II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 2 глава




«Уыцырдæм æз дæуæй раздæр акъахдзæф кодтон, цытджын кънйаз! Дарддæр цы зæгъдзынæ?»

Æцæгдæр уыцы фæндагыл райдианы йæхæдæг акъахдзæф кодта. Уый зондæй ныррæгъ сты Терчы зæххыл хъазахъхъы станицæтæ Прохладнæйæ суанг Дзæуджыхъæумæ, Мæздæгæй Грознамæ, Грознайæ, Кавказы хæхты, цæргæсы ахстонау чи æрбынат кодта, уыцы Тарскæйы онг.

Æрæджиау сдзырдта:

— Уыцырдæм цæуæм рагæй дæр, Алыксандр Георгиевич, фæлæ нæ разы дыууæ ныхдуры ис...

— Цахæм ныхдур ма фæлæудзæн паддзахы хъомысджын хæцæнгарзы раз?

Лорис-Меликов æм цымыдисæй скаст.

— Æнхъæл дæн, æрдæбон дæхæдæг дзырдтай: «хæцæнгарз нæ, фæлæ æндæр истæмæй».

Тумановæн йæ цæстæнгас фæкъуымых ис.

Хицау цы ныхдурты кой кодта, уый зыдта Муссæ. Æмырæй бадт, фæрсгæ дæр æй ницæмæй кодта.

— Ныхдуртæй мæ фæрсыс, кънйаз? Фыццаг: хохы зæххытæ бынæттон адæмæн сæхицæн дæр нæ фаг кæнынц æмæ ма дзы хъазахъхъ та кæм æрцæрой! Дыккаг: пехуымпар Мæхæмæт æмæ Есо Чырысти иумæ нæ фæцæрдзысты, уæлдайдæр — та къуындæг уаты...

«Раст зæгъыс æмæ уæззау дæр уымæн дæ, арс», — æдзынæг кæсы Муссæ.

Тумановы хъæлæсмæ фескъуыд йæ хъуыдыты таг.

— Есо Чырысти æмæ пехуымпар Мæхæмæты тыххæй æрдæбон загътон... Къуындæг уаты сæраппонд та, хъуыраны загъдау, ам цалдæр сæры ис. Иумæ йыл ахъуыды кæнæм!

— Дæумæ цы хъуыды ис, кънйаз?

Хицауы раз цы дзæнхъа доннуазæн уыд, уый йæхирдæм æрбайста Туманов.

— Ацы доннуазæнæй ды фæнуазыс, æвæццæгæн, дæ иууыл бæрзонддзинад? — фæрсы йæ уый.

Лорис-Меликов фæджихау, Золотаревы гуым-гуым ссыд.

— Бæргæ, Кавказы фарстæн дæр уыцы донгарзæй куы уаид сбарæн.

Инæлар скъуыддзæгтæй дзуры дарддæр:

— Дзаггарзы бын ма чысыл дон баззад, фæхъарм уыдаид, æвæццæгæн.

Фæйнæрдыгæй йæм джихæй кастысты, уый уæддæр дзæнхъа йæ къухы рауил-бауил кодта.

— Нæуæг дон дзы куы ныккæнай; уæд йæ мидæг цы дон ис, уымæн æнæ ракæлгæ нæй. Уый рогдæр у!..

Муссæ фæгæпп кодта йæ бандонæй, цæстæнгасæй ныззезелæг ис дзурæгыл, фæлæ йæ Лорис-Меликовы уазал хъæлæс райхъал кодта.

— Афтæ æнцæнтты не скæлдзæн, цытджын кънйаз! Донгарзæн йæ сæр фидар æхгæд у!

Муссæ æхцон улæфт скодта.

— Ай-гъай, сæхгæдтой йын йæ сæр, — бафтыдта йæм уый.

Муссæйы хъæдгом та цæфхадæй нылхъывта Туманов:

— Хъуамæ йын байгом кæнæм йæ сæр. Уымæн нын радта нæ къухмæ хотыхтæ нæ цытджын император!

Мæхъхъæлы æфсæддон зылды хицау, булкъон Нурид Алыксандр ралæууыд:

— Дæ бæрзонддзинад, Михаил Тариелович! Цыфæнды фæуæд, уæддæр кънйаз Туманов цы дзæнхъайы кой кæны, уымæй нын фæиппæрдгæнæн нæй! Уый сæххæст кæнынæн ис дыууæ амалы!..

— Æрнымай сæ, булкъон!

— Кæнæ хæцæнгарзæй хъуамæ фæсурæм хохрæбынты цæрæг бынæттон адæмы, æмæ сæ Терк æмæ Сунжæйы цæугæдæтты галиу фæрсты æрцæрын кæнæм, кæнæ та...

— Кæнæ та?

— Кæнæ та цадæггай хъуамæ архайæм, цæмæй бархийæ сыстой сæ цæрæнуæттæй æмæ сын, хохрæбынты цы фидар рæхыс ис, уый нæ къухты бафта.

«Адон куы нæуал хъазынц!» — Муссæ Лорис-Меликовы цæсгоммæ нымдзаст ис, кæддæра уый та цы зæгъид, зæгъгæ.

Кастис æмæ æнкъардта: инæлар Туманов æмæ булкъон Нурид цы мадзæлттæй дзырдтой, уыдон Терчы облæсты хицау йæхимидæг раджы баууылдта, уæддæр ма йæ дæлбартимæ æмбæхстытæй хъазыд. Цæмæн?

Æвæццæгæн æй историйы раз иунæгæй дзуапп радтын нæ фæндыд, æмæ уымæн!

— Уый бæзгæ хъуыды у, фæлæ та дыууæрдыгæй дæр хæцæнгарзы дзыгъал-мыгъул æмæ тугпырх, — йæ сахатмæ кæсгæйæ, дзуры Лорис-Меликов.

Туманов фæразæй ис:

— Дыккаг мадзалæй куы пайда кæнæм, уæд не ’рцæудзæн тугпырх, дæ бæрзонддзинад!

Капитан Золотарев фæуагъта йæ фыссын:

— Уæд Кавказ басæттынæй хъаймæты бон тагъддæр æрцæудзæн, цытджын кънйаз, уымæн æмæ туземæгтæй ахæм ничи ис, йæ цæрæнуат бархийæ чи ныууадза.

— Уый у Кавказы æрсабыр кæныны иу хай æмæ йæ сæххæст хъæуы!

— Хуыздæр бынæттæм фæлидзыны агитацийæн бирæ рæстæг хъæуы! — ферхæцыд, стæй æвиппайды афарста: — Æмæ Кавказ æрсабыр кæныны фарст быхсы уыйбæрц?

— Нæ быхсы! Хæст хæст у!

Арцау дзы ныссагъта йæ цæстытæ Лорис-Меликов:

— Дис мыл æфтауыс, цытджын кънйаз!

— Кæрдгæ дæр йæхæдæг кæны æмæ хуыйгæ дæр! — облæсты хицауы дæлæвзаг ма чи баззад, уый баххæст кодта Муссæ.

Мæрдон æмырдзинад æрæнцад уаты.

— Фæдзурæм, фæдзурæм æмæ та нæ сæртæ голладжы атъыссæм! Уымæй фалдæр нын фæндаг нæй.

Туманов, цыма искæмæ хъуызгæ кæны, ахæм хъæлæсæй:

— Бынæттон цæрджытæн сæхицæй хъуамæ рацæуа хуыздæр бынæттæм ралидзыны хъуыды дæр, голладжы бын фæкъæртт кæныны хъуыды дæр. Се ’хсæн нын хъуамæ уа ахæм минæвæрттæ æмæ... — Золотаревмæ фæкомкоммæ ис, — гъеуæд не ’рцæудзæн хъаймæт Кавказ басæттыны бонæй раздæр!

Муссæ йæхимидæг:

«А-а-а, мæ лымæнтæ! Чырыстийы цагъартæн цæрæнуат ссарыны сæраппонд пехуымпар Мæхæмæты къабæзтæ хъуамæ æрцæгъдат?»

Нурид Алыксандр:

— Михаил Тариелович, цæцæны æхсæн мæнæн дæр ис иу-дыууæ æууæнчы лæджы, фæлæ...

— Фæлæ æз куыд зонын, афтæ зонынц Аргъуны цæрджытæ дæр: цытджын булкъон, исламы сыгъдæг чиныг кæмдæр ныппæрста æмæ йæм фæрсмæ дæр нал кæсы! — фæурæдта йæ Муссæ.

Нуридæн фырдисæй йæ цæстытæ ауæрæх сты:

— Ам исламы дины ныхмæ цæуы дзырд, æмæ ды та!..

— Уыййеддæмæ ма æууæнкыл дæр цæуы дзырд, цытджын булкъон, æмæ дыл цæмæй пысылмон лæг баууæнда, уый тыххæй хатт йæ фарсмæ ламаздыхъхъыл дæр хъуамæ æрзоныгуыл кæнай!

Облæсты хицау йæ сæр банкъуыста.

— М-м-д-а-а!.. — гуым-гуым кæны уый. — Куыд кæсын, афтæмæй ма граф Евдокимовæн фæкъæртт кæнинаг туджы дзæкъултæ баззад, — цæхгæр фестад. — Æндæр гæнæн нæй, мах сæ хъуамæ фæкъæртт кæнæм!

Муссæйæн йе уæнгтæ барызтысты:

«Лæг цума кæмæн зæгъа, уый дæр нал баззайдзæн!»

— Рæдийы, Кавказы хæст фæудыл чи нымайы, уый! — ихуарæгау згъæлста капитан Золотарев. — Раст загъта йæ бæрзонддзинад: цы туг ма баззад рауадзинаг, уый хъуамæ рауадзæм! Ацы туземæгтæн бирæ бардуæгтæ ис. Сæ цæрæнуæттæ дæр бардуæгтыл нымад кæй сты, уый уæ рох ма уæд!.. Сæ бардуæгтыл сæ къух афтæ æнцонæй кæй нæ исынц, уый нын уал азы хæст равдыста. Кунта-Хадзыйы тырысайы цъупп зынын райдыдта, уыцы тырысайы бын балæууыдысты алыгъуызон абырджытæ. Сæ цырв — æрдæбон йæ бæрзонддзинад цы сих Хадзы Абди Эффендийæ дзырдта, уый! Хæстæн йæхи закъæттæ ис, æмæ уыдонæй иу у, чи фæуæлахиз уа, уый хæрзиуæгыл хъæцын. Мах фæуæлахиз стæм æмæ ацы хъæдысырдтæ нæ домæн хъуамæ сæххæст кæной! — Капитан тымбыл къух ныттылдта æртхъирæнгæнæгау. — Мах сын дзурæм: дæлæ уын уæрæхдæр цæрæнуæттæ, æмæ фæлидзут ацы къуындæг бынатæй! Уый у нæ домæн æмæ æххæст хъуамæ æрцæуа. Пысылмон фанатикмæ тынг нæ хъары нæ ныхас, æмæ æрдæбон цы мадзалæй дзырдтам, уый ницы пайда у. Хæст скъуыддзаг кæнынц адæм, хотых æмæ мах!

Лорис-Меликов æй фæурæдта:

— Нырмæ дæр бирæ хæттыты уыдис ныхас уыцы «æнæтуг» мадзалы сæрыл, фæлæ-иу алы хатт дæр æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: кæд хæцæнгарзæй, уыййеддæмæ ныхасæй нæ фæлидздзæн хæххон лæг йæ цæрæнуатæй.

Туманов та фæцавта йæ ныхас:

— «Джауыры» ныхас æм нæ бахъардзæн, фæлæ бон фондз хатты йæ фарсмæ ламаздыхъхъыл зоныгуылæй чи лæууа, ахæм рæстуырнæг адæймаджы ныхасæн æндæр тых уыдзæн, Михаил Тариелович!

Сегас дæр Муссæмæ бакастысты.

«А-а-а, мæ лымæнтæ, мæнæ уæ кæм бахъуыд мæ сæр!» — Лорис-Меликов, тырысайау цы цонг ныхъхъил кодта, уымæ кæсгæйæ хъуыды кодта Муссæ.

— Быцæуы ныхас фæцис, бардзырдмæ байхъусут лæмбынæг, — йæ хъæлæс карз официалон хуыз райста. —...Уый сæраппонд бынæттон цæрджытæ куыд ницы фæхатой, афтæ не ’фсæддон тыхтæ хохрæбынты ’рдæм ссывд æрцæуæд!

Муссæмæ ма тыххæй хъуыстысты йæ ныхæстæ:

—...Аргъуны æфсæддон зылды хицау майор Ипполитов йæ бынатæй ма фезмæлæд, афтæмæй æдзух фæдисы уавæры лæууæд! Мæхъхъæлы æфсæддон зылды хицау булкъон Нурид Назранæй Тарскæ æмæ Цорыйы ’рдæм ахæцæд йæхиуыл, хохрæбын йæ тæрттæ фæйнæрдæм айтындзæд æмæ бастдзинад саразæд майор Ипполитовимæ, — Инæлар Тумановмæ баздæхт. — Алыксандр Георгиевич, Грознайы фидарæн бынтон сбыгъдæг кæнæн нæй, фæлæ сæйраг тыхтæ Аргъунмæ хъуамæ саразæм, уым ис хæлмаджы сæр. — Ныр та Муссæмæ бауырдыг ис. — Инæлар Куындыхаты Муссæйæн вазыгджындæр хæс лæвæрд цæуы. Наиб Османаты Садуллæимæ бынæттон цæрджыты хъуамæ æрæууæндын кæной, цæмæй нæ фæнд сæххæст уа æвиппайдæй, æнæнхъæлæджы!.. Уый сæраппонд ма ноджы иу полк æрдомдтон... тагъд хæццæ кæндзæн Теркмæ! Уæ зæрдыл дарут: паддзахы салдат æмæ Кавказы хæхты æхсæн иунæг хæххон лæг дæр ма хъуамæ баззайа! Нæ разы, армытъæпæныл æвæрдау, хъуамæ лæууой Гатан-кала, Харачой, Дарго, Алхан-кала, Дубаюрт, Шуан, Шатой, Тарскæ, Сунжæ, Иры пысылмон хъæутæ!.. Цы туг ма баззад рауадзинаг, уый хъуамæ рауадзæм!

Æвиппайдæй Муссæ фæгæпп ласта йæ бадæнæй æмæ йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр ласта:

— Михаил Тариелович, чысыл багæдзæ кæн! — Хицау фæсыкк, цымыдисæй ныккаст Тæгиан-æлдармæ. Уæдæй нырмæ йын йæ бадтыл фæдис кодта, ныр ын йæ фæлурс цæсгоммæ куы фæкомкоммæ ис, уæд цæмæндæр йе уæнгтæ ныккæрзыдтой. — Михаил Тариелович, чысыл багæдзæ кæн, — тыххæй ма улæфыд Муссæ. — Тагъд чи кодта, уый худæджы бын фæци. Ам иуæй-иутæ бынæттон æгъдæуттæ зоныны сæраппонд хъуыраны æмдзæвгæтæ дыгъал-мыгъул дæр райдыдтой. Æз дæр æй зонын: райсомы каркæй абоны айк хуыздæр у, фæлæ уыцы айк нæ къухы куы срæмудза, уæд та!.. Михаил Тариелович, ныббар мын мæ къæйныхдзинад, фæлæ ма мын зæгъ: цæй тыххæй калдтой сæ туг цытджын инæлæрттæ Евдокимов, Барятинский, Паскевич?.. Æрмæст быгъдæг хæхты тыххæй?.. Æмæ сæ цы хъавæм, сæ уæлæ цæрæг адæм нын хъалон куы нæ фидой, уæд? — Йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта æмæ фæзмæгау сдзырдта: — Иу хатты бæсты дыууæ хатты æрсæрфдзынæн мæ кард, мæ фатдонæй иуы бæсты фæхъаудзынæн дыууæ фаты æмæ сараздзынæн, стыр Аллахæн æхцон чи уа, ахæм хъуыддаг!.. Быныскъуыд скæндзынæн знæгты, хæхты æмæ быдырты хæдмæлхор цæргæсты йеддæмæ цъиуызмæлæг нал ныууадздзынæн æмæ баззайдзæн æгас дун-дуне нæ бæхтæн сæрвæтæн. Нæхицæн та парахатæй уыдзæн ефсы ’хсыр, дзидза æмæ хъарм бæхы туг.

Йæ зонд фæцыд, зæгъгæ, хъуыды кодтой афицертæ æмæ йæм джихæй кастысты.

— Джихæй мæм цæмæ кæсут, мæ зонд нæма фæцыд. Уый уын монгойлаг тыхгæнджыты ныхæстæ фæлхат кодтон! — Хицаумæ фæзылд. — Æмæ цы рамбылдтой, уый ма мын зæгъ, дæ бæрзонддзинад? Нæ цытджын паддзахы адæм куы нæ хъæуиккой, уæд хъазайрæгты хæрзиуæгæн манифест нæ рауагътаид.

Манифесты коймæ Тумановы зæрдæ фæкъæпп ласта:

«Цымæ кæдæм хъавы ацы рувас?»

— Хæст ныддаргъ ис æмæ, иу хохаджы æмсæр дыууæ салдаты кæй мæлы, уый нæма фиппайынц иуæй-иутæ!.. Гъеныр цы фæндон рахастам, уый æххæст кæныныл куы ныллæууæм, уæд æй зонут: Имам Шамил фæстейæ аззайдзæн!

— Уый та цы хуыйны, цытджын æлдар? — афарста Ипполитов.

— Тæрсын кæнын æмæ æртхъирæн, — былысчъилæй дзуры инæлар Туманов.

Лорис-Меликовмæ хæрз æнгом бацыд Муссæ, хатæны къултыл, арты æвзæгтау чи ныдзæвд, ахæм сыбар-сыбурæй йын дзуры:

— Ма радт ахæм бардзырд, дæ бæрзондцзинад! Чысыл уал æй фæфалдæр кæн, æмæ дын æз дзырд дæттын.

Ныхас æрдуйыл ацауындзæг.

Хицау нал фæбыхста æмæ йæ афарста:

— Цахæм дзырд мын дæттыс?

—...Æмæ дын æз дзырд дæттын, — сфæлхат кодта Муссæ, — куыд, чысыл фæстæдæр негасæн дæр æхцон чи уа, ахæм мадзал фæзындзæн.

— Æмæ куы нæ фæзына, уæд та? — карзæй афарста Туманов.

— Уæд æй йæ хъусæй æрласдзыстæм.

Лорис-Меликов йе ’рфгуыты бынты бакаст Муссæмæ: «Сайгæ кæныс, æви нæ?.. Сайгæ кæныс, æви нæ?» Муссæ нæ фæчъил уыцы дзæнгæлтæгæнæг бакастæй. Чысыл фæстæдæр облæсты хицау загъта:

—... Бардзырд йæ тыхы мидæг баззайæд, æрмæст!.. — Муссæмæ бакаст æмæ йæ йе ’хсаргарды фистоныл узæлгæ куы федта, уæд ма йæм бафтыдта: — Æрмæст хæстон архайд райдайыны сæраппонд æнхъæлмæ кæсут дыккаг бардзырдмæ!.. Æнæуый иу гæрах дæр куыннæ анæра, афтæ! — тызмæг хъæлæсæй балхынцъ кодта уый.

Муссæйы ма фæурæдта, аивæй йæм дзуры:

— Муссæ Алхазович, чысыл ма бахъæуа, æрбайрох мæ уа. Æрдæбон цы полчы кой кодтон, уый командæгæнæгæй тел райстон. Дæ хæрæфырт Мамсыраты Темырболат семæ æрбацæуы Кавказмæ.

Муссæйы цæстытæ æвиппайды ауæрæх сты, фæлæ йæ йемæ дзурæг нæ базыдта, фырцинæй æви фырдисæй?

II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ

Цырагъы рухс тыбар-тыбур кæны, дзаумæтты æндæрджытæ уаты къултыл кафынц. Къулыл ныззылын-мылын вæййы, фынджы уæлхъус йæ рæмбыныкъæдзыл æнцой чи бады, уый егъау æндæрг дæр.

Рухс ма уыд, афтæ æрбахæццæ Дзæуджыхъæуæй. Йæ дарæс дæр нæ раласта, афтæмæй йæхиуыл дуæрттæ сæхгæдта, тымбыл къух йæ роцъомæ æнцой сæвæрдта, арф хъуыдыты аныгъуылд.

Æдзынæг бады, цырагъы дыдзы рухсыл судзынц йæ сæнттæ.

Дыууиссæдз азы стыр кар нæу инæлары цинæн. Инæлары пъагæттæй сфæлыста йæ сæвджын уæхсчытæ æмæ йæхинымæр алыг кодта. «Уый цух ма уыд, Тæгиан, дæ нæргæ ном».

Нæ рауад афтæ. Уæхсчытæ сæвджын сты, уæнгтæ хъомысджын, фæлæ цыма нæ фæразынц сыгъзæрингъуыз эполетты уæзæн.

Æрдæбон хъахъхъæнæг Гамзатæн бафæдзæхста, уатмæ макæй æрбауадз, зæгъгæ.

Гамзат иуыл дыууæ никуы загъта, фæлæ йæ ацы хатт афарста:

— Афæхъойæ дæр зæгъыс, ме стыр хицау?

— Афæхъойæ дæр зæгъын, — йе уæхсчы сæрты йæм радзырдта.

— Молло Хъази дæр тагъд æрбацæуинаг у, ме стыр хицау!

Йæ къух ыл ауыгъта, йæхиуыл дуар сæхгæдта.

Ныр бады æдзынæг. Цыма йын ихæн уыд, уыйау йæ фæтæн риу цырагъы рухсмæ æввахс бахаста.

Стъолы фисыныл æвæрд газетмæ зулдзастæй бакæсы хатт.

Газеты бæстастæу цы паддзахы къам ис, ууыл асæлы йæ цæстæнгас. Цæсты рухс дæр тыбар-тыбур кæны цырагъы рухсау, къам фæдыууæ вæййы, йæ фарсмæ инæлар-лейтенант Лорис-Меликовы хуызист дæр фæзыны.

Облæсты хицаумæ чысыл тых нæй. Кæд æм исты хæрзиуæг ис, уæд уый фæрцы! Абон ын Тумановы фыдæнæн ныфс бавæрдта, цы хуызы сæххæст кодтаид уыцы ныфсбавæрд, уымæн бæлвырдæй ницыма зыдта.

Газетмæ та фæкомкоммæ ис, паддзахы хуызисты фарсмæ та облæсты хицауы къам дæр февзæрд.

Æвзæр уац æрхаста ацы газет, тынг æвзæр уац.

Газет ног нæ уыд, мыййаг, кæмдæр æй зæронд гæххæттыты æхсæн ссардта, фæлæ йæм йæ уац ныр бахъардта цæмæндæр, облæсты хицауæн æбæрæг ныфс куы бавæрдта, уæд.

Цыт æмæ кады фæндагыл цыд, уыцы фæндагыл æмбæхстытæй дæр бирæ фæхъазыд мæлæтимæ, фæлæ тасæй тыхджындæр рауад йæхæдæг.

Ныр ын мæнæ уыцы газеты дыууæ рæнхъы йæ уæнгты тас бауагътой, хъæдгом тæвд уæхстæй куыд схъауай, афтæ йын схъауы йæ зæрдæ.

Æхцон хабæрттæ дæр æм бирæ фæхаста. Бирæ хæттыты дзы бакаст йæ императорон бæрзонддзинады барамынд Куындыхаты Муссæйы схорзæхджын кæныны тыххæй рæнхъытæ.

Ныр та?

«...Йæ императорон бæрзонддзинады бардзырдæй æппæт Уæрæсейы хъазарад ивд цæуы!.. Хуыцауы хорзæхæй æмæ йæ императорон бæрзонддзинады фæндæй хъазайрæгтæ сæрибар кæнынц нырæй фæстæмæ æнус-æнусы бонтæм...» — Калмау ныкъкъæдз-мæдзытæ сты сæры иууыл бæрзонддæр манифесты рæнхъытæ.

Гъей-джиди, кæйонг хæццæ кодтой йæ сæнттæ!..

Сахуыр ис лæвæрттыл, хорзæхтыл, паддзахы хæрзиуæгдзинадыл, йæ хъул æрвыл хатт сах бадтис. Никуы ратылд Балсæджы цалх йæ ныхмæ æмæ сæнттыл базыртæ разад.

Имам Шамилы ныхмæ хæцыд, йе знагыл æй нымадта, фæлæ æнæсæттон авайраджы хъæбатырдзинадæн сусæгæй табу кодта. Иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта:

«Ведено æмæ Гунибы хыгъд Скъуыдкъох хъуамæ сырæза!»

Йæ фыд Алхаст хæрз зæрондæй амард. Йæ зæрдыл ма лæууынц йæ фæлмæн гуым-гуым æмæ, æдзух йæ къухы кæй дардта, уыцы сыгъзæринæй фæлыст лæдзæджы къуырцц-къуырцц.

«Кæронæй бад æмæ кæд аккаг уай, уæд дæ уæлдæр сбадын кæндзысты», — фæдзæхста йæ.

Кæцы фынджы кæрон æй бадын кодта зæронд лæг, уый зыдта Муссæ.

«Хуыцау загъта дæлдæр-уæлдæр. Зæххыл дæр ис къуыпп æмæ дзыхъхъ. Адæмæй дæр алчи йæ бынат хъуамæ зона. Дæхицæй дæлдæрæн дæ зæрдæйы дуар макуы байгом кæн. Нуазæн дзы райс, дæтгæ йæм макуы ракæн!» — бафтыдта ма-иу æм уый.

Æххæст кодта йæ фыд Алхазы фæдзæхст.

Æххæст æй кодта — уымæн иунæг Хуыцау йе ’вдисæн. Æрмæст, кæд искуы фынгыл бадгæйæ, йæ риу размæ къуыпп дардта иннæты хъауджыдæр, уæд уый аххос нæу.

Хæрз саби ма уыд, Павловы кадетты корпусмæ йæ ахуыр кæнынмæ куы арвыстой, уæд. Хæрз æвзонгæй æрбадт, йæ фыд ын цы фынгæй дзырдта, уый фарсмæ. Фæрссаг адæмæй ничи уыд уыцы цытджын фынгыл, иууылдæр йæхи хуызæн уæздæтты фырттæ, фæлæ æнæсæттон туг уæнгты мидæг хъазыд, риу йæхигъæдæй размæ къуыпп дардта.

Уый дæр æм хардзау кастис: «Цы хъавын æхсаргардæй, куы нæ дзы спайда кæнон, уæд!» Æмæ æнæхъуаджы къæрцц-къæрцц кодта цыргъаг йæ кæрддзæмы.

Сабийæ дæр ыл ничи тых кодта бæх скъæрынмæ, — уым бынтон ахъæр ис йæ ном. Æхсæвыгон-иу бæхыл ахъуызыд, горæты уынгты ралли-балли кодта иунæгæй. Цыдæр агуырдта æвзонг зæрдæ, фæлæ цы уыд, уымæн бæлвырдæй ницыма зыдта.

Æхсæрдæс аз дæр ыл нæма цыд, корнеты пъагæттæ йыл куы æрсагътой, уæд. Аивæй æркæстытæ кодта йе уæхсчытæм, цыма йын йæ фыд Алхаст цы фынгæй дзырдта, ууыл бадт нæ фæцис, ахæм хуыз фæзынд йæ цæсгомыл.

Кавказы хицæн бæхджын корпусы службæ кæнынмæ цæуыс, зæгъгæ, йын куы загътой, уæд æрбайсыст чысыл йæ хъыг. Ныр йæ уæлхъус удисæгау нал лæудзысты тызмæг ахуыргæнджытæ, ныр ын тобæгонд нал уыдзæн æхсаргард кæрддзæмæй сæлвасæн!

Сау денджызы былтæй йæ Цæгат Кавказмæ хæхты сæрты цалдæр хатты ахизын кодта йæ фыд Алхасты фæдзæхст. Стæй 1839 азы инæлар Головинимæ Дагъыстанмæ хæцынмæ куы ацыд æмæ йын йе сгуыхтдзинады тыххæй ротмистры цин куы радтой, уæд риу йæхиуыл ноджы размæ рахæцыд.

Цæстытæ ма цыдæр агуырдтой, цæстæнгас «фæрныг фынджы» сæрмæ ирвæзтис уæддæр.

Ссæдзаздзыд лæппу уыд, йæ хъару йæ хаста. Æвзонг ротмистр булкон Нестеровимæ Цæцæнмæ бабырста. Тагъдис иудадзыг йæ карды бырынкъæй хæххон лæджы туг. Хубар æмæ Аухы бæрзæндтæм бæхджын лæг не ссæудзæн, йæ гуыбыны цъарыл бырыдис æвзонг ротмистр, йе ’хсаргард йæ дæндæгты сагъд, афтæмæй.

Бырыдис уæлæмæ-уæлæмæ, йæ фыд Алхаст ын цы фынг дзырдта, ууыл. Йæ фæдыл нарæг тугвæд уагъта Тæгиаты кадджын минæвар, фæлæ йыл туджы тæф никуыма скалд, цалынмæ Аухы бæрзæнды Раздзогыл лæгæй-лæгмæ нæ фембæлд, уалынмæ.

О, ацы Раздзог!

Уæд Бæтæхъо Раздзог нæма уыд. Уæрæсейы императоры æвзонг ротмистр æмæ Хадзы-Чиркейы фæлвæрд хæстон фæныхæй-ныхмæ сты. Кæрæдзийы дамбацатæй бахстой, дыккаг сифтындзыны рæстæг сын нал фæцис, цыргъæгтæм фæлæбурдтой.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: