II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 6 глава




— Раздзог!.. Раздзог кæм ис?.. Хъазахъхъ — нæ чъылдымырдыгæй!..

Темырболат йæ мидбылты худы:

— Ныр кæд йе ’фсæртæ феуæгъд кæнид Сауадаг!..

Тæлтæг бæхтæ ратæх-батæх кодтой, карды цъупп къæдзæхы сæрмæ æххæстис.

— Ого-го-го!.. Æфсургъ дæ хъæуы, господин хъазахъхъаг? Уæд мæ фæдыл ратæх! — Йæхæдæг къæдзæхы сæрæй асæррæтт ласта æмæ бынæй пысылмоны фæсарц февзæрд.

— Вот отчаянная голова! — хъуысы йæм уæлейæ æмæ йе ’мбæлттæ дæр йæ фæдыл аивылдысты.

— Раздзог!.. Хъазахъхъ — чъылдымырдыгæй!..

Темырболат, йæ разы чи бадт, уый ныкъкъуырдта æмæ йæ бæхæй аппæрста. Сæрбихъуырæйттæгæнгæ атылд уый, фæлæ гæдыйау йæ къахыл алæууыд æмæ «Хуыцауæй» йе рагъмæ чи æргæпп ласта, уымæ дамбаца фæдардта. Бæхæй фæдзой кодта Темырболат, цæстныкъуылдмæ дамбаца йæ хицауы къухæй стыдта, фæлæ хæцæнгарзы гæрах уæддæр фæцыд, æмæ йæм чъылдымырдыгæй æхсаргардæй чи февзыста, уымæн йæ бæхы сæрыл сæмбæлд нæмыг. Бæх иуварс асхъиудта æмæ йæ барæджы йæ быны аууæрста.

— Æй, джауыр, Хуыцау дæм æркаст!

Йе ’мбæлттæй кæмæн йæ хъул сах абадт, кæмæн та дзы йæ зынг бахуыссыд æнусмæ. Йæхæдæг цъилау ныззылд.

«Ау, ацы абырджыты руаджы Брутмæ ма хъуамæ бахæццæ уон!»

— Ал-л-л-л-а-а-а! То-о-о-ох!

— Ого-о-го-го-о-о! — нæрыд æмæ хъæрзыд Сауадаг. Уый дæр æй кардæй рæмпъызта, абырджыты йе уæхскыл кæй сæвæрдта æмæ йын йæ фæндаг кæй сæхгæдта, уый тыххæй.

VI. ДАРГЪВÆНДАГÆЙ САУАДАДЖЫУÆХСЧЫТЫОНГ

Сыгъдис æмæ сыгъдис Фæдисы рагъыл арт. Сидтис тохмæ, сисын та кодта Скæсæн Кавказæн хæцæнгарз.

Æхсæвы тарф фынæй кæуыл бафтыд, уымæн Раздзоджы фæдисонтæ йæ рудзынг хостой.

— Тох?.. Раздзог нæм фæдисмæ сиды!

Ирæй йемæ чи рацыд, уыдон йæ фæдыл акодта Раздзог. Тулгæ миты къуыбарыл ноджы мит куыд схæца, афтæ сыл схæцыдысты цæцæн-мæхъхъæлы фæсивæд.

Уадз æмæ зына Дзæуджыхъæумæ фæдисы арт, фæлæ уырдæм ма хъуамæ фехъуыса иу бæхы тъæбæртт, иу æрыхснырст дæр.

Афтæ загъта Раздзог.

— Фæдис æмæ тох! — хъуысы æхгæд рудзгуытæй.

Сунжæйы цæугæдоны был сиу сты. Судзгæ цырæгътæ æхсæвы талынджы хъæндилтау æрттывтой.

Æнæсыбырттæй, æгуыппæгæй цыдысты Сауададжы ’рдæм.

Фæндæгтыл хъарагъултæ баурæдта Раздзог æмæ сын бафæдзæхста: Сауадагæй ацырдæм чи цæуа хуымæтæджы бæлццæттæй, уымæн йæ фæндаг уæрæх. Ардыгæй уыцырдæм чи фæцæйцæуа, уый урæд æрцæуæд.

Сæуæхсид рухсы цæджындз ныппæрста Сауададжы талынг комы. Скæсæн сырх-сырхидæй сæрттывта, туджы хуызæн ссис.

Йæ къухаууонæй кæсы Раздзог, афтæмæй Сауададжы нарæг ком цæстæнгасæй дæргъæй-дæргъмæ бары.

— Скæсæн туджы сæвдылд!.. Сауадаг дæр хъуамæ сæвдыла тыхгæнджыты туджы! — дзуры æндыгъд хъæлæсæй Бæтæхъо.

Мæхъхъæлон Тепса æрбалæууыд æввахсдæр:

— Дырыл, сæвдылдзæн джауырты туджы, кæд нæ Аллахы хорзæх уа, уæд!

— Кæд пехуымпар Мæхæмæт нæ разæй цæуа тохы, уæд! — хъæлæс сын радта цæцæйнаг Алхаст.

Ламазгæнæгау йæ зонгуытыл æрхауд Раздзог, къæдзæхы сæрæй арф коммæ ныккаст, цæргæсау.

— Ам фæрсæй-фæрсмæ дыууæ барæджы йеддæмæ нæ сарæхсдзæн! — уырдыгмæ кæсгæйæ, дзуры уый.

— Иууыл бирæ — æртæ! — бараст ын кодта йæ хъуыды Алхаст.

Фаллаг былмæ фæкомкоммæ ис.

— Йæ фæйнæ былыл дыууæ лæджы куы слæууа æмæ сæ къухтæ кæрæдзимæ куы радаргъ кæной, уæд хид сæвæрдзысты Сауадагыл.

— Кæд сæ бафæнда, уæд! — раздзоджы хъуыдытыл йæ хъуыдытæ нывæнды Дзæрæхохты сахъ Алхаст.

— Куы сæ бафæнда, уæд ма фæндагыл фæцæйцæуæг джауыры хъуырыл архъаны цæг дæр æрыфтаудзысты! — æртыхст дыууæ раздзоджы хъуыдыйыл Малсæгты Тепсайы уынаффæ.

Тепсамæ йæ мидбылты бахудтис Бæтæхъо:

— Дзæбæх куы нывналой, уæд ма йын карды бырынкъæй йæ сæры тенка дæр фæдыууæ кæндзысты!..

— Иунæг Аллахы фæрцы!..

Бæтæхъо растад, иннæтæ дæр æй бафæзмыдтой.

Раздзог та райдыдта дзурын:

— Сауададжы нарæг комы фæйнæ фарс цы бæрзонд къæдзæхтæ ис, уыдон базыртæ хъуамæ фестой!

Цæцæйнаг ын айста йæ дзырд:

— Уыцы базыртыл мах хъуамæ сбадæм.

— Стæй джауыртæ калмау æрбалæсдзысты нарæгвæндагыл арф коммæ, — сагъæсгæнæгау дзуры Тепса.

Цæцæйнаг ма бафтыдта йе ’рдæбоны хъуыдымæ:

— Иуырдыгæй сæ Тепса ныццæвдзæн йæ сахъгуырдтимæ, иннæрдыгæй та — æз!..

Бæтæхъо йæ фæурæдта:

— Разæй сын сæ ных та æз ныкъкъуырцц кæндзынæн, фæлæ сын сæ къæдзил дæр хъæуы фелхыскъ кæнын!

Алхаст дзуры йæхицæй:

— Цæцæн фылдæр сты!.. Алхаст авналдзæн сæ къæдзилы онг дæр!..

— Голладжы мидæг сæ хъуамæ ныккалæм!.. Хабархæссæг дæр сæ куыннæуал аирвæза Дзæуджыхъæумæ!

— Калмæн йæ къæдзилæй райдайдзыстæм, стæй йæ сæрмæ дæр бавналдзыстæм... хъазахъхъ æнхъæл нæ уыдзысты, афтæмæй Дзæуджыхъæумæ фездахдзыстæм не ’ргом!.. Пъæззы æрæппардзыстæм не рагъæй!..

Раздзог фæсыкк ис, фалейæ йæм чидæр йæ номæй сиды.

— Раздзогмæ! Комкоммæ Раздзогмæ!

Фæйнæрдæм алæууыдысты, фæндаг сын радтой.

Дыууæйæ æрбацæйскъæрдтой сæ бæхтæ, сæ фæдыл ма ноджы иуцалдæр.

Кæлмдзæфау фестъæлфыд Бæтæхъо, адæргæй йæ карды фистон дæр ацагуырдта:

— Хæмæт! — фæхъæр ласта уый.

Ай-гъай, Алæгаты Темырыхъойы фырт Хæмæт æмæ Алханты Махмуд уыдысты, даргъвæндагыл хъарагъул кæй сæвæрдта, уыдон лæууыдысты йæ разы. Сæ фæдыл æрбатыгуыр сты, цыма сæ сургæ чындæуыд.

Иу цæцæйнаг лæппу ралæууыд размæ, йæ цухъхъайы дыстæ басчъил кодта, афтæмæй дзуры Бæтæхъомæ:

— Раздзог! Ды сæ фæндагхъахъхъæнæг баурæдтай, уыдон та комкоммæ Сауададжы хуылфмæ... хъазахъмæ фæцæйскъæрдтой!

Алхаст нал баурæдта йæхи, размæ рагæпп ласта, йæ хæрæфырты фырт Махмуды цæстыты ныссагъта арцау йæ цæстытæ:

— Куыдзы хъæвдын!

— Фæлæуу, Алхаст! Тагъд чи кодта, уый худæджы бын фæцис! — дзуры Раздзог æмæ Хæмæтмæ кæсы æдзынæг.

Фидиуæгæн Мамсыраты Уосмæн æмæ Алæгаты Темырыхъойы хæдзæрттæ згъуыды кæй ныууадзын кодта, уый æрбалæууыд йæ зæрдыл.

«Тагъд лымæнтæ бауыдзысты, сæ дыууæ дæр Муссæйы хъузонтæ суыдзысты!» — хъуыды кодта уый.

«Базæронд дæ, Муссæйы фæрцы Аухы удæгас кæй баззадтæ, уый дæ айрох ис, æвæццæгæн! — цыма йын йæ хъусы ныдздзырдта чидæр.

Фæдис æй иуварс фæуагъта ацы лæппуйы, уæддæр йемæ æрбаиу ис. Ныр æй Алханты Махмудимæ, ахстау æрбакодтой æмæ мæнæ йæ разы лæууы.

Цы ’взагæй йæм сдзырдæуа?

— Кæдæм скъæрдтай дæ бæх, лæппу? — афарста йæ тызмæгæй.

Йæ къухæй Сауададжы ’рдæм ацамыдта, ома уырдæм скъæрдтон. Бæтæхъо фестъæлфыд:

— Цы дын баззад уым?.. Бæрæг хастай джауыртæм, мыййаг?

Хæмæт фæдисау ис, цымыдисæй скаст Раздзоджы æлхынцъ æрфгуытæм. Махмуд сын не ’мбæрста сæ ныхас, йæ къæхты бынмæ ныккаст, афтæмæй лæууыд Хæмæты фарсмæ.

— Бæрæг, зæгъыс?.. Цæй бæрæг?

Бæтæхъойы цæстæнгас фæкъуымых ис:

— Кæдæм скъæрдтай, уымæй дæ фæрсын, лæппу?

— Темырболаты размæ! — уыдис æнæнхъæлæджы дзуапп. Цыма йын йæ къæбут дзæккорæй фæцæф чындæуыд, уыйау бадзой-дзой кодта зæронд лæг. Йæхи дурыл æруагъта:

«Темырболаты размæ!.. Темырболаты размæ!.. Æмæ кæм ис Темырболат?..» — йæ хъуыдытæ йын сфæйлыдта уыцы иу ном.

— Темырболат Уæрæсейы ис!.. Уый онг нæ фескъæрдтаис бæх!.. — скъуыддзæгтæй дзуры уый.

— Уæрæсейы нал ис, дада! Æрбацæуы!.. Хъазахъхъимæ æрбацæуы!.. Скъуыдкъохæй Муссæ фидиуæг æрбарвыста æмæ уый дзырдта.

Æвиппайды æрцъæл ис Раздзог уыцы ныхæстæм.

Тепса æмæ Алхаст иронау дзæбæх æмбæрстой. Чысыл дæрддзæф лæууыдысты, сагъдау æмæ рынчынау цы заронд лæг ныкъкъæдз, уымæ джихæй кастысты.

Æрæджиау ма афарста лæппуйы:

— Брутæй куы цыдыстæм, уæд кæм уыдысты дæ дзурæнтæ?

Хæмæт йæ сæр æркъул кодта.

— Уæд æй нæ зыдтон, дада!..

— Ныр дын æй чи загъта, уæдæ?

Лæппу йæ цæсгом фалæмæ азылдта æмæ хæрзныллæг хъæлæсæй дзуры:

— Зарæ!.. Нæхи Гыкъы!..

Адæргæй фестад æмæ та æрбадт Раздзог:

— Зарæ, зæгъыс?.. Æмæ Зарæйы цы æрбахаста ардæм?..

— Даргъвæндагыл нæ æрбаййæфта!.. Æрфæныл бадтис!..

Хингондау лæууыд Махмуд, йæ дзыхæй сыпп нæ хауд.

Алхаст æй афарста æнæнхъæлæджы:

— Ды та кæдæм тахтæ йæ фæдыл?

— Ме ’мбалы иунæгæй куыд ауагътаин!.. Нæхионтæ нæ фæфиппайдтой, Сауададжы нарæгмæ куы бахæццæ стæм, уæд... Дзырдхæсджытæ нæ фенхъæлдтой, æвæццæгæн.

Æбæрæг ранмæ каст Раздзог, никæйуал фиппайдта йæ алыварс. Цыма фынæй уыд, афтæ йæм хъуыстысты Хæмæты ныхæстæ.

***

Ныр кæдæй нырмæ сты Махмудимæ æмæ йæ дзыхæй иу дзырд нæма схаудта ацы цæцæйнаг лæппуйæн. Æмырæй рацу-бацу кæны йæ фæрсты, цыма йын йæ дзыхыл гуыдыр сæвæрдæуыд.

Хæмæт кæсы Махмуды цæсгоммæ æмæ йæм афтæ зыны, цыма истæуыл тæргай фæцис.

Æниу йæхæдæг дæр нæ уыд тынг райгонд, фæлæ кæмæн рахъаст кодтаид. Йе ’хсаргард алмасийау сцыргъ кодта, дамбацайæ, хъыримагæй сæ йæ фарсыл æрцауыгъта æмæ дын гъа!.. Фæндагыл æй хъарагъул баурæдтой мæнæ уыцы гоби цæцæйнаг лæппуимæ.

Иннæты хъауджыдæр, уымæ кæй нæ фæсидтысты сусæг фæдисонтæ, уый йын афтæ хъыг нæ уыд, уымæн æмæ Раздзогæн амонын нæ хъæуы, фæдисы кæмæ фæдзура, уый.

Фæлæ Хæмæт рацыд сусæгæй йе ’хсар равдисынмæ, дада йæ куы фæфиппайдта, уæд ма йæм йæ мидбылты худгæ дæр фæкодта. Ныр ацу æмæ ацы даргъвæндаг дыууæрдæм гæрзытæ кæн!

Уый размæ-иу кæмæйдæрты афтæ дæр фехъуыста Хæмæт: «Нырма нæ уынгмæ не ’рбафсæрстой хъазахъхъ! Цы сбукъ стæм рагацау!»

Æнхъæлмæ кæс, цалынмæ дын дæ къубалыл ныллæууой, уалынмæ!.. Стæй дыл дæ сыхаджы хъæрзын куы цæуа, уæд дæу фынгыл бадынмæ бахæсдзæн дæ зæрдæ? Науæд кæд байуæрстам цæцæн-мæхъхъæлимæ нæ цин æмæ нæ хъыг!..

Уый-иу Раздзог дзырдта æмæ раст уыд дада, мин хатты раст.

Цæцæйнаг ын фескъуыдта йæ хъуыдытæ:

— Аллах, цыма дымгæйы базыртыл ратæхы!

Хæмæт дæр фæндагмæ нымдзаст ис.

Дардмæ æрмæст бæх зындис, цыма барæг нæ уыдис йе рагъыл. Стæй чысыл куы æрбаввахс ис, уæд барæг дæр разынд.

Хæрз чысыл уыдис, — къуызыппайы хуызæн, бæхы рагъыл нындæгъдис. Зæронд цухъхъайы фæдджитæй йæ къæхтæ нæ зындысты, хъуынджын худы бын йæ цæстытæ бамбæхстысты.

Цæцæйнаджы сыбар-сыбур ыл ссыд:

— Аллах, бæх нæ, фæлæ дымгæ у, дымгæ!

Стæй Махмуд фæндаджы фаллаг фарсмæ багæпп кодта, цæмæй дыууæрдыгæй абадтаиккой йе ’ккой. Чи йæ зоны, кæдæм скъæры ацы къуызыппа!

Иумæ æрбагæппытæ кодтой йæ размæ, уый уæддæр сæ рæзты ныссыллынг ласта, дымгæйау цæст дæр ыл нæ хæцыд.

Хæмæты зæрдæ фæкъæпп ласта. Мæстæджы рохтæ цадæггай суæгъд кодта, зæвæттæй дæр æй бацагайдта. Бæх йæхи размæ аппæрста.

Æнæзонгæ барæджы бæхы базыдта Хæмæт æмæ адæргæй йе уæнгтæ баихæн кодтой. Мæстæг сызнæт ис, йæ идоны къæбæлтæ æвдæрзта, уæддæр та йæ зæвæттæй скъуырдта. Цæцæйнаг йæ бæхыл ныххуыссыд дæлгоммæ, афтæмæй скъæрдта йæ фæрсты.

«Æрфæн!.. Темырболаты байраг Æрфæн!.. Мæнæ диссаг!» — хъуыды кæны лæппу æмæ хъамайы фистон агуры.

Æрфæн фæразæй ис, Мæстæг æмæ Махмуды бæхы иу агæппы дæрддзæгыл фæстейæ фæуагъта.

«Нæ мын аирвæздзынæ!»

Ехсæй æрдзæхст ласта Мæстæджы, басырдта йæ, фæлæ уый уæддæр разæй уад.

Æрфæн æмæ цæцæйнаджы бæхæн сæ рохтæ æндыгъд уыдысты.

«Мæстæгыл тых кæнынц уайынмæ сæ дыууæ дæр!» — хъуыды кæны Хæмæт.

Махмуд дамбаца сæлвæста, сæ разæй чи уад, уымæ йæ ныддардта. Хæмæт æвиппайды фæдзой кодта, цæцæйнаг лæппуйы къух æртъæпп ласта дæлæмæ.

— Нæ хъæуы, Махмуд!..

Дамбацайы гæрах фæцыд уæддæр, фæлæ дзæгъæлы. Æнахуыр «хуыснæг» фыртæссæй йæ чысыл уæхсчытæ ныкъкъæдз ласта.

— Удæгасæй йæ æрцахсын хъæуы!.. Чи йæ зоны, кæдæм скъæры афтæ удаистæй! — бæхæй атасыд æмæ Махмуды хъусы дзуры Хæмæт.

Йе уæхсчы сæрты иу каст фæкодта разæйуайæг æмæ йæ бæхы рохтæ йæхирдæм æрбайста.

Æрфæн йæ уайын фæсындæг кодта, Мæстæг æмæ цæцæйнаджы бæх æй баййæфтой. Махмуд йе ’хсаргард сæлвæста, æнахуыр барæджы æрсæрфынмæ схъавыд цыргъагæй.

— Нæ хъæуы, дын зæгъын! — дзуры Хæмæт. Йæхæдæг йæ цæстæй бары.

Басылыхъхъæй ма йæ цæстытæ чысылтæ зындысты, зæронд цухъхъа, цыма искæй уыд, уыйау йæ нарæг уæхсчытыл зæбулæй лæууыд. Цъухъхъайы бæрцытæм фæкомкоммæ, йе уæнгтæ баихæн кодтой.

Уый уыдис... йæ фыд Темырыхъойы зæронд цухъхъа!

«Бон сихорафон æгас хъæуы фæкуырм кæн... Сæ цæсты разæй сын ралас сæ фос...» — хъуыды кæны Хæмæт.

«Уæдæ чи кæмæй у, уымæй уæд!»

Ехсæй æрдзæхст ласта йæ бæхы, æнæзонгæйы басырдта. Бæхы бецыккыл нындæгъд, афтæмæй йæ скъæрдта саргъы гоппæй чысыл егъаудæр барæг.

«Бынтон саби куы у!»

Цыма рахауынæй тарст, уыйау бæхы рохтæ йæхирдæм ивæзта æнахуыр хуыснæг. Æййафгæ дæр æй уымæн бакодтой, æндæра Æрфæны чи баййæфтаид, ахæм бæхтыл нæ бадтысты.

«Мæнæ диссаг!»

Фæхъæр ыл кодта:

— Нæ мын аирвæздзынæ!

Уыцы иу гæпп фæкодта, æнæзонгæ барæджы фæсарц февзæрд Хæмæт. Бæхы рохтæм фæлæбурдта, йæхирдæм сæ æрбалвæста æмæ Æрфæны хъен слæууын кодта.

Мæстæг сæ фæрсты уад æнæбарæгæй. Махмуд йæ хъама сæлвæста, дзагъырдзастæй скъæрдта йæ бæхы.

«Бынтон æдых!» — ферттывта Хæмæты сæры.

— Ныццæв æй, цæмæ ма кæсыс! — сиды йæм цæцæйнаг.

Галиу къухæй йын йæ цонг фездыхта, рахизæй хъама сæлвæста æмæ, ныццæвон куыд загъта, афтæ фæцыд цъæхахст... сылгоймаджы цъæхахст.

— Уæу, нана!.. Мæ цонг мын цъæл кæныс, Зæбулхъус!..

Хъаматæ уæлдæфы асалдысты, чысыл ма бахъæуа, сæ дыууæ дæр бæхæй рахауой.

Йæ разы саргъыл бадтис йæ кæстæр хо Зарæ.

Цæцæйнаг дзыхълæуд фæкодта æмæ бæхæй æрхызт.

Хæмæт Зарæмæ фæлæбурдта, саргъæй йæ, сабийау æрыскъæфта. Джихæй кæсынц, чызг йæ сæр кæмæй ныттыхта æмæ ма йæ сау цæстытæ гæзæмæ кæмæй зындысты, уыцы басылыхъмæ, йæ фæдджитæ зæххыл кæмæн ныдзæвдысты, уыцы зæронд цухъхъамæ.

— Æдылыкъоппа! Де ’дылы митæ никуы ныууадздзынæ! — йæхи нал баурæдта Хæмæт.

Тæргай сабийау лæууы йе ’фсымæры раз, йæ цæстытæ зынджытау æрттивынц.

Йæ басылыхъхъ ын фелвæста йæ сæрæй.

— Уæу-у уа-а-а! — фестъæлфыд цæцæйнаг æмæ кæлмдзæфау фæстæмæ алæууыд.

Хæмæт æй афарста:

— Цы кодтай, Махмуд?

Чызгмæ сонтау къухæй амоны æмæ дыгъал-дыгъул кæны Махмуд:

— Чи у уый?.. Чызг æви дымгæйы бардуаг Дайала?..

— Уый мæ хо у!.. Мæ хо Зарæ у!..— дзуры Хæмæт.

Махмуд йæ къухтæ æрвмæ сдардта æмæ Хуыцаумæ кувæгау дзуры:

— Аллах баххуыс кодта уымæн дæр æмæ мæнæн дæр!.. — Йæ фæстаг ныхæстæ ма тыххæй хъуыстысты: — Исчи ма зæдты мары?.. Зæдтæ æмæ бардуæгты?!

Хингондау каст чызгмæ. Цы агуырдта Сауадагмæ æввахс Зарæ? Цæмæн æрбацыд ардæм уыцы дарæсы?

Хæкъуырццæй куыдта чызг, цæссыгтæ уадултыл лæдæрстысты.

Хæмæт йæ хомæ багуыбыр æмæ йæм тызмæгæй дзуры:

— Ныртæккæ фæстæмæ аздæх!

Чызг йæ сæр банкъуыста, нæ, зæгъгæ.

— Æдылыкъоппа, уæдæ цы дæ зæрды ис?

— Уым!.. — йæ къух Сауададжы ’рдæм адардта уый. — Уым Темырболаты амардзысты!..

Лæппу æрвдзæфау фæцис:

— Кæй Темырболаты?.. Цытæ лæхурыс?

— Темырболаты!.. Нæхи Болаты!

— Фынтæ мын дзурыс?..

— Нæ!.. Афонмæ йæм Раздзог топп ныддардта!

— Чи дын загъта? — фæхъæр ыл кодта.

— Скъуыдкъохæй фидиуæг æрбацыд æмæ уый дзырдта!.. Хъазахъхъимæ æрбацæуы Болат!.. Раздзог æй амардзæн!..

Æвиппайды æрфæлмæн Хæмæт. Зарæ лæууыд æмæ куыдта, Махмуд йæ цæст нал иста чызгæй.

«Хъазахъхъимæ æрбацæуы Болат!.. Раздзог æй амардзæн...» — йæ къæмисæнтæ йын дзæбугау хойынц уыцы ныхæстæ. Зæрдæ уæддæр фæстæмæ фæлгæсы, ацы «чысыл быдыргъы» уынгæйæ. Йæ бонæй уæд зæрдæйы, уый хæсты закъæтты коммæ нæ фæкæсы!

...Темырболаты фыд Уосмæнæн иу зæронд бæх уыд, балцы цæуынæн чи нал бæззыд, ахæм. Чысылтæ ма уыдысты, æртæйæ цыдысты иу зæронд бæхырагъыл Хæмæт, Темырболат æмæ Зарæ.

Бæхæй хауынæй тарст Зарæ, лæппутæ-иу æй се ’хсæн сбадын кодтой.

«Кæдæм скъæфут дыууæйæ иу Агуындæ рæсугъды?» — уый-иу сæм сыхæгтæ сидтысты.

«Тæхуды, уæ цард кæмæн ис!» — уый та фæндырдзæгъдæг Хъуыбадыйы хъæлæс уыд.

Фæстиау аззад уыцы цард, цæст æй нал фиппайы. Æрмæст ма хъуыдытæ сæ сæрмæ сисынц уыцы боны фæлгонц æмæ зæрдæ батавынц, мæнæ йæ ныр куыд батавтой, афтæ.

...Æртæйæ иу бæхы чъылдымыл нал цыдысты, фæлæ цæвæджы лæгтæ нæма систы. Зарæ дæр хъазтмæ нæма цыд, фæлæ бæхыл бадын сахуыр ис æмæ сусæгæй скъæрдтой, куыд ничи сæ фæфиппайдтаид, афтæ.

Скъæрдтой, дугъ кодтой. Дымгæ уыдис се ’мбал. Зарæйæн йæ астæу хъæзау ратас-батас кодта, йæ хъæлæс хъуытазау нæрыд.

Иу цæуылдæр дис кодта Хæмæт:

Йæ хо-иу йæ фæсарц куы бадтис, уæд-иу йæ къæл-къæл иу бонцаумæ хъуыст. Темырболаты цур-иу бамыр ис, уæрццау-иу нынныгъуылд.

Цæмæн? Дыууæ æфсымæрæй сын иумæйаг хо нæ уыд?..

Дугъоныл бадгæйæ, фæсырдтой рæстæджы, фæлæ уæддæр фæстейæ аззадысты. Темырболат Бетъырбухы æфсæддон ахуыр фæцис, йæ кадджын мадыфсымæр Муссæйау æнæхъæн афицер ссис.

Ныр та?

«Хъазахъхъимæ æрбацæуы Болат!.. Раздзог æй амардзæн!» Зарæ йæ разы лæууы æмæ йын лæгъстæ кæны:

«Марадз, фæтагъд кæн, æндæра Раздзог Болаты амардзæн!» Ау, æмæ Раздзог йæхионты нал зоны? Кæнæ Хæмæт Зарæйæ къаддæр уарзы Темырболаты?

Æвиппайды йæ хомæ фæлæбурдта æмæ йæ Æрфæныл авæрдта:

— Гъыкъы, ды фæстæмæ Брутмæ згъор!.. Æнайæн зæгъ, Темырболат рæхджы хъæмæ хæццæ кæндзæн, зæгъгæ!

Йæхæдæг Мæстæгыл абадт æмæ Махмудмæ сидт:

— Махмуд, Сауададжы ’рдæм лидзгæ!

Фæцагайдтой сæ бæхты: уыдон Сауададжы ’рдæм, Зарæ та фæстæмæ — Брутмæ. Цæцæйнаг ма йе уæхсчы сæрты иу каст фæкодта æнæсаргъ бæхылбадæг чызгмæ:

«О Аллах, радт мын уыйбæрц тых, цæмæй ма дæу йеддæмæ æнæсаргъ бæх дымгæйау цы чысыл бардуаг скъæры, уымæн табу кæнын дæр мæ бон бауа!..

Сауададжы Раздзог кæй сæхгæдта, уый айрох ис Хæмæтæй. Темырболат æмæ, йæ фыды зæронд цухъхъа цы чызг скодта, уый ма лæууыд йæ зæрдыл.

«...Зæгъдзынæн ын: Муссæ мæ рарвыста йæ хæрæфырты размæ!.. Стæй хъазгæмхасæнты фæразæй уыдзыстæм... Раздзогы ’рдæм!»

Махмуд йæ фæрсты скъæрдта æмæ йæ разæй цыд, Фуркийау, дымгæ-бæхыл чи бадт, уыцы чызджы фæлгонц.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: