II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 24 глава




— Нæ, Тепса! Афтæ нæ!.. Хъуамæ бæндæн зулмæ расæрфæм, цæмæй кард хъуырыл ма сæмбæла, афтæмæй ауындзæн фæдыууæ уа... Зулмæ, аивæй!..

Алхаст йæ цæст нал иста Муссæйæ, йе уæнгтæ æнахуыр хъыдзы кодтой. «Куы дзырдтон Бæтæхъойæн!.. О Аллах, не ’ххуысгæнæг фæу!»

«Æххæст уыцы фарсмæ ахизон æмæ уырдыгæй ралæбурон!» — хъуыды кæны Муссæ, Алхасты фæлурс цæсгоммæ кæсгæйæ.

— Хъæргæнджытæй мæ фарстат, Алхаст?.. Комкоммæ уын æй зæгъын: уый у Хуыцауы сидт æмæ йæм байхъусын хъæуы!

Минæвæрттæ сæ хъаматæм фæлæбурдтой.

— О Аллах, стыр у дæ тых!.. Муссæ, мæнæ дын мæ арм, — дзуры Тепса, — цы сафын?.. Хъаст мыл куы нæ бакæндзысты облæсты хицаумæ!.. — Ноджы ма иу сæрфт æркодта йе ’хсаргард æмæ, минæвæрттимæ цы хæдоны абырынмæ хъавыд, уый йæ астæуыл афаста.

Хъæргæнджытæ кæдæм сидынц, мæн дæр уырдæм хъæуы Байрамы стырбон.

— Дырыл, нæ фæндаг дæр уымæн скодтам Скъуыдкъохмæ.

Комкоммæ йæ фæрсы цæцæйнаг:

— Кæдмæ ’нхъæлмæ кæсæм?

— Сау фæдисонтæ цы æрхастой, уымæй уæлдай нырма ницы зæгъын! — чъылдымыздæхтæй дзуры иупъагонджын инæлар, фездæхтис сæм, Махмудмæ кæсы, афтæмæй ма дзуры: — Йæ фыды туг райсинаг кæмæн у, уымæн дæр баххуыс кæнæд Байрамы стырбон!

***

Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы минæвæрттæ нæма аивгъуыдтой Скъуыдкъохæй, афтæ кæсæг æрбалæууыдысты æфсæйнаг кулдуарыл.

Нал ис минæвæрттæн кæрон, нал ис Муссæйы сулæфыны бон.

Кæсæджы та цы æрбахаста, уымæн йæ бар-йæ хъомыс Цæцæны арæнтыл куы фæуд кæны, уæд?

О, ном æмæ кад арæнтæ нæ уарзынц. Уымæн йæ ном дард айхъуыст, тынг дард. Стæй йæ уарзон сиахс Хъуыдайнаты Гуыргъохъ кæсгон у æмæ!..

Сегас æм иу хъуыддаджы сæраппонд цæуынц, сау хъæргæнджытæ газаватмæ сидынц, зæгъгæ.

Хорз хъæрахст кæны Хадзы Абди, фæлæ фенæм, кæддæра уымæн та Теркæй Туркмæ нæ айхъуыса! Уадз æмæ æрæмбырд кæна Байрамы стырбон пысылмонты, уадз! Уый дæр уырдæм хъæуы, лыстæг къуыхтæ йæ куы скæной, уæддæр. Сих Хуыцауы номæй сиды адæммæ, Раздзог æмæ Алхаст та адæмæн сæхи номæй, фæлæ уыдонæн дæр къаддæр нæ хъуысы сæ сидт.

Йæ мундир ын йæ хъуыр æрбалхъывта. Рудзынг æрбайтыгъта, йæ риу уддзæфмæ адардта.

Быгъдæг уæхскмæ фæкомкоммæ ис æмæ йæ цæсгомыл æлгъгæнæджы мидбылхудт схъазыд.

Мундир раласта, тымбылтæй йæ оттоманкæйыл ныццавта.

Кунта-Хадзы æрбалæууыд цæмæндæр йæ зæрдыл.

«Уыцы зæронд бирæгъ йе ссыртæ афтæ æргом не ’вдисы... Уый сæ хъуыраны æмдзæвгæты тыхтæй дары!»

Ау, æмæ Хадзы Абди къаддæр у?

«Уадз! Уымæн кæд Байрамы стырбоны йæ къах æгъдæнцойæ фæиртæсид Раздзог æмæ Алхасты фæрцы!»

Къулыл ауыгъд паддзахы нывмæ фæкомкоммæ ис, цавдау йæ бынаты асалд.

«Гъомæ куырм баисты зæронд бирæгътæ? Æви барæй бацъынд кодтой æмæ сæ Абдийы цæсгом фенын нæ фæнды? — Ныхъхъуыды кодта, стæй æхцонæй сулæфыд: — Ме ’ууæнк сæ бакуырм кодта?.. Уадз. Уый та — хуыздæр!»

Ноджы та паддзахы нывмæ фæкомкоммæ ис.

«...По его высочайшему повелению, отныне и навеки веков!..» — йæ хъусты фыдуацы мыртау зæлланг кæнынц «иууыл бæрзонддæр манифесты» ныхæстæ.

О, абонæй фæстæмæ тъымы-тъымамæ хъазарад, згæ рæхысау, æппæрст цæуы æмæ уæ кадыл, уæ исбоныл уæ къух сисут, Тæгиатæ!

Къулæй сыгъзæринæй æмæхгæд æхсаргард райста, уæлæ йын уыцы «хæрзиуæгджын паддзах» кæй балæвар кодта, уый. Фæцъортт æй ласта, ныв ачъепп кæныны сæраппонд цыргъагыл уæлиау схæцыд, фæлæ цæстæнгас карды комыл хъæрнывтæй фыст «ЗА ХРАБРОСТЬ»-ыл аныдзæвд æмæ йæ къух асалд.

Гъæй, Тæгиан, нывимæ тохы нæй зонд æмæ хъæбатырдзинад!

Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта. Хорз уыд æмæ йæ ничи фæфиппайдта.

Æхсаргард кæрддзæмы ныссыдта æмæ йæ йæ бынаты бацауыгъта.

«Хъази та кæм фесæфт нырмæ?..»

Йæ дзыхы дзаг фæхъæр кодта:

— Гамзат!

Дуарæй йæ сæр æрбадардта хъахъхъæнæг.

— Молло никуыма зыны, Гамзат?

— Аллах — де ’ххуысгæнæг, мæ кадджын хицау! Ныртæккæ ламазы афон у æмæ молло, æвæццæгæн, искуы йæ хуыцауы хæс фиды. Кæд зына, уæддæр фæсламаз.

Йæ къух ыл ауыгъта, æмæ фæтары ис.

«Хъуыддаг афтæ куы цæуа, уæд Темырболаты хуызæн дзидзидайтæ йæ разæй фæуыдзысты!

Гамзаты хъуынджын худ та æрбазынд.

— Æртæйæ лæууынц æрбацæуæны. Сæ иу Уосмæн хъуамæ уа, — дзуры уый.

Ноджы та минæвæрттæ, фестад, фæрссагæй акаст.

«Хорз рæстæг ссардта ме сиахс балцы цæуынæн!»

Гамзатмæ фæзылд:

— Марадз, лæппутæм фæсид, æмæ сын сæ бæхтæ райсой!

Йæхæдæг сæ фæрссагæй хъахъæны.

«Уосмæн! Æлдадты Бæтæхъо!.. Иннæ та чи у? Æллæх, цымæ Темырболатыл кæм фембæлдысты?»

Æртыккаджы дæр базыдта æмæ æрбамæсты ис.

«Ай та иудадзыг ацы сыстбæрзæйтимæ уилы йæ хъул!» — уый Уосмæнæй дзырдта.

Рæдаугъуызæй сæ размæ рауад. Кæм ма уыд инæлар!

— Уазджытæ — мидæмæ, сиахс — фæсдуармæ! — хынджылæг кæны уый.

Йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фыййæгтау айтыгъта, уазджыты йæ разæй, хафæгау, акодта.

— Мидæмæ рацæут, Уосмæн, стæй та ног чындзы лæуд скæн!

Раздзоджы боцъотæм фæкомкоммæ ис, цыма Хæйрæджыты комы куы фембæлдысты, уæдæй нырмæ йын фæурсдæр сты, афтæ йæм фæкаст.

— Халас дыл æрæвæрдта, Бæтæхъо!

— Райсомы халас хорзмæ цæуы, их ма æруарæд, уыййеддæмæ, — дзуры уый.

— Хуыцау бахизæд уымæй, — йе ’взаджы бын ма цыдæр аззад.

Уазæгдоны дуæрттæ байтыгъта уæрæх. «Ам аныхас кæндзыстæм, иу бинонтау, хъæрмудæй!»

Афæхъо Кæсæджы уыд, йæхи бахъуыд уазджытимæ архайын.

Фынгыл фæзынд цæхджын хойраг, арахъхъы дурынтæ, сæрсæргæнаг бæгæныйæ йедзаг хъуырау.

— Хъиамæт кæнут, Муссæ, — аивæй дзуры Бæтæхъо.

— Хуыцау цы радта, уымæй, Бæтæхъо...

— Хуыцау уын уæ фынг ноджы йедзагдæр фæкæнæд, фæлæ ахæм дуг скодта, æмæ лæджы хæрд æмæ нозт дæр нал æндавынц, — сагъæсгъуызæй дзуры Бæтæхъо.

— Сегасы фыддæр не стæм. Чи — нæ уæлейæ, чи та — нæ дæлейæ, — афтид сыкъайы хуылфмæ кæсгæйæ, дзуры фысым.

— Кæм ма дзы ис уæлейæ æмæ дæлейæ... Негас дæр иу аджы мидæг фыцæм.

Йæ иу каст сыкъамæ уыд, иннæ та — Раздзоджы тар цæсгоммæ:

— Ир никуы фыхтысты уыцы аджы... Мах фысымиуæг зонæм æрбацæуæгæн, — хъавгæ дзуры Муссæ.

Мæстæлгъæд худт бакодта Раздзог.

— Куырисыл, дам, арт сирвæзт æмæ, зæгъ, бæттæн та худæгæй бакъæцæл... Сауададжы иу арты мидæг сыгъдыстæм ирæй-цæцæнæй-мæхъхъæлæй. Æнæуый дæр паддзах йæ кард цæцæйнагыл куы æруадзы, уæд йæ туджы пырхæнтæ ироныл æрбакæлынц.

Дурын æркъул кодта сыкъайы дзыхмæ «уырдыгыстæг», цадæггай лæмары арахъхъ.

— Уым дæр дын загътон, Бæтæхъо, — æнæхъуаджы бауæларт кодтай Сауададжы уыцы иумæйаг цæджджинаг!

Минæвар фæпæртт кодта:

— Иу стæм зынгæй-артæй. Иу дон нуазæм рагæй-æрæгмæ.

Темырыхъо нал фæлæууыд:

— Уæртæ ма Сунжæйы хъæумæ бакæс, Муссæ. Джауыр топп куы фехса, уæд кæуыл сæмбæлдзæн нæмыг, уый бæрæг нæй. Ироны риуыл сæмбæлы æмæ мæхъхъæлоны чъылдымæй алиуыры.

Сыкъа байдзаг ис, дурын уæддæр къулæй дары. Аивæй кæсы Бæтæхъомæ, дзургæ ницы кæны.

«Ницы рауад „артдзæст“ æмæ „суадон“ фæхицæн кæнынæй!» Темырыхъомæ дары, йедзаг сыкъа:

— Сауадаг банымæг ис Хуыцауы фæрцы. Схъауын æй нал хъæуы.

Хъамайы фистоныл узæлы Раздзог, афтæмæй дзуры:

— Куы дын радтон дзырд, Муссæ... Æз æй нал схъауин, куы мæ уадзиккой, уæд... Æниу æй æндæр схъауæг фæзынд.

Уосмæн йæ сæр сагъæсгæнгæ тилы:

— Иуырдыгæй — сæрсæфæн, иннæрдыгæй — доны мал, аннæрдыгæй та — зынг... Чердæм ма скæнæм нæ фæндаг?..

Муссæйæн дурын æмæ сыкъа йæ къухы, афтæмæй бады æдзынæг.

«Дзæрæхохты Алхастыл цы „къæлæт“ сæвæрдтон, уый сбæздзæн?»

— Нæ артдзæстыл ахæбæцц кодтой хæлуарæгау сæхи. Ныр та нын нæ дин хъавынц байсынмæ... Æз мæ дзырд нæ сæттын, Муссæ. Мæ кард нал æлвасын, фæлæ нын нæ къубал æгæр балхъывтой æмæ кæдмæйы фаг суыдзыстæм?

Дард кæцæйдæр æм хъуысти Бæтæхъойы ныхас.

— Хуыцау кæй радта, уый байсын æрмæст Хуыцауы бон у, — гуым-гуым кæны инæлар.

— Афтæ куы уаид, уæд паддзах дæр хъæцид, йæ Хуыцау ын кæй схай кодта, ууыл æмæ нæ æнцад нæхицæн цæрын ныууадзиккой. Уæд ма цы руаджы сахуырстаиккам Сауададжы фæрстæ тугæй?! — цæхæр калы Раздзог.

Бадынц æмырæй уазæгæй-фысымæй. Иу хъуыды йæ нæ уагъта уæгъд:

«Кæм фембæлдысты Темырболатыл, кæнæ Алхаститыл?»

— Кæд, молло кæй зæгъы, уыййеддæмæ нын фæндаг нал ис, уæд ма цæуыл цæгъдæм нæ тыбыртæ?! — æрæджиау загъта Уосмæн.

Муссæйы цæстытæ ссыгъдысты, йæхиуыл цадæггай рахæцыд.

«Гъе, гъе! Дзæрæхохты Алхасты онг нæма бахæццæ ис ацы дыдын!»

— Моллойæн Хуыцауимæ у йæ уынаффæ, мах та хуымæтæджы ныхасы лæгтæ стæм, — ницызонæгау дзуры Муссæ.

— Нæ зæхх, дам, нын байстой, нæ къонатыл нын дон ауагътой, — цадæггай нымайы Темырыхъо. — Баззад ма нын сыгъдæг дин æмæ дзы цалынмæ джауыртæ хынджылæг не скодтой, уалынмæ, зæгъ, не ’мдин Туркмæ фæлидзæм.

Муссæ фæгæпп ласта.

— Чи дзырдта уый?

Раздзог дæр фестад йæ бадæнæй.

— Молло сидтис адæммæ. Брутмæ нæма æрбахæццæ ис, мах ын уæддæр фехъуыстам йæ сидт, — хæрзныллæг хъæлæсæй ма бафтыдта йæ ныхасмæ: — Дзырд дын радтон, Муссæ, мæ кард кæрддзæмы дардзынæн, зæгъын... Мæ ныхас басæтдзынæн, иу æлвæст ма йæ скæндзынæн, цалынмæ моллойы фæндагыл ныллæууон, уалынмæ.

Цæстæнгасæй бары зæронд лæджы:

— Хæйрæджыты комы дын загътон, Бæтæхъо: дæ кард æппаргæ ма акæн, фæлæ уал æй бафснай. Чи зоны, цалынмæ моллойы фæндагыл ныллæууæм, уалынмæ уал... — йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ ис.

Æрмæст сæ дыууæ лæууыдысты, иннæтæ бадгæ кодтой. Раздзог йе ’рфгуыты бынты кæсы Тæгиан-æлдары цæсгоммæ. Уый дæр æй бары цæстæнгасæй.

Зын у кардæй хæцын, цæстæнгасæй та — ноджы зындæр.

Хæрз чысыл ма, хæрз чысыл! Абди къæрных ын йæ къухæй атондзæн Бæтæхъойы, Малсæгты Тепсайы, Дзæрæхохты Алхасты... ацы зæххон пехуымпарты. Йе ’ккой абаддзæн, йæ хъуыр ын æрбалхъивдзæн бæндæнæй æмæ йæ зилынæй банцайдзæн Тæгиаты куырой...

Хорз, афтæ фæуæд, фæлæ Байрамы стырбонмæ æрæмбырд кæнынæн дæр хъæуы сæргълæууæг пысылмон адæмæн.

Цыма уæрмæй дзырдта, афтæ йæм хъуыстис Раздзоджы ныхас:

— Муссæ!.. Фæсномыгæй дзурынмæ нæ арæхстæн раджы дæр æмæ гъеныр дæр... Ныр дæр дæ комкоммæ фæрсын: цы бачындæуа, Байрамы стырбонмæ нæм цы фидиуджытæ сиды, уыдонæн?

— Лæг сæумæрайсом ламаздыхъхъыл нæма æруадзы йæхи, афтæмæй та æрбайхъуысы сæ хъæрахст, — уый та Уосмæн загъта.

— Уыцы сидт хъæуы æви нæ, уый дæу йеддæмæ ничи зондзæн, Муссæ. Не ’рбацыды сæр дæр уый у, — хъуысы йæм Темырыхъойы дзурын.

Дыууæ раздзог пехуымпарæн дзы сæ бæрзæйтыл «къæлæттæ» сæвæрдта, афтæмæй сæ арвыста. Æртыккаг, сегасы стырдæр пехуымпар æм æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ, æмæ йын цы бачындæуа.

Йедзаг сыкъа уыцы иу хуыпп акодта æмæ йæ былтæ цыллæ къухмæрзæнæй асæрфта. Уазджытыл йæ цæст ауагъта æмæ цæцæн-мæхъхъæлы минæвæрттæм кæсгæйæ цы хъуыды февзæрд йæ сæры, ныр дæр та уый:

«Дзæуджыхъæумæ сæ дзырд чи ныххæса, ахæм сæ ничи ис».

— Сауададжы дæуæн цы кард ныттасыд, уый сраст кæнынмæ æндæр исчи куы бахъавид, Бæтæхъо, уæд куыд кæнис? — хъавгæ загъта Муссæ.

Нæ йын бамбæрста уазæг йæ хъуыды æмæ йæм фæрсæджы каст скодта.

— Зæгъын, цалынымæ молло йæ фæндтæ Хуыцауимæ нывæнда, уалынмæ нæхæдæг нæртон арт куы скæниккам, уæд цы ми кæнис?

Алхаст ын афтæ кæй дзырдта, сау фæдисонты ратæхæн Скъуыдкъохы ис, зæгъгæ, уый æрбалæууыд Раздзогæн йæ зæрдыл.

— Молло кæдæм амоны, уымæй Хуыцау бахизæд, фæлæ, нæртон арт скæнгæйæ, нæ фехъуыстон нæ зæгъин, — дзуры Раздзог.

Æргомæй-æргомдæр кодта Муссæ йæ хъуыды, арфæй-арфдæр лæгæрста æууæнчы малы. Уазджытæ слæууыдысты, афтæмæй хъуыстой Муссæмæ:

— Фæдисы хохыл арт мауал ссудзæд Раздзог, — джауыртæ йæ куыннæуал фæфиппайой, фæдисонтæ æхсæвыгон ратæх-батæх кæнæд, куыд ничи сæ фена. Йæ бон кард сисын кæмæндæриддæр у, уыдон иууылдæр æрцæуæд стырбонмæ. Цæцæн æмæ мæхъхъæлмæ дæр фæбæрæг кæнæд Бæтæхъо, уадз æмæ уыдон дæр зоной: уый сæм зæххон лæг нæ, фæлæ пехуымпар Мæхæмæт йæхæдæг кæй сиды.

«Хуыцауæй фæдисы сидт расхъиудта æмæ комкоммæ Скъуыдкъохмæ æрхаудта. Муссæ йæ æмбæхстæй дары джауыртæй, Байрамы стырбон æй равдисдзæн йе ’мдин адæмæн, — йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Раздзогæн, Муссæйы æлхынцъ æрфгуытæм кæсгæйæ.

— Зонын æй, Бæтæхъо, Хæйрæджыты комау та мæ раст ныхасы аргъ домдзынæ. Хорз, дæттын дын æй: Тепса æмæ Алхаст дæр уыдысты ам, уыдонæн дæр загътон. Мæн дæр стырбонмæ хъæуы, æмæ де ’рбацыд фæуæд тох райдайыны нысан. Кæд не ’рбацæуон, уæд та Скъуыдкъох æмæ мæ бинонтæ уæ амæттаг фæуæд...

— Фæлæуу, Муссæ, — фæурæдта йæ Раздзог. — Иу гаджидау ма мæм ис... Стырбонмæ сылгоймæгтæ æмæ сабитæ дæр фæцæуынц... Цы бачындæуа уыдонæн та?..

— Хуыцау цы сныв кодта, уымæй фæиртæсæн нæй. Уадз æмæ уыдон дæр скувой сæ Хуыцауæн, — уазджытыл йæ цæст ахаста æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Дзырдтон дын, Бæтæхъо, дæ кард уал нывæр. Ныр та дын дзурын: афон æрцыд æмæ йæ слас.

«Кæм ис уыцы лæппу? Кæм фæтары ис Темырболат?» — хъуыды кодта Уосмæн Муссæмæ кæсгæйæ.

— Нæ артдзæст цы нæ банымæг уа! Нæртон куыройы фæлгæт æдзух йедзаг цы уа! — Йæ сыкъа та анызта фысым.

— Дæ фарн æй куы зæгъид, Муссæ.

Дуарæй Гамзаты сæр æрбазынд.

— Фидиуæг Дзæуджыхъæуæй, — дзуры уый.

Кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой уазджытæ.

— Æрбакæн æй мидæмæ! — тызмæгæй дзуры хъахъхъæнæгæн æмæ ма иу змæлд фæкодта йæ сæры: «Цымæ кæм фембæлдысты Темырболатимæ кæрæдзийыл?»

XXI. НÆ, РУБИКОНÆЙ ÆНÆАХИЗГÆ НÆЙ!

Ахæм рæстæджы хицаумæ тæфтыл ничи фæуæнды. Алчи йæ фæзоны, Михаил Тариелович та цæуылдæр уæззау сагъæс кæны.

Йæ дуар æхгæд, хъахъхъæнæг цыртау схъил фæсдуар æмæ мидæмæ никæй уадзы. Лорис-Меликов хатæны бæстастæу лæууы æмæ къулыл ауыгъд паддзах Алыксандры нывмæ æдзæмæй кæсы, цыма йæм уæззау уавæры уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау.

Фæдисы цыд æм æркодтой инæлар Туманов, булкъон Нурид, майор Ипполитов. Уыййеддæмæ ма бон цалдæр фæдисоны конфиденциалон фыстæджытимæ. Сегасæн дæр сæ мидис иу: Куындыхаты Муссæ æмæ Чысыл Цæцæны наиб Османаты Садуллæ сусæгæй бадзырдтой, сих Хадзы Абди Эффендиимæ иумæйаг æвзаг ссардтой, хъуынджынхуд раздзогтæ дæр се ’вварс фесты. Байрамы стырбон дард нал у, растад та спæртт кæнынмæ хъавы.

Скъуыдкъохмæ æрмæст Хадзы Абди нæ дардта æцæгдæр йæ цæст. Лорис-Меликов дæр баурæдта сусæг хъахъхъæнджытæ «цытджын Муссæ Алхазовичы» ахстоны алфамбылæйтты. Цæмæй улæфыд Скъуыдкъох, чердæм дардта Тæгиан-æлдар йæ арм, уый базонын æй фæндыд. Æцæг ын йæ цæстмæ аивтæй бахаста уыцы козбау ирон, нæ къамтæ кæрæдзийы раз æргом дарæм, зæгъгæ, фæлæ айæппæт сусæг бæрæггæнæнтæн цы сарæзтаид облæсты хицау.

Знон æм сусæгæй фæбæрæг кодтой: Сауададжы цы æвзонг корнет фесгуыхт, стæй та Бруты экспедицийы раз чи ’рлæууыд, уый Хъуымыхъхъы ’рдæм фæцæйцыд дымгæбæхыл. Дыккаг хъахъхъæнæг фæбæлвырддæр кодта хабар: Хъуымыхъхъы æлдар, инæлар Уцмиев Муссæ æмæ хъарабулахъты хицау Цугты Аксомæ фервыста Скъуыдкъохы æлдар фæдисон. Уыййеддæмæ ма йе ’фсымæр Афæхъо ныр цалдæр боны Кæсæджы бады æмæ кадджын æлдар Атажукинимæ бацыд ныхасы, зæгъгæ.

Инæлар Туманов дæр ын уый дзырдта. «Фæдисы хохыл фæдисы арт нæ судзы, дæ бæрзонддзинад, фæлæ йæ зон: ныр къаддæр туг нæ ныккæлдзæн. Исты мадзал куы нæ скæнæм, уæд Гуниб æмæ Веденойы фæстейæ фæуадздзæн ацы козбау ирон!»

Рацу-бацу кæны хатæны, лæмбынæг бары Астæуккаг æфсæддон зылды хицау Туманов Алыксандры алы ныхас. Дзырдхæсджыты æрхæсгæ хабæрттимæ сæ бары кæрæдзийыл æмæ сæ, æцæгдæр, фаззæттау хъауджыдæр нæй.

Сæрæй кæронмæ æрнымайы фæрдгуыты халау цауты, йæ хъуын арц абады иу бакастæй, фæлæ йæхи ныффидар кæны.

Скъуыдкъохмæ сусæг минæвæрттæ цæуынц алырдыгæй, наиб фæндаг снадта Урус-Мартанæй уырдæм, сих Хадзы Абди Эффенди цыты къæлæтджыны бадын байдайы Тæгиан-æлдары артдзæсты цур, Уциев Муссæ, Цугты Аксо æмæ Кæсæджы хицау Атажукины хъуыранæй ард бахæрыны сæраппонд хоны йæхимæ.

Фаззæттау, æмхуызон сты инæлар Тумановы уынаффæ æмæ дзырдхæсджыты æрхæсгæ хабар. Уый бæлвырдгæнæг сты сæ иутæ дæр æмæ се ’ннæтæ дæр.

Чысыл фæстæдæр алæууы Михаил Тариелович, Сауададжы хабæрттыл афæлгæсы фæлварæджы цæстæнгасæй.

О, уым дæр афтæ! Муссæйы фæрцы йæ ныхтæй абырыдысты раздзогтæ, уыцы зæххон пехуымпартæ. Цы давы иу взводæй чысыл фылдæр æфсæддон æмæ цалдæр афицеры цæрæнбон. Уадз æмæ фесæфтаиккой! Уый хыгъд ацы хъуынджынхуд пехуымпарты удтæ дæр æрбалвæстаид æмæ нал зæлланг кодтаид ацы æнæхсæст туземæгты къухты æндон.

Ау, уыдон сеппæт иумæ сисгæйæ, иу инæлары цæстмæ бадарыны аккаг не сты? Цæмæ ма æнхъæлмæ кæсы? Цæмæннæ йын стоны йе уæхсчытæй йæ пъагæттæ?

Нæ, афтæ æдылы нæу Куындыхаты Муссæ æмæ, цæрæццаг чи нæу, ахæм растады сæргъ ныллæууа! Уый фаг зонд нæ, фæлæ ма æгæр зондджын дæр у æмæ йæ сбардзæн: имам Шамилы фæстæ цыфæнды растад дæр цæрæццаг нæу. Уый Раздзоджы хуызæн хуымæтæг удтæ хæссынц райгуырæн къонайы сæрвæлтау сæ сæртæ, уыййеддæмæ сын Муссæйы хуызæн зондджынтæ чысыл фылдæр аргъ кæнынц æмæ Шамилы фæстæ æфтыддаджы хуызæн цы растад ссис, уый сæраппонд сæхи нæ рауæлдай кæндзысты.

Дуар æрбайгом ис æваст, æмæ Муссæ æрбалæууыд йæ разы.

— О, кæй кой кæнай — къæсæрмæ! Æгас цу, Муссæ Алхазович!

Æфсæддон салам нæ радтой кæрæдзийæн, иууыл æввахсдæр хæларау нылхъывта сæ иу се ’ннæйы къух.

— Хуыцау дын уæлахизæй уадзæд дæ кой дæр æмæ дæ фæндтæ дæр, Михаил Тариелович!

Дзуринаг сæм бирæ уыд, фæлæ кæрæдзимæ æмырæй кастысты.

— Мæхæдæг хъавыдтæн Дзæуджыхъæумæ цæуынмæ, фæлæ уалынмæ фидиуæг æрбахæццæ ис, — дзуры уазæг.

Фысым ын дзуапп нæ радта. Йæхимидæг та нымадта фæрдгуыты хал.

— Цæмæй ма дæ цух, господин инæлар? — æвиппайды йæ афарста Лорис-Меликов. Муссæ федзæмгонд ис.

— Иуæй-иу æфсæддон архайджыты æууæнкæй, — дзуапп радта уый.

Лорис-Меликовы цæстытæ æрбауынгæг сты. Муссæ фæхатыд, ныртæккæ йæ хицау цæуыл хъуыды кодта, уый.

— Æууæнкæй цух куы уаис, уæд гъеныр...

— Уæд гъеныр дæ кабинеты нæ бадин... Дæу уый зæгъын фæнды, господин инæлар-лейтенант?

— Нæ! Мæн æрмæст, ды арæх кæй фæдзурыс, уыцы ныхæстæ сфæлхат кæнын фæнды, господин инæлар.

— Бар мын радт æмæ дæ бафæрсон: кæцы ныхæстæ?

— «Æргом ныхасы къæм нæй!»

— Мæн дæр уый агайы, господин инæлар-лейтенант æмæ иуæй-иу æфсæддон архайджыты хъуыдымæ гæсгæмæ диссаг у: Æз æмæ ма наиб Османаты Садуллæ гъенырмæ паддзахы мундиртæ куыд дарæм...



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: