II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 3 глава




Фæсауæрцы дамбаца ма уыдис Муссæмæ. Бахста та Бæтæхъойы.

«Хæрзмæ дыл нæ ауды Стыр Хуыцау, Тæгиан-æлдар! Слас дæ кард, кæд лæг дæ, уæд!» — дзуры йæм.

Йе уæнгтæ барызтысты Муссæйæн, — тасæй нæ, йæ сыхагимæ кæй фæныхæй-ныхмæ ис, уымæй.

Ротмистр æй æрсæрфта, Бæтæхъо йæм йæхи баскъæрдта фистæгæй, йæ цонг ын ацахста.

— Дæ амарын зын кæй нæу, уый зон, Тæгиан! — Ныкъкъуырдта йæ æмæ ма йæ чысыл бахъуыд къардиуæй асхъиуынмæ. — Дæхи уромынхъом у, лæппу! — дзуры йæм фæстейæ. Кардæй йæм февзыста, йæ рус ын гæзæмæ фæцъæррæмыхст кодта.

Стæй йæ къухæй йæ кард куыд ахаудта, уый нæ базыдта. Æрмæст ма Бæтæхъойы æхсаргарды бырынкъ фиппайдта, йæ риумæ судзины бырынкъау чи ныббыцæу ис, уый.

— Дæ зæрдыл дар, лæппу: иу лæг амарын æнцон у, фæлæ адæм амарын никæй бон бауыдзæн!..

...Цыдис дæлæмæ, йæ русы туг калдис, афтæмæй.

«Искæй туджы тæф нæ кæлы, зæйау куы цæуа, уæддæр хи туджы тæфæй адæймаг фæхуыдуг уыдзæн», — аскъуыддзаг кодта гъеуæд.

...Бæтæхъойы карды æрсæрфт дзы нæ рох кодта. Бырыдис уæлæмæ, фæрныг фынджы сæрмæ. Кæд-иу ыл искуы адæймаджы хъæрзын ссыд, уæд йæхи раст кодта: «Мæ фыд Алхаст мын чердæм бацамыдта, уыцырдæм цæуын! Кæд мæ бадæн дæлейæ уæлæмæ ивы, уæд уый мæ аххос нæу».

Авдæмæссæдзаздзыдæй майоры пъагæттæй сфæлыста йæ фæтæн уæхсчытæ, хæххон бæхджын дивизионы командæгæнæджы бынат ын радтой. Йæ дивизионимæ мадьярты æмæ польшæйæгты дæрæн кодта, æмæ уырдыгæй куы æрбаздæхт, уæд ын сыгъзæрин æхсаргард балæвар кодта цытджын император. Цыргъаджы комыл бафыст «хъæбатырдзинады сæраппонд» ын чысыл йæ зæрдæ аныхта.

Стæй фæстейæ аззадысты Сау денджыз, Дагъыстан, Цæцæн-Мæхъхъæлы хæстон экспедицитæ. Кæмдæр къуымы æппæрстæй лæууынц, знон ма сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы булкъоны пъагæттæ. Инæлары сыгъзæрингъуыз эполеттæ йын фæйнæрдыгæй йæ рустæ тавынц ныр.

Цæцæны æфсæддон зылды хицау ссис, фæлæ уый йæ фыд Алхаст кæмæй дзырдта, уыцы бынат нæу уæддæр. Ау, уымæй уæлдæр бынат нал ис нæртон фынгыл!..»

«Ведено æмæ Гунибы хыгъд Скъуыдкъох хъуамæ сырæза!» — сфæлхат кæны уæддæр йæхинымæр.

Газетмæ та фæкомкоммæ ис.

«Йæ императорон бæрзонддзинады бардзырдæй Æппæт Уæрæсейы империйы хъазарад!..»

Йе уæнгтæ тæфсæгæй рынчынау барызтысты, хохы йас лæг йæхимидæг нымпылд.

Хъусгæ йæ кодта, фæлæ йæ нæма уырныдта, кæйдæр йæ мады мæлæт куыд нæ уырныдта, афтæ. Ныр æй знон Терчы облæсты хицауы дзыхæй фехъуыста ноджы, хæххон адæмы хъуамæ фæсурæм, зæгъгæ; æмæ йæм бандæвта «Йæ императорон бæрзонддзинады манифест».

Схæццæ уыдзæн бæстæ, куыдз йæ хицауы нал базондзæн!

Муссæйы хуызæн цыбырдзастытæ фæкъахтой мыстытау, æмæ гæдыйы сæр ракъахтой. Йæ императорон бæрзонддзинады æнцой фæлæууыдысты, Кавказы Уæрæсейы провинци скодтой æмæ расайдтой сæхицæн «Иууыл бæрзонддæр манифесты» бартæ.

«Сæ сæртыл схæцдзысты сæмпæрчъитæ æмæ кæвдæсæрдтæ!.. Стæй ма сæ ноджы сæ бынæттæй куы сурой, уæд бынтон схæццæ уыдзысты мæлдзгуытау! Куыдз йæ хицауы нал базондзæн. Баззайдзыстут, Тæгиатæ, уæ кадджын номы æвджид!»

Гъæй-дæ-гъæй, Муссæ! Уæдæ ма цæмæн калдтай дæ туг Дагъыстаны, Цæцæны, Мæхъхъæлы, Ирыстоны? Цæмæн ма бырстай фистæгæй, бæхджын лæг кæдæм нæ цыд, уыцы Хубары хæхтæм?..

Фæсахсæвæрæй ахызт, дуарæй хатт хæфсы иугъæдон зарын æрбайхъуысы. Уый уæддæр бады æмæ тарф хъуыдыты малы ныгъуылы.

Хуыздæр мадзал фæзындзæн, зæгъгæ, ныфс бавæрдта Лорис-Меликовæн. Цы хуызы сæххæст кæндзæн йæ ныфсбавæрд, цахæм мадзал ма ссардзæн, Муссæ, уым цы бауынаффæ кодтой, уымæй дарддæр?

— Нæ-æ-æ!.. Куы нæ фазына, уæд æй йæ хъусæй æрласдзынæн!.. Куы нæ йæ æрласон, уæд та æппæты сæрæй хъуамæ райдайон!..

Газетмæ фæлæбурдта, айтыгъта йæ, богалы каст æм чи кодта, уыцы паддзахы къаммæ нымдзаст ис.

«Сæрибаргæнæг паддзах», императоры нывы бын ставд дамгъæтæй уыд фыст.

«Кæмæн — сæрибаргæнæг, кæмæн та — удисæг!» — тымбыл къухæй йæм бартхъирæн кодта:

— Афтæмæй дын нæу, урс паддзах!.. Тæгиатæ цæргæ-цæрæнбонты цы фæллой фæкодтой, уый дæ «иууыл бæрзонддæр манифесты» сæрыл не ’рхæсдзысты!..

Дуарæй Гамзаты хъуынджын худ æрбазынд, æвæццæгæн ын æгæр хъæрæй загъд фæцис.

— Дзырдтай мæм, ме ’лдар?

Уæззау сагъæстæ йæ æндæрджытимæ кæй сдзурын кодтой, ууыл нæ басаст Муссæ.

— Гамзат, молло нæма æрбацыд? — фæрсы йæ æфсонæн.

— О ме ’лдар! Æддейæ æнхъæлмæ кæсы йæ хицауы фæсидтмæ.

— Æрбацæуæд мидæмæ уыцы!.. — «уыцы даргъбоцъо сæгъ» хъуамæ загътаид, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.

Мыстулæг хъоргъы куыд фæтары уа, афтæ фæтары ис Гамзаты сæр.

Цæмæн быхста ацы зæронд Хуыцауы минæвары æмбыд дæндæгты смаг? Цæмæн æй дардта Скъуыдкъохы галуаны?

Куысты сахаты чи фæнды цыдаид Муссæйы хатæнмæ, — йæ ных æнæмæнг æрфыгæлхынцъ Гамзаты ныхыл сæмбæлдаид. Молло Хъазийы раз гом уыд йæ дуар боныгон дæр, æхсæвыгон дæр.

Афтæ фæндыд Муссæйы. Æндæра чи бахастаид йæ ныфс æмбисæхсæв уымæ æнхъæлмæ кæсын?

Чи уыд, кæцæй уыд? Кæнæ йæ мад æмæ йæ фыд цы адæмы минæвар уыдысты?

Ничи йын ницы зыдта.

Хуыцауы минæвар молло Хъазийæ йæ зыдтой. Гъе, уый уыдис, æндæр ницы!

Æнæкъæрццæй дзырдта иронау, цæцæйнагау, мæхъхъæлонау, æгæрыстæмæй, араббагау дæр. Кæдæмдæриддæр бацыдаид, — алыран æй хионыл нымадтой. Скъуыдкъохыл йæхи куыд сныхæста, уый Муссæйæ рох дæр фæцис.

Дуары зыхъхъырæй йæ цыргъ боцъо æрбазынд.

— Æгас цу алы хатт дæр, Хъази! Цы хабæрттæ ис?

Йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акодта, афтæмæй цармæ скаст уый.

— О Аллах, бауадз мын мæ зæронд уæрджыты уый бæрц тых æмæ дæ дæлбазыр цы арфæгонд бæстæ бакодтай, уымæн йæ алы къуымтæй дæр мæ кадджын хицаумæ хорз хабæрттæ хæссын мæ бон цы бауа!..

Муссæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ йæ молло фенкъардта: æгæр бирæ æнхъæлмæ кæсын кæны йæ хицауы дзуапмæ!

— Хъуыраны æмдзæвгæтæ кæсынæн та ссардзыстæм рæстæг!.. Цы хабæрттæ æрхастай? — сур хъæлæсæй фæрсы моллойы.

— О Аллах, уæд мын ме ’взаг бахус кæн!..

— Мæзджыты хуылфмæ не ’рбацыдтæ!

Молло йæ сæр æркъул кодта, æмæ сырх сарыхъхъы чъил фынгыл æрныдзæвд.

— О Аллах, чи куырдта дæуæй мæгуырау хабæрттæ дзурыны сæраппонд æвзаг!.. — йæ сæр суанг зæхмæ æрхаста молло. — Ныббар-иу мын, мæ кадджын хицау, хъустыл æрвнæрдау чи сахада, ахæм хабæрттæ дын куы радзурон, уæд!

Муссæ Хъазимæ фемдзаст ис.

—...Кæм у мæ хуызæн зæрондæн йæ бон райсомы ламаз Ичкерийы скæнын, сихоры — Аргъуны, изæры — Харачойы!.. — цыма æцæгдæр Хуыцаумæ куывта, уыйау дзырдта Хъази. — Кæм ма ис уыйас тых мæ уæрджыты! — фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. — Имам Шамилы мюридтæй ма чи баззад, уыдон фыййауы дарæсы рабыр-бабыр кæнынц... Адæмы змæнтынц æмæ та ахсджиаг хæст газаватмæ сидынц рæстуырнæг адæммæ!..

— Уый зонын!

Молло фергъуыйау, æрæджиау ма сфæрæзта дзурын:

— О ме стыр хицау!.. Иу хабарыл уæлдай знæт систы пысылмонтæ!

— Цавæр хабар у?

— Бæстæ схæццæ ис. Чи кæмæй у, уымæн ницыуал зонынц!.. Афтæмæй Хуыцауы хæс фидын дæр фæсфæд аззайы. Нæ артдзæстæй, дам, нæ сурынц, æнæдин джауырты, дам, дзы æрцæрын кæндзысты! Нæ сахъгуырдты, дам, нын салдаты акæндзысты, чырыстон дин, зæгъ, сын тыхæй райсын кæндзысты! О, Аллах, фæу не ’ххуысгæнæг!..

— Рагон аргъæуттæ! Æндæр ма дæм цы ис?

Æрæджиау сдзырдта молло:

— Раст зæгъыс, зæронд хабæрттæ сты, фæлæ Аллах загъта: дардыл æрзил æмæ æгас хæдзар ссарай.

— Цæй, уыцы дард фæндагыл лæгæн йæ уд сис æмæ йæ æгас хæдзармæ мардæй бахæсс.

—...Сбирæ сты, Хуыцауæн æхцон чи нæу, ахæмтæ. Марг æмæ хъæстæ тауынц рæстуырнæг пысылмонты æхсæн! Фæлæ уæддæр диссаг уый у, хицæуттæй иуæй-иутæ, Аллахæн æхцон чи нæу, ахæм хъуыддæгтæм кæсгæйæ, æрттæдæлармæй кæй бадынц æмæ ма!.. — молло ферхæцыд. — Æмæ ма сын ноджы æххуыс дæр кæй кæнынц...

Муссæ йæхи фесхъæл кодта:

— Уый, чи зоны, мæнмæ дæр хауы?

— О-о-о, уæд мын Уæллаг мæ дзурæнтæ бахус кæнæд! — йæ армытъæпæнæй йæ дзых амбæрзта Хуыцауы минæвар.

— Комкоммæ йын зæгъ йæ ном, æууилгæ йæ ма кæн!

Хъази гæдыйы каст скодта Муссæмæ:

— Чысыл Цæцæны наиб, Саад-Уллахъ Османов!

— Османаты Садуллæ, зæгъыс? — Муссæ йæ бадæнæй фестад.

— О мæ кадджын хицау! Османы-фырты Хуыцауæн цытгæнæг адæймагыл нымайынц, æмæ йæ дзырд дæр ахады адæмы æхсæн.

— Зонын Садуллæйы! Цы ахстонæй атахт, уый дæр мын æнæзонгæ нæу! — уæрæх уаты дыууæрдæм рацу-бацу систа Муссæ. Молло фынджы фарсмæ гуыбыргомау лæууыд æмæ йæ хицауы тæрхонмæ æнхъæлмæ каст.

«...Османаты Садуллæ, Раздзог, Дзæрæхохты Алхаст!.. Уыдонимæ ма ноджы Малсæгты Тепса... сих Хадзы Абди Эффенди æмæ алы гуыбынниз! Æнæхъуаджы нæ кодта сæ кой Лорисы-фырт! Цахæмдæр æнæзæрдæмæдзæугæ уддзæф та мыл ныдзæвы!..»

Хуыцауы минæвары раз дзыхълæуд фæкодта:

— Ацу æмæ ныр æрæнцай!

Фæстейæ ма цыдæр кæй фæуагъта, уый фенкъардта молло æмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ йæ къахфындзтыл слæууыд.

— Цæцæнмæ ма дæ бахъæудзæн цæуын? — баххæст кодта æцæгдæр йæ хъуыды Муссæ.

Зæронд лæджы цæстыты цымыдис ныббадт:

— Хицау цы зæгъа, уый уыдзæн!

— Сабаты изæры Урус-Мартаны Хуыцауы минæвæрттæн сæ зынгæтæ æрæмбырд уыдзысты, цыма моллойы ныхас нæ фехъуыста, уыйау йæхиимæ дзурæгау бакодта. — Мæ хъустыл æрцыд, цахæмдæр кадджын уазæгмæ æнхъæлмæ кæсынц уым!..

— Æвæццæгæн Кунта-Хадзымæ...

— Нæ-æ-æ! Кунта-Хадзыйы комы тæф нæу уый! Уæд æй æз дæр зонин! — йæ дæлбары уæлхъус слæууыд æмæ йæм комкоммæ дзуры: — Хуыцауæн цас фылдæр кувай, уыйас зæрдæйæн æхцондæр... Ацæуын хъæуы, Хъази!..

Хъази йæ сæр æркъул кодта.

— Ныр ацу æмæ дæ зæрдыл дар: Чысыл Цæцæны наиб Османаты Садуллæ дæр уым цæры.

Фæстæмæ алæууыд Хъази æмæ йæ сæрæй йæ сынæг раздæр айсга Муссæйы хатæнæй.

— Даргъбоцъо сæгъ! — стъолыл йæ рæмбыныкъæдзæй æрæнцой кодта, паддзахы хуызистмæ та фæкомкоммæ ис.

«Æмбарын уегасы дæр!.. Фенæм, Лорисы-фырт, кæддæра Тæгиатæ цæрæнбонты цы фæллой фæкодтой, уый дæ къæбæлдзыг политикæйы сæрыл æрхæссиккой! Кæсдзынæн дæм, Османы-фырт, кæддæра дæ дыдзæсгом хъазтæй цы рауаид!..»

Паддзахы ныв цырагъмæ æрдардта æмæ йыл арт сирвæзт. Бынтон куы ныссыгъд, уæд ма æртхутæгмæ ныдздзырдта:

— Ды адæмимæ хъазыс гæды æмæ мыстæй, æз та демæ!.. Дæу æмæ дæ фæсдзæуин Лорис-Меликовимæ!.. Цæцæны наиб?.. Уый рувас у æмæ рувас бирæгъæн цы хъом у?

Æртхутæгыл афу кодта.

— Гамзат, о, Гамзат!

Йæ хъæр æрвнæрдау анæрыд æгуыппæг æхсæвы.

Гуымирау слæууыд Гамзат фæсдуар.

— Бæхтæн сæ тæккæ хуыздæр равзар æмæ Брутмæ згъор! Уым ме сиахс Мамсыраты Уосмæн цæры... Йæ фырт Темырболат афонмæ Чугуевæй æрхæццæ ис! Зæгъ мæ хæрæфыртæн, дæ мадыфсымæр дæм сиды, зæгъгæ! — скъуыддзæгтæй дзырдта уый.

— Мемæ йæ ракæнон, æви?..

— Уæлдай нæу! Чифæраздæроны фæндагыл ныллæуут уæ дыууæ дæр! — фæхъæр ыл кодта хицау æмæ Гамзаты чъылдым фæсдуар амбæхст.

Цæмæн æй бахъуыд ныртæккæ Темырболат, уымæн бæлвырд ницы зыдта.

— Кæд гæды æмæ мыстæй хъазгæйæ у, уæд фенæм, кæддæра чи кæй фæсаид!..

Уайтагъд дуар фегом ис фæстæмæ, Гамзат æрфыгæлхынцъæй слæууыд къуымы.

— Фидиуæг Дзæуджыхъæуæй! — тыххæй йæм æрбайхъуст йæ уынæр.

— Кæм ис уæдæ? — афарста Муссæ.

— Кæрты æнхъæлмæ кæсы.

— Фæдзур æм ныртæккæ! — йе уæнгтæ куыддæр бахъыдзыгонд кодтой.

Йæ цыппар къуымы сасм мыхуыртæ кæмæн уыд, ахæм пакет æм авæрдта фидиуæг. Йæ мыхуыртæ йын стыдта.

«Цытджын Муссæ Алхазович! Зæрдиагæй мæ фæнды мæ тагъдуайæг дæ искуы фæндагыл куы баййафид! Хорз бæхы фæрцы барæг йæ хæдзарыл рæхджы сæмбæлы, æмæ йæ зонын: ды дæр ныр Скъуыдкъохы дæ фæллад уадзыс æмæ дын кæд стыр хъиамæт у, уæддæр Дзæуджыхъæуы фæндагыл ныллæуу фæстæмæ. Æвæстиатæй, æвæстиатæй! Афтæ домынц цытджын паддзах æмæ паддзахады интерестæ!

Инæлар-лейтенант Лорис-Меликов М. Т.»

«Гъе-гъе, æнхъæл куыд уыдтæн, уымæй раздæр рахсыст, æвæццæгæн, цæджджинаг!»

Темырболат æмæ дзы Гамзат айрох сты, уайтагъд цæуыны къахыл ныллæууыд.

III. ФÆДИСЫАРТ

Изæрдалынгты Фæдисы хохы цъуппыл арт фæфиппайдта мæхъхъæлон Малсæгты Тепса.

Иудзæвгар æдзынæг фæкаст, арвмæ лæбурæгау чи кодта, уыцы арты æвзагмæ, стæй æвиппайды фæзылд æмæ бæхдонмæ бауад.

Сусæгæй, бинонтæ йæ куыннæ базыдтаиккой, афтæ бæх аифтыгъта, абадт ыл. Цыбырвæндæгтыл фескъæрдта удаистæй æмæ фæсæмбисæхсæв Урус-Мартанмæ бахæццæ ис.

Ехсы хъæдæй йæ хæлар Дзæрæхохты Алхасты хæдзары рудзынг бахоста.

Исдугмæ æддæмæ зынæг нæ уыд.

— О-о-о, Алхаст! — æндыгъд хъæлæсæй фæсидтис Тепса.

Уæддæр ничи разынд, æмæ та ехсы хъæдæй рудзынг ныххоста.

Æрæджиау дуары хъыс-хъыс ссыд. Тепса талынджы фæфиппайдта: Алхаст йæ иу къухæй йæ куырæты æгънæджытæ æфтауы, иннæ йæ ныхыл авæрдта, цыма йæм хур æндæвта.

— Кæй раскъæф-баскъæф кæны Фурки[1] йæ базыртыл ацы æмбисæхсæв? — ссыд ыл йæ дзурын.

— Марчуогъыл, Алхаст! — мæхъхъæлонау салам радта уазæг.

Фысым йæ къах къæсæры сæрты райста.

— Тепса куы дæ, — цымыдисæй дзы сирвæзт. — Салам-Алейкум, Тепса!

— Алейкум-салам, Алхаст!

Уазæджы бæхы хид æрбандæвта фысыммæ.

— Æвзæр хабарæй Хуыцау бахизæд...

— Цух не стæм уыдæттæй, Алхаст.

— Мидæмæ рацу, фысым дын уыдзыстæм æгас бинонтæй.

— Мидæмæ цæуыны рæстæг нал ис, дæхи барæвдз кæн, Алхаст.

Цæцæйнаг фæдисау. Уазæгмæ хæрз æнгом бацыд, æндыгъд хъæлæсæй йæ фæрсы:

— Уанцон нæу, Тепса?

— Дырыл[2], бадыны рæстæг нæу ныртæккæ!.. Цуанон йæ амæттаджы фæд-фæд куы нæ цæуа, уæд ирвæзгæ кæны!

Алхасты цæстытæ ферттывтой талынджы:

— Кæдæм тындзыс, Тепса?

Мæхъхъæлон йæ къух Фæдисы хохы ’рдæм адардта:

— Скæс-ма, Бæтæхъо та фæдисы арт суагъта!

Цæцæйнаг æвиппайды фæзылд.

— О Аллах, ды у не ’ххуысгæнæг! — цымыдисæй дзы сирвæзт.

— Фæдисы арт нæм сиды, — цадæггай дзуры мæхъхъæлон. Кæлмдзæфау фæзылд Алхаст, Тепсайы иунæгæй фæуагъта. Кæцæйдæр бæхы гæрзты дзыгъал-мыгъул ссыд, стæй та цæфхæдты къыбар-къыбур.

Уæлбæхæй йæ хæлары фарсмæ слæууыд Алхаст.

— Фæдисы арт æнæхъуаджы не скодта Раздзог!.. Афтæмæй цæугæйæ нын нæу!

Тепса фæрсæджы каст бакодта йæ хæлары цæсгоммæ:

— Цæуæм! — æфсæйнаджы къæрттау схауд уыцы иунæг дзырд.

Йæ хæрæфырты лæппу Алханты Махмуды райхъал кодта Алхаст æмæ йын йæ хъусы дзуры сусæгæй:

— Ахсæв сæ къахыл хъуамæ слæууой Урус-Мартан, Агхой, Гех, Шали!

Махмуд йæ уæхсчытæ бауыгъта, цухъхъайы фæдджийæ йæ цæстытæ асæрфта æмæ афарста:

— Урус-Мартаны цæры наиб, Османаты Саад-Уллахъ дæр. Уымæн дæр-иу бахойон йæ дуар?

— Аллахæй æлгъыст фæуæд, чидæриддæр йæ уæхсчытыл джауырты пъагæттæ хæссы, уыдон иууылдæр.

— Мах цæуæм Раздзогмæ, сымах нæ фæдыл рацæудзыстут фæсвæдты Тарскæйы онг.

— Мæхъхъæлы фæсивæд дæр æнхъæлмæ кæсдзысты. Бæрæг уæм, зæгъ, чындæуыдзæн, — бафтыдта ма йæм Тепса.

Лæппуйы йæ бынаты фæуагътой, сæхæдæг сæ бæхты фæцагайдтой.

Нымæтæй тыхт цæфхæдты къупп-къупмæ Урус-Мартаны куыйты зивæг рæйын æрбайхъуыст.

***

Фидиуæгыл нæ баууæндыд Раздзог, йæхæдæг абадт бæхыл æмæ æхсæвыгон Брутæй ахъуызыд. Иунæгæй ныллæууыд зынвæндагыл, иунæгæй тох кодта уæззау хъуыдытимæ.

Йе ’фсымæры фырт Гæбайы хохы цъупмæ сæрвыста. Фæдисы хохы цъуппыл арт суадзын кодта.

Йæхæдæг хъæуи-хъæу зылдис, сусæгæй сидтис фæсивæдмæ.

Фæдис! Фæдис!..

Хæдзæртты рудзгуытæ хоста зæронд дада, йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыдоны сæ къахыл слæууын кодта.

Мамсыраты Уосмæны «згъуыды» фæуагъта, «Уый Куындыхаты Муссæйы сиахс у!» Алæгаты Темырыхъойы хъæдын хæдзары фæрсты ныууад. — «Уый та Уосмæны адджын сыхаг у. Тагъд, æнхъæл дæн, лымæнтæ дæр бауыдзысты. Уосмæны фырт Темырболат Уæрæсейæ куы æрбаздæха, уæд!..»

— Фæдис! Фæдис!

Алæгаты Темырыхъойы фырт Хæмæт æй уæддæр базыдта, сæ кауы сæрты уæлбæхæй расæррæтт ласта, Раздзоджы фарсмæ æмырæй слæууыд.

Бæтæхъо фергъуыйау, лæппуйы æд хотыхтæ йæ фарсмæ куы федта, уæд. Йæхи æфхæрыныл схæцыд, йæ сыхæгты Муссæйы барæнæй кæй барста, уый тыххæй. Лæппумæ йæ мидбылты бахудтис.

Æдзух хæцæнгарзæй архайыныл сахуыр ис, а бæстыл «ацы фарс» æмæ «уыцы фарсы» йеддæмæ ницыуал фиппайдта.

«Ацы фарс» æдзух йемæ уыдысты цæцæны раздзог Дзæрæхохты сахъ Алхаст, мæхъхъæлон Малсæгты бирæгъдзаст Тепса.

«Уыцы фарс» уыдысты паддзах — йæ хъузæттимæ, мæгуыр лæджы туг баназыныл чи нæ ауæрста, уыдон.

Цыдис ныр уал азы дæргъы дыууæ фарсы æхсæн, пысылмонты æмæ джауырты туг иумæ кæм сæмтъеры сты, ахæм зæй.

Иу фарстæн дзуапп нæ ардта Раздзог æмæ тæхгæ бæхыл дæр ууыл хъуыды кодта ныр.

Бирæ хæттыты кастысты кæрæдзимæ топпы кæсæны Куындыхаты Муссæимæ. Уымæн æвдисæн Кавказы хæхтæ. Фæлæ туджы малы куыд ралæгæрды Тæгиан-æлдар, «ацы фарсмæ» куыд рахизы, уымæн ницы базоны Бæтæхъо.

Кæцы фарсаг уыд кадджын Тæгиан-æлдар — иунæг Хуыцау йæ дæсны!

— Фæдис! Фæдис!

Бæдæйнаг Гæба, хорз арт скодтай! Йе ’взагæй суанг Хуыцауы дæлфæдтæ сдæры.

Сусæг рафт-бафт та райдыдта Цæгат Кавказ. Фендзæни та урс паддзах, мæгуыр лæджы туг цæй аргъ у, уый.

Хъуыды ма кæны Бæтæхъо: Аухы сæ хæхтæм нылхъывтой джауыртæ, баззад ма сын мæлæты агъоммæ ламаз скæныны фадат, — æндæр ницы!

Нæ рауад афтæ! Фæзынд Муссæ æмæ удæгас баззадысты Бæтæхъо дæр, Малсæгты Тепса дæр, Дзæрæхохты Алхаст дæр.

Кæцы фарсаг уыд Муссæ?

Хуыцау — йæ дæсны! Ницы йын зоны Раздзог!

Хæдзармæ сæрæгасæй æрбахæццæ йæхæдæг, фæлæ йыл уым сæмбæлд æвирхъау хабар: уæлтæрхæг æрбаййæфта йе ’фсымæр Базыхъ æмæ йæ бинойнаг Биценоны. Кæрты къух батъыссæн нæ уыд.

Нæма æрхæццæ ис, æвæццæгæн, ардæм Муссæйы тæфаг. Йæхæдæг нæ бафтыд паддзахы къухы æмæ йын йæ бинонты сæргæвстой кусæрттагау, хынджылæг дзы скъæрдта хъысмæт.

Цал æмæ цал хатты! Муссæ хорзæхтæ райсы, Бæтæхъо та — цæфтæ. Уый йæ хорзæхтыл фæузæлы, Раздзог та йæ цæфтыл.

Базыхъы бинойнаг хуындæджы бадт уæд. Аирвæзт чысыл Гæба уый фæрцы удæгасæй. Нæ баззад Бæтæхъо бынтон æнæбындар. Ныллæууыд тугисыны фæндагыл Раздзог. Уыцы фæндагыл баурæдта йе ’фсымæры фырт Гæбайы дæр.

Кæцы фарсаг уыд уæддæр Муссæ? Хорзæхтæн мæгуыр лæджы туджы йеддæмæ ницæмæй ис балхæнæн?

Е-е-е-х, чи йæ зоны! Фенæм, кæддæра кæдмæ лæгæрдид Куындыхы-фырт туджы малы!

«Уыцы фарсæй» йæм хабар æрбафтыд ныр дæр, ног æфсæддон хай, дам, æрбацæуы, Дзæуджыхъæумæ æввахс, дам, хъуамæ æрæнцайа кæмдæр.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: