II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 14 глава




— Хатт æрвон Хуыцауы фæндонæй зæххон Хуыцауы фæндон фæуæлдæр вæййы, Бæтæхъо!

— О Аллах, дæ азар ныккал ахæм зæххон хуыцауы сæрыл! — скуывта Малсæгты Тепса.

Нымæг арты алыварс тымбыл бадт æркодтой, ныхасы райдайынмæ æнхъæлмæ кастысты уазæгæй-фысымæй.

Æгомыг уынаффæйы сæрмæ нал уасыд æхсæвы цъиу, хур арвастæуæй каст йæ мин цæстæй.

Муссæйæн æрбацæуыны æнхъæл нæ уыд Раздзог, хъуынджын худы бындзгуыты бынты каст æнæхонгæ уазæгмæ æмæ йæхимидæг катай кодта.

Ай-гъайдæр ын уыдис æхсызгон йе ’рбацыд, фæлæ-иу иннæрдыгæй схæлбурцъ кодта ахæм хъуыды:

«Йе ’рбацыды аргъ та мæ фидын бахъæудзæн, Аухы фæстæ йæ Базыхъы тугæй куыд бафыстон, афтæ!»

— Уалдзæг æрцыд, зæхх аудæг къухмæ æнхъæлмæ кæсы, Муссæ, мах та ам хохы цъассы карды фистоныл узæлæм, — æрæджиау загъта Раздзог.

— Æз дæр уый сæраппонд æрбацыдтæн, цæмæй уæм мæ уайдзæф фæхæццæ кодтаин, — хъынцъымхуызæй дзуры уазæг.

— Уый сæраппонд æви Раздзоджы халас сæр ахæссыны сæраппонд? — тызмæгæй фæрсы Малсæгты Тепса.

Муссæ йæ рахиз æрфыг фесхъæл кодта.

«Фæныхстис дæ, мæ хæлар?» — зилахарау ныззылд Бæтæхъойы сæры.

— Уыцы сæр хицаумæ бахуын кæнынæн не ’нтысы, Тепса. Уый мæхи хъæуы, — æнæфæцудгæйæ дзуры уазæг.

Ныхасы бадджытæ сæхимидæг базмæлыдысты, стæй кæрæдзимæ бакастысты.

«Бацагайдтон уæ? — Муссæ фæйнæрдæм ахъахъхъæдта сусæгæй. — Мæ разæй Дзæуджыхъæумæ чи ныттæха, ахæм уæ ничи ис!» Йæ даргъ хъамайы фистоныл узæлы Дзæрæхохты Алхаст:

— Сабитæ ницыгæнæг сты, Муссæ. Халас сæртæ систой хæцæнгарз, артдзæст хъахъхъæнгæйæ, æмæ мæнæ дæ разы сты... Махæн цыфæнды кæн, æрмæст къонатæ ма ныппырх кæнæд, — зæхмæ дзуры уый.

— Сылгоймаг æмæ сабийыл куыдз дæр нæ рæйы! — карзæй дзуры дада.

— Æз дæр уый зæгъæг бæргæ дæн, — афтыдта йæм Уосмæн.

Тепса басхъаудта уæззау сагъæсты артдзæст:

— Стыр Аллах не ’вдисæн, Муссæ-Алхасы нæхионыл нымайæм. Æххуыс дæр нын бирæ хæттыты бакодта, фæлæ йæ куы зониккам, кæцы арт æм хуыздæр æндавы, уæд... — дарддæр ницыуал загъта.

Мæхъхъæлоны ныхæстæ йæ зæрдæйы кардау фæныхстысты Муссæйæн, фæлæ йæ сæр нымдгæнгæ æруагъта, афтæмæй дзуры:

— Муссæ йæхи дыууæ артмæ никуы тавта, Тепса, уый æнæхъуаджы загътай.

Алхаст бафиппайдта:

— Дæ дзыхы сæкæр, Муссæ-Алхас, фæлæ нæ артмæ чи тавы йæхи, уый гъеныр махау Хæйрæджыты комы ахст джауырты уæлхъус лæууы.

Раздзоджы цæстæнгас фатау фæкомкоммæ Муссæмæ: «Кæддæра уымæн та цы зæгъис?»

— Нæртон лæджы хъысмæт æрмæст Хæйрæджыты комы нæ лыг кæны, Алхаст, æмæ ма æндæр ран дæр хъæуы хъарагъул лæууын, — йæ сæр суанг нымæг арты онг æрхаста уазæг.

Афæхъо æмæ Уосмæн æхцон улæфт скодтой уыцы ныхæстæм.

«Цы агуры ныр та?» — бырæуау зылд уыцы хъуыды Бæтæхъойы сæры.

Муссæ сæ цæстæй абарста æмæ та Алхастмæ дзуры:

— Стæй Хæйрæджыты комы уырдыг кæй уæлхъус лæуут, уый æхсынкъæй хъауджыдæр нæу ацы стыр хъуыддаджы, æмæ æхсынкъæй та фиу не стухдзынæ, сахъ Алхаст...

Цæмæй зоны Алхаст, чи кæй уæлхъус лæууы...

«Гъæйдæ-гъа, Тæгиан-æлдар, дард æвналыс кæмдæр!»

Нал фæбыхста Раздзог æмæ комкоммæ афарста йæ уазæджы:

— Цы дын бафæдзæхста хицау, цæй аргъ, дам, у халассæр?

Йæ зæрдæйы фæндоны коммæ куы бакастаид, уæд ныртæккæ Бæтæхъойы хурх балхъывтаид æмæ йын йæ уд сластаид, фæлæ та йæ сæр ныллæг æркъул кодта.

— Ирон æмбисонд афтæ у, Бæтæхъо: кæсаг, дам, афтæ, дзуринаг мæм бирæ цыдæртæ ис, фæлæ мæ дзых донæй йедзаг у.

— Ам æцæгæлон ничи ис, Муссæ... Стæй Дзæуджыхъæумæ дæ разæй чи ныццæуа, ахæм дæр ничи ис...

— Кæцы артмæ тавыс дæхи, — загъта Малсæгты Тепса...

— Уый цæмæн зæгъыс, Тепса... Аллах загъта: цæстæй цы фенай, уый къухæй дæр басгар æмæ дæ гъеуæд бауырнæд. Зæрдæмæ армæй бавналæн нæй, Бæтæхъо!

Инæлары дарæс нæ уыд Муссæйыл. Бухайраг худ, хуымæтæджы фæсмын цухъхъа, зæнгæйттæ, хæдбын дзабыртæ. Æрмæст паддзахы лæвар сыгъзæрин æхсаргард æрттывдтытæ калдта.

— Ууыл нæу дзырд, Муссæ. Цæй аргъ у халассæр, зæгъгæ, фæрсы Раздзог! — тызмæгæй дзуры Тепса.

— Лорисы-фырт ын цæй аргъ скодта, уымæй фылдæры аргъ, — æрчъепп ласта Тæгиан.

Раздзог фестад:

— Уæдæ дын мæнæ æртæ халассæры, Муссæ, æмæ адæмы ныууадзут сæ мæгуыр къонатыл... Сабитæй ма исæд маст.

— Дырыл, æз дæр уый зæгъæг дæн!

— О Аллах, фехъуысæд дæм! — фестад Алхаст дæр.

Афæхъо æмæ Уосмæн джихæй кастысты, сæ уæлхъус уырдыг чи слæууыд, уыцы гуыппыртæм æмæ адæргæй се ’взæгтæ ныххаудтой.

Муссæ иудзæвгар æдзынæг факаст Раздзоджы цæсгоммæ, стæй йын загъта:

— Халассæртæ ахæссыны сæраппонд не ’рбацыдтæн, Бæтæхъо... Стæй мын фæдзæхсгæ дæр ничи ницы бакодта, мæхæдæг ныллæууыдтæн ацы къахвæндагыл.

— Æнахъом сабитæ æмæ сылгоймæгты атардтой Брутæй, Назранæй, Урус-Мартанæй... Уæдæ ма цы домыс?

— Бинонты ссæрибар кодтой æмæ аздæхтысты Брутмæ, Назранмæ, Урус-Мартанмæ, — цыма йæ фæзмгæ кодта, афтæ æрнымадта Муссæ.

— Куыд загътай? — фестъæлфыд Бæтæхъо.

Хъуынджын æрфгуыты бынты кастысты æртæ раздзоджы кæрæдзимæ. Цымыдисы æнкъарæн ныббадт Афæхъо æмæ Уосмæны цæстыты.

«Ау, уым ма сæ куы ныууагътам!» — хъуыды кодтой уыдон, фæлæ дзургæ ницы скодтой.

— Бинонтæ аздæхтысты сæ хæдзæрттæм, — сфæлхат кодта минæвар. — Æрмæст ма Мамсыраты Темырболат баззад Дзæуджыхъæуы... хъоргъы!

— Ау, уый та куыд? — афарста Бæтæхъо.

Йæ цонгыл ын фæхæцыд Муссæ, былгæронмæ йæ бакодта æмæ йын дæлæмæ амоны.

— Акæс-ма, Бæтæхъо. Армытъæпæныл æвæрдау нæ зынынц ардыгæй Сауададжы дæлфæдтæ?

— Куы нæ зындаиккой, уæд не ссыдаин ардæм!

Хъæдгæронæй фатау цы æфсæддон фæндаг ралиуырдта, ууыл цыдæр, калмау, фæцæйлæст æмæ йын уымæ амыдта минæвар.

— Раст ныхасы, дам, къæм нæй, Бæтæхъо, æмæ дын æз дæр комкоммæ дарын дæ цæстмæ: æргом мын æй нæ дзурыс, фæлæ йæ хатын, мæнг ныхасы аргъ мæ развæлгъау кæй домыс... Нæ мыл æууæндыс æмæ уымæн... Хæраймаг нæ дæ, дæттын дын æй развæлгъау! — Къухæй йын дæлæмæ ацамыдта. — Дæлæ йæ дæхи цæстæй фен... Дæ фæндаг гом у быдыры ’рдæм!..

Фæсыкк ис, стæй ма ноджы загъта:

— Ды мæ домыс развæлгъау æмæ дын æй дæттын... Лорисы-фырт дæр мыл нæ баууæндыд æмæ мæ æрдомдта. Дæуау, развæлгъау, мæнг ныхасы аргъ... Цы гæнæн мын уыд, ныууагътон ын мæ хæрæфырт Темырболаты. Цæй, гъеныр уæ дыууæйæн дæр уæ бон у хæрамæй мыл рацæуат æмæ мын мæ дыууæ фырты дæр æртæрын кæнат... Æртæрдзынæн сæ, нæ сыл бацауæрддзынæн, сомы дын кæнын, Бæтæхъо!..

Йæ цæсгомыл йæ арм æруагъта Раздзог, цыма йын ыл хæлуарæджы тын æртыхст.

— Æфсæйнаджы зæллангмæ мæ хъустæ бакъуырма сты, Муссæ, æмæ мæм ницыуал хъары... Бакъуырма дæн, ницыуал хъусын, ницыуал! — Комкоммæ бакаст йæ уазæгмæ. — Бинонтæ хæдзæрттæм аздæхтысты æмæ мæ фæндаг дæр байгом ис, зæгъыс?.. Уæдæ ма цы у де ’рбацыды сæр?.. Ницыуал æмбарын, Муссæ! — хъæрзæгау кæны уый.

— Уалдзæджы зæххы сæр кæй хъæуы, уыдон сæ хæдзæрттæм фæцæуæд, — ныллæг хъæлæсæй дзуры уазæг.

Сæ цæсгæмттæ æвиппайды æрбацасæстой фысымтæн.

— Базыхъы хуызæн гуырд мæ хæдзары нал ис. Ныр та кæй мард ныййафдзынæн мæ уæлтæрхæг? — тызмæгæй фæрсы Раздзог.

— Никæй! Аух фæстейæ аззад, ныр Сауадагыл цæуы дзырд, Бæтæхъо!

— Æмæ сæ цы хъауджыдæр ис?.. Дыууæ ран дæр туг ныккалд.

— Ницы, фæлæ!..

— Фæлæ дын де ’рбацыды сæр нæма æрцахстон. Дæхæдæг нæ загътай, раст ныхасы къæм нæй, зæгъгæ?

— Æрбацыдтæн, уымæн æмæ йæ зыдтон: дæхæдæг ныццыдаис Дзæуджыхъæумæ, бинонты æрцахст куы фехъуыстаис, уæд.

— Аудыс мыл. Хуыцау дыл саудæд!

— Лæджы райсом цы хъæуы, ууыл абон аудын байдайы, Бæтæхъо!

Дзæрæхохты Алхаст бафиппайдта:

— Комкоммæ ныхасыл бадзырдтам, Муссæ-Алхас.

— Ды уыцырдæм цыдтæ, Бæтæхъо, æз та — ацырдæм. Нæ балцы нысан иу уыд, йæ фæстиуæг та — æндæр æмæ æндæр!

— Уый та куыд?

— Ды нал раздæхтаис фæстæмæ, æз та сæрæгасæй аздæхдзынæн.

— Æмæ куы нæуал аздæхай, уæд та? — фескъуыдта йæ мæхъхъæлон.

— Аздæхдзынæн, Тепса, аздæхдзынæн! — хъæддых хъæлæсæй дзуры уый, — Ам мæ куы ныххолы кæнат, уæд мæ мард, æхсынкъæй цы фиу батухай, уымæй хъауджыдæр нæ уаид, фæлæ фæстæмæ куы аздæхон, уæд та райсом, чи зоны, нæ фиуы уæзæй цар æртаса... Цæмæн, уый зоныс, Тепса?

Бауырдыг æм ис æмæ мæхъхъæлонæн адæргæй йæ цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодтой.

— Ахæрынæй анхъæлмæ кæсын зындæр у, фæлæ иумæ хъуамæ быхсæм, иумæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм, æмæ уымæн.

Тепса фырдисæй йæ цæстытæ фæирд ласта.

«Фалдæр, ноджы фалдæр!»

— Кæддæр ма нæм уыдис ахæм ныхас, — ссыдис Муссæйыл раздзоджы гуым-гуым.

— Уæд кæрæдзимæ афтæ дæр хъæр кодтам: «Акал дæ гæрзтæ!» — фæурæдта йæ цыты минæвар.

— Æмæ ныр та?

Ныр та дын дзурын: «Бафснай уал дæ кард, Раздзог!»

— «Бафснай уал дæ кард!» — кæлмдзæфау фестъæлфыд Бæтæхъо, фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, кæд мæ мæ хъустæ сайынц, зæгъгæ. — Ахæм ныхас нæм никуыма уыд, Муссæ.

— Ныр нæм хъуамæ уа, Бæтæхъо, уымæн æмæ нæ кард æрдынау æртасыд æмæ йæ астæуыл асæттынмæ хъавы.

Сæ цæстытæ зынджытау ссыгъдысты Тепса æмæ Алхастæн. Бамыр сты Уосмæн æмæ Афæхъо.

— Кæдмæ уыдзæн не ’нхъæлмæ каст?

— Кæдмæ уыдзæн... — Комкоммæ дзуаппæй та йæхи фæиртæста. — Дис дыл кæнын, Бæтæхъо!

— Цы мыл дис кæныс, мæн Хуыцау хъаймæтæн сфæлдыста!..

— Уымæй нæ зæгъын, — иу уысммæ ферхæцыд, стæй дадайы уæрагыл узæлы, афтæмæй дзуры: — Кард ссын хорз зоныс, архайын та дзы — ноджы хуыздæр, фæлæ йæ кæрддзæмæй кæд фæцъортт ласай, уый алы хатт рæстмæ не сбарыс!

Фæхъыг ис дада æмæ йæ гуыр иуырдæм фæзылдта:

— Уымæй мын нырма «дæ цæст» сау ничи загъта.

«Кæнæ ныр, кæнæ та — никуы!»

— Хистæрæн зонд амонын аив нæу, фæлæ дын æз зæгъын, — йæ хъæлæс фæфидар ис. — Раст у, кæддæр дын дзырдтон, дæ гæрзтæ акал, зæгъгæ. Ныр та уын дзурын: бафснайут уал уæ кæрдтæ, кæд уæ фæнды, сæ кæрддзæмты сæ ма ныссонут, афтæмæй... Науæд та сын сæ кæрддзæмтæ бынтондæр ныддæрæн кæнут, афтæмæй...

Асалдысты уыцы ныхæстæм, кæрæдзимæ цымыдисы каст бакодтой.

— Æндонæй куы нæ архайай, уæд ыл згæ хæцы, уæлдайдæр та, æлвæст куы уа, уæд, — састхъæлæсæй ма загъта Дзæрæхохон.

— Кæдмæ ныддаргъ уыдзæн æнхъæлмæ каст?

— Цалынмæ кардæн йе сæлвасынæй йе ’рсæрфын хуыздæр уа, уалынмæ! — æрчъепп ласта уый.

Ноджы та кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой сæргълæуджытæ.

«Цы йæ хъæуы? Чердæм мæ ссоны цымæ?» — дзæбугау ын хостой йæ къæмисæнтæ уыцы хъуыдытæ.

Муссæ та ноджы фалдæр лæгæрста:

— Сауададжы анхъæлмæ кæсынæй ахæрын фæтагъддæр кодтай, Бæтæхъо! Уымæн зиан уыд йæ карды сæлвæст дæр æмæ йæ ныццавд дæр. Уымæн бадтысты хъоргъы сабитæ, уымæн ма бады ныр дæр Темырболат.

«Раст зæгъы! Раст зæгъы! Раст зæгъы!» — хъæрзы зæрдæ.

— Уалынмæ нæ къонатæ куы ныстъæлой бынтон, — сагъæс кæны Алхаст.

— Нырмæ фæрæзтам. Ноджы хъуамæ бафæразæм. Æнæхъуаджы дын нæ уайдзæф кодтон, Бæтæхъо. Кардæн йæ сæлвасын æнцон у, кæд æй хъуамæ сæлвасай, уый сбарын — зындæр... Комкоммæ дзуапп уæ хъæуы? Хорз, зæгъдзынæн уын æй: банхъæлмæ кæсæм, сбарæм æй æмæ фиу стухыны аккаг куы суа, уæд уæм бæрæг кæндзынæн мæхæдæг.

— Дæхæдæг? — Раздзог æмæ йе ’мбæлттæ бандзыг сты.

— О, мæхæдæг, кæнæ та, мæ дзыхæй чи дзура, уый... Ныр та хъазахъхъы ауадзут æмæ æхсынчъы кады уацары мауал дарут.

«Хингæнæг!» — ферттывта дадайы сæры.

«Гъæтт, гъеныр дæм Лорисы-фырт куы байхъусид искуыцæй!.. Уæд йæ рыг бæргæ скалид Скъуыдкъохæн нæ, фæлæ ма æгас Ирæн дæр», — фыртасæй йæ бæрцытæ нымайыныл фæцис Афæхъо.

«Уайых фæуай! Уайых фæуай!» — йæхимидæг фæлхат кодта Уосмæн, фæлæ уыцы уайдзæф кæмæ хаудта, уый бæрæг нæ уыд.

— Дыууæ артмæ йæхи чи тава, Тепса, уымæн æнæбасудзгæ нæй, — дзуры мæхъхъæлонмæ. — Æнæуый та... цæссыг иууылдæр цæхджын у, фæнды йæ паддзахы салдаты худы бын æмбæхс, фæнды нæхи хæххон уæлдзарм худы бындзгуыты фæсаууон!.. — Раздзоджы халас сæрыл æрхаста йæ цæст æмæ ма йæ ныхасмæ, хæрзныллæг хъæлæсæй бафтыдта: — Лорисы-фыртæн не ’нтысы дæ халас сæр, Бæтæхъо. Уый дын Куындыхаты Муссæ зæгъы.

— Стыр Аллах мын хъусынæн радта хъустæ, — дзуры Малсæгты Тепса. — Куыд фехъуыстон, афтæмæй Раздзоджы сæр нал хауы уæдæ хъастмæ.

— Нал хауы, Тепса, уымæн æмæ бинонтæ фæцыдысты Брутмæ, Назранмæ, Урус-Мартанмæ!.. — Уосмæнмæ та ныккомкоммæ кодта хингæнæджы цæстæнгас. — Темырболаты сæр мæ сæр у, Бæтæхъо, æмæ ма хъастмæ хауынц мæн æмæ уацайрæгты сæртæ. Æз мæ ныхас загътон, гъеныр мæ куыдфæнды дом!

Фæгæпп ласта æвиппайды, йæ бæхыл абадт æмæ ма фæстæмæ дзуры:

— Дæ фæндаг быдыры ’рдæм гом у, Бæтæхъо! Уадз æмæ уал кæрддзæмы зара кард!

Ехсы хъæдæй уацайрæгты ’рдæм ацамыдта Раздзог æмæ нарæг комы айхъуыст хъарагъулы цъæхснаг хъæлæс:

— Аллах хъустæ кæмæн радта, уый байхъусæд Раздзоджы сидтмæ!

Ехсыты къæрцц-къæрцц æмæ идонты къæбæлты дзыгъал-мыгъул сарæх сты. Хъарагъултæ карды лыджы хуызæн ацæуæн байгом кодтой æмæ уацайрæгты ауагътой:

«Хингæнæг!» — Муссæйы фæтæн чъылдыммæ кæсгæйæ ма иухатт ферттывта Бæтæхъойы сæры.

ДЫККАГ ХАЙ.
ТЕРЧЫБОНТÆ ÆМÆ ÆХСÆВТÆ

XIV. МÆ ХЪÆУ, МÆ РАЙГУЫРÆН КЪУЫМ

Муссæ нæ фæмæнг кодта йæ ныхас, æцæгдæр æрбаййæфта Раздзог Цомиан æмæ сабиты хæдзары. Темырболат æмæ Хæмæт никуыма зындысты, ууыл хъынцъым кодта ныр зæронд дада æмæ уымæн хъахъхъæдта Бруты фæндаг сусæгæй.

Паддзах-иу хæххон адæмимæ фидыды ныхасыл фидар кæй нæ лæууыд, уый зыдта Бæтæхъо æмæ йын кæд Муссæ ныфс бавæрдта, уæддæр фæйнæрдæм хъахъхъæдта. Куыддæр Темырболат æмæ Хæмæт фæзыной, афтæ Цæцæн, кæнæ та Мæхъхъæлы ’рдæм айсдзынæн мæхи, зæгъгæ, хъуыды кодта.

— Лæппутæ æрбацæуынц, — æрбадзырдта кæртæй Хъуыбады.

Сæ размæ рафæдис кодтой стырæй-чысылæй.

Æппæты разæй Раздзог цыдис даргъ къахдзæфтæй.

Есенаты Гуыцыр йæ цыргъ боцъотæ даугæ цыд Бæтæхъойы фæдыл. Уыдон фæдыл Гæба, Алæгаты Темырыхъо, йæ бинойнаг Хъодзиан...

Æна фырцинæй куыдта, Темырболаты чысыл хо Азизæ йæ мады фæдджийыл ныххæцыд, афтæмæй хъыллиппытæгæнгæ, цыд.

Хъодзиан йæ фырты цонг бастæй куы федта, уæд та йæ кæуын нал баурæдта.

— Удæгас ма кæй баззад, ууыл цин кæн, — уайдзæф ын кæны Хъуыбады.

Адæмыл йæ цæст ахаста Темырболат.

«Æгас цæут, Иры хæхтæ, хурæй йедзаг быдыртæ, æрра Терк... Æнайы хъарм къухтæ... Зарæйы сау-сауид цæстытæ!..»

Уосмæны цæстыты цины æнкъарæн æнхъæвзæн кодта, фæлæ дæрддзæф слæууыд æмæ æнхъæлмæ кастис.

— Йæ хуры хай аныгуыла, мæн дæуыл цин кæнын чи нæ бауагъта!..

— Уый æнæхъæн хосдзау лæг куы сдæ æмæ дæм куы нæуал æххæссын, цард дын фестон! — кæуынæмхæццæ хъæлæсæй дзырдта Æна.

Темырболаты феуæгъд кодта æмæ Хæмæтыл ныттыхст Æна. Йæ риумæ йæ нылхъывта æмæ йæ хæкъуырцц нал урæдта.

— Уый бæсты мын мæ мард куы федтаис, нывонд дын фестон, — йæ цæф цонгыл ын узæлыд.

— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, — Темырболатмæ кæсы, афтæмæй йæ мидбылты худгæ дзуры Хæмæт.

Темырболат цыртау лæууы æмæ кæсы йæ мадмæ, Хъодзианмæ, хъазахъхъ ын семæ кæй акодтой, уыцы уайсадæг чындзмæ.

— Æгайтма дзæбæх дæ, Цомиан, — гуым-гуым кæны йæхимидæг æмæ усы даргъ дзыккутыл узæлы уырзтæй.

— Дæ мад дæ хурæй бафсæдæд, — йæ хъусы йын сыбар-сыбур кæны уый.

Азизæйы йæ хъæбысмæ фелвæста, йæ риумæ йæ нылхъывта.

«Æгас цу, мæ райгуырæн къуым!»

Цæстытæ кæйдæр агурынц, фæлæ йæ нæ арынц.

Уыцы «кæйдæр» агуырдта цæстæнгасæй Хæмæт дæр æмæ йæ иуварс къæмдзæстыгæй лæугæ куы федта, уæд ахъуыды кодта:

«Гыкъы, бынтон афтид нæу дæ сæр!»

Темырболат дæр æй суыдта æмæ йæм йæ мидбылты бахудтис.

«Æгас цæут, сауцæхæр цæстытæ!»

Зарæ æмбæхсы йæ мидбылхудт, фæлæ йæ Темырболат уæддæр фиппайдта.

Чидæр ын йæ арм ацахста.

— Æгайтма æгас хæдзар ссардтай, лæппу, — йæ фыд æй цæстæнгасæй бары, цыма йæ знон арвыста Бетъырбухмæ æмæ, афтæ æвиппайды кæй астыр йæ фырт, ууыл гуырысхо кодта.

Зарæйы даргъ цæстыхаутæ зæхмæ æртасыдысты, афтæмæй лæууы йæ разы. Чызджы æрдынæрфгуытыл, сау дзыккутыл узæлы æмæ дзы айрох ис чысыл фæлмæн къух суадзын.

«Цæй рæсугъд сдæ, о, кæйдæр чызг!» — зары зæрдæ, фæлæ былтæ ныммыр сты æмæ фæдисон чызджы иу дзырды аккаг не скодтой.

— Гъеныр æгас цу, лæппу, — дзуры йæм Раздзог æмæ йын Сауададжы кæм ныцъцъыкк ласта, уым уырзæй узæлы.

Темырболат йæ сæр æркъул кодта.

«Кæм ис райдиан, кæм ис кæрон?.. Чи у лæбурæг, чи у абырæг?»

Кæцæйдæр Хъуыбадыйы фæндыры хъисы тъæлланг фæцыд, æмæ Темырболат фестъæлфыд.

Фæндырдзæгъдæг кæд зарыд, кæнæ кæд хъынцъым кодта, уый ничи зыдта. Фæндыр æмæ йæ хицау уыдысты зарæджы паддзæхтæ, хъынцъымы къухдариуæггæнджытæ. Кæм фæзындаиккой, уым адæм сæ разы сæ сæртæ къулæй дардтой æмæ йæ хатгæ дæр нæ кодтой: Хъуыбадыйæн табу кодтой, æви — нæртон лæджы зæрдæйы уидæгтæй арæзт фæндырæн.

Йæ райгуырæн бæстæй цы сахъгуырд фæхауд æмæ дард бæсты уæвгæйæ йæ хæхтыл чи сагъæс кодта, ууыл зарыдис ныр фæндыр. Зæрондæй, нæуæгæй, чызгæй, лæппуйæ, мадæй, хойæ ныхъхъус сты æмæ алæмæты мелодийæн фæндаг радтой.

Раздзогæй айрох сты Сауадаг дæр, Сауададжы фембæлгæйæ, саламы бæсты йæ сыхаджы кæй ныцъцъыкк ласта, уый дæр, сæрибар уæвгæйæ йын уæддæр йæ къæбутмæ топп æргъæвдæй кæй дардтой, уый дæр...

Æндæр хатт Темырболат йæхи нæ баурæдтаид, уайтагъд Хъуыбадыйы ныхъхъæбыс кодтаид, фæлæ йæ æнкъардта: фæндыр уый цытæн дзуры бынтон æнахуыр зæрдæйыл авдæны зарæгау чи ныдзæвы, ахæм æвзагыл.

Хингондау лæууыд йæ мидбынаты.

Фæндыр ныннымæггонд ис æмæ фæндырдзæгъдæджы хъæлæс йæ сæрты ахъазыд:

—...Куырдалæгон дын фæринк рацагъта. Сæнайы хох дзы расæрфтай, — йæ сæр ын Терчы дæлфæдтæм авæрдзынæ... Иу фæринк цы уыд, сахъгуырдтæ Терчы хуырæй арæхдæр уыдысты... Æмæ Куырдалæгон æхсæвæй-бонæй йæ хъæсдарæджы дзиллинг-дзиллингæй не ’нцад.

Сбирæ сты фæринчытæ. Иу фезмæлд — уæд лыстæг карст суыдзысты тыхгæнджытæ...

Лæг бахуыфыд æмæ фæндыры хъæлæс фæтыхджындæр.

— Гъæй, бындар фæуай, Хъуыбады!

— Хъазахъхъыл æй сцагътаис, æмæ тыхгæнæджы цыд нал æрбакодтаиккой!



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: