II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 12 глава




Æрæджы дæр ма йæ фыстæджы фыста ныййарæг мад йæ хъæбулмæ:

«Ваня, мæ зынаргъ, искуы ма дæ фенон, уый ныфс мæ нал ис. Æрцу тагъддæр, мæ ахсджиаг, рафтыди удхæртты дæ зæронд гыцци. Мæгуырдзинад ын йе стонг æнгуылдзтæй йæ хурхыл бахæцыд. Иууыл раууатмæ та мæ помещик Тимофей Петрович æртардта. Аласта нын нæ дарæг хъуджы. Аннæмæй, паддзахы хæрдзтæ. Цæмæй сæ бафидон, куы ницыуал зонын... Тæрсын, æххормагæй куы амæлон, æмæ мын мæ цæстытыл æрхæцæг дæр куы нæ уа, уымæй. Ох, тæхуды, кæд фæуыдзæн дæ службæйы рæстæг! Æрвылбон кувын Хуыцаумæ, фæлæ дæ фæндаджы кæрон никуыцæй зыны».

Æвирхъау уавæры ис, йæ ныййарæг. Куыд уыдзæн, цы уыдзæни, куы фехъуса йæ дарæг, йæ ныфсы таг бабын Кавказы иу дзæгъæл комы. Зæрдæскъуыд фæуыдзæн...

«Æмæ цæмæн? — хъуыды кæны Орлов. — Цал азы хæцын хохæгты ныхмæ. Фыццаг Дагъыстаны, ныр та ам Ирыстоны? Æмæ мæ чи æртардта ардæм, цæмæн мæлын æвæгæсæгæй? Чи мын радта лæг марынæн мæ къухмæ хæцæнгарз?

Паддзах!..

Æмæ цы хорздзинад зонын нæ паддзахæй?

Мур дæр ницы...

Уæдæ цæмæн æрцыдтæн, цы агурын ацы дзæгъæл комы? Загътой мын: «Туземæгтæ паддзахы хъыгдарынц, паддзах та нæ фыд у æмæ йæ бахизын хъæуы». Æмæ кæд паддзах нæ фыд у, уæд алкæмæ иухуызон цæстæй цæмæннæ кæсы? Цæмæннæ баххуыс кæны мæ мæгуыр тыхст мадæн йæ уынгæджыбон?

Нæ, паддзах, рагæй дæр хъазарады фарс у, музуккаджы мæт никуы æркодта.

Цæуы хæст Кавказы адæмтимæ. Паддзах йæ арæнтæ ивазы. Фæлæ кæй сты уыцы зæххытæ? Паддзах æмæ йæ дæлдæрты. Æз цагъар дæн, мæ туг кæлы, зæхх та помещикы у. Мæнмæ дзы, æгæр-мæгуыр ингæны фаг дæр не ’рхауди. Æмæ ам дзæгъæл комы мæ мард сынтытæн холыйаг фæуыдзæн.

Æниу, ам, Кавказы хæхты цъассыты цæй зæхх ис? Мæ хуызæн мæгуыртæн сæхи фаг дæр куы нæ у. Хохæгтæ, кæд тохы хъæбатыр сты, уæддæр сæ фырмæгуырæй сæхицæн мамæлайы къæбæр самал кæнын дæр сæ бон куы нæ цæуы. Æз сын хорз зонын сæ тыхст уавæр. Уыдонмæ дæр ис хъæзныджытæ, фæлæ фылдæр мæгуыртæ сты.

Мæнæ мыл чи ныддæлгом, уыцы хохаджы райс. Абон æм куы фæкомкоммæ дæн, уæд йе ’мпъызтытæ цухъхъа цы хуызæн тынæй уæфт уыди, уый зын рахатæн уыди. Йæ хурмæ сыгъд цæсгом, йæ цонджы тых æмæ йæ зыкъуыритæ æнгуылдзтæй бæрæг уыд, мæхиау уый дæр помещикы цагъар кæй уыди. Æмæ, чи зоны, уымæн дæр йæ ныййарæг гыцци æнæ хицауæй баззад.

Хъæбатыр уыд, йæ артдзæст хъахъхъæдта, фæранкау дæр уымæн хæцыд. Ацы хохаджы бынаты æз дæр афтæ бакодтаин, уæдæ нæ чи у аххосджын? Æз æви хохаг?

Нæ, ам аххосджын æндæр чидæр у. Дыууæ цагъары кæрæдзийæн чи амарын кодта, æмæ уыдон тугæй йæхицæн хæрзиуджытæ чи райсдзæн.

Паддзах — уый у аххосджын. Паддзах мæгуыр хохæгты куыд цæгъдын кæны, афтæ цæгъдын кæны уырыссаг мæгуыр хъазайраг музуккæгты дæр».

Згъоры Сауададжы дон цæссыгкалгæ... Кæуы, фæлæ кæуыл? Хохагыл æви Орловыл? Æвæццæгæн — сæ дыууæйыл дæр...

Дæларм-уæларм Сауададжы былыл æнусон фынæй баисты дыууæ мæгуыр хъазайраджы. Раст цыма райсом хур куы скæса, уæд дыууæ æрдхордау кæрæдзийы хъæбысы райхъал уыдзысты, уыйау.

XI. БРУТ

Бруты мæрдадз фестын кодта Хъуыбады. Хъæууынгты разил-базил кодта, йæ фæндыримæ æнтъыснæг хъæлæсæй сидтис:

— Кæуинаг фестæм, нæ бæлццон йæ артдзæстмæ не ’рбахæццæ, афтæмæй йыл нæ цæсты раз рæхыстæ сæвæрдтой!..

Йæ фæдыл ныххал сты, устыты хъарæг æмæ фæндыры уынæргъын схæццæ сты кæрæдзиимæ.

— Йе ’хсар раздахынхъом нæ чи у, ууыл рæхыстæ сæвæрдтой, нæ дзидзидайты нын домынц туджы аргъмæ дзуапп...

— О Хуыцау, кæм дæ, ракæс дæ цæстæй, гормон!

Мæрдадзы адæм арæгъ сты нарæг уынджы, фæндырдзæгъдæг æмæ йæ хъисфæндыр уыдысты хъарæджы сæртæ.

— Абон уал Раздзоджы артдзæст банымæг ис уыдон фыдæй. Райсом æгас Брутæн ныккæлдзæн йæ къона. Уый фæстæ та æгас Ирæн.

— О Хуыцау, дæ азар ныккал тыхгæнджыты сæрыл!

— Гъа, йæхæдæг Хуыцауы хъуг радавæд Раздзог, фæлæ йæ чысыл сабитæ цы гæнæг сты.

Арвыл ныдзæвд Хъодзиан æмæ Куындыхоны кæуынхъæр.

— Нæ саударæг сылгоймагыл нын рæхыстæ сæвæрдтой æмæ ма нæ мæрдадз дæр цæмæй сфидауа.

— О Хуыцау!

Сæ бæхты фынккалгæ æрбаппæрстой Уосмæн æмæ Темырыхъо. Уыйæппæт адæмы Раздзоджы кæрты куы федтой, уæд фæджихау сты. Кæрæдзимæ цымыдисæй бакастысты.

Исдуг афтæ фенхъæлдтой, ома зæрондыл балцы исты бæллæх æрцыд, кæнæ та чысыл сабитæй исчи фæзиан.

Сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой æмæ кæртмæ тындзгæ бауадысты. Дуарæй мидæмæ бакастысты, фæлæ сæ цæст не схæцыд нæ — мардыл, нæ — удæгасыл.

«Æнæзиан мæрдадз!»

— Кæм ис Бæтæхъо? Кæм сты сабитæ? — афарста Уосмæн. Фæндыры хъисы тъæлланг фæцыд, фæлæ дзуапп нæ уыд.

Æмæ мæстæй фæхъæр кодта:

— Кæдмæ кæудзынæ æгомыгæй, Хъуыбады?

Адæмыл йæ цæст ахаста, фæлæ йæ бинонтæй никæй федта.

Къæсæрыл лæууыд æмæ мидæмæ дзырдта Хъуыбады:

— Цалынмæ нæ артдзæсты зынг сæрттива, уалынмæ!.. Цалынмæ сæ къонатæм æрбаздæхой, уалынмæ!..

— Чи? — æвиппайды афарста Уосмæн.

Фæндыр уынæргъыдта:

— Дæ фырт Темырболат æмæ Алæгаты сахъ Хæмæт!

Темырыхъо Уосмæнмæ бакаст æмæ йæ цæстыты тасы стъæлфæнтæ ферттывтой.

— Ноджы ма чи? — фæхъæр ласта Уосмæн.

— Бруты уайсадæг чындз Цомиан!

Хъуыбадымæ хъусгæйæ йе уæнгтæ бахъыдзы кодтой Уосмæнæн.

— Фæу дæ хъарæг, Хъуыбады!

— Гæбайы æнахъом сабитæ! — баниудта фæндыр. Йæ сау боцъотæ уырзæй адаудта. Фæндыр нæма фæцис йæ хъарæг:

— Алæгаты Темырыхъойы саудзаст чызг Зарæ кæмдæр фæтары ис, æмæ уый.

Йæ уд сыскъуыйынмæ хъавыд:

— Хъазахъхъ æрбалæбурдтой, Уосмæн, æмæ нæ æгас хъæуæй ныддымдтой!

Фæстаг зæлланг ныккодта:

— Бындурзылд кæнæм, Уосмæн, нæ нæлыстæг цы сарæзта, ууыл нæ уайсадæг сылыстæг æд сабитæ дзуапдæттæг ссис æмæ йыл рæхыстæ сæвæрдтой!.. Æбуалгъы ми, Уосмæн! Хъаймæт, хъаймæт! — фæцæйтыдта фæндыры хъис, йæ уд сцæйхаудта фæндырдзæгъдæгæн.

Кæлмдзæфау фæзылд, Темырыхъо дæр йемæ, афтæ хæдзары ’рдæм атындзыдта Уосмæн.

Æна къæсæрыл дурдзавдау бадт, афтæмæй куыдта. Хъодзианæн йæ цъæхахст арвыл ныдзæвд.

— Лæппуты мæт ма чи кæны!.. Чызг æрбатары ис кæмдæр æмæ ныл къуыппæн зарæг скæндзысты! — додой кодта Æна.

Дуне йыл ныккалд æмæ ма йæм йæ бинойнаджы хъарæг гæзæмæ хъуыст.

Дысон Æрфæн йæ фынккалгæ кæртмæ æрбасхъиудта. Кæм уыдис уыцафон байраг... Кæйдæр чызгыл ахуыр уыд, кæд æй, мыййаг, искуы къæдзæхæй аппæрста. Науæд æнахъом сабитæ... Къуыппæн зарæг ныл скæндзысты, нæ армæйдзаг йæ дзыхмæ ничиуал схæсдзæн!..

Чердæм ацæуа, кæмæн рахъаст кæна йæ зæрдæйы рис...

— Ссыгъта та фæдисы арт! — гуым-гуым кæны йæхимидæг.

Темырыхъо йæ фарсмæ æрбалæууыд.

— Ссыгъта та... — зæхмæ дзурæгау кæны йæ сыхаг. — Нырмæ-иу цæцæн-мæхъхъæл сызмæлыдысты йæ фæдисмæ, ныр нæхионты дæр ассывта йæ фæдыл.

— Чъырын арты йæ судзынц, фæлæ йæ зæронд сæр уæддæр нæ судзы! — цъæхахст кæнынц устытæ.

— Хъаймæты бон ныл ныккодта, нæ сыхæгты зынгирвæзт махмæ дæр ранхъæвзта!

Йæ хъусты дзæнгæрæгау зæлланг кæнынц йæ чысыл чызг Азизæйы ныхæстæ: «Хъазахъхъ Болатæн йæ къухтæ сбастой!.. Сæ разæй йæ атардтой!»

Цæмæн, цы ракодта? Ау, уый тыххæй йæ фервыста ахуырмæ?

Цал æмæ цал хатты дзырдта Раздзогæн:

«Кæдмæ тилдзынæ де ’хсаргард, Бæтæхъо?»

«Цалынмæ нæ зæхх паддзахы къæхты бын хъæрза, уалынмæ», — уыдис-иу йæ дзуапп.

«Æмæ кæд æрцæудзæн уыцы бон?»

«Сæ къухæй чи фæмард, уыдонæнæн сæ туг куы райсæм, æмæ нæ уæзгуытæй кæуын куы нæуал хъуыса, уæд!»

Кæсынтыл иу æм фæцис Уосмæн:

«Ау, кæд ма исчи афтæ зæгъа, Бæтæхъо йе ’фсымæр Базыхъы туг нæ райста, зæгъгæ!..»

«Базыхъ сæдæ бацис, Уосмæн, Базыхъы хуызæттыл чи кæуы, уыдон та дæс ахæмы!»

«Макæ, ма, Бæтæхъо! Нытътъысс дæ кард кæрддзæмы!»

Нæ йæ нытътъыста. Фæдисы æртытæ та сарæх кодта хæхтыл.

«Ме ’фсымæр Базыхъы туг фæдисы мидæг басыгъд, Уосмæн.

Æз уый нал агурын... Зæхх хъæрзы тыхгæнæджы къæхты бын æмæ уый цæфтæ бæттын, æндæр ницы!» — йæ кардау цæхæртæ калдтой йæ цæстытæ дæр.

«Æгæр тыхджын сты, Бæтæхъо, арсы хъуыны мæлдзыгæй хъауджыдæр не стæм сæ цуры!»

«Гъæй, Уосмæн!.. А бæстæ тыхджынты æмæ хъæзныджыты къæхтæ сæрфæн гауыз нæу!.. Хуыцау адæмы куы сфæлдыста, уæд сын зæххыл сæ бартæ иу барæнæй барста!»

Уæздæттыл æй ныхæста йæ каис Муссæ, фæлæ цæй уæздан уыд. Иу цæд гал æмæ дыууæ бонгæнды зæхх, гъеуый йæ уæздандзинад.

Балцы дарæс, æвзист рон æмæ хъама, тæлтæг бæх. Уыдон алкæмæн дæр уыдысты, бынтон гæвзыкк чи уыд, уыййеддæмæ.

Йæ сæр-иу разылд алыгъуызон хъуыдытæй æмæ-иу йæ каис Муссæйы фæрсынмæ фæцис:

«Уæдæ кæд Хуыцау иу у, уæд ма цæуыл пырх кæны адæмы туг?»

«Хуыцауы ном куыдзиргъæвæн æхсидав у, уыййеддæмæ хæст æндæр цæуылдæр цæуы».

«Чи ма цы домы, иунæг Хуыцау ын цы схай кодта, уый уæлдай?»

«Зæххæн хъуамæ уа хицау... Алчи йæ бынат хъуамæ зона æмæ йæм фæсдзæуины бынат куы æмбæла Хуыцауæй, уæд хъæуыхицауы бынатмæ ма бæтта йæ гæрзтæ».

Муссæ æмæ Раздзоджы барста ныртæккæ кæрæдзийыл:

Муссæ: «Зæххæн хъуамæ уа иу хицау!»

Раздзог: «Зæхх хъæрзы, Уосмæн, йæ цæфтæ йын бæттын хъæуы!»

Сæ иуæн къæхты бын айтындзæн гауыз у, иннæмæн та — йæ хæлар.

— Скъуыдкъохмæ бауай, Муссæмæ фæбæрæг кæн! — дзыназы Æна.

Фестъæлфыд цæмæндæр Муссæйы коймæ, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, цыма тарф фынæйæ райхъал ис.

Хаты йæ Уосмæн: сусæг табиц хастой кæрæдзимæ Раздзог æмæ инæлар-æлдар, фæлæ уæддæр кæрæдзийыл ауæрстой цæмæндæр æмæ кастысты кæрæдзимæ, лæг йе тары æвæрд хилæгмæ куыд кæса, афтæ.

Цæмæн?

Аивæй йæ хатыд: стырдæр хъуыддагæн хъуыд Тæгиан-æлдары Раздзог. Уымæн ыл ауæрста æмгъуыдмæ, æрмæст æмгъуыдмæ.

Кæд ныллæудзæн уыцы æмгъуыд? Раздзоджы къона бынтон куы банымæг уа, гъеуæд?

Есенаты Гуыцыр йæ цыргъ боцъо ныхы йæ амонæн æнгуылдзæй.

— Нæ куырой фезгъæлста, Уосмæн, æмæ ма йын сасир дæр фехстам йæ фæдыл. Тыхæй кæй акодтой, уыдоны æддейæ ма чызг дæр æрбайсæфт.

— Знонæй нырмæ зæххы хуынчъытæ дæр фæкъахтам!

— Дæ каис фæрæзджын лæг у, Уосмæн, — ехсы хъæд йæ роцъомæ ныббыцæу кодта Темырыхъо.

— Муссæ къуырттон карк нæу æмæ — мах та йæ лæппынтæ, — дзуры Хъуыбады.

Фæндырдзæгъдæджы цæстытæм фæкомкоммæ Уосмæн.

«Дардмæ хъуысы йæ сидт!.. Дыккаг Раздзог».

— Скъуыдкъохмæ сæхæдæг бæрæг кæндзысты хицæуттæ. Махæй уыдон æхсызгондæр хъæудзæн ныр Муссæ... Сауадагмæ хъæуы цæуын, Раздзогмæ. Йæ артдзæст ын ныддымдтой, йæ къонайы рæхыс ын æристой!..

— Гъемæ дæ дзурæнтæ фæрнæй фæдар, Хъуыбады!..

Æвиппайды фæзылд Уосмæн лæппуйау кауы сæрты асæррæтт ласта æмæ йæ къухаууонæй Бруты фæндагмæ ныккаст æдзынæг.

Темырыхъо дæр йæ фарсмæ æрбалæууыд.

— Æгæр удаистæй æрбаскъæрынц сæ бæхты, — дзуры уый.

Мамсыраты кæртæй раивылдысты адæм, дыууæ барæгмæ лæмбынæг ныккастысты, фæлæ нырма æгæр дард уыдысты æмæ сæ нæ базыдтой.

— Хорз хабар нæ хæсдзысты!

Сау нымæты фæдджитæ фæйлыдта дымгæ, бæхты фынк калдис.

Сæ иу æргæпп кодта бæхæй, адæмæн йæ сæрæй акуывта.

— Гæба! — фырцинæй фæхъæр ласта Темырыхъо.

Иннæмæн ма йæ цæстыхаутæ зындысты басылыхъхъæй.

Цыртау бадтис йæ бæхыл, цыма йæм æрхизыны фæнд нæ уыд.

— Гæба, æгас цу алыхатт!

— Гæба, æгайтма ды уæддæр баззадтæ удæгас!

— Гæба, сау бон æмæ низмæ хъæддых фæлæууын хъæуы!..

Лæппуйыл æрхъула сты, бæхыл чи бадт, уый сæ айрох.

Цæмæн æм дзурынц тæфæрфæсгæнæгау, цæмæн дзы æмбæхсынц сæ цæстытæ?

Йе ’мбалмæ фæлæбурдта Гæба æмæ йæ чысыл сабийау æрæргъæвта бæхæй.

— Темырыхъо, мæнæ дæ фæдисон чызг... Раздзог мæ рарвыста йемæ.

— Зарæ! — иуцалдæрæй иумæ фæхъæр кодтой.

— Не сæфтытæй уал иу разынд!..

Чидæр йæхимидæг гуым-гуым кæны:

— Сæфтыты хынцыны рæстæг нæма æрцыд.

Темырыхъо æмæ Хъодзианы цæсгæмтты тар æлхынцъытæ айхæлдысты. Æна йæ риумæ нылхъывта Зарæйы.

— Ныр мын ницыуал у, мæ чызг!

Хъуыбады Гæбамæ дзуры сур хъæлæсæй:

— Дæ къæсмæ бакæс, лæппу... Йæ дуар ын уæддæр рахгæн...

Фæндырдзæгъдæджы хъæлæсы уаг ын йæ зæрдæ ацарыдта. Ницæмæй йæ бафарста, афтæмæй фæзылд æмæ фистæгæй ныййарц ис.

Нæдæр цæуæг уыд йæ фæдыл, нæдæр дзурæг.

Цæстныкъуылдмæ фæстæмæ фездæхт, йæ цæсгом цикъæйау фæлурс уыд.

— Чи ауагъта Раздзоджы артыл дон? — фæбогъ ласта æрæджиау.

— Тыхгæнджытæ, — дзуры къуырма хъæлæсæй Хъуыбады.

— Хъазахъхъ?..

Йæ бæхы рагъмæ фæгæпп ласта.

— Фæлæуу, лæппу! — Уосмæн ын йæ бæхы рохтæ ацахста. — Афтæмæй цæугæ дын нæу!

Ехсы æхситт фæцыд.

— Раздзог ницыма зоны!.. Бæрæг æм фæхæссын хъæуы, Бруты кæй бафхæрдтой, уый тыххæй!

Зарæ рауад йæ размæ:

— Фехъуыста Раздзог Бруты бафхæрыны хабар... Афонмæ йæ халассæр хуын дæр бакодта хицаумæ комбæсты сæрыл, — хъуысы сау нымæты хуылфæй.

Гæба та йæ бæхы ехсæй ныцъцъыкк ласта ахъаззаг.

— Бынсæфт!.. Бынысгъæлд!

Фидар хæцыд Уосмæн бæхы рохтыл æмæ сæ не суагъта.

— Дæхи фæуром, лæппу!

— Ирон фарны къубал ма балхъив, лæппу!..

— Лæг дæм дзуры, æмæ йæм байхъус!..

Байсыст хъæлæба, Уосмæны дзурын ма цыд:

— Раздзогæн ды ницы баххуыс кæндзынæ, Гæба... Йæ фæдыл Дзæуджыхъæумæ куы ныццæуай, уæд фæстæмæ нал æрбаздæхдзынæ дæхæдæг дæр.

Уый бæсты дæ фæндаг фæстæмæ Сауадагмæ скæн.

Нæ састис Гæба:

— Нæ бафæраздзысты, сабитæ уым... æз та Сауададжы?

Хъуыбады йыл фæхъæр ласта:

— Бафæраздзынæ, кæд Раздзоджы тугæй дæ, уæд!

Уосмæн æмæ Темырыхъо та сæ бæхтыл абадтысты.

— Дæуæн дæ фæндаг махимæ нæу, Гæба!.. Ды Сауадагмæ скъæр! — дзуры фæстæмæ Уосмæн.

Суанг Скъуыдкъохмæ фескъæрдтой, фæлæ Муссæйы бынаты нæ баййæфтой. Йе ’фсымæр Афæхъо рауад сæ размæ айдагъ куырæты æмæ сын афтæ, Муссæмæ хицау Дзæуджыхъæумæ фæсидтис, зæгъгæ.

Сæ бæхтыл та абадтысты, Дзæуджыхъæуы ’рдæм фæцагайдтой. Афæхъо ма сæ, йæ цухъхъа кæнгæ, тыххæй раййæфта фæндагыл.

Афæхъойы йе сиахсы афæрсын фæндыд, фæлæ йын уый фадат нæ фæцис æмæ сæпдугъæй уадис сæ фæдыл.

Æвиппайды йæ бæхы фæурæдта Уосмæн æмæ Темырыхъойæн дзуры:

— Дæуæн дæр немæ цæугæ нæу, Темырыхъо... Хæмæт дæр ахст у, æмæ уæд та цынæ вæййы!..

Кæд æй йæ зæрдæ нæ хаста, уæддæр уæлдай дзырд нал скодта Темырыхъо æмæ Бруты фæндагыл ныллæууыд.

Мамсыраты Уосмæн æмæ Куындыхаты Афæхъо та Дзæуджыхъæуы ’рдæм атындзыдтой. Уым уыдис Муссæ. Уым уыдысты Мамсыраты Темырболат æмæ Алæгаты Хæмæт, Æлдадты уайсадæг чындз Цомиан æмæ йæ чысыл сабитæ, цæцæйнаг Дзæрæхохты Алхаст æмæ мæхъхъæлон Малсæгты Тепсайы бинонтæ.

XII. ДЫУУÆ ИНÆЛАРЫ

Афæстаг рæстæджы ахæм хъуыддаг нал æрцыд Кавказы. Зыдта йæ инæлар-лейтенант Лорис-Меликов: хицау ын йæ къух нæ райстаид уый тыххæй.

Капитан Золотаревы къæнцылары уыры хуыдта Лорис-Меликов, фæлæ раст дзырдта уый: рæдийы, афтæ чи дзуры, имам Шамил басаст æмæ Кавказы хæст фæцис, зæгъгæ.

Уый нæ, фæлæ нырмæ хæсты сæрбос дины фанатизм уыдис, ныр та сæрибардзинадыл тох цахæмдæр ног хуыз райста, æмæ йын уый йе уæнгты тас бауагъта. Йæ сагъæс кæмæн раргом кодтаид, уый агуырдта æмæ никæй ардта. Туманов Алыксандр зæндджын лæг уыд, фæлæ йæм ацы фарстыл уыимæ дзурын æппындæр нæ цыд.

Куындыхаты Муссæ?

Уый ныхмæ йæхи цæттæ дардта, æмæ, фембæлгæйæ, сæ ныхас цæуыл банцадаид, уымæн ницыма зыдта.

Хæрзæвзонг ма куы уыд, уæд Туркимæ хæцыдысты. Трапезунды горæты сæрмæ топпыхосы фæздæг мигъау ныббадт. Нарæг уынгты ма ноджы сыллынджытæ кодтой туркаг аскертæ. Дард фæзилæнтæй ма хъуыст ног мæйы хуызæн къæдз æхсаргæрдты дзæхст-дзæхт.

Араббаг факир йæ тæскъ йе уæхскыл сæвæрдта, афтæмæй ралли-балли кодта, мæлдзгуыты губаккау чи схъомпал, уыцы горæты уынгты. Цыдис факир, цыма йæ кæлæн митæ уыдысты йæ хъахъхъæнæг, æмæ йын уырыссаг топпы нæмыг ницыхъом уыдис. Егъау калм хуыссыд йæ тæсчъы мидæг тымбылтæй, зыхъхъыртæй-иу хатт йæ саджил æвзаг радардта. Цымыдис адæмæй мæлæты тас ферох ис, æмæ къордгай срæуæг сты хингæнæджы фæдыл. Факир хилæджы систа тæскъæй, йæ цонгыл æй æртыхта бæндæнау, йæ къубал ын æрбалхъывта йæ хус æнгуылдзтæй. Калмæн йе ’фсæртæ ахæлиу сты фæйнæрдæм, æмæ басылыхъхъы къабазы хуызæн æвзаг радаргъ йæ дзыхæй. Хингæнæг хилæджы æвзаг рауадз-бауадз кодта йæ цæсгомыл, йæ цæстытыл, йæ былтыл. Æгæрыстæмæй йæ йæ дзыхы дæр бакодта.

Хæсты хъуырдухæн фегуыппæг ис, цыма Трапезунды хъысмæт хингæнæг æмæ йæ калм алыг кодтой.

Стæй йæ хæдон раласта факир, калмы йæ астæуыл æрбатыхта æвзист ронау æмæ йæ фæстæмæ скодта. Хилæг хæдоны æфцæгготæй сдардта йæ тъæпæн сæр æмæ йæ хицауы хурсыгъд дæллагхъуырыл узæлыд...

Уыцы цау æрбалæууыд цæмæндæр йæ зæрдыл, Муссæйыл хъуыдыгæнгæйæ.

Разындзæн æм, факиры бæрц бархъомыс? Бауыдзæн йæ бон йе тары мидæг æвæрд калм скоммæгæс кæнын?

Наиб Османаты Садуллæ дæр бады йæхицæн æнцад, цыма йæ фæсчъылдым Дзæрæхохты Алхаст йæ кард куы фессы, уæд æй нæ фæфиппайы.

Уадз! Уый Муссæйы йас «калм» нæу! Уый цъингуыр у æмæ йæм бæрæг дæр уымæн нæ фæкодта.

Лæг нæ, фæлæ сырдты дæр афтæ æнцæнтты нæ расурдзынæ сæ хуыссæнæй. Кæлæнгæнæг хъуамæ уай факирау, цæмæй Муссæйы хуызæтты дæ цонгыл æртухай!

...Ныр кæсы Муссæйы цæстытæм æмæ хъуыды кæны:

«Зыдта, Сауададжы цы ’рцыд, уыцы хабар развæлгъау æви нæ?»

Муссæ къæлæтджыныл фæстæуæз бадтис. Цыма Сауададжы хабæрттæн æцæгдæр ницы зыдта, ахæм хуыз ын уыдис.

Йæ разы чи бадт, уый æвæлмас хуызмæ фæкомкоммæ ис Лорис-Меликов. «Чи зоны, Скъуыдкъохæй райдыдта Сауадаг!.. Чи йын цы зоны!..»

Куырм нæу Муссæ, Фæдисы хохы цъуппыл цы арт сыгъдис, уый æнæфæфиппайгæ нæ фæуыдаид. Чи зоны, йæм Сауададжы абухын дæр хъуыст!

Иу хъуыддаджы йын нæ уыд дæ цæст сау зæгъæн, æмæ Лорис-Меликов дæр гуырысхо нæ кодта ууыл. Йæ хæрæфырт Темырболаты йын уæнгбастæй Дзæуджыхъæумæ кæй æрбакодтой, уымæн ницыма зыдта.

Уæд афтæ æнцад нæ бадтаид, уæд ын нæ уыдаид ахæм æвæлмас хуыз.

Æмырæй бадын нал бацис Муссæйæн йæ бон:

— Аудиенцимæ æнхъæлмæ кæсгæйæ мын радзырдтой Сауададжы инциденты тыххæй, дæ бæрзонддзинад, æмæ!..



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: