II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 13 глава




— Æмæ мын айразмæ цы ныфс февæрдтай, уый зыгъуыммæ разылд, цытджын кънйаз! — комкоммæ йыл ныццавта уый.

Цыма йын йæ цæсгомыл цъыф бакалдæуыд, афтæ фæцис Муссæ.

— Сауадагæй Скъуыдкъохмæ топпы гæрах нæ хъуысы, дæ бæрзонддзинад, — хъыгзæрдæйæ бафиппайдта Муссæ.

— Топпы гæрах æм не хъуысы, фæлæ Фæдисы хохыл цы арт сыгъдис, уый йæм дзæбæх зындис! — йæ хъуыры фæбадтис уый.

— Уый Дзæуджыхъæумæ хуыздæр зындис, дæ бæрзонддзинад, фæлæ!..

— Фæлæ дæ цы фæнды, цытджын кънйаз?

— Стыр хъыг мын уыдис уыцы æнæнхъæлæджы хъуыддаг, Михаил Тариелович, — сулæфыд Муссæ æмæ йæ сæр æркъул кодта.

Сценæйыл хъазæгау, йæ къух йæ русыл сæвæрдта хицау æмæ трагикон хъæлæсæй дзуры:

— О Хуыцау!.. Кæм сæфынц граф Евдокимовы стыр хæстыты фæстиуджытæ!.. Кавказы хæст фæци, зæгъгæ, дзурæм, æмæ нын цæйдæр сыстбæрзæй Раздзог не ’фсæддонты уацары акодта... Хъары дæм уый, цытджын кънйаз?

— Хъары мæм, дæ бæрзонддзинад!.. Мард нæхи мард у æмæ йыл не ’гас дæр æмхуызон хъуамæ кæуæм!

Æвиппайды хицауы цæсгом æрбацасæста.

— Нæ, цытджын кънйаз! Мард дæ уæлтæрхæг ис, æмæ хъарæг дæр дæхæдæг кæн!.. Ды æмæ наиб Османаты Садуллæ... Мах та уын мæсæллæйтæ кæндзыстæм.

«Æртхъирæн мæм кæны, æмæ цæмæн?..» — хъуыды кæны Муссæ.

Цадæггай, хæрз цадæггай йын дзуры:

— Михаил Тариелович, æз æрмæст Цæцæны æфсæддон зылды хицау дæн æмæ Сауададжы фыдбылызы та хайад исынц цæцæн, мæхъхъæл æмæ ма ирæй дæр чидæртæ!

— Дæ куыдз мыл искæй уæзæгыл куы фæхæца, уæддæр дæ куыдз у, цытджын кънйаз... Кæм ис Дзæрæхохты Алхаст? Цæмæн лекка кæнынц нырмæ сæрибарæй Алхаст, Раздзог, Малсæгты Тепса?

Бæмбæгау та йыл æртыхст:

— Ды кæй æрнымадтай, уыдон æрцахсын зын нæу, дæ бæрзонддзинад! Кæд дæ фæнды сæ бинонты дæр ма дын æрбаскъæрдзынæн дæ размæ, фæлæ хъуыддаг уымæй куы нæ фæрогдæр уа, уымæй тæрсын алыхатт... Гæдыйы фæндæй куы нæ æрцахсай, уæд дæ ныттондзæн...

— Цалынмæ мах фæндтæ кæнæм æмæ кæрæдзийæн афтид ныфсытæ æвæрæм, уалынмæ нæ тонгæ дæр ныккодтой!

«Зоны йæ хæрæфырты хабар, фæлæ мæ къахгæ кæны!.. Факир уый у æви æз?» — Тæгианы цæсгоммæ кæсгæйæ, хъуыды кодта хицау.

Йæ маст нал бурæдта æмæ йæ скалдта:

— Афтæмæй нæ искæйты йе ’фсæддон карьерæйыл йæ къух сисын куы бахъæуа, уымæй тас у, цытджын кънйаз!

«Æргомæй мæм æртхъирæн кæныс, дæ бæрзонддзинад?.. Фенæм, кæддæра чи кæй».

Скастис æм Муссæ уæлæмæ æмæ бустæгæнæгау дзуры:

— Отставкæйы фæнд мæм ис, дæ бæрзонддзинад, фæлæ нырма нæ!

Лорис-Меликов фæджихау ис æмæ дзы æвæндонæй сирвæзт:

— Уæдæ кæд?

— Кавказы æндоны зæлланг куы банымæг уа, уæд.

Хæрз æввахс æм бацыд хицау æмæ йын йæ цæсгоммæ комкоммæ ныккаст.

— Æндоны зæлланг куы банымæг уа, уæд мах дæр ницæмæнуал хъæудзыстæм, цытджын кънйаз... Уадз æмæ зæлланг кæна, æрмæст бынæттон цæрджыты къухы нæ, фæлæ паддзахы къухы!

Муссæ йæ мидбылты бахудтис:

— Хæххон лæгæн йæ къухы хæцæнгарз куы бафта, уæд æй афтæ æнцæнтты нал аппардзæн, дæ бæрзонддзинад.

Туасау дзы фæныхст йæ дæлбары дзуапп.

— Хъуамæ йын æй аппарын кæнæм, — йæ маст тыхæй уромгæйæ, дзуры Лорис-Меликов. — Куы нæ йын æй аппарын кæнæм, уæд та Сауадаг йæхи йæхæдæг сфæлхат кæндзæн... Уый нæ, фæлæ, чи зоны, Дзæуджыхъæуы кулдуар дæр ныххойой уыцы абырджытæ.

«Хæрæгыл бадыс, дæ бæрзонддзинад, æмæ йæ æфсургъ æнхъæлыс, — йæ мидбылты худгæйæ, хъуыды кæны Муссæ.

— Гъемæ, æз дæр уæдмæ аргъæвдзынæн мæ отставкæйы хабар, дæ бæрзонддзинад!

— Кæдмæ?

— Цалынмæ йын æй аппарын кæнæм, уалынмæ.

Иудзæвгар æмырæй фесты, стæй æвиппайды рафæлдæхта йæ цъар, дæр æмæ йæ дзырды сæр дæр.

— Сауадагмæ цæуын дæ бахъæудзæн, — цæхгæр алыг кодта уый.

«Æгæр дардыл æрзылдтæ, дæ бæрзонддзинад. Бацагайдтой та дæ, æмæ та дæ мæ сæр бахъуыд».

— Цы хуызы? — афарста уайтагъд.

— А? — нæ бамбæрста фарсты мидис.

— Зæгъын, цы хуызы мæ бахъæудзæн цæуын?.. Паддзахы афицеры хуызы æви хъонагъы хуызы?

— Хæс иу у, роль æмæ йæ аккаг дарæс дæхæдæг равзар!

— Цахæм у хæс? — цыма ницы зыдта, ахæм фарст æй акодта.

— Фыццаг: не ’фсæдтæй сæ къухы чи бахаудта, уыдон хъуамæ рауадзой. Дыккаг: абырджытæн сæ сæргълæуджытæ сæхи хъуамæ радтой. Æртыккаг: нæ минæвæртты раз хъуамæ сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрой æмæ сæ хæдзæрттæм ацæуой. Цыппæрæм: — ферхæцыд, йæ чъылдым æм фæзылдта æмæ та йæм æрбаздæхт: — Зæгъон дын цыппæрæм дæр, цытджын кънйаз?

— Саккаг кæн, дæ бæрзонддзинад!

— Чи зоны, дын æхсызгон нæ уа, фæлæ дын æй зæгъдзынæн. Цыппæрæм: уыцы уавæртæ æххæст куы нæ æрцæуой, уæд экзекуцитæ ныллæууын кæндзынæн Цæцæны, Мæхъхъæлы... Иры хъæутæн сæ иуæй-иуты!

Йæ маст рафыхт Муссæйæн, йæхи уромы æмæ коммæгæсы цæстæнгасæй кæсы хицаумæ.

«Кæд æй мæ сæр бахъæуы, уæд ын Муссæ Алхазович дæн, кæннод та æз дæр „туземец“».

Фыдæнæн та йæ афарста:

— Цахæм æвзагæй сæм дзурон?

Нæ та йæ бамбæрста.

— Гъы?.. Куыд?

— Цахæм æвзагæй сын бамбарын кæнон дæ ультиматум, дæ бæрзонддзинад?

Тызмæгæй загъта облæсты хицау:

— Ультиматумæн æрмæст иу æвзаг ис, ды дæр уымæй спайда кæн!

Муссæ хинæйдзаг худт бакодта:

— Куы нæ сбæзза ацы хатт уыцы æвзаг, уымæй тæрсын.

— Цæмæннæ?

— Дæ ультиматумæн дæм бæрæг ничиуал æрхæсдзæн æмæ уымæн!

Лорис-Меликов йæ цæстытæ фæирд кодта:

— Уый та куыд?

— Дæ минæварæн йе стджытæ Сауададжы баззайдзысты.

Йæ бадæнæй фестад хицау.

«Уый чи бады мæ разы?.. Паддзахы инæлар, æви?..»

— Тæраз не ’рдæм фæуазгæ æмæ ультиматум дæр мах дæттæм, цытджын кънйаз! Махæн абырджытимæ æндæр æвзагыл дзурæн нæй: кæнæ ультиматум, кæнæ та сармадзаны нæмыг!

Муссæ йæ фæурæдта ацы хатт:

— Тæраз мах æрдæм уæзгæ уа, уый куыддæр нæ фиппайын, дæ бæрзонддзинад.

— Цытджын императоры тырысайы бын чи лæууа, уымæн зын фæфиппайæн нæу, тæраз махырдæм уæзгæ кæй у!.. Ды йæ цæмæннæ фиппайыс, цытджын кънйаз?

— Уымæн æмæ Раздзог йæ хæстонтимæ ахæм хохы цъассы бады, нæ сармадзаны нæмыг кæдæм нæ хауы æмæ нæ карды бырынкъ кæдæм не ’ххæссы, уый уал дын иу. Уацары акодта нæ хæстонтæй иу къорд, уый уал дын дыууæ.

— Кæд уымæн йæ къухы не ’фсæддонтæ сты, уæд махæн та нæ къухы сты!.. — ферхæцыд æмæ дарддæр ницыуал загъта.

— Цы ис нæ къухы та, Михаил Тариелович?

Уыцы фарстæн Лорис-Меликов дзуапп нæ радта æмæ Муссæйы хъæлæс бæмбæгау фæлмæн ацыд:

— Бар мын радт, дæ бæрзонддзинад, æмæ ацы хатт демæ ма сразы уон. Стыр паддзахы интерестæ мæ суæндон кодтой, уыййеддæмæ дæ разы уый бар нæ радтаин мæхицæн. — Йæ рахиз æрфыг афтæ сæлхынцъ кодта æмæ йын бухайраг худы чъилыл сæнцад. — Бынæттон цæржытимæ лæгæй-лæгмæ дзурын æгады хъуыддагыл нымайæм, абырджытæ сæ хонæм, æндæра ма ультиматум æмæ сармадзаны нæмыджы йеддæмæ æндæр фæрæз дæр ссариккам...

Йæ хъæлæсы фæбадт:

— Мах дзы æндæр нæма фиппайæм æмæ нæ, чи зоны, хъæугæ дæр нæ кæны, Муссæ Алхазович!

— Хъæуы нæ, дæ бæрзонддзинад, хъæуы, — комкоммæ йæм скаст. — Ды афтæ: сæ хæцæнгæрзтæ куыд æрæвæрой. — Йæхи фæурæдта, стæй йæ сæр банкъуыста. — Ультиматумы æвзагæй уыдон сæ хæцæнгæрзтæ не ’рывæрдзысты, Михаил Тариелович. Æз цы Раздзоджы зонын, уый афтæмæй йæ кард нæ аппардзæн, цъыбыртты сыгъд æй куы бакæнай, уæддæр!..

— Хорз, дæ дзырд фæуæд, — фæурæдта йæ уый, — ныртæккæ реалон факты ныхмæ лæууæм æмæ чердæм акъахдзæф кæнæм, уый ссарæм нæ дыууæ. Паддзахы афицертæ пысылмон фанатикты къухы бахаудтой æмæ сæ ссæрибар кæнæм.

— Хæххон адæммæ иу хорз æгъдау ис, господин инæлар-лейтенант. Куынæ дыл æууæнда, уæд ын гяуры йеддæмæ ницы дæ, фæлæ дыл иугæр йе ууæнк куы бафтауа, уæд та йын суыдзынæ æцæг хъонагъ!

— Уый мæ фарстæн дзуапп нæу.

— Уый дæ фарстæн дзуапп дæр у, дæ бæрзонддзинад, æмæ дын, æрдæбон кæмæй дзырдтон, уыцы æртыккаг фæндаг дæр!

Иудзæвгар æдзынæг фæкастысты кæрæдзимæ. —... Æмæ ды, паддзахы афицер уæвгæйæ, уыцы æртыккаг фæндагыл ацæуынмæ хъавыс?

— Æндæр хос дзы нæй...

«Уый мæм йæхæдæг куы дæтты ультиматум!»

Цæхгæр æй афарста:

— Йæ фæстиуæг цы уыдзæн уыцы балцæн, цытджын кънйаз?.. Развæлгъау дын барст уыдзæн.

— Дисау дæм ма фæкæсæд, господин инæлар-лейтенант, фæлæ дын æй развæлгъау зæгъдзынæн. Фыццаг: пысылмон фанатиктæм уацары цы афицертæ ис, уыдон æвыдæй æрцæудзысты Дзæуджыхъæумæ. Дыккаг: Раздзог, Алхаст æмæ Тепса сæ хæстонтимæ сæ хæдзæрттæм ацæудзысты.

Лорис-Меликовæн фырдисæй йæ цæстытæ ауæрæх сты.

«Уый дын ультиматум!»

— Дис мыл æфтауыс, господин инæлар... Æз абырджыты æрцахсыныл тох кæнын, ды та сæ сæ хæдзæрттæм æрвитыс... Æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм хабар мын дзурыс, — цæмæй йæ роцъо ма рызтаид, уый тыххæй йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта.

Цыма хъуыран каст, ахæм хъæлæсæй дзуры Муссæ:

— Пехуымпар Мæхæмæт загъта: райсомы каркæй, дам, абоны айк хуыздæр, дæ бæрзонддзинад.

— Нæ дын æмбарын дæ хъуыды, кънйаз.

— Зын бамбарæн нæу пехуымпары хъуыды, уымæн æмæ ды дæр ууыл лæууыс.

— Уæддæр куыд?

— Райсомы карк кæй карк у, уымæн ничи ницы зоны. Абон та мæ къухы айк ис æмæ йыл фидар хæцон. Ды афтæ хъуыды кæныс.

— Æмæ цы ис уым æвзæрæй?

— Ницы. Æрмæст мæнæн иннæрдæм хъуыды кæныны бар радт, дæ бæрзонддзинад!

— Салдаты мундир чи дары, уымæн иннæрдæм хъуыды кæныны бар нæй.

— Иннæрдæм хъуыды кæныны бар нæ, фæлæ... дыууæрдæм хъуыды кæныны бар, дæ бæрзонддзинад.

— Иуырдыгæй дзы айк ис, фæлæ иннæрдыгæй та?

— Карк... Мæн абоны айк дæр хъæуы æмæ райсомы карк дæр, пехуымпары амындыл разы нæ дæн.

— Бæргæ, фæлæ уал абоны айкыл фидар куы хæциккам.

— Раздзог нæ къухы айк дæр у æмæ карк дæр, дæ бæрзонддзинад... Уыцы айк абон куы ахæрæм, уæд райсом нæ къухы карк нал бафтдзæн.

— Комкоммæ зæгъ дæ хъуыды.

— Комкоммæ йæ зæгъын: кæд дæ фæнды, уæд дын тæккæ райсом æртæ Раздзоджы дæр дæ разы æрбалæууын кæндзынæн... Бастæй нæ, — сæ гæрзтæ сæ уæлæ, афтæмæй.

Хохы йас лæг йæхи æрбампылдта æмæ агæппæввонг ссис:

— Уæдæ ма цæмæ у не ’нхъæлмæ каст? — фæхъæр кодта.

— Райсом сæ нæхæдæг агурдзыстæм æмæ удæгæсты æхсæн куыннæуал уой пехуымпары æмсæр лæгтæ, уæд нын зиан у.

Уæззау хъуыдытæ йын йæ къæмисæнтæ ныххостой: «Чи дæ ды?.. Уæйгæнæг æви паддзахы иузæрдыг цагъар?»

— Цæмæн мæ бахъæудзысты Раздзог æмæ йæ абырджытæ, уый не ’мбарын уæддæр?

— Мæнмæ ма зæгъинагæй цы баззад, уый мæнæ уыцы гæххæтт баххæст кæнæд. — Йе тарæй цахæмдæр гæххæтт систа Муссæ æмæ йæ инæлар-лейтенантмæ радта.

Уайтагъд æй райхæлдта æмæ араббаг дамгъæтыл зыгъуыммæ ахаста йæ цæст:

«Ракæнут уæ бинонты уемæ, рахæссут, цыдæриддæр уæ дзаумæттæй хъæуы, уыдон иууылдæр, æмæ ралидзут Туркмæ — уе ’мдин Стыр Султаны дæлбазырмæ. Нæ хицауад Стыр Султаны фæндонæй æдзух сымахæн хæдзæрттæ саразыны хъуыдыйыл лæуд у, æмæ нæ адæм дæр æгасæй уыцы хъуыддаджы хайадисæг сты. Кæд, мыййаг, исты хъæстаг хъуыддæгты сæраппонд уалдзæгмæ ныкъкъуылымпы уат, уæд сæ куыддæриддæр баххæст кæнат, афтæ, уæ размæ ма чи ралыгъд, уыдонау лидзыныл стагъд кæнут! Мухаммед Насерат — туркаг къамисар.

Æндзыг къухы салдæй аззад гæххæтты гæбаз.

— Чи ныффыста ацы прокламаци? — афарста йæ.

— Куы йыл ис фыст, дæ бæрзонддзинад!.. Туркаг къамисар Мухаммед Насерат!

«Мухаммед Насерат æви Куындыхаты Муссæ?» — фæндыдис æй афæрсын.

Бахудæнбыл Лорис-Меликов æмæ йæ амонæн æнгуылдзæй гæххæтт тъæпп-тъæпп кæны:

— М-м-м-да-а-а!.. Уæдæ уæдмæ æвæрыс дæ абоны айк...

— Паддзахы афицер сæм куы бахæсса ацы прокламаци, уæд æй йæ гæххæттимæ арты басудздзысты, фæлæ сæхицæй дзырддзæугæ лæджы фæдыл ацæудзысты, бауырнæд дæ, господин инæлар-лейтенант... Раздзоджы ды куыд «уарзыс», афтæ æз дæр, фæлæ мын бар радт, дæ бæрзонддзинад, æмæ йыл уæдмæ фæцауæрдон...

— Ацы прокламаци кæдæм амоны, уырдæм ма айразмæ ацыдысты, фæлæ фæкъуыхцы сты, — загъта облæсты хицау.

— Уæд сæ разæй цыдысты æнæсæр кæрчытæ. Ныр та уыцы хъуыддаджы сæргъ лæудзысты Терчы облæсты хицау инæлар-лейтенант Лорис-Меликов Михаил Тариелы фырт æмæ Куындыхаты Муссæ.

Хингондау кастис Тæгиан-æлдармæ.

— Цымыдисы мæ баппарыс, господин инæлар, — чъыссæйау æрфæлмæн ныр.

— Ног ницы æрымысыдтæн, айразмæйы уынаффæйæн йæ фæд-фæд цы цæуын, уыййеддæмæ... Хъазахъхъы станицæтæ саразын нæ джиздарынц бынæттон цæрджытæ, æмæ сæ хъуамæ сыстын кæнæм?.. Хорз, æз дæр разы дæн, фæлæ уыцы хъуыддаг фæндæй хъуамæ сырæза æмæ нын æххуысгæнæг та уыдзæн Раздзог йæ хæлæрттимæ æмæ... мæнæ уыцы прокламаци...

— Абоны айк æмæ райсомы карк... Дæ хъуыды афтæ у?..

— Ай-гъай, мæ хъуыды афтæ у... Цæмæй бынæттон адæмы къухы æфсæйнаг мауал зæлланг кæна, уый дæ фæнды?.. Уый дæр уыдзæн, дæ бæрзонддзинад, æрмæст ныр Раздзог йæ хæдзармæ хъуамæ ацæуа, уымæн æмæ нæ райсом бахъæудзæн... Абон нæ къухæй сæгуыт аирвæзæд, уый хыгъд райсом пæлæхсарсион саг агæрах кæнæм. Афтæ хуыздæр у.

Лорис-Меликов къуымых цæстæнгасæй каст Муссæмæ æмæ хъуыды кодта.

«Уадз! Цалынмæ Сауадагæй здæхай, уалынмæ дæ уарзон хæрæфырт хæдзары уыдзæн... Ницы кæны!»

— Дæ уынаффæ алыхатт оригиалон вæййы, Муссæ Алхазович, — бынтон рафæлдæхта йæ царм хицау. — Уый тыххæй дын не ’фсæддон командирты æхсæн уæлдай аргъ кæнын... Цæй, Сауадагæй куы æрбаздæхай, уæд æрдзурдзыстæм уыдæттыл дæр æмæ ма ноджы иу æнæнхъæлæджы чысыл хъуыддагыл дæр... Ныр та уал — рæствæндаг!

Кæрæдзийы къухтæ нылхъывтой ахъаззаг æмæ йæ Муссæ фенкъардта: йæ хицау ма йе ’взаджы бын цыдæр фæуагъта.

Хатæнæй куыддæр рахызт, афтæ йе ’фсымæр Афæхъо, æмæ йе сиахс Мамсыраты Уосмæныл хæрхæмбæлд фæцис Муссæ. Фæджихау æмæ йæ цæсгом асырхгонд ис адæргæй.

Штабы хицау Павловимæ цæуылдæр схъуыргъуындæг ис Афæхъо. Муссæйæн, цыма йæ къæхтыл здыйы уæргътæ абастой, афтæ фæцис.

Уосмæны къух райста, Афæхъомæ цæстæй февзыста.

— Æвзæрæй Хуыцау бахизæд, Уосмæн? — йе ’фсымæрмæ фæзылд: — Лæппу, нырма райсом куы рацыдтæн нæхицæй, уæд мæ фæстейæ сургæ кодтай?

— Мæ куыдз бахæрæд сæ мард!.. Раджы заман хъаны къæсæрæй бахизын æнцондæр уыд!..

Уосмæн æй нал бауагъта дзурын:

— Муссæ, бафæрс ма хицауы, цы фæкодта уыцы лæппуйы?.. Науæд цы ракодтой æнахъом сабитæ?

Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, Павловыл нал схæцыд йæ цæст.

— Цæй лæппу?.. Кæцы сабитæй зæгъыс?

— Æнахуыр диссæгтæ!.. Къæсæрæй нæма бавæрдта йæ къах, афтæмæй йын йæ къухтыл рæхыстæ авæрдтой, мæ хур.

Муссæ ссыгъд фырмæстæй.

— Кæмæн авæрдтой йæ къухтыл рæхыстæ? — æгуыппæг хъæлæсæй фæхъæр ласта уый.

— Багъæцæд!.. Тæгиаты уæз дæр кæд бавзариккой!.. Афонмæ хъаны дуарæй бахызтаин! — абухы Афæхъо.

— А Темырболат æмæ Хæмæт зæгъæд, фæлæ цы ракодтой æнахъом сабитæ? — йæ сау боцъотæ ризынц Уосмæнæн.

— Раздзогмæ нæ баххæстысты æмæ сабитæм фæлæбурдтой куыдзау.

Афæхъо æмæ Уосмæны дзургæ фæуагъта Муссæ. Æвиппайды фæзылд, хъахъхъæнæджы иуырдæм ариуыгъта æмæ, бар нæ ракуырдта, афтæмæй Лорис-Меликовы хатæны смидæг ис.

Кæрæдзимæ фæкомкоммæ сты дыууæ инæлары.

— Зондджын уынаффæгæнæгæн махмæ дыккаг хатт дæр райсынц йæ къух... Æз дæр æрбаздæхтæн, цæмæй дын дыккаг хатт райсон дæ къух, Михаил Тариелович!.. Æндæр ницы!..

Облæсты хицау æй фæурæдта æмæ Павловмæ дзуры:

— Господин Павлов, ныртæккæ корнет Мамсыры-фырты ардæм æрбакæн!

— Нæ хъæуы, дæ бæрзонддзинад, куы æрбаздæхон, уæд æй фендзынæн! Æрдæбон ма де ’взаджы бын цыдæр зæгъинаг баззад æмæ йæ ныр дæ бæсты æз зæгъдзынæн, кæд мын бар ратдзынæ, уæд...

— Абон дæуæн æппæты бар дæр ис, Муссæ Алхазович, — бахудтис уый.

— Мæнæн æппæты сæйрагдæр нæ цытджын императоры фæндон у æмæ, уый хъахъхъæнгæйæ, нæ бацауæрддзынæн мæ хæрæфырт нæ, фæлæ мæ хъæбулыл дæр!

Æвиппайды фæзылд æмæ дзуапмæ нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй феддæдуар ис. Лорис-Меликов джихæй кастис Муссæйы фæтæн чъылдыммæ æмæ хъуыды кодта:

«Уæддæр æй нæ бамбæрстон: чи дæ ды, факир, æви, факир цы калм æрчырыстон кодта, уый?»

— Цæугæ, — йе уæхсчы сæрты баппæрста йæ ныхас Афæхъо æмæ Уосмæнмæ.

— Кæдæм? — фæджихау сты уыдон.

— Сауадагмæ.

— Æмæ ахстытæ та? — фырдисæй афарста Афæхъо.

— Уыдон хæдзары баййафдзыстæм!

Фæстæмæ дæр сæм нæ факаст, афтæмæй, Гамзат дыууæ бæхимæ кæм лæууыд, уыцырдæм ацыд даргъ санчъехтæй.

XIII. ЦÆЙ АРГЪ У ХАЛАССÆР

Сæ риутæм сын топпытæ ныддардтой хъарагъултæ.

— Аллах, уый Муссæ-Алхас йæхæдæг куы у, уæд æй нæ фиппайыс? — йæ хъустыл ауад хъарагъултæн сæ иуы ныхас.

Цыма йæ нæ фехъуыста. Сыгъзæринæй æмæхгæд æхсаргард æмæ дамбаца райхæлдта, æвзисткæрддзæмджын хъама дæр сын семæ бафтыдта æмæ сæ йæ риумæ йын топпы хæтæл чи ныддардта, уымæ радта.

«Алханты Алханы халдих!.. Йæ фырт ма уа!» — æвзонг лæппумæ кæсгæйæ, хъуыды кæны уый.

Афæхъо æмæ Уосмæнæн цæстæй ацамыдта, сымах дæр сисут, зæгъгæ, уæ гæрзтæ.

— Гъеныр мæ Раздзогмæ бакæнут!

Цыдысты хъавгæ, хъарагъултæ сын сæ фæдыл сæ гæрзтæ хастой.

Æртхутæг сбадт æхсидæвтыл, æмæ дардмæ нал æрттывта арт.

Раздзог хъилдурау лæууыд, йæ фæйнæ фарс Алхаст æмæ Тепса, афтæмæй. Сæ размæ нæ рацыд дада, йæ бынаты лæууыд æмæ æнхъæлмæ каст.

Муссæ йæ куы ауыдта, уæд йæ къахдзæф фæуæззау кодта. Æнхъæл уыд, ома ацы хъуынджынхуд пехуымпар йæхæдæг рацæудзæн мæ размæ, фæлæ афтæ нæ рауад.

Бæтæхъо хъарагъултæм февзыста цæстæй, æмæ уайтагъд гæрзтæ сæ хицæуттæм авæрдтой.

Цытджын салам радтой кæрæдзийæн стæй иудзæвгар цæстæнгасæй фæбарста сæ иу се ’ннæйы.

— Мæхæдæг уыдтæн Дзæуджыхъæумæ цæуинаг, — дзуры Раздзог.

— Зыдтон æй, Бæтæхъо, æмæ тындзгæ дæр уымæн ракодтон. Сауадагæй мæ аздæхын æнцон у, Дзæуджыхъæуæй дæ раздæхын фæзын уыдаид!

— Сæр сæр у, Муссæ... Цы хъауджыдæр сæ ис, къонайæн исты ахъаз куы уа, уæд!

— Лорисы-фырт ын гъеныр цы аргъ скодта, уымæй Хуыцау ма зæгъæд ныртæккæ дæуæн уый хуызæн фысым.

— Хуыцауы сфæлдисгæ стæм уазæгæй-фысымæй... Уый цы фæнда, уымæй нæ фæиртæсдзыстæм.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: