II. ЦЫРАГЪЫЛ СЫГЪД ПАДДЗАХ 4 глава




Муссæ æнцад бадт Скъуыдкъохы, йæ уынæр нæ хъуыст æппын.

Уыдонæй ма уыдысты цух нæ хæхтæ! Цал усы та баззайдзæн идæдзæй? Цал саби та фæсидзæр уыдзæн Гæбайау.

Нæ, нæ рауайдзæн афтæ! Не ’рбахæццæ уыдзысты уыцы джауыртæ Терк æмæ Сунжæйы цæугæдæтты онг, кæд дадайы цæст æрттива, уæд!

— Фæдис! Фæдис!

Бон дзир-дзур райдыдта, Брутмæ куы æрхæццæ ис, уæд. Фæллад бæхæн йæ саргъ нæ систа, афтæмæй бацыд хæдзармæ.

Гæба дæр æрхæццæ ис Фæдисы хохæй, æд гæрзтæ хуыссыд сынтæгыл уæлгоммæ. Нæ йæ баджиздардта, афтæмæй артдзæсты цур æрбадт, арф хъуыдыты аныгъуылд.

Нымæг артдзæстæй йæм дыдзы хъарм æрбандæвта, фæллад уæнгтæ цахæмдæр æхцон хъыдзы райдыдтой.

Цы у уый, бафæллад Раздзог æмæ йæ Гæбайау хуыссæг æрцахста?

Нæ, уый артдзæсты тæваг уыд, æрвыл хатт кæмæ фæбæллы æмæ йын алы хатт дæр бафсæдын кæмæй нæ бантысы, уыцы артдзæсты хъарм.

Йæ тох ууыл у сæрысуангæй дæр. Дзывыры хъæдыл фæхæц бон-изæрмæ, сау сыджыт фезмæнт дæ зæрдæйы дзæбæхæн фыргуыстæй ихсыд æфсæйнаджы бырынкъæй!.. Изæры æрцу, артдзæсты цырен арт скæн, де уæнгтæ айтынг кæн, афтæмæй йæм тав дæхи! Бафсæд дзы!..

Нæ йын æнтысы, нæ йæ уадзы паддзах. Уый бæсты цæргæцæрæнбонты саргъыл дзой-дзой кæны, дзывыры хъæды бæсты æхсаргарды фистонæй сæвæрдтой йæ къухтæ уæзæг.

Фестъæлфыд. Фæстæмæ фæзылд, æдзынæг ныккаст.

Ноджы та æрбахоста чидæр рудзынг.

Карды фистон рацагуырдта рахиз къухæй. Гæба адджын фынæй кодта.

Фестад, æддæмæ рауад. Цæст дзæбæх нæма æвзæрста æмæ лæмбынæг ныккаст. Уазджыты куы базыдта, уæд рог сулæфыд æмæ карды фистон феуæгъд ласта.

— Уазæг — Хуыцауы уазæг! Æгас цæут, Тепса æмæ Алхаст!

— Марчуогъыл, Бæтæхъо!

— Салам-алейкум, Бæтæхъо!

Хæдзармæ бацыдысты, æртыкъахыг бандæттыл æрбадтысты. Иуцасдæр æнæдзургæйæ фесты, къулы хуынкъæй цъысцъысаджы зарын хъуыст.

— Фæдисы хох та судзы, Бæтæхъо, — дзуры Малсæгты Тепса.

— Дардмæ зыны æхсæвыгон фæдисы арт, — йæ ныхас ныддаргъ кодта Алхаст.

Бæтæхъо къæцæлæй артдзæсты фæнык базмæста.

— Æрбацæуынц та! Сæ разæй та æрбахæссынц зынг æмæ туг!.. Зынг æмæ туг! — хъарæгау кæны Раздзог.

Уазджытæ сæхимидæг базмæлыдысты.

Цъырцъыраджы зарын та æрбайхъуыст.

Фысым йæхи сраст кодта, къæцæл артдзæстмæ баппæрста:

— Ацы хатт сырд йæхæдæг хъуамæ æрбацæуа топпы дзыхмæ! — æлхъывд дæндæгты æхсæн лæмары Бæтæхъо.

Тепса æмæ Алхаст кæрæдзимæ бакастысты.

— Чи у цуанон, чи у сырд?..

— Иууыл мах нæ уыдзыстæм амæттæгтæ! — карзæй дзуры Раздзог. — Иу хатт цуанон дæр хъуамæ суæм Хуыцауы фæрцы.

— Уый фаг æхсар та кæм ис!.. Нæ тугæй Терк æмæ Сунжæйы цæугæдæттæ сырх-сырхидæй куы уайынц, — уынæргъы Дзæрæхохон.

— Хуыцау не ’вварс у, пехуымпар нæ разæй цæудзæн!.. Чысыл стæм, фæлæ фæдисы тых стыр у!.. Кæннод та ныккæлдзæн пысылмоны туг!

— Пысылмоны туг! — мæхъхъæлоны уæнгтæ барызтысты. — Нæма дзы бафсæсти паддзах.

Гæба фынæй кодта, нæма райхъал ис.

— Калмæн йæ къæдзил акъуыр, уæддæр цæрдзæн, — дзуры Алхаст.

— Йæ къæдзил æфсон у, мах ын йæ сæрмæ хъавæм, Алхаст... Сæ разы бабаддзыстæм уыцы джауыртæн, тымыгъау сæ ныддымдзыстæм, Терк æмæ Сунжæмæ дзы хабархæссæг куыннæ æрбахæццæ уа! Стæй!..

— Стæй цы?..

— Стæй миты къуыбар куы тула, уæд стырæй-стырдæр кæны!

Тепса йæм бынты скаст:

— Цы зæгъдзæн Муссæ-Алхас?

Тымбыл къухæй йæ уæраджы кæхц ныххуырста фысым:

— Уыцы æфæддон къордæн Сауададжы нарæджы «фысым» хъуамæ фæуæм. Терк æмæ Сунджæмæ дзы иу дæр куыннæ æрбахæццæ уа, уымæй Муссæйы нæ фæрсæм!

Мæхъхъæлон йæ сæр ныкъкъул кодта, афтæмæй дзуры:

— Аллах — ме ’вдисæн, Раздзоджы дзырдыл дыууæ никуы загътон!

Цæцæйнаг æм бафтыдта:

— Муссæ-Алхас æй куы базона, уæд миты къуыбарæн æнæ ныппырх нæй!

Бæтæхъо фестад:

— Хъуамæ тула, тула æмæ стырæй-стырдæр куыд кæна! Дзæуджыхъæуы джауырты ахстон йæ разæй куыд ассæнда.

— Хуыцау зæгъæд!

— Ницыгар фысым дæн ацы хатт. Цалынмæ æхсæвы талынг нæ фæсаст, уалынмæ фæндагыл хъуамæ ныллæууæм, — бардзырд дæтты Раздзог.

Уазджытæ фæгæппытæ кодтой.

Фысым сæм бацыд, æдзынæг сæм ныккаст.

— Ирæн сæ былтæ сæрдынц, цыма ацы джауыртæ, Муссæ дæр семæ, афтæмæй... Фæлæ мæ сыхагыл арт куы сирвæза, уæд дзы мæхæдæг дæр судзын. Судзгæ дæр дзы кæнæм... Зыдтон æй, фæдисы арт уæ мæ хæдзармæ кæй æрбакодтаид, æмæ уый тыххæй æрбауадтæн. Цæцæн-Мæхъхъæлы фæсивæд — уæ быгъдуан.

Йæ даргъ хъамайыл узæлы Дзæрæхохты Алхаст, афтæмæй дзуры:

— Фæдисы артмæ иунæгæй нæ фæцæуы Алхаст, йæ фæдыл ма кæйдæрты акæны.

— Тарскæйы нæм фæсхъæу æнхъæлмæ кæсдзысты, — бафтыдта ма йæм Тепса.

Фырцинæй йæ цæстытæ ссыгъдысты Раздзогæн:

— Ардыгæй уырдæм армæй бавналдзæн лæг, иу æхсидав аппарын хъæуы, æндæр ницы.

Бамыр сты, уазджытæ фысымы тар цæсгоммæ кастысты. Никуы ма йæ федтой афтæ тыхстгъуызæй, — æгæрыстæмæй, Аухæй куы æрбаздæхт æмæ йæ бинонты æргæвстæй куы æрбаййæфта, гъе уæд дæр. Афæрсынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ сæ цыдæр урæдта.

Йæхæдæг сдзырдта æрæджиау:

— Пысылмон лæджы ныссæттын æмæ уый туг цъирын сæм фаг нæ фæкаст. Ныр та нæ нæ артдзæстытæй фæсурынмæ хъавынц.

Æрвдзæфау фесты уазджытæ, сæ бадæнтæй фæлиуырдтой. Бафиппайдтой йæ: ацы хатт фæдисы арт уый сæраппонд кæй лæбурдта Хуыцаумæ.

— Кæйонг ацæуæм сæ размæ, кæм хъуамæ стыхсой нæ фæндæгтæ кæрæдзийыл? — йæ хъама æрдæджы онг сæлвæста, афтæмæй фæрсы Дзæрæхохты Алхаст.

— Сауададжы нарæгæй иу джауыр дæр ма хъуамæ рахиза! Уыцы нарæджы иунæг лæг дæс джауыры ныхмæ фæлæудзæн!

— Цалынмæ нæ нæ артдзæстытæй сурой, уалынмæ уал Тепса йæхи джауырты туджы снайдзæн! — абухы мæхъхъæлон.

— Уадз æмæ та нæ хæхты цæргæстæ бафсæдой сæ холытæй!

— Уыдон уал ныммур кæнæм, — бардзырды хъæлæсæй дзуры Бæтæхъо, — стæй хæдзары ’рдæм фездахæм не ’ргæмттæ æмæ æгас Кавказы ссудзæм фæдисы æртытæ!

— Уадз æмæ тула æмæ стырæй-стырдæр кæна миты къуыбар.

— Джауыртæ йæ нæ базондзысты, афтæмæй Дзæуджыхъæуы онг æрбатулдзæн, сæ ахстон сын йæ разæй ассæнддзæн!

— Аллах, фехъуысæд дæм!

Раздзог йæ ронбастæй дамбаца сæлвæста, æртыкъахыгыл æй æрæппæрста. Ламазгæнæгау æрзоныгуыл кодта, йæ армы бын фæкодта хæцæнгарз.

— Тох! — тызмæг хъæлæсæй дзуры уый.

— Тох! — бафæзмыдта йæ Дзæрæхохты Алхаст. — Тох æмæ туджы сæрыл туг! — ныррыхыд мæхъхъæлон æмæ дыууæ къухы сæрмæ йæ къух дæр февзæрд.

Бон дзир-дзур кодта. Бруты нарæг уынгты бæхты къæхты тъыбар-тъыбур айхъуыст. Куыйты рæйын æмæ уасджыты уасын кæрæдзиимæ схæццæ сты.

Сауададжы ’рдæм бирæ фæндæгтæ цыд, иууылдæр сæ сæхгæдта Раздзог. Сæйраг — æфсæддон фæндагыл Алæгаты Хæмæт æмæ цæцæйнаг Махмуды баурæдта хъахъхъæнæгæй.

IV. ФÆНДÆГТÆ ИУУЫЛДÆР САУАДАДЖЫ’РДÆМ ЦÆУЫНЦ

Уосмæн Алæгаты Темырыхъоимæ кæдæмдæр балцы фæцыд æмæ йæ чысыл чызг Азизæимæ хæдзары иунæгæй баззад Æна. Утæхсæн, тыхстызмæлд æмæ бæхы къæхты тъыбар-тъыбур æм хъуыст æхсæв-бонмæ. Йæхæдæг æддæмæ ракæсын нæ уæндыд, сынтæгыл хуысгæйæ, хъуыста æгуыппæг уынæрмæ, йæ хуыссæг фæхауд бынтон.

Æнкъардта йæ ус, цыдæр хабар кæй æрцыд, — уый йæм фидиуджыты бæхты къæхты хъæр кæй хъуысы, фæлæ йæ лæг Уосмæн хæдзары нæ уыд, сылгоймагæй та цæй фæдисон ис.

Джызæлæй куы ралыгъдысты, уæдæй нырмæ йæхи хастау æнкъары, йæхæдæг дæр ын ницы зоны — цæмæн?

Йе стыр æфсымæр у йæ сомыгæнæн сæрысуангæй, «Муссæ цæра» фæкæны йæ алы дзырдæн. Уый фæндоныл дыууæ никуы загътой, нæдæр йæхæдæг, нæдæр йæ мой Уосмæн.

Джызæлæй Брутмæ ралидзын дæр уый фæндон уыд æмæ дзы хъаст дæр ницæмæй кæнынц, фæлæ сæ фырт Темырболаты Бетъырбухмæ æфсæддон ахуырмæ фервыстой (уый дæр Муссæйы фæрцы) ахуыры фæстæ та, цæйдæр «Чугуй» йæ хонынц, уым службæ кæны æмæ æнæ уый æгас бинонтæ сæхи хастау æнкъарынц.

Нал хъуысы лæппуйы худын хъæууынджы, нал дæр, цы æнæсаргъ байрагыл-иу бадтис, уый къæхты тъыбар-тъыбур.

Æнæбарæгæй рассæнд-бассæнд кæны Темырболаты байраг Æрфæн быдырты, дзыназы Æна дард кæдæмдæр йæ фыртмæ.

Уосмæнæн дæр, æвæццæгæн, йæ зæрдæ хæдзары над лæууы æмæ та йæ балц ныддаргъ кæны.

Дысон-бонмæ дæр уынгтæй тыхстызмæлд хъуыст, æмæ йæхицæн нæ тарст Æна. Мæ лæппу ма йæ къонайыл сæрæгасæй куы сæмбæлид, зæгъгæ, уымæ бæллыдис мад.

Райсомырдæм ныхъхъус сты уынгтæ. Уый хыгъд уисæй быд кауы фаллаг фарсæй æрбайхъуыст фæллад бæхы знæт мыр-мыр.

Бæхæн йæ фынк калдис. Æнайæн йе уæнгтæ æрызгъæлдысты фыртасæй. Цудтытæгæнгæ рауад йæ размæ, къулер æм йæ мидбылты худтис.

Йе ’муд æрцыд чысыл уыцы худтмæ, фæлæ йыл уæддæр цахæмдæр дыгъуырццæг бафтыд.

Йæ армы йын цахæмдæр гæххæтт фæсагъта æнæхонгæ уазæг.

— Дзæуджыхъæуæй йæ æрбахастой Скъуыдкъохмæ Муссæмæ!.. Мамсыраты Темырболат дæ фырт у, æвæццæгæн?..

Темырболаты коймæ йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта усæн:

— О, мæ фырт у, — багуым-гуым кодта æнæбары ус.

— Гъемæ уый æрвыст у ацы гæххæтт!

Гæххæтмæ æркаст Æна, фæлæ йын ницы бамбæрста æмæ къулермæ фæрсæджы каст бакодта.

Фидиуæг ын æй йæ къухæй раскъæфта фæстæмæ, йе ’фсæртæ тилы, афтæмæй йæ тæлмац кæны усæн:

— Кæмдæр Брут ис, уымæн чи цы зоны? Стæй дзы цахæмдæр Мамсыраты Уосмæн цæры, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн ис ацы змæст рæстæджы! — гæххæтт стылдта: — Дæ фырт зондджын гуырд у, зондджын!..

— О, уас йæ сæрыл хаст фон!..

— Скъуыдкъох зæххы бикъ фестад, йæ хицау Куындыхаты Муссæйы ном æгас дунейыл ныхъхъæр! Гъемæ, дæ фырт дæр зæххы бикъмæ рарвыста депешæ!.. Фæцæуын, зæгъгæ, фыссы йæ кадджын мадыфсымæрмæ!

Дысоны тыхстызмæлд æрбалæууыд йæ зæрдыл, йæ уæнгтæ барызтысты. Уосмæн никуы зынд, иунæгæй цы ацарæзтаид, уымæн ницы зыдта.

— Уæй, цæмæй фæтарстæ! — йе уæхск ын бацагайдта уазæг.

— Цы загъта Муссæ та? — æнабары æууилы ус йæ ныхæстæ.

— Йæ размæ йын байраг нылласут, зæгъгæ, æрвиты Муссæ.

Сагъдау лæууы йæ мидбынаты, йæ цæсгом ныффæлурс, афтæмæй. Дысон рудзынгæй цы сау æндæрджытæм каст, уыдон уайынц йæ цæстытыл.

— Æцæг змæст рæстæг у, фæлæ иунæгæй куы нæ æрбацæуы, мыййаг!.. Æгас полк ис йемæ мæ зæрдæй! — фырдзырд бафтыд къулерыл.

Уазæгæн мидæмæ рацу зæгъын дзы айрох ис. Уыцы иу зылд фæкодта. Байрагæн йæ бецыккыл ныххæцыд, саргъ йæ дæларм скодта, афтæмæй Алæгаты къæсæрыл балæууыд.

«Темырыхъо хæдзары нæй, фæлæ Хæмæт уæддæр бафтдзæн мæ къухы!» — хъуыды кæны ус.

Фæмæнг ис йе ’нхъæлмæ каст — нæ уыдис хæдзары лæппу. Йæ кæстæр хо Зарæ, йе уæхскыл — доны дурын, афтæмæй æрбахызт кæртмæ. Куындыхоны Æрфæнимæ куы ауыдта, уæд дзыхълæуд фæкодта чызг.

Базыдта йæ Æна: Æрфæны идадзæй кæй æрбаласта, уымæй фæтарст Зарæ. Тыххудт бакодта, фæлæ йын нæ рауад.

— Дæ мад та кæм ис, мæ чызг?.. Науæд Хæмæт.

— Гыцци цæхæрадонмæ ауад. Хæмæт та дысон!.. — ферхæцыд чызг.

«Дысон» фехъусгæйæ та рудзынгæй цы сау æндæрджытæм каст, уыдон æрбалæууыдысты йæ зæрдыл. Æдзынæгæй каст чызджы ивад цæсгоммæ, йе уæхскыл цы дурын рызт, уымæ. Йæхи мæт нал кодта, Зарæйæн фæтарст.

— Уæй, цæмæй фæтарстæ, мæ чызг!.. Темырболат æрцæуы, æмæ мæ уымæн бахъуыд Хæмæт!..

Дурын рахаудта Зарæйы уæхскæй æмæ лыстæг згъæлæн ныццис.

— Болат æрцæуы!.. — Дурын кæй ацъæл, уый дзы айрох ис. Куындыхон хорзау нал фæцис æмæ саргъ зæххыл авæрдта.

— Фæлтау дын мæ сæр куы асастаид, мæ чызг!

Зарæйæн худынц йæ цæстытæ, йæ цæсгом, йе уæнгтæ æгасæй.

— Мигæнæн асаст, дам, амонд сайы, Куындыхон, — ноджы та худы чызг.

— Амонд дын куы фестид мæ сæры къуыдыр!..

Зарæйы мад Хъодзиан æрбалæууыд йæ уæлхъус.

— Цавæр у, Куындыхон, уæд дын æз амæлон? — фæрсы уый.

— Уæй, мæнæ Скъуыдкъохæй фидиуæг æрбарвыста Муссæ, Темырболат, зæгъ, æрбацæуы кæмдæр, æмæ йын Хæмæт йæ размæ байраг куы нылласид!

Хъодзиан фестъæлфыд, йæ чызджы фæрсы:

— Кæдæм ацыд Хæмæт, Зарæ?

Зарæ фергъуыйау ис, йæ мадæн цы зæгъа, уый нæ зоны æмæ йæ къухтæ дыууæрдæм тилы.

— М-м-м-æгъа!.. Йæ бæхы донмæ кæд аласта!..

— Зæгъын, дæлæ Беслæныхъæумæ йæ размæ куы ныууадаид!.. Кæннод фистæгæй куыд фæцæудзæн, мæ сæры хъæбæртæй йын фæхъæрзон!

— Омæ уырдæм иунæгæй æрбацæудзæн, цымæ?

— Цы ма зонын, мæ хур!.. Æнæхъæн полк, дам, ис йемæ, дзырдта уыцы дзæнгæрæг!..

— Æнæхъæн полк. — Зарæ Æрфæны идонмæ фæлæбурдта: — Æз нылласдзынæн Æрфæны Хæмæтмæ!

Ныхас зæгъыны бон сæ нал фæцис, идон стыдта Æнайы къухæй æмæ Æрфæнимæ кæмдæр фæтары ис.

— Сæртæг митæ ма кæн, нæ дыл фидауы! — сиды йæм йæ мад.

Уыцы сидт дæр нал фехъуыста чызг.

Æрфæны цæджындзыл абаста, йæхæдæг хæдзары смидæг ис. Рагъæнæй йæ фыд Темырыхъойы зæронд цухъхъа райста. Кæмдæр Хæмæты уæлдзарм худ уыдис, уый дæр рацагуырдта. Тымбыл тыхтæй сæ йæ дæларм акодта æмæ феддæдуар ис.

Устытæ ма кæрты лæууыдысты æмæ, сæ лæгтæ балцы кæй ныффæстиат сты, ууыл кæрæдзийæн сæ хъæстытæ кодтой.

Бæх уисæйбыд кауы сæрты куы асæррæтт ласта, уæд Хъодзиан йæ уæрджытæ ныххоста:

— Æй, сау бон мыл куыд ныккодта!.. Кæдæм скъæрыс, сæрхъæн?

Дымгæ зарыд чызджы хъусты æмæ йæм йæ мады сидт нал хъуыст. Дысон ын йе ’фсымæр Хæмæт йæ хъусы сусæгæй кæй дзырдта, уыдон æрбалæууыдысты йæ зæрдыл:

«Раздзог фæдис хъæр кæны!.. Сауадагмæ цæуæм джауырты размæ! Терк æмæ дзы Сунжæмæ иу дæр ма хъуамæ æрбахæццæ уа! Нанайыл мæ ма сардау, хъусыс, Гыкъы!»

Айдагъ хæдоны сынтæгæй фæгæпп ласта, ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Хæмæт ацахста æмæ йын йæ дзых йæ армытъæпæнæй амбæрзта.

«Тæрсгæ ма кæн, Гыкъы!.. Æз цæстыныкъуылдмæ фездæхдзынæн!.. Фæдисы хъæрмæ къамбецыл куы разайдзæн базыртæ æмæ æз лæг куы дæн! — Стæй йын йæ дзыккутæ даудта, йæ уадултыл ын узæлыд йæ хъæбæр уырзтæй. — Æмæ та ацы хатт быдырмæ ахъуыздзыстæм бæхтыл!..»

Дысоны хуызæн фæдис никуыма æрæййæфта Зарæ. Хæмæт афтæ ахъуызыд æмæ йæ йæ мад зонгæ дæр нæ бакодта.

...Худ йæ сæрыл æркодта тæхгæ-тæхын, зæронд цухъхъайы дысты йæ цæнгтæ атъыста. Æнæсаргъ бæхæн йæ рохтæ йæхи бар бауагъта. Æрфæны дæр ма æндæр цы хъуыд, — йæ сæр ныхъхъил кодта, афтæмæй тахтис дымгæйау Бруты фæндагыл.

Ацы змæст рæстæджы бæхджынтæ æмæ фæдисонтæй фылдæр цы цæуы фæндагыл! Йæ хъус ничи æрдардта иунæг барæгмæ æмæ хъæууынгæй ныййивгъуыдта.

Æрфæны гæмæл хъусты æхсæн цы фадыг дыдагъ кæны, уымæ кæсы æмæ дысоны æнахуыр фæдисы нывтæ уайынц йæ цæсты раз.

Бæхты цæфхæдты тъыбар-тъыбур дæр уыдис æгуыппæг, фæлмæн, цыма сæ нымæтæй стыхтæуыд. Раздзоджы сидт не хъуыст бынтон, стæй чысыл фæстæдæр ныхъхъус ис æппæт æмæ Зарæмæ æддейæ цъырцъыраджы зарын æрбайхъуысти. Йæ мад Хъодзиан афынæй. Уынгæй ма иунæг бæхы къæхты уынæр ссыд æмæ йæ чызг базыдта: уый уыдис йе ’фсымæр Хæмæт.

Брут чъылдымырдыгæй аззад, разæй — тыгъд быдыр. Уый фалейæ Бæтæхъойыхъæу, Хуымæллæг, Беслæныхъæу!.. Стæй ма иуцасдæр бауайдзæн, Сауадагмæ бахæццæ уыдзæн!.. Иу цасдæр нæ, — бирæ, тынг бирæ, фæлæ цы хъауджыдæр у... Æрфæн дымгæйау тæхы æмæ цæстыныкъуылдмæ ахæрдзæн адаргъ фæндаг!.. Цалынмæ сæ топпытæ сæргъæвой æмæ сæ кæрæдзимæ ныддарой, уалынмæ бахæццæ уыдзæн Зарæ Раздзогмæ.

Скъæры. Бæхы чъылдымыл ма гæзæмæ зыны æнахуыр барæг. Темырыхъойы зæронд цухъхъайы фæдджитæ дымгæ фæйлауы.

Иунæгæй, дам, не ’рбацæуы, æнæхъæн полк, дам, ис йемæ... Чи æрбахаста уыцы хабар, чи йæ бадзырдта Темырболаты мады хъусы?

Сусæгæй архайдта дысон Раздзог, сусæгæй сидтис фæсивæдмæ фæдисы, фæлæ йæ уый дæр базыдтаид æнæмæнг. Æнæхъуаджы нæ уыд йæ цæсгом ивад, æнæхъуаджы нæ рызтысты йæ къухтæ мадæн!

Ай-гъайдæр-иу цыдысты фæсивæды равзаргæтæ Раздзоджы фæдыл джауырты ныхмæ тохмæ, фæлæ ныр уыцы джауыртæн семæ æрбацæуы Темырболат æмæ... Ныддардзысты йæм фæсфæдæй топпы хæтæл. Нæ йæ базондзæн, афтæмæй йæ зæрдæдзæф фæкæндзæн Раздзог йæхи къухæй... Мардæй йæ æрбаласдзысты Брутмæ æмæ йыл æнтъыснæг хъæлæсæй кæудзæн фæндырдзæгъдæг Хъуыбадыйы хъисфæндыр.

Тагъд, тагъд — Сауадагмæ!

Дыууæ бæхджыны æрбагæппытæ кодтой фæндагмæ дыууæрдыгæй. Дардæй сæ фæфиппайдта Зарæ, фæлæ Æрфæны рохтæ нæ фæцыбыр кодта уæддæр. Сæ астæуты ныссыллынг ласта, бæхы бецыккыл ныззезелæг ис, рохтæ хайуаны хъуырыл æрæппæрста. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта æмæ адæргæй йе уæнгтæ ныккæрзыдтой, йе ’фсымæр Хæмæт æмæ цахæмдæр æнæзонгæ лæппу йæ рацæйсырдтой фæстейæ уæлбæхæй. Цæстытæ донæй байдзаг сты æмæ ницыуал уыдта Æрфæны гæмæл хъусты йеддæмæ.

Иу агæппы дæрддзæгмæ йæм æрбаввахс сты æмæ уыны: æнæзонгæ барæг йæ фæснахæй дамбаца сæлвæста æмæ йæм æй ныддардта, фæлæ йын йæ къух Хæмæт æртъæпп ласта.

Цымæ йæ базыдта йе ’фсымæр?

Бар — йæхи! Уый Сауадагмæ тындзы. Раздзоджы хъуамæ баййафа, цалынмæ йæ топп нæ сæргъæвта, уалынмæ.

V. САУАДАГ

Нæ фæнымæг ис топпы гæрах, йæ туджы мæцыд уæддæр Кавказ. Чугуевмæ йæм хъуыстис халассæр хæхты æгомыг хъæрзын, ныдзæвдис йе ’мбудæнтыл сыгъды смаг.

Топпы гæрах æмæ карды дзæхст-дзæхст цыд, цыма æдзух йæ хъустыл. Йæ бон нал уыд Чугуевы уланты полчы службæ кæнын. Фыстæг фыстæджы фæдыл æрвыста йæ кадджын мадыфсымæр Куындыхаты Муссæмæ, лæгъстæ йын кодта: дæ бон бирæ у, цыбыр æмгъуыдмæ мæ уæддæр ссæрибар кæн ацы «ингæнæй», зæгъгæ, йæм фыста.

Исдуг дзуапп нæ уыд, цыма æгомыг бацис, кæнæ йын бустæ кодта, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы сахълæг.

Æрæджиау æм йæ мидбылты фæхудтис хъысмæт. Терчы облæсты хицау инæлар-лейтенант Лорис-Меликовы къухфыст кæуыл уыдис, ахæм гæххæтт æрцыд Чугуевмæ. Корнет Мамсыраты Темырболаты сæр йæ райгуырæн бæсты хъæуы, зæгъгæ, фыста хицау.

Базыдта йæ: гæххæттыл Лорис-Меликов фыста йæ къух, фæлæ уый йæ мадыфсымæр Муссæйы тых уыд, æмæ йæ зæрдæ цинæй байдзаг.

Цыдис ныр. Йæ быны чысыл кæсгон бæх тæссармæ сиргæ цыд.

Аргъауы æфсургътау тахтысты посты дилижансы бæхтæ Чугуевæй Ростовмæ, фæлæ нæ быхста зæрдæ. Уæддæр æй цыдæр тæхын фæндыд зæхмæ.



Поделиться:




Поиск по сайту

©2015-2024 poisk-ru.ru
Все права принадлежать их авторам. Данный сайт не претендует на авторства, а предоставляет бесплатное использование.
Дата создания страницы: 2020-07-11 Нарушение авторских прав и Нарушение персональных данных


Поиск по сайту: