II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 15 глава




Уый сахъ лæджы фæлмæн хъæлæс у, æмæ йæ чи загъта, уый бæрæг нæу. Гъеныр хъæлæстæ иууылдæр фæлмæн сты. Хъуыбадыйы зарæг сæ сфæлмæн кодта сасмау.

—... Æнæсæттонтæн уæддæр нæ уыд фæринчы комæй басæттæн!.. Базыдтой йæ Хуыцауæй-лæгæй, æмæ бардуаг дыууæты æхсæн хуымæтæджы хъисфæндыр ныппæрста... Фæндыры хъис зæрдæйы нуар у. Фæринк кæм нæ фæкæрды, уым уый зæлланг акæрды! — Хъуыбады йæ риуыдзаг сулæфыд. — Фæндыры хъисты ахасты бахаудтой, Куырдалæгоны цагъд фæринкæй басæттын чи нæ куымдта, уыдон!..

Темырболатмæ æнгом бацыд Хъуыбады, йæ цæгъдын фæуагъта, йæ цæнгтæ дард фæхаста æмæ йæ цалынмæ ныхъхъæбыс кодтаид, уалынмæ ма бахъырныд:

— Дардыл æрзылдтæ æмæ фæстæмæ дæ къонамæ куы æрбаздæхтæ, уæд къæсæрæй дæ къах нæма бавæрдтай, афтæмæй дыл рæхыстæ сæвæрдтой... Зæгъ-ма, дæхæдæг та цы ссардтай æмæ цы æрхастай демæ: фæндыр æви Куырдалæгоны цагъд фæринк?..

— Фæринк бафтыд йæ къухы!.. Гъеныр ма йæ фæндыр куы уаид, Хъуыбады! — йæ мидбылты худы Хæмæт.

Раздзог æм фæхъызыд:

— Фæринк æмæ фæндыр иумæ?.. Нæ, уыдон кæрæдзийæн знæгтæ сты!

Темырболаты фæсонтыл узæлы Хъуыбады æмæ зары:

— Фæринк кæм ныссаст, уым фæндыр айгæрста фæндаг! Гъæй, бындар фæуай зæронд Хъуыбады!

***

Лæууыдис Темырболат, зæрæхсиды зæрдæйы цавдмæ хъуыста. Хингондау кастис, ныридæгæн рæдзæ-мæдзæ чи кодта, уыцы хæхты æнæаскъуыйгæ халмæ.

Рог уддзæф дымдта. Йæ хъустыл-иу аныдзæвд Бруты куыйты рæйын, сæпдугъæй уайгæ бæхы къæхты хъæр.

Ацæуид, искуы цъæх нæууыл схуыссид æмæ сыгъдæг арвыл æрттиваг стъалытæ нымаид.

Сыгъдæг арв?.. Кæм ис сыгъдæг арв?.. Топпыхосы фæздæг мигъау куы ныббадт.

Фестъæлфыд, фæйнæрдæм арæкæс-бакæс кодта, фæлæ йæ цæст никæуыл схæцыд.

Йæ фыд Уосмæн кусарт акодта, æгас Бруты куывдмæ æрхуыдта.

— Скъуыдкъохмæ Муссæмæ куы барвыстаис, — чъызгæ дзырдта Æна Уосмæнæн.

Уый йыл йе ’рмттæ сцагъта:

— Едау та дын зæгъон! Иу бонцау — уыцырдæм, иу та — ацырдæм, æмæ дын уæдмæ æнхъæлмæ кæсдзæн Раздзог! Стæй нырма Муссæйы аккаг цы ацарæзтам?

Ницыуал загъта Æна.

Рафт-бафт кодтой дыууæрдæм, цырæгътæ дардмæ æхсæвы хъæндилтау æрттывтой.

Цъæх хæфсы уасын æрбаскъæфта дымгæ, цæхæрадонæй цъырцъыраджы иугъæдон зарын æрбайхъуыст.

Уый æрдзы зарæг у.

Бæрзонд арвыл стъалытæ тыбар-тыбур кæнынц.

Уый дæр æрдз у.

Йæ зæрдæ рог хъыдзы кæны, раст цъæх хæфсы иугъæдон зардау.

Уый дæр æрдз у.

Дард кæцæйдæр доны хæл-хæл хъуысы, æвæццæгæн, Терк уынæргъы фынæйæ.

Уый та æрдз йæ фæллад уадзы.

Æрдз Темырболат фестад æмæ Темырболат та Æрдз. Кæрæдзийыл батадысты, сæкæрау.

Ацы зæрæхсиды сабырдзинад æмæ Раздзоджы хæстон сидт?.. Цæй диссаг у æрдз! Куыд дард лæууынц кæрæдзимæ зæронд Раздзог æмæ Æлдадты Бæтæхъо. Цыма иу лæджы уæнгты дыууæ уды бацард.

Терчы абухын хъуыст дард кæцæйдæр. Афтæ хъуыст Раздзоджы абухын дæр зæрдæйы.

Фæндыр æви фæринк?

Æнæхъуаджы йын не ’рхаста Хъуыбады уыцы дыууæ дзырды иумæ. Бетъырбух, стæй та Чугуевы уланты полк. Цы агуырдта æмæ цы ссардта?

«А-а-а-быр-джы-тæ-æ-æ!» — йæ хъусты нæры Сауададжы сидт.

Ау, уый агуырдта ныр уал азы? Чысылæй йæ уæрагыл кæмæн бадтис, уымæн йæ цæсгоммæ ма ныккæс, афтæмæй абырæджы æфсон йемæ кардæй цъыччытæ сис.

Йæ армытъæпæнтæ йæ хъустыл сныхæста æмæ æррайау ныййарц, кæд мæ уыцы сидт нал раййафид, зæгъгæ.

Кæдæм лидзыс? Дæ хъустæ куыдфæнды нымбæрз, уæддæр дын дæ зæрдæ цæрæнбонты дзæбугау хойдзæн уыцы мæнг сидт.

Дзыхълæуд фæкодта æмæ уæлæмæ скаст. Цæхæр апырхчындæуыд сыгъдæг арвыл. Бруты куыйты рæйын хъæуы иу кæронæй иннæ кæронмæ схъиудта.

— Мамсыратæ уæ куывдмæ хонынц! — уый хонæджы сидт у.

Куывд æмæ хъынцъым. Куывд æмæ хæст. Куывд æмæ Сауадаг. Куывд æмæ Раздзоджы хæстон сидт. Куывд æмæ цæхæры мидæг сыгъд туджы тæф.

Уæлгоммæ æрхуыссыд цъæх нæууыл æмæ сыгъдæг арвмæ нымдзаст.

Уадз! Афтæмæй æнцондæр у стъалытæ нымайын... Æгайтма йæм ничи кæсы.

Хуыссы уæлгоммæ, стъалытæ нымайы. Ехсы къæрцц æмæ бæхы пыррыкк æм æрбаскъæфы хатт уддзæф.

...Стæй та фынг, даргъ фынг.

Бæтæхъо фынджы сæр бадтис æмæ стыр сыкъайæ скъæрдта гаджидаутæ. Сауададжы кæрæдзийы кардæй кæй цъыччытæ кодтой, уый Раздзог æмæ корнеты æхсæн ныгæдæй баззад. Хæмæт дæр ныммыр кодта йæхи.

Ныддаргъ ис æхсæв, алидзæн ын нæ уыд.

...Ныр хур йæ был сдардта. Табу Хуыцауæн. Кæмдæр ын зæронд зæнгæйттæ уыд, — уыдон рацагуырдта, хæдбын дзабырты атъыста йæ къæхтæ.

Æрфæныл æнæсаргъæй абадт æмæ йæ скъæры.

Кæдæм?

Цы хъауджыдæр у...

Барæгæн уæлдай нæу, уадз æмæ Æрфæн йæхæдæг арæд фæндаг.

— Уæ, Болат! Саргъ сæвæрдтаис байрагыл! — хъуысы йæм йæ мады сидт.

Уосмæнæй куы нæ аргъуц кæнид, уæд йæ хæлафы фадгуытæ йæ уæрджыты сæртæм стулид.

Æрфæнæн уæлдай нæу, йæ гæмæл хъусты æхсæнты дымгæ æхситт кæны æмæ Темырболаты цæсгомыл ныдзæвы.

Хъæуы суадоны ’рдæм систа бæх йæ фæндаг.

Уадз! Æртæйæ иу бæхыл куы бадтысты, уæд дæр-иу ауылты цыдысты.

— Æрфæн! Æрфæн!

Бæх дзыхълæуд фæкодта.

Фæджихау ис: идон ыл куы нæ уыд æмæ йын йæ рохтыл куы ничи æрбахæцыд, уæд дзыхълæуд цæмæн фæкодта?

— Æрфæн! Æрфæн! — æрбайхъуыст æм ныр бæлвырдæй æмæ йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта.

Бæх йæ чысыл хъустæ фæгæмæл кодта æмæ йæ мыр-мыр ссыд.

О Зарæ, æгас цæуай!

Хур бахудтис. Йæ тынтæ чызджы цæсгомæй лæппуйы зæрдæмæ схъиудтой.

— Æгас цу!..

Æрфæн йæ замс былтæй сау-сауид дзыккутыл узæлыд.

«Уый дæр Бруты æрдз у!»

Æрфæнау йæхæдæг дæр куы баузæлид уыцы сау сæры хъуынтыл, уый йæ фæнды, фæлæ нæ уæнды.

Æрдæгфынæй уыд, афтæмæй йæм хъуыст дысон Æнайы сыбар-сыбур:

«Уæд та минæвæрттæ куы барвитиккам уыцы адæммæ. Кæннод афтæ куы зæгъой, ома!..»

Æрæджиау æм йæ фыды схуыст ныхас æрбайхъуыст:

«Бæстыл арт ирвæзы, ды та чындз хæссыны фæндтæ нывæндыс!»

Стæй та Æнайы рæвдауæн ныхас:

«Цин æмæ, дам, хъынцъым æфсымæртæ сты! Адæймаг уæддæр адæймаг у æмæ йын фадат куы фæвæййы, уæд хъынцъыммæ йæ чъылдым фездахы барæй дæр!..»

Цин æмæ хъынцъым!

Зарæйы уæхскыл дурын уыд. Дурынæй чызджы цæсгомы æхсæн арвырон снывæста хур йæ тынтæй.

Темырболаты фыццаг дзырд уый уыд:

— Цымæ кæм баныгæдтой нæ зæронд бæхы?.. Æртæ лæджы хæссын йæ сæрмæ чи хаста, уый!..

Бæхы дæллагхъуырыл узæлы чызг.

— Æнхъæл дæн, суадоны дæллаг фарс!.. Æрфæн дын ма бауадза йæхиуыл æртæ лæджы бадын!

Йæ хъæлæс уыд цахæмдæр, хъынцъымгомау, хъæдабæйау фæлмæн.

Дысон ын йæ хъусы сусæгæй дзырдта Раздзог: «Брутæй суанг Сауадагмæ фескъæрдта æнæсаргъ бæх. Кæцæй разынд чызгмæ уыйас ныфс?..»

Æцæгдæр, кæцæй разынд уыцы фæлмæн хъæлæсы хицаумæ уыйас ныфс?

— Нæма бахъуыд Æрфæны уый сæр, æндæра... — ферхæцыд.

Фырцинæй гæлæбуйы базыртау чи тыбар-тыбур кæны, уыцы цæстыхаутæм уæлейæ дæлæмæ кæсы.

Нæ, нал уыд йæ разы, кæддæр-иу бæхы рагъыл йæ хъæбысы, уæрццау цы чысыл чызг нынныгъуылд, уый.

Ныр йæ разы лæууыд хурæмдзу фæдисон, æмæ йыл уый бæсты узæлыд Æрфæн.

— Болат!.. Болат!.. — фæлхат кæны Зарæ æмæ Æрфæны сыгъзæрингъуыз риуыл узæлы.

— Те-мыр-бо-ла-а-а-т!.. О-о-о, Темыр-бо-ла-а-а-т!..

Уый Хæмæт сидтис.

О, уый цух ма уыдысты.

Мæстæгыл æнæсаргъæй бадтис Хæмæт, йæ цæсгом — хъуынтъыз.

— Скъуыдкъохæй фидиуæг æрбацыд!.. Муссæ дæм æрбарвыста!.. — скъуыддзæгтæй хъуысы Темырболатмæ йæ хæлары сидт. — Цымæ йæ цы бахъуыд?..

— Цымæ йæ цы бахъуыд? — Бæхы мукъутæм дзуры Зарæ.

Ныртæккæ йын хъыг уыд Хæмæты фæзынд дæр, йæ мадыфсымæр Муссæйы кой дæр.

Нæ, цыфæнды фæуæд, уæддæр Бетъырбухы афтæ æхцон улæфт нæ кодта æрдз. Уым афтæ нæ худтис хур, уæлдайдæр та Чугуевы, къазармайы къултæ йæм æдзух тарæрфыгæй кæм кастысты, уым.

XV. ЗИКР

Молло Хъази йæ хæрæг мæзджыты кæрты каумихыл æрбаста, йæ къухтæ йæ кæрцыл æруагъта, цыма йын сойæдзаг уыдысты æмæ сæ сæрфгæ кодта. Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта хуыснæгау, фæлæ цъиуызмæлæг нал уыд кæрты æмæ йæхимидæг басыбар-сыбур кодта:

«Байрæджы кодтон!»

Бафæллад Хъази дыууæ Хуыцауæн табу кæнынæй, йæ уд рагъæнмæ схæццæ ис. Уыцы хуыцæуттæй сæ иу уæларвон у, иннæ та зæххон — чысыл. Кæцы сæ карздæр у? — Хуыцæутты Хуыцау — йæ дæсны! Зæххон чысыл хуыцау хуымæтæджы лæг у. Тæгиан, фæлæ дзы къаддæр нæ аргъуц кæны. Уæларвон Стыр Хуыцауы къухы ис йæ уд, зæххон чысыл хуыцауы къухы та ис йæ уд дæр æмæ йæ цард дæр. Иуырдыгæй — зындоны æхсидгæ, иннæрдыгæй та — цыргъаджы комæй мæлæт. Зоны йæ Хъази: чысыл хуыцау, Муссæйы зæрдæ йæм истæмæй куы фехсайа, уæд дзы цыргъаджы ком нæ раздахдзæн.

Уд адджын у, Стыр Хуыцауæн цыт кæныны сæраппонд ма цæрын фæнды Хъазийы. Мæнæ та ныр дæр чысыл хуыцауы фæдзæхстæй иунæг Аллахы дæлбазырмæ æрбацыд.

Фæсмархо, дам, цæцæны зикристтæ цыты зикр кæндзысты — дзырдта йын Муссæ. Уыййеддæмæ ма, дам, цахæмдæр стыр уазæгмæ æнхъæлмæ кæсдзысты. Ацу, бакæс, байхъус, ай даргъ урудж-мархойы фæстæ Хуыцауы цытæн зикр скæнын дæ удæн æхцон уыдзæн, зæгъгæ.

Чи уыдысты зикргæнджытæ, кæнæ цы уыд зикр? Зикр рагæй уыд Кавказы, фæлæ йын мюридизмы цæст æрттивгæйæ дины иумæйаг сектæ суа, уый нæ бантыст. Уый фæстæ мюридизм ныффæйлыдтой тыхæйисджытæ, æмæ Кавказы фæзындысты зикризмы фыццаг ахуыргæнджытæ: Исмаил — Эффенди — Ширванский, Хадзы — Кюринский, Кунта-Хадзы, æмæ æрæджиау «зикр» йæ базыртæ айтыгъта.

«Зикр» кæй сзыгъуыммæ кодтой, уыцы араббаг дзырд «зикирь» у æмæ нысан кæны «стауын», Хуыцауæй æппæлын. Хуымæтæджы ламазæй не ’фсæстысты стыр Аллахы иузæрдыг цагъарты коммæгæс удтæ æмæ-иу фæсламаз суанг фæуадзыджы онг фæлхат кодтой хъуыраны уыцы иу ныхæстæ: «Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах! — нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!»

Уыцы иугъæдон хъæлæсæй-иу зарыдысты пысылмонтæ, цалынмæ-иу сæ хъару бынтон нæ асаст æмæ-иу сæ равзаргæтæм не ’рцыд «джазмæ» æмæ-иу хуыцауы фæдзæхстæй нæ фæуадзыг сты, уæдмæ.

Зикиргæнæг уыцы ныхæстæ стаугæйæ куы фæуадзыг уыдаид, уæд æй æппæтфæразон Аллах хуымæтæджы зæххон лæджы хъауджыдæр йæ хæтæнтæм кæй бауагътаид, ууыл гуырысхо нæ кодта.

Уадзыгæй иунæг Хуыцауимæ сиу уыдаид, æмæ йæ, хæтæнты уæвгæйæ, зæххон лæджы цæст кæмæ не ’ххæссы, уыцы сусæгдзинæдты æвдисæн суыдаид. Уый уырныдта рæстуырнæг пысылмонты æмæ-иу нал уыд кæрон «ля илляге иль алла»-йæн.

Фæстагмæ афтæ скадджын ис хъуыраны сурæйы уыцы иу рæнхъ æмæ пысылмонты тырыса ссис.

«Ля илляге иль алла!»— хъæр кодтой, сæхи-иу ахсджиаг хæст газаватмæ куы æппæрстой, уæд.

«Ля илляге иль алла!» — тохы сидт фестад æмæ æгас Цæгат Кавказы, пуртиау ратул-батул кодта.

Хъаймæты бон æрцæудзæн æмæ цъаммар джауыртæ скуынæг уыдзысты. Уæдмæ та рæстуырнæг пысылмонæн йæ иу къухы хъуамæ уа хъуыран, иннæйы та æхсаргард, афтæмæй йæ уд фервæзыны сæраппонд хъæр кæна:

«Ля илляге иль алла!»

Бирæ фæфыстой зикризмы тыххæй пысылмон дины ахуыргæндтæ, — æрнымайæн дæр сын нæй. Сæ кад афтæ ахъæр ис, æмæ фæстагмæ адæмы æхсæн баззад таурæгъ: уыдон сæ чингуытæ фыстой талынджы, — рухс сæ нæ хъуыд, — уымæн æмæ зикризмы ахуырады чиныг «Тарикат» цы æнгуылдзтæй фыстой, уыдон сæхæдæг цырæгътау рухс кодтой.

Шариатæн уæддæр цардимæ цахæмдæр иудзинад ис, зæгъгæ, дзырдтой зикристтæ æмæ, зæххон царды æмвæз йæхи чи нæ æруадздзæн, ахæм дины закъон «Тарикат», æрбайстой.

Тых дæм ничи хæссы, ма ныххæц «Тарикатыл», фæлæ йæ зон, рæстуырнæг пысылмон: Шариатыл чи хæцы, уымæй «Тарикаты» фæдон иунæг Аллахы цæсты кадджындæр кæй у.

Зарыдысты «ля илляге иль алла» Цæгат æмæ Фæскавказы пысылмонтæ, здыхтой «зикр», чи йæ куыд арæхст æмæ кæмæн куыд пайдадæр уыд, афтæ.

Сих Хадзы Абди Эффендийæн йæ цæрæнуат Нухы уезды Карадзалы хъæуы уыд, фæлæ кæмыты хæтыд, уымæн йæ дæсны æрмæст иунæг Аллах уыд.

Æнахуыр диссæгтæ дзырдтой Сихæй.

Райдианы, дам, стыр фæндæгтыл бæлцæтты стыгъта æмæ, дам, давыныл дæр нæ ауæрста. Стæй рацæй-рабон æмæ, дам, æвиппайды фæтары ис, цыма зæххы скъуыды ныххауд. Æртæ азы дæргъы, дам, Турчы фæцахуыр кодта. Меккæмæ дæр, дам, фæцыд фистæгæй, пехуымпар Мæхæмæты ингæны раз сæр æркъул кæныны сæраппонд. Стæй, куыд фæтары ис, афтæ æнæнхъæлæджы фæзынд. Æрмæст ныр йæ сæрыл урс цыллæ сарыхъ æрттывта æмæ Абди къæрныхы бæсты Хадзы Абди ссис.

Кæд ын Хадзийы ном æмæ «Тарикат» уыцы бар нæ лæвæрдтой, уæддæр уæгъдибар цард кодта. Абырæджы миниуджытæ йе уæнгты нæма банымæг сты æмæ, йæ фæдыл цалдæр хотыхджын мюриды, афтæмæй дыууæрдæм рассæнд-бассæнд кодта Цæгат Кавказы фæндæгтæ. Æгас уезды йын уыдис æппæты хуыздæр бæхдон æмæ гарем. Æгæрыстæмæй уый дæр дзырдтой, пысылмон сылгоймæгтæй йæ зæрдæмæ чи фæцæуы, уый акæны æмæ йæ цы фæнды, ахæм митæ йын фæкæны, зæгъгæ. Стæй сылгоймæгтæ сæхæдæг дæр йемæ цæрын стыр кадыл нымайынц æмæ сæ йæхиуыл фæстæмæ ничи хæцы, зæгъгæ.

Йæ бархъомыс уыдис æгæрон, æрмæст йæ фæсдзæуинтыл нæ, фæлæ æгас пысылмон адæмыл. Йæ мюридтæй искæмæн куы загътаид, стыр Аллахы цытæн дæхи мæсыджы цъуппæй раппар, зæгъгæ, — фæстæмæ нæ фæлæууыдаид. Искæмæ сын зынаргъ къухдарæнтæй фæлыст æнгуылдзæй куы ацамыдтаид, кусæрттаджы æргæвст æй ныккæнут, зæгъгæ, — дыууæ нæ загътаиккой.

Кæддæр абырæджы фæндæгтыл кæй хæтыд, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд Хъазийæн.

Дуарыл бахæцыд цадæггай Хъази мыстулæгау йæ цæстытæ дыууæрдæм арадав-бадав кодта. Куыддæр дуар байгом, афтæ кувджыты хъæр пуртиау расхъиудта æддæмæ.

«Байрæджы кодтон!»

Кæронæй ламаздыхъхъ айтыгъта, йæ уæлæ æрзоныгуыл кодта, йæ къухтæ Хуыцаумæ сдардта.

Урссарыхъджын, къаннæггомау лæг бадтис разæй. Йæ цæнгтæ хæрдмæ сдардта, афтæмæй æнудгонд хъæлæсæй дзырдта:

— Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах!.. Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах!..

Сæ зонгуытыл лæугæйæ, кæрæдзийы цæнгтыл ныххæцыдысты, афтæмæй йæ алыварс æрхъула сты иннæ Хуыцауы минæвæрттæ. Дыууæрдæм ратас-батас кодтой æмæ Хуыцаумæ дзырдтой.

— Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах!

Хъазийæн йæ иу каст, астæуæй зæххы бикъау чи бадт, уымæ уыд, иннæ та — Хуыцаумæ.

— Ля илляге иль алла — нæй хуыцау Хуыцауы йеддæмæ! — рæмыгъта цар.

Сæ цæстытæ ныдздзагъыр ластой, афтæмæй зарыдысты Стыр Аллахы иузæрдиаг цагъартæ. Йæ хъæлæс хицæн кодта, астæуæй чи бадт, уымæн.

Цадæггай йæ базыртыл исын райдыдта дины барызмæлд Хъазийы дæр, фæлæ йæ цæст нæ иста, астæуæй цы къуызыппа бадтис, уымæй, йæ алфамбылай денджызы уылæнтау дыууæрдæм чи цоппай кодта, уыдонæй.

«Æвæццæгæн мын уымæй дзырдта мæ чысыл хуыцау!» — хъуыды кæны молло æмæ йæ хъæлæс суагъта уæлиау:

— Ля илляге иль алла!..

«...Йæ цæстытæ афтæ ныдздзагъыр кодта, æмæ йæ базонын зын у!»

— Нæй Хуыцау чысыл зæххон Хуыцауы йеддæмæ! — срæдыд иронау Хъази æмæ йæ тæнæг былтæ йæ армытъæпæнтæй фелхъывта.

Астæуккагæн ма йæ цæстытæ æртхутæджы нуæрст зынджытау æрттывтой. Йæ алфамбылай чи уыд, уыдон æрраты хуызæн систы. Кувæндоны цар Хуыцаумæ рæмыгъта:

— Эй, алла! Эй, алла! Эй, алла!

Нал уыд кæрон уыцы иугъæдон «ля илляге иль алла»-йæн. Хъæлæстæ ныффæсус сты, цæстытæ банымæг сты, сæртæ сдзæгъæл сты, фæлæ уæддæр æрдынцар рæмыгъта уыцы сæнтдзæфгомау хъæр:

— Эй, алла!.. Эй, алла!.. Эй, алла!..

Хъазийæн дæр схъулæттæ сты йæ цæстытæ æмæ ма гæзæмæ æвзары, астæуæй йæхи дыууæрдæм чи узы, уый йæ алфамбылай хъандзалау хæрдмæ чи фесхъиуы, уыдоны.

Цыма йæ ауындзгæ æрчындæуыд, уыйау асхъæл æвиппайды молло:

«О Хуыцау, ничи дын базондзæн дæ сусæгдзинæдтæ! Астæуккаджы базыдта æрæджиау. Уый сих Хадзы Абди Эффенди куы у!.. О Хуыцау!.. Æвæццæгæн, пехуымпар Мæхæмæты æфсургъыл ратæх-батæх кæны, æндæра знон йæ кой дæр куы нæ уыд ам!»

Скæлæддзаг ис къуызыппа, йæхи куы фæкъул кодта, уæд æй цыллæ сарыхъы уæз ахаста æмæ дзæнхъайыл адæргъ ис.

— Эй, алла! Эй, алла! Эй, алла! — фæтыхджындæр кодтой сæ сидт Хуыцауы минæвæрттæ.

Ничи йæм февнæлдта, «Эй, алла» хъæргæнгæ йæ алыварс дæлгоммæ ныххаудтой Аллахы цагъартæ.

Хъази, йæ ламаздыхъхъ йæ фæдыл ласгæ, размæ бабырыд æмæ абухæг рæнхъы ныххаудта дæлгоммæ.

Хуыссы уадзыгæй Хадзы Абди Эффенди æмæ йæм ничи æвналы. Уый ныр Хуыцау йæхимæ айста, ацы уысм стыр Аллахы хæтæнты хæты, æмæ йæм февналæн нæй.

«Æцæг фæуадзыг ис? Æцæг æм сарæзта æппæтуынæг йæ цæстæнгас?» — хъуыды кæны Хъази æмæ йæ сæр астæрдыл хойы.

Сихы цæсгом мæрдвæлурс ныццис, сыфтæрау тæнæг былтæ фæйнæрдæм алыгъдысты, згæхæрд дæндæгтæ зынынц, цæстытæ къусджыты мидæг ноджы арфдæр бахаудтой.

«Мæлдзæн ацы куыдз!»

Хадзы йæ мидбынаты базмæлыд цадæггай:

«Гъæй, рувас!.. Цымæ уæ кæцы хæйрæгдæр у, дæу æмæ чысыл хуыцауæй?»

— Эй, алла! Эй, алла! Эй, алла!

Æвиппайдæй Хъази фæгæпп ласта æмæ йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта:

— Джазма! Джазма! Хадзы иунæг Аллахы хæтæнтæм бахæццæ ис!

Йæ дæлфæдтæм бабырд æмæ уадзыг лæджы къах йæ сæрыл сæвæрдта:

— Ля илляге иль алла!.. Эй, алла! Эй, алла! Эй, алла!

Æрхъулагонд нарæгæй-нарæгдæр кæны, Хуыцауы минæвæрттæ Хадзымæ æввахсдæр лæсынц, фæлæ «иунæг Аллах йæ арм кæуыл æрæвæрдта», уымæ ничи æвналы. Стыр Хуыцау йæ равзаргæ минæваримæ нырма уынаффæ кæны æмæ йæм февналæн нæй!.. Стæй æппæт сфæлдисæг йæ ног хæдивæг — имамæн бафæдзæхсдзæн, дæлæуыл рæстуырнджытæ сæ хæцæнгæрзтæ чердæм хъуамæ фездахой, уый æмæ... йæхæдæг ратдзæн.

Сихы къæхты бынтæ сдæрдтой, хъару сæм нал уыд, уæддæр хъæрахстгæнгæ, хъандзалтау схъиудтой.

Хадзыйы цæстыхаутæ базмæлыдысты æмæ «Эй, алла» фæсыкк ис.

Йе уæнгтæ аивæзта, фæйнæрдæм афæлгæсыд.

Цыма тарф фынæйæ райхъал ис, уыйау йæ ком ивазы Эффенди.

— О Аллах, стыр у дæ тых, — ныллæг хъæлæсæй дзуры уый. — О Аллах, стыр у дæ тых! — ныггуылф ласта æгас кувæндон. Тъæпæн бадт акодта, цармæ скаст æмæ афтæмæй андзыг и.

— Сус!.. Аллах ын цы сныв кодта, уыдон йæ цæстытыл уайынц, — ныссыф-сыф ласта чидæр.

Хадзыйы цæстытæм фæкомкоммæ ис Хъази, цыма йыл уазал дон бакалдæуыд, афтæ фæцис.

«Къæрныхы цæстытæ!» — ферттывта йæ сæры æбуалгъы хъуыды.

— Æрхæсс а зæхмæ иунæг Аллахы фæндон, о Хадзы Эффенди! — лæгъстæгæнæджы хъæлæсæй дзуры Хъази.

Цадæггай растад сæйраг минæвар.

— О Аллах, æз, дæ къæхты рыг уæвгæйæ, де ’ппæтуынæг цæстæнгасы аккаг кæй сдæн, уымæй амондджын дæн.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: