II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 20 глава




Адæм ныхъхъус сты. Хадзы йæ боцъотыл узæлыд беууæй[3] ахуырст æнгуылдзтæй, афтæмæй хъуыста.

— Нæ кæрдтæ баихсыдысты ссынæй! Æрдуйæ нарæгдæр систы нæ удтæ!.. Ныр дæр та дины сæрыл тохы фæстæ нæ фæлæудзысты цæцæны сахъгуырдтæ, фæлæ уæ чи нæ фехъуыста Сауададжы хабæрттæ!.. Муссæ-Алхас не ’хсæн бацыд. Дзырддзæугæ лæг у Муссæ, дыууæрдыгæй дæр нын нæ цыргъæгтæ сæ кæрддзæмты ныссонын кодта. — Хуыцаумæ кувæгау скодта: — Иунæг Хуыцау — æвдисæн, цæцæйнаг йæ дзырдыл гадзрахатæй никуы рацыд!.. Кæд афтæ нæу, уæд æй зæгъут!

— Афтæ у, афтæ!

—...Раздзог загъта: æмырæй лæудзыстæм, цалынмæ та нын паддзах нæ хъæдгом йæ чъизи къахæй нæ нылхъива, уалынмæ!.. Кæцæй тæхынц уыцы хъæргæнджытæ, уый Раздзоджы сидт куы нæ у, уæд?..

— Стыр Аллахæн йæхицæй! — айхъуыст Хадзыйы цъæхснаг хъæлæс.

— Аллах æмæ фæдисоны æхсæн исчи хъуамæ лæууа! — ныззæлланг ласта æндон хъæлæс æмæ адæм бамыр сты.

— Æз фехъуыстон: Скъуыдкъохæй ратæхынц уыцы зæрватыччытæ! — чъызгæ бафиппайдта чидæр.

Æрвдзæфау фесты ныхасы адæм. Алхасты цæстытæ зынджытау ферттывтой. Хæйрæджыты комы æгомыг уынаффæ æрбалæууыд йæ зæрдыл. Фергъуыйау ис Алхаст. Чи бамбардзæн йæ фæндон кæронмæ ацы Тæгианæн!

Хадзыйы хъæлæс æй фæхицæн кодта йæ хъуыдытæй:

— Хуыцауы фæндоныл дызæрдыг кæныс, Алхаст?

Туасау дзы фæныхстысты уыцы ныхæстæ.

— Нæ бадзырд дæр Хуыцауы фæндонæй уыд, Хадзы!

— Раст зæгъы Алхаст, — цыма пехуымпарæн йæхи дзыхæй дзуры, уыйау дзуры чидæр.

— Иунæг Хуыцауы фæндон се ’ппæтæй бæрзонддæр у, уый нæм сиды тохмæ!

Æндон уæддæр зарыд.

— Лæг ныхасæй лæг у, Хадзы! Йæ ныхасыл гадзрахатæй кæй никуы рацыд, уымæн баззад пехуымпар номхæссæнæн!

— Гъемæ дæ дзыхæй сæкæртæ фæхæр, Алхаст. Фæсурут паддзахы, цæгъдут сæ, кæмдæриддæр сæ баййафат, уым, хъаймæты бонмæ дзы иу дæр куыннæ баззайа, — фæдзæхста нын йæхæдæг!

— Цæмæй нæ кæрдтæ сæлвасæм, уый тыххæй бæрæг хъуамæ базонæм.

— Наиб нæхи лæг у, барвитæм æм. Науæд та йæм ныхасмæ фæсидæм.

— Ау, æмæ фидиуæджы сидт уымæ не хъуысы?.. Фæлæ уый махмæ не ’вдæлы, Грознамæ хицæуттæм фæцыд! — хъæр кæны Махмуд.

— Уæд та Скъуыдкъохмæ, нæ зылды хицау Муссæ-Алхасмæ!.. Быныскъуыд суыдзыстæм, æвæстаг фæуыдзыстæм!

... Уый уыдис знон, абон та Махмуд йæ кард ссы сигæцыл. «Зиу-зиу-зиу!» — зарыд æндон.

Фидиуæджы сидт фæхицæн кодта лæппуйы йæ хъуыдытæй.

— Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Хъусут, пысылмонтæ, хъусут!..

Карды ком фæсмынæй асæрфта, кæрддзæмы йæ ныссыдта. Дамбаца йæ ронбасты нытътъыста æмæ феддæдуар ис.

— Махмуд, о-о-о, Махмуд! — хъуысы йæм Хазуйы сидт.

Ныхасы ’рдæм фæцæйцыд, фæлæ наибы кæрты раз цавддурау асалд йæ мидбынаты.

Æртæйæ рахызтысты кулдуарæй, се ’ртæ дæр æвзæнгтæ, къуыбыррихитæ. Сæ фæдыл наибы фæсдзæуин рацæйцыд æмæ уый нысан кодта: цыты уазджытæ сты, февналæн сæм нæй.

Разæй чи цыд, уымæ фæкомкоммæ ис бæласы аууонæй. Базыдта йæ æмæ йæ риу ныххоста тымбыл къухæй:

«Ныр мын нал аирвæздзынæ!»

Йæ фыды цæсгом та æрбалæууыд йæ цæсты раз æмæ æвиппайд фæзылд «Цы зæгъдзæн наиб? Цы зæгъдзæн Дзæрæхохты Алхаст?» — ферттывта ма йæ сæры æмæ сдыгъуырццæг ис.

«Дæ фыд Алхан уыдоны фыдæй фæмард!» — гуыпп-гуыпп кодта йæ зæрдæ.

«Нæ зæхх, нæ намыс нын байсынмæ хъавынц! Ма сыл бацауæрд! — хъуыстис æм йæ фыды фæдзæхст.

Кулдуар къахæй куыд ныкъкъуырдта æмæ Чысыл Цæцæны хицауы раз куыд февзæрд, уымæн ницы базыдта.

...Стæй ма йæм фæстейæ наибы хъæрахст хъуыст.

— Мурту! Чæлхи!.. Марадз, бæхтыл абадут, уыцы абырæг исты знаггад кæндзæн минæвæрттæн!

«Мæ разæй куы нæ фæуиккой ацы куыйтæ!» Кæрты æррайау смидæг ис. Йæ мад æй ахæм хуызы куы ауыдта, уæд йæ цæсгом афæлурс ис.

— Махмуд, о Махмуд!.. — æндæр ницы сфæрæзта ус.

«Саргъ æмæ гæрзтæ агурынæй нал у!» — Кауы сæрты асæррæтт ласта æмæ фæсвæдты лидзы.

«Бæх, бæх!.. Мæхион кæд нæ уа, уæддæр искæй бæхыл!»

... Æнæсаргъ-æнæидон бæхы фæсвæдты скъæрдта.

Махмуд куыдз нæу æмæ дæуау сусæгæй нæ хæцы, æнаккаг!.. Æз иунæг дæн, сымах — æртæйæ, фæлæ уæм ныхæй-ныхмæ бацæудзынæн!.. Муртуйы лукъафындз нымæцы нæй!..

Бæхæй æрхызт, йæ разæй къæмбырыл уырдыгмæ ацъелф кодта. Дзыхълæуд фæкодта, ныхъхъуыста. Дыууæрдыгæй цыд бæхы къæхты уынæр: разæй æмæ, ныртæккæ йæхæдæг цы хохы фахсыл рацъелф кодта, уый фалейæ. Разæй бирæ бæхты хъæр хъуыст, фæстейæ та — иу.

«Ау, наиб мын мæ фæдыл иу лæджы рарвыста фæдисы?»

Æнæидон бæхы та фæцагайдта:

— Гъæтт, æнаккæгтæ, хъахъхъæнут мæ уæхи!..

Фæндаг нарæг уыд, бæхджын лæг дзы тынг нæ азмæлыдаид.

Дыууæ салдаты сæ дамбацатæм февнæлдтой, фæлæ сыл корнет сæнтхъæр фæкодта:

— Ма фехсут! Уымæ не ’рбацыдыстæм!

Муртуз æргæпп ласта йæ бæхæй æмæ Махмудмæ дзуры:

— Махмуд, сæрра дæ?.. Наиб дæм фæхъыг уыдзæн!..

Тымбыл къухæй йæ фæцæф ласта æмæ нарæг фæндагæй дæлæмæ атылд.

«Хорз цæф уыд, йæ дамбацамæ цæмæннæ æвналы?» — хъуыды кæны Темырболат цæцæйнагмæ кæсгæйæ.

— Хæмæт ам нал ис æмæ нал аирвæздзынæ, æнаккаг! Сис дæ хæцæнгарз, кæд тæппуд нæ дæ, уæд!

— Фæндаг радт инæлар Муссæ-Алхасы минæвæрттæн! — дзуры йæм корнет.

— Ацы нарæг фæндагыл дыууæ бæхджыны кæрæдзийы фæрсты нæ ахиздзысты!

— Фæндаг радт инæлар Муссæ-Алхасы!..

Дамбацайы гæрах фæцыд, æмæ йæ ныхас йе ’мбисыл аскъуыд. Æвиппайды Æрфæны фарсыл ацауындзæг æмæ Валерийæн йæ худ йæ сæрæй атахт.

Салдат йæ дамбаца фелвæста.

— Ма фехс! — фæхъæр та кодта Темырболат.

Уалынмæ цæцæйнаг дыккаг дамбаца фелвæста йæ ронбастæй.

«Гъе-е-е, уый хъазгæ куынæуал кæны!»

Цæстныкъуылдмæ зæххыл февзæрд, фæцыдис дыккаг гæрах, æмæ Махмудæн йæ дамбацайы фистон аззад йæ къухы.

Кард фæцъортт ласта Алханы-фырт.

«Дамбацайæ хорз хъавыс, кæддæра кардæй та куыд архайыс!»

— Бæдæйнаг, господин корнет, хорз æхсыс!..

Кæрдтæ дзуарæвæрдæй асалдысты, фæндаг нарæг уыд, иунæг бæхы къæхты хъæр æввахсæй-æввахсдæр кодта.

— Цæцæны хæхты цæргæстæн холыйæн баззайдзынæ, æнаккаг!

Муртуз сбырыд дæлбылæй, иунæг барæг сæ уæлхъус æрбалæууыд.

— Махмуд! Махмуд! — цыдис йæ хъæр.

Кард фæхаста уæлиау æмæ фæцæф кæнон куыд загъта, афтæ Дзæрæхохты Алхасты цæсгом ауыдта.

Цыргъаг андзыг ис уæлдæфы, Темырболат дæр æй æруагъта.

Алхасты цæсгом фырмæстæй пиллон калдта. Лæппуйы къухæй кард стыдта:

— Дæ зæрдыл дар: махмæ уазæджы хæхтæ дæр хъахъхъæнынц! — Минæвармæ фæзылд: — Табуафси! Цæцæны цыфæнды нарæг фæндагыл дæр кæрæдзийы фæрсты ахиздзысты дыууæ барæджы, сæ зæрдæты табиц куы нæ хæссой, уæд! — дзуры уый æмæ уазджытæн размæ амоны.

Наибы фæдисонтæ дæр æрбахæццæ сты, нарæг фæндагыл азмæлæн нал уыд. Махмудмæ фæкомкоммæ ис Темырболат æмæ цæмæндæр йæ зæрдæ бахъыдзы кодта.

«Чи зоны ма искуы фембæлæм кæрæдзийыл!..» — хъуыды кæны корнет æмæ нарæг фæндагыл цадæггай цæуы.

«Ныр аирвæзтæ, джауыр, фæлæ ма дыл кæд искуы фембæлон, уæд дын уазæджы хатыр нал фæуыдзæн!» — йе уæхсчы сæрты ма фæкæс-фæкæс кодта Махмуд дæр.

XVIII. НЫХАС. САУ БАРÆГ

Брутмæ кæцæйфæнды ракæс, — хъæуы астæу иу сывылдз бæлас зыны. Ничи йæ зоны, хъæуæй, бæласæй чи хистæр у. Фыдкъæвдатæ æмæ фыддымгæтæ йын йæ уидæгтæ ныхсадтой, мæллæг хайуаны фæрсчытау ын зæххæй уæлæмæ ныхъхъил сты.

Куыдхистæрæй бадынц хъæуы нæлгоймæгтæ бæласы бын. Чи йын йæ уидæгтыл бады, чи та къæйдуртыл æруагъта йæхи. Фæсивæдæй æрбадæн кæмæн нæй, уыдон дæлиау лæууынц, сæ хъаматы сæртыл сæ къухтæ сæвæрдтой, афтæмæй.

Дыууæйæ нæ уыдысты ныхасы агъоммæ ам: Раздзог æмæ Темырболат. Сæ дыууæ дæр æнæнхъæлæджы фæзындысты. Темырболат Скъуыдкъохæй æрбацыд, Раздзог кæцæй æрбацыд, уымæн ничи ницы зыдта. Бады сæ иу ныхасы сæр, лæууы се ’ннæ ныхасы кæрон.

Бæтæхъо бады æмырæй, сурдымæны æртхутæг схъауы уæзæгæвæрд æнгуылдзтæй. Йæ дæлейæ бады фæтæндзæсгом, саубоцъо Мамсыраты Уосмæн. Алæгаты Темырыхъойæ, цыма исты фесæфт, уыйау зæхмæ нымдзаст æмæ хиталæгæй хырыз сыджыт змæнты.

Цыргъбоцъо, къæсхуырдзæсгом Есенаты Гуыцырæн æнæдзургæйæ йæ бон нæу æмæ куы кæмæ фæкомкоммæ вæййы, куы та — кæмæ.

— Диссаг нæу?.. Арвыл мигъы къуымбил макуы зынæд, афтæмæй къæртайы комæй калæд!

Сурдымæны фæздæг нал кæлы, Бæтæхъо æхсон цæгъды.

— Æгæр бирæ туг, дам, ныццахст уе уæнгты æмæ, дам, æй хъуамæ рауадзæм, — дзуры, сурдымæн дымы, афтæмæй.

— Хорз æй куы уадзынц, кæд ма дзы исты рауадзинаг баззад, уæд!

Тымыгъау ратæх-батæх кодтой рагæй-æрæгмæ дины сæрыл тохмæсидджытæ. Ныр дæр ссæндынц Цæгат Кавказы фæндæгтæ сæ бæхты сæфтджытæй. Лæг сæ зонгæ дæр нæ бакæны: сæ бæхтæ сау, сæхæдæг дæр сау æмбæрзæнтæй тыхт. Ахсджиаг хæст газаватмæ та сидынц пысылмон адæммæ.

Уыдоны сидт дæр агайдта Раздзоджы, фæлæ æндæр цæуылдæр сыгъдис ныр йæ зæрдæ, æндæр цыдæр ын æвдæрзта йæ сæры магъз.

Чи йæ куыд айсдзæн, кардау кæй зæрдæйы фæныхсдзæн, æвдадзы хосау кæмæн фестдзæн? Молло Хъази хæтыд Иры хъæуты, йе тары цахæмдæр гæххæтт рахæсс-бахæсс кодта, адæмы схъаудта. Брутмæ нæма æрбахæццæ ис кадджын минæвар, Раздзоджы сыхæгтæ йæм нæма байхъуыстой. Бирæйæн моллойы амындмæ йæ цæстытæ зынджытæ фестынц, бирæ та Хуыцаумæ фæхауы фырмæстæй.

Тохы хабар æрхæссын ног нал у æмæ дисау никæмæуал кæсы. Молло кæй дзуры, уый ног у. Куыд ыл сæмбæлдзысты Бруты цæрджытæ, ууыл уыдис зæронд лæджы сагъæс.

— Æвзæр боныгъæд ныл скодта! — ныхъхъæрзыдта уый.

Арв æмæ хурæй кæнгæ боныгъæдæй кæй нæ дзырдта, уый фембæрста Хъуыбады:

— Адæмæн сæхицæй аразгæ у боныгъæд, Бæтæхъо! — дзуры уый.

— Фæкодтам æй цалдæр азы дæргъы, фæлæ фыдæбоны йеддæмæ ницы æрхастам!

Уосмæн йæ сау боцъотæ йе ’нгуылдзтæй дауы.

— Исдуг ныл Дагъыстанæй фæдымдта, стæй бынтон схæццæ ис боныгъæд... Кæцæй ныл дымы, уый нал зонæм!

Йæ хъæлæс бынтон ныннымæг Раздзогæн æмæ Темырболатмæ афтæ фæкаст, цыма йын йæ хъуыр цæссыг æрбахгæдта:

— Бирæ нæ домæм, — фæздæг кæцæй суадзæм, уый фаг зæххы гæппæл нын ныууадзæд... галы æвзаджы йас зæххы гæппæлтæ, цæмæй нæ мæрдтæ уæлæуыл æнæныгæдæй ма баззайой, — адæмыл йæ цæст ахаста, йæ ныхасмæ ма бафтыдта: — Цыфыддæр бон ныл ныккодта. Кæмæ байхъусæм, чердæм фæцæуæм?..

Уосмæн адаргъ кодта Бæтæхъойы сагъæс:

— Сунжæйы, дам, мæхъхъæл æмæ хъазахъхъ фæбыцæу сты, тугпырхытæ дæр дзы æрцыд кæмдæр... Сæ хылы сæр, зæгъ, зæххы гæппæл уыдис.

— Сæхион сæ фаг нæу, ноджы ма нын нæ хурхыл дæр бахæцыдысты, — бафтыдта йæм Хъуыбады.

— Æрмæст ууыл нæу ацы æнæсæрфат хъаугъа, — Хъуыбадыйы дзыхæй дзырд айста Есенаты Гуыцыр. — Джызæлы мæ каистæм уыдтæн ибонты, молло Хъази дæр бадтис ныхасы...

Раздзоджы зæрдæ фæкъæпп ласта моллойы коймæ.

—...Лорисы-фырт, зæгъ, афтæ, — æвæлмасгъуызæй дзырдта Гуыцыр, — пысылмон фæсивæды хъуамæ хъазахъхъимæ сиу кæнон æмæ сæ хуыйы фыд хæрыныл бафтауон!.. Уæдмæ уал йæ дæндагæй фæхъæрзæд уыцы джауыр!

Дзуапп ын ничи радта æмæ та йæхæдæг фæцис ныхасмæ:

—...Нæ зæххæй, дам, нæ фæсурдзысты, далæ нæ кæмдæр хъазахъхъы æхсæн æрцæрын кæндзысты! Хъуыраны бæсты нын нæ къухмæ чырыстон дины чиныг ратдзысты!.. Ноджы ма, зæгъ, уыл фæйнæ туманы æхцайы фиддон дæр æрбафысдзысты!.. О, о, Хуыцауы ардæй уын сомы кæнын, молло дзырдта Джызæлы уыдæттæ иууыл дæр. Ардæм дæр æрбауаинаг у æмæ сæ уæхи хъусæй фехъусдзыстут!

Ничи ницы загъта.

— Ау, Муссæмæ нæ хъуысынц уыцы ныхæстæ? — афарста чидæр, фæлæ йын дзуапп ничи радта.

Дзурыны бон никæйуал фæцис, топпы гæрахау æрбайхъуыст æвиппайды.

— Хъаймæт! Хъаймæт!

Ныхасыбадджытæ фæгæппытæ кодтой, зæрæхсиды фæндагмæ ныккастысты æдзынæг.

Сынты базыры хуызæн бæх фатау рацæйтахт.

— Хъаймæт! Хъаймæт! — цахæмдæр тасæфтауæг хъæрахст кодта барæг æмæ уыцы хъæрмæ ноджы тынгдæр тахтис саулохаг.

Ныхасмæ фондз къахдзæфы дæрддзæгмæ куы æрбахæццæ ис, уæд рохтæ æрбалвæста æмæ бæх йæ фæстæгтыл алæууыд.

Барæджы цæстытæ зынджытау ферттывтой, йæ цъæхснаг хъæлæс та анæрыд:

— Хъаймæт! Хъаймæт!

Цавдурау фесты уыцы хъæрмæ, æрмæст Хъуыбады дзуры барæгмæ:

— Уазæг, дæ бæхæй куы рахизис, уæд хуыздæр нæ уаид, цымæ?

— Хъусут, пысылмонтæ! — йæ хурхы сæртæй хъæр кодта уый. — Дзурын, стыр Аллахæн табу чи кæны æмæ пехуымпар Мæхæмæт æгас Цæгат Кавказы пысылмонтæн сæрхъызой кæмæй сарæзта, уыцы имамы номæй!..

Бæхы раззаг къæхты къæрцц Раздзоджы тæккæ цурæй фæцыд, чысыл ма бахъæуа, æрныдзæвой йыл.

— Бæрзæй саст куы фæуис, уæд та! — арфæ йын кæны Хъуыбады.

Ехс фæхаста фæдисон, фæндырдзæгъдæгыл æй хъуамæ æруагътаид.

Се ’хсæнмæ чидæр баппæрста йæхи, æмæ ехс Хъуыбадыйы бæсты ууыл æртыхст. Ехсы кæрон ацахста, йæхирдæм æй раивæзта, барæджы бæхæй рацæйæппæрста:

— Цы хабар æрхастай, уый зæгъ, фидиуæг! — дзуры йæм уый.

Уосмæн Темырболаты уæлхъус февзæрд:

— Фидиуæгмæ байхъусын хъæуы, лæппу! — тызмæгæй йæм дзуры.

— Фидиуæг йæ къухтæ цыбыр куы нæ дара, уæд ыл Брут куыйтæ бафтаудзысты, — йæ русыл йæ къух æруагъта Темырболат æмæ, фæсивæд кæм лæууыдысты, уырдæм айста йæхи.

—... Кард кæрддзæмы ныссадзын хæсты кæрон нæу! — сидтис сау барæг. — Аллах загъта: де знаджы æрæууæндын кæн æмæ ног цæфмæ дæхи цæттæ дар!

Бæхы гуыбын æгъдæнцойæ бацагайдта, Раздзоджы раз æй йæ уæрджытыл æрæппæрста.

— Нæ кæрдтæ згæйæн ма бауадзæм хæрын, схæцæм сыл уæлиау, туджы зæйтæ рауадзæм, нæ динæй, нæ рæсугъд чызджытæй нын хынджылæг скъæрынмæ чи хъавы, уыцы цъаммар джауырты сæртыл!

Темырболат Хъуыбадыйы фарсмæ лæууыд æмæ хъуыды кодта: «Сауадагæй райдыдта ацы фыдфын æмæ нырма дæр йæ кæрон нæ зыны».

Ехсы къæрцц, бæхы мыр-мыр, барæджы сидт схæццæ сты.

—...Сæ къахыл та слæууыдысты пысылмон сахъгуырдтæ, æрмæст ма ног имамы фæзындмæ æнхъæлмæ кæсынц!.. Уый дæр фæзынд, макуы сфидийæд Стыр Аллахы хæрзиуджытæ, уастæны!.. Джауырты ныхмæ хæстмæ сиды пысылмон бæгъатыртæм æмæ уый у пехуымпарæн йæхи сидт, зонут æй!

«Цымæ цы зæгъдзæн Муссæ?» — хæлбурцъ кæны йæ мидбынаты Темырболат.

Ехс уæлиау фæхаста æмæ ма иу хъæр фæкодта фидиуæг:

— Сисут уæ гæрзтæ, рацæут хæстмæ, цæвут цъаммар джауырты, кæмдæриддæр сæ баййафат, уым!.. Газават! Газават!..

Стæй йæ бæхы фæцагайдта æмæ куыд æнæнхъæлæджы фæзынд, афтæ æрбатары ис. Зæрæхсиды ма дардæй æрбайхъуыст йæ хъæр:

— Хъаймæт! Хъаймæт!

Хингондау лæууыдысты иудзæвгар.

— Бæхæй, барæгæй — æрратæ! — сфæрæзта дзурын Хъуыбады.

— Лæг дзы кæмæ байхъуса, уый нал зоны, — гуым-гуым кæны Уосмæн.

— Тымыгъау æрбасыффытт ласта æмæ фæстæмæ дæр — афтæ!..

— Уæдæ демæ ныхасы бадыныл схæцыдаид?..

— Фæдисонæн йе ’взаг хъуамæ уа рæстæмбис, йæ арм — цыбыр! Стæй Хуыцау загъта: фембæлæгæн салам радт!

Æрталынг ис, арвыл иугай стъалытæ сæрттывтой.

Хъуыбады дзырдта ныллæг хъæлæсæй:

— Бирæ имамтæ æмæ хадзыты сидтмæ фехъуыстам, фæлæ дзы гуымбыл нæ бацахстам.

Темырыхъо йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццагъта:

— Мæнæ диссæгтæ!.. Цæргæ-цæрæнбонты, дам, кæм фæцардтæ, уырдыгæй, дам, фæлидз!

— Омæ, Темырыхъо, Уæрæсейы паддзах махæн ацы зæххытæ дæтгæ куы ракодта, æмæ Джызæлæй уымæн куы ралыгъдыстæм, уæд нын сæ фæстæмæ исгæ кæндзæн? — афарста йæ чидæр.

Темырыхъойы бæсты Бæтæхъо февзыста дзурæгмæ:

— Дæ сыхагæн йæ уæлтæрхæг мард куы уа, уæд ды та хъазт сараз дæ кæрты!.. Бафæрс-ма цæцæны, мæхъхъæлы, кæддæра уыдон та куыд зæгъынц!.. Науæд махæн цъæх хæссы? Нæ былтæ уал нын адаудта Бруты зæххæй!.. Цæмæй нæм нæ сыхæгты додой ма хъуыса, уый тыххæй!..

— Гъеуый у дзырддаг!.. Уыййеддæмæ — дины сæрыл тох æмæ газават! — сæ ныхасы кæрон сын ацахста Хъуыбады. — Мæнæ Темырболат, — йæ рынтæ мæ уд ахæрæд, — йæ уæхсчытыл æрттиваг пъагæттæ æрхаста, уый тыххæй нал уарзы йæ дин, йæ зæхх, йæ мады?..

— Бирæ ма дзы куы уаид Бруты уæзгуытыл!

— Зæхх у нæ уромæг пысылмонæй, чырыстонæй!.. Хуыцауы дæр уый уромы, кæд мæ фæрсут, уæд, — нæрыд Хъуыбадыйы хъæлæс. — Уый сæрыл цæуы тох, гукк! Хуыцауæн мæ уд йæ фæхъхъау, йæ бон бирæ у æмæ йæхæдæг у йæхи сæрыл хæцынхъом. Мах та нæ зæххон хъуыддæгтæм æркæсæм.

Гуыцыр пырх къухтæ фæдардта Хъуыбадымæ, цыма йын йæ цæсгомыл исты бакалдта:

— Æбуалгъы ныхæстæ!.. Æниу дæуыл цы уæз цæуы! Ды де рагъыл хæссыс дæ дин æмæ дæ хуымы гæппæл!

— Дин удæнцойы йеддæмæ хъæздыг æмæ æвæлмас цард нæ дæтты!.. Уыцы хæрзиуджытæ зæхх дæтты, æмæ йæ абон урс паддзахы æххуырстытæ тыхæй исынц!.. Махмæ ницы бар дарынц, зæгъы чидæр!.. фæлæуу чысыл, Брут дæр сæ бахъæудзæн æмæ дын дæ былтæ цы сойæ айсæрстой, уый дын фæстæмæ байсдзысты!.. Дин! Динæй куыдзсурæн лæдзæг сарæзтой бирæтæ!..

— О Хуыцау, дæ азар ныккал Хъуыбадыйы сæрыл!

— Хуыцауы йæ бынаты уадз, æз уый нæ агайын! Æз федтон: чырыстон чырыстоны къухæй фæмард, пысылмон пысылмоны руаджы систа йæ уд! Æз федтон: чырыстон æмæ пысылмон иу сыхы хъæрмудæй цардысты. Уый дын дин æмæ æмдин!..

Раздзог зыдта, Хъуыбады ма йе ’взаджы бын цыдæр æмбæхстæй кæй дардта, æмæ æнцад бадтис.

Бæтæхъо ныммыр кодта йæ дзых. Уæлæмæ скаст, йæ уæлхъус Хъуыбады лæууыд.

— Бæтæхъо загъта Муссæйæн, цы зæгъинаг æм уыдис, уый!..

— Æмæ Туркмæ чи сиды, уымæн та цы зæгъдзæн? — æвиппайды йæ афарста фæндырдзæгъдæг.

— Цытæ дзурыс, Хъуыбады? Кæм Терк æмæ кæм Турк?..

— Хорз æмæ æвзæр фыццаг фæндырдзæгъдæгыл фембæлынц, — тыхæй ма хъуыст Хъуыбадыйы уынæр. — Æвæццæгæн, уыдон дæр, уыйау хæддзутæ сты æмæ уымæн. — Чи нæ фæсурдзæн, нæхæдæг куы нæ лидзæм, уæд?..

Раздзог фестад йæ бадæнæй.

— Ноджы дæр ма сæдæ карды баихсиид мæ къухы, мæсыг хи дурæй куы нæ сæттид, уæд!

Фæндыры таг ныззæлланг ласта.

— Бæргæ, куы нæ-иу асæттид мæсыг хи дурæй!

— Цыма ныртæккæ ууыл стæм, уый ныхæстæ кæныс!..

— Тагъд нæ кæнынц, банхъæлмæ уал кæсдзысты, цалынмæ нæхи дзыхæй нæ зæгъæм: мах сфæлмæцыдыстæм, туг мауал калут!

— Æрдæбон моллойы кой æнæхъуаджы нæ кодтай, Хъуыбады.

— Хæдмæлхор æмæ хъæрццыгъа фæхыл сты булæмæргъы сæрыл, — дзырдта Хъуыбады. — Булæмæргъ фæпайда кодта йæ удхорты хъаугъайæ, сæ ныхтæй йæхи ратыдта, къутæрты бамбæхст æмæ та йæ зарджытæ самыдта... Хъæрццыгъайы ныхтæй аирвæзт, фæлæ йæ хæдмæлхор базыдта йæ зарджытæй æмæ та йæ ныхты ныххаудта... Афтæ æрцыд уыдоныл дæр...



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: