II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 21 глава




— Кæмæй зæгъыс?

— Уæртæ, урс арсы дзæмбыты чи фæхæлбурцъ кодта, æмæ ныр хæдмæлхоры ныхтæм йæхи аппарынмæ чи хъавы, уыдонæй.

Фæрсæджы каст бакодтой кæрæдзимæ, Раздзог гуыбырæй бадтис. Фæндырдзæгъдæг нымпылд, нал зынд адæмы æхсæн.

— Æз дæр уыдтæн Джызæлы, Гуыцыр, аз дæр байхъуыстон моллойы зæндджын ныхæстæм. Раздзоджы хъустыл дæр æрцыдаиккой, ныр æгомыгæй бады. Тохы афтæ нæ фæбады!..

— Цы зæгъы Хуыцауы минæвар?

— Цахæмдæр гæххæтт кастис, араббаг æвзагыл фыст. Цæйнæфæлтау, зæгъы, нæ дин æлгъыстаг фæуа, фæлтау не ’мдин Туркмæ фæлидзæм....

— Туркмæ?.. — Æрвдзæфау фесты.

Темырболатæй айрох ис хистæрты хатыр æмæ ирон фарн. Йæхи уыцы иу уагъд бакодта Хъуыбадымæ.

— Банцай!.. Хатт зынг зæгъынæй дæр судзы ком!

Æрдæбон фидиуæджы ехс кæм æруад, уым йæ арм æруагъта Хъуыбады.

— Хъæдгомы хæрам куы ныббады, уæд æй рауадзын хъæуы, Темырболат.

— Банцай, Хъуыбады!.. Зынг зæгъынæй дæр судзы ком!

Уосмæн бацагайдта йæ фырты уæхск:

— Лæппу, дæ бынат дæ ферох ис!

Æвиппайды фæзылд йæ фыды ныхасмæ æмæ æррайау ныййарц ис.

— Болат, Болат! — хъуысы зæрæхсиды Хъуыбадыйы сидт æмæ, йæ сидтмæ лæппу куы нæуал фездæхт, уæд ныхасы бадджытæм баздæхт: — Æз дæр уæм фæдисмæ сидæгау сидын! Цæмæн лидзут арсы дзæмбытæй хæдмæлхоры ныхтæм?.. Цы уын баззад æцæгæлон Турчы?

— Ау, æмæ Туркмæ чи алыгъд, уыдон фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, — хъæрзæгау ныккодта Уосмæн. — Чи та сæрра ис, чи та лидзы тæдзынæгæй цыхцырмæ?

— Цыхцыр нæ, фæлæ йæ дзæнæт хоны молло Хъази. Уыцы гæххæтты дæр афтæ уыдис фыст: ралидзут, зæгъгæ, Туркмæ... Стамбулмæ... Стыр султаны дæлбазырмæ... рагæй уæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ.

— Æнæ мах ын йæ къæбæр ад нал кæны, мæгуыр...

Хъуыбады никæмæуал хъуыста:

— Цæй, фод ацы æнæхайыр фидиуæджы сидт, газават æмæ дины сæрыл хæст та самайæд пысылмон адæм, фæлæ ма уæд Стамбулмæ та цæмæн лидзæм... Ахсджиаг хæсты амæлæты фадат нын нæ фыды зæххыл дæр ратдзæн Стыр Хуыцау.

— Туркмæ... Стамбулмæ... хæдмæлхоры ныхтæм, — сусæгæй нымадта Раздзог.

«Цъаммар джауыртæ!» «Нæ динæй нын хынджылæг скъæрынц!» «Нæ сабиты нын салдаты акæндзысты æмæ сын хуыйы фыд хæрын кæндзысты, — фæзмыдта сау барæджы Хъуыбады. — Кæй сджауыр кæной, уый мæнæн нал ис, фæлæ мæнæ ды æмæ дæ лæгдзинад, Уосмæн... Дæу дæр тавы иунæг Аллахы хæрзиуæг, афтæмæй дæ фырт Темырболаты уыцы джауырты сæйраг горæтмæ ахуырмæ арвыстай... Науæд Муссæ...»

— Хуыцау, хъыг дæм ма фæкæсæд æнæрхъуыды лæджы дзæнгæда, — йæхи фæдзæхста Уосмæн.

— Мæсты ма кæн, Уосмæн. Ардыгæй иу лæппу алыгъдис æмæ уымæн йæ зæрдæйы ничи бады зæронд фæндырдзæгъдæджы йеддæмæ... — сидтис Хъуыбады. — Мæнæ Раздзог уæ разы гуымирау бады... Муссæйæн, дам, дзырд радтон æмæ мæ кард нал сæлвасдзынæн... Æмæ дын дæ сыхæгты сихтæ куы ныццæгъдой, уæд та?..

— Уæд та фендзыстæм!

— Цалынмæ ды фенай, уалынмæ нын нæ тохынатыл арт бандзардзысты — иуырдыгæй уыцы æнæхайыр сихтæ, иннæрдыгæй та... моллойы хуызæттæ.

— Æбуалгъы ныхæстæ ма кæн Хуыцауы минæварæй, Хъуыбады...

— Нæ фыдæлтæ-иу куы фæтыхстысты, уæд-иу, боныфæстагмæ, хуыцæуттимæ схæцыдысты. Ныр, дам, Хуыцауы тыххæй дæ къона ныууадз æмæ, дам, де ’мдин Туркмæ фæлидз... Нæ ныййарæг мады къухы цы федтам, æмæ нын нæ фыдыус цы фенын кæндзæн...

— Хуыцауы цæсты æхсидæвтæ тъыссыс, Хъуыбады!..

— Хъуыбады раст зæгъы, — фæурæдта Гуыцыры Бæтæхъо. — Мæнмæ искуыдæм лидзынвæнд куы уаид, уæд дзывыры хъæд карды фистонæй нæ баивтаин... Уæд нæ фæуыдаиккой мæ бинонты дзæбæхдæртæ хъазахъхъы амæттаг, уæд не суыдаид мæ цард хæтæнхуаг. Æцæгæлон бæсты цæрынæй фыды уæзæгыл амæлын хуыздæр у, æмæ Стамбулмæ нæ лидзын, фæлæ мæ кард дæр нæ сæлвасдзынæн, цалынмæ бæрæг базонон, уалынмæ...

— Æмæ дæ сыхæгтæ та? — фæрсы йæ Уосмæн.

— Мæ сыхагимæ нал фæхъуырæй-хъуырмæ уыдзынæн, Сауададжы куыд фæхъуырæй-хъуырмæ дæн, афтæ.

— Уымæй дын нæ зæгъын, Бæтæхъо. Цæцæн æмæ мæхъхъæлæй зæгъын.

— Хуыцау лæджы куы сфæлдыста, уæд ын йæ къухмæ цæхджын хойраг радта æмæ йын афтæ: хæлар зæрдæйæ дæм чи æрбацæуа, уымæн æй радт, æмæ йын хæлар фестæд. Хæрамæй дæм чи æрбацæуа, уымæн дæр æй радт, æмæ йын хæрам фестæд.

Хъуыбады йæм бафтыдта:

— Мæ хъуыды дæр афтæ у, фæлæ ныртæккæ не ’ргом чердæм фæкæнæм?

— Скъуыдкъохы ’рдæм!

Ныхасы адæм фæджихау сты.

— Скъуыдкъохæй нæ цæуынц уыцы фæдисонтæ, Бæтæхъо, — бафиппайдта чидæр.

— Уырдыгæй нæ цæуынц, фæлæ Муссæмæ дæр хъуысдзæн сæ хъæрахст. Цæцæн æмæ Мæхъхъæлмæ дæр барвитын хъæуы, кæддæра уыдонмæ та цы фæнд ис, — Раздзог йæ ныхас фæцис æмæ æмбырд райхæлд.

XIX. МИНÆВÆРТТÆ. ФÆДИСОНТÆ

Æгас Цæгат Кавказ та сызмæлыд. Фæндæгтæ байдзаг сты минæвæрттæ æмæ фидиуджытæй. Терчы облæсты хицау Лорис-Меликов бардзырд радта, фæндæгтæ сæхгæнут, «абырджытæн» цоппайы фадат мауал радтут, зæгъгæ.

Инæлары бардзырд нæ урæдта адæмы минæвæртты, йæ фæндаг ардта фæдисон.

Бæтæхъойы нæ бахъуыд Цæцæн-Мæхъхъæлмæ бæрæггæнæг арвитын, сæхæдæг æм æрбафысым кодтой æнæнхъæлæджы.

Кæрты тыхстызмæлд æмæ куыдзы хъыс-хъыс цыдис. Мæхæмæты нæ ауагъта Раздзог, йæхæдæг рауад сæ размæ. Хъама æрбабæттыны фадат ын нал фæцис, йæ къухы йæ айста.

Æртæ æндæрджы сагъдау лæууыдысты кæрты. «Гъеныр æрцыд Базыхъау мæ рад, — хъуыды кæны æмæ хъамайы фистон сгары. Райдианы сæ хъазахъхъ фенхъæлдта: «Дыууæйы фаг дзы суыдзынæн!»

— Кæд уазджытæ стут, уæд æгас цæут, — дзуры æнæзонгæтæм.

— Салам алейкум, Бæтæхъо, — дзуаппы бæсты йын салам радта, разæй чи лæууыд, уый.

— Марчуогъыл, Бæтæхъо, — дзуры чидæр мæхъхъæлонау.

Раздзогыл хур æрбакаст, куы сæ базыдта, уæд.

— О, æгас цæут алы хатт дæр, мæ хæлæрттæ! — сæ къухтæ сын ахъаззаг нылхъывта, хæдзары ’рдæм сыл ахæцыд.

Алхаст Бæтæхъойы къухы æдкæрддзæм хъама куы ауыдта, уæд йæ мидбылты бахудтис.

— Дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн, — бахудтис цæцæйнагмæ уый.

Æртыкъахыг фынгыл февзæрд арахъхъ, цыхт.

Цомиан арынг авæрдта, йæ дыстæ басчъил кодта.

— Нæ хъæуы, уый рæстæг нæй, — тызмæгæй дзуры Дзæрæхохты Алхаст.

Фысым йæ уазæджы йе ’рбацыды аххосæй нæ фæфæрсы.

— Куыд у Алхаст æмæ Тепсайæн се ’нæниздзинад, куыд цæрынц сæ бинонтæ æмæ хæстæджытæ? Фосæй сыл кæд ницы зиан æрцыд?

— Кæм ма ис æнæниздзинад. Чи ма фæрсы фосы зиан, адæмы додоймæ хъусгæйæ.

Уæзгуытыл куыйтæ ныхъхъус сты. Æмыр æхсæвы дардмæ хъуысы, дурыны дзыхæй здыхт сыкъамæ цы арахъхъ уайы, уый сæх-сæх.

Райгуырæн къона æмæ дин хъахъхъæнгæйæ чи фесæфт, уыдонæн рухс кодта фысым. Уазджытæ цыртытау бамыр сты.

Арахъхъы таг та айвæзт дурыны дзыхæй сыкъайы былмæ.

— Кæлы æмæ кæлы, — гуым-гуым кæны Алхаст.

— Кæлдзæн, цалынмæ дурыны мидæг исты уа, уалынмæ, — нæ бамбæрста уазæджы хъуыды фысым.

— Уымæй нæ зæгъын... Уый æвидигæ уæд.

— Уæдæ? — Бæтæхъо Алхастмæ фæкомкоммæ ис.

— Кæлы уæддæр пысылмоны туг паддзахы къухæй, — йæ хъуыды баххæст кодта цæцæйнаг.

— Ныр дæр та йæ былтæй акæлынмæ хъавы... Йæ бынмæ йын арт чи æндзары, уый уæддæр куы зониккам, — сагъæсгъуызæй дзуры æртыккаг уазæг.

— Бæргæ.

Бамыр сты. Дуарæй талынг æхсæвы уынæргъын æрбайхъуыст. Мæхæмæт сæ уæлхъус лæууы, арынджы къæс-къæс цæуы.

— Уосмæн æмæ Темырыхъомæ фæбæрæг кæниккам? — сæнттæ цæгъдæгау кæны Раздзог.

Уазджытæ кæрæдзимæ бакастысты.

Æрбадтис, сыкъа та байдзаг кодта.

Алхаст фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, цыма искæй агуырдта.

— Тепса нæ комкоммæ Скъуыдкъохмæ кодта. Æз ын нæ акуымдтон, зæгъын уал нырма Раздзоджы хъуамæ фенон, — йе ’мбалмæ кæсгæйæ, дзуры Алхаст.

— Бирæ хæттыты сæхгæдта Муссæ-Алхас тугракæлæн зыхъхъыртæ. Ацы хатт дæр та кæд исты самал кæнид, — сагъæс кæны мæхъхъæлон.

Йедзаг сыкъамæ ныццавта фысым йæ цæстытæ, афтæмæй дзуры:

— Æнхъæлдтон, зæгъын, чысыл нæ фæллад суадздзыстæм нæхæдæг дæр, нæ кæрдтæ дæр. Нæ рауад афтæ, чидæр нын нæ кард нæ къухæй аскъæфынмæ хъавы.

— Гæдыйау арæхстгай, уынгæ дæр æй ничи кæны, — дзуры Тепса.

— Раст цыма уæларвæй расхъиудта тохы сидт, — бафиппайдта æртыккаг уазæг.

— Хæраймаг нæу, сæ цурчытæ æгæр арф ныссагътой хæхты...

— Мæхъхъæл æмæ Цæцæны сæ тæккæ æмбистыл аскъуыдтой. Ирыстонæн йæ зæрдæйы онг æрбаныхстысты. Цы уыдзæн дарддæр?..

— Дарддæр — фыдæлты артдзæстæй фæсурын æмæ чырыстон дин! — тызмæгæй дзуры Тепса.

Алхаст фестад:

— Уæдæ нæ сайынц фидиуджытæ? Байхъусын сæм хъæуы?

— Хуыцауыстæн, нæ сайынц!

Фысым æмæ æртыккаг уазæг бадынц æдзæмæй. Алæгаты Темырыхъо æрбакодта дуар.

— Уазджытæ æгас цæуæд алы хатт дæр! — Уый афтæ фенхъæлдта, æмæ мæн тыххæй фестадысты æмæ ныкъкъæмдзæстыг ис.

Салам ын радтой, æрбадын æй кодтой, сæхæдæг дæр æрбадтысты, Дзæрæхохты Алхасты йеддæмæ.

— Алхаст нæ бады, — дзуры уый дуармæ кæсгæйæ.

Йæ гæрзтæ райхæлдта, фынгыл сæ æркалдта. Джихæй йæм кастысты уазæгæй, фысымæй.

— Бæтæхъо, адон мын ды радтай æмæ сæ дæу йеддæмæ никæй раз æркалдзынæн, — гæрзтæм амоны уый. — Мæнæ сæ дæ разы æвæрын. Тохы сидт мæм хъуысы, фæлæ сæм нæ февналдзынæн. Уый дæ сидт нæу, æмæ уымæн!

Уырдыг слæууыдысты, гæрзтæ цы фынгыл уыдысты, ууыл æрхъула кодтой.

— Раст у, уый мæ сидт нæу, Алхаст! Æз æмæ ды иумæ ныссыдтам Сауададжы нæ кæрдтæ!

Тепса афарста цæхгæр:

— Уæдæ цы чындæуа Байрамы стырбонæн, Раздзог?

Йæ сæр ныкъкъул кодта, кæй фарстой, уый.

— Тохы сидтыл сахуыр стæм, мардыл кæуæгау, — дзуры уый. — Æндæр сидт у, сагъæссаг æмæ кæуинагдæр... Чи зоны, нын, æцæгдæр, æндæр фæндаг нал ис... Стамбулы йеддæмæ... Уæхæдæг æй сбарут...

— Æгæр нæ нылхъывтой алырдыгæй!

Дуарæй та Бруты куыйты рæйын æрбайхъуыст.

— Цы сæ хъæуы, цæмæн нын нымæг кæнынц нæ артдзæстытæ? — Алхасты хъæлæс уыдис фæлмæн. Æгæрыстæмæй йын ризгæ дæр кодта. Фысым ыл йæ цæст æрхаста... Хъама æмæ æхсаргардæй-иу фæйнæрдæм карста уый, фæллайæн ын нæ уыд. Ныр, цыма ноджы зæронддæр фæцис, йæ фæтæн уæхсчытæ æркъæдз сты æмæ йын рызтысты.

— Сæумæрайсом нын нæ ердотæй фæздæг суадзыны фадат нал дæттынц.

Фысымы зæрдæ фелхыскъ ластой уыцы ныхæстæ. Дзæккоры йас тымбыл къухæй фынг фæцæф ласта, æмæ Алхасты гæрзты дзыгъал-мыгъул ссыд.

— Нæ бастъæлдзæн н’ арт!

— Дырыл, нæ бастъæлдзæн! — гуым-гуым кæны мæхъхъæлон.

Ард раджы бахордтой, фæлæ та хъæдын къулыл æфсæйнаджы къæрттау ныдзæвдысты ард хæрыны ныхæстæ.

— Ало-лай мын зарынц бирæтæ, цæмæй мæрдвынæй бауæм æмæ нæ фынæйæ фæхæссой нæ фыды уæзæгæй... Гъеныр скъуыддзаг кæны, нæ байзæддагæн ма хурмæ скæсыны фадат фæуыдзæн æви нæ, — зарæджы хъæргæнæгау, райдыдта Бæтæхъо.

— О Хуыцау, ды фæу æвдисæн! — хъæлæс ын дæттынц иннæтæ.

— Иу байзæддаг стæм, кæрæдзийыл гадзрахатæй никуы рацыдыстæм... Нырæй фæстæмæ дæр нæ фæндаг иу уæд, æгæрыстæмæй суанг Стамбулмæ куы цæуа, уæд дæр...

— Суанг Стамбулмæ куы цæуа, уæд дæр!

— Æнæниз буарыл дæр фæзыны хæлмæгтæ. Кæд не ’хсæн хæлмаг фæзына, уæд ууыл та Стыр Хуыцау йæ цæхæртæ ныккалæд!

—...Стыр Хуыцау йæ цæхæртæ ныккалæд!

— Адæмы фыдæх ссарæд! — нæры Раздзог.

— Адæмы фыдæх ссарæд!

— Дойныйæ йæ уд исæд, — дон бадæттæг æм ма уæд!

— Дон бадæттæг æм ма уæд!

— Къубалмæ хордоны мидæг лæууæд, йæ дзыхмæ къæбæр схæссынхъом ма уæд. Сыдæй йæ мæлæт æрцæуæд!

— Сыдæй йæ мæлæт æрцæуæд!

Уосмæн æрбацыд мидæмæ. Уый дæр йæ къух, хæцæнгæрзтæ цы фынгыл уыдысты, ууыл æрæвæрдта æмæ дзуры:

— Тъымы-тъымамæ æлгъыст фæуæд йæ байзæддаг Хуыцауæй дæр, адæмæй дæр!

— Хуыцауæй дæр, адæмæй дæр!

Сæ бадæнтыл абадтысты, иуцасдæр æмыр фесты.

— Цы айстой, уый сын фаг уæд. Уый фалейæ зæрдæ ис æмæ ууыл цырыхъхъы цæфхадæй куы ныллæууай, уæд мæлгæ кæны, — æрæджиау загъта фысым.

Тепса бафиппайдта:

— Ардыгæй нæ фæндаг Скъуыдкъохыл акæндзыстæм, уæд базондзыстæм бæрæг Байрамы стырбонæй дæр.

— Мах дæр тæккæ райсом уырдæм хъæуы. Уæдмæ та уал æндон кæрддзæмы мидæг зарæд, — бафтыдта йæм Бæтæхъо æмæ Уосмæнмæ бакаст.

Уосмæн йæ сæр тилы, ома раст зæгъы хистæр.

— Уадз æмæ згæ схæца кардыл, фæсурынмæ нæ хъавынц, зæгъгæ, кæй дзурынц, уый мæнг куы разына, уæд.

Кæрæдзимæ фæкомкоммæ сты дыууæ хистæры. Бæтæхъо фæхатыд: цæцæйнагмæ ма цыдæр баззад зæгъинаг.

Уазджытæ сæ бæхтыл абадтысты. Раздзог дæр æрæлхъывта йæ бæхы æхтæнгтæ. Дыууæ хох-лæджы разæй цæуынц, бæхы цæфхæдты къæрцц-къæрцц гæрды тар æхсæвы, Бруты куыйтæ рæйынц алырдыгæй.

— Райсом хорз бон кæндзæн, — Æрфæныфæдмæ кæсгæйæ, дзуры фысым.

— Кæмæн — хорз бон, кæмæн та — фæстаг бон, — йæхиимæ дзурагау, бакодта уазæг.

— Сæ бон ныккалæд Хуыцауы цæфæй...

Мæхъхъæлон æмæ йе ’мбал фæстейæ аззадысты.

— Уым дын æй нæ загътон, — чъызгæ дзуры Дзæрæхон. — Османаты Саад-Уллахъмæ дæр уыдис минæвæрттæ.

Йе ’ргом Алхастмæ фæзылдта.

— Минæвæрттæ диссаг не сты, фæлæ — кæцæй?

— Скъуыдкъохæй, — æрчъепп ласта уый.

— Ау, Скъуыдкъохæй? Æмæ æрвитгæ та кæй бакодта Тæгиан-æлдар?

— Æртæйæ уыдысты, се ’ртæ дæр æфсæддонтæ! Сæ иуæн йе уæхсчытыл афицеры пъагæттæ, хæрзæвзонг...

— Ау, Темырболат?..

— Йæ ном цы хуыйны, уый нæ зонын. Къуыбыррихи, рæсугъд лæппу...

— Ау, æмæ Уосмæн æнæ мах...

— Уосмæн та цы гæнæг у? Инæлар-æлдар йæ хæрæфырты балцы арвыста, йæ фыд æй нæ базыдта, афтæмæй.

Алыгъуызон хъуыдытæ мæлдзгуытау сызмæлыдысты Бæтæхъойы сæры.

— Цыфæнды фæуæд, уæддæр уыцы лæппумæ мæ зæрдæ æвзæрæй не ’хсайы, — æрæджиау фидарæй загъта уый.

— Æмæ æз дæр уый куы нæ зæгъын. Кастæн æм. Къæбут сусæгæй чи ныццæва, ахæм нæу, фæлæ ма ноджы...

— Ноджы ма цы?

Ферхæцыд, стæй хъавгæ загъта:

— Уыцы сау барджытæ Хуыцауы фæрцы Скъуыдкъохæй куы тæхиккой, уæд цы зæгъис? — чысыл ма бахъæуа, йæ уд схауа Алхастæн.

Дзыхълæуд фæкодта, талынджы йæ хæлары цæсгом æрцагуырдта.

— О Хуыцау, кæм дæ! — сфæрæзта ма Раздзог æмæ йæ бæхы бацагайдта.

— Хъус-хъус кæнынц махмæ. Тохы сидт, зæгъ, Хуыцауæй комкоммæ Скъуыдкъохмæ æрхауы, стæй уырдыгæй фæйнæрдæм апырх вæййы.

Хæйрæджыты ком æмæ Муссæйы фæсномыг уынаффæ æрбалæууыд йæ зæрдыл. Йе уæнгтæ уыцы æхцон хъыдзы бакодтой.

— Хуыцау куы зæгъид, Алхаст... Куы æрцæуид алæмæт, — хъæрзы уый.

— Исдугмæ, зæгъ, йæ ном æмбæхстæй фæдардзæн, стæй, зæгъ, уыцы иу цæф ныккæндзæн!.. О-о-о, фидар къух ын ис!.. Сæ кæрдтæ сусæгæй цыргъ кæнынц фæсивæд! — бæхæй ратасыд, афтæмæй йын йæ хъусы сыбар-сыбур кодта.

— О Хуыцау! — уынæргъы Раздзог. Йæ хъуыды йын уæддæр нæ бамбæрста цæцæйнаг.

Тепсаитæ сæ æрбаййæфтой. Хъæуы арæнтæ фæстиау аззадысты. Бæхтæй не ’рхызтысты, афтæмæй кæрæдзийæн хæрзбон загътой.

Фæндаджы астæу лæууыдис Раздзог, цалынмæ йæ уазджытæ талынджы бынтон нæ батадысты, уалынмæ сæм каст.

«Гъе-е-е, бецау, æххормаг саби, йæхи фынæйæ чи рæвдауы... Æниу ын чи цы зоны».

Бруты куыйты рæйын æмæ бæхы къæхты къæрцц-къæрцц схæццæ сты.

***

Сæхи фæдисонтæ дæр нæ уыдысты фынæй. Фæндæгтæ хъахъхъæдтой, дымгæйау рассæнд-бассæнд кодтой дыууæрдæм.

Æнкъардта йæ Хадзы: кæд йæ хъæргæнджыты хъуыры исчи фæбады, уæд уый уыдзæн æрмæстдæр Муссæ-Алхас æмæ Скъуыдкъохæй Дзæуджыхъæумæ фæцæйцæуæг фæндагæй йæ цæст нæ иста.

Ралли-балли кодтой Тæгианы ахстоны алыварс, фæлæ зыдтой Муссæйы тымбыл къухы уæз æмæ йæм æввахс нæ уæндыдысты.

«Скъуыдкъохмæ уæ цæст дарут! Уырдыгæй Дзæуджыхъæумæ цы фæндаг цæуы, ууыл ма фæкæлæд уæ бæхтæ!» — фæдзæхста Хадзы йæ мюридты.

Майрæмбоны Цæцæны ’рдыгæй бæхджынты къорд разынд. — Сих сæм æдзынæг ныккаст, хъæрццыгъа йæ амæттагмæ куыд ныккæсы, афтæ.

Бæлвырд уыд — Скъуыдкъохмæ цыдысты уыдон.

Сæ размæ рагæпп ласта йæ фæсдзæуинтимæ, бæхджынтыл йæ цæст ахаста, стæй наибимæ кæрæдзимæ фæкомкоммæ сты.

«Нымудзынмæ цæуыс, наиб-Эффенди?» — фарста йæ цæстæнгасæй.

Садуллæ йæ мидбылты тыххудт бакодта.

— Байрамы стырбон æрæввахс, йæ хорзæх дæ уæд æмæ дын Иунæг Аллах дæ хъуыддæгтæ сифтонг кæнæд, Хадзы Эффенди.

Скъуыдкъох хæрз æввахс уыд. Загъд самайын ницы пайда æрхастаид Хадзыйæн. Хъамайы бырынкъыл дыууæ æнгуылдзæй хæцы æмæ йын æй йæ цæсты раз хъеллау кæны.

— Чи цы агуры, уый ссарæд, кадджын наиб!

— Фурд стыр у, Хадзы Эффенди, фæлæ йын цыфæнды чысыл къадайы æрбаиу дæр хъыг нæ вæййы. Стæй къадайæн йæхи дæр фæфæнды, фурдимæ куы сиу уаид æмæ искуы зæххы скъуыды куы нæ ныссæфид.

Хадзы Скъуыдкъохмæ акаст.

— Ахæм къадамæ не ’хсайы фурды зæрдæ, кадджын наиб.

— Уый цæмæн зæгъыс, Эффенди, ныры рæстæджы дон хæрдмæ дæр цæуы.

— Хуыцауы фæндонæй... Арæхæй-арæхдæр кæнæд стыр Аллахы тыллæг, — хъамайы фистон та йын равдыста. — Уæд кæлмытæн дæр басæттид сæ дойны æмæ адæймаджы тугмæ нал цыбæл кæниккой...

Наиб ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Абди æвиппайды фæтары ис. Сæ ныхасæй сын ницы бамбæрстой — нæдæр иуырдыгæй, нæдæр иннæрдыгæй.

Чысыл фæстæдæр Муссæ æмæ Садуллæ фынджы уæлхъус ныхæй-ныхмæ бадтысты. Инæлары тар цæсгоммæ кæсгæйæ, йæ хъуыдытæ схъомпал сты.

«Æнæхъуаджы не ’ппарынц амæттæгтæ йæ дзыхы сæхи!.. Йæ бон бирæ у».

Муссæ Садуллæмæ бакаст:

— Иу растады фаг ма стæм, наиб, — дзуры уый æрхæндæгæй.

— Æз æмæ ды урс паддзахы ныхмæ никуы хæцыдыстæм, инæлар, — йæ сæр æркъул кæнгæйæ йын дзуапп радта цæцæйнаг.

Йæ масты къуыбар аныхъуырдта Тæгиан, фæлæ йæ хыл самайын нæ фæндыд, æмæ та лæгъзæй дзуры:

— Урс паддзахы ныхмæ чи хæцы, уыдон куы аскъуыйой, уæд дзы фыццаг мах сæфæм, наиб! Лæг йæ хайуаны дæр æфсæстæй куы нæ дара, уæд ын ныххæдмæл уыдзæн æмæ хайуаны куыст йæхимæ æрхаудзæн.

«Гъеныр дæ бамбæрстон, гъе!» — йæ зæрдæ æхцон хъыдзы бакодта Садуллæйæн.

— Зæй рацæуынмæ куы хъава, уæд æй ницы бауромдзæн, цытджын инæлар!

— Раст зæгъыс... Фæлæ йæ мах хъуамæ бауромæм, æндæр гæнæн нæй, — йæ хъусы йын мыргай ныннымадта: — кæннод нын нæхи а-ууæрд-дзæн, æмбарыс?

Уазæг æм джихæй каст, ома дæ зарæг æндæргъуызон куы уыд.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: