II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 9 глава




Кастис Хæмæт, ныр дæр йæ цæстыты раз уайынц: хохы хъæбатыр гуырдтæ къæдзæхыл ауындзæгæй бындзагъд кодтой хъазахъхъы. Стæй сыл сармадзаны нæмыг ныккалдтой æмæ сыл уарыд дур, бæласы схъис æмæ сыджыты фыдкъæвда. Базыдта йæ Раздзог, уым тох кæныны фадат ын кæй нал уыд æмæ фæкъæртт кодта æрхъулагонд иуырдыгæй. Нарæг комы фаллаг кæронмæ иу амынд акодта зæронд лæг, Дзæрæхохты Алхаст æмæ Малсæгты Тепсайы сахъгуырдтæ фæйнæрдыгæй æрбалхъывтой тыхгæнæджы, цæцæны лæппутæ барæй сæ чъылдымтæ равдыстой знагæн, сæ фæдыл сæ асайдтой æмæ сæ фæндаджы саджилыл дыууæ хицæны фæкодтой. Зыдта йæ Хæмæт: уый Раздзог развæлгъау снывæста æмæ ныр афтæ рауад, цыма хъазты зылды радгæс уыдис зæронд лæг.

Бафæдзæхста йын, Махмудимæ Брутмæ сæрæгасæй фæхæццæ кæнут Темырболаты, зæгъгæ.

Æнцон нæу, йæ азмæлд æрвæрттывдау кæмæн у, ахæм лæппуйы тохы быдырæй рахæссын. Стæй йæхи дæр нæ фæндыд, лæгдзинад æмæ æхсар кæм сæрынц, уырдыгæй рацæуын, фæлæ кæмæн ис Раздзоджы дзырдыл дыууæ зæгъыны бар?..

Уадысты сæппæй, Брутмæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой.

Темырболат ын фескъуыдта йæ хъуыдытæ:

— Мамсыраты Уосмæн æмæ Алæгаты Темырыхъойыл не схæцыд Сауададжы мæ цæст!

Фергъуыйау ис, дзуапп агурынмæ фæцис йæхимидæг.

«Кæсæгмæ балцы фæцыдысты!.. Нæма æрбаздæхтысты!» — Раздзоджы сусæг фæдисонтæ сæ згъуыды кæй фæуагътой, уый зæгъын йæ цæст нæ бауарзта. Уый нæ, фæлæ ма йын йæхи фелхыскъ кодта:

— Æниу ды Раздзоджы дæр нæ фæфиппайдтай. Æнæхъæн цасдæр кæрæдзи кардæй дзæхст кодтат.

Бæхы ехсæй æрцъыкк ласта, йæхи æфхæрынмæ фæцис корнет:

«Æрцыдтæ уал азы фæстæ!.. Дæ фыды зæххыл дæ къах нæма æрæвæрдтай, афтæмæй йæ кардæй ныррæмпъызтай!..» Бæхты цæфхæдты къупп-къуппæй фæуæлиаудæр ис йæ хъæр:

— Хъæу куыд цæры?

Æлхыскъ ныхас та дзы сирвæзт:

— Хъæумæ пъагæтты аууонæй хур нал кæсы!..

Йæ риуы æгънæджытæ суæгъд кодта, кæсгон бæхы зæвæтæй бацагайдта:

«... Уæлдай разындтæ иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр!»

— Хъуыбады та кæм ис?

Ноджы та æлхыскъ дзуапп:

— Хæты Иры фæндæгтыл!.. Хъарæг кæны йæ фæндыримæ, пъагонджынты къухæй чи фесæфт, уыдоныл.

Йе уæхсчытæ банкъуыста Темырболат, цыма йыл исты уæз кодта.

«... Ды та сæ ноджы рæмпъузгæ кæныс!.. Де уæхсчытыл цы пагæттæ дарыс, уыдонæй сын сæ хуры хай бааууон кодтай!»

Бруты куыйты рæйын æрбайхъуыст. Бæхæй æргæпп ласта, Хæмæт дæр уый бафæзмыдта.

Йæ зæрдæ бахъыдзы кодта, Темырболаты Бруты сау сыджытыл зоныгуылæй лæугæ куы федта, уæд. Ныртæккæ дзы рох уыдысты Муссæ, Сауадаг, чи зоны, Раздзог дæр!.. Æрмæст ма Бруты сау сыджыт фиппайдта æмæ йын сусæгæй табу кодта.

Йæ фарсмæ, Хуыцауæн кувæгау, ныззоныгуыл кодта Хæмæт дæр.

Кæддæр ард бахордтой, Зарæ та сын æвдисæн уыдис. Гъе уæд дæр афтæ лæууыдысты сæ зонгуытыл.

Ныр Зарæ ам нæй. Хæмæт æй райсом æрдæгвæндагæй фæстæмæ раздæхта... Е-е-е, чи йæ зоны, райсомæй нырмæ цал зынджы бахуыссыд...

Кæй кой кодта, кæй ном дзырдтой сусæгæй йæ былтæ?

Ирыстоны? Йæ райгуырæн хъæуы? Йæ ныййарæг Æнайы? Фæндырдзæгъдæг Хъуыбадыйы, æви... сауцухъхъаджын чызджы?..

Науæд, чи зоны, æрдæбон кардæй цы зæхх ныррæмпъызта, уымæй хатыр куырдта.

Æвиппайды та абадт йæ бæхыл æмæ йæ Бруты ’рдæм фæцагайдта.

Йæ тых-йæ бонæй йыл ныцъцъæхахст ласта Хæмæт:

— Фæлæуу, Болат! — фæндагмæ йын ацамыдта къухæй: — Акæс-ма, æгас хъæу рацæуы нæ размæ!

Уый нæ уыд хуымæтæджы цыд. Зæрондæй-нæуæгæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй кодтой згъоргæ. Цъæхахст æмæ хъарæг кæрæдзиимæ схæццæ сты.

Æргæпп кодтой сæ бæхтæй, фистæгæй сæ размæ ауадысты.

Æна ныттыхст, ныр уал азы цы хъæбулмæ æнхъæлмæ каст, ууыл. Тыххæй ма сфæрæзта дзурын:

— Фесæфтыстæм, мæ хъæбул!.. Æрбалæбурдтой нæм... цæгъдæн нæ кæнынц! — Тыххæй ма урæдта йæхи.

— Чи?.. Кæцæй?..

— Дзæуджыхъæуæй!.. Хъазахъхъ!.. Раздзоджы хæдзармæ балæбурдтой, чындз æмæ сабиты тыхæй кæнынц семæ.

Æндæрджытау ма йæм зындысты Æна, Есенаты зæронд Гуыцыр, йæ чысыл хо Азизæ... Алæгаты саудзаст Зарæ. Гæзæмæ ма йæм хъуысы адæмы еусар æмæ хъарæг.

— Иухатт ын ныккодтой йæ бинонты бындзагъд!.. Æгъгъæд сын нæма у?

— Хъуыбады ралæууыд сæ размæ иу стыр мæцъисимæ. Мардзысты зæронд лæджы!..

— Уастæн, Хуыцауы азар сæ сæрыл ныккæлæд джауыртæн! Бæтæхъоты кæрты онг фистæгæй фæлыгъдысты Хæмæтимæ.

— Муссæ кæм ис, Хæмæт?.. Афтæ куы дзырдтай, Бруты дæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ!.. Æна, кæм ис дæ сомыгæнæн æфсымæр? — фæрсы уый, фæлæ йын дзуапп ничи дæтты. Кæсы: иу ссæдзы бæрц сты хотыхджын хъазахъхъæгтæ. Хъуыбады егъау мæцъисимæ кæрты бацæуæны сæ разы лæууы.

— Гъæтт, куыдзы хъæвдынтæ, сылгоймаг æмæ чысыл сабитыл фæлварут уе ’хсар? — хъæр кæны зæронд лæг.

Райдианы йыл худгæ кодтой хъазахъхъ, фæлæ уисæйбыд кулдуарæй мидæмæ куы фæцæйцыдысты, уæд сæм мæцъис фæхъил кодта, æмæ фæлæууыдысты.

Нæ, фæстæмæ нæ алæудзæн ацы зæронд лæг, — йæ фæстæ чысыл сабитæ æмæ сæ мад уыдысты, æмæ уымæн.

Йæхи фыны æнхъæлдта, йæ цæстытыл йæ къухтæ æруагъта. «Кæм ис Муссæ? Кæм ис Муссæ?» — Ууыл ма ныззезелæг сты хъуыдытæ.

— Прочь с дороги, собака шелудивая! — хорунжий Хъуыбадымæ дамбаца фæдардта, фæлæ йæм Темырболат æнæссыбырттæй йæхи баппæрста æмæ æртхъирæнгæнæджы къух стъæпп ласта.

Ныхæй-ныхмæ аззадысты хорунжий æмæ корнет.

— Чи дæ ды æмæ дæ цы хъæуы? — афарста йæ хъазахъхъаг.

— Чугуевы уланты полчы корнет Мамсыраты Темырболат! — хæрз сындæг ын дзуры Темырболат.

Хорунжийæн йæ рихи фæзылын ис:

— Поздравляю, господин корнет!..

Фырмæстæй йæм хъазахъхъы хъæлæба нал хъуыст:

— Дæхи айс ардыгæй, цалынмæ ма дæ сæр де уæхсчытыл ис, уалынмæ.

Фегуыппæг сты, æмæ кæцæйдæр Æнайы цъæхахст фæцыд.

— Мæ артыл мын дон ма ауадзут! — йæ кæлмæрзæн сфæйлыдта, бæгъæмсарæй хъаугъагæнджыты æхсæнмæ йæхи баппæрста.

Хъуыбады базыдта ныр Темырболаты æмæ йæ мæцъис дæлæмæ æруагъта:

— Гъæй, дæ цонджы фæхъхъау фон, Темырболат, æмæ алыхатт дæр æгас цæуай! — Æнамæ фæзылд зæронд лæг:— Ныр сæ уый бар бауадз, Æна!.. Уыдон дæ кæлмæрзæн уынгæ дæр нæ кæнынц!..

Хæмæт дуарыл йæхи сныхæста, хъандзалау агæппæввонг ссис. Темырболат хатыд: ам æнæ хъаугъа хос нал уыд.

— Господин корнет, паддзах æмæ йæ бæрзонддзинад Лорис-Меликовы номæй дын дзурын!..

— Ахъуытты у ардыгæй!.. Ныууадз сабиты!..

Хорунжий йæхионты ’рдæм фæзылд æмæ фæхъæр кодта:

— Атæрут адæмы ардыгæй! Бацæут къæсмæ æмæ раласут абырæджы усы йæ сабитимæ!

— Уæдæ дæм нал хъары адæймаджы хъарæг!.. — Темырболат фæстæмæ агæпп ласта, Хæмæты фарсмæ слæууыд, йæ иу къухы дамбаца, иннæйы та кард, афтæмæй дзуры: — Ды лидз, Хæмæт, Сауадагмæ, Раздзогæн зæгъ!.. Дадамæ фæхæццæ кæн хабар!..

Æна хъазахъхъаджы раз ныххаудта æмæ йын лæгъстæ кæны:

— Мады гуыбынæйдзыд нæ дæ, нæ!

Æртæйæ лæууыдысты сæ разы: Темырболат, Хæмæт æмæ Хъуыбады. Бæгъæмсар сылгоймаджы лæгъстæ никæмæ хъардта.

Къæсы дуары хъинцъ фæцыд. Раздзоджы бындар Гæбайы æмкъай Цомиан рахызт къæсæры сæрты. Дзидзидай саби йæ цонгыл, егъаудæр лæппуйæн йæ къухыл хæцы.

— Темырболат, дæ мад дæ хурæй бафсæдæд!.. Уый аккаг не стæм...

— Кæм ма ис хур, æрцыдыстæм дæм æхсаримæ! — Уыцырдæм куыд фæзылд, афтæ йæ цонгыл уæззау цыдæр æрхаудта æмæ дамбаца йæ къухæй ахауд. Стæй йыл æвиппайды æрбатымбыл сты хъазахъхъ, йæ цæнгтæ йын сыздыхтой. Хъуыстис ма йæм Æнайы цъæхахст æмæ Цомианы хæкъуырцц.

 

— Связатъ господина корнета! — хъæр кæны хорунжий.

Хъуыбадыйы мæцъис хъазахъхъаджы чъылдымыл скафыд. Хъазахъхъ фæпырх сты, фæлæ корнеты не суагътой уæддæр.

Æна йæ рустæ тонынмæ фæцис:

— Мæ хæдзар æрбайхæлд!.. Уæ, Хуыцау, дæ азар ныккал тыхгæнджыты сæрыл!

Хъуыбадыйы ариуыгъта гуыппыр хъазахъхъаг æмæ суанг кауы бынмæ тулгæ фæкодта зæронд лæг. Йæ былтæ сæрфгæ растад æмæ та йæ мæцъисмæ фæлæбурдта.

Хæмæт сыл йæхи басæрфта, карды цæгатæй сæ дзæхст ласта. Уыдон бирæ уыдысты, хъæбатыр лæппу та иунæгæй æмæ йыл тых кæнын куы райдыдтой, уæд сæм цыргъаджы ком аздæхта.

Дамбацайы гæрах фæцыд, Хæмæт йæ цонгмæ фæлæбурдта. Ноджы та йæм фæлæбурдтой, хæцæнгарз та йæм фæдардтой, фæлæ хорунжийы хъæр фæцыд:

— Не убиватъ, живым взятъ абрека!

Хъуыбадыйæн йæ мæцъис байстой, фыднадæй йæ кауы бынмæ баппæрстой.

Егъау мæцъис йе уæхсчытыл сæмбæлд Хæмæтæн. Ныццух-мух ласта, уæддæр ма йæм хъуыст Темырболаты сидт:

— Лидз Сауадагмæ! Дадайæн зæгъ!..

Нал ын бантыст алидзын, Хъуыбадыйы фарсмæ уадзыгæй æрхауд.

Йæ мад Хъодзиан æм баппæрста йæхи.

— Мæ къона æрбайхæлд!..

Ариуыгътой усы хъазахъхъæгтæ, фалиау йæ тъæпп фæцыд.

— Связатъ абрека вместе с господином корнетом!

Бастæй сæ бæхтыл сæвæрдтой, Гæбайы бинонтимæ сæ сæ разæй аскъæрдтой стуртау. Ныххостой хъазахъхъ сæ бæхты, уацайрæгты сæ разæй ассыдтой æмæ Бруты фæндагæн йæ рыг скалд.

Æна æмæ Хъодзиан богъбогъгæнгæ сæ фæдыл лыгъдысты:

— Дæ къонамæ хæццæ уæддæр куы æрбауыдаис!.. Уæ, Болат, дæ мад дæ сæрыл хаст фæуа!..

Адард сты тыхгæнджытæ, нал сæм хъуыст мады сидт.

Зарæйы ничиуал федта. Темырболат афтæ куы фæхъæр кодта Хæмæтмæ, лидз Сауадагмæ, зæгъгæ, уæд цыдæр фæцис.

IX. КÆМ УЫДИС РАЙДИАН, КÆМ УЫДИС КÆРОН

Хæмæтæн йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ сбастой, хордзенау æй баппæрстой бæхыл. Темырболатæн æрмæст йæ къухтæ сбастой, афтæмæй йæ сæвæрдтой саргъыл.

Цомианæн алидзынæй нæ тарстысты æмæ йæ нæ бабастой, сабиты сæ фæсарц сæвæрдтой хъазахъхъæгтæ. Тардтой сæ бæхты удаистæй, калдис фæндаджы рыг цæфхæдты бынæй.

Скъæргæ-скъæрын йæхи фæкъул кодта Хæмæт æмæ фæндаджы хъæбæрыл йæ гуыпп фæцыд. Темырболат дæр рагæпп ласта йæ фæдыл, фæлæ йæхи нал баурæдта æмæ къуыбылойау атылдис. Уайтагъд фæгæпп ласта æмæ йæ хæлары уæлхъус балæууыд.

— О, а бæсты дзуæрттæ! — ныцъцъæхахст кодта Цомиан.

Хорунжий йæ бæхы фæурæдта:

— Стоп! Уæ бæхты фæуромут! — Хæцæнгарз Хæмæтмæ ныддардта: — А что с ним церемониться!.. Куыдзæн куыдзы мард йæ хай!

Темырболатæн йæ къухтæ баст уыдысты, фæлæ йæ риуæй ныццавта хъазахъхъаджы æмæ сæ дыууæ дæр зæххыл атылдысты.

Фæгæппытæ кодтой, фæхъуырæй-хъуырмæ сты уæнгбаст корнет æмæ хотыхджын хорунжий. Хъазахъхъагæн йæ дамбаца йæ къухæй ахауд æмæ дуртыл йæ къæрцц-къæрцц ссыд. Куыддæр уымæ фæгуыбыр кодта, афтæ та йыл йæхи ныццавта Темырболат.

Фелвæста йæ æмæ йын æй йæ риумæ ныддардта:

— Куыдзы мард дæ ныккæндзынæн, господин корнет! — фырмæстæй йæ сæт калы хорунжий.

— Фехс, цæмæ ма кæсыс, куыдзы фырт! — йæхи йæм баппæрста, дамбаца йын цы къухы уыд, уый йын йæ риуæй баууæрста.

Сабитæ сниудтой, Цомианæн йæ дзыккутæ дымгæ фæйлыдта.

— Хæмæт рафтыд сæ къухæй!.. Ды уæддæр хъахъхъæн дæхи, уæ, Болат! — Нырдиаг кодта ус.

— Прочь с дороги, волчица! — ныкъкъуырдтой йæ æмæ уадзыг лæппуйы фарсмæ æрхаудта сылгоймаг.

Йæ цæстытыл ауадысты Хæмæты тугæй амæхст цæсгом, Цомианы пырх дзыккутæ. Цъилау ныззылдис. Йæ къухтæ баст уыдысты, фæлæ кæй йæ сæрæй цавта, кæй та йе уæхскæй.

— Связатъ корнета по ногам, прикончитъ абрека на месте! — бардзырд радта хорунжий.

Иу змæлд ма акодта Темырболат, фæлæ йæ бон куы ницыуал бацис, уæд ма тасæфтауæг хъæрахст ныккодта:

— Вы еще ответите перед генералом Кундуховым, подлецы!

Федзæмгонд сты хъазахъхъ Муссæйы коймæ. Хорунжий йæм баздæхт:

— Дæуæн дæр кæд нæ фæуæлдæр кæнид дæ цин Куындыхы-фырт, господин корнет!..

Тыххæй ма улæфыд Темырболат:

— Æз хæдзары къонайы фарсмæ дзуапп дæтдзынæн мæ мадыфсымæрæн!.. Ды та цы ми кæндзынæ, господин тыхгæнæг?..

Муссæ корнеты мадыфсымæр у, уый куы базыдтой, уæд сæ хотыхтæ æруагътой, фæлæ йын йæ къухтæ не суагътой уæддæр.

Ус Хæмæты къæмисæнтæ æууæрста, йæ кæлмæрзæны къабазæй йын йæ туг сæрфта. Сабитæ сæ уæлхъус лæууыдысты.

...Æрдæгмард лæппуйыл схæцыдысты æмæ йæ бастæй саргъыл сæвæрдтой.

— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы!

Брут фæстиау аззад. Разæй Терчы уынæргъын хъуыст. Хъазахъхъ нал тындзынц æмæ йæ, бæх цадæггай узы, Терчы уынæргъын æй цахæмдæр уæззау сагъæстыл æфтауы. Хæмæтæн йæ бон бæхыл бадын нал у, æмæ йыл хъазахъхъаг хæцы, афтæмæй хилынц.

Брутмæ тындзыдта Чугуевæй. Брутмæ нæ, — Ирыстонмæ.

Æрхæццæ ис тых æмæ фыдæй æмæ йыл куыддæр йæ къах æрæвæрдта, афтæ йæ абырджыты æфсон кардæй ныррæмпъызта.

Хæмæты ’рдæм фæкаст аивæй æмæ йæ ныхæстæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл.

«Пъагонджынты аууонæй нæм хур нал кæсы!»

Пъагæттæ йын цы цухъхъайыл уыд, уый кæмдæр Сауададжы баззад. Бæласæй йæ раппæрста æмæ уый сисынмæ никæйуал равдæлд. Уадз! Хорз у æмæ сæм ныр уæддæр нæ кæсы!

«Афицер суыдзынæ, адæмы рæгъмæ рацæудзынæ. Хотыхтæ дæ къухы уыдзысты æмæ кæд хъæубæстæйæн дæр исты æххуыс фæуис». — Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты ныртæккæ Муссæйы ныхæстæ.

Уынæргъы Терк, лæппуты узы бæх.

Саби ма уыд, Бетъырбухы æфсæддон ахуырмæ йæ куы арвыстой, уæд. Хорз æмæ æвзæр бæстон нæма æвзæрста кæрæдзийæ, фæлæ йæ мадыфсымæры амынд фæндагыл тынг рæдауæй нæ куымдта зæрдæ.

Фæстейæ баззадысты Бруты атагъатæ, йæ сабийы бонтæ, Алæгаты чысыл саудзæст Зарæ æмæ йе ’фсымæр Хæмæт... ныр уæртæ саргъыл йæхи тыххæй чи уромы, уый!..

Ссывтой бæхтæ сæ цæфхæдты бын хуырвæндаг, дзедзылой кодта дыууæрдæм Хæмæт саргъыл. Терк ныр уынæргъгæ нал кодта, фæлæ — абухгæ.

Уал азы йын фæдардтой Бетъырбухы пъагонджын удхортæ йæ удыл цъутта, стæй та Чугуевы уланты полчъы фæхаста йе рагъыл салдаты уæззау уаргъ. Зæрдæ хъæуы ’рдæм тырныдта, йæ цæсты раз иудадзыг Сæнайы хох лæууыд. Йæ хъустыл цыма ныдзæвд Хъуыбадыйы хъисфæндыры зарын... ныр уæртæ Бруты чи баззад, уый!..

Райдианы йын чи скодта хæрзиуæг, ныр дæр та уый. Муссæйы фæрцы æрыздæхт Ирмæ. Æрцыд æмæ цы æрхаста йемæ? Æхсар æмæ æхсаргард, æхсар æмæ æхсаргард! Куырм, æгомыг кæнæ къуырма уыд уал азы? Нырмæ дæр хъарæг кодтой Æнайы хуызæн сылгоймæгтæ се сæфт хъæбултыл, ныры онг дæр-иу схæццæ ис сæ кæуынхъæлæс Терчы уынæргъынимæ.

Не хъуыст уымæ, кæнæ бардуагау кæмæн табу кæны, уыцы Муссæмæ?

Ай-гъайдæр æм хъуыст, фæлæ цалынмæ Сауададжы хъазгæмхасæнтæй Раздзогимæ нæ фæныхæй-ныхмæ ис, уалынмæ йæм æххæстæй нæ хъардта сæ хъæрзыны дудаг.

Ныр æй бæх хæссы бастæй узгæ æмæ йын йæ зæрдæ арауы Хæмæты æгуыппæг хъæрзын, Цомиан æмæ Терчы зæрдæхалæн богътæ.

Цы ракодтой сабитæ, цы ракодта сæ мад? Кæм уыдис райдиан, кæм уыдис кæрон?

Муссæйы ном фервæзын кодта æрдæбон Хæмæты мæлæтæй... Муссæ Бруты ис, зæгъгæ, куы дзырдта ацы зæбулхъус, уæд кæм ис ныр?..

Цыдæр æм дзырдта Хæмæт, фæлæ йын йæ хъæлæс не хъуыста æмæ йæм æввахс бацыд.

— Диссаг нæу!.. Абырæг æмæ цытджын афицеры кæрæдзийæ нал æвзарынц æмæ сæ... иумæ бастæй фæхæссынц, — загъта хуыфгæ уый.

Цыма йæ риуы исты фæныхст, уыйау ныкъкъæдз, йе уæхсчытæ кæрæдзимæ æрбассывта.

«Йæ артдзæст чи хъахъхъæны, уый — ацы джауыртæн абырæг», — зæрдæйы судзинтау ныхстысты Раздзоджы ныхæстæ.

Дыдзы мидбылтыхудт фæфиппайдта Хæмæты цæсгомыл. Цыма корнет Мамсыраты Темырболат, цытжын паддзахы бартæ хъахъхъæнгæйæ, «абырджыты сæргълæууæгимæ» кæй фæхъуырæй-хъуырмæ ис, ууыл худтис.

Дæ цæстытæ дын стыхтой! Дæ хъусты дын къæрмæджытæ нытътъыстой!» — цыма йæм ныдздзырдта чидæр. Фæйнæрдæм æракæс-бакæс кодта сонтау.

«Чи?»

«Бетъырбух æмæ Чугуев». — Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын æй бирæ нæ бахъуыд.

Ниудтой сабитæ, хъарæг кодта сæ мад.

«Гъы!.. Бæтæхъо абырджыты сæргълæууæг!..» — Сæнтдзæфау бахудтис уыцы хъуыдымæ.

Темырболаты цахъхъæнтæ йæ дадайæ зыдтой. Таурæгътæ дæр ыл кодтой, æгæрыстæмæй йæ кард, дам, нæма сæлвасы, афтæмæй, дам, ын кæрддзæмы зарын райдайы.

Нырма хæрз чысыл уыд йæхæдæг, Бæтæхъойы карды зарын йæхи хъусæй никуы фехъуыста æмæ йыл дис æфтыд:

«Куыд зары æндон, — уый дæр кæрддзæмы æвæрдæй?»

Гæба уыдонæй егъаудæр уыд, — Хæмæт æмæ Зарæимæ-иу хъуыстой дадайы аргъæуттæ æви таурæгътæм æмæ уыцы аргъæуттæ уыдысты цыфæнды æндоны зарæгæй адджындæр.

Раздзоджы карды зарынмæ никуы байхъуыста, фæлæ йæхи цæстæй федта æмæ йæ зæрдыл бадардта Темырболат, Бæтæхъо дзывыры хъæдыл куыд хæцыд, ныр йæ туг цы зæххы сæраппонд калы, уый фæлдахгæйæ-иу йæ цæсгом куыд райхæлд æмæ-иу кæрддзæмы тъыст æндоны бæсты йæхæдæг куыд зарыд, уый.

Æмæ уыцы зарæг уыдис удæй адджындæр!

Ноджы федта æмæ хъуыды кæны: Бæтæхъо йе уæхскыл сæвæрдта чысыл Зарæйы. Хæмæт æмæ Темырболатæн сæ къухтыл хæцы, Гæба æнæхъæн хосдзау лæг уыд. Сæумæрайсом зад хуымы лæгæрстой цыппарæй. Æртæхæвæрд æфсиртæ сыл узæлыдысты. Кæцæйдæр цъæхснаг къæл-къæл хъуысы æмæ йæ лæппутæ нал æвзарынц: уый Зарæйы худын у, æви æртæхæвæрд æфсирты къæл-къæл хъуысы!

«Дадайæн йæ цухъхъайы фæдджитæ ныххуылыдз сты æртæхæй, лæмары сæ æмæ рæдауæй гуым-гуым кæны:

«Зæхх дæр зоны цины цæссыгтæ згъалын!»

Æмæ уыцы æхцон гуым-гуым æмæ æртæхæвæрд æфсирты узæлын уыдысты цыфæнды æндоны зæллангæй адджындæр.

Æргом нæ дзырдтой ууыл, фæлæ таурæгъау æрхæццæ ис: Фæтыхстис Цæцæн, æрбарвыстой Бæтæхъомæ йе ’рдхæрдтæ фæдисон, быныстъæлд кæнæм джауырты фыдæй, дæ къух нæм фæдар, хъонагъ!

Къулыл ауыгъд æхсаргарды ком æрттывта ихсыд кæрддзæмæй. Рагæй нал федта хур, фæлæ згæ не схæцыд æндоныл, — дзыргъа нæу мыййаг!

Райста йæ Бæтæхъо, сигæцыл æй сыссадта.

Стæй схæцыд згæ дзывыры æфсæныл, æмæ баззад зад хуым кæрдинагæй.

Таурæгъæн стыр базыртæ ис, æмæ йæ уд не скъуыйы тъымы-тъымамæ.

Фæхæцыд Бæтæхъо Цæцæн-Мæхъхъæлы, хæцыд имам Шамил æмæ Хадзы-Чиркеимæ джауырты ныхмæ. Æгас комбæстыл ахъæр ис таурæгъ, Бæтæхъо, дам, йæ цæцæйнаг æрдхорд Дзæрæхохты Алхастимæ сухты цагъд кæны джауырты.

Темырболат уæд, æвæццæгæн, а бæстыл дæр нæма уыд æмæ йæм хабар таурæгъау æрхæццæ ис.

Æрыздæхт, дам, Бæтæхъо Цæцæнæй, æрбаййæфта, дам, хæдзары æргæвстæй йе ’фсымæр Базыхъ æмæ йæ бинойнаг Быценоны, — йæхи бар чи нæ уыд, уый.

Аздæхт æгомыгæй фæстæмæ, ныллæууыд тугисыны фæндагыл Дзæрæхохты Алхаст æмæ Малсæгты Тепсаимæ.

Кæм уыдис райдиан, кæм уыдис кæрон? Схæцыд дзывырыл згæ, баззад зад хуым кæрдинагæй æмæ гъеуæд базыдта, æвæццæгæн, Бæтæхъойы кард кæрддзæмы зарын.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: