II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 10 глава




Уый фæстæ та йæхи хъусæй хъуыста Темырболат æмæ йæхæдæг уыд æвдисæн:

Ныхас æмæ фынгыл — Раздзоджы бынат!

Тугвидтæн æмæ зынвадаты — Раздзоджы уынаффæ!

Ферох сты ныр Бæтæхъо æмæ дзывыр — Раздзоджы кæрддзæмы зарыд æндон.

...Ныр ын йæхимæ нæ баххæстысты, сæ мæт сабитæ æмæ сылгоймагыл ныккалдтой.

Цæмæн? Цæй руаджы? Кæм уыдис райдиан, кæм уыдис кæрон?

Сауададжы йæхи хъусæй фехъуыста æртиссæдзаздзыд дадайы æлвæст карды зæллангмæ æмæ йæм уыцы зæлланг фæкаст Терчы абухынау, сывæллæтты мады хъарæгау, уæнгбаст Хæмæты хъæрзынау. Чи зоны, йæ кард дæр йæхиау бафæллад!

Æгас комбæстæн Раздзог ссис зæронд дада, пъагонджынтæн та — абырджыты сæргълæууæг.

Ау, æмæ йæхæдæг пъагонджын нæу? Науæд йæ мадыфсымæр Муссæ цы у? Кæд Бæтæхъо æмæ Хæмæт абырджытæ сты, уæд мæнæ æнахъом сабиты йæ разæй чи тæры, уыдон та цы сты?

Кæм ис Муссæ, цæмæннæ искуы зыны?

Дзæуджыхъæумæ æрбахæццæ сты. Цæфхады къупп-къупп æмæ ехсы цъæхснаг къæрцц æвдæрзтой хъустæ. Æрвнæрдау ыл ссыд хъæдын хидыл фæцæйцæуæг бæхты къæхты гыбар-гыбур.

Цыма фыдфын уыдта. Донласт æхсныфау æнкъардта йæхи. Йæ къухтæ баст уыдысты æмæ йæ бон ницы саразын уыд. «Зарæ кæм фæтары ис!.. Иу хæст ыл скодта мæ цæст!.. Науæд Раздзог цы бацис! Æцæг хæхтæ йе ’вварс уыдысты, фæлæ æгæр бирæ уыдысты уыцы... бирæгътæ!»

Хорз карстой хъазахъхъы, фæлæ иугæр Темырболат сæнтдзæфау фæстæты куы æрзылд, уæд фæтасыдысты æмæ раздæрау бæзæрхыгæй нал хъуыст:

«То-о-о-х!.. Ал-ла-а-а!..»

Æрхæндæгæй, хъуыдыгæнгæйæ цæуы Темырболат... Бетъырбухы кадетты корпусы ахуыргæнинæгтæ æмæ Чугуевы уланты полчъы афицертæм паддзахы хицауад политикон уддзæф никуыцæй уагъта. Паддзах тарст, йæ бындур ын чи ныззилын кæна, ахæм прогрессивон классон тохы хъуыдытæй... Фæлæ иу уæддæр хатт æвзонг фæсивæдмæ, фидар æхгæд æфсæйнаг дуæрттæй баирвæзтысты Уæрæсейы раззагондæр демократон адæймæгты хъазарадон барады ныхмæ дзурæг хъуыдытæ. Темырболат уæд рæстмæ не ’мбæрста уыцы зондджын адæймæгты хъуыды. Ныр ын хъазахъхъæгтæ йæ къухтæ куы сбастой, æмæ йæ афтæмæй куы фæкæнынц, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, Бетъырбухы кадетты корпусы кæимæ ахуыр кодта, уыцы æмбæлттæй сæ иу — Астаховы ныхæстæ: «Цалынмæ музуккагæн йæ хицауы ехсы цæфтæй йæ бæрзæйы рыст нæ банцайа, уæдмæ цардæн раст фæндагыл ацæуæн нæй. Уымæн æмæ цард арвыронау хъулæттæ у. Уыцы хъулæттæн сæ тæккæ хуыздæртæ хъæзныджыты къухты сты. Иутæ æххормагæй мæт-мæрдтæ кæнынц, иннæтæ та мæгуырты хид фæллойæ минас кæнынц. Паддзах та сæ хъахъхъæнæг у. Паддзах йæ къæлæтджыныл цæмæй фидардæр бада, уый тыххæй, æххормаг адæмы афæливыны тыххæй æрымысы алыхуызон авантюристон хæстытæ».

Бирæ нæ фæцис Астахов кадетты корпусы. Чидæр æвзаг бахаста корпусы хицæуттæм, æмæ Астахов фæтары ис кадетты корпусæй.

Бирæ йæ уарзта Темырболат. Ныр ын фæци Астаховы ныхæстыл ахъуыды кæныны фадат. Сауадаг æмæ йын Бруты абоны хабæрттæ, йæ хъуыдытæ, хъызт боны денджызы уылæнтау, сызмæстой.

«Раст дзырдта Астахов. Кавказ басæттын паддзахы йæ къæлæтджын сфидар кæнынæн хъæуы»

Иу ран Терчы былыл арт судзы. Йæ фæздæг здыхстытæй хъен ныллæууыд арвы хъæбысы. Арты фарсмæ халагъуд. Халагъуды размæ, артмæ сæхи тавынц бæгънæг, гомгæрц сабитæ, сæ мад, саударæг ус артыл сугтæ æвæры. Паддзахы хъахъхъæнæг хъазахъхъæгты ауынгæйæ, ус артимæ архайын фæуагъта æмæ æнæуынон цæстæнгас фехста хъазахъхъæгтыл:

— Уæ, йæ бындур ныззила, мæнæн мæ тæригъæддаг хæдзары къуым чи басыгъта, æмæ мæ ме ’ххормаг сабитимæ, уæлих, уæлкъæсæр чи ныууагъта! О, йæ рустæ фæтона, мæ сидзæрты фыды мын йæ джебогътыл чи систа, æмæ нæ æнæдарæг чи фæкодта! Тугъантæ æмæ Хъаныхъуаты уæздæтты стыр галуантæй æрду дæр нæ фæхъуыди, æмæ мæ мæгуыр къонайыл фæтых сты! — марой кодта ус.

Топпы нæмгуытау æмбæлдысты мæгуыр, тæригъæддаг усы ныхæстæ Темырболаты зæрдæйыл. Фæндыд æй, усæн исты зæрдæвæрæн ныхæстæ куы загътаид, фæлæ йын хъазахъхъаг ехсæй æрцавта йæ бæхы.

Ус Хуыцаумæ хъардта йæ сабиты тæригъæд. Темырболатæн йæ зæрдæйы тугтæ тагъдысты, уæзæджы къæйыл чи баззад, уыцы мæгуыр сидзæргæс усы мароймæ хъусгæйæ.

«Кæмæн цы кодтой, ацы тæригъæддаг усы æххормаг сабитæ? — сагъæс кодта Темырболат. — Куы нæ йын зæхх ис, куы нæ бахæринаг, æвæццæгæн, кæнæ Тугъанты хъазайраг у, кæнæ — Хъаныхъуаты. Тох цæуы. Паддзах хъавы Кавказ басæттын. Зæхх æй хъæуы, зæхх кæмæ ис, уый йæ фæллой хъахъхъæны, фæлæ ацы мæгуыр ус та, цы аххосджын у? Куы нæ йæм зæхх ис, куы нæ фæллой, уæд цæмæн фæци удхайраг? Цы фæуыдзысты йæ сабитæ, зымæг куы ’рбалæууа, уæд? Чи сæ барæвдаудзæн, ацы хæццæ тыхст рæстæджы, алкæмæн йæ сæр йæ кой куы фæци, уæд?»

Йæ фæдыл цы æфсæддонтæ цыд, уыдоныл ахаста йæ цæст: «Уæртæ, йæ саргъы гопмæ чи нымдзаст æмæ уæззау сагъæсты чи цæуы, уый цымæ цæуыл хъуыды кæны? Бæрæг у сидзæргæс усы ныхæстæ йын æхсаргарды æрцъыккау кæй акарстой йæ зæрдæйы уидæгтæ æмæ йæ цæстытыл кæй уайы йæ мæгуыр ныййарæг мады фæлгонц.

Науæд уæртæ уыцы саулагъз, къуыбыррихи салдат? Йæ дзыхæй сыпп нæ хауы. Æдзух æмбæхсы йæ цæстæнгас, Зылынджынау, комкоммæ ахстытæй никæмæ кæсы. Ингæнмæ цæуæгау, цæуы ахстыты фæдыл. Бæрæг у йæ мидзæрдæйы уæззау хъуырдухæн кæй кæны».

Хъуыдытæ та ногæй ахастой Темырболаты Бетъырбухы кадетты корпусмæ. Цавæрдæр авдсæрон уæйыгау йæ цæстыты раз сыстад Астахов. Йæ хъустыл уайынц Астаховы ныхæстæ: «Хæдхæцæг паддзахад туджы зæйы бын фæкодта Кавказы адæмты. Ды кавказаг дæ, чи зоны, хæрам хæссыс, ме ’мбæстæгтæм, кæд дæ хъуыды æргомæй нæ зæгъыс, уæддæр. Æмæ дæ зæрдыл дар: Уæрæсе паддзах æмæ йæ фæсдзæуинæй Уæрæсе нæу. Æцæг Уæрæсе Кавказы адæмты фарс у. Фæлæ æцæг Уæрæсейыл хъадамантæ æвæрд ис. Нæ интеллигенцийæ паддзахы фарс чи нæ рахæцы, уый кæнæ Сыбырмæ ахæссы, кæнæ та йæ Кавказы хæстмæ арвиты. Рох дæ ма уæд, паддзахæн уырыссаг музуккаг æмæ кавказаг хохагæй хъауджыдæр кæй нæй. Иуæн дæр æмæ иннæмæн дæр йæ туг нуазыныл нæ ауæрды».

Уæд Астаховы ныхæстыл арф ныхъхъуыды кæнын фадат нæ уыд Темырболатæн. Ныр ын, фæстийæ сæ уыцы салдæттæ æрымысын кодтой ногæй Астаховы ныхæстæ. Æвæццæгæн, Астахов цы æндæр Уæрæсейы кой кодта, мæнæ ацы салдæттæ дæр уыцы Уæрæсейы минæвæрттæ сты.

О, фæлæ сæ цы ’рхаста ардæм? Æлдадты зæронд зæхкусæг Батæхъоимæ, æвæццæгæн, æмхуызон уарзынц дзывырæй сау зæхх фæлдахын. Рагуалдзæджы хæмпус зæххы тæф сын æвдадзы хосау у. Уæдæ цæмæн ныххæцыдысты дзывыры хъæды бæсты æхсаргарды фистоныл? Ау, Ирыстон дæр Уæрæсейау дыууæ Ирыстоны куы у?

Йæ уæнгтæ куыддæр æрлæмæгъ сты, цыфæндыфæуайы æнкъарæн ыл пъæззыйау ныббадт æмæ йыл чердæм хæцыдысты, уыцырдæм цыд.

Хæмæт æмæ йæ сабитæй фæхицæн кодтой, дыууæ хъазахъхъаджы йæ фæйнæ фарс, афтæмæй йæ цахæмдæр булкъоны раз балæууын кодтой.

Цыма фынæй уыд, афтæ йæм хъуыст хорунжийы рапорт:

...Йæ бæрзонддзинады бардзырд æххæст кодтам, афтæмæй корнет Мамсыры-фырт йæ абырæджимæ нæ разы æрбалæууыд. Хæцæнгарзæй нæм æртхъирæн кодтой. Тугпырхы бæсты йын йæ къухтæ сбастам æмæ йæ абырæджимæ немæ ракодтам...

Булкъон хъуыста хорунжиймæ. Темырболат дæр æм хъуыста. Цыма æндæр искæуыл дзырдтой, афтæ йæм каст.

— Йæ бæрзонддзинадмæ! — Уый булкъон срæцыгъта.

Цыдис цадæггай, цыма дадзинты мидæг туджы бæсты зды ныччындæуыд, афтæ ныууæззау.

...Инæлар-лейтенанты хъоппæг цæстытæм каст æмæ йыл дис æфтыд: «Кæм ма федтон ацы цæстытæ!.. Пенснейы бын æмбæхст галы цæстытæ!»

Нæ, уый фыдфын уыдис æмæ гъеныр йæ цæстытыл уадис, Хæмæт æмæ сабитимæ талынг ныккæнды куы бадтис, уæд.

«Весьма сожалею, господин корнет!»

Æвæццæгæн, Темырболаты къухтыл цы хъадамантæ уыд, уыдонæй дзырдта инæлар-лейтенант. Йæ мидбылты бахудтис, цыма йæм рагæй æнхъæлмæ каст, ахæм хуыз абадт йæ цæсгомыл.

Ныккæнды къултæн сæ цæссыгтæ мизынц. Къулы фаллаг фарс Терк йæ хъиутæ хæры.

«Сауадагæй мæм дæ лæгдзинады хабар æрбахаста фидиуæг!.. Æхсызгон мын уыдис. Кавказы дæ хуызæтты хъæуы!» — Уый дæр уый дзырдта.

«Кæм федтон уыцы цæстытæ?» — Хъуыдыты фæйлауы Терчы богъ-богъ.

Цомианы æгуыппæг хъарæгмæ хъуыста уым — рухс кабинеты дæр, æмæ ам — талынг ныккæнды дæр.

«О-о-о!.. «Петербургские ведомости!» Уым ын федта йæ къам! Ныр æрбалæууыд йæ зæрдыл: Лорис-Меликов Михаил Тариелович!

«Граф Евдокимов дæрæн ныккодта Кавказ, Лорис-Меликов та йæ йæ зонгуытыл æрлæууын кодта», — фыстой гъеуæд уый сæраппонд.

«Цымæ Раздзоджы дæр æрлæууын кæндзæн йæ зонгуытыл?» — Фæлмбадт цæстæнгас ыл æруагъта.

«Цытджын Муссæйы хæрæфыртæй æндæр та цы æнхъæл хъуамæ уыдаин!» — уый дæр инæлар загъта.

Стæй булкъонмæ баздæхт:

— Это недоразумение, господин полковник!.. Ныртæккæ бæх сифтындзут господин корнетæн æмæ йæ дыууæ салдатимæ йæ мадмæ арвитут!» — Дард кæцæйдæр æм хъуыст хицауы бардзырд.

Райхъал ис Темырболат æмæ йæ сæр банкъуыста, нæ, зæгъгæ.

Инæлар фæдисау ис.

— Æз ардæм иунæгæй не ’рбацыдтæн, дæ бæрзонддзинад! — дзуры йын Темырболат.

— Æмæ дæ иунæгæй куы нæ æрвитын, господин корнет!

— Свитæ нæ домын, дæ бæрзонддзинад!.. Мемæ ахстæй цы сабитæ æрбацыд, уыдонимæ аздæхдзынæн Брутмæ!.. Æнæ уыдон мæ хъæумæ нæ бауадздзысты мæ мад æмæ... фæндырдзæгъдæг Хъуыбады!

Инæлары цæсгомыл таргъуыз бафтыд, фæлæ ма йæ былтыл уæддæр аззад мидбылхудты фæд.

— Бæргæ, уый гæнæн куы уаид, господин корнет!

Иудзæвгар æмырæй фесты æмæ уыцы æмырдзинады фæстæ æмбæхст цы уыдис, уый зыдта Темырболат.

Цадæггай баздæхт æмæ йæ къухтæ булкъонмæ бадардта.

— Мæ къухты баст мын бакæн мæ къухтыл фæстæмæ, господин булкъон!

— Дæ зонд фæцыд, господин корнет? — Булкъон хицаумæ бакаст æмæ йæ къухтæ фæйнæрдæм айтыгъта.

Уый дæр æм йæ галы цæстытæй æдзынæгæй каст.

— Цалынмæ сабитæ хъæумæ нæ аздæхой, уалынмæ аз дæр нæ исын ме рагъæй ахсты уæззау уаргъ, дæ бæрзонддзинад.

— Цæй, кæд дæ нæ фæнды, уæд дæ дзырддаг инæлар Куындыхаты Муссæимæ фæуæд! — Хъуысынц ма йæм ныр дæр инæлары фæстаг ныхæстæ.

Талынг ныккæнды къулыл банцой кодта æмæ сагъæс кæны:

«Чи загъта, Раздзог абырджыты сæргълæууæг у, зæгъгæ!.. Цы ракодтой æнахъом сабитæ?.. Кæд хæст у, уæд ды кæцы фарс лæууыс, Мамсыраты Темырболат?.. Кæм ис райдиан, кæм ис кæрон?»

X. ÆГОМЫГ УЫНАФФÆ. ЧЫЗГ-ФÆДИСОН

Æрттивынц дардмæ арты æвзæгтæ. Бафæллад æрдз æнæхъæн бон абухынæй æмæ ныр æнцой фынæй кæны. Арф комы хæххон доны сыр-сыр æмæ фæллад бæхты пыррыкк нæры. Уддзæф ныссимы, хуыссæгхъæлдзæг æрдзы уынæргъын хохæй-хохмæ арауил-бауил кæны.

Лæууынц судзгæ цырæгътимæ гуыппыр хъарагъултæ, хъахъхъæнынц Хæйрæджыты комы цъассы калд джауырты.

Арты рухсмæ æнахуыр æрттывд кæнынц Раздзоджы цæстытæ.

Абоны тохы нывтæ йæ цæстытыл ауайынц æмæ фæбузныг вæййы, йæхицæй нæ, фæлæ хæхтæй, йæ хæстонты йын зын сахаты чи бафснайдта, уыдонæй.

Йæ бон иу ран бадын нæ бацис. Æрдæбон Хæйрæджыты комы ’рдæм кардæй цы фæндаг айгæрста, ууыл дæлæмæ ныззылд Бæтæхъо. Гæзæмæ æрталынг. Рæстмæ нал æвзæрста йæ развæндаг зæронд лæг. Топпы фæздæг æмæ цавæрдæр хъылмайы тæф хурхы сæртæ арауæгау кодтой. Мæрдтæм нал фæхæссынц тавиц. Абон кæрæдзийы карды комæй чи агуырдта, уыдон ныр, æнцад-æнцой, кæрæдзийы фæрстæм хуыссыдысты.

Уалынджы кæйдæр хъæрзын сыхъуыст дæлбылæй. Дзыхълæуд фæкодта Бæтæхъо. Айхъуыста. Хъæрзын тынгдæр сыхъуыст. Згъорæгау ныккодта дæлбылмæ зæронд лæг. Уыны бæласы зæнгыл банцой кодта салдат, хохаджы æхсаргард ын йæ рахиз цонг йæ рæбыныл æрдавдта, афтæмæй мæцы йæ туджы!

Салдаты утæхсæнгæнгæйæ куы ауыдта Бæтæхъо, уæд йæ абоны хæрамдзинад цыдæр æрбаци. Иу гæппæн февзæрд салдаты цур.

— Ма мæ амар! — æнахуыр цъæхаст фæкодта салдат.

— Ма тæрс, æз удхор нæ дæн, — багуым-гуым кодта Бæтæхъо, стæй йæ куырæт феппæрста, йæ тæккæ астæуыл æй дыууæ дихы æркодта, æмæ дзы арæхстгай, хъавгæ бабаста салдаты цонг.

Салдат цыдæр æнахуыр худт бакодта:

— Хорз нæ къуыхтæ кодтой абон... мæ фыд дæр ма йе ’нæбары хуымы гæппæлы нартхоры зæнгты афтæ фæкæрды йе ’хсырфæй, — ралæмæрста салдат.

Бæтæхъо цавддурау фæци.

— Кæд дæ фыд мæгуыр зæхкусæг лæг у, уæд дæ, гормон, цы фыд æрхаста ардæм?

Салдат тыххæйты рабадæгау кодта, йæ дзагъыр цæстытæ авджын тымбылæгау æрттывтой. Салдат цыма йын йæ хъуыдытæ зæгъын куы нæуал бантыса, уымæй тарст, уыйау йæ галиу къухæй Бæтæхъойы цонгыл ныззезелæг.

— Дæ къухтæ мæ фыды къухты хуызæн нуарджын, хъæбæр... уæзæгæвæрд... Мæ фыдæн лæгмарæджы къухтæ нæй... Нæдæр мæнæн... хуым кæнын æмæ хор тауыны йеддæмæ ницы зоны. Дойнаг хъазахъхъаг дæн æз. Мæ ном Кузьма, Прохоров мæ мыггаг... Афтæ ма банхъæл... — Кузьмайы ныхас зæронд тæбынау аскъуыд.

— Дæ тæригъæд дæр æмæ мах тæригъæд дæр фæхæссæнт, махæн нæ мæгуыр цард хъаймæт чи фестын кодта, — загъта Бæтæхъо. — Гормон, дæ фыдмæ хуым кæнынмæ фæкастаис... Кузьма... хуыздæр уыдаид... Цæмæн райстай хæцæнгарз чи дæ никуы бахъыгдардта, уыдоны ныхмæ?..

Кузьма йын, цыма йæ хъуыды бамбæрста... лакъон донау змæст цæстытæй йæм скасти.

— Чи мæ уагъта!.. Бæргæ нæ куымдтон... мæ фыды мын æрцахстой... бакодтой йæ ахæстоны... Кузьмайы демæ ницы хæцинаг ис. Нæдæр мæ дæ зæхх хъæуы... нæдæр дæ артдзæст... фæлæ мæ фыд тæригъæд уыд ахæстоны... куы амардаид... фæтæригъæд ын кодтон...

Тыхулæфт ма кæны Кузьма. Бæтæхъо бафиппайдта салдат йæ уд исыныл кæй архайы... Салдаты сæр йæ хъæбысы æрбакодта... йæ зæрдæ суынгæг.

— Иунæг тæригъæд мæ удхары æппары... уыцы тæригъæд, Кавказмæ паддзахы тæсæй куы рацыдтæн... æмæ мæхи хуызæн мæгуыртæм хотых куы раздæхтон... Хатыр зæронд...

— Æрæнцай... хатыр дын уæд! — иронау æм сдзырдта, Бæтæхъо.

— Мæлæты размæ мæ уды тæригъæд кæмæн раргом кæнон, уый нæй... Ды дæ мæ сауджын дæр, мæ Хуыцау дæр... паддзах мын ме знаг кæй хуыдта, уый... ды пысылмон... æз чырыстон... æниу адæймаг адæймаг у... цы дин кæны, уый цы давы. Зæгъ де ’мбæстæгтæн, дæ хæстон æмбæлттæн... дæ хæстæджытæн: Кузьма фыдзæрдæ никæмæ хаста. Паддзах æй тыхæй ракодта, Кавказмæ йæ тыхæй рарвыста. Уый дæр сын зæгъ: Кузьма иунæг нæу... Кузьмайы хуызæн мæгуыр салдæттæй афтæ бирæ хъуыды кæны, фæлæ сæ бон ницы у... Тых паддзахы къухты ис... Хъусыс... зæронд...

Салдат ма йæ фæстаг тыхтæ æрбатымбыл кодта, хатыркурæджы каст ма скодта Бæтæхъомæ...

—... Сауджын нæй мæ уæлхъус?.. ныртæккæ ды дæ мæ сауджын, мæ Хуыцау... зæгъ, мæ иунæг тæригъæд мын кæй барыс... мæлын мын æнцондæр уыдзæн... ныббар мын мæ тæригъæд, мæ фыдыхай...

— Барст дын фод! — загъта Бæтæхъо.

Салдат æхцон улæфт скодта, мидбылхудт мæрдты хурау атылд йæ цæсгомыл, стæй йæ цæстытæ авгау асалдысты æмæ Бæтæхъойы цонгыл йæ сæр фæзæбул.

Суынгæг зæронд лæджы зæрдæ. Йæ цæстытæй дыууæ ставд цæстысыджы æртылд æмæ Кузьмайы мæрдон цæсгомыл æртагъдысты.

Иудзæвгар афтæ æндзыгæй фæбадт зæронд лæг, стæй бахæцыд салдаты цæстытыл æмæ йæ бæласы бын æрæвæрдта, йæхæдæг йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ кæд талынджы Кузьмайы цæсгом нал æвзæрста, уæддæр дзы йæ цæстæнгас нал иста.

«Хуыцау ныл, æвæццæгæн, рахæтыд, — хъуыды кодта Бæтæхъо, — æмæ æфсымæрæн æфсымæры хурхмæ йæ кард ныддарын кодта. О Стыр Хуыцау, цы дын ракодтам, нæхи хуызæн мæгуыр адæмы хъæбултимæ нæ туджы цæмæн сæвдулын кодтай? Цы уын кодтам, гормæттæ, нæ хæдзæртты нæ цæрын цæмæннæ уадзут... Æркæс-ма, Хуыцау, цас туг ныккалди абон Сауададжы, цас цæрынхъуаг удтæ аскъуыд, ирæй, уырысæй, цæцæнæй, мæхъхъæлæй... Æххормаг сырдтæ дæр афтæ нæ бакæндзысты... Æмæ мах та адæм куы стæм... Чи у аххосджын, Хуыцау, уый дæ фыдæхæй басудз! Паддзах, æлгъыстаг фæуай, нæма бафсæстæ тугæй, фосау нæ нæ кæрæдзийæн цæмæн æргæвдын кæныс, дæ мыггаг аскъуыйа! Цæрын нæ цæмæннæ ныууадзынц! Фæлæ, цалынмæ мæ цæст æрттива, мæ цонг кардыл хæцын фæраза, уæдмæ нæ мæгуыр къонаты артдзæсты рæхыстæй фæхынджылæг кæнын бар нæдæр паддзахæн ратдзынæн, нæдæр Лорисы-фыртæн!» — зæронд лæджы дæндæгты къæс-къæс ссыди, стæй сыстад æмæ мард салдаты сæрыхъуынтæ йæ дæрзæг армы тъæпæнæй æрлæгъзытæ кодта.

— Рухсаг у, бецау, ныххатыр нын кæнæд дæ ныййарджытæ... сæ фырт нæ лæппуты карды бын бабын... уыдоны аххос нæ уыди... сæхицæй дæр бирæтæ дæлæ комы дыдагъы мæрдон фынæй баисты...

Йæ цъухъхъайæ салдаты æрымбæрзта. Цыма йæ зæрдæйыл уæззау къæй ныффæлдæхт, уыйау йæ къæхтæ тыхист кæнгæйæ, фæстæмæ раздæхт. Æрбадт арты фарсмæ, Кузьмайы хабар ын бынтондæр ныппырх кодта йæ хъуыдытæ. Агуырдта ма сæ, фæлæ афтæ схæццæ сты æмæ сыл нал хæст кодта.

Хъуыдыты йæ къонамæ ныккæсы æмæ та Аухы хабæрттæ æрбалæууынц йæ зæрдыл.

Фæцæуы, æрцæуы æмæ та уырдæм æрыздæхы. Цал æмæ цал хатты знонæй нырмæ... Йæ цæсты раз цæрдудæй æрбалæууынц йе ’фсымæр Базыхъ æмæ йæ бинойнаг. Йе ’рбаздæхынмæ джауырты къухæй чи рафтыд, уыдон.

Малсæгты Тепса æмæ Дзæрæхохты Алхаст йæ дæлфæдтæм гуыбырæй бадынц, арты рухсмæ сæ тызмæг цæсгæмттыл æнахуыр æндæрджытæ ферттивынц.

Арты æвзæгтæ, æгомыг æрдз, саудалынг æхсæв, æртæ зæронд лæджы, бадынц æмæ сагъæс кæнынц. Хъазахъхъ дæр ныхъхъус сты, сæ уынæр нæ хъуысы.

— Цы ма сæ дарæм? Цы пайда нын сты?.. исты фæнд сын æрхъуыды кæнæм! — Уацары сæм цы хъазахъхъæгтæ бахауд, уыдонæй дзуры Малсæгты Тепса.

Дзургæ ницы скодтой уæдæй нырмæ, фæлæ сæ сагъæс уыдоныл уыд. Æниу ма дзурын цæмæн хъуыд, — æгомыгæй дæр æххæстысты кæрæдзийы зæрдæмæ се ’ртæ.

Дзæрæхохты Алхаст бахуыфыд, хъамайы æвзист къоппайæ арт базмæста, стæй йæ йæ цъухъхъайы фæдджийæ асæрфта.

— Пехуымпар Мæхæмæт загъта: де знаг куы фæцæйлидза, уæд æй баййаф æмæ йæ амар. Фынæйæ йæ куы баййафай, уæд ыл ма бацауæрд, йæ къубал ын ракæн.

Раздзог бадтис æмырæй, йе ’нцъылд уадултыл хъуынджын худы бындзгуыты æндæрджытæ ныззылын-мылынтæ сты.

Малсæгты Тепса егъау æхсидав артдзæсты ’рдæм бассыдта.

— Махæн нæ къухы куы сты, уæд ма сæм цы боны хорзмæ кæсæм?

Алхаст ма йын бафтыдта йæ ныхасмæ:

— Махмæ афтæ нæ фæкæсиккой ацы цъаммæрттæ...

Дзуапп сын нæ дæтты уæддæр Бæтæхъо. Йæ роцъо æхсаргарды фистонмæ ныббыцæу кодта, афтæмæй фæбадт, стæй артмæ ныдздзырдта:

— Тепса æмæ Алхастæй ферох сты, æвæццæгæн, Аухæй куы æрбаздæхтыстæм, уыцы хабæрттæ?..

Раздзоджы хъæлæсыуаг сын ацарыдта сæ зæрдæтæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: