II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 8 глава




— Хæрз æввахс сæ æрбауадзут! Нырма ма феуæгъд кæнут къæппæджытæ, — фæдзæхсы лæппуты Бæтæхъо.

Хъазахъхъ сæ бæхты æрбаппæрстой, фæллад хайуанты комы тæф къардиуы сæрмæ къæппæвæрд хъæдтыл ныдзæвд.

— Ныр афон у!

Феуæгъд кодтой къæппæджытæ, рауагътой лæсæн æмæ дуры зæй, ассæстой сæ бæхæй, барæгæй.

— Гъæтт-мардзæ-æ-гъе!

Арф коммæ кæй басайдтой, уыдонæн сæ мыггаг скъуыдтой уæлбылæй Тепса æмæ Алхаст. Сæ уæлхъус балæууыд Бæтæхъо, фæхъæр сыл кодта:

— Æгъгъæд хардз кæнут нæмыг, бахъæудзысты нæ уыдон дæр!

Ныхъхъус ис Хæйрæджыты ком. Хур хохы цъуппыл рабадт хæлуарæгау, æмæ чысыл фæстæдæр хæхтæ сау кæнын райдыдтой.

VII. САУАДАГÆЙ ДЗÆУДЖЫХЪÆУМÆ

Фидиуæг æрбахæццæ ис Дзæуджыхъæумæ. Мæлдзгуыты губакк фестад Терчы облæсты хицауы къæнцылар. Тыхст змæлд кодтой чысылæй-стырæй.

Æрмæст инæлар-лейтенант Лорис-Меликовæн не сæфти йе ’вæлмас хуыз. Бадтис йæ къæлæтджыны, уырдыгæй лæвæрдта бардзырдтæ.

Йæ разы схъæлæй лæууыдысты штабы хицау булкъон Павлов, Владикавказы полчы командыгæнæг дæлбулкъон Нестеров, къæнцылары хъуыддæгты гæс капитан Золотарев.

— Йе ссыртæ та равдыста сих Абди? — бафарста Лорис-Меликов.

Фидиуæг фæдисау уыцы фарстмæ, цыма сæм æххуысмæ æнхъæлмæ каст, ахæм каст бакодта афицертæм.

— Сих Абди нæу, дæ бæрзонддзинад!.. Уый нæ, фæлæ дзы иу чалмайыл дæр не схæцыд нæ цæст, — дзуапп радта уый.

Инæлар йæхиуыл рахæцыд. Йæ кæсæнцæстытæ стъолыл æрæппæрста.

«Хæйрæг сæ дæсны ацы абырджытæн!.. Алы дæсæм лæг дзы раздзог æмæ пехуымпар у æмæ йæ иу фæсидт зынгсирвæзты спæрттæй хъауджыдæр нал вæййы!»

— Цахæмдæр боцъоджын зæронд лæг сæхгæдта Сауададжы нарæг!.. Нæ сæрты фесты, голладжы нæ ныккалдтой, — бафтыдта ма фидиуæг йæ ныхæстæм.

— Раздзог... — йæхимидæг багуым-гуым кодта хицау.

Цæмæндæр Куындыхаты Муссæ æрбалæууыд йæ зæрдыл æмæ йæ зæрдæ æхсидавау цъыс-цъыс кодта.

«Кæд, мыййаг, Дзæуджыхъæуæй Скъуыдкъохмæ раздæр бацыд фидиуæг. Фестъæлфыд уыцы хъуыдымæ, йæ цæсгомы хуыз уæддæр нæ аивта.

Дæлбулкъон Нестеровмæ баздæхт:

— Фынддæс минутмæ Владикавказы бæхджын полк горæтæй куыд ахиза! Уыцы Раздзоджы Дзæуджыхъæумæ удæгасæй куыд æрбакæнат!..

Нестеров фæцæйцыд, фæлæ йыл фæстейæ фæхъæр кодта:

— Фæлæуу-ма! — Хæрз æввахс æм бацыд. — Алы дыууæ сахаты Сауадагæй фидиуæг хабар куыд хæццæ кæна!

Дæлбулкъон феддæдуар ис, фидиуæджы ауагъта, штабы хицаумæ баздæхт:

— Семæ мортирæтæ айсæд, æндæра уыдон кардæй нæ фæчъил уыдзысты!

— Хорз, дæ бæрзонддзинад!

Ныр та капитан Золотаревмæ фæкомкоммæ ис:

— Скъуыдкъохмæ фидиуæг арвит ныртæккæ æппæты хуыздæр бæхыл!.. Куындыхы-фырт рæхджы ам куыд февзæра.

Золотарев йæ къух йæ къæмисæныл авæрдта. Штабы хицау æрбазынд дуарæй, фæлæ йæ мидæмæ не ’рбауагъта:

— Фæбæрæг кæнут Грознамæ, Аргъунмæ, Сунжæмæ!.. Фæдисы уавæры слæууæд.

Иунæгæй аззад хатæны æмæ йын ныр фæцис хъуыдыйы фадат:

«Цал æмæ цал хатты бакъуындæг кодтам уыцы зæронд бирæгъы!.. Уæддæр та аирвæзы, уæддæр та сисы йæ къухмæ цыргъаг!»

Рудзынгæмбæрзæныл иуырдæм ахæцыд æмæ хурмæ скаст. Цыма хатæны цыппар къулæй цыппар æхсæрдзæны калд, ахæм уынæр цыдис йæ хъустыл.

Бæтæхъомæ та æрыздæхт йæ хъуыды:

«Æнæпъагон инæлар!.. Иу арт скæны хохы цъуппыл æмæ æнæхъæн дуне сызмæлын кæны! — Агуывзæйы дон æркодта, зыд нозт дзы акодта. — Йæ бинонты йын быныскъуыд скодтой, фæлæ не ’ркъæдз ис æмæ йæ гæрзтæ нæ акалдта... Е-е-е, кæд, мыййаг, уæд райдыдта æппæт дæр уыцы зæронд бирæгъ!..»

Уырдыг слæууыд, агуывзæйы ма цы дон баззад, уымæ ныккаст, фыдфынау ауад йæ цæстытыл.

«Цы ис мæ хуызæн Муссæйæ?..» — Кæлмдзæфау фæстæмæ алæууыд, стæй та йæм йæхи баласта, кæддæра ма йыл мæ цæст схæцид, зæгъгæ!

«Дыккаджы дæ хуызæн у. Кæрæдзийы халдих стут», — йæ иу цæст æрцъынд кодта, афтæмæй худтис Тæгиан-æлдар.

Йæ цæстытæ аууæрста.

«Фу, ты черт!» — Цыма тарф фынæйæ райхъал ис.

«Кæй фæрцы аирвæзт Аухы?» — Ноджы та Раздзог æмæ йæ хæлæртты ’рдæм фездæхтысты йæ хъуыдытæ.

Ныр та къулыл сныхæст Муссæйы фæлгонц.

«Дæ фæрцы аирвæзтысты, дæ фæрцы! — Кæсы дзагъырæй къулмæ æмæ йæм йæ къух тилы. Фæстаг цæфхады тъæбæртт ма æрбасхъиудта гом рудзынгæй.

«...Хатт фæстæмæ авналыс, хæхтыл дæ уырзтæй баузæлыс, — уый дæр Муссæйæ дзырдта, — цæмæй бахъуыды бон цытджын фынджы уæлхъус дæ бынат цæттæ уа уым дæр æмæ ам дæр!..»

Дзæнгæрæджы бос æрбайвæзта æмæ хъахъхъæнæг йæ разы фатау ныссагъд.

— Сауадагæй чидæриддæр фæзына — æвæстиатæй йæ æрбауадз!

— Хорз, дæ иууыл бæрзонддзинад! — æгæр хъæр ын фæцис æмæ йæм хицау цæстæнгасæй февзыста.

Бæхджынтæ раджы аивгъуыдтой горæтæй. Золотарев уæддæр никуы зындис.

«Кæм байрæджы кодта уыцы уыры!.. Семæ Сауадагмæ куы нæ ацыд, мыййаг!» — Рудзынгæй акаст.

«Куыдзы кой скæн æмæ лæдзæг дæ къухмæ сис!» — Золотарев къæнцылары кæрты æрхызти йæ бæхæй.

Идон, йæ фæдыл цы салдат цыд, уымæ баппæрста, йæхæдæг хицауы хатæны ’рдæм рараст.

«Хæсты закъæттæ хорз сахуыр кодтай, фæлæ дæхæдæг къæнцыларæй никуы адардтай дæ фындз!.. Кавказы хæст афтæ фæуыдзæн æмæ ды топпыхосы смагмæ никуы басмуддзынæ... Иу цалдæр хатты ма ферттивид дæ сæрмæ Раздзоджы хуызæн пехуымпары кард! Бавзарис ма сих Абдийы хуызæн кæлæнгæнæджы хъуызгæ къахдзæф дæ фæсчъылдым!..»

Дуарæй æрбазынд æмæ йын йæ хъуыдытæ фескъуыдта.

— Господин инæлар-лейтенант, Владикавказы бæхджын æфсад горæтæй ахызт! Семæ иу цалдæр сармадзаны айстой æмæ!..

— Уадз! — фæурæдта йæ, — горæты ма цы фистæг æфсад баззад, уый цæттæйæ лæууæд!

Капитан йæ цæстытæ фæирд кодта.

— Цæуыл дис кæныс, господин капитан? — Рудзынгмæ йæ бакодта æмæ йын хохы цъупмæ ацамыдта. — Куыд æнхъæлыс, уæлæ уыцы арт кæйонг зыны?.. Цынæ бантысдзæн ацы пысылмон фанатиктæн!..

Капитан ацыд, йæхæдæг та дыууæрдæм цоппайыл схæцыд.

Нуæрды æмæ æмбæхсы йæ хъуыды Муссæ, фæлæ йын хатт ферттивы. Чи зоны, йын йæхиуыл дæр нæ бацауæрдид, фæлæ йемæ æмбæхстытæй хъазы æмæ кæрæдзимæ уæздандзинадæй быцæу кæнынц.

Чи зоны, Раздзог йæ цырæгътæ иууылдæр Муссæйы амындæй ссыгъта!

Йе уæнгтæ бахъыдзы кодтой Лорис-Меликовæн. Донæй йедзаг агуывзæ йæ дзыхмæ схаста, фæлæ дзы нуазгæ нæ бакодта, афтæмæй йæ фæстæмæ æрæвæрдта.

«Нæ-æ-æ, кадджын Алхасты-фырт, ды афтæ æдылы нæ дæ! — Йæхицæн ныфсытæ æвæры. — Ай-гъайдæр, бакæсиккой дæ коммæ Раздзогæй, Дзæрæхохты Алхастæй, Малсæгты Тепсайæ, сих Абдийæ, фæлæ мæ хуызæн знаг ссарынмæ ды никуы батæхуды кæндзынæ!.. Стæй кънйазы æнæмаст цард растадонты сæргълæууæджы фыдбылызæй йемыдзаг цардыл нæ баивдзынæ. Уыйбæрц зонд дæм ис æмæ сау æмæ урс кæрæдзийæ равзарай!.. Ацырдæм дæр æвналыс æмæ уыцырдæм дæр?.. Уадз! Бахъуыды бон дæ хуызæн уæззау лæдзæг цы пысылмон куыдзыл ныздухон, уымæн йæ бон хæпп кæнын дæр нал бауыдзæн. Нырма хъæуы уырыссаг салдат æмæ туземæгты æхсæн дæ хуызæн «хид». Стæй бæстæ куы æрсабыр уа, уæд фенæм!..»

Штабы хицау æрбасхъиудта хатæнмæ:

— Фидиуæг Сауадагæй, дæ бæрзонддзинад!

Фæгæпп ласта:

— Æрбакæн æй мидæмæ!

Йæ цухъхъайы æгънæджытæ суæгъд сты хъазахъхъагæн, хидæй хуылыдз бецыкк бæрзонд ныхыл нындæгъд. Бухайраг худæй йæ ныхы хид асæрфта, цыдæр зæгъынмæ схъавыд, фæлæ йæ хицау фæурæдта:

— Изæры хъазтмæ æрбацыдтæ?

Хъазахъхъаг ферхæцыд æмæ йæхимæ æркæстытæ кодта. Павлов йе уæхсчытæ банкъуыста.

— Господин Павлов, акæн фидиуæджы æмæ, хæстоны хуыз куы райса, уæд æй æрбакæн!

Феддæдуар æй кодтой æмæ чысыл фæстæдæр æрбазынд, йæ худ йæ сæрыл, йæ къухтæ йæ фæрстыл сныхæста, афтæмæй.

— Схæццæ сты, господин инæлар-лейтенант! — комкоммæ райдыдта хъазахъхъаг. — Кæрæдзийы мидæг сæмтъеры сты! Куыдз йæ хицауы нал базондзæн!

— Чи схæццæ ис?

— Нæхионтæ æмæ уыдон, дæ бæрзонддзинад!.. Уыцы ингæны хуызæн комы нæ дыууæрдыгæй æрбалхъывтой!.. Дыууæрдыгæй нæ, фæлæ цыппарырдыгæй. Нарæг комæн йæ сæр æмæ йæ къæдзил сæхгæдтой, фæрсырдыгæй не уæхсчытыл сбадтысты æмæ!..

Æмæ цы?

— Æмæ нæ голладжы ныккалдтой, фæлæ!..

— Фæлæ цы?

— Фæлæ Екатеринодарæй иу ардыгон корнет рацыд немæ, Мамсыратæй йæ мыггаг. О-о-о, господин инæлар-лейтенант, Хуыцауы къахæргæвдæг у, æндæр ницы!

Павловмæ йæ цæст фæныкъуылдта Лорис-Меликов:

— Куындыхаты Муссæйы хæрæфырт, æвæццæгæн!

Фидиуæгæн йæ дзурæнтæ феуæгъд сты:

—...Цыдис алырдыгæй мæлæт: разæй, фæстейæ, фæрстырдыгæй... Æгæрыстæмæй ныл уæлейæ дæр уарыд нæмыг, бæласы схъис æмæ дуры къæвда... Уæддæр ахъуызыд уыцы ингæнæй Мамсыры-фырт, йæ фæдыл иу взвод, афтæмæй. Æз дæр йемæ уыдтæн... Æнæнхъæлæджы фæстæты æрзылдыстæм, къæдзæхæй сыл нæхи раскъæрдтам æмæ схæццæ сты хохæгтæ!..

— Бæдæйнаг корнет! — сирвæзт Павловæй, Лорис-Меликов афарста:

— Лæууы булкъон Товстоногов?

— Лæууы, дæ бæрзонддзинад, фæлæ йæ уыцы боцъоджын æгæр æлхъивы фæйнæрдыгæй.

— Дзæуджыхъæуæй фæцæйцæуæг бæхджын æфсад дыл кæм фембæлд?

Фидиуæг фæджихау ис:

— Никуы!.. Уыцы даргъбоцъо пехуымпар фæндæгтæ сæхгæдта, æмæ æз фæсфæдты цыдтæн.

Капитан Золотарев дуарæй æрбахызт, инæлар æм дзуры:

— Фидиуæгæн йæ бæх раивут æмæ йæ фæстæмæ арвитут!.. Нестеров æмæ Товстоноговмæ фæбæрæг кæнут: уыцы абырджытæ сæ бындзагъд куы ныккæной, уæддæр Раздзоджы удæгасæй куыд æрбакæной Дзæуджыхъæумæ!

Штабы хицауы афарста:

— Скъуыдкъохæй ничима зыны?

— Хуыцауы фæндæй ныр тагъд хъуамæ хæццæ кæна!

Изæрырдæм ма ноджы иу фидиуæг æрбахæццæ ис Сауадагæй:

— Сармадзанты богъ-богъмæ фæтасыдысты хохæгтæ. Сауадаг ныууагътой æмæ хæхты ’рдæм лидзыныл фесты. Хæйрæджыты комæй фæуæлейæ сты. Уырдыгæй ныл рауагътой лæсæн, йæ разæй нæ ассæста бæхæй-лæгæй. Нал сæм баххæст — нал дæр нæ кард, нал дæр — сармадзаны нæмыг, — загъта уый.

Фырмæстæй адæнгæл ис хицау, йæ цæстытæ тугæй айдзаг сты:

— Раздзог та цы фæцис? — афарста уый.

— Йæхионты йæ разæй фæкодта æмæ йæхæдæг дæр уыдоны фæдыл къæпхæнæй фæуæлейæ ис.

— Аирвæзт та! — йæ цæсгомыл нал уыд æвæлмас хуыз æмæ йын туджы зылд. Цыма йæ йæ дæлбартæй æмбæхста, уыйау æй фалæмæ аздæхта.

Фæдисон дзырдта:

— Аирвæзт, дæ бæрзонддзинад!.. Хæйрæджыты комы къæпхæныл слæууыд æмæ уырдыгæй уадзы махонтыл лæсæн æмæ зæй!.. Дыууæ взводы бæрц хъазахъхъаджы арф комы цъассы ныккалдтой, фæстæмæ раздæхæн фæндаг сæхгæдтой, сæ уæлхъус цæргæстау слæууыдысты...

— Æгъгъæд! — фæхъæр ыл кодта.

Павловмæ йæ амонæн æнгуылдз дары, афтæмæй дзуры:

— Экспедицитæ æрвыст æрцæуæд Брутмæ, Назранмæ, Урус-Мартанмæ!.. Уыцы раздзог бирæгъты бинонтæй ма кæд исчи ис, уæд сæ ардæм куыд æртæрой...

— Сабиты ахæстоны куы ныккалæм, уæд нæм, мыййаг, хæхтæ дæр куы фæхъызой, дæ бæрзонддзинад, — чъызгæ бафиппайдта штабы хицау.

— Хæхтæ ныл тынг нæ аудынц, акæс-ма дæлæ Сауадагмæ! — фæхъæр ыл кодта уый.

— Хæстон къуыхцыдзинады сæраппонд йæ мæт сабитæй ничима райста, дæ иууыл бæрзонд!..

— Кæцы хæстон къуыхцыдзинады кой кæныс, булкъон? — йæ хъуыры фæбадт. — Сауадагмæ фæбæрæг хъæуы: цалынмæ нæ баталынг ис, уалынмæ рабырæд уыцы æлгъыстаджы Хæйрæджыты комæй!.. Райсоммæ быдыры хуыздæр позицитыл æрлæууæд!..

Дуармæ ныццавта йæ цæстытæ. Гъеныры хуызæн æй никуы фæндыд Муссæйы фенын, уый уæддæр никуыма зынд.

VIII. АРХЪАНÆЙ АХСТ ПАРЛАМЕНТЕР

Махмуды бацагуырдта Хæмæт, йæ бæхы идон ын ацахста:

— Мæ фæдыл цу, Раздзог загъта.

— Кæдæм?

— Архъанæй ахсинаг фæзынд... Чи зоны, мын феххуыс кæнын бахъæуа!

Фырдисæй цæцæйнаджы даргъ цæстыхаутæ гæлæбутау стыбар-тыбур кодтой.

— О Аллах!..

— Цæуыл дис кæныс?.. Куы дын загътон, Раздзоджы фæдзæхст у!

— Ау, æмæ ма йæ архъанæй æрцахст цы у?.. Кардæй йын акъуырдзынæн йæ цъаммар сæр.

— Нæ, Махмуд! — цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ йæхи фæурæдта.

Мæстæджы фæцагайдта, Махмуд йæ фæдыл ахæм цыд кодта, цыма йæ тыххæй ластæуыд.

Арф комæй уæлæмæ схъиудта Темырболаты сидт:

— Абырджытæ не сты, нæхионтæ сты-ы-ы!..

Хæмæт йæ бæхы уыцырдæм баппæрста æмæ йæ дыккаг хатт бахъуыд йæ хæлары фæсарц абадын: æрдæбон фырцинæй, ныр та Раздзоджы фæдзæхстæй.

Махмуд ницыма æмбæрста, фæлæ, Даргъвæндагыл йемæ хъарагъул чи уыд, уый хатыр нæ саста. Цыдис Хæмæты фæдыл æмæ йæм афтæ каст, цыма дымгæ-бæх цы рæсугъд скъæрдта, уый лæууыд йæ цæсты раз.

Хæмæт ацахста Темырболаты, йæ риумæ йæ ахъаззаг нылхъывта.

— Дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг!.. Иунæгæй ницы бакæндзынæ, цæцæйнаджы демæ айс! — Уый йын дада фæдзæхста.

Æвиппайды йæм фæкаст Темырболат. Йæ цæсгом уыдис, йæ карды бырынкъыл цы хæцъил уыдис, уыйау фæлурс, йæ цæстæнгас — сонт. Цыма йыл уазал уддзæф æрбаулæфыд, афтæ фæцис Хæмæт уыцы æрбакастæй.

— Суадз мæ!.. Æгъгъæд у туг пырх кæнынæн!.. — хæлбурцъ кодта, урс хæцъилыл уæлæмæ хæцыд ноджы.

Мæстæджы идоны йæ цонг атъыста, корнеты ахъаззаг нылхъывта, йæ хъусы йын дзуры сусæгæй:

— Иу хатт нæ сызмæстай, ныр та ноджы!.. Уыцы урс хæцъил нын нæ кæрдтæ гуымыдза кæны. Раздзог загъта!..

— Раздзог мыл æнæхъуаджы бацауæрста æрдæбон! — æвиппайды фесхуыста Хæмæты, чысыл ма бахъæуа, бæхæй асхъиуа. — Суадз мæ, зæбулхъус. Æхсæны лæджы урс тырысайы коммæ сырдтæ дæр кæсынц!.. Ого-го-го!.. Нæхионтæ сты, нæхионтæ...

Уалынмæ цæцæйнаджы архъаны цæг тæлтæг бæхы æфцæгыл æрхаудта æмæ бæндæн ахъаззаг ныттынг ис. Хæмæт дæр ын зæвæтæй йæ гуыбын сцавта æмæ фæуырдыг сты Сауададжы чъылдымæй, дæлæмæ, даргъвæндаджы ’рдæм.

Бæхы рагъæй хордзентау азæбул сты фæйнæрдæм. Темырболат йæхи аппарынмæ хъавыд, Хæмæт æй уромгæ кодта.

Махмуд разæй скъæрдта, ласта йæ фæдыл иу чысылгомау кæсгон бæх æмæ дыууæ барæджы. Фæстейæ идадзæй уад Мæстæг.

— Чысылæй дæр мыл тых уыдтæ, зæбулхъус! — йæхи дæлæмæ ивазы æмæ йæ къухтæ тоны ахст парламентер.

— Раздзог загъта: Æна, зæгъ, дæм æнхъæлмæ кæсы!.. Стæй абонрайсомæй Зарæ дæр!..

Æвиппайды фегуыппæг сты сæ дыууæ дæр æмæ тæхгæ бæхæй асæрбихъуырой кодтой.

Махмуд йæ бæхы фæурæдта æмæ Хæмæтмæ дзуры:

— Кæдæм ма йæ ласæм?.. Ам æй агæрах кæнæм!

Хæмæт фæтарст йе ’мбалы ныхæстæй æмæ цыдæр зæгъынмæ схъавыд, фæлæ уый бæсты Темырболат дзуры цæцæйнагау:

— Раст зæгъы цæцæйнаг!.. Хъиамæты аккаг нæ дæн!

Джауыры йæхи æвзагыл дзургæ куы федта, уæд йе ’взаг ныххаудта Махмудæн.

Хæмæт æм æгуыппæгæй дзуры:

— Махмуд, фæстæмæ аздæх ды! Ныр нæхæдæг цæудзыстæм!.. Афтæ бафæдзæхста Раздзог!..

Фырмæстæй ма йæ гуым-гуым ссыд уымæн:

— Хъантау сын нæ сыгъдæг кувæндæтты сæрмагонд бынæттæ радтæм! Цыртытæ скæнæм ацы джауыртæн, хынджылæг нæ кæй скъæрынц, уый тыххæй сын табу скæнæм.

Хæмæт сур хъæлæсæй сфæлхат кодта:

— Сауадагмæ аздæх, Махмуд! Афтæ бафæдзæхста Раздзог!..

Иу æвзыст ма фæкодта фæстæмæ æмæ йæ саулохаджы фæцагайдта.

Æмырæй бадтысты фæндаджы былыл, цыма сæ рох фæцис Сауадаг. Зæронд лæгау, йе уæхсчытæ ныкъкъæдз сты, афтæмæй салд цæстытæй каст зæхмæ.

— Хорз нын слакъон кодтай нæ дон, — æрæджиау загъта Хæмæт.

Хъандзалау, фесхъиудта уыцы ныхасмæ, уыцы иу гæпп фæкодта æмæ байсæггаг бæхы рагъмæ фехста йæхи. Махмуд кæм фæаууон ис, уыцырдæм æй фæцагайдта.

«Йæ зонд фæхæццæ ис!»

Фæстейæ йæ расырдта Хæмæт. Йæ бæхы идон ын ацахста, цыма лæгæй-лæгмæ тохы бацыдысты, уыйау кæрæдзийы риутæ ныххуырстой дыууæ бæхы.

Бæхы ехсæй нæмы æмæ сонтау хъæр кæны:

— Сауадагмæ! Сауадагмæ! Сауадагмæ!..

Нæ йæ суагъта Хæмæт, ноджы йæ фæстæмæ раивæзта.

— Ауадз мæ! Æгъгъæд у туг калынæн! — ныррыхыд.

Йе уæнгты нæмыгау алиуырдта уыцы хъæр, уæддæр æй не суагъта. Бæхæй æргæпп ласта уæд æмæ фистæгæй ныййарц ис.

«Сæрра ис!» — Мæстæджы зæвæтæй скъуырдта æмæ йæ иу агæппæн баййæфта. Йæ разы слæууыд, йæ сонт цæстытæм ын кæсы æмæ хъуыды кæны:

«Афтæмæй нæ акомдзæн Брутмæ!» Раздзог дзырдта: Бруты дæм æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ...

— Уæдæ мæ нæ уадзыс?.. — Йæ кард фелвæста Темырболат.

Йæ сонт бакаст ыл тас æфтыдта, фæлæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд Хæмæт. Ноджы мæстыйы худт бакодта:

— Гъе, гъе, уый цух ма у дæ кад!.. Æрдæбон дæм кастæн, хорз сахуыр дæ кардæй дæхионты дзæхст кæнын, — гуым-гуым кæны йæхимидæг.

Кард ныззылдта æмæ йæ зæххы ныссагъта, йæхæдæг дæр йæ фарсмæ ныххаудта дæлгоммæ.

Йæ фарсмæ æрбадт Хæмæт, йæ зæрдæйæ йын йæ маст бынтон ралæмарыны сæраппонд дзуры:

— Рæмпъуз æй, рæмпъуз... Нæ зæхх фæразон у æмæ уый хуызæн рæмпъызтытæй нæ мæлы!

Йе уæхсчытæ сæнкъуыстысты корнетæн.

«Кæуы». — Йæхицæн дæр йæ зæрдæ хыссæйау æрфæлмæн ис æмæ йын йæ армæй йæ даргъ коцора дауы.

— Кæуын худинаг нæу, Болат!.. Стæй дæм мæн йеддæмæ кæсгæ дæр ничи кæны!.. Цæссыг фæрогдæр кæндзæн дæ зæрдæ дæр... æрдæбон кардæй кæй рæмпъызтай, уый зæрдæ дæр!..

Бынтон ыл бафтыд ризæг æмæ ницыуал загъта. Иудзæвгар æмырæй фесты, стæй, цыма тарф фынæйæ райхъал, уыйау фæгæпп ласта æфсæддон.

— Кæдæм цæуæм? — афарста.

Уазал уддзæфау та йыл сæмбæлд сонт цæстæнгас.

— Брутмæ, — сындæггай йын дæтты дзуапп.

— Адæм фæдисмæ, мах та куыйтау къæбицмæ!.. Уым сæ туг калынц, мах та нанайы хъæбысмæ!..

«Нæ, афтæмæй нæ акомдзæн», — ферттывта та йæ сæры.

— Муссæ Бруты ис!.. Фæбæрæг æм хъæуы хабар... Раздзог фæдзæхста! — Кæцæй йæм фæзынд уыцы хъуыды, уымæн йæхæдæг дæр ницы базыдта.

Æвиппайды æрбатары ис уыцы ныхæстæм сонт цæстæнгас. Бæхыл абадт æмæ йæ ехсæй æрдзæхст ласта.

— Лидзгæ Брутмæ!.. Муссæйы йеддæмæ ничи ахуыссын кæндзæн уыцы арт.

...Скъæрдтой. Сыбыртт сæ ничи кодта. Гуыбыргомау бадтис кæйдæр бæхыл, сæфтæджыты иугъæдон тъыбар-тъыбур ын йæ зæрдæ агайдта. Хæмæт йæ фæрсты уад æмæ фиппайдта: Темырболат фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæны, цыма исты агуры.

Ахæм бакаст вæййы адæймагæн, искæуыл куы фæузæлы, уæд.

Кæуыл узæлыд? Бæтæхъойы хъæугæрон, хъарагъултау чи ныррæгъ ис, уыцы тæлм бæлæстыл, æви рахизæрдыгæй Ирыл æвзист ронау чи æртыхст, уыцы халассæр хæхтыл?

Уым баззад Раздзог йе ’фсымæры фырт Гæбаимæ. Фæйнæрдыгæй сæ джауыртæ æрбалхъывтой, сæ удтæ рагъæнмæ хизыныл сты ныр, æвæццæгæн. Уый та Темырболатимæ Брутмæ фескъæры. Фыдхабары фыдфæдисон хъуамæ суа.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: