II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 19 глава




Хадзыйы ныхæстæн ма се скъуыддзæгтæ хъуыста:

— Кæннод Дзæрæхохты Алхаст æмæ Æлдадты Бæтæхъо нырма удæгас сты!.. Стæй хъама дæр йæ куыст бакæндзæн!.. Ля илляге иль алла!

Йæ уæнгтæ бадон сты Османы-фыртæн, цыма йæм опиум нырма гъеныр бахъардта.

— Цы зæгъдзæн нæ зылды хицау Муссæ-Алхас? — афарста ма уый.

— Хуыцау загъта: дæ зæрдæйæн æхцон чи нæу, уымæн дæ ахсджиаг фæндон ма раргом кæн!

Зыдта йæ: уый уыдис бардзырд æмæ йæ куы нæ сæххæст кодтаид, уæд цы нæ бантыстаид ацы къæрныхæн!

...Уыцы тас нырма йе уæнгты нæ банымæг ис æмæ хъалианыл бафтыд, фæлæ йыл уый дæр нал ахадыдта æндæр хæттытау.

Цымæ фæсдзæуинтæй исчи исты базыдта? Уæд ма йæхи кæм равдиса.

Йæ хъуыдытæ фескъуыдысты.

— Минæвæрттæ Муссæ-Алхасæй! — дзуры йæм чъызгæ йæ фæсдзæуин.

Фестъæлфыд Муссæйы коймæ, фæсдзæуинæн цæстæй ацамыдта, дæ хъуыддаг кæн, зæгъгæ.

«Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та — рæхуыст! О Аллах, ды фæу ме ’вварс!»

Фæдисау ис, минæвæртты йæм ахстæй куы æрбакодтой, уæд. Бæрзондгомау, фæтæнуæхск корнет лæууыд йæ разы, йæ мидбылты худтис.

«Муссæ-Алхасы хуызæн! Цымæ йын цы баввæййы?.. Йæ фырттæй исчи уа, æмæ йын нырма уыйæстæ куы нæ сты?»

Салам радта уазджытæн:

— Уазæг — Хуыцауы уазæг!

— Хуыцау — де ’ххуысгæнæг æмæ фарн дæ хæдзары, кадджын наиб! — сыгъдæг цæцæйнаг æвзагыл æм дзуры корнет.

«Уый нæхионтæй куы у! Йæ сæр ма йе уæхсчытыл уый фæрцы баззад, æвæццæгæн!»

Чи сæ æрбакодта, уыдон нырма дæр сæ уæлхъус лæууыдысты.

— Æз нæ зыдтон, господин майор, уазæгуарз цæцæнмæ ног фæтк кæй фæзынд, уый! — худгæйæ дзуры минæвар.

— Адæм куыд ивынц, афтæ — æгъдæуттæ дæр, господин корнет.

— Уазæджы йæ фысыммæ ахстæй æрбалас, уымæй стырдæр цыт ма уыдзæн?

«Æмзоры бæсты дыл Алханы-фырт куы фембæлдаид, уæд дæ хъазыны бон бæргæ нал фæуыдаид!»

— Æппæт дæр Хуыцауы фæндон у, корнет, — загъта уый æмæ уазджытæн уазæгдоны ’рдæм ацамыдта.

Темырболат йæ бынатæй нæ фезмæлыд, уымæн æмæ Æмзор нырма сæ уæлхъус лæууыд, хъарагъулау.

— Уазджыты фысымы бар ныууадз, Æмзор! — тызмæгæй дзуры наиб.

Темырболат цæцæйнагау дзуры йæ фысыммæ:

— Фæстиат кæныны бар мын нæ радта мæ мадыфсымæр.

— Дæ мадыфсымæр, зæгъыс? — фæурæдта йæ Садуллæ.

«Мæнгæн мæм нæ фæкаст Муссæйы хуызæн!»

— О, Муссæйы хæрæфырт дæн æз.

— Æгайтма... Инæлар Муссæ-Алхасы хæрæфырты раз мæ дуар алыхатт дæр гом у!

— Рæдау фысымы фынджы уæлхъус æрбадын алы уазæгæн дæр æхцон у.

Лæгæй-лæгмæ йæм радт, зæгъгæ, фыстæг, фæдзæхста йæ Муссæ. Цы бачындæуа салдæттæн.

Гъе, гъе, цы уа, уый уæд! Æфсæддон æгъдау ын уый бар дæтты. Наибимæ сæ дыууæ афицертæ сты, уыдон та рæнхъон салдæттæ.

— Инæлар мын кæй бафæдзæхста, уымæ хъуамæ байхъусой цыппар хъусы æмæ йæ феной цыппар цæсты.

Салдæттыл ахаста фысым йæ цæст:

— Табуафси! Цыппар цæст æмæ цыппар хъусы бынат дæр мæм ис.

Персаг гауызтæй фæлыст уатмæ бацыдысты, фысым бадæны ’рдæм ацамыдта уазæгæн.

Минæвар йæ бæрцуатæй тымбылтыхт гæххæтт систа æмæ йæ наибмæ радта.

Садуллæ йæ скъæфæгау ракодта æмæ йæ цалынмæ райхæлдтаид, уалынмæ Темырболатмæ фæкомкоммæ ис.

«Дæхæдæг æй кастæ?» — дзырдтой йæ цæстытæ.

«Дæ хуыз куы аныхъуырдтай, наиб!» — дзуапп ын лæвæрдтой минæвары цæстытæ.

Гæххæтт райхæлдта æмæ дзы йæ цæстытæ фæсагъта:

«Цытджын наиб!

Ды йæ императорон бæрзонддзинады æфсæддон майор кæй дæ, кæнæ мæхæдæг инæлар-майоры цин кæй хæссын ме уæхсчытыл, уый ацы хъуыддагмæ, чи зоны, æппындæр нæ хауы!..»

Наиб фыстæгыл рахизæй галиуырдæм уагъта йæ цæст æмæ йæ Темырболат базыдта, араббаг дамгъæтæй фыст кæй уыд.

«...Æз дæм æрвитын куыд Чысыл Цæцæны наиб æмæ пысылмон, — кастис дарддæр Садуллæ. — Стæй афтæ куы нæ уа, уæддæр æгас Цæцæн-Мæхъхъæлы, дæуæй дзырддзæугæдæр мæ къух кæуыл æрæвæрдтаин, ахæм не ссардтон æмæ Хуыцау загъта: симды де ’мсæримæ сим!..»

Йæ цæсгомыл мидбылтыхудт атылд.

«Ех, мæ лымæн лæг, дæ цæсгом мартъийы арвау куы ивы», — цæстæнгасæй йæ бары Темырболат.

«...Цы дын зæгъон, митæй мæсгуытæ аразынмæ хъавынц, фæлæ ацы хылы-мылыйы нæхионтæ дæр нæ сæрыл куы ныккæлой, уымæй тас у!..»

Йæ къухтæ срызтысты, йæ цæстытæ фырдисæй ауæрæх сты. «Фæлваргæ мæ кæны, æвæццæгæн», — ферттывта йæ сæры. «...Стæй Пехуымпар Мæхæмæт загъта: райсомы каркæй абоны айк хуыздæр у. Нæ кадджын император нын райсом цы æрхæсдзæн, уымæн уал йе ’вдисæнтæй иу, айразмæ дын цы «иууыл бæрзонддæр манифесты» кой кодтон, уый, æмæ махæн абон нæ къухы цы æйчытæ ис, уыдоныл фидар куы нæ хæцæм, хуыздæр æнхъæл искæй къухмæ куы кæсæм, уæд, чи зоны, фынгыл сыстбæрзæй Дзæрæхохты Алхаст æмæ Æлдадты Бæтæхъойы дæлфæдтæм февзæрæм. Уæд нал уыдзæн дæуæй Чысыл Цæцæны наиб, мæнæй та Тæгиан»...

Йæ ных асæрфта, Темырболатмæ скаст.

«...Цалдæр хатты дзырдтон, гъеныр дæр фæлхат кæнын: Кавказы хæст фæудыл чи нымайы, уымæн йе ’мбудæнтæ не ’мбудынц, — гæххæтт йæ къухы рызтис наибæн. — Тых æмæ фыдæй ныццауæзтон туграмизæнтæ иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр. Ацы хатт уал нæ сæрты атахт Стыр Хуыцау æмæ императоры азар, фæлæ та ноджы æнхъæлмæ кæс „Сауадагмæ!“ Гъе уæд дæр ма аззайдзыстæм иуварс?.. Чи йæ зоны... Чи йæ зоны...»

«Чи йæ зоны... Чи йæ зоны...» — сыбар-сыбур кæны йæхимидæг.

«...Æгас Цæгат Кавказы та сих Хадзы Абдийы фæдисонтæ тымыгъау ратæх-батæх кæнынц! — йæ цæстытæ схъулæттæ сты, тыхæй ма æвзæрста араббаг къæбæлдзыг дамгъæтæ. — Пысылмон адæммæ та газаватмæ сидынц. Байрамы стырбонæй хъаймæт саразынмæ хъавынц... Кæмæн хъаймæт уыдзæн, кæмæн та, чи зоны, цы... Стæй сих афтæ æнæрхъуыды нæу æмæ цæцæны зынгæ лæгты иуварс фæуадза, сæ уæхсчытыл урс паддзахы пъагæттæ куы дарой, уæддæр... Ды дæр рæстуырнæг æмæ диныл хæцæг дæ, дæумæ дæр æрбарвыстаид хонæг уыцы къæрных. Æнæмæнг! Æнæмæнг! Æнæмæнг!..

«О Аллах, куы йæ зонид, хонæг мæм йæхæдæг уыд, уый!» — цыма йыл тæфсæг бахæцыд, уыйау ныззæмбыдта.

«...Мæ хъустыл æруад, цæцæны фæсивæд та сæ кæрдтæ ссынц сихы сидтмæ. Уадз! Цыргъ кард алы хатт дæр пайда у. Бирæгъыл арс фæтых ис æмæ йæ баба схуыдта. Мах урс паддзахы нæ фыд хонæм, фæлæ сих Хадзы Абди Эффенди йæ разæй куы фæуид æмæ йын адæмы сызмæнтын куы бантысид, уæд уымæ та цы номæй бадзуриккам?.. Науæд ма нæ дзурыны бон дæр фæуаид?.. Чи йæ зоны! Сих нæдæр Раздзог у æмæ нæдæр Дзæрæхохты сахъ Алхаст»...

Минæвар æвæлмæсæй бадтис æмæ æнхъæлмæ кастис.

«...Урс арсы „баба“ кæй хонæм, уый дæр, фæхуыдуггæнæн кæм ис, ахæм дон у, фæлæ дзы Хуыцауы фæрцы ленк кæнын фæразæм. Сихæн адæмы сызмæнтын куы бантыса, уæд уый та уыдзæн, æз æмæ дæуæн æнæбасудзгæ кæм нæй, ахæм зынгсирвæзт. Куы фæуæлахиз уа (Хуыцау ма зæгъæд), уæд къæрныхæн йæхирдыгæй, æмæ куы фæсаст уа (уый дæр Хуыцау ма зæгъæд), уæд та Лорисы-фырты ’рдыгæй. Бафæрсдзынæ — цæмæн? Цæцæны хицæуттæ мах стæм æмæ дзуапп дæр мах хъуамæ радтæм Аллах æмæ адæмы раз!..»

Йæ уæхсчытæ банкъуыста, цыма йыл æцæгдæр арт сирвæзт.

«...Чи зоны ма æртыккаг фæндаг дæр разына. Æрцу Скъуыдкъохмæ, бацагурæм æй иумæ! Чи дæ кæдæм хоны, кæнæ кæй хуындыл сразы дæ, уый дæхи бар у, фæлæ абон æртыццæг у æмæ хуыцауæхсæвмæ Скъуыдкъохмæ куы нæ æрбафысым кæнай, уæд, чи зоны, байрæджы уа...»

Бандзыг ис, йæхимидæг дзырдта: «Чи зоны, нæ байрæджы уа... Цæмæй базыдта, исчи мæм хонæг æрбацыд, уый?.. Аллах, дæ бон бирæ у!»

«...Уæд тъымы-тъымамæ æлгъыстаг фæуыдзыстæм æз дæр, ды дæр æмæ ма нæ байзæддаг дæр. Æрцу, фысым дын уыдзыстæм æз æмæ Стыр Аллах, уæдмæ та уал дæ хъус фæдар сих Хадзы Абди Эффендийы хъæргæнджытæм... Фыстæг дæм чи æрбахаста (æниу бахæццæ ис дæ уонг?), уый мæ хæрæфырт у, — Чугуевы уланты полчы корнет. Ныртæккæ службæйæ рæстæгмæ сæрибар у. Чи зоны, бынтондæр нал аздæха Чугуевмæ. Афтæ фæнды иунæг Аллахы æмæ уал ныртæккæ Цæцæнмæ «йæ хæстæджытæм уазæгуат фæцыд». Мæхи удау ыл æууæндын, ды дæр ыл баууæнд... Афысс мæм: доны фæхуыдуг дæ фæнды, æви арты басудзын?..»

«Гъы, цæй æнцонæй зæгъы... Доны æви арты?»

Фыстæджы кæрон ма тыхæй бакаст:

«...Хуыцау зæгъæд, æмæ макæмæн бауæд йæ бон дæ куырой ныццауазын. Макуы дæр дын ривадæй фæзилæд. Стыр Аллах æмæ йæ пехуымпар — де ’ххуысгæнæг!

Æдзух дæ хорзмæ бæллæг — инæлар Куындыхаты Муссæ».

«P.S. Дæ зæрдыл лæудзæн, Алханты Алханы туг нырма æнæист у, йæ хъæвдын Махмуд æй агуры. Æрцæуæд стырбонмæ, уым ссардзæн йæ туджджыны. Йæ хæрзиуæджы бацу æмæ йæ ныууром раст фæндагыл!»

Гæххæтт йæ дзыппы ассыдта æмæ фæгæпп ласта:

— Гъе-е-е-й, Муртуз, уазджыты мидæмæ ракæн! Марадз, иу цалдæр фысæн сæ къубæлттæ акъуырут! Æнæхъæн хъæу æрхонут, наиб, зæгъ, Муссæ-Алхасы хæрæфырты цытæн куывд кæны! — цыма йын фыстæджы уый фæдзæхстæуыд, уыйау хъæр кæны Садуллæ.

— Цытджын наиб фæлхасыл ма схæцæд, изæры ламазы агъоммæ Скъуыдкъохмæ хъуамæ бахæццæ уæм, — дзуры Темырболат.

— Хæс сæххæст кæнын хорз у, фæлæ уазæг куы нæ фæтындзы, уæд фысымæн æнцондæр вæййы.

Минæвар уæддæр нæ аивта йæ фæндон.

Садуллæ фынгыл абадт æмæ сыгъдæг сыфыл араббаг дамгъæтæй афыста: «Нæдæр мæ доны фæхуыдуг фæнды, нæдæр арты басудзын! Нæй Хуыцау, Хуыцауы йеддæмæ. Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!»

Йæ къух ыл нæ бафыста. Цæмæн хъуыд? Кæмæ фыста, уый йæ æнæуый дæр базыдтаид!

Темырболат йæ бæхыл куы абадт, уæд федта: наиб цы Муртузмæ сидтис, уый уæлбæхæй сæ фæдыл рацæйцыд.

«Ардыгæй дæр та ахстæй куы фæцæуын», — ахъуыды кодта уый æмæ Æрфæны зæвæтæй бацагайдта.

***

Муссæйы минæвæрттæ хъæуы арæнæй нæма ахызтысты, афтæ наибы хатæны дуар фегом ис æмæ Алханты Махмуд æррайау æрбасхъиудта мидæмæ.

Тыхæй лæбурæгæн йæ фæдыл фæсдзæуинтæ æрбакалдысты, фæлæ сыл хицау йæ къух ауыгъта æмæ феддæдуар сты.

Иунæгæй аззадысты, фысым йæхиуыл рахæцыд, йæ мидбылты бахудтис лæппумæ, фæлæ йæ уый фæфиппайдта: уыцы мидбылхудт уыдис тыхми.

— Æгас цу, Махмуд!

— Бирæ цæрæд кадджын наиб!

Кæрæдзимæ æркæстытæ кодтой.

— О-о-о, Саад! — афтæ йæм дзырдтой сæхирдыгонау. — Æз федтон, ацы джауыртæ Урус-Мартаны уынгты цоппай кæнынц... Цыма цæцæны гуырдтæ быныскъуыд систы!

Йæ тæнæг былтæ фæзылын сты наибæн.

— Уазæджы хъахъхъæнæг стыр Аллах йæхæдæг у. Уымæ ничи ницы бар дары, — йæ къухтæ Хуыцаумæ сдардта уый.

Махмуды хурхы уадындзтæ адымстысты.

— Уыцы уазджыты къухæй рафтыдысты цæцæны хуыздæртæ!.. Æнхъæл дæн, дæ кадджын фыд дæр!

— Аллах загъта: уазæгыл цæсты гагуыйау ауд.

— Уазæджы сæр хъахъхъæнын æз дæр зонын, фæлæ уыдон уазджытæ не сты! — дуармæ фæзылд æмæ ма фæстæмæ дзуры: — Æз сæ ныртæккæ аййафдзынæн æмæ сæ бафæрсдзынæн!

Наиб ыл фæхъæр кодта:

— Муссæ-Алхасы минæвæрттæ сты!

— Чифæнды уæд, æз мæ сомы нæ сæттын!

Фæцæйлыгъд, фæлæ йын Садуллæ йæ цонг ацахста:

— Сæ иу Муссæйы хæрæфырт у!.. Хорз бон ныл гъеуæд æркæндзæн, йæ хæрæфырты йæм сынтыл куы бахæссой!

— Цы уа, уый уæд! Сауадагæй аирвæзт, ардыгæй нал аирвæздзæн! — йæхи атыдта æмæ фæлидзæг ис.

— Мах-му-у-у-д, раздæх фæстæмæ!..

...Алханты Махмудæн йæ фыды куы амардтой, уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ æвзонг лæппуйы цæстæй нæ хицæн кæны ныййарæджы фæлгонц.

Йæ мад Хазу базæронд ис, хæдзары митæ кæнын ма тыхæй фæразы, йæ цоты цот æрæййафын æй фæнды:

«Махмуд, æрххæсс-ма мын мæ мæгуыр артдзæстмæ искæй чызджы, нывонд дын фестон!.. Уæртæ нæ сыхæгты чызг Фæзу йæхæдæг Дайалайы (арв æмæ хуры бардуаг сылгоймаджы) хуызæн куы у!..»

Фæзу æцæгдæр хурдзæсгом чызг уыд, фау æм ницæмæй хаста Махмуд, фæлæ, бинойнаг æрхæссыны койгæнгæйæ, йæ зæрдыл æрбалæууынц Сауадаг, сахъ ирон лæппу Хæмæт, чъылдымырдыгæй сыл чи æрзылд æмæ сæ чи схæццæ-мæццæ кодта, уыцы пъагонджын шайтан... Стæй Даргъвæндаг æмæ йæ бæхыл, дымгæйы бардуаг Фуркийау чи тахт, уыцы сауæрфыг. Зæронд цухъхъа кæуыл уыдис, уый... Нæ, Махмуд кæнæ куырм бацис, кæнæ та йын стыр Аллах сылгоймаджы мыггагæй йæ цæсты размæ сауцухъхъаджын хурдзæсгомы йеддæмæ никæй æвдисы.

Хаты Махмуд: йæ зæрдæ æнахуыр хъæрзт кæны уæдæй нырмæ. Йæ разæй хæссы дыууæ фæлгонцы: йæ фыд Алхан æмæ сауцухъхъаджын Дайалайы. Йæ зæрдæйы сагъæс ын чи бамбардзæн, æгæрыстæмæй йæ мадмæ дæр нæ уæнды.

Хазуйы дæлфæдтæм æрбады, чысылæй-иу куыд æрбадтис, афтæ. Йæ сæр йæ ныййарæджы уæрджытыл æрæвæры, йæ куыствæллад армыл ын баузæлы:

— Э-э-э, нана, цафон ус курын у, мæ фыды туг нæма райстон!.. Науæд, чи цы хъавы, уал азы йæ фыды туг райсынхъом чи нæу, уымæй?

Хазу йæ фырты сау сæрыхъуынты атъыссы йе ’нгуылдзтæ:

— Де ’нæсæрæны аххос нæу, нывонд дын фестон. Дæ фыды зæрдæ дыл тæппудæй нæ бахуддзæн. Хуыцау дын æй дæ къухы не ’фтауы æмæ цы дæ зæрды ис... Уый тыххæй æнæрыскъæфгæ ма фæу иу сылы къах.

— Уал азы дæргъы мæ фыды сыгъдæг уд дзæнæтмæ не ’фты æмæ йын кæмдæр фæсфæдты хиты.

Уæд йæ цæстытæ æхсидæвтау ссудзынц æмæ тымбыл къухтæ кæрæдзийыл ныххойы.

— О Хуыцау, лæгъстæ дын кæнын: бафтау мæ лæгæй-лæгмæ мæ туджджыныл æмæ чи кæй басæтдзæн, уый дæр дæ бар уæд!

— Макæ, дæ фæхъхъау фон, дæ масты фæдыл ма цу. Дæуыл ма мын исты куы æрцæуа, уæд мын а бæстыл бынат нал уыдзæн æмæ мæрдтæм дæр нал фæхæццæ уыдзынæн!

— Йæ туг райсынхъом чи нæу, уый цæрыны аккаг нæу! — карз тæрхон рахæссы йæхицæн Махмуд.

Хазу арф ныуулæфы:

— Гъæй, дæ фæхъхъау мæ фæкæна Хуыцау. Туг райсыны хæс лæг хатт цæрæнбонтæм йæ чъылдымыл уаргъау фæхæссы æмæ йæ йæ цотæн бафæдзæхсы.

Куыннæ йæм хъарынц йæ мады ныхæстæ, фæлæ йæ фыды фæдзæхст йæ хъусты дзæнгæрæгау зæлланг кæны:

«Æрцагур æй, удæгас æй ма ныууадз! Бирæ мæ хуызæттæ рафтыд уый къухæй, сегасæн дæр удыбæстæ скæн. Дыууæ хæсы дыл æвæрын, сæ дыууæ дæр куы сæххæст кæнай, уæд æрбалæудзынæ мæ разы цæсгомджынæй... Къæрных Абдийы амарын æмæ ацы пъагонджынтæ... Уыдоны маст мæрдтæм мемæ хæссын æмæ...» — йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ, æнусмæ бамыр ис сахъ Алхан.

Уый фæстæ йæ фæдыл зилы къæрных Абдийæн, фæлæ фæтары ис уыцы къузыппа, цыма йæ хæхтæ æмæ къæдзæхты бардуаг Ерда искуы хохы цъассы бамбæхста.

Ау, æгас цæцæн ыл къуыппæн зарæг хъуамæ скæной?

Паддзахæн аккаг у, — цалдæры дзы барвыста мæрдтæм. Уымæй йыл нæ бахуддзæн йæ фыды зæрдæ, фæлæ уый кæм фæтары ис?..

...Къуыдырыл бады, йе ’хсаргард ссы, Хазу къæсы рафт-бафт кæны, мигæнæнты дзыгъал-мыгъул цæуы.

Дуры къæртт тымбыл сæрфт кæны цыргъаджы комыл, æндон уыцы иугъæдон хъæлæсæй зары:

«Зиу-зиу-зиу!»

Æрдуйыл бафу кодта æмæ фæдыууæ ис карды комыл, уæддæр ма йæ ссы.

Дзæрæхохты Алхаст дзырдта: уыцы шайтан йе ’мбæлттимæ фæстæты куы нæ æрзылдаид, уæд ныссастаиккам, мах ныссастаиккам. Стæй йæ Хæмæтимæ хæсты тæмæнæй раскъæфтой, Махмуд æнхъæл уыдис, ацы джауыры туджы сæвдулдзынæн мæ кард, зæгъгæ, фæлæ нæ рауад афтæ. Хæмæтæн цыдæр зонгæ рауад уыцы шайтан.

Йæ фыд Алхан дæр йæхиау райдианы тох кодта паддзахимæ нæ, фæлæ зæххимæ, йæ хидæй удæста хохы чъынды сыджыт. Стæй æрбафсæрста урс паддзах, бæстæ сызмæстой, схынджылæг сын кодтой сæ дин æмæ сæхицæй. Акалдта уæд Алхан йæ кусæнгæрзтæ, уыдоны бæсты кард æрбабаста йæ астæуыл.

«Зиу-зиу-зиу!» — зарыд иугæндзон йæ къухы æхсаргард.

Æмæ дзы цы рауад?

Бæстæ схæццæ ис, куыдз йæ хицауы нал зыдта, рæстуырнæг пысылмонтæй чидæртæ се уæхсчытыл пъагæттæ æрхуыдта.

Баихсыд карды ком, уæддæр æй ссынц Алхантæ.

Хазуйæн йæ сагъæс уый уыдис:

— Махмуд, ныууадз уыцы кард ссын. Дæ фыдæн цы хæрзиуæг æрхаста? Уый бæсты уалдзæг æрцæуы, æмæ дæ дзывыр бацæттæ кæн.

— Гъе-е-е, бæргæ куы нæ уадзиккой дзывырæй архайын.

Æндон зарæгæй уалдзыгон зæххы зарæг æхцондæр у Махмудæн, фæлæ, иуæй, нырма йæ фыды туг нæма райста, иннæмæй та, ацы паддзахы æфсад арфдæр ныхсынц хохы гуыбыны.

Стæй æрмæст уый куы нæ ссы йæ кард, мыййаг. Сау барджытæ дымгæйау ныссимынц хъæууынджы, сæ хъæрахстæй бæстæ сæ сæрыл сисынц.

— Уæ кæрдтæ цыргъæй дарут, Байрамы стырбон дард нал у, йæ хорзæх уæ уæд... Имам уæм тохмæ тагъд фæсиддзæн!

Цымæ уыцы сидт наибмæ нæ хъуысы? Сæтæлæгау, йæ хъузджы куы бабырыд æмæ ныхасмæ æмгæрон куынæуал цæуы!

Аллах, ды ныббар Махмудæн, кæд æм хатт æбуалгъы хъуыды фæзыны, уæд! Нæ уарзы ацы пъагонджынты, æгæрыстæмæй йе ’фсымæр куы уа, уæд дæр... Рæстмæ бæргæ нæ кæсынц лæппумæ наибы митæ, фæлæ æрмæст адæмы хицау нæу кадджын Саад-Уллахъ. Дины сæрхъызойыл дæр ма йæ нымайынц æмæ Махмуд æнæрхъуыды къахдзæф куы акæна, уæд хъæуы фарн йæ фæдыл бафтдзæн.

Знон ныхасы бадтысты æгас Урус-Мартаны нæлгоймæгтæ.

Фидиуæг сидтис адæммæ:

— Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Байхъусут, стыр Аллах уын хъусынæн цы хъустæ радта, уыдонæй!

Саад-Уллахъмæ нæ байхъуыст фидиуæджы хъæрахст, уый не ’рбацыд ныхасмæ. Хадзы йæ цæнгтæ тылдта, афтæмæй дзырдта:

— О Аллах, сомы кæнын дæ номæй!.. Æбуалгъы митæ кæны урс паддзах. Хуыцауы минæвæрттæй кæй æрцахсы, уый йæ боцъотæй æрцауындзынц æмæ йын йæ дзыхы тыхæй ауадзынц... хуыйы сой... тфу!»

— О Хуыцау, дæ азар сыл ныккал! — ныггуылф кодтой ныхасы адæм.

Хадзы уæддæр дзырдта:

— Нæ сахъгуырдты нын салдаты акæндзысты, нæ дин нын æлгъыстаг фæкæндзæн урс паддзах!

— Быныскъуыд суыдзыстæм, уæддæр уый не ’рцæудзæн!

Хадзы цыма Хуыцаумæ лæбурдта:

— Ууыл дæр уæ нæ ныууадздзысты, уæ къонатæй уæ фæсурдзысты, цъаммар джауыртæ дзы æрцæрдзысты!.. Стæй ма уыл фæйнæ туманы фиддæн дæр æрбаскъæрдзысты, цæмæй, уæ цæрæнуæтты чи æрцард, уыдонæн хуыздæр цард уа!»

— О Аллах, дæ азар сæ басудзæд!

Йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта Хуыцауы минæвар:

—...Уыдæттæм чи кæса æмæ йæ къухмæ кард цы нæлгоймаг нæ сиса, ууыл хъоды бакæнут, сыгъдæг Хуыцаумæ скувыны фадат ын ма радтут! Байрамы стырбоны чысылæй-стырæй Мехамбарты мæзджыты дæлбазыр æрæмбырд ут!.. Уым уæхи хъусæй фехъусдзыстут Стыр Хуыцауы фæдзæхст. Нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!»

— Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!

Дзæрæхохты сахъ Алхаст æмырæй бадтис.

Цал хатты акодта Махмуды тохмæ, цал хатты æрбаздæхт уый фæрцы уæлахизимæ, ныр Хадзыйау тохмæ нæ сидтис, фæлæ æмырæй бадтис.

Хадзы йæ ныхас фæцис æмæ Алхаст растадис.

«Зиу-зиу-зиу!» — зарыд æндон.

— Мыггагыскъуыд кæндзыстæм! — рæмудзæгау скодтой Алхасты дзыхæй уыцы ныхæстæ. — Нæ цотæй нал баззайдзæн, Хуыцауы хæс ма чи бафида, ахæм»...



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: