай æлхыскъ уый фæкодта, цæцæн æмæ мæхъхъæлы æвзæрст лæгтæ йæм иумæ кæй æрбацыдысты. Хицæнтæй уадз æмæ цæуой, фæлæ иумæ?

Цахæмдæр уазал уддзæф æрбахастой семæ, фæсдуар тызмæгæй слæууыдысты.

Æртæ æрмæрины дæргъæн хъамайыл æрæвæрдта Алхаст йæ къух, афтæмæй дзуры Муссæмæ:

— Дзырддзæугæ лæг дæ, Муссæ-Алхас. Дæ кад дын стырдæр фæкæнæд иунæг Аллах.

— Уый сæраппонд не ’рбацыдаид номдзыд Алхаст Урус-Мартанæй ардæм, — цыма æнæхонгæ уазæджы фæзмыдта, ахæм хъæлæсæй дзуры Муссæ.

— Уæллæгъи, раст зæгъыс, фæлæ Скъуыдкъох зæххы бикъ фестад, уым æмбæлынц кæрæдзийыл фыдуацтæ æмæ фыддымгæтæ. Сæ сæрбос сердар Муссæ-Алхасы къухы ис æмæ...

Муссæ йе ’рфгуытæ æрбассывта:

— Уымæй æвзæрдæр ницы ис, кадджын Алхаст, уазæг æмæ фысым кæрæдзи куы нæ æмбарой. Аллах загъта: комкоммæ бафæрс æмæ дын комкоммæ дзуапп радтой.

— Уæллæгъи, комкоммæ цæвынæй куы уаид, уæд Алхасты кард дæр нырма нæ ныкъкъуымых ис, кæд Сауададжы къæлæтау ныкъкъæдз ис, уæддæр.

— Аллах ме ’вдисæн — федтон æй æмæ мæ уырны. Кардæй архайын ничи бацамондзæн нæдæр Дзæрæхохтæн, нæдæр Тæгиатæн, — тызмæгæй дзуры фысым æмæ Алхасты хъуынджын худы сæрты къулы иу тæпмæ кæсы.

Малсæгты Тепса ралæууыд размæ:

— Нæ фаг бавзæрстам алырдыгæй дæр, — дзуры уый. — Уæлмæрдты бынат нал ис, ингæнтæ стæджытæй байдзаг сты, — фæсыкк ис, стæй йæ хъæлæс ныннæрыд: — Нæ фыдæлты зæххæй нæ ничи фæсурдзæн, иу ингæны нæ дыууæ марды бавæрын куы бахъæуа, уæддæр! Уый нæ бауыдзæн йæ бон нæдæр Евдокы-фыртæн, нæдæр сердар Лорисы-фыртæн! — Дырыл, уый дын Малсæгты Тепса дзуры!

Уазæджы хъæрмæ хъахъхъæнæг йæ сæр æрбадардта, фæлæ йыл Муссæ йæ къух ауыгъта. Бандæттæ йæхи къухæй æрдавта, уазджытæн йæ сæрæй акуывта, бадæнтæм сын ацамыдта.

— Табуафси. Уазæг — Хуыцауы уазæг!

Феххæлынмæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ уый бæсты мидбылхудгæ цæсгом куы федтой, уæд фæджихау сты.

Иудзæвгар æмырæй фесты, цыма быцæу кодтой кæрæдзимæ. Æрæджиау уазæг сдзырдта:

— Æбуалгъы хабæрттæ хæссынц сау барджытæ. Адæймаджы цæст сыл рæстмæ не схæцы, цыма дымгæйы бардуаг Фуркийы базыртыл ратæх-батæх кæнынц, — Алхаст йæ къухы мидæг бахуыфыд, — фыдуац фыднизау бафтыд адæмыл, сæхицæн сæрфат нал арынц... Сердар Лорисы-фырт, дам, æфсæдтæ цæттæ кæны, æгас пысылмон адæмы, дам, сæ цæрæнуæттæй хъуамæ фæсура, хъазахъхъы, дам, дзы хъуамæ æрцæрын кæна...

Муссæ йæ хъустæ фæхъил кодта, уазæджы цымыдисæй афарста:

— Æцæг? Скъуыдкъохы галуаны та кæй æрцæрын кæндзæн, цымæ?

Алхасты цæстытæ ауæрæх сты фырдисæй.

— Муссæ-Алхасмæ та цы бар дары?.. Уый йæхæдæг урс паддзахы сердар куы у, — багуым-гуым кодта уый.

— Муссæ-Алхас дæр Дзæрæхохты Алхастау пысылмон у. Уый дæр иунæг Аллахæн фæкувы.

Цыма йæ къухæй исты аирвæзт, афтæ фенкъардта Алхаст йæхи.

«Комкоммæ ныццæвæн ын нæй. Кæсагау цъелф кæны!» — хъуыды кæны уый.

Лæгъстæгæнæгау йæ къухтæ уæлæмæ сдардта:

— О Стыр Хуыцау, мæнгдзурæджы æвзаг бахуыс кæн... Чырыстон диныл, зæгъ, хъуамæ ныххæцат, уæ сахъгуырдты, зæгъ, уын салдаты кæндзысты, — нымадта уазæг. — Стæй!.. О Аллах, ме ’взаг дæр нæ тасы йæ зæгъынмæ!.. Хуыйы фыд, зæгъ, уын хæрын кæндзысты бон æртæ хатты... Тфу!

— Дырыл, мах бирæ фехъуыстам тохы сидтмæ. Стæй дæхæдæг хатт дыууæ арты æхсæн кæй фæцæйсудзыс, уый дæр фиппайæм, Муссæ-Алхас... Цал æмæ цал хатты, стæй та Сауададжы... Дæ хæрзиуæг стыр у, ай-гъайдæр. Ныр нæм Стыр Аллах йæхæдæг æрвиты фæдисонтæ, æви...

Тепсайы дзыхæй Алхаст айста ныхас:

— Æнхъæлдтам: урс паддзах цы айста, уый йын æгъгъæд фæуыдзæн, мах та æнæфыдбылызæй фиддзыстæм Хуыцауы хæс, фæлæ нæ рауад афтæ. Имамы фæдисонтæ та хæссынц хабар: хынджылæг скъæрынмæ хъавынц джауыртæ нæ динæй, нæ сылгоймæгтæй. Мæн уырны дæ ныхас, Муссæ, æмæ комкоммæ зæгъ: уый сæраппонд ныссадзын кодтай Сауададжы Раздзогæн йæ кард кæрддзæмы?

«Фæхæцыд уыл мæ „дыдынбындз“, мæ лымæнтæ», — цыма йын йæ фарст нæ фехъуыста. Уыцы «дыдынбындзæй» йæ афарста:

— Кæцы имамы фæдисонтæ хæссынц хабар?

Дзæрæхохон фæсургонд ис уыцы фарстмæ. Бруты хъæугæрон æрбалæууыд йæ зæрдыл, æхсæвыгон Бæтæхъоимæ куы дзырдтой, уый. Бар йæхи. Зæгъдзæн ын: адæм æй кæрæдзийы дзыхæй исынц, уыцы фæдисонтæ, зæгъ, Скъуыдкъохæй тæхынц. Æмæ куы фæхъыг уа, уæд та? Паддзахы инæлар у уæддæр, йæ бон у бардзырд радта æмæ минæвæртты хъоргъы ныккала.

Хингондау кастис фысымы цæсгоммæ Алхаст.

Муссæ уазæджы йæ цæстæнгасæй базыдта: йæхæдæг æй хъавыд уымæй бафæрсынмæ.

«Нæ йæ зоныс? Багъæц, ныр кæд æз дæр бацæуин йæ „хæдоны“».

— Аллах кæй рарвиты дины сæрыл хæцынмæ, уый йæ номæй фæрсын цæмæн хъæуы... Уымæн йе ’ууæнк æгæрон у, Муссæ-Алхас, — Алхасты бæсты дзуапп дæтты Тепса.

Кæстæр минæвар фæгæпп ласта:

— Чифæнды уæд, дины сæрыл хæцынмæ нæм сиды... Мах комкоммæ цæвынмæ арæхсæм, ныр дæр та комкоммæ цæвдзыстæм! — пырх калы уый.

— Нæ, мæ хуры чысыл, нæ, — фæурæдта йæ Муссæ. — Комкоммæ цæвгæйæ нал у. Ды нырма саби дæ, фæлæ ма бафæрс мæнæ сахъ Алхасты, кæддæра цас фæтылдтой Раздзог æмæ Тепсаимæ сæ кæрдтæ комкоммæ... Сауададжы дæр комкоммæ æрфадынмæ хъавыдысты, фæлæ дзы цы рауад?.. Æхсынкъæй тыхт фиу, æндæр ницы!

Алхаст лæппуйы цонгмæ бавнæлдта æмæ йыл дæлæмæ æрхæцыд:

— Æрбад, Махмуд, бауадз Муссæйы дзурын, — ноджы та Бруты хъæугæрон æмæ Раздзог æрбалæууыд йæ зæрдыл æмæ йæ хъуын арц абадт.

«Чысыл фалдæр ма балæгæрдын хъæуы».

— Лæгæй-лæгмæ, комкоммæ цавтат нырмæ æмæ дзы цы рамбылдтат? — Махмуды уæлхъус слæууыд, афтæмæй йæ фæрсы уый.

— Нырма ницы!.. Нæ холытæй-иу цæргæстæ бафсæстысты! — тызмæгæй дзуры Алхаст.

— Иуæн, дам, дыууæ — æфсад, фæзæгъынц, æмæ æфсады ныхмæ тох кæнын кæдмæ фæраздзыстæм, уый ма мын зæгъ, лæппу?

— Бирæ нæ нал хъæуы баихсийынмæ, — астæрдмæ æдзынæг кæсгæйæ, дзуры Малсæгты Тепса.

— Цæв комкоммæ, кæд ма дæ бон у, уæд! — уæгъд нал уагъта цæцæйнаг лæппуйы. — Зонын: джауыры пъагæтты дæ цæстытæ ныссагътай æмæ хъуыды кæныс: Муссæ æмæ Садуллæ урс паддзахы æфсондз хæссынц се уæхсчытыл, æмæ сыл æууæнк нæй.

Хистæр минæвæртты цæстытæ зынджытæ фестадысты. Фысым фиппайдта: сæ «хæдоны» абырынмæ йæ бирæ нал хъуыд.

Æвиппайды йе уæхскæй йæ пъагон æрыскъуыдта æмæ йæ кæстæр минæвармæ дары:

— Æз æмæ Садуллæ уыдон куы нæ дардтаиккам не уæхсчытыл, уæд цы уыдаид Аухы, Гехы, Шалийы?.. Науæд цы æрхастаид Сауадаг, уый ма мын зæгъ?

Кæлмдзæфау фæгæппытæ кодтой сæ бадæнтæй.

— Хъæды сырдтæ та нын нæ туг сдæрдтаиккой! — лæппуйы бæсты дзуапп радта Тепса.

— Æмæ Дзæуджыхъæуы хъоргъы сæ удтæ систаиккой сабитæ, — бафтыдта ма йæм Алхаст.

— Ды, сахъ Алханы фырт дæ? — æнæнхъæлæджы афарста Муссæ лæппуйы.

Махмуд фæджихау ис:

— Ай-гъай, Алханы-фырт дæн!..

Инæлар йæ сæр банкъуыста фæсмонгæнæгау.

— Сахъгуырд уыдис Алхан æмæ æвгъау у, йæ амарæг ма нырмæ уæлæуыл кæй хæты, уый!

Зæххы скъуыды куы ныххаудаид, уый бафæндыд Махмуды.

— Хуыцау дын æй дæ къухы бафтаудзæн, къæрных нæ, фæлæ хъан куы суа, уæддæр!

Лæппуйы фæуагъта æмæ минæвæртты хистæрмæ баздæхт:

— Цас ма баззад Байрамы стырбонмæ, Алхаст?

Алхаст фергъуыйау ис уыцы фарстмæ:

—...Иу къуыри дæр нал!..

— Цæй, фод Алханы сахъ фырты дзырд. Дзæхст кæнæм нырмæйау, лæгæй-лæгмæ комкоммæ æмæ хъæргæнджыты сидтмæ ма байхъусæм... Мах скувæм Хуыцауы цытæн Байрамы стырбон!..

Байрамы стырбоны кой йæ уæнгты сæрæй къæхты бынмæ ахъардта Алхастæн æмæ ма æнæбары багуым-гуым кодта:

— Лæгдзинад уый мидæг ис — де знагмæ цæсгомы ’рдыгæй куы бацæуай!

— Уыдон бирæ сты, мах та — цъус. — Йæ ныхæстæ уырзæй æвзæрста Муссæ. — Нæ сæртæ нын ауындзæнты атъыстой, сæлхъивын ма сæ хъæуы...

— Æмæ мыггагыскъуыд суыдзыстæм, — сулæфыд мæхъхъæлон.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: