II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 7 глава




***

...Хæмæты ныхæстæ йæм нал хъуыстысты. Салдау бадтис Раздзог. Бамыр сты Алхаст æмæ Тепса, ныхъхъус ис Сауадаг дæр.

Йæ сыхаг Мамсыраты Уосмæны фырты риумæ топп хъуамæ ныддара æмæ йæ ам, Сауададжы нарæджы агæрах кæна.

Йæ зæрдæ фæсаджилтæ ис зæронд лæгæн, йæ алыварс чи уыд, уыдон нал фиппайдта.

...Ныхысæры йас лæппу ма уыд, йæ дæлфæдтæм-иу бадт, аргъæуттæм-иу хъуыста. Стæй чысыл фестырдæр ис, йæ мадыфсымæр Муссæ йæ ахуырмæ арвыста... Ныр æрбацæуы æнæдин джауыртимæ. Мæнæ уыцы ран, Сауададжы былыл ын йæ риумæ топп хъуамæ ныддара Бæтæхъо.

Куыд ма кæсдзæн хурмæ, куыд ма цæудзæн, цæргæ-цæрæнбонты йæ туг цы зæххы сæраппонд пырх кæны, ууыл!..

Рагæй йæ нал федта, тынг рагæй! Ныр, æвæццæгæн, æнæхъæн хосдзау лæг ссис. Чи зоны, йын уыйæппæт джауыртимæ хæццæ дæр фæуа.

Хатт йæ хъустыл æрцæуы: Бæтæхъо йе ’фсымæр Базыхъы туг исы æмæ нал ауæрды джауыртыл. Сæ фæдыл рассæнд-бассæнд кæны Цæцæны, Мæхъхъæлы, хатт Дагъыстаны дæр!

Бæргæ, æрмæст Базыхъы тугыл куы банцаид хъуыддаг!.. Бæтæхъо Брутæй æддæмæ дæр нæ акæсид!

Йæ сæрыл схæцыд, сонт цæстæнгасæй фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта.

Йæ цардвæндаг ныссуйтæ ис. Йæ разæй йæ, дугъы бæхау, фескъæрдта хъысмæт. Мæнæ йæ Сауададжы былмæ æрбатардта æмæ ам ноджы тыхджындæр ныссуйтæ ис. Йæ къах чердæм авæра, уый нал зоны зæронд хæстон. Куы акъахдзæф кæна, уæд йæхи къухæй хъуамæ амара йæ сыхаджы, йе ’фсымæры, йæ хъæбулы!.. Уæд ма йæ тохы сæр та цæуыл у?..

«Ау, æмæ иу лæджы цæрæнбон цы у æгас бæсты сæрыл?» — Фестъæлфыд, уæлæмæ скаст, уыцы ныхæстæ йæм чи дзырдта, уый агурыныл фæцис.

«Кæцы бæсты сæрыл?»

Раздзог ноджы стыхстис.

«Кæцы бæсты сæрыл куы зæгъай, уæд... дæ артдзæст кæм судзы, уыцы бæсты сæрыл!»

«Уæдæ ма Брутæй цæмæн ахъуызыс?.. Цæмæн ма ссудзыс фæдисы æртытæ Цæцæны, Мæхъхъæлы?» Фырмæстæй йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта Раздзог:

«Цæцæн æмæ Мæхъхъæлæй куы расæххæтт кæнай дон, уæд дзы Брут æмæ Уæлладжыры дæр банымæг кæндзынæ артдзæстытæ!»

«Æмæ йæ чи сæххæтт кæны?»

«Чи йæ сæххæст кæны, уыимæ уыдзæн ацы нарæджы мæ дзырддаг!»

«Аздах уæдæ дæ цыргъаг!.. Цæв дæ сыхаджы, де ’фсымæры, дæ хъæбулы!.. Цæв сæ растæй-зылынæй!»

Йæ уд ын снарæг кодтой уæззау хъуыдытæ æмæ Хæмæтмæ скастис. Расида: мæнгвæдис уыд, фæстæмæ аздæхут æмæ уæ алчи йæ артдзæст бацагурæд, зæгъгæ?

Хæмæт дзуапмæ æнхъæлмæ каст.

Нæ, уый нæ уыдзæн! Не ’рбахæццæ уыдзысты уыцы джауыртæ Терк æмæ Сунжæмæ, кæд дадайы цæст æрттива, уæд!

Лæппулæгау фестъæлфыд йæ бадæнæй æмæ Хæмæтмæ дзуры тызмæгæй:

— Хæццæ кæндзæн Темырболат дæр хъæумæ, кæд æй Хуыцау цæрæнбонты аккаг скæна, уæд!

***

Уый уыдис сахаты размæ. Ныр Хæмæт æмæ Махмуд цыдæр фесты, Гæбайыл дæр нал хæцы цæст. Йæхæдæг хъазахъхъы кардæй фæйнæрдæм дзæхст кæны, йæ цъухъхъайы дыстæ басчъил кодта, афтæмæй.

«Темырболаты бынаты Гæба куы уыдаид, уæд цы бакодтаис?»

Йæ былтæ кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй æрдзæхст ласта хъазахъхъаджы.

«Æмæ сæ цы хъауджыдæр ис Темырболатæй, Гæбайæ, Хæмæтæй, цæцæйнаг Махмудæй?..»

— Й-и-и-а-а-а-л-л-а-а-а! — Уый Махмуды сидт у.

— Цæвут сæ, цæвут! — Уый та Алхасты абухын хъуысы уæлбылæй.

— Быныскъуыд скæнут тыхгæнæджы! — Хъæлæс сын дæтты мæхъхъæлон Тепса. Хæмæты уынæр не хъуысы, нæдæр йæ карды зæлланг цæуы. Цымæ цы фæуыдаид уыцы лæппу?

Тепса æмæ Алхаст дзæбæх æвнæлдтой уæлбылтæй. Ададжы рахиз фарсæй-иу раппæрста мæхъхъæлон йæ архъан. Бæндæны цæгæй-иу чи аирвæзт, уый та-иу ададжы галиу былæй цæцæйнаджы нæмыг баййæфта.

Иугæр фыртасæй куы сæмтъеры сты, уæд сахъгуырдтæ фæйнæрдыгæй сæхи бæндæнтыл рауагътой æмæ айнæгыл ауындзæгæй сухты цагъд кодтой хъазахъхъы.

Ныхы ’рдыгæй сæ балхъывта Бæтæхъо йæхæдæг, се уоны мигъ бацыд. Фæстæмæ алидзæн дæр сын нал уыд, уымæн æмæ хъазахъхъ чердыгæй æрбацыдысты, уыцырдæм арвыста фæсвæдты Алхаст йæ хъæбатырты иу хай.

Фиппайдта Раздзог: иуцасдæр ма, æмæ Сауадаг ныммыр уыдзæн, хъазахъхъ бындзагъд суыдзысты, фæлæ уалынмæ æрцыд æвирхъау хабар.

— Ого-го-го-го! — фехъуста Раздзог чъылдымырдыгæй хъазахъхъы хæстон сидт.

Йæхи цæстæй федта Бæтæхъо, талайау рæхснæг лæппулæг æртæ-цыппар адылийы бæрзæнд къæдзæхы сæрæй хæйрæджы лæппынау, куыд рагæпп ласта æмæ пысылмоны фæсарц куд февзæрд, уый.

«Ау, Дзæуджыхъæумæ фæбæрæг кодта исчи? Гадзрахатæй разылд исчи Раздзогыл?»

Цæстæнгасæй уыцы «хæйрæджы лæппыны» агуры, фæлæ дзы Темырболат дæр нæ рох кæны.

«Ам куы нæ ныккæлид мæ къухæй йæ туг!»

— Ассон сæ фæстæмæ, бындзагъд сæ скæн иунæг Хуыцауы Цытæн! — хъæр кæны зæронд лæг.

«Багъæц, куыдзы хъæвдын, кæд дæм баххæссин кардæй!»

Хæмæты цахъхъæн лæппумæ фæкомкоммæ ис Бæтæхъо. Айдагъ куырæты мидæг уыд, фæлæ базыдта уыцы «хæйрæджы лæппыны!..»

«Цымæ Хæмæт цы фæуыдаид!» — тохы тæрæзтæ чи фæкъул кодта, уымæ каст, уæддæр Хæмæтимæ дзырдта йæ зæрдæ.

«Дæ ныййарæджы дын сауты мидæг бæргæ абырын кæндзынæн!»

Æвзонг лæппуйы ныхмæ фæцарæзта цыргъаджы ком: «Дæ сæры къуыдырæй райгонд у!»

Иу цæстныкъуылд уыдис, æндæр нæ, фæлæ йæм афæдзы хуызæн фæкаст.

Дзуарæвæрдæй, хъандзалтау ныббыцæу сты кæрæдзимæ кæрдтæ, куырæтджын худтис йæ мидбылты.

«Хъуымызбыл! Цæуыл худыс, сæнтдзæфау?»

Æндоны зæлланг фæцыд, стæй йæ карды комыл знаджы æхсаргарды цæгат æрбаселф кодта æмæ йæ къухыл сæмбæлд.

Йæ цонг æгасæй ныддыз-дыз кодта, æмæ йæ къухæй фыццаг хатт ахаудта хæцæнгарз. Йæхимæ смæсты ис, ацы «хъуымызбыл джауыры» иу æрцæфæй йæ къухæй хæцæнгарз кæй ахаудта, ууыл. Йæ лæгдзинад æм æрдуйы аргъ нал кастис, æгæрыстæмæй йæ мæлын æрфæндыд.

— Æрсæрф мæ, куыдзы фырт, цæмæ ма кæсыс?!.

Уый уæддæр йæ мидбылты худтис.

«Уæдæ хынджылæг скъæрыс?.. Багъæц, æз дæ бахудын кæндзынæн?!»

Йæхи йæм баскъæрдта, йæ мукъутæ йын ахъаззаг фæцæф ласта тымбыл къухæй.

«Ууыл уал фидар хæц, куыдзы хъæвдын!»

Кард галиу къухмæ æрбазылдта куырæтджын, дадайы тымбыл къух кæм æруад, уым йæ арм æруагъта æмæ... йæ мидбылты худтис.

«Хингæнæг!»

Ай хуызæн бæллæхы никуыма бахауд Бæтæхъо, æмæ йæ маст рахсыст. Йæхи та йæм баскъæрдта, дыууæ бæхы фæхъуырæй-хъуырмæ сты. Кард ын цы къухы уыд, уый йын саргъы гопмæ нытътъæпп ласта æмæ æндоны зæлланг ссыд зæххæй. Уый уæддæр йæ мидбылты худтис.

«Багъæц, ныр æгæр дæр худдзынæ!»

Хъамайæ йæ ныррæмпъузон куыд загъта, афтæ бæхы фарсыл ацауындзæг ис лæппулæг æмæ сæ дыууæйы къухæй цы кæрдтæ ахауд, уыдон «æруыгъта», карк хоры нæмгуытæ куыд æруидза, афтæ.

«Хингæнæг».

Йæ бынаты андзыг Раздзог, фæйнæрдыгæй йыл сæхи хафтой. Йæ къухы йæ кард куыд февзæрд, уымæн ницы базыдта. Æвæццæгæн æм æй уыцы «хæйрæджы лæппын» æрбаппæрста.

«Дæлимон!»

Иу уынд ма акодта йæ сæрмæ ацы «хæйрæджы лæппыны» кард, стæй йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ афтæмæй анхъæлмæ каст мæлæтмæ.

«Нæма æрцыд мæлæт, æвæццæгæн!»

Йæ цæстæй та ракаст, йæ кардыл та уæлиау схæцыд, фæлæ æнæхъуаджы: йемæ хъазæгау чи кодта, уымæн йæ фæсарц Алæгаты Хæмæт бадтис, цыма рагон хæлæрттæ уыдысты, уыйау æй ныхъхъæбыс кодта.

Раздзогæн йæ кард хъилæй аззад, лæппутæ бæхы рагъыл утæхсæн кодтой.

«Мæ цæстытæ мæ сайынц, æвæццæгæн!»

Хæмæты хъæрмæ райхъал ис:

— Дада!.. Темырболат у, Темырболат!.. — хъæр кодта уый.

Чысыл ма бахъæуа, йæ къухæй та кард ахауа. Уæлдзарм худ йæ цæстытыл æрыссыдта, цухъхъайы фæдджийæ йæ цæсгомы хид асæрфта.

Бæхæй фæкъул сты лæппутæ, кæрæдзийыл тыхстæй зæххыл сæ тъæпп ссыд.

— Хæмæт!.. Зæбулхъус! — хъæр кодта фырцинæй, Темырыхъойы фырт Темырболат кæй хуыдта, уый.

Уæдæй нырмæ кардæй кæмæ æвзыста, уый йæ нæма фиппайдта, йæхæдæг йæ уæлхъус балæууыд.

Æвиппайды Хæмæты риу тымбыл къухæй ныццавта Темырболат æмæ тардзæсгомæй иуварс алæууыд.

— Абырджытимæ сæмдзæхдон дæ?

Йæ зæрдæйы туасау фæныхстысты Раздзогæн уыцы ныхæстæ. Хæмæтæй фырцинæй хæст дæр айрох ис æмæ йæ хæлары цæф ницæмæ æрдардта.

— Болат, уый Раздзог у, Раздзог!.. Нæ йæ базыдтай? — стæй та Бæтæхъомæ фæкомкоммæ ис, — Темырболат у, ма йæ ныццæв, дада!..

Уыцы иу зылд фæкодта Бæтæхъойы ’рдæм:

— Æгас цу, дада, — загъта уый.

Бæрцныхæстæ тызмæгæй æрнымадта зæронд лæг:

— Кавказмæ тых чи нæ хæссы, уый æгас цæуæд!

Темырболатæн, цыма йе ’хсæрфарс ныцъцъыкчындæуыд, уыйау фестъæлфыд. Раздзог йæ ныхæстæм бафтыдта:

— Урс паддзахæн Кавказ — иууылдæр абырджыты ахстон, æмæ йæ артдзæст чи хъахъхъæны, уый та — абырæг!

Цыма фынæй уыд æмæ йæ Раздзоджы ныхæстæ райхъал кодтой, ахæм лæуд кодта Темырболат.

— Гæрры къуырдтай уæдæй нырмæ, Мамсыры-фырт! Уыцы ныхæстæ йыл арт бафтыдтой æмæ йæм нал хъуыст нал дæр карды дзæхст-дзæхст, нал дæр дамбацайы гæрах. Йæ хъустыл ма Хæмæты сидт ныдзæвд гæзæмæ:

— Махму-у у-д!.. О о-о, Махму-у-у-д... Ссардтон æй, ссардтон!.. Уый йæм сидтысты райгуырæн хæхтæ, Бруты атагъатæ, къухæй чи аивгъуыдта уыцы сабийы бонтæ, тых æмæ æхсаримæ кæмæ æрбацыд, уыцы бæстæ.

Раздзог æм бацыд, пырх къухæй йын йе ’хсæрфарс ахъаззаг ныцъцъыкк ласта:

— Дадайæ джидзæг скъæрæн нæй, дæ зæрдыл æй дар, хъуымызбыл!

Гъе, уый уыдис йæ салам дæр æмæ йæ хъыг дæр.

Йæ уадулыл цыдæр хъармæй æрбырыд Темырболатæн, фæлæ йæм нæ февнæлдта. Бæстæ йыл куыройы цалхау ныззылд, Сауадаг йæ сæрыл ныддæлгоммæ ис. Раздзог йæ бæхы фæцагайдта, æмæ йæм уый дæр афтæ фæкаст, цыма бæх æмæ барæг хъеллаугæнгæ цыдысты.

«А-а-а-быр-джы-тæ-æ-æ!» — сæры магъз гæрста ныр уыцы сидт.

«Кавказмæ тых æмæ æхсар чи не ’рбахæсса, уый æгас цæуæд!» — Йæ зæрдæ йын арыдтой Раздзоджы ныхæстæ.

— Махмуд!.. О-о-о, Махмуд! — кæцæйдæр хъуыст Хæмæты сидт.

Бæхы рагъмæ тыххæй схылд, тар цæстæнгасæй фæйнæрдæм акаст, стæй æвиппайды йæ дзыппæй урс къухмæрзæн фелвæста, æхсаргарды цъуппыл æй асагъта, тырысайау æй сфæйлыдта.

«Урс тырыса фарн хæссы!» — Йæ бæхы фæцагайдта æмæ æррайау ныццæлхъ ласта:

Кæцæйдæр Раздзоджы цæст æмæ кард ферттывтой. Уый уæддæр æррайау тæхы æмæ урс тырыса фæйлауы.

— Господин булкъо-о-он!.. Абырджытæ не сты, нæхионтæ сты! Бæтæхъо Хæмæты рацагуырдта æмæ йын йæ цонг ацахста.

— Сæрра ис уыцы лæппу! Агæрах æй кæндзысты кæна махонтæ, кæнæ та сæхионтæ!

— Æмæ йын цы бачындæуа, дада?

— Аиуварс æй хъæуы исчердæмыты, йæ мад æм æнхъæлмæ кæсы!..

— Мæ быгъдуан, дада! — Хæмæт йæ бæхы фæцагайдта.

— Фæлæуу, лæппу!.. Афтæ æнцæнтты дын нæ акомдзæн!.. — Гæрах æмæ карды дзæхст-дзæхсты Бæтæхъойы хъæр атади.

— Мæ бар æй уадз, дада!

— Дæхæдæг æмæ — дæ лæгдзинад!.. — лæппу фæцæйцыд æмæ ма йæм фæстейæ фæсидтис: — Цæцæйнаджы айс демæ... куы бахъæуа, уæд æй архъанæй бæтгæ дæр скæнут!.. Зон æй, йæ мад æм æнхъæлмæ кæсы!..

Кæцæйдæр сармадзаны богъ-богъ ссыд æмæ уыцы нæрынмæ Раздзоджы цæстытæ атартæ сты.

Исдуг тархъæды къæс-къæс хъуыст, стæй, цыма зæхх кæмдæр тонгæ скодта æмæ йæ хуылфæй æгуыппæг цæхæр скалдта, уыйау «у-у-у-х», зæгъгæ, ныууынæргъыдта. Ададжы уæллаг был къоппæй фелвæста, комы чи архайдта, уыдонæн сæ сæрыл згъæлд дуртæ, сыджыты къуыбæрттæ æмæ бæласы схъистæ.

— Ого-го-го! — стынг та ис хъазахъхъы сидт.

Сармадзаны æнæнхъæлæджы богъмæ мæхъхъæлон хæстонтæ фергъуыйау сты. Чи дзы бæндæныл йæхи ададжы ’рдæм ауагъта, чи та дзы лидзынмæ фæцис.

— Ал-ла-а!.. Ал-ла-а!..

Тепсайы хæстонты лидзгæ куы ауыдта, уæд йæ хъуын арц абадт Раздзогæн. Иуæй, хæсты тæмæны аныгъуылд, иннæмæй та йын уыцы «хъуымызбыл» схæццæ кодта йæ фæндтæ, æмæ, рæстæг кæуылты аивгъуыдта, уый нал фæфиппайдта. Райсомæй нырмæ фæдисон Дзæуджыхъæумæ кæй ныххæццæ уыдаид æмæ фæстæмæ дæр кæй æрбаздæхтаид, уый йын ныр сармадзаны богъ æрбаймысын кодта.

Цæмæй тарст, уый йæ баййæфта.

«Лорисы-фыртмæ фæбæрæг кодта чидæр!»

Кæмдæр иувахс æвæрд сармадзан Сауададжы уæхсчытæ куыд гуымс кодта, уый фæфиппайдта Бæтæхъо æмæ йын хъуыдыйы рæстæг нал уыд.

— Тепса, о Тепса-а-а! — хъæр кæны уæлбылмæ.

Хъазахъхъаг ыл йæхи æрсæрфта. Чысыл ма бахъæуа, йе уæхск ын æрдава, фæлæ уæлбылæй Тепсайы топпы гæрах фæцыд æмæ барæг йæ бæхыл æрзæбул ис.

— Тепса, о Тепса! — мæхъхъæлонау æм дзуры: — Ададжы фаллаг был цы лæппутæ ис, уыдонмæ фæбæрæг кæн, сæ чъылдымтæ джауыртæм фездахæд!

Иу бурдзалыг та йæм йæхи æрбаскъæрдта, йæ ныхас ын йе ’мбисыл аскъуыдта. Карды бырынкъ æм фæдардта, суанг æй йæ фистоны онг хъазахъхъаджы тæнты ныссагъта.

— Сæ чъылдымтæ хъазахъмæ фездахæд, сæ фæдыл сæ асайæд! — куы дзæхст кодта, куы та — дзургæ. — Махæн дæр нæ фæндаг байгом уыдзæн.

Хæмæты та Темырболатимæ архайгæ куы ауыдта, уæд рог сулæфыд: «табу Хуыцауæн, кæд æй аиуырдæм кæниккой цæцæйнаг лæппуимæ!» — Йæхæдæг уæлæмæ сиды:

— Хæйрæджыты комы ’рдæм сæ асайæд!.. Ацы сармадзантæй куы адард уæм, уæд сæ фæрсырдыгæй ныкъкъæрцц кæнæд.

Гæба йæ иуцалдæр лæппуимæ хъахъхъæдта, фæлæ йыл хъазахъхъ мыдыбындзытау ныттыгуыр сты æмæ йын азмæлыны фадат нал лæвæрдтой.

Лидзынвæнд чи скодта, уый кæй ничиуал баурæдтаид, уый зыдта Раздзог æмæ алыг кодта йæхимидæг:

«Кæд лидзой, уæддæр Тепсайы фæдыл!»

— Сæ разæй лидз дæхионтæн, Тепса-а-а!.. Уæлбыл дын бынат нал ис!

Дзæрæхохты Алхастмæ дæр фæхæццæ кодта фидиуæг Раздзоджы бардзырд. Булкъон Товстоноговы полк ацы нарæг коммæ чердыгæй æрбацыд, уыцырдæм фездæхтой цæцæны гуырдтæ се ’ргæмттæ æмæ хъазахъхъæн сæ чъылдымтæ равдыстой барæй.

— Ал-ла-а-а!..

— Ого-го-го!..

Фæтарстысты, зæгъгæ, фенхъæлдтой тыхгæнджытæ æмæ сæ фæстейæ басырдтой, се уæхсчытыл абадынмæ æрхъавыдысты.

Æвиппайды сафтид ис йæ раз Бæтæхъойæн. Нæхионтæ сæ асайдтой сæ фæдыл, зæгъгæ, ахъуыды кодта æмæ йæ бæхы фæцагайдта. Сауададжы нарæг комы, залиаг калмау цы знаг ныкъкъæдз-мæдзытæ ис, уый алхъывта фæстейæ.

Лыгъдис хъазахъхъы разæй нарæгвæндагыл хохæгты иу хай. Сырдтой сæ фæстейæ хъазахъхъ, хъазахъхъæн та фæстейæ сæ чъылдымтæ хоста зæронд Раздзог. Уæлбылтæй сæ фæйнæрдыгæй гæрах кодтой Дзæрæхохты сахъ Алхаст æмæ Малсæгты бирæгъдзаст Тепса.

Карста æмæ нывæста, карста æмæ нывæста лидзгæ-лидзын зæронд Раздзоджы сæр.

Сауададжы фаллаг был фæндаг саджил у. Йæ иу къабуз быдыры ’рдæм цæуы, иннæ та Хæйрæджыты комы ’рдæм. Зыдта йæ Бæтæхъо: хохы ’рдæм фездæхтаиккой, хъазахъхъы разæй барæй чи лыгъд, уыдон, æмæ хъазахъхъæн дæр сæ иу хай сæ фæдыл бафтдзæн. Иннæ хайæн дæр йæ разы фæндаг уæгъд уыдзæн æмæ, тарст хъазахъхъаг уыцырдæм ма сараза йæ цæсгом, уый гæнæн нæй. Афтæ хынцыдта Раздзог, саджилыл дыууæ хицæны хъуамæ фæуа знаг. Иу æмбисы дзы Хæйрæджыты комы къусмæ асайдзысты, разæй чи лидзы, уыдон. Иннæ æмбис быдыртæм фæцæйцæуæг фæндагыл хъуамæ ныллæууа æмæ йе ’муд куы ’рцæуа, уæд, цæмæй фæстæмæ мауал раздæха, уый тыххæй йæ разы хъуамæ слæууа Дзæрæхохты Алхаст. Уалынмæ Бæтæхъо йæхæдæг дæр бахæццæ уыдзæн æмæ та стæй æркæсдзысты уавæрмæ.

Куыд снывæста развæлгъау, афтæ цыдис хæст, фæлæ сармадзаны нæмыг феуæгъд кодта голладжы ком æмæ ууыл тыхст Раздзог.

Æцæгдæр сæ фæстейæ афтæ дзæхст кодта Раздзог æмæ саджилмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ чи чердæм лыгъд, уый нал зыдта. Сæ иутæ, хохы ’рдæм цы пысылмонтæ алыгъд, уыдоны фæдыл ныллæууыдысты, иннæтæ быдыры ’рдæм фæцæйцæуæг фæндагыл фæцарæзтой сæ бæхты. Стæй ма æрæджиау базыдтой сæ рæдыд, фæстæмæ ма фездæхтой, фæлæ уалынмæ цæцæн бакалдысты сæ размæ æмæ сын се ’мбæлттимæ сиу кæныны фадат нал радтой. Раздзог Алхасты дæр баййæфта, фæлæ йæ хатыд: ацы саджилыл сын уæддæр фæзын уыдаид, уымæн æмæ йæ булкъон Товстоногов фæхатыд, йæ хæстонты иу хай йын барæй кæй фæхицæн кодтой хохæгтæ æмæ, уæлæмæ кæй асайдтой, уыдонæн феххуыс кæй хъæуы.

Йæ кард йæ дæларм акодта, йæ къухтæ йæ былтыл лулæйау авæрдта:

— Алхаст!.. Лæппуты демæ айс æмæ Хæйрæджыты комы къæпхæнæй фæуæлейæ у!..

Æнæхъуаджы йæ нæ хуыдтой Хæйрæджыты ком!

Цыма зæххы иу ран къоппæй фелвæстæуыд, уыйау дæлæмæ ныххаудта æмæ уыцы арф дзыхъы алыварс къæдзæхтæ хъилайæ баззадысты. Уыцы егъау къусгонды дыууæ кæроны фæрæтæй фасты хуызæн нарæг ацæуæнтæ сарæзта æппæтфæразон æрдз, бынæй дзы хæххон дон хæлхæлгæнгæ цыд. Уæлæмæ йæ уынæр ивылд доны абухынау нæрыд, иу стонг бирæгъ дзы куы нынниудтаид, — æнæхъæн балы ниуынау хъуыстаид. Уыцы фæрæтæй фасты хуызæн хъуырæй уæлæмæ схызтаис, уырдыгæй Хæйрæджыты коммæ цæргæсау кастис дæлæмæ.

— Комы кæй ныккалдтой лæппутæ, уыдонæн сæ уæлхъус слæуут Тепсаимæ, Алхаст!

Æвиппайды йæ цæстытæ атартæ сты фыртасæй.

Алхастмæ куы хъæр кодта, уæд иу хъазахъхъаг фæстæты æрзылд, чысыл ма бахъæуа, йæ астæуы онг æй ныффада æхсаргардæй. Æнæхъуаджы йæ нæ хъахъхъæдта йæ бындар. Фæцæрдæг ис Гæба, уæлбæхæй йæм йæхи баппæрста, йæ цонг ын ацахста, стæй йын йæ хъуырмæ дæр баххæст кæуылдæрты. Хъазахъхъаг тыхджындæр разынд, Гæбайæн йæ цæстытæ рацæйлиуырдтой, бæхæй рацæйхаудта.

Хъазахъхъаджы кардæй æрсæрфта Раздзог, йæ сæр ын йе уæхсчытæй фæхицæн кодта.

— Дада! — сулæфыд Гæба.

— Лидз, лæппу, уæлæмæ! Малсæгты Тепсайæн зæгъ: фæстæмæ раздæхæн хъуыр сæхгæнæд, Хæйрæджыты комыл æрхъула кæнæд, йæ дæллаг кæрон кæрæдзимæ къухæй куыд æххæссой, афтæ!

Гæба йæ бæхы фæцагайдта, йæхæдæг та фæзылд:

— Алхаст, лидз уæлæмæ!.. Æз къæпхæныл слæудзынæн, дæлейæ ма цы куыйтæ баззад, уыдон бауромдзынæн!

Хæхтæ кæрæдзимæ зыввытт кодтой дадайы сидт.

Хъазахъхъы разæй чи лыгъд, уыдон цæстныкъуылдмæ уæлвæзмæ сгæпп кодтой, фæстейæ сæ чи сырдта, уыдонæн сæ тæккæ фындзы раз егъау бæлæстæ æрæппæрстой уæлбылæй æмæ нарæг ацæуæн сæхгæдтой.

Фæстæмæ фездæхтой уæд сæ бæхты, фæлæ раздæхæн дæр сæхгæдтой Дзæрæхохты Алхасты хæстонтæ.

Бирæ нæ уыдысты балхонтæ, — æдæппæтæй дæс æмæ ссæдзы бæрц, — фæлæ ныр уæлвæзæй цæргæстау кастысты, комы мæлдзгуытау чи схъомпал ис, уыдонмæ.

Раздзог йæ хæстонтимæ къæпхæны сæрмæ сгæпп ласта, къæппæвæрд дурты лæсæн цы даргъ хъæдтæ урæдтой, уыдоныл ныххæцыдысты дæлæмæ кæсгæйæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: