II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 17 глава




—... Нæ бантысдзæн нæдæр уымæн, нæдæр Османы-фырт Садуллæйæн! — йæ къух ауыгъта Муссæ. — Уыдоны хуызæн цъингуыртæ цы туджы зæй рауадзой, уый нæ куыройы нукмæ доны бæсты бафтдзæн.

«Кæй куыройы нукмæ?»

— О Иунæг Хуыцау, ныррухс мын кæн мæ фæндаг æмæ мæ бауром, дæуæн æхцон чи у, ахæм фæндагыл! — уæлæмæ дзуры молло, фæлæ йын Уæлладжы бæсты Муссæ радта дзуапп.

— Абырæг Абди дын цы фæндаг бацамыдта, ууыл ныллæуу, — йæхимæ та дзырдта инæлар: — Хуыцау иу хæрзиуæг куы саразы, уæд ын иннæ дæр йæ фæдыл ауадзы. Афтæ у не Сфæлдисæджы æгъдау... Мах дæр уый бафæзмæм.

Фысымы фæдыл ахаста йæ цæст Хъази. Уый йæ цыма нæ фиппайдта.

— Сихы сидт дын де уæнгты тас бауагъта, зæгъыс? — афарста Муссæ.

— Йæ уасынмæ йын куы ничи хъусид, уæд уадз æмæ уаса, халонау!

— Раст зæгъыс, мæнæн дæр нæу æхцон, сих йæ хъусæй цы хъаймæты бон æрласынмæ хъавы, уый... Æрмæст мæ уый дæр нæ фæнды, цæмæй йын йæ уасын мачи фехъуса...

— Уæдæ куыд?

— Уадз æмæ уаса Байрамы стырбонмæ, стæй амæлæд...

— Куыд загътай? — чысыл ма бахъæуа, Хъазийæн йæ уæрджытæ æрдыдагъ уой фыртасæй.

— Стæй амæлæд, зæгъын...

— Цæмæн? — сæнтдзæфау афарста уый.

— Уый æппæт адæмы фæцæгъдынæй иу абырæджы фæмард хуыздæр у æмæ уымæн.

— Æмæ йæм чи бахæсдзæн йæ ныфс? — тæфсæгæй рынчынау рызтис молло.

— Алханты Махмуд!.. Йæ туджджын. Иу абырæджы фæмард хуыздæр у, йæ ном Хуыцауы минæвар куы хуыйна, уæддæр. Дæу дæр афтæ нæ фæнды, Хъази?

— Б-б-б-æр-гæ... фæлæ ма уæд Байрамы стырбонмæ дæр цæмæн?..

— Нæ, Хъази... Уæдмæ нæ баххæсдзæн Махмуд йæ туджджынмæ... Кæм сих Хадзы Абди Эффенди æмæ кæм Алханты Махмуд...

— Æмæ Байрамы стырбоны?..

— Байрамы стырбоны кувæндоны бын алкæмæн æмхуызон бартæ радта Стыр Аллах... Кæд дзы искæй фæцух кодта, уæд ын æй мах баххæст кæндзыстæм, æмæ сихæй-фæрссаглæгæй сæмхуызон уыдзысты. Туг исын Хуыцауы конд æгъдау у, æмæ лæг йæ хæс куы сæххæст кæны, уæд Уæллагæн æхцон вæййы. Алханы-фырт хъуамæ зона, Байрамы стырбоны йæ туджджынмæ иу къахдзæфы дæрддзæгæн кæй уыдзæн!..

— Чи йæм фæбæрæг кæндзæн?

— Ды! — комкоммæ йыл ныццавта Муссæ.

— О Хуыцау, бахиз мæ!..

— Гъеуæд дæ бахиздзæн Хуыцау, абырæгæн туджы мал скæныны фадат куы нæ радтæм!

Хъазийы цæстæнгас Муссæйы пыхс æрфгуытыл асалд.

«Ничи дын базондзæн дæ сусæгдзинæдтæ», — хъуыды кодта уый, фæлæ кæмæй дзырдта, уый нæ зыдта йæхæдæг дæр.

Хъази фенкъардта: Муссæйы йемæ дзурын кæй нал фæндыд, æмæ дуары ’рдæм фæстæмæ-фæстæмæ алæууыд.

Инæлар уазæгæн фæстаг дуармæ ацамыдта æмæ ма йæ фæдыл дзуры:

— Дыууæ туджджыны кæрæдзийыл фембæлæд, стæй фенæм, кæддара цы уаид!..

— Мыййаг Хуыцауы минæвары сæрылхæцæг куы суой!..

— Зæронд хæс уал бафид æмæ ног хæрзиуæг æнхъæлцау гъеуæд радар дæ къух!..

— Хуыцау, ма ныл рахæт!

— Хуыцау, ма ныл рахæт! — йæ къухтæ уæлæмæ сдардта Муссæ дæр.

Молло куы фæаууон, уæд раззаг дуарæй Гамзаты сæр æрбазынд.

— Хицау!.. Æнхъæл дæн, дæ хæрæфырт æрбацыд Брутæй, — тызмæгæй æрбадзырта хъахъхъæнæг æмæ фæаууон ис.

«Куыдзы хъæвдын! — Уый йæ хæрæфыртæй дзырдта. — Мæгуырты сæрылхæцæг мын ссис!»

Дуармæ ныццавта йæ цæстытæ, Темырболат никуы зынд.

Афæстаг рæстæджы йæхиимæ дзурыныл сахуыр ис, цыма æндæр искæимæ фæдзуры, уыйау. «Хорз у æмæ мæм ничи хъуыста», — куы æрчъицы, уæд ахъуыды кæны йæхинымæр.

Ныр дæр та:

«Ацы Гамзат мæ йæ цæст нæ исы, æндæргау мæ фæдыл хилы. Хорз у æви æвзæр?.. Æрбахæццæ ис Темырболат — Сауададжы хъайтар!.. Хорз у ныртæккæ йе ’рбацыд, æви æвзæр?.. Науæд æм куыд дзура æмæ дзы цы спайда кæна?»

Цадид дуарæй йæ сæр æрбазынд, уадид фæхъæр ласта:

— О Мамсыраты бындзæфхад, æгайтма дзæбæх æрбахæццæ дæ!

Кæрæдзийыл ныттыхстысты.

— Гъеныр ницыуал у Мамсыратæн. Райсомы инæлар мæнæ сæ артдзæстмæ æрцыд, — худы Муссæ æмæ Темырболаты хъæбыстæ кæны.

Цыма ницы æрцыд æмæ ницы фехъуыста Муссæ. Цыма нæ абухта Сауададжы Раздзог. Цыма нæ рацыд Темырболат æд кард хъазахъхъы ныхмæ. Цыма нæ ныккалдтой Бæтæхъойы бинонты Дзæуджыхъæуы талынг хъоргъы.

Кастис Муссæмæ æмæ ницы дзырдта.

Афæхъо йе ’фсымæры фырттимæ кæсæджы балцы уыд, лæггадгæнджыты йеддæмæ ничиуал баззад хæдзары. Гамзат, кулдуармæ фæкæсфæкæсгæнгæ, кæрты цоппай кодта дыууæрдæм.

— Фæринк æви фæндыр?» — зæлланг кæнынц ныртæккæ йæ хъусты Хъуыбадыйы ныхæстæ.

Хистæры разæй йæм ныхас райдайын аив нæ каст, уый та бадтис гобийæ, йæ даргъ рихийы кæрон дæндагæй æхсыдта.

Дзæуджыхъæуæй куы æрбаздæхт, уæд Раздзоджы Бруты æрбаййæфта æмæ йын загътой, Муссæ уыдис, зæгъгæ, Сауададжы Раздзоджимæ бадзурыны сæраппонд. Йæхæдæг дæр æй хатыд: уый фæрцы æрбаздæхтысты сабитæ Брутмæ, уый фæрцы фæцыдысты Цæцæн æмæ Мæхъхъæлмæ Алхаст æмæ Тепсайы бинонтæ.

— Æвзæр рæстæджы райдыдтай де ’фсæддон карьерæ, мæ хæрæфырты къуындзих, — иуырдæм дзуры инæлар.

Йæ хъуыдытæ зæрныджытау фæпырх сты.

Муссæйы гуыбыр фындз, сау рихитæ æмæ æрфгуытыл узæлы цæстæнгасæй:

«Ды та цы ссардтай?»

Сæ ныхасы сæр нылхынцъ ис, райхалын ын не ’нтыст.

«Ды дæр фæринк ссардтай! Куы бахъæуа, уæд æй дæ адæмы сæрмæ рагъхъæдау фæдардзынæ», — нывæнды йæхимидæг кæстæр афицер.

Цыма йын йæ хъуыдытæ фембæрста:

— Æз уымæй тæрсын, мыййаг Раздзоджы æхсаргард рагъхъæдæн куы нæ сбæзза ацы тыхст рæстæджы, æмæ нæ цар нæ сæрыл куы ныккæла!.. Имам Шамилы кард дæр къаддæр нæ уыд, фæлæ!» — сагъæсгъуызæй ма йæм бафтыдта: — Ныцъцъист уыдзысты, ныцъцъист!.. Кæдмæ афтæ уыдзæн!..

— Кæдмæ афтæ уыдзæн! — сфæлхат кодта корнет.

Инæлары фæтæн ныхмæ нымдзаст, фæлæ «ныцъцъист уыдзысты» кæмæй загъта, уый нæ рахатыд.

Йæ фыццаг хъуыдымæ та æрыздæхт фысым:

— Æниу, чи зоны, ай хуызæн змæст рæстæджы кæй райдыдтай де службæ, уый хуыздæр у. — Темырболаты æхсаргардмæ фæкомкоммæ ис. — Æхсаргард æлвæстæй фидауы. Хуры тын æмæ тугæй сæргæ кæны, кæрддзæмы йыл згæ схæцы.

— Кæй тугæй сæры? — афарста йæ.

Йæ рихийы кæрон тыхджындæр сыздыхта инæлар:

— Табиц дæм чи хæсса, уый тугæй!

Муссæ йæ цæсты уæйыг лæджы хуызæн ссис, фæлæ туджы коймæ йæ сæр разылд.

Къуырмагонд хъæлæсæй дзуры корнет.

— Чи кæмæ хæссы табиц, чи кæй хæлар у?..

— Равзардзыстæм сæ хæларæй дæр æмæ змæнтæгæй дæр!.. Лæскъдзæрæн никæимæ кæндзыстæм, Уæрæсейы паддзах нæ, фæлæ мæликк куы феста, уæддæр!.. Уымæй Раздзогимæ разы дæн, фæлæ!.. — фенцад æмæ йæ хæрæфырты цæстытæм ныккаст аивæй.

Æгæр арф кæй балæгæрста, уый фенкъардта, æвæццæгæн, æмæ иуварс ныцъцъелф ласта кæсагау:

— Нæ цытджын паддзах дыл æфсæддон дарæс скодта æмæ дын дæ къухмæ хотыхтæ радта! Гъе, уыдонмæ чи хæсса табиц, уый у не знаг дæр æмæ паддзахы знаг дæр.

— Сауададжы мæ Раздзог кардæй дзæхст кодта, фæлæ йæ æрæджиау базыдтон; уый табиц хаста мæнмæ нæ, фæлæ мæ дарæс æмæ мæ пъагæттæм! — Лæугæйæ дзырдта Темырболат. — Стæй та хъæмæ æрбацыдтæн, Брутмæ æмæ уым дæр афтæ. Пъагæтты бын ирон лæджы уд агуырдтой фæндырдзæгъдæг Хъуыбады, мемæ чи схъомыл ис, уыцы сахъ лæппу Хæмæт. Æз афтæ æнхъæлын: мæ пъагæттæм табиц хастой, фæлæ ме знæгтæ не сты Хъуыбады, Хæмæт, Раздзог!..

Йе ’рфгуытæ æрбассывта Муссæ:

— Кардæй хорз архайы Раздзог, фæлæ, чи зоны, йæ къухы дзывыры хъæд хуыздæр сфидауид, — тызмæгæй дзуры уый.

— Йæхæдæг дæр бирæ хæттыты дзырдта!

— Тугæн йæ рауадзын æнцон у, йæ ныццауазын — зындæр! Джауыры туг рауадзыныл нæ ауæрды Бæтæхъо, фæлæ уыимæ ирон лæджы туг дæр кæй кæлы, уый дзы ферох вæййы, Темырболаты цæстытæ ссыгъдысты:

— Уæдæ ма йæ федтаис!.. Æрвæрттывдау калдта цæхæртæ йæ кард!..

— Федтон æй!.. Æвзаргæ дæр æй бакодтон, чи зоны, фæлæ Хуыцау æгъдауæн ныууагъта, Бæтæхъойы хуызæн фистæджытæ нæ лыг кæнынц адæмы хъысмæт.

Йæхиуыл рахæцыд Темырболат:

— Æз фехъуыстон бирæ хæттыты: фистæг æмæ, дам, бæхджынæн æмхуызон бартæ ис ныхас æмæ фæдисы.

Æвиппайды йæм фæзылд:

«Гъе-гъе, мæ хуры чысыл, демæ молло Хъазийы æвзагæй дзурæн куы нæ ис!» — хъуыды кæны уый æмæ тæссармæ нывæнды.

— Ам дын ирон нæртон ныхас нæу, мæ хур!.. Стæй фæдисы дæр, бæхджын фистæджы разæй хъуамæ цæуа. Афтæ сфæлдыста Хуыцау.

— Цал хатты фехъуыстон Хъуыбадыйæ!..

— Хъуыбады дæр нæу бæхджынтæй, — фæбадт йæ хъуыры Муссæ.

— Цал хатты фехъуыстон раджы дæр Хъуыбадыйæ, — цыма йæ мадыфсымæры бафиппайд нæ фехъуыста, уыйау дзырдта Темырболат, — бафæлладысты адæм, быдыры сæ æдæрсгæйæ кусын фæнды, зæгъгæ... Кæд уыдзæн уый?

— Алчи йæ бынат куы ссара, уæд.

— Адæм бафæлладысты... кæлы туг... уæлдайдæр та — мæгуырты... уырысæй, ирæй... уыдон цы аххосджын сты.

Инæлар йæ хæрæфыртмæ фæкомкоммæ ис:

— Уырыссаг дзырд «крамола» цы у, уый зоныс?

— Зонын! Æндæр искæй цур куы дзырдтаин, уæд мыл змæнтæг сæвæрдтаид, фæлæ æз æппæты æввахсдæр адæймагимæ дзурын.

Æндæрырдыгæй йæм бахъавыд:

— Цы ссардтай Бетъырбух æмæ Чугуевы? Æхсаргард — æви?..

Фестъæлфыд уыцы фарстмæ. Ныр æй дыууæйæ бафарстой: Хъуыбады æмæ Муссæ. Чи сæ цы домдта? Кæнæ йæхæдæг цы домдта? Кæм уыдис райдиан, кæм уыди кæрон?

Хæрзныллæг хъæлæсæй загъта:

— Нырма ницы.

— Гъемæ, Чугуевы уланты пъолчы корнет, мæ хæрæфырт Мамсыраты Уосмæны фырт Темырболат, дæ фарсыл баст чи ис, уымæй пайда кæнын куы нæ зонай, уæд дæ кæнæ искæцы мюрид ныргæвддзæн, кæнæ та, дæ къухдариуæджы бын цы улантæ ис, уыдонæй исчи! Æмæ дын Хъуыбадыйы фæндыр ницы баххуыс кæндзæн.

Чъызгæ бафиппайдта:

— Цæй, уæдæ къуыхтæ кæнæм кæрæдзийы, фæлæ кæдмæ?

— Куырм цæуыл кæуыс, æмæ — цæстытыл. Æз дæр ууыл кæуын. Кæдмæ?.. Иу дзуапп ссардтон уыцы фарстæн, æрмæст иу дзуапп: цалынмæ алчи йæ бынат ссара, уалынмæ. Цалынмæ фистæг бæхджыны фæдыл цæуа, уалынмæ.

Нæ бамбæрста инæлары уыци-уыци:

— Уæд æз æмæ ды нæ пъагæттæ не уæхсчытæй хъуамæ сисæм æмæ ирон цухъхъаты мидæг ныхасы Бæтæхъойы дæлейæ æрбадæм... Уæд иуæй-иуты сæ бæхтæй хъуамæ раппарæм æмæ Алæгаты Хæмæт æмæ Хъуыбадыйы хуызæн фистæджыты бæхтыл сæвæрæм...

Тæгиан адæргæй йæ цæстытæ æрцъынд кодта.

«Кæмдæр та фæиртæстæн мæ милæй».

Йæ сынæг æм фæдардта æмæ, йæ хъуыдытæ æнгуылдзæй æвзарæгау кæны, афтæмæй дзуры:

— Мæ дзырды сæр дæр уый у... Раздзог æй йæ хъусæй æрласынмæ хъавы, фæлæ уый рæстæг дæр æрцæудзæн.

Темырболаты цæстытæ сæрттывтой уыцы ныхæстæм.

«Цы мæ домдта ацы куыдзы хъæвдын!»

Цыма йын уæлдæф нал фаг кодта, афтæ дзырдта Муссæ:

— Сæрсæфæнмæ тулæм, æвæстаг кæнæм. Иу Раздзоджы кард не сбæздзæн рагъхъæдæн æмæ нæ ердотæ ныккæлдзысты нæ сæртыл... Раст дзырдтай æрдæбон, ныхас æмæ фæдисы алкæмæн æмхуызон бартæ хъуамæ уа. Куыйтæ куыйтæ сты, фæлæ сæм бирæгътæ куы æрбалæбурынц, уæд кæрæдзийы нал фæтонынц. Æз дæр ууыл кæуын, Темырболат: кæдмæ, кæдмæ сфаг уыдзыстæм?

Адæргæй йæ бадæнæй растад Темырболат æмæ Тæгиан фенкъардта: ацы хатт раст фехста милмæ.

— Байрамы стырбонмæ бирæ нал баззад, — дарддæр дзырдта уый, — уыцы бон Цæгат Кавказы пысылмонтæм хæрзиуæджы бæсты туджы зæйтæ куы æрхæсса, æрдæбон хъарм ныхæстæ кæй сæрыл кодтай, уыдоны дын къæрных Хадзы Абд Эффенди дæ разы кусæрттæгтау куы сæргæвда, уæд фæндыр цæгъддзынæ æви кард сæлвасдзынæ?.. Зæгъ-ма, корнет!

Темырболаты уæнгтæ баихæн кодтой.

— Кард сæлвасдзынæн! — æнæрхъуыдыйæ дзуры уый.

— Сæлвас кард, фæлæ йæ Сауадаг æмæ Бруты куыд сæлвæстай, афтæ дын ма рауайæд... Раздзогæн чысылæй йæ уæрджытыл бадтæ, Сауададжы та кæрæдзийы кардæй цъыкк кодтат. Цалынмæ цыргъаг фæцъортт ласай, уалынмæ хъуамæ сбарай: алæ-ма, мæхи туг дзы ма рауадзон. Чысыл стæм, нæ тугæй хæхты фæхстæ куы сахорæм, уæд ма нæ цы баззайдзæн.

Кастис æм, лæг йæ бардуагмæ куыд фæкæсы, афтæ.

— Хъус мæм дарддæр... Ды ма хæрз чысыл уыдтæ, имам Шамилы мюридтæ газаватмæ куы сидтысты, уæд. Стæй чысыл фæлæггъуыз дæ, Бетъырбухмæ дæ арвыстон. Æфсæддон ахуыр фæдæ æмæ дæ Чугуевмæ арвыстой службæ кæнынмæ. Ды ардыгæй дард уыдтæ æмæ дæхи цæстæй нæ федтай, адæмы растæй-зылынæй куыд æргæвстой, уый... Бафæрс Æлдадты Бæтæхъойы æмæ дын æй зæгъдзæн, — сагъæстæгæнæгау дзырдта уый. — Ныр дæр та Байрамы стырбонæй хъаймæт саразынмæ хъавынц, хъуамæ та æргæвдой растæй — зылынæй, джауырæй — пысылмонæй, сабийæ — зæрондæй, сæ къухтæм чидæриддæр хауа, уыдоны иууылдæр... Афтæ, дам, æхцон вæййы стыр Аллахæн.

Иу чысыл аулæфыд æмæ та сдзырдта:

— Адæм фосæй хъауджыдæр не сты æмæ та куырмæй фæцæйлидзынц алыгъуызон хæддзуйы фæдыл. Имам Шамил дин æмæ зæххы сæрыл хæцыд джауыртимæ, — уæддæр йæ фæдыл цыдысты адæм. Раздзоджы хуызæттæ æрмæст зæххы сæрыл пырх кæнынц сæ туг — уæддæр афтæ!.. Ныр та сих Хадзы Абди Эффенди сиды дины сæрыл газаватмæ æмæ сын æппын арт æмæ фæнык нал ис... Чи зоны, нæ адæм, къона, зæхх æмæ иунæг Хуыцауы æмхуызон кæй уарзынц, уымæн сты афтæ æнамонд.

Темырболат нал фæлæууыд:

— Цы хъæуы фыццаджыдæр?.. Кæцы бардуагæн хъæуы табу кæнын?

— Фæлæуу, мæ хур! Афтæмæй нæ фæуыдзынæ къæрных Абдийы разæй.

— Чи у Абди, цы лæг у?

— Раздæр къæрных уыдис, ныр стыр Аллахы фæрцы хадзы æмæ сих ссис. Адæммæ дины сæрыл тохмæ сиды. Уыдон дæр æм хъусынц, тынг æм хъусынц, се ’намондæн сæ Хуыцау æмæ сæ къона æмхуызон кæй уарзынц, уымæн... Уадз æмæ сæм сида, уадз æмæ та сисæд сæ гæрзтæ. Мæ дзырд ууыл нæу.

— Уæдæ ма цæуыл у? — фæдисау ис Темырболат.

— Цæуыл дис кæныс?.. Уырдыг слæууæд адæм, фæлæ Хадзы нæ разæй куы фæуа æмæ сæ сæргъы уый куы февзæра, уæд æцæгдæр уыдзæн хъаймæт, туджы зæйтæ... ноджы фыддæр! Кæд æмæ мах фæуæм йæ разæй, уæд та кусæг лæг æдасæй кусдзæн йæ хуымы кæрон... Цыфæнды фæуæд, уæддæр къæрных нæ разæй ма хъуамæ фæуа, æмбарыс, мæ хæрæфырт?

— Æмбарын.

Иучысыл фæгæдзæ кодта, стæй йæ мадыфсымæры афарста Темырболат:

— Æз цы саразон ныр?.. Мæныл цы хæс æвæрыс, господин инæлар?

Йæ бæрцуатæй тымбылтыхт гæххæтт сæлвæста Муссæ, корнетмæ йæ радта æмæ йын дзуры:

— Цæцæнмæ уайгæ. Цас тагъддæр скъæрай, уыйас хуыздæр бамбæхсдзæн сусæгдзинад... Ацы гæххæтты гæбаз наиб Османаты Саад-Уллахъмæ фæхæццæ кæн, уæ цуры æвдисæн куыннæ уа, афтæ йæм æй радт!

Ног фидиуæг йе тары нывæрдта гæххæтт æмæ фæцæуæг ис.

— Фæлæуу, афтæ цæугæйæ дын нæу, — дзуры йæм фæстейæ. — Цæцæн æмæ Мæхъхъæлмæ бацæуын æнцон нæу ныртæккæ. Хъазахъхъимæ кæрæдзимæ гæппæввонгæй лæууынц. Чи йæ зоны, кæцæй агæрах кæндзысты лæджы...

Йæ рихийы кæрон аууæрста.

Темырболат æм йæ мидбылты худгæ бакаст, ома мын æнæхъуаджы тæрсыс.

— Худгæйæ дын нæу, мæ хур. Цæцæны хъарагъулты нæмыгæй куы аирвæзай, уæд та дæ, Шатойы цы хъазахъхъ бадынц, уыдон фæфиппайдзысты... Мæн та фæнды, цæмæй сæ дыууæйы хæрзиуæгæй дæр хызт уай, æмбарыс, господин корнет?.. Дыууæ арты æхсæнты комкоммæ Османаты Саад-Уллахъмæ!..

— Мин æхсæвы æмæ иу æхсæвы аргъæуттау! — хъæрæй ныххудт лæппу.

— Гамзаты арвыстаин, фæлæ уый та йæ хъамайы йеддæмæ ницы уыны. Стæй уырыссагау хæпп дæр нæ арæхсы. Ды та хорз арæхсыс цæцæйнагау дæр, мæхъхъæлонау дæр. Гæнæн дын кæм уа, уым хъæутыл цу! — фæдзæхсы йæ уый. — Сæ хъæууынджы сæ туджджынмæ дæр не ’взидынц, адонæн се ’гъдау афтæ у. Фæсфæд дыл куы фембæлой, уæд сæм æнгом бацу. Зæгъдзынæ сын: Муссæ-Алхасы минæвар дæн, зæгъгæ, æмæ дын уый байгом кæндзæн дæ фæндаг. Шатойы хъазахъхъæй хъахъхъæн дæхи. Дæ балцы аххосаг дын куы базоной, уæд уыдонимæ нал ссардзынæ иумæйаг æвзаг... Брутæй Дзæуджыхъæумæ цы фæндаг ацарæзтай, уый хуызæн дын нал фæуыдзæн.

Дуары хæцæныл рахæцыд æмæ йæ хъустыл аныдзæвд:

— Зон, Темырболат, хъысмæты рохтæй иу дæ къухты ис!

Иунæгæй аззад Муссæ æмæ та йæхиимæ дзурыныл фæцис:

«Куыдзы хъæвдын! Кæвдæсæрдтæ æмæ хæддзуты сæрылхæцæг мын ссис!»

Къулыл ауыгъд сыгъзæрин æхсаргард райста. Цыргъаг йæ кæрддзæмæй сæлвæста, лæмбынæг æм ныккаст. Цыма æндоны мидæг туг ахъардта, уыйау тарбын хъулон дардта йæхи æхсаргард.

«Æгæр суæлæхох ис Османы-фырт. Æрбацæудзæн æви нæ?.. Не ’рбацæудзæн æмæ мын додой йæ къона кæны!» — Æхсаргард йæ бынаты бацауыгъта æмæ æддæмæ рацыд.

XVII. ЦÆЦÆНЫБОНТÆ ÆМÆ ÆХСÆВТÆ

Кадетты корпусмæ йæ ахуырмæ куы арвыстой, уæд ууыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ ныр базыдта: айхуызæн уавæры райгуырæн бæстæй дард цæрын йæ бон нæ уыд.

Йæ бон бирæ уыд Муссæйæн, æркодта йæ Чугуевæй, ныр йæ Чысыл Цæцæнмæ минæвар рарвыста. Се ’взаг æмæ сæ фæндæгтæ сын дæ хуызæн ничи зоны, йын дзырдта. Ау, æцæг афтæ у?

Æлвæст æрдынау, лæууыд æгас Цæгат Кавказ, уæлдайдæр та Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы. Æнцон бацæуæн нæ уыд æцæгдæр уырдæм, фæлæ йæ æнæхъуаджы нæ фæдзæхста Муссæ, нæ царды фæткæй хуыздæр дæ ничи бахъахъхъæндзæн, хъæууынджы дыл куыдз рæйын дæр нæ бауадздзысты, зæгъгæ.

Цъиуызмæлæг нæ зынд хъæуты, уынæр никуыцæй хъуыст, цыма куыйты дæр фæдзæхсгæ, кæнæ та бæтгæ бакодтой.

Æнкъардта йæ Темырболат: уымæй йын уазæгуарз адæм æмбарын кодтой — ам дыл хъæууынджы куыдз дæр не срæйдзæн, фæлæ хъæугæ дæр ницæмæн кæныс æмæ дæхи сæлдыл айс, зæгъгæ.

«Уæд та цынæ вæййы, иу-дыууæ лæппуйы демæ айс», — фæдзæхста йæ Муссæ æмæ йæ фæдыл иу агæппы дæрддзæгыл дыууæ æфсæддоны цыд ныр.

Æрфæн йæ идоны къæбæлтæ æхсыдта, тæлфыд, йæ хицауы хъуыды кæнын нæ уагъта.

Цыдис, сæнттæ цагъта, æфсæддонтæ йæ фæдыл æмырæй цыдысты.

«Æнæхъæн мæйы бæрц фæцыдтæн Чугуевæй ардæм. Быдыртыл цæст не ’ххæст æмæ-иу зæрдæ суынгæг, сæ кæрон-иу куы нæуал зынд, уæд. Уыйас уæрæх бæстæ, æнæхъæн бонцау бæлццон лæгыл нæ сæмбæлдзынæ... Дæ фагæй ма ноджы фылдæр. Цæр дæ зæрдæйы дзæбæхæн... Ацы хæхты цъассыты ма цы агурыс, ам дыууæ бæхджыны кæрæдзийы фæрсты куы нæ ахиздзысты, уæд...»

Уый Уæрæсейы паддзахæй дзырдта.

Цахæмдæр чысыл цæугæдоны балæгæрста Æрфæн æмæ йæ йæ къахæй ныххоста. Фæхатыд æй барæг: хайуанæн дойны уыд.

Æргæпп ласта, йе ’хтæнгтæ йын суæгъд кодта. Æфсæддонтæ дæр æй бафæзмыдтой, фæлæ тæвдæй дон нуазын нæ бауагътой бæхтæн.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: