II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 1 глава




ЧЫСЫЛ РАЗНЫХАС

Булкъаты Михал райгуырди Къахеты, уæлдæр ахуыр райста Тбилисы, уыди æфсæнвæндæгты инженер, куыста Самтредиайы... Афтæмæй, цалынмæ хъæууон скъола фæци, уæдмæ цы хъуыста ирон дзыхыдзырд, æндæр ын уый фæстæ ахæм фадат нал уыди. Æмæ адæймагыл дис бафты: куыд хорз базыдта ирон æвзаджы ныххизæнтæ ’мæ схизæнтæ, куыд ын фæхæст йæ бирæ фæзилæнтыл?!

Йæ лæджы кары куы бацыд, уæд æм, уæдæ цы хорзы бацæуон мæ адæмæн, ахæм фарст нæ уыди. Æнæгуырысхойæ сбадт йæ фыссæн стъолыл æмæ дысфæлдæхтæй байдыдта кусын. Йе ’мбæлттæ дис кодтой — куыд бирæ йын æнтысы?! Уæдæ уый хуызæн ахсджиаг куысты лæуд дæр куы у! Æмæ-иу йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йын куысты дæр уыди фыссыны фадат — йе ’мгусджытæ зыдтой, Михал фысгæ кæны, уый, æмæ архайдтой, цæмæй йæ къаддæр хъыгдарой, ууыл. Стæй фесты уыцы бонтæ, Гамсахурдиайы ардыд æрдонгтæ куы нызмæлыдысты, ирон адæмæй лæгау лæг чи уыди, уыдоны фæдыл зилын куы райдыдтой, уæд Михалы дæр лидзын бахъуыд. Цардахуыр, куыстахуыр лæгæн нæ цæрыны уавæртæ уыди, нæ — кусыны, афтæмæй рахау-бахау кодта хиуæттæ ’мæ хæстæджыты къæсæртыл. Æмæ-иу йæ риуæй йæ уæззау хъæрзын сирвæзт: «Ехх, ныр искуы де стъолмæ бабад æмæ йыл дæ зæрдæйы фæндиаг бакус!» Фæлæ уыцы бæллиц бæллицæй ахаста йемæ Михал а дунейæ. Сæлхийы йæ хæстæджытæй кæмæдæр уыди, æхсæв бафынæй, райсом нал райхъал. Стæй йæ кæйдæр хæдзарæй кæйдæр уынгты ахастой кæйдæр уæлмæрдмæ. Ирон адæмæн йæ ахсджиагдæр хъæбултæй иу амард, уый нæ айхъуысти Ирыстоныл.

Михалæн йæ чингуытæ Хуссар Иры цыдысты мыхуыры, Цæгат Ирмæ нæ хæццæ кодтой, уымæ гæсгæ ирон чиныгкæсджыты фылдæр хай нæ зыдта Булкъайы-фырты сфæлдыстад. Æрмæст 1994 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыди йæ историон роман «Дæ фыдæлтæ рухсаг». Уый дæр фыццаг Хуссары рацыди. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Михалы романты размæ нæ литературæйы историон романтæ фыссыны фæтк мæнæ-мæнæ нæ уыди. Кæй кой ракодтон, уыцы романы нæ дард фыдæлтæ аланты цард куыд мидисджын æмæ ирд нывæфтыдæй æвдыст æрцыд, уым куыд баиу сты нæ адæмы хъæр æмæ нæ тохы хъæр, ахæм чингуытæ бирæ нæ уыд нæ литературæйы.

Ныртæккæ, зынаргъ чиныгкæсæг, дæ къухмæ цы чиныг райстай, уый дæр фыццаг хатт Хуссар Иры рацыд. Рацыди дыууæ чиныгæй, фыццаг чиныг 1970 азы рацыд, дыккаг — 1979 азы. Ныр чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыдысты дыууæ чиныджы иу чиныгæй. Романы æвдыст цæуы Ирыстоны тæккæ уæззаудæр æмæ фæсмойнагдæр дугтæй иу — Ирыстоны пысылмæтты ахъаззаджы хай Турчы бæстæм куы лыгъди, уыцы дуг. Романы архайджытæ иууыл ирæттæ не сты — ис дзы цæцæйнæгтæ дæр, мæхъхъæлæттæ дæр, лекъæгтæ дæр, æмæ сæ алчидæр æвдыст цæуы, йе ’рдзон гакк йæ уæлæ, афтæмæй. Уыдонæй алчидæр йæхи цæстæй кæсы, Уырысы паддзах Кавказ басæттыныл сусæг-æргомæй куыд тох кодта, уымæ, æмæ сæ алчидæр йæхирдыгон фæрæзтæ агуры, цæмæй Кавказ саст ма ’рцæуа, уый тыххæй. Суанг паддзахы æвæрд хицау Михаил Тариелы фрырт Лорис-Меликов æмæ хæххон адæмты фæтæг Куындыхаты Муссæйæ райдай æмæ Мамсыраты æрыгон афицер Темырболатыл фæу — алкæмæн дæр сæ ис йæхи фæлгонц, йæхи удыгъæд, йæхи зæрдæйыуаг. Дыууæ дихы фесты хæххон адæм, сæ иутæ сæ уд скъуынынц се ’мдин Турчы бæстæм алидзынмæ, сæ иннæты йæ уæлæ ныббаста райгуырæн хæхты фарн. Фæлидзæн сын нæй, фæлæ сæ зæрдæтæ æнцой нал арынц уыдонæн дæр. Чиныджы афтæ хъæрзгæ-уынæргъгæ æвдыст цæуы хæхбæсты цард, æмæ лæджы, æрсабыр ма уа, уый уырнгæ дæр нал фæкæны. Æнцой нал ары йæхицæн Темырболат — Туркмæ куы нæ фæлидзиккой, сæ хæхтæ-сæ бæстæ куы нæ ныууадзиккой, уыцы хъуыды йын йе ’хсæвхуыссæг фæхаста, йæ уд раппар-баппайраг фæци, фæлæ нæй — ахаста йæ адæмы уылæн йемæ. Æмæ уым туркаг хъæу Батманташы срæмыгъта йæ зæрдæйы хъыг:

 

Уæ, на хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ?

 

Уыцы дыууæ рæнхъы баиу и æппæт лыгъдонты маст æмæ рыст.

Нæ адæмы рагзаман æвдыст цæуы Михалæн йе ’ртыккаг роман «Сосланы æвдæм балц»-ы дæр.

Æмæ ма рæстæгау рæстæджытæ куы уаид, уæд хъуамæ уыцы æмбисонды чингуытæ уаиккой Иры алы ирон хæдзары дæр. Фæцудыдта Иры чиныгкæсæг — стæй канд Иры чиныгкæсæг нæ — фæлæ чиныджы цы стыр фарн и, уый фæстæмæ ма раздæха адæммæ, уый гæнæн нæй, æмæ мæ уырны: уæд Булкъаты Михалы чингуытæ Ирыстоны — Хуссарæй-Цæгатæй, хæдзари-хæдзар зилдзысты, цæрыны ныфс хæсдзысты алы хæдзармæ дæр.

Хуыгаты Сергей

ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ

ФЫЦЦАГ ХАЙ.
САУАДАГ

I. ÆХГÆД ДУАРЫМИДÆГ

Цахæмдæр уæззау разæнкъарæнтæй йæ хуыссæг фæлыгъд Терчы облæсты хицау инæлар-лейтенант Лорис-Меликовæн, æмæ нырма не сбон, афтæмæй фестад йæ сынтæгæй.

Денщик нæма райхъал, Михаил Тариелович йæхæдæг бавнæлдта йæ дзаумæттæ агурынмæ.

Балкъонæй хуыссæджы ныгъуылд горæтыл афæлгæсыд, райсомы сæлæф уæлдæф æй йе ’муд æрцæуын кодта.

Алфамбылай нырма уыд æмыр, æрмæст, къæнцылары бæстыхайы раз цы сывылдз бæлас уыд, уымæй мæргъты иугъæдон цъыбар-цъыбур хъуыст.

Кабинетмæ баздæхт, фæлмæн къæлæтджыны йæхи ауагъта. Дзыппæй сыгъзæрин сахат систа, æркаст æм.

Знон бардзырды гæххæттытæ фервыста æфсæддон зылды хицæуттæм сусæг уынаффæмæ æрцæуыны тыххæй, фæлæ афтæ раджы чи æрцыдаид.

Стъолы къахыл баст бæттæн æрбайвæзта, фæсдуар ауыгъд дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд. Денщик, йæ цæстытæ æууæрдгæ, æрбацыд.

— Капитан Золотаревмæ мын фæдзур ныртæккæ! — фæсдзæуинмæ кæсгæ дæр не скодта.

Мундиры дзыппæй сахаты цъыпп-цъыпп ссыд, раст ын цыма йæ зæрдæ дзæбугæй хоста, уыйау.

Дзæнгæрæджы бос та æрбайвæзта.

— Золотарев нæма зыны? — фæрсы деньщикы.

— Ныртæккæ ам февзæрдзæн, дæ иууыл бæрзонддзинад, — цыма йæ исты басыгъта, уыйау срæцыгъта уый.

Йæ мундиры сæхтæджытæ æфтаугæ æрбацыд Золотарев.

— Хуыссæгæй æгæр буц кæныс дæхи, господин капитан!

— Хатыр, дæ иууыл бæрзонддзинад!.. Нæ зыдтон, дæ иууыл бæрзонддзинад йæхицæн афтæ раджы сыстыны бар кæй ратдзæн!

Йе ’рфгуыты бынты йæм скаст:

«Кæм сахуыр ис скæсæйнаг дымысдæрты æгъдæуттыл?»

— Кæм сты, знон барамынды гæххæттытæ кæмæ фервыстай, уыдон? — афарста йæ.

Дæлбар йæ цæстытæ фæирд кодта:

— Нырма авд сахаты йеддæмæ нæу!.. Фарастмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм!..

— Бынæттон адæм сахатæй нæ фæбарынц сæ уавæртæ, капитан!

— Грознайæ афтæ тагъд нæ хæццæ кæны бæх, æфсургъ куы феста, уæддæр, дæ иууыл...

— Æрмæджытæ æрцæттæ хъæуы, уазæгыл сæмбæлын фысымы хæс у, — йæ хъæлæс фæфæлмæндæр ис Михаил Тариеловичæн.

Къæнцылары хицау йæ сæр æркъул кодта. Дуарæй денщикы сæр æрбазынд:

— Кънйаз Туманов Алыксандр йæ фæсдзæуинтимæ! — йæхи фатау фесхъæл кодта, афтæмæй дзуры уый.

Лорис-Меликовы хъуынтъыз цæсгом фæирддæр ис:

— Табуафси, нæ хæдзары дуар ын гом у!

Инæлар Туманов, уатмæ æрбацæугæйæ, йæ къæмисæныл йæ къух авæрдта, фæлæ йæм фысым фæразæй ис.

— Алыксандр Георгиевич, алы хатт æгас цу!

— Хуыцау дын дæ уæлахиздзинæдтæ фæарæхдæр кæнæд, Михаил Тариелович.

Уазæгæн къæлæтджынмæ ацамыдта, йæхæдæг дæр æрбадт. Дысон ыл цы пъæззы ныббадт, уый йæ цадæггай суагъта.

Уалынмæ æрхæццæ сты: Шатоевскæй Аргъуны зылды хицау майор Ипполитов, Назранæй мæхъхъæлы зылды хицау булкъон Нурид Алыксандр.

Лорис-Меликов фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта:

— Цæцæны æфсæддон зылды хицауы нæ уынын мæ хатæны!.. Кæм ис нырмæ Куындыхы-фырт? — бафиппайдта уый.

— Уый дыккаг хонæгмæ фенхъæлмæ кæсы, — цахæмдæр рæхойæн хъæлæсæй йын дзуапп радта Туманов.

Иудзæвгар фенхъæлмæ кастысты. Куындыхаты Муссæ уæддæр нæ зынд. Хицауæн фырмæстæй йæ даргъ æрфгуытæ йæ гуыбыр фындзыл æрысчъил сты. Стæй бынтон æнæнхъæлæджы райдыдта:

— Хæстæн йæхи закъæттæ ис, — дзырдта цадæггай уый. — Уыцы закъæттæ чи фæзоны, уымæн хæцын дæр æнцондæр вæййы. — Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, цыма йæм чи хъуыста, уыдонæй исты домдта. — Кæцы хæстон закъонæй хъуамæ спайда кæнай, хъæддаг сырдимæ куы хæцай, уæд? Хæстон закъон хъусгæ дæр чи никуыма фæкодта, ахæмимæ куы хæцай, уæд? — Лорис-Меликов йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта: — Исдуг хъуыды кодтам, цæй, хæстæн кæрон æрцыд, хотыхджын уырыссаг хæцæнгарзы фæрцы Кавказ басастам! — Ноджы спыхс ис. — Фæлæ афтæ нæ рауад! Фæлæ афтæ нæ рауад!

— Фæлæ афтæ нæ рауад, — сфæлхат кодтой къултæ.

— Исдуг хъуыды кодтам, цыма Кунта-Хадзыйы идейæтæ имамты куырой ныццауæзтой, цыма нæ хæрзиуæгæн райгуырд ацы æнæхайыр зикризм!

Кунта-Хадзыйы коймæ æфсæддон зылды хицæуттæ базмæлыдысты.

— Ныр æй нæхи цæстæй федтам, Кунта-Хадзыйы зикризм дæр мюридизмæй хуыздæр кæй нæу!

— Хуыздæр кæй нæу! — хъæлæс ын радтой къултæ. Бынтон ныллæг хъæлæсæй дзуры:

— Уæрæсейы цытджын паддзахы бартæ Кавказы хæхтыл тæлыйау æртыхстысты, нæ империйы арæнтæ суанг Турк æмæ Персы арæнтыл сæнцадысты. Афалдæр кæнынмæ æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ нæ цæмæн хъæуы ахæм уæлахиздзинад! — Командæгæнæджы хъæлæс æфсæйнагау ныззæлланг кодта: — Лæг йе тары калм куыд нывæра, афтæ баззад хохæн ацы фарс Скæсæн Кавказ! — Спыхс ис, фырмæстæй йæ бадæн фæуагъта. — Ацы чысыл къуым паддзахы стыр империйыл хæлмагау баззад!.. Номхуындæй куы зæгъæм, уæд хæлмаджы сæртау сты Аргъун, Ичкери, Урус-Мартан, Харачой, Ирыстоны пысылмон хъæутæ!..

Туманов æмæ Нурид сæ сæртæ ныкъкъул кодтой. Золотарев ныггуыбыр, афтæмæй фыста йæ хицауы ныхæстæ.

Хъахъхъæнæг æрбакодта дуар:

— Куындыхаты Муссæ æрхæццæ ис Скъуыдкъохæй!

Йæ хæд фæстæ Муссæйы бухайраг худ æрбазынд.

— Байрæджы кодтай, кънйаз, — йæхимидæг дзурæгау бакодта хицау.

— Йæ къухмæ йын сыкъа æмæ сгуы авæрут! — хъуысы Муссæмæ Тумановы рæхойæн хъæлæс.

Лорис-Меликовмæ дзуры Муссæ, цыма инæлар Тумановы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта:

— Сæумæрайсом хурæй раздæр фест, æмæ Аллах де ’ххуысгæнæг уа! — фæзæгъы пысылмон лæг! Æз знон, райсом хурæй фæраздæр дæн, дæ иууыл бæрзонддзинад, фæлæ мæм минæвæрттæ фæзынд æмæ уыдон хур нæ, фæлæ бонвæрноны дæр фæстейæ фæуагътой!.. Ныббар мын, Михаил Тариелович, кæй байрæджы кодтон, уый тыххæй! — йæ рахиз къух йæ риуыл авæрдта, йæ сæр æркъул кодта æмæ æрчъепп ласта: — Кънйаз Туманов, æвæццæгæн, дысон Дзæуджыхъæуы уагъта йæ фæллад, æз та мæ хъахъхъæнæг Гамзатимæ фæндагыл уыдтæн! Минæвæртты арвыстон æмæ ратындзыдтон. Хатыр, Михаил Тариелович.

Лорис-Меликов Тумановмæ уайдзæфгæнæджы цæстæнгасæй бакаст, Муссæйæн бандоны ’рдæм ацамыдта.

Йæ ныхмæ æрбадт Тæгиан-æлдар.

Муссæйы астæуыл баст сыгъзæрин æхсаргардыл андæгъдысты хицауы цæстытæ:

«Æгасæй уый аргъ не сты Тæгиатæ», — хъуыды кæны уый.

— Æдзынæгæй бадтысты, æрмæст фысымы цырыхъхъыты къупп-къупп схъиудта къулæй-къулмæ.

Æвиппайды та райдыдта:

— Хуымæтæджы сыстæйдзаг фыййау дæр райсомы ламазы фæстæ ламаздыхъхъы атулы, йæ гæндзæхтæ бацæгъды æмæ куы æрчъицы, уæд расиды: «Стыр Аллах мæ йæ хæтæнтæм бауагъта, зæххон адæммæ æрхæссыны сæраппонд мын йæ фæндтæ раргом кодта», — йæ хъæлæс фæфидардæр ис: — Æмæ та фæзыны ног имам, æмæ та æрцæуы ног тугпырхытæ!.. Инæлар Туманов, инæлар Куындыхы-фырт, булкъон Нурид, кæм ис уæ къухдариуæгдзинад? Цы фесты граф Евдокимовы тохы фæстиуджытæ?

Кæмæ дзырдта, уыдон сæ бадæнтæй фестадысты.

— Ницæмæн хъæуы, бадгæ скæнут! — йæ къух ауыгъта. — Дарддæр афтæ гæнæн нал ис! Нæ къухмæ нын саст бæстæ радтой, æмæ йыл нæ бон къухдариуæг кæнын куы нæ бауа, уæд худинаг у!

Капитан Золотарев фестад йæ бынатæй:

— Хатыр, дæ иууыл бæрзонддзинад! Æрдæбон дæхæдæг дзырдтай: ацы хъæды сырдтæ хæстон статусæн ницы æмбарынц, зæгъгæ.

Йæ къух ыл ауыгъта, ома дæ бынаты бад.

— Мах сын бамбарын кæндзыстæм!.. Стæй сæ бынтон æнæмбаргæ ма скæн! — Иннæтæм баздæхт, бынтон ныллæг хъæлæсæй сæм дзуры: — Капитан Золотаревы райсом сымахæй фарстон æмæ мын уайтагъд сахаттæ хынцыныл фæцис. — Капитанмæ та багуыбыр ис. — Хæхты цъуппытыл конд æртыты æвзаг зоныс, господин капитан?.. — Кæй фарста, уый йæ сæр æркъул кодта. — Нæ йæ зоныс!.. Не ’намонддзинад дæр уый мидæг ис, уал азы немæ тох кæнын чи фæразы, уыдон хайуантыл кæй нымайæм!..

Кънйаз Туманов баххæст кодта Лорис-Меликовы хъуыды:

— Арты æвзагæй фæдзурынц кæрæдзимæ, куы фæтыхсынц, уæд, — багуым-гуым кодта уый.

— Ай-гъай, хохы цъуппыл конд арты æвзагæй фæдæттынц бардзырдтæ сæ раздзогтæ! — Золотаревмæ та баздæхт: — Ахъуыды-ма кæн, господин капитан, кæддæра æхсæвыгон бæрæг бынатмæ бæхджын фæдисоны дзыппы æвæрд бардзырд тагъддæр фæхæццæ вæййы, æви хохы цъуппыл конд арты æвзаджы бардзырд?

— Фæдисоны хатт агæрах кæнынц æмæ йæ дзыппы æвæрд бардзырд дæр фесæфы. Артæн амарæн нæй, судзы æмæ судзы! — бахахх кодта Туманов. — Æртхъирæнгæнæгау тымбыл къухтæ батылдта: — Арты ’взагæй хъуамæ дзурæм мах дæр!

Муссæ æмырæй бадт, йæ цæстытæ зынджытау æрттывтой.

«Багъæц, мæ къона!.. Рувас, дам, кард аныхъуырдта æмæ йæ фарсæй разынд», — хъуыды кæны уый.

— Булкъон Нурид, кæм хæты ныртæккæ сих Хадзы Абди Эффенди? — æнæнхъæлæджы афарста Лорис-Меликов.

Нурид кæлмдзæфау фестъæлфыд, Муссæйы цыдæр фелхыскъ кодта, уыцы ном фехъусгæйæ.

Дзуапп нæ уыд.

— Ахæм лæджы кой никуыма фехъуыста, æвæццæгæн? — мæстыгæрæй дзуры хицау.

«Мæн куы афæрса, уæд ын цы зæгъон?» — хъуыды кæны Муссæ.

— Æгас Цæгат Кавказы лекка кæны сих Хадзы Абди Эффенди... Кунта-Хадзыйæ къаддæр тæссаг чи нæу, ахæм знаг!.. Ныгуылæн Кавказæй раирвæзт, ныр та ам хæты, — Терчы облæсты. Иуæрдыгæй, уый сиды пысылмонтæм газаватмæ, иннæрдыгæй та сæ раздзогтæ райдыдтой цоппай Ирыстонæй Мæхъхъæлмæ, Мæхъхъæлæй — Цæцæнмæ! — æвиппайды тымбыл къухæй фынг ныццавта: — Кæд æрцæудзысты æхгæд сæ фæндæгтæ алыгъуызон абырджытæн?

«Дæ цъыс-цъыс цæуы, мæ лымæн!» — Лорис-Меликовы хъæлæс фæхицæн кодта Муссæйы йæ хъуыдытæй.

— Иу зæронд абырæг, Бæтæхъо, хæты Цæцæн-Мæхъхъæл — Ирыстоны!.. Æви йæ цы хонынц?.. Раздзог! — йæ цæстытæ фырмæстæй зынджытау сæрттывтой. — Йæ фæдыл ныххал кæны æгас пысылмонты. Йæ фæдисы артмæ растынц цæцæн æмæ мæхъхъæл, сæ разæй Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхаст, афтæмæй!.. Нæ быны нын арт æндзарынц, се ’рцахсынæн не стæм!..

— Куы схъомпал вæййынц, уæд сегас дæр Бæтæхъотæ æмæ Тепсатæ фестынц, дæ иууыл бæрзонддзинад, — срæцыгъта та капитан Золотарев.

Йæ къух ыл ауыгъта, Муссæмæ фæкомкоммæ ис:

— Муссæ Алхазович, кæд æрласдзынæ уыцы абырджыты Дзæуджыхъæумæ бастæй?

Муссæ фергъуыйау.

—...Æз Цæцæны æфсæддон зылды хицау дæн. Раздзог та Ирыстоны цæры, дæ иууыл бæрзонддзинад!..

Топпыхосау ныггуыпп ласта:

— Æгас Цæгат Кавказ — йæ цæрæндон! Цæцæны дæр ын ис, йæ зæронд сæр кæм бакъул кæна, ахæм бынæттæ.

Иучысыл æгуыппæг фесты, стæй Муссæ сдзырдта хинæй:

— Раздзогты æрцахст ныртæккæ хъуыддагæн цас пайда æрхæсдзæн, уый у хъуыдыйаг!

Туманов бахудæнбыл ис:

— Уæд та сæм кæсæм, цалынмæ Дзæуджыхъæуы кулдуар æрбахойой, уалынмæ!

Тумановы ныхæстæ туасау фæныхстысты Тæгианы зæрдæйы.

— Сæ раздзогтыл сын куы сæвæрæм хъадамантæ, гъеуæд кæцы кулдуар хойдзысты, уый у хъуыдыйаг, кънйаз! — бафиппайдта уый. — Стæй Бæтæхъо, Алхаст æмæ Тепсайы куы æрбахурх кæнай, уæд сæ бынæтты слæудзысты Базыхъ, Чæлхи, Джебраил!.. Ам бынтон æндæр фæрæз æрымысын хъæуы!..

Муссæйы ныхæстæм цыдæр фæцис йæ маст Лорис-Меликовæн.

— Цахæм фæрæз ма ис паддзахы хъомысджын хæцæнгарзы йеддæмæ?

Муссæ йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта:

— Хъуыран зæгъы: иу сæр хорз у, дыууæ та ноджы хуыздæр. Ахъуыды йыл кæнæм иумæ!

— Æз дæр уæм уымæн фæсидтæн!.. Алыксандр Георгиевич, Цы зæгъдзынæ?

— Михаил Тариелович, — цытджын хъæлæсæй райдыдта Туманов, — мæнмæ гæсгæ, йе уæхсчытыл паддзахы афицеры пъагæттæ чи дары, уыдонæй иу стæмты йеддæмæ, — Муссæмæ бакаст æмæ йæ дзырд ныддаргъ ласта, — иу стæмты йеддæмæ ахæм нæ разындзæн, нæ цытджын паддзахы стыр тохты фæстиуджытæн сæ дæсæм хай фесафгæйæ дæр йæ зæрдæ кæмæн нæ ныккæрзид!..

— Уый гуырысхойаг нæу.

— Гуырысхойаг нæу, фæлæ æз бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Æнæниз буарыл цы зындзæбæхгæнæн хæлмаг разайы, уымæй хъауджыдæр нæу Скæсæн Кавказ!..

— Уый дæр ног хабар нæу, хъуыддагæн йæ апмæ бавнал!

— Æнæниз буарæн йæ иу уæнг куы схæрам кæна, уæд æй иугæндзон хъусдарды бын хъуамæ дарай!..

— Хъусдардæй ма кæд цух у? — йæ фыссын фæуагъта Золотарев.

— Уый хуызæн хъусдардæй нæ зæгъын. Адæймаг нæ, фæлæ ма куыдзы дæр топпы дзыхмæ куы бауромай, уæд ноджы хъыхъ; хъагдæр кæны!..

— Чи зоны, цытджын инæлары уый фæнды, цæмæй Кавказмæ Вольтеры кæнæ та Ян Гусы идейæтæ æрбахæссæм!..

— Вольтеры идейæтæ бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ паддзахы афицертæй дæр бирæтæ не ’мбарынц. Мæ дзырд ууыл нæу, Михаил Тариелович!

Муссæ йе ’рфгуыты бынты кæсы Тумановмæ: «Чердæм ссæнды ацы сомихаг?»

— Комкоммæ зæгъ дæ хъуыды! — бардзырды хуызы йæм дзуры хицау.

— Комкоммæ йæ зæгъын: хъуыддагæн йæ цырв рагæй-æрæгмæ исламы дин у. Уыцы дин куы басæттæм, уæд Кавказ дæр саст у! — æрчъепп ласта уый. Муссæ йæхи нал баурæдта:

— Исламы дины сæрыл бирæ туг чи ныккалдта, уый дын ныр хъуыраны бæсты йæ къухмæ библи афтæ æнцæнтты сисдзæн?

Ацы ироны æнтыстытæ йын йæ цæст къахтой. Стæй йын æрæджы йе уæхсчытыл инæлары пъагæттæ кæй æрсагътой, уый йæ зæрдæдзæфау фæкодта æмæ, Муссæйы уынгæйæ, йæ маст æнхъызт Тумановæн.

— Хорз таурæгъгæнæгмæ, дам, лæмбынæг хъæуы байхъусын, цытджын инæлар, — облæсты хицаумæ фæзылд. — Михаил Тариелович, дины фанатизм куы басæттæм хæцæнгарзæй нæ, фæлæ æндæр истæмæй, уæд нæ къухы уыдзæн Скæсæн Кавказ æнæхъæнæй!

— Куырм, цæуыл кæуыс æмæ — дыууæ цæстыл, — йæхи нæ баурæдта Муссæ.

Паузæ ныддаргъ, облæсты хицауы æлхынцъ æрфгуытæ нындзыг сты.

— Хæцæнгарзæй спайда кæныны йеддæмæ ницыма æрхъуыды бацис нæ бон. Чи зоны, цытджын кънйазмæ исты ногдзинад ис, — зулмæ фехста йæ фиппаинаг облæсты хицау.

Туманов йæ хъуыды æххæст нæма равдыста:

— Мæ сыхагæй хуыздæр кæй дæн, уый йын æнæ «дæ цæст сау» куы бамбарын кæнон, уæд нæ дыууæйæн дæр пайда уыдзæн.

— Это настоящий вольтерянизм, — йæ фыссæнтæй йæ сæр не систа, афтæмæй дзуры Золотарев.

— Æрдæбон цы æмбисонд загътон, уый дæумæ дæр хауы, капитан, — фескъуыдта йæ Туманов. — Мæ хъуыды ахæм у, Михаил Тариелович, хохрæбынты хъазахъхъы станицæты хахх саразыны политикæ хъуамæ адарддæр кæнæм. Хох у сæ мад æмæ се ’фснайæг бынæттон цæрджытæн, уымæй сæ хъуамæ фæхицæн кæнæм! Уый уал дын иу, — Туманов йæ амонæн æнгуылдз æркъæдз ласта. — Уый фæстæ иу пысылмоны цур дыууæ чырыстоны куы æрцæра, уæд хъуыраны сыгъдæг сау фыст дæр фæфæлурсдæр уыдзæн. Уый гуырысхойаг нæу. — Кънйаз йæ дыккаг æнгуылдз дæр æркъæдз кодта.

Расыг лæджы цæстытау схъулæттæ сты йæ цæстытæ Лорис-Меликовæн.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: