II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 5 глава




Ростовæй Екатеринодармæ фæтылд цыппæрдзæлхыг. Уырдыгæй Кавказмæ хъазахъхъы æфсæддон хай цыд, «его благородие корнет Мамсуровы» посты дилижансы бæсты тæлтæг кæсгон бæхыл сæвæрдтой (базыдта йæ: уый дæр Муссæйы тых уыд, æндæра йын йæ фыд Уосмæны чи зыдта) æмæ ивæзтис фыдфынау даргъ фæндаг.

Кæдæм цыдысты хъазахъхъ, цы агуырдтой Кавказы?

Сæхимæ кæй æрбаввахс, уымæй зæрдæ æхцон хъыдзы кæны, фæлæ йын уыцы фарст æнцой нæ дæтты.

Даргърихи хъазахъхъæгтæ ныры онг æппынæдзухæй мыр-мыр кодтой, ныр хæхтæм куы æрбаввахс сты, уæд сæ цæсгæмттæ ныттар сты.

Хæхтæ йæм уæлейæ тызмæгæй кастысты, цыма æцæгæлæттимæ кæй æрбацæйцыд, ууыл æм хъызыдысты.

«Мæ аххос нæу, æз Брутмæ цæуын!»

«Ды Брутмæ тындзыс, фæлæ демæ чи ис, уыдонæн та кæдæм у сæ фæндаг?»

«Цы зонын... Науæд Кавказ уазæгыл кæд акъуырдта йæ былтæ?»

«Уазæг!.. Хе-хе!»

Темырболат фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, цыма йыл æцæгдæр искæй худын ссыд.

Бæрæгдзаутæ æрвыстой, æмæ йæхи баппæрста, мæн дæр ауадзут семæ, зæгъгæ. Фæндыдис æй, куы фæхицæн уыдаид, иунæгæй куы банкъардтаид райгуырæн бæсты сыджыты хæрздæф, фæлæ нæ байхъуыста даргърихи булкъон йæ лæгъстæмæ.

Нæ йæ ауагъта.

— Абырджытæй тæссаг у, æмæ дæ Теркмæ удæгасæй куы нæ бахæццæ кæнæм, уæд нын инæлар Куындыхаты Муссæ нæ цæрмттæй бурдюк-лалымтæ сараздзæн, — зæгъгæ, хынджылæг скъæрдта хорунжий Нечитайло.

Бæрзонд, даргъгуыр бæхыл бадт хорунжий. Уæхски-уæхск цыдысты, йæ хынджылæгæй не ’нцад.

Æхсаргард сæлвæста, хурмæ йæ сæрттивын кодта.

— Уый у хъазахъхъагæн йæ Хуыцау дæр æмæ йæ зæд дæр! — дзуры мырмыргæнгæ Темырболатмæ.

Цыма йæ йæ къухтæ хордтой, цыргъаг ныззылдта, уæлдæф дзы æрчъепп ласта, стæй йын йе ’рттиваг коммæ æдзынæг ныккаст, табугæнæг бардуаджы нывмæ куыд ныккæсы, афтæ.

— Уый хорзæх дæ куы уа, уæд изæрыгæтты хъæугæрон дивчина-чызгимæ тезгъо кæнынæй дæр цух нæ уыдзынæ.

Дзæнхъа фæрдгуыты халау, кæрæдзийы фæдыл чи ныррæгъ ис, уыцы хæхты цъуппытыл йæ цæст ахаста. Чысыл фæстæдæр арф комы бацæудзысты, лæджы цæст сыл нал схæцдзæн æмæ ницыуал уындзæн йæ бæхы гæмæл хъусты йеддæмæ.

Йæ дзæнгæдайæ не ’нцад хорунжий Нечитайло:

—...Кæд Хуыцауæлгъыст фæуа æмæ дæм изæрыгон бæрæг бынатмæ не ’рбацæуа (ноджы та дивчина æмæ æхсаргарды кой кодта хорунжий), уæд дæ карды комыл баузæл. Бирæ дивчина æмæ æхсаргардæй хъауджыдæр нæй, дыууæ дæр æмхуызон фæдасынц.

Темырболат хорунжиймæ фæкомкоммæ ис. Цыма æцæгдæр чызгыл узæлыд, ахæм хуыз ын уыдис.

— Кардау сурæй чи фæдасы, ахæм чызг уарзын. Уый дæр йæ гæндзæхтæ фæцæгъды, стæй дыл сæкæрау хъуамæ батайа... Кард æмæ чызгæй хъауджыдæр нæй, господин корнет. Сæ дыууæйы дæр хорз хъуамæ сцыргъ кæнай, цæмæй фæстагмæ дæ коммæ хуыздæр бакæсой, Дивчинайы цас тыхджындæр сцыргъ кæнай, уыйас дын хуыздæр къух ратдзæн.

Йæ бæхы æрдзæхст кодта æмæ размæ атындзыдта, кæд ацы сæрхъæны дзæнгæдайæ фервæзин, зæгъгæ.

Æрбаййæфта йæ уæддæр, суанг ын йæ цæстыты онг схаста йæ кард:

— Æркæс-ма, мæнæ уыцы æрхыты туг цыхцыр куы ныллæууы, уымæ кæсынæй фылдæр ницы уарзын.

Нал æм фæлæууыд Темырболат:

— Дæхи туг дзы куы ныллæууид цыхцыр, уæд та?

— Уадз, кæд Уæлладжы афтæ бафæнда, уæд!.. Хæстмæ цæуын æрмæст уый тыххæй уарзын, цæмæй та цыргъ карды æрхы цыхцырцæуæг туг фенон! Нæ уарзын къуымых кард, нæдæр зæдау йæхи сабыр цы чызг фæдары, уый!..

Хорунжий йæ дзæнгæдайæ не ’нцад. Темырболат æм нал хъуыста, цыд æмæ хъуыды кодта: «Бирæ нал баззад... Тагъд Брутмæ бахæццæ уыдзынæн».

Сауададжы фæрстæ фæйнæрдыгæй хъен лæууыдысты.

Нарæг комы бæхы цæфхæдты хъæр тыхджындæр нæры, айнæг къæдзæхтæ йæ дыууæрдæм кæрæдзимæ рауил-бауил кæнынц.

Нечитайлойы бæллицæй йедзаг цæсгоммæ кæсгæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыд:

Карст хуымы-иу бæгъæмвадæй ралидз-балидз кодта чысылæй. Кæрддзыхтæ-иу ын йæ гом зæнгтæ ныххæххытæ кодтой, сæ туг-иу калдис. Æна иу æм хæцыд:

«Цы уынгæджы фæдæ, Болат?»

Цы уыдис ногкарст хоры хæрздæфмæ абаргæйæ кæрддзыхы æлхыскъ! Быдыры астæу лæууыс, фæйнæрдæм фæлгæсыс, цыма йыл арт бандзæрстæуыд, уыйау йæ ала кæлы уæлæмæ æмæ улæфæнтæ хъыдзы кæны.

Уадз æмæ йын хафой кæрддзыхтæ йæ зæнгтæ, уадз æмæ сæ туг кæла!.. Уæддæр ма иу хатт куы аралидз-балидз кæнид бæгъæмвадæй карст хуымы. Уæддæр ма иу хатт куы байхъусид фæндырдзæгъдæг Хъуыбадыйы хъисфæндыры хъæрзынмæ!

Æвиппайды гæрах фæцыд æмæ хорунжий Нечитайло йæ риумæ фæлæбурдта.

— У-у-у-х, бисов дитина! У-у-у-х, хæйрæджы лæппын! — ныхъхъæрзыдта, æхсаргард æмæ чызг кæмæн ивддзæгтæ кодтой, уый, æмæ бæхæй азæбул ис. — Абырджытæ-æ-æ! — анæрыд нарæг комы кæйдæр хъæлæс.

Æвиппайды топпы гæрах, лæджы хъæрахст æмæ бæхы цæфхæдты къыбар-къыбур сæмтъеры сты.

Темырболат хорунжимæ фæлæбурдта, бæхæй йæ æриста, фæсфæд æй æрхуыссын кодта.

«Абырджытæ!.. Уый та уын уæлдай сæрниз, нæ хæхтæ!» — Нечитайлойы фарсмæ æрзоныгуыл кодта, афтæмæй кæсы Сауададжы фæхстæм.

Нарæг комы былтæ кæрæдзимæ сæхи ивæзтой. Нæмыг, дур æмæ бæласы схъис ихуарæгау уарыдысты. Зæрдæдзæф барджытæ бæхтæй згъæлдысты.

Ацæргæ, цыргъбоцъо булкъон Товстоноговæн йæ бæх кафы, афтæмæй йæ дамбаца уæлæмæ дары, фæлæ йæ сæрмæ, залиаг калмау йе ’фсæртæ чи ныкъкъæпп ласта, уыцы къæдзæхы былты йеддæмæ ницы уыны.

Сæ бæхтæй æрхызтысты, байбынты балæууыдысты, уырдыгæй дзæгъæл æхст кодтой. Нарæг комы сын размæ ацæуæн нал уыд æмæ схæццæ сты, мæлдзгуытау.

Темырболат дыууæрдæм ракæс-бакæс кæны, фæлæ никæй уыны æмæ йæм афтæ кæсы, цыма къæдзæхтæ сæхæдæг хæцыдысты.

«Нæ хæхтæ æмæ нæ бæстыл къухтæ æмæ цæстытæ разад... Милмæ æхсын базыдтой». — Хъуыды ныдздзæгъæл, æмæ йæ зæрдæ цæмæндæр æхцон хъыдзы кæны.

«Уыцы къах-къухджын хæхтæ дын дæхи куы агæрах кæной, уæд та?»

«Уадз, уадз! Кæд цæрыны аккаг нæ дæн, уæд мын дзидзи чи фæдардта, уый къухæй æрцæуæд мæ мæлæт!»

«Æмæ чи сты уыдон?»

«Абырджытæ-æ-æ! Абырджытæ-æ-æ!» — Дæргъвæтинæй нæры йæ хъусты.

«Ау, нæ хæхтæ абырджытæн радтой сæрхизæн бынат?» — Йæ зæрдæ фæцъæррæмыхст ис.

«Хæхтыл нæ разад къухтæ æмæ цæстытæ!.. Уый абырджытæ æхсынц, абырджытæ-æ-æ, сæрхъæн!» — Уый йæхицæй дзырдта.

Мæлдзгуыты губакк фестад Сауадаг. Чи кæдæм скъæрдта, уый нал зыдта. Архъаны цæгтæ æрзæбул сты бæгънæгфарс къæдзæхты былтыл. Темырболат уæлбæхæй байбынмæ балæууыд æмæ уырдыгæй кастис ацы æнахуыр нывмæ.

Хъазахъхъагæн йæ къухы æхсаргард æрттивы, афтæмæй фескъæры йæ бæхы. Йæ хæд сæрмæ архъан калмау ныкъкъæдз-мæдзытæ æмæ æваст барæджы хъуырыл æртыхст.

«И-и-и-а а-а-л-л-л-а-а!» — зæгъгæ, анæрыд нарæг комы æмæ хъазахъхъаг йæ гæндзæхтæ цæгъдгæ къæдзæхыл ауындзæгæй аззад. Йæ саулохаг, æнæ барæгæй, мырмыргæнгæ, йæ фæстæгтыл слæууыд, йæ хицау та ауыгъдæй йæ тыбыртæ цæгъды.

«И и-и-а-а-а-л-л-л-а-а! — нæры нарæг комы.

Темырболат къæдзæхы сæрмæ нымдзаст ис, фæлæ архъан чи раппары, уый нæ фиппайы.

«Æтт, мæ цæргæстæхæн къæдзæхтæ, цы уæ басæтдзæн!»

Нæ нæрыд йæ дамбаца, не ’рттывта хурмæ йæ кард.

Цæмæн лæууыс тыхсты уысм байбыны æдзынæгæй, болатгуырд, цæмæннæ дæ хауы къæрттæй цъула?

«Ау, æмæ кæй цæвон, кæнæ кæй кæрдон кардæй?.. Дзидзи мын чи фæдардта, уыцы мады?!

«Æмæ чи бады дæ ныййарæг хæхты фидар уæхсчытыл? Чи балæууыд бæгънæгфарс къæдзæхы фæрскы фæсаууон?»

«А-а, абырджытæ-æ-æ!» — зæлланг кæны йæ хъусты.

«Сауадагæй ахиздзыстæм, стæй ма цы баззайдзæн хъæмæ?»

Æвиппайды, цыма Сауадаг æмыр ныццис. Нал æм хъуыст топпы гæрах, карды дзæхст-дзæхст.

Æрмæст ма дард кæцæйдæр, цыма хъустыл ныдзæвд хъисфæндыры кæуын æмæ зынджытау æрттывтой кæйдæр саурæсугъды цæстытæ.

«Ау, æмæ ма цы баззад Брутмæ?»

Æрмæст иу азмæлд, иу къухы æрсæрфт æмæ узæлдзæн Æнайыл. Æмæ сныхасдзæн йæ рустыл ныййарæджы фæлмæн къухтæ. Хъуыбадыйы фæндыр уадз æмæ кæуа! Сауададжы нарæджы чи фæцагъды, уыдоныл кæуын хъæуы. Уыдон дæр мадæй рацæугæ сты, кæд абырджытæ сты, уæддæр.

«Ииии-ааа-ллл-ааа!» — нæры нарæг комы.

Даргърихи булкъоны дамбацайы гæрах фæцыд йæ уæлхъус.

— За-мно-о-о-й! — хъæр кæны уый.

Йæ фæдыл ныххал сты гусарæй-хъазахъхъагæй.

Гæрах ноджы стынг ис. Архъантыл ауындзæг хъазахъхъæгтæ хъеллау кодтой къæдзæхтыл.

Чи хæцыд сæ ныхмæ, чи баурæдта æнæхъæн полк?

Хæхтæ, къæдзæхтæ, Сауадаг!

Хъæбатыр булкъонмæ нæма баххæст архъаны цæг, æмæ скъæры размæ йæ урс бæхы. Ссивы хъæрахстгæнгæ йæ дæлбарты Сауададжы хъæлæсæй тыгъд быдырмæ.

Темырболат йæ кæсгон бæхы рохтæ йæхирдæм ивазы, афтæмæй скъæры æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæддæра цæуыл банцаид Сауададжы абухын.

Фæмæнг ис булкъон Товстоноговы размæ абырст. Разæй дæр æрбайхъуыст хæстон «то-о-о-х! Ииии-ааа-ллл-ааа» æмæ бæхы цæфхæдты къыбар-къыбур.

Комы тигъæй разындысты, фатау рацæйтахтысты тæлтæг бæхтæ, æхсаргæрдтæ хурмæ æрттывтой.

Уæлдзарм худты бындзгуытæ сæ ныхтыл æркалдысты, сæ цæстытæ ма тыххæй зындысты, фалейæ чи рацæйскъæрдта, уыдонæн.

Æппæты разæй цы зæронд рацæйскъæрдта, уымæн не ’рттывта йæ къухы æхсаргард, цыма хуымæтæджы дугъы ирхæфста йæхи. Галиу къухæй бæхы рохтыл хæцыд зæронд дада, рахизæй æхсаргарды фистон нылхъывта, фæлæ йæ æлвасгæ нæма скодта.

Темырболат æм куы фæкомкоммæ ис, уæд йæ зæрдæ æнахуыр къæпп фæкодта æмæ йæхи ноджы размæ байвæзта.

Фæцъортт ласта зæронд лæг йæ кард, анæрыд та хæстон сидт иронау, мæхъхъæлонау, цæцæйнагау. Æрзæбул та сты къæдзæхты былтæй сасмæлхынцъ бæндæнтæ.

Темырболат зæронд дадайы агуры цæстæнгасæй æмæ хъуыды кæны:

«Ау, афтæ æмдзырд куыд бакодтой абырджытæ иронæй, мæхъхъæлонæй, цæцæйнагæй!»

Гæрах нал хъуыст, уый хыгъд ныр карды дзæхст-дзæхст, зæрдæдзæф лæджы уæззау хъæрзын æмæ æнæбарæг бæхты знæт мыр-мыр сарæх сты.

Зæронд лæг даргърихи булкъонмæ февзыста кардæй. Булкъон йæхи фæтылиф кодта, уый бæсты бурдзалыг хъазахъхъаджы сæры тенкайыл æруад Раздзоджы карды ком æмæ йæ суанг йæ ронбасты онг ныффаста.

— Гъæтт, джауыр, уæдæ раздзогæй цæуын зоныс! — йæ дæндæгты къæс-къæс цæуы зæрондæн æмæ даргърихи булкъоны ’рдæм йæхи ивазы.

Иронау æлгъыста зæронд дада, фæлæ зарæгау фæкастысты Темырболатмæ йæ ныхæстæ, æмæ адæргæй йæ уæнгтæ бахъыдзы кодтой.

— Гъæтт, бæдæйнаг зæронд дада!.. Абырджыты сæргъ ма куы нæ уаис, уæд! — йæ астæуыл фаст хъазахъхъагмæ кæсгæйæ, дзуры корнет æмæ цæмæндæр цæстæй булкъон Товстоноговы агуры.

«Æгæр ныддаргъ ис Брутмæ фæндаг. Афтæмæй, чи зоны, хæццæ дæр нæ бауæм».

Хъазахъхъы йæ разæй ассывта зæронд лæг, æхсаргардæй фæйнæрдæм карста.

Темырболат ын кæсы йæ архайдмæ æмæ дис кæны:

«Чи у, иронау куы дзуры, уæд?.. Кæд, мыййаг, Нарты гуыппыртæй исчи æрцыд?» — Йæ бæхы æрдзæхст ласта ехсæй, булкъон кæм зилахар кодта, уырдæм æй баппæрста.

— Господин булкъон!.. Господин булкъон!..

Фæтасыдысты зæронд дадайы раз æмæ дзы иуæй-иутæ фæстæмæ алидзыны фæндаг агурынц аивæй.

Ноджы та ныхъхъæр кодта Темырболат:

— Господин полковник, Ваше высокоблагородие!..

Æрæджиау æм фæкомкоммæ ис:

— Это еще что за чудо! Адæм бындзытау цагъды кæнынц, ды та нырма дæ кард æлвасгæ дæр не скодтай!

Йæ чъылдым æм фездæхта, ома дæ хуызæн къæпдзыхтæй ницы æфтиаг ис æмæ йе ’хсаргардыл уæлиау схæцыд. Темырболат æм йæхи баппæрста ноджы.

— Фæстæмæ ацæуæн дæр æхгæд у, господин булкъон!.. Уый Сауадаг йæхæдæг тох кæны!..

Булкъон æм фæзылд, йæ цæстытæ мæстæй цæхæртæ калдтой.

— Что же ты предлагаешъ, молокосос?

Æвиппайды Темырболаты хæд сæрмæ архъаны цæг æрвæрттывды тæлытау ныкъкъæдз-мæдзытæ ис.

Иу цæстныкъуылд, иу уысм! Цæг йæ хъуырыл æртыхсдзæн æмæ къæдзæхыл ауыгъдæй йæ гæндзæхтæ бацæгъддзæн.

Нæ рауад афтæ. Темырболаты дамбацайы гæрах фæцыд æмæ, бæндæн къæдзæхæй кæм разæбул, уым фæдыууæ и. Архъаны цæг лæппуйы хъуырыл æртыхст уæддæр, фæлæ йæ нæмыг йæ астæуыл атæхын кодта æмæ йын уæлæмæ сивазæн нал уыд.

— Молодец, господин корнет! — йæ мидбылты худы булкъон.

Дзолгъо-молгъойы гæзæмæ хъуысы Темырболаты хъæр:

— Æрмæст ссæдзы бæрц хъæбатыр хæстоны, æндæр нæ! Булкъон æй нæ бамбæрста.

— Господин полковник, надо выдержатъ натиск!.. Ссæдзы бæрц хæстоны мын мемæ рарвит æмæ фæндаг айгæрддзынæн ардыгæй суанг... Брутмæ!

Æрæджиау æй фембæрста æмæ йыл йæ къух ауыгъта, ома дæ хъуыддаг кæн.

Фæстæмæ фездæхт, йæ къухтæ йæ былтыл лулæйау авæрдта:

— Казачьи взвод хорунжего Нечитайло, слушай команду господина корнета Мамсурова! — хъæр кæны уый.

Зилахарæй фæхицæн сты, згъæллаггæмтты къыбар-къыбур ссыд Темырболатыл. Æргæпп кодта, йæ кæсгон бæхы ехсæй æрдзæхст ласта æмæ йæ фалиау асырдта.

— Далой с коней! Удæгас баззайын кæй фæнды, уый мæ фæдыл фистæгæй цæуæд!

Фæджихау сты хъазахъхъæгтæ, уæддæр æргæппытæ кодтой сæ бæхтæй, айнæгыл сныхæстой сæхи. Хорунжий Нечитайло дзагъырдзастæй хуыссыд фæндаггæрон.

«Кæдæм цæуыс, уæ, Болат?.. Кæдæм кæныс бирæгъты дæ фæдыл?»

Темырболат дзыхълæуд фæкодта, лæмбынæг ныхъхъуыста Æнайы сидтмæ.

«Никуыдæ-æ æм!.. Никуыдæ æ-æм!.. Брутмæ тындзын, Æнамæ! Рагæй йæ нал федтон æмæ!..»

Къах цæуыл схæцыдаид, уый нæ уыд айнæджы бæгънæг фарсыл.

— Господин корнет, фистæгæй кæдæм цæуæм, афтæмæй нæ ацы абырджытæ сæ пехуымпары цытæн физонæг скæндзысты!

Дзурæгмæ тызмæг фæкаст.

— Айнæгыл уæлбæхæй не схиздзынæ!

«Уæлбæхæй не схиздзынæ!.. Æмæ йыл фистæгæй схиздзынæ?» Науæд куыд хъуамæ сбырай афтæ, æмæ дæ уæлейæ хохæгтæ ма фæфиппайой?

Къæдзæхы былæн уæлейæ дæлæмæ йæ къабузтæ фæйнæрдæм кæмæн ныппæлæхсар сты, ахæм тулдз бæлас разæбул ис. Зæххæй æртæ-цыппар адылийы бæрзæндыл ауыгъдæй лæууыдис йæ цъупп. Уый аууæтты сбырыдтæ, зæгъгæ, уæд дæ, цалынмæ къæдзæхы сæрмæ схызтаис, уалынмæ нæ фæфиппайдтаиккой уæлейæлæуджытæ, фæлæ стæй цы чындæуа?

Стæй уым, бæласы бындзæфхады цур саубоцъо гуыппыр лæууыд æмæ уыимæ фæныхæй-ныхмæ уыдаид Темырболат. Кæд æм нæ фæраздæр уа æмæ йæ фæстæмæ нæ раппара мардæй, уæд хорз!

Ардыгæй йæ куы æрисид дамбацайы нæмыгæй, уæд та? Нæ, уæд æй йе ’мбæлттæ фæфиппайдзысты æмæ йын бæласы къабузтыл сбырæн нал ис. Ардыгæй уый онг бирæ дæрддзæг ис, — цæрдтæй мæрдтæм цы ис, уыйбæрц. Нырма уал фæуæлейæ уа, стæй бакæсдзæн.

Йе ’фцæгæй архъаны лыггаг ариста, тымбыл тыхтæй йæ ныззылдта. Уæлейæ дæлæмæ йæхи цы къабуз ивæзта, ууыл æй æртыхта. Иу цалдæр хатты æй æрттæпп ласта, фидар у, зæгъгæ, уый басгæрста. Стæй йæ къæхтæ къæдзæхмæ фæбыцæу кодта.

Фæстæмæ ма иу зылд фæкодта:

— Цалынмæ уæм æз фæбæрæг кæнон, уалынмæ бæласы аууон лæуут!

— Бæласы цонгыл куы рабадт, уæд иу уысм алæууыд «пагæттæй цы хъавын иу, бонцаумæ куы æрттивынц, уæд!» Цухъхъа раласта æмæ йæ дæлæмæ раппæрста.

Бырыдис æнæсыбырттæй сыфтæрты аууæтты уæлæмæ, Сауадагæн йæ хъæлæсæй йе уæхсчыты ’рдæм. Дамбаца æмæ æлвæст кард йæ ронбасты тъыст.

«Куы нæ мæм фæраздæр уаид ацы хæрæджы къæлæу!» — Къæдзæхы сæрмæ чи лæууыд, уымæ кæсгæйæ, хъуыды кодта Темырболат.

Зыдта йæ: хохæгтæ чъылдымырдыгæй никæмæй тарстысты æмæ иууылдæр къæдзæхы былтæй дæлæмæ кастысты ныр. Уырдыгæй фалæмæ куы баирвæзид йе ’мбæлттимæ, уæд уым къудзиты бамбæхсын æнцон уаид, фæлæ мæнæ уыцы гуыппырæн цы бачындæуа.

Хæрз æввахс æм бабырыд, бæласы сыфтæртæ йæ æмбæхстой. Дамбаца сласта йæ ронбастæй æмæ йæм ныхъхъавыд, фæлæ йæхи фæурæдта.

Стæй уæллаг кæмæдæр ныхъхъавыд, Темырболат та уый систа милмæ. Æвиппайды фæцыд дыууæ гæрахы уыцы иу рæстæджы, æмæ уæллаг йæ мидбынаты атъæпæн ис. Темырболат бæласы цонгæй къæдзæхы былмæ басæррæтт ласта æмæ хохаджы уæлæ ныххуыссыд дæлгоммæ. Йæ хъуынджын худ ын фелвæста æмæ йæ йæ сæрыл акодта. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта.

«Тынг æввæхсты нæ баурæдта зæронд дада къæдзæхы сæрмæ йæ хæстонты!» — ферттывта йæ сæры.

Йæхæдæг сбырыд æхсидгæ цæджджинагæй уæлæмæ. Йе ’мбæлттæ дæр сцæйбырыдысты бæласы сыфтæрты аууæтты.

Къæдзæхы сæрæй дæлæмæ ракаст. Мæлдзгуытау схъомпал сты барджытæ. Цыма фыдфын уыдта, уыйау уынæргъыдта Сауадаг. Разæй зæронд лæг æрбалхъывта хъазахъхъы æмæ сæ кардæй карста, уæлейæ та сыл нæмыг, дур æмæ бæласы схъис уарыд. Чердыгæй æрбацæйцыд булкъон Товстоноговы полк, уыцырдæм æй ассывта, фæлæ сын фæстæмæ алидзыны фадат дæр нал лæвæрдта салдаттæн æмæ, голладжы мидæг æппæрст гæдытау, тæлфыдысты.

«Иучысыл-ма, иуцалдæр уысмы ма æмæ сæ ныссæнддзысты!..» Къудзитæй сæ сæртæ мыстулæгау радардтой, афтæмæй æхстой хохæгтæ. Зынгæ нæ кодтой, цыма къудзитæ сæхæдæг згъæлстой дæлæмæ нæмыджы къæвда. Æрмæст-иу хатт иуæй-иутæ бæндæныл кафæгау къæдзæхы сæрæй дæлæмæ азæбул сты, сæ амæттагмæ хъавгæйæ.

Айнæгыл сбырыны æнхъæл кæм уыдысты хохæгтæ! Се ’мбæхсæнтæй иу ныр Темырболаты бацис.

Чъылдымырдæм абырыдысты сæ гуыбыны цъæрттыл, пысылмонтæ хъазахъхъы кæцæй хъахъхъæдтой, уый фæстиау аззад. Ардæм нал хъуыстис карды дзæхст-дзæхст æмæ хæстон сидт «то-о-о-х! Ал-л-л-а-а-а!»

Ныр сæ сыбар-сыбур куы фехъуыстаиккой, уымæй нал тарстысты æмæ, зæронд дада нарæг коммæ кæцæй æрбафсæрста, уыцырдæм лыгъдысты фæстæты.

— Цы бауыдзыстæм фистæгæй бæхджын абырджыты ныхмæ? — хъуысы Темырболатмæ кæйдæр дзурын.

Йе уæхсчы сæрты йæм фæкаст:

— Бæхтæ ссардзыстæм... да-а-алæ уым! — къухæй амоны æртæ-цыппар адылийы бæрзæнд къæдзæхæй дæлæмæ.

Ноджы ма иу каст акодта æмæ йæ базыдта: ныртæккæ сæхæдæг кæцæй рахъуызыдысты, уыцырдæм ссывтой хохæгтæ хъазахъхъы æмæ сæ къуди дардæй-дарддæр кодта.

Йе ’нгуылдзтæ йæ дзыхы бакодта, ахъаззаг ныхситт ласта. Йе уæхск ын чидæр бакъуырдта:

— Сæрра дæ, Ваше благородие?..

— Уæдæ ардæм æмбæхсынмæ рацыдтæ? — Ноджы та ныхситт ласта æмæ æхситмæ хъуынджын худтæ иуырдæм фæзылдысты, кæрдтæ уæлдæфы асалдысты.

— Ого-го-го-о-о!

Æрвдзæфау фесты. Ныр хæстон сидты бæсты фæдисы хъæр æрбайхъуыст.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: